Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w26 февраль 20–25 фф.
  • Донаргъуыды фӕстӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзынӕ, уымӕ цӕттӕ дӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Донаргъуыды фӕстӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзынӕ, уымӕ цӕттӕ дӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КӔД ДӔ ХОТӔЙ КӔНӔ ’ФСЫМӔРТӔЙ ИСЧИ ФӔХЪЫГ КОДТА
  • ДӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД КУЫ МЫСАЙ
  • ӔМБЫРДӔЙ ИСЧИ ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫ НЫУУАДЗЫ
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Куыд хорз у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕввахс кӕнын!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
w26 февраль 20–25 фф.

2026 АЗЫ 27 АПРЕЛӔЙ 3 МАЙМӔ

99 ЗАРӔГ Хуыцауы адӕм сты милуантӕ

Донаргъуыды фӕстӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзынӕ, уымӕ цӕттӕ дӕ?

«Сфидар уӕнт мӕ къахдзӕфтӕ дӕ фӕндӕгтыл» (ПС. 17:5).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыдонӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй фидӕны зындзинӕдтӕм сӕхи бацӕттӕ кӕной.

1, 2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг Йегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад бахъахъхъӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

МАХ зонӕм, ацы дунейы зындзинӕдтӕй хызт кӕй нӕ уыдзыстӕм, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Цӕлхдуртӕн ӕнӕ уӕвгӕ нӕй» (Матф. 18:7). Гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Зӕгъӕм, хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕй исчи, гӕнӕн ис, фӕхъыг кӕна. Фӕлӕ нӕ бон у нӕхи уыцы зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын.

2 Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ӕмбырдты нын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕдзурынц, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕг нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл. Хъуамӕ уал фыццаг базонӕм, кӕм цӕрӕм, уым, гӕнӕн ис, цавӕр ӕрдзон бӕллӕх ӕрцӕуа. Уый уӕлдай ахсджиаг у, кӕд, ныр кӕм цӕрӕм, уым ӕрӕджы ӕрцардыстӕм, уӕд. Уый фӕстӕ та нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, уыцы бӕллӕхы рӕстӕг куыд архайдзыстӕм, ууыл (Ӕмб. 21:5). Раст афтӕ, хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, донаргъуыды фӕстӕ, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, ууыл. Уӕд зондзыстӕм, уыцы зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ куыд хъӕудзӕн архайын, уый, ӕмӕ-иу сӕ сӕрты ахиздзыстӕм. Афтӕмӕй-иу бахъахъхъӕндзыстӕм, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый (Пс. 17:5). Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, донаргъуыды фӕстӕ, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй ӕртӕйыл ӕмӕ фенӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу сӕм цӕттӕ разынӕмa.

КӔД ДӔ ХОТӔЙ КӔНӔ ’ФСЫМӔРТӔЙ ИСЧИ ФӔХЪЫГ КОДТА

3. Ӕмбырды, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлӕм?

3 Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, Паддзахады залмӕ фыццаг хатт куы ’рбацыдтӕ, уый. Чи зоны дзы дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр фӕцыд, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад уыд, уый. Уый фӕрцы дӕу дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Иоан. 13:35; Кол. 3:12). Афтӕ уыд йӕ хабар Бла́нкӕйӕнb дӕр. Фӕлӕ донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕрцыд, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хабар. Уый загъта: «Иу хо мын мӕ зӕрдӕ скъахта. Стӕй ма фехъуыстон, ӕмбырды ӕндӕр кӕйдӕрты фыдкой дӕр кӕй кодта. Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ ӕмбырды ахӕм цыдӕртӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕугӕйӕ базыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алкӕимӕ дӕр фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрыныл кӕй архайынц». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ архайынц сӕ удыхъӕды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ фидар кӕныныл. Фӕлӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт фӕзӕгъӕм кӕнӕ саразӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм исты (Еф. 4:23, 24; 1 Иоан. 1:8). Уӕдӕ нын, гӕнӕн ис, хатт хо кӕнӕ ’фсымӕр йӕ ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕна (Иак. 3:8). Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕнынц.

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу цӕттӕ уӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уымӕ? (Ефесӕгтӕм 4:32).

4 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу цӕттӕ уай, хо кӕнӕ дын ӕфсымӕр дӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уымӕ? Алкӕддӕр архай, Ефесӕгтӕм 4:32 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. (Бакӕс ӕй.) Куы архайай, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уай ӕмӕ иннӕты зын ӕмбарай, уӕд иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрдзынӕ. Иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕн. Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ахъуыды кӕн, Йегъовӕйӕ куыд арӕх фӕкурыс, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна ӕмӕ дзы куыд бузныг вӕййыс, куы дын ныххатыр кӕны, уӕд (Матф. 6:12). Йегъовӕ дын куыд хатыр кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн иннӕтӕн хатыр кӕнын.

5. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд нын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрд баххуыс кӕндзӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

5 Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:11. Библийы фыст ис, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын ӕмбаргӕдзинадc нӕ маст уромынӕн кӕй баххуыс кӕны. Ацы стихы ныхӕстӕ баххуыс кодтой, донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыцы хойӕн, Ри́мӕйӕн. Уый загъта: «Хотӕй кӕнӕ мӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд фыццаг ахъуыды кӕнын Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стихы ныхӕстыл. Ахъуыды кӕнын, чи зоны йыл кӕддӕр цавӕрдӕр ӕвзӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ йӕхи афтӕ уымӕн дары. Стӕй ма фӕархайын, цӕмӕй-иу йемӕ уацамынды ацӕуон. Уый фӕрцы йӕ хуыздӕр базонын». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр куы базонай, уӕд сӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ. Ӕмӕ-иу дӕ куы фӕхъыг кӕной, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй-иу сын ныххатыр кӕнай.

Цалдӕр нывы: 1. Дыууӕ ӕфсымӕры Паддзахады залы раз ӕфснайынц. Иу ӕфсымӕр иннӕмӕ фӕхъыг, уымӕн ӕмӕ йемӕ куыд ныхас кӕны, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. 2. Фӕстӕдӕр, чи фӕхъыг, уыцы ӕфсымӕр, кӕмӕ фӕхъыг, уыимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕны.

Кӕд кӕимӕдӕр кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстат, уӕд ӕй уацамынды фӕхон (кӕс 5 абзац)


6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм?

6 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрай? Архай, цӕмӕй сӕ хорз базонай, стӕй сын фылдӕр хъуыды кӕн сӕ хорз миниуджытыл. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 10:12; Ром. 12:10; Фил. 2:2, 3.) Ӕркӕсӕм иу ӕфсымӕры, Маркы, хабармӕ. Марк донаргъуыд ӕрӕджы райста. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр куы базыдта, уӕд сын сӕ рӕдыдтытӕ уынын райдыдта. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йын уый цӕлхдур ма суыдаид? Марк загъта: «Ацы дунейы адӕм цы уӕззау тӕригъӕдтӕ аразынц, уыдонимӕ абаргӕйӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты рӕдыдтытӕ сӕ койы аргъ дӕр не сты. Бамбӕрстон ӕй, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм-иу сын куы нӕ ныккомкоммӕ уон. Уымӕ гӕсгӕ сын сӕ хорз миниуджытыл хъуыды кӕнын райдыдтон». Ды дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ.

ДӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД КУЫ МЫСАЙ

7. Фӕстейӕ цы ныууагътам, уыдӕттӕм раздӕхын нӕ, гӕнӕн ис, цӕмӕн бафӕнда?

7 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг цин кодтай, ацы дунейӕ кӕй нал дӕ, ууыл ӕмӕ не ’мбӕрстай, ацы дунемӕ ма фӕстӕмӕ раздӕхӕн куыд ис, уый. Фӕлӕ, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдтӕ, уӕд, чи зоны мысын райдыдтай, фӕстейӕ цы ныууагътай, уыдӕттӕ. (Абар Нымӕцтӕ 11:4–6.) Зӕгъӕм, иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ сӕ куыст ныууагътой, кӕд сын хорз мызд фыстой, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ сын куыстыл бирӕ рӕстӕг цыд. Чидӕртӕ та Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сыл уый тыххӕй се ’мбӕлттӕ сӕхи атигъ кодтой. Чидӕртӕ та, гӕнӕн ис, ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кодтой. Куыд зын нын вӕййы, чырыстон йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм куы раздӕхы ӕмӕ Йегъовӕйӕ куы адард вӕййы! Дӕ бон ныр цы у аразын, цӕмӕй ма раздӕхай, фӕстейӕ цы ныууагътай, уыдӕттӕм?

8. Авраам ӕмӕ Саррӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Библийы ис Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон уыд, фӕстейӕ цы ныууагътой, уыдӕттыл хъуыды кӕнын райдайын. Зӕгъӕм, Авраам ӕмӕ Саррӕ байхъуыстой Йегъовӕйы ныхасмӕ, ӕмӕ горӕт Ур ныууагътой, цӕмӕй цатырты цардаиккой (Дзут. 11:8, 9). Горӕт Уры хъӕздыг цардысты, ӕмӕ сӕ раздӕры цард «куы мысыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр». Фӕлӕ уыдон хъуыды кодтой фидӕны арфӕдзинӕдтыл (Дзут. 11:15, 16).

9. Апостол Павел цы цӕстӕй каст, цы ныууагъта, уыдӕттӕм? (Филиппӕгтӕм 3:7, 8, 13).

9 Апостол Павел дӕр, цы хъуыд, уый аивта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид. Цалынмӕ чырыстон сси, уӕдмӕ ахуыр кодта зындгонд ахуыргӕнӕгмӕ, Гамалиилмӕ (Хъуыд. 22:3). Павелӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ суыдаид дзуттаг дины зындгонд разамонӕг (Гал. 1:13, 14). Фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ куы айста, уӕд алцыдӕр ныууагъта. Цымӕ уый фӕстӕ ницы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд? Куыннӕ! Фыднад-иу ӕй фӕкодтой, ахӕстоны дӕр-иу ӕй бакодтой, стӕй дзы дзуттӕгтӕ се сӕфт федтой (2 Кор. 11:23–26). Павел ӕрмӕстдӕр йӕ зындзинӕдтыл ӕмӕ йӕ раздӕры цардыл куы хъуыды кодтаид, уӕд ӕм, чи зоны, афтӕ кӕсын райдыдтаид, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг дзӕгъӕлы сси. Фӕлӕ Павел хъуыды кодта, чырыстон кӕй сси, уый цы стыр кад уыд, стӕй йӕм фидӕны цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл. Уый ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, цы арфӕдзинӕдтӕй уыд хайджын, уыдон бирӕ зынаргъдӕр кӕй уыдысты, фӕстейӕ цы ныууагъта, уыдӕттӕй. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:7, 8, 13.)

10. Ӕдзух цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? (Марчы 10:29, 30). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

10 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй чырыстон суыдаис, уый тыххӕй дӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтай. Ӕмӕ ууыл хъуыды кӕнын куы райдайыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, афтӕ цӕмӕн бакодтай, ууыл дӕр (Еккл. 7:10). Ныр цы арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын, уыдон абар, фӕстейӕ цы ныууагътай, уыимӕ. Ахъуыды-ма кӕн: Дун-дунейы Хицау у дӕ Хӕлар (Ӕмб. 3:32). Стӕй дын ис, бирӕ дӕ чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.) Уымӕй уӕлдай ма дын ис диссаджы фидӕнӕй ныфс! (Ис. 65:21–23). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнай, уӕд нӕ мысдзынӕ, дӕхи цӕмӕй фӕцух кодтай, уыдӕттӕ.

Фӕстейӕ цы ныууагътай, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты зӕрдиагӕй архай, Йегъовӕ дын дӕ бар цы диссаджы хъуыддаг бакодта, уым (кӕс 10 абзац)e


11. Розмарийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Ро́змари донаргъуыд райста, 50 азы бӕрц ыл куы цыд, уӕд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй, фӕстейӕ цы ныууагъта, уыдӕттӕ ма мысыдаид. Уый радзырдта: «Мӕ бинонтимӕ Рождество бӕрӕг кӕнын тынг уарзтон, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвыстам. Уарзтон сын лӕвӕрттӕ кӕнын. Мӕ цот ӕмӕ-иу мӕ цоты цот заз бӕласы алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ-иу сӕ лӕвӕрттыл цин кодтой. Уымӕ кӕсгӕйӕ-иу мӕхӕдӕг дӕр тынг цин кодтон». Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыдӕттӕ мауал мысыдаид? Розмари загъта: «Мӕ бинонты ӕндӕр бонты ӕрӕмбырд кӕнын, цӕмӕй нӕ рӕстӕг иумӕ арвитӕм. Лӕвӕрттӕ сын скӕнын ӕмӕ сын фӕзӕгъын, алкӕйдӕр сӕ цӕй тыххӕй уарзын, уый». Розмари ма сӕмбӕлд ӕндӕр зындзинадыл. Уый загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уӕд мӕ мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ ныууагътой. Хатт-иу сӕ ӕрымысӕдтӕн ӕмӕ-иу мӕхимӕ иунӕг кастӕн»d. Цы йын баххуыс кодта? Алыхуызон хотимӕ-иу уацамынды ацыд. Розмари загъта: «Уый фӕрцы мын ног ӕмбӕлттӕ фӕзынд. Тынг сӕ уарзын ӕмӕ сын аргъ кӕнын». Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕ, уый размӕ куыд цардтӕ, уый, чи зоны, ӕхсызгонӕй ӕрымысыс. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: ӕцӕг амондджын кӕй фӕрцы уыдзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ ис (Фил. 4:8, 9). Йегъовӕйы тыххӕй дӕхи цӕмӕйты фӕцух кодтай, уымӕй дын сӕ сӕдӕ ахӕмӕй бафиддзӕн.

ӔМБЫРДӔЙ ИСЧИ ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫ НЫУУАДЗЫ

12. Ӕмбырды, гӕнӕн ис, цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлӕм?

12 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕ, уӕд тынг цин кодтай, ацы хӕлд дунейӕ кӕй нал дӕ ӕмӕ ныр кӕй дӕ, Библийы рӕстдзинад чи амоны ӕмӕ, рӕстӕй цӕрыныл чи архайы, уыцы адӕмы ’хсӕн (Ис. 65:14). Фӕлӕ уӕддӕр хатт ӕмбырды чидӕртӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ саразынц. Кӕйдӕрты ӕмбырдӕй дӕр фӕхицӕн кӕнынц, сӕ тӕригъӕдыл куы не ’рфӕсмон кӕнынц, уӕд (1 Кор. 5:13). Дӕ хъус-ма ӕрдар, хо Са́марыл ахӕм хабар куыд фӕзынд, уымӕ. Уый загъта: «Донаргъуыд куы райстон, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ иу хистӕр нӕлгоймаг уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кодтой. Гыццыл ма, ӕмӕ мӕ уырнындзинад фӕцудыдтаид, уымӕн ӕмӕ йӕ не ’мбӕрстон, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг Йегъовӕйы ӕмӕ ӕмбырды ныхмӕ тӕригъӕд сараза». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы кӕй уарзынц, ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕной (1 Кор. 13:4, 7). Фӕлӕ, хъыгагӕн, алы аз дӕр кӕйдӕрты ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнынц. Ӕмӕ нын тынг зын вӕййы, не ’мбӕлттӕй, нӕ бинонтӕй кӕнӕ, нӕ цӕсты стыр кад кӕмӕн уыд, уыдонӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадзы.

13. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцуда, не ’ввахс ӕмбӕлттӕй кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадза, уӕд?

13 Дӕ бон ныр цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайай, де ’мбӕлттӕй кӕнӕ йӕ дӕ бинонтӕй исчи куы ныууадза, уӕд? Йегъовӕимӕ дӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕн (Иак. 4:8). Рох дӕ ма уӕд: ды аскъуыддзаг кодтай, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕ, иннӕтӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр. Зӕгъӕм, кӕд нӕ бинонтимӕ ӕмӕ ӕмбырдимӕ арӕх иумӕ Библи фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ фӕкувӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ Библи иртасӕм (Пс. 1:2; 62:8).

14. Апостол Петры цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Иоанны 6:66–68).

14 Ӕркӕсӕм, апостол Петры цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, уымӕ. Иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ахӕм цыдӕр загъта, ӕмӕ йӕ нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ныууагътой. Петр дӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бамбӕрста, фӕлӕ йыл уӕддӕр иузӕрдионӕй баззад. (Бакӕс Иоанны 6:66–68.) Петр, иннӕтӕ цы арӕзтой, фылдӕр ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ йӕ Йесо цӕуыл ахуыр кодта, ууыл. Уый фӕрцы йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. Йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцауы организацийы фӕрцы ссардтай зынаргъ хӕзна – Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад. Ӕмӕ цас зынаргъ у, уый, иннӕтӕ цы аразынц, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Уӕдӕ уыцы рӕстдзинадыл фидар хӕц! Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо, Самар, загъта: «Ӕдзух мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын: адӕймаг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй аразы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕмбырды се ’ппӕт дӕр ахӕмтӕ сты кӕнӕ нӕ ууыл нӕ организаци ахуыр кӕны. Стӕй уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы».

15. Эмилийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 Ӕркӕсӕм Э́милийы хабармӕ. Донаргъуыд куы райста, уымӕй къуыри куы рацыд, уӕд сӕ йӕ мад ныууагъта ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кодтой. Эмили зӕгъы: «Ахӕм цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Уымӕй стырдӕр фӕлварӕн мын никуы уыд. Мамӕйы тынг мысын». Эмилийӕн цы ӕххуыс кӕны? Мӕнӕ цы зӕгъы: «Иунӕг нӕ дӕн. Мӕ фыд мӕ бирӕ уарзы ӕмӕ мыл тыхсы. Уымӕй уӕлдай ма мын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сты хи бинонтау. Алчидӕр нӕ алыхуызон фӕлварӕнтыл ӕмбӕлы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уӕм ӕмӕ кӕрӕдзи фидар кӕнӕм» (1 Пет. 5:9). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр базоныныл архай, цалынмӕ уӕззау фӕлварӕнтыл нӕ сӕмбӕлдтӕ, уӕдмӕ. Ууыл ныртӕккӕ куы архайай, уӕд зын рӕстӕджыты дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ.

16. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны (Дзут. 12:6). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, ӕмбырд чи ныууагъта, уыдон фӕстӕмӕ ’рбаздӕхой (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ дын зынаргъ чи у, уыдонӕй кӕд исчи ӕмбырд ныууагъта, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй сараздзысты, цӕмӕй йын фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕной (2 Тим. 2:24, 25).

Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы бӕрӕг кӕнынц, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыцы нӕлгоймаджы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕн йӕ къухы Библи гомӕй, иннӕ та нӕлгоймагӕн ӕвдисы урок брошюрӕйӕ «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх».

Зынаргъ дын чи у, уыдонӕй кӕд исчи ӕмбырд ныууагъта, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, хистӕр нӕлгоймӕгты кӕй фӕнды, цӕмӕй йын Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕной (кӕс 16 абзац)f


17. Нӕ бон фидарӕй цӕуыл у ӕууӕндын?

17 Мах ӕркастыстӕм, адӕймаг донаргъуыды фӕстӕ, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕла, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Фӕлӕ уыцы зындзинӕдтӕй ма тӕрс! Дӕ бон сӕм у дӕхи бацӕттӕ кӕнын. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай. Йегъовӕ дын нырмӕ дӕр ӕххуыс кодта ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын ӕнустӕм ӕххуыс кӕна! (1 Пет. 5:10). Уый дын алкӕддӕр дӕтдзӕн тыхтӕ ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдты рӕстӕг дӕр фидар фӕлӕууай. Йегъовӕ дын куы ӕххуыс кӕна, уӕд дзы никуы адард уыдзынӕ! (Пс. 119:165; Ром. 8:38, 39).

ДӔ БОН КУЫД У АЦЫ ЗЫНДЗИНӔДТӔМ ДӔХИ БАЦӔТТӔ КӔНЫН?

  • Хотӕй кӕнӕ дӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕна

  • Дӕ раздӕры цард куы мысай

  • Зынаргъ дын чи у, уыдонӕй искӕй ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕной

154 ЗАРӔГ Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн

a Кӕд ацы статья сӕйраджыдӕр, донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыдонӕн у, уӕддӕр дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон алкӕмӕн дӕр пайда уыдзысты.

b Нӕмттӕ ивд сты.

c Ӕмбаргӕдзинад у, адӕймаг куы фембары, цавӕрдӕр хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый. Ӕмбаргӕдзинад нын ӕххуыс кӕны, адӕймаг цыдӕр цӕмӕн загъта кӕнӕ цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый бамбарынӕн.

d Ӕмбырды алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон у, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн ӕмӕ донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕмбарой, кӕй сӕ уарзынц, уый. Кӕс статья «Адӕймагӕн иумӕ ӕххуыс кӕнӕм донаргъуыд райсынӕн» 2021 азы мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 15 ӕмӕ 16 абзацтӕ.

e НЫВ. Хо уацамынды федта, чидӕртӕ футболӕй куыд хъазынц, уый. Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, йӕхӕдӕг дӕр раздӕр футболӕй кӕй хъазыд. Фӕстӕдӕр хо хорз хабар хъусын кӕны, раздӕр футболӕй кӕимӕ хъазыд, уыцы чызгӕн.

f НЫВ. Дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы бӕрӕг кӕнынц, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыцы нӕлгоймаджы ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕха.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын