БИБЛИЙЫ КӔЙ КОЙ ИС, УЫЦЫ АДӔМ
Овадийау Хуыцауӕй тӕрс
Овади уыди, Израилы паддзахад Ваалӕн кувыныл чи бафтыдта, уыцы ӕвзӕр паддзах Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг. Фӕлӕ Овади «йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕ тарст» (1 Пад. 18:1–13). Ӕмӕ ус-паддзах Йезавел бардзырд куы радта, цӕмӕй Йегъовӕйы пехуымпарты се ’ппӕты дӕр амардтаиккой, уӕд Овади бамбӕрста, хъӕбатырдзинад ӕй кӕй хъӕуы, цӕмӕй уыцы пехуымпартӕн баххуыс кодтаид. Кӕд иу пехуымпары бамбӕхсын дӕр тынг тӕссаг уыд, уӕддӕр Овади 100 пехуымпары бамбӕхста ӕмӕ сын хӕринаг хаста, тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд! Ахав ӕмӕ Йезавелӕн цалдӕр сӕдӕ мӕнг пехуымпары лӕггад кодта. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, Овади куыд къӕрцхъус хъуамӕ уыдаид, цӕмӕй йӕ уыдонӕй мачи федтаид (1 Пад. 18:19).
Овадийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Овади Ахавӕй куыннӕ тарстаид! Фӕлӕ Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр тарст. Уый фӕрцы уыд хъӕбатыр ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодта, кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр. Махмӕ дӕр хъуамӕ уа Хуыцауы тас, уӕлдайдӕр кӕд, кӕм цӕрӕм, уым нӕ хъуыддаг ӕхгӕд у, уӕд. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.