Майрӕмбон, 16 октябрь
Дӕ зӕрдӕ уыцы сылгоймаджы фӕндӕгтӕм ма аздӕхӕд, дӕ къах дӕ йӕ фӕндӕгтӕм ма бахӕссӕд (Ӕмб. 7:25).
Соломоны ӕмбисондӕй бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ахӕм хабар Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуа. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, ӕмӕ уыцы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд. Ӕмӕ, чи зоны, дзура, зӕгъгӕ, мӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбӕрстон, уыцы ми куыд бакодтон, уый. Фӕлӕ лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнид, уӕд бамбарид, уый размӕ рӕдыд къахдзӕфтӕ кӕй сарӕзта, ӕмӕ йӕ уыдон тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркодтой. Чи зоны, райдыдта ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ лымӕн кӕнын кӕнӕ та-иу, чи зоны, равзӕрста ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ йе та-иу бацыди, чырыстонӕн кӕдӕм не ’мбӕлы цӕуын, ахӕм сайттӕм ӕмӕ бынӕттӕм. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, нал куывта, Библи нал касти, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал цыди. Уӕдӕ, Ӕмбисӕндты 7-ӕм сӕры кӕй кой ис, уыцы ӕрыгон лӕппуйау тӕригъӕд ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ сарӕзта. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕхи хъуамӕ ӕрмӕст тӕригъӕдӕй ма хизӕм, фӕлӕ нӕ уымӕ чи ӕркӕндзӕн, уыцы къахдзӕфтӕй дӕр. Ӕмӕ Соломон дӕр уый кой кодта (Матф. 5:29, 30). w24.07 16 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 17 октябрь
Уыцы хӕзна [нын] ис ӕлыг мигӕнӕнты (2 Кор. 4:7).
Цы у уыцы хӕзна? Хъусын кӕныны хъуыддаг (2 Кор. 4:1). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмы ирвӕзын кӕнӕм. Ӕлыг мигӕнӕнтӕ та кӕмӕ амонынц? Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм. Павелы заман сӕудӕджертӕ ӕлыг дурынты ластой зынаргъ цыдӕртӕ, зӕгъӕм, хӕринаг, сӕн ӕмӕ ӕхца. Раст афтӕ махӕн дӕр Йегъовӕ нӕ бар бакодта зынаргъ цыдӕр – хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ нын тыхтӕ дӕтты, цӕмӕй уыцы куыст дарддӕр дӕр кӕнӕм. Хатт хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсӕм, адӕм нын ӕвзӕрӕй исты кӕй зӕгъдзысты кӕнӕ кӕй сараздзысты, уымӕй. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, апостолтӕн афтӕ куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд цӕй тыххӕй куывтой. Тас сӕ нӕ бацыд, фӕлӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид йӕ ныхас ныфсджынӕй дзурынӕн. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдӕн уайтагъд дзуапп радта (Хъуыд. 4:18, 29, 31). Ды дӕр, чи зоны, хатт адӕмӕй фӕтӕрсыс. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувай, цӕмӕй адӕмы ноджы тынгдӕр уарзай. Уӕд дӕ бон уыдзӕн хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын. w24.04 16 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 18 октябрь
Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ ном ын рухс кӕнын. Мах фӕнды Йегъовӕйы ном сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ адӕмӕн дзурын, Хӕйрӕг дзы цытӕ фӕдзырдта, уыдӕттӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты (Райд. 3:1–5; Иов 2:4; Иоан. 8:44). Мах Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцӕм, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд. Фӕнды нӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр базоной, йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕй у, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, йӕ Паддзахад тагъд ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕрцы адӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты (Пс. 37:10, 11, 29; 1 Иоан. 4:8). Адӕмӕн уыдӕттӕ куы фӕдзурӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы ном фӕрухс кӕнӕм. Стӕй вӕййӕм райгонд, уымӕн ӕмӕ, цы ном хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕцӕрӕм. w24.05 18 ф., 12 абз.