Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w26 февраль 30 ф.–31 ф., 7 абз.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • «Фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонты Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
w26 февраль 30 ф.–31 ф., 7 абз.
Дунейы хицӕуттӕ лӕууынц Иугонд Нациты Организацийы агъуысты раз ӕмӕ хъусын кӕнынц «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад». Сӕ разы бирӕ адӕм лӕууы ӕмӕ цин кӕнынц.

Кӕсджыты фарстатӕ

«Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» кӕд фехъусын кӕндзысты?

Ӕрӕджы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» рубрикӕйы «Кӕсджыты фарстатӕ»a фыст уыди, тагъд Йегъовӕ дӕс сыкъайы зӕрдӕты (ӕппӕт хицауӕдты) кӕй бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд» – «сӕ тых ӕмӕ сӕ бартӕ... [сырх-сырхид] сырдӕн», ома Иугонд Нациты Организацийӕн, раттыны фӕнд. Уыцы сырды ма Раргомады чиныг хоны «сырды ныв» (Рарг. 13:14, 15; 17:3, 16, 17). Уый фӕстӕ «дӕс сыкъайы» ӕмӕ «сырд» мӕнг дин зӕххы цъарӕй фесафдзысты. Фӕлӕ цымӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад»b кӕд фехъусын кӕндзысты? Мӕнг дин куы фесафой, уый размӕ ӕви уый фӕстӕ? (1 Фес. 5:3).

«Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» кӕд фехъусын кӕндзысты, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг куы зониккам, уӕд ӕнӕмӕнг нӕ уаид, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм. Фӕлӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матф. 24:42; 25:13; 26:41). Ныр та лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, апостол Павел йӕ фыстӕджы фессалоникӕгтӕм цы ныффыста, уымӕ.

Павел ныффыста: «Афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт» (1 Фес. 5:2, 3). Нӕ публикациты Павелы ныхӕстӕ арӕх афтӕ ӕмбарын кодтам: «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» фехъусын кӕндзысты, стыр бӕллӕх куы райдайа, уый хӕдразмӕ. Ӕмӕ уый райдайдзӕн, Стыр Вавилон – мӕнг дин – сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд. Стӕй ма ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» куы фехъусын кӕной, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕх тагъд райдайдзӕн.

Фӕлӕ ацы стих лӕмбынӕгдӕр куы раиртӕстам, уӕд бамбӕрстам, ӕндӕрхуызон бамбарын кӕнӕн дӕр ма йӕ кӕй ис. Гӕнӕн ис, ӕмӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» фехъусын кӕной, мӕнг дин куы фесафой, уый фӕстӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм цалдӕр фарстамӕ.

Мӕнг дин хӕстытӕм цы бар дары? Библийы фыст ис: «Ацы горӕты [Стыр Вавилоны] ныккалд... зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой, уыдоны туг» (Рарг. 17:1, 5; 18:24). Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕнг дин ахъаз кӕны хӕстытӕн ӕмӕ терроризмӕн. Уый аххосӕй цӕуы хӕстытӕ ӕмӕ фыддзинад сарӕх. Сабырдзинадӕн ӕмӕ ӕдасдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» фехъусын кӕной, Стыр Вавилон куы фесафой, уый фӕстӕ. Фӕлӕ уый фидарӕй зӕгъӕн нӕй.

«Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» куы фехъусын кӕной, уӕд уый фӕстӕ цы уыдзӕн? Павел ныффыста: «Уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт» (1 Фес. 5:3). Бӕлвырд ӕй нӕ зонӕм, Павелы цы зӕгъын фӕндыд, уый. Фӕлӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хицауӕдтӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» куы фехъусын кӕной, уӕд уый фӕстӕ сӕхицӕн дӕр се сӕфт ӕрцӕудзӕн. Дыккаг хабар райдайдзӕн, фыццаг хабарӕй бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ, кӕнӕ та йӕ хӕдфӕстӕ. Кӕд хицауӕдтӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», мӕнг дин куы фесафой, уый фӕстӕ фехъусын кӕндзысты, уӕд се сӕфт ӕцӕгдӕр тынг «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн».

Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый уынгӕйӕ Йегъовӕйы адӕм сӕхи куыд дардзысты? Павел ныффыста: «Сымах, ме ’фсымӕртӕ, талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, боны рухс давджыты куыд ӕрӕййафы, афтӕ» (1 Фес. 5:4). Ахъуыды-ма кӕн: «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», мӕнг дин сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ куы фехъусын кӕной, уӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ бамбардзысты, тагъд рӕстӕджы зӕххон хицауӕдтӕ дӕр ӕнӕмӕнг кӕй фесӕфдзысты. Фӕлӕ сӕхимӕ та афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ сын тӕссаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы – давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ.

Уӕдӕ фидарӕй цы зонӕм? Тагъд «дӕс сыкъайы» ӕмӕ, стыр бартӕ ӕмӕ тых кӕмӕн ратдзысты, уыцы сырд мӕнг дин фесафдзысты. Уымӕй райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Стӕй ма зонӕм, кӕцыдӕр афон хицауӕдтӕ кӕй фехъусын кӕндзысты «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад». Уый кӕд уыдзӕн? Чи зоны, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» фехъусын кӕндзысты, мӕнг дин сӕфт куы ’рцӕуа, уый размӕ кӕнӕ та хицауӕдтӕ мӕнг дин куы фесафой, уый фӕстӕ. Мах хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕронмӕ бамбарӕн вӕййы, куы феххӕст кӕнынц, уӕд кӕнӕ куы сӕххӕст вӕййынц, уый фӕстӕ. (Абар Иоанны 12:16.)

«Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» кӕд фехъусын кӕндзысты, ӕппӕты ахсджиагдӕр уый нӕу. Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Хъуамӕ «фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус», цӕмӕй ӕрцӕуинаг хабӕрттӕм цӕттӕ уӕм (1 Фес. 5:6).

a Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2025 азы ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

b Павел 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 стихы цы ныхӕстӕй спайда кодта, уыдонӕй афтӕ уайы, ӕмӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», гӕнӕн ис, фехъусын кӕной иу кӕнӕ цалдӕр хатты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын