Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 ноябрь 31 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раргомады чиныджы Хуыцауы знӕгты уыныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Тасӕфтауӕг сырдтӕй ма тӕрс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 ноябрь 31 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ хицӕутты зӕрдӕты цавӕр «фӕнд» бавӕрдзӕн?

Стыр бӕллӕх куыд райдайдзӕн, уый тыххӕй Раргомады 17:16, 17 стихты фыст ис: «Цы дӕс сыкъайы ӕмӕ сырды федтай, уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын, ома уыдонӕн сӕ иумӕйаг фӕнд сӕххӕст кӕнын: сӕ паддзахад сырды къухмӕ раттын». Раздӕр нӕ публикациты фыстам, зӕгъгӕ, Йегъовӕ хицӕутты зӕрдӕты цы «фӕнд» бавӕрдзӕн, уый у мӕнг динтӕ фесафыны фӕнд.

Фӕлӕ ныр ацы пехуымпарад ӕндӕрхуызон ӕмбарын хъӕуы. Йегъовӕ хицӕутты зӕрдӕты цы «фӕнд» бавӕрдзӕн, уый у «сӕ паддзахад сырды къухмӕ раттыны» фӕнд. Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый бамбарыны тыххӕй аныхас кӕнӕм, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

Ацы пехуымпарады дзырд кӕуыл цӕуы, уыдон кӕмӕ амонынц? «Хӕтаг сылгоймаг» (хуыйны ма «Стыр Вавилон» дӕр) амоны мӕнг динтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. «Сырх-сырхид сырд» амоны, раздӕр Нациты Лигӕ чи хуынд, уыцы организацимӕ. Арӕзт ӕрцыд 1919 азы, ӕмӕ йӕ нысан уыд ӕгас дунейы дӕр сабырдзинад хъахъхъӕнын. Ныр хуыйны Иугонд Нациты Организаци (Рарг. 17:3–5). «Дӕс сыкъайы» амонынц, сырды фарс чи сты, уыцы хицауӕдтӕм се ’ппӕтмӕ.

Хӕтаг сылгоймагӕн ӕмӕ сырх-сырхид сырдӕн иумӕйагӕй цы ис? Хӕтаг сылгоймаг сырдыл «бады», ома йын ӕххуыс кӕны ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг архайы, цӕмӕй йыл йӕ бар цӕуа.

Хӕтаг сылгоймагыл цы ’рцӕудзӕн? Сырд ӕмӕ йын цы дӕс сыкъайы ӕххуыс кӕнынц, уыдон «хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты» ӕмӕ йын йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ байсдзысты ӕмӕ йын йӕ фыдхъуыддӕгтӕ раргом кӕндзысты. Уыдон сӕххӕст кӕндзысты, Йегъовӕ йын цы тӕрхон рахаста, уый, ома йӕ фесафдзысты (Рарг. 17:1; 18:8). Афтӕ мӕнг динтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ уал фыццаг Йегъовӕ хицӕуттӕн саразын кӕндзӕн, ныронг йӕ кой дӕр цӕмӕн нӕма уыд, ахӕм цыдӕр.

Йегъовӕ хицӕуттӕн цы саразын кӕндзӕн? Уый дӕс сыкъайы зӕрдӕты бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд» – «сӕ тых ӕмӕ сӕ бартӕ... [сырх-сырхид] сырдӕн», ома Иугонд Нациты Организацийӕн, раттыны фӕнд (Рарг. 17:13). Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Хицауӕдтӕн сӕхи бафӕнддзӕн сӕ тых ӕмӕ сӕ бартӕ сырдӕн раттын? Нӕ! Пехуымпарадӕй бӕрӕг у, уый сын Хуыцау кӕй саразын кӕндзӕн (Ӕмб. 21:1; абар Исайы 44:28). Ӕмӕ цымӕ сӕ бартӕ хайгай дӕтдзысты? Нӕ! Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ уый ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды, ӕнӕнхъӕлӕджы. Уый фӕстӕ сырд (бартӕ йын куы раттой, уый фӕстӕ) Йегъовӕйы тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн – мӕнг динтӕ ӕнустӕм фесафдзӕн.

Уӕдӕ уӕд хабар куыд уыдзӕн? Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ ног хабӕртты ӕвдисдзысты, хицауӕдтӕ Иугонд Нациты Организацийӕн ӕххуыс кӕнын куыд райдайдзысты ӕмӕ йын бонӕй-бонмӕ тынгдӕр куыд ӕххуыс кӕндзысты, уый. Хабар уыдзӕн афтӕ: Йегъовӕ хицауӕдтӕн сӕ бартӕ Иугонд Нациты Организацийӕн раттын кӕндзӕн ӕвиппайды, ӕнхъӕл дӕр ничи уыдзӕн, афтӕмӕй. Уый куы ’рцӕуа, уӕд ӕй зондзыстӕм, стыр бӕллӕх мӕнӕ-мӕнӕ кӕй райдайдзӕн. Уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны. Уӕдӕ «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» уӕм! (1 Фес. 5:6).

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын