Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w26 февраль 26–29 фф.
  • Сывӕллӕттӕ сты «бынтӕ Йегъовӕйӕ»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сывӕллӕттӕ сты «бынтӕ Йегъовӕйӕ»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЗЫНДЗИНӔДТӔ
  • ЙЕГЪОВӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔЙ ЦЫ ДОМЫ?
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ УЫН УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ХЪОМЫЛ КӔНЫНӔН ӔХХУЫС КӔНА
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Ныййарджытӕ, уӕ бинонтыл тыхсут!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сын Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уа
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
w26 февраль 26–29 фф.
Мад ӕмӕ фыд сӕ гыццыл чызджы сӕ хъӕбысмӕ систой.

Сывӕллӕттӕ сты «бынтӕ Йегъовӕйӕ»

ДЗЫРД «бынтӕ» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Чи зоны, ахъуыды кӕныс, адӕймагӕн йӕ бинонтӕй исчи бынӕн цы ныууадзы, ахӕм цӕуылдӕр, зӕгъӕм, ӕхцайыл, зӕххыл, хӕдзарыл йе та цавӕрдӕр зынаргъ дзаумайыл. Адӕймагӕн бынӕн цы ныууадзынц, уымӕн тынг фӕаргъ кӕны.

Библийы фыст ис, сывӕллӕттӕ кӕй сты «бынтӕ Йегъовӕйӕ» (Пс. 127:3). Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты нымайынц сӕ уӕларвон Фыды зынаргъ лӕварыл. Ӕмӕ сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый фӕаразынц, цӕмӕй сын уа, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый ӕмӕ сын се ’нӕниздзинадыл фӕтыхсынц. Стӕй фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ амондджын уой ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой.

Фӕлӕ, хъыгагӕн, иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы зынаргъ лӕварыл нӕ нымайынц (Ис. 49:15; 2 Тим. 3:1–3). Кӕцыдӕр ныййарджыты та тынг фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ мацы цух уой. Фӕлӕ алыхуызон зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлынц, уый тыххӕй сын уый зынтӕй фӕуайы. Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? Йегъовӕ ныййарджытӕй цы домы? Сывӕллӕтты куыд хъӕуы хъомыл кӕнын, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уой?

ЗЫНДЗИНӔДТӔ

  • Иннӕты зондахаст сыл фӕзыны. Иуӕй-иу бӕстӕты, бирӕ цот кӕмӕн вӕййы, уыцы бинонтӕн иннӕты цӕсты фылдӕр кад вӕййы. Ӕмӕ иуӕй-иу къайтӕн сӕ бинонтӕ ӕмӕ сӕ сыхӕгтӕ фӕдзурынц, цӕмӕй бирӕ цот рауадзой, кӕд сын сӕ сывӕллӕтты фӕдарын зын уыдзӕн, уӕддӕр.

  • Куы базӕронд уой, уӕд куыд цӕрдзысты, ууыл фӕмӕт кӕнынц. Иуӕй-иу бӕстӕты хӕринаг фаг кӕй нӕй, стӕй дзы дохтыртӕ дӕр кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй низтӕ тынг парахат сты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кӕнынц, цот бирӕ кӕй рауадздзысты, цӕмӕй сын дзы цалдӕр уӕддӕр аирвӕза ӕмӕ бахъомыл уа. Ӕндӕр бӕстӕты та иуӕй-иутӕ цот бирӕ уый тыххӕй рауадзынц, цӕмӕй, куы базӕронд уой, уӕд сӕм фӕкӕсӕг уа. Афтӕ арӕхдӕр вӕййы, хицауад ацӕргӕтӕн кӕм не ’ххуыс кӕны, уыцы бӕстӕты.

  • Цал сывӕллоны сын уыдзӕн, ууыл сӕ бар алы хатт нӕ фӕцӕуы. Иуӕй-иу бӕстӕты, сылгоймаг кӕй фӕрцы нӕ басывӕрджын вӕййы, ахӕм хостӕ кӕнӕ мадзӕлттӕ бирӕ нӕ вӕййы. Чидӕртӕ та се ’нӕниздзинадӕн фӕтӕрсынц, ӕмӕ уыцы хостӕй ӕмӕ мадзӕлттӕй нӕ фӕпайда кӕнынц, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕбӕззынц. Кӕмӕндӕр та сӕ сӕ бон балхӕнын нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ тынг зынаргъ вӕййынцa.

ЙЕГЪОВӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔЙ ЦЫ ДОМЫ?

Бинонтӕ сӕ рӕстӕг иумӕ парчы ӕрвитынц. Сӕ чызг у рӕзгӕ кары. Чызг йӕ фыдӕн цыдӕр дзуры ӕмӕ йӕм уый лӕмбынӕг хъусы. Уыцы рӕстӕг та мад сӕ гыццыл лӕппуимӕ пуртийӕ хъазы.

Уӕ сывӕллӕттӕй алкӕимӕ дӕр рӕстӕг ӕрвитут

Архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый. Йегъовӕ ныййарджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты дарой, цалынмӕ ӕнахъом сты, уӕдмӕ. Ныййарджытӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕн дӕр уа хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый. Стӕй ма сын бахӕс кодта сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ семӕ хӕдзары цӕрой, цалынмӕ сыстыр уой, уӕдмӕ. Ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц, цӕмӕй райсой, пайда сын чи фӕуыдзӕн, ахӕм дӕсныйад. Уымӕй уӕлдай ма сӕ сывӕллӕттӕй алкӕимӕ дӕр фаг рӕстӕг фервитынц. Уый фӕрцы сывӕллӕттӕ фембарынц, кӕй сӕ уарзынц ӕмӕ сыл кӕй тыхсынц. Цӕмӕй ныййарджытӕ, Йегъовӕйы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ хъӕздыг уой. Хуыцау йӕ уарзон Фырты хъомыл кӕнын бабар кодта мӕгуыр, фӕлӕ куыстуарзаг къайӕн – Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн (Матф. 13:55, 56; Лук. 2:24).

Библийы уагӕвӕрд: «Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр» (1 Тим. 5:8).

Йегъовӕ зоны, ныййарджытӕ куы базӕронд уой, уӕд сӕ сӕ сывӕллӕтты ӕххуыс кӕй бахъӕудзӕн. Ӕмӕ, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн кӕй кад кӕнынц, уый сӕ бон уыдзӕн равдисын, фӕстӕдӕр сӕм куы кӕсой, уымӕй дӕр (Рац. 20:12; 1 Тим. 5:4). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, ныййарджытӕ фылдӕр куы фӕхъуыды кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕ сӕм кӕй кӕсдзысты, ууыл нӕ, фӕлӕ сын сӕхи бон цы у раттын, ууыл (2 Кор. 12:14).

Ӕххуыс сын кӕнут сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕной ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, уый куыд фӕнды, афтӕ. Хуыцау уый тынг ахсджиаг хъуыддагыл нымайы (Дык. з. 6:6, 7).

Библийы уагӕвӕрд: «Уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ УЫН УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ХЪОМЫЛ КӔНЫНӔН ӔХХУЫС КӔНА

Лӕг ӕмӕ ус хӕдзары цӕуылдӕр ныхас кӕнынц. Сӕ разы стъолыл Библи гомӕй.

Рагацау аныхас кӕнут, цал сывӕллоны уын уыдзӕн, ууыл

Рагацау пълан кӕнут. Кӕд цот рауадзынмӕ хъавут, уӕд уӕ уавӕртыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнут. Зӕгъӕм, цот бирӕ куы рауадзат, уӕд сӕ уӕ бон уыдзӕн фӕдарын? Цӕмӕй сывӕллӕттӕн, цы бахӕрой ӕмӕ сӕ уӕлӕ цы скӕной, уый уа, стӕй сын цӕмӕй ахуыр кӕныны фадат уа, уымӕн бирӕ ӕхца, рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ фӕхъӕуы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды уӕ, цӕмӕй алы сывӕллонмӕ дӕр кӕсат, Йегъовӕ уӕ куыд домы, афтӕ. Уӕдӕ ӕрбадут ӕмӕ иумӕ ахъуыды кӕнут, цал сывӕллоны уын уыдзӕн, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, царды алцы, мах куыд спълан кӕнӕм, алкӕд афтӕ нӕ рауайы (Еккл. 9:11). Фӕлӕ уын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй хорз ныййарджытӕ уат.

Библийы уагӕвӕрдтӕ: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда, тагъд чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ» (Ӕмб. 21:5).

«Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?» (Лук. 14:28).

Ӕппӕты сӕйрагдӕр уын уӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уӕ бинонтӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр мацы уӕд. Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр Йегъовӕйы бауарзын кӕнут. Ахуыр сӕ кӕнут, цӕмӕй ӕмбырдты лӕмбынӕг хъусой. Бинонты ахуыр-иу алы къуыри дӕр ауадзут. Ахуыр сӕ кӕнут хорз хабар хъусын кӕныныл. Уӕ сывӕллӕтты раз уыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнут. Уӕ хистӕр сывӕллӕтты кӕнӕ сӕ уӕ хӕстӕджыты бар ма бакӕнут. Сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ хъӕуы. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнут, уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый уынгӕйӕ куыд амондджын уыдзыстут, ууыл!

Библийы уагӕвӕрд: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4)b.

Уӕ ныфс Йегъовӕйыл дарут. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис ӕмӕ, цот рауадзынмӕ чи хъавы, уыдонӕн сӕйрагдӕр хъуамӕ уой Йегъовӕйы закъӕттӕ, бынӕттон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, адӕм цы хъуыды кӕнынц, уый нӕ, фӕлӕ.

Цалдӕр нывы: 1. Ӕмбырды рӕстӕг ныййарджытӕ сӕ лӕппуимӕ бадынц. Лӕппу йӕ къухыл схӕцыд, цӕмӕй дзуапп ратта. 2. Бинонтӕ иумӕ хорз хабар хъусын кӕнынц. Фыд хъусын кӕны, рӕзгӕ кары сын чи ис, уыцы чызгимӕ, мад та хъусын кӕны сӕ кӕстӕр сывӕллӕттимӕ.

Сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ

Кӕд аскъуыддзаг кодтат, цот бирӕ кӕй нӕ рауадздзыстут, уӕд-иу ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕ уыл уӕ зӕронды бонты кӕй батыхсдзӕн, ууыл. Иннӕтӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ цот уый тыххӕй хъуамӕ рауадзат, цӕмӕй уӕ уӕ зӕронды бонты дарой. Чи уыл батыхса, уый кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕй ма тӕрсут. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй уыл тыхсдзӕн. Йегъовӕ та йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14).

Библийы уагӕвӕрдтӕ: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6).

«Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25).

«Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:33).

Сывӕллӕттӕ сты Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар. Йегъовӕ фӕцин кӕны, лӕг ӕмӕ ус уыцы зынаргъ лӕварӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд. Ахӕм ныййарджытӕн сӕйрагдӕр у, кӕм цӕрынц, уым адӕм цы хъуыды кӕнынц, уый нӕ, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ цы домы, уый. Уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынц, цал сывӕллоны сын уыдзӕн, ууыл. Уый фӕрцы сӕ бон вӕййы сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ Йегъовӕйы уарзой. Чырыстон ныййарджытӕ аргъ кӕнынц, Йегъовӕ сын цы «бынтӕ» ныууагъта, уыдонӕн.

Уыдон нӕ фӕсмон кӕнынц

Фыд бинонты ахуыр уадзы йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ сӕ дыууӕ гыццыл сывӕллонимӕ.

Цымӕ ныййарджытӕн зын вӕййы, цот бирӕ куы нӕ рауадзынц, уӕд? Ацы фарста фӕтыхсын кӕны, цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕм у, уыцы бӕстӕты чи цӕры, уыдоны. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы бӕстӕты цӕрӕг бинонты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ уый фӕдыл цы дзурынц, уымӕ.

Иннӕтӕ уын дзырдтой, цӕмӕй цот бирӕ рауадзат?

«О, афтӕ нын суанг ӕмбырды дӕр иуӕй-иутӕ дзырдтой. Иу къай нын загъта: „Иу фырт йеддӕмӕ уын цӕуылнӕ ис? Ам, Африкӕйы, иу фырт дын куы уа, уӕд дын цыма иу дӕр нӕй, афтӕ нымад у. Дыууӕ дын куы уа, уӕд та дын цыма ӕрмӕстдӕр иу ис, афтӕ“. Дыккаг сывӕллон нын куы райгуырд, уӕд дӕр нын дзырдтой, фылдӕр цот рауадзут, зӕгъгӕ» (Жереми́ас).

Стыр бинонтӕ дын кӕй нӕй, уый тыххӕй зындзинӕдтыл сӕмбӕлдтӕ?

«Нӕ. Дыууӕ сывӕллоны йеддӕмӕ нын кӕй нӕй, уый фӕрцы цух никуы уыдыстӕм, цӕрынӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уымӕй. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уыд. Мӕхӕдӕг схъомыл дӕн, бирӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн. Ӕмӕ йӕ уыдтон, мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд куыд фыдӕбон кодтой, цӕмӕй нын уыдаид, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд уый, стӕй цӕмӕй нӕ бон уыдаид скъолайы ахуыр кӕнын дӕр» (Жеремиас).

Уӕ сывӕллӕттӕ цы хъуыды кӕнынц, цот фылдӕр кӕй нӕ рауагътат, уый тыххӕй?

«Нӕ сывӕллӕттӕ амондджын сты, уымӕн ӕмӕ хызт сты, бирӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы бинонтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй иуӕй-иутӕй. Бирӕ цот кӕмӕн ис, уыцы ныййарджытӕн сӕ бон алкӕд нӕ вӕййы сӕ сывӕллӕттӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕсын» (Фили́пе).

«Нӕ сывӕллӕттӕ сӕ сабибонтӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, уымӕн ӕмӕ уыдтой, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм. Нӕхимӕ-иу арӕх фӕхуыдтам, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Уыдон нын ӕххуыс кодтой Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Ӕмӕ тынг цин кӕнӕм, абон сӕ нӕ сывӕллӕттӕ кӕй фӕзмынц, ууыл» (Ка́рлуш).

Цот бирӕ кӕй нӕ рауагътат, уый уын цы пайда ӕрхаста?

«Ахӕм уынаффӕ кӕй рахастам, уый фӕрцы нын нӕ сывӕллӕтты дарын ӕнцондӕр уыд. Иу-ӕртӕ азы размӕ ӕнӕ куыстӕй баззадтӕн. Хорз мызд мын дзы фыстой. Ӕмӕ нӕ бинонтӕ гыццыл кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ нӕ бирӕ ӕхца нӕ хъуыд, цӕмӕй нын уыдаид, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уый» (Жеремиас).

«Цот бирӕ кӕй нӕ рауагътам, уый фӕрцы сӕ нӕ бон уыд дарын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Уый фӕрцы ма нӕ бон уыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм рӕтты лӕггад кӕнын дӕр. Нӕ бон уыд нӕ сывӕллӕттӕй алкӕимӕ дӕр фаг рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ сын цӕмӕй хъуыд, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Ныр иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынц» (Лена́ди).

Иннӕ ныййарджытӕн уӕ цы фӕнды зӕгъын?

«Псалом 34:10 стихы фыст ис: „Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты“. Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый мӕхи цӕстӕй уынын. Йегъовӕ мӕнӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕтты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый» (Рафаэ́ль).

a Алы къайӕн дӕр йӕхи бар у, цот цас ӕмӕ кӕд рауадздзӕн, уый. Кӕд лӕг ӕмӕ ус сӕхи хъахъхъӕнынц ӕмӕ ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй сылгоймаг ма басывӕрджын уа, уӕд уый сӕхи хъуыддаг у. Цавӕрфӕнды мадзал ма равзарой, уӕддӕр сын мачи хъуамӕ тӕрхон кӕна (Ром. 14:4, 10–13). Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой 1 Коринфӕгтӕм 7:3–5 стихты ныхӕстӕ.

b Ацы стихы «хъӕбултӕ» амонынц, Иоанн рӕстдзинад кӕмӕн амыдта, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕрмӕ. Йӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйӕн кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыцы ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕсынц.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын