Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w26 февраль 14–19 фф.
  • Дӕ разы нысан сӕвӕр, цӕмӕй донаргъуыд райсай!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ разы нысан сӕвӕр, цӕмӕй донаргъуыд райсай!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔСТӔ ЦӔМӔН ФӔКӔНЫНЦ?
  • АЦЫ ДУНЕЙЫ КӔРОН ХӔСТӔГ КӔЙ У, УЫЙ НӔ ЗӔРДЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ДАРӔМ?
  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫНЫЛ ФӔСТӔ МА КӔН!
  • Донаргъуыд райсын цы нысан кӕны ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Цӕттӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йесойы фӕдыл цу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Донаргъуыд райсыныл фӕстиат ма кӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
w26 февраль 14–19 фф.

2026 АЗЫ 20–26 АПРЕЛЫ

49 ЗАРӔГ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн цин хӕссӕм

Дӕ разы нысан сӕвӕр, цӕмӕй донаргъуыд райсай!

«Ныр у ирвӕзындзинады бон» (2 КОР. 6:2).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Ныр уый рӕстӕг у, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суай ӕмӕ донаргъуыд райсай.

1. а) Донаргъуыд райсын хорз нысан цӕмӕн у? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

ДӔХИ Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай? Кӕд о, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы куырдтай, цӕмӕй дын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа (1 Пет. 3:21). Донаргъуыд кӕй райстай, уымӕй фӕзминаг дӕ, уыцы ахсджиаг къахдзӕф чи нӕма сарӕзта, уыдонӕн. Уӕдӕ тынг хорз уынаффӕ рахастай! Фӕлӕ кӕд донаргъуыд нӕма райстай, уӕд та? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Зоныс ӕй, донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг кӕй у, цӕмӕй дӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суай (Хъуыд. 2:38–40). Фӕлӕ дын кӕд уӕддӕр зын у уыцы къахдзӕф саразын, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм: 1) иуӕй-иутӕ донаргъуыд райсыныл фӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнынц, 2) ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, ацы дунейы кӕрон хӕстӕг кӕй у ӕмӕ 3) донаргъуыд райсыныл фӕстӕ куы нӕ кӕнай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн.

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔСТӔ ЦӔМӔН ФӔКӔНЫНЦ?

2. Иуӕй-иутӕ донаргъуыд цӕуылнӕ исынц?

2 Иуӕй-иутӕ донаргъуыд нӕ исынц, уымӕн ӕмӕ тӕрсынц. Кӕд сӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕддӕр тӕрсынц, сӕ бон ын кӕй никуы суыдзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Мыййаг ды дӕр донаргъуыд уый тыххӕй нӕ исыс? Кӕд о, уӕд Фыстад иртас, цӕмӕй бамбарай, Йегъовӕ дӕ ӕххӕстдзинад кӕй нӕ домы ӕмӕ йын ӕхсызгон кӕй вӕййы, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый йын куы фӕдӕттыс (Пс. 103:13, 14; Кол. 3:23). Кӕд тӕрсыс, донаргъуыды фӕстӕ дӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна, ӕмӕ дӕ бон уа псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Пс. 118:6).

3. Иуӕй-иуты ма цы фӕхъыгдары донаргъуыд райсын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ донаргъуыд райсыныл фӕстиат фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕм фаг зонындзинӕдтӕ нӕй. Фӕлӕ цымӕ цас хъӕуы зонын? Ӕркӕсӕм Фыстадӕй иу цӕвиттонмӕ. Иухатт апостол Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстоны куы уыдысты, уӕд зӕхх нынкъуысыд. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ фадат фӕзынд, цӕмӕй ахӕстонгӕсӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн Йесойы тыххӕй хорз хабар фехъусын кодтаиккой. Уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, диссаг кӕй ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай ма уыцы ӕхсӕв Йесойы ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтой. Ӕмӕ сӕ бафӕндыд «ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райсын» (Хъуыд. 16:25–33). Кӕд Йегъовӕйы зоныс, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ уарзыс, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зоныс, дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ дӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын фӕнды, уӕд донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ (Мар. 12:30).

Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонгӕсӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн ӕхсӕвыгон хъусын кӕнынц ӕмӕ сӕм уыдон лӕмбынӕг хъусынц.

Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонгӕсӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн хорз хабары тыххӕй радзырдтой, ӕмӕ уыдон «ӕвӕстиатӕй донаргъуыд» райстой (кӕс 3 абзац)


4. Иуӕй-иуты ма ноджыдӕр цы фӕхъыгдары донаргъуыд райсын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Иуӕй-иуты фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын, сӕ цард аивын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Фӕлӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын уый тынг зын уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ууыл хъуыды кӕнын дӕр хорз у (Лук. 14:27–30). Фӕлӕ дӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын кӕй бахъӕудзӕн, ууыл ӕгӕр тыхсын хъӕуы? Ӕркӕсӕм Кэ́ндисы цӕвиттонмӕ. Гыццыл куы уыд, уӕд базыдта, цы хъуамӕ араза, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Фӕлӕ йӕ нӕ фӕндыд, цы зыдта, уымӕ гӕсгӕ архайын. Куы сыстыр, уӕд ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый загъта: «Ӕз зыдтон, цы хъуамӕ арӕзтаин, цӕмӕй мӕ Йегъовӕ райгонд уа, фӕлӕ мӕ зӕрдӕмӕ цыди, куыд цардтӕн, уый, ӕмӕ мӕ ницы фӕндыд ивын. Зыдтон ӕй, мӕ цард аивын мын зын кӕй уыдзӕн». Иннӕтӕ та фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ донаргъуыд куы райсой, уӕд сӕ бон нӕ уыдзӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Фӕтӕрсынц, донаргъуыды фӕстӕ стыр тӕригъӕд куы саразой, ӕмӕ сӕ ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕной, уымӕй. Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд дӕ бон цы у саразын?

Хо сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕны. Хо йын цыдӕр дзуры, сылгоймаг та йӕ цӕстытыл уайын кӕны, ӕхсӕвыгон клубы йе ’мбӕлттимӕ карз нозт куыд нуазы ӕмӕ куыд кафы.

Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕтыхсынц, сӕхи сӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын кӕй хъӕудзӕн, цӕмӕй йын лӕггад кӕной (кӕс 4 абзац)


5. Кӕд дызӕрдыг кӕныс, донаргъуыд райсай ӕви нӕ, ууыл, уӕд фылдӕр цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнай? (Матфейы 13:44–46).

5 Исты балхӕнын нӕ куы фӕфӕнды, уӕд ын ӕрмӕст йӕ аргъмӕ нӕ фӕкӕсӕм. Фӕлӕ ма фӕхъуыды кӕнӕм, куы йӕ балхӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл дӕр. Куы йӕ фӕзонӕм, уыцы дзаума нын стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн, уӕд ӕй балхӕнӕм, тынг зынаргъ куы вӕййы, уӕддӕр. Раст афтӕ, донаргъуыд райсыныл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд-иу, цы ивындзинӕдтӕ скӕнын дӕ хъӕуы, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕн. Хуыздӕр уаид, Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар кӕй суыдзӕн ӕмӕ дӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй аивдзӕн, ууыл куы хъуыды кӕнис. Уый бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо ӕрхаста дыууӕ фӕсномыг ныхасы. (Бакӕс Матфейы 13:44–46.) Дыууӕ фӕсномыг ныхасы дӕр дзырд цӕуы, нӕлгоймагмӕ цыдӕриддӕр уыди, уый кӕй ауӕй кодта, цӕмӕй балхӕдтаид, цы хӕзна ссардта, уый. Ды дӕр ссардтай стыр хӕзна – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад. Уӕдӕ кӕд дызӕрдыг кӕныс, донаргъуыд райсын йӕ фыдӕбоны аргъ у ӕви нӕ, ууыл, уӕд ахъуыды кӕн ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасыл. Дӕхимӕ ратт ахӕм фарстатӕ: «Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынаргъ хӕзна кӕй у? Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис ӕмӕ мын цы ныфс ис, уымӕн, стӕй мын уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ис, уымӕн аргъ кӕнын?» Ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ ратдзынӕ, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, цы дӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй дӕ бон уа донаргъуыд райсын.

6. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

6 Йесо бамбарын кодта, хорз хабар чи фехъусы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕй нӕ фӕархайынц, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ма Йесо бамбарын кодта, «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ» Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц ӕмӕ кӕй фӕархайынц, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ (Лук. 8:5–15). Уӕдӕ кӕд дызӕрдыг кӕныс, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайдзынӕ ӕви нӕ, ууыл, уӕд дӕ къухтӕ ма ’руадз. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «дӕ мидӕг скӕнай ног зӕрдӕ», ӕмӕ дӕ уӕд фӕнддзӕн йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Уӕдӕ йӕм кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы базоныс, уый бауарзынӕн ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ архайынӕн (Йез. 18:31; 36:26).

7, 8. Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ донаргъуыд цӕуылнӕ райсынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутыл иннӕты зондахаст афтӕ тынг фӕзыны, ӕмӕ уый тыххӕй хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ не скӕнынц, цӕмӕй донаргъуыд райсой. Зӕгъӕм, скъолайы ахуыргӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕдзурынц, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын ӕвзӕр кӕй нӕу. Афтӕмӕй та уыцы хъуыддӕгтӕ Йегъовӕ нымайы ӕнӕгъдаудзинадыл. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕм куы хъусай, уӕд бӕллӕхы бахаудзынӕ (Пс. 1:1, 2; Ӕмб. 7:1–5). Фӕлӕ псаломзарӕггӕнӕджы куы бафӕзмай, уӕд дӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзынӕ. Уый Йегъовӕмӕ куывта: «Ӕз сдӕн мӕ ахуыргӕнджытӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбаргӕдӕр, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты дӕ амындтыл» (Пс. 119:99).

8 Чырыстон ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ фембарынц, афтӕмӕй сӕ сывӕллӕтты фӕхъыгдарынц донаргъуыд райсын. Чидӕртӕ сӕ ӕгӕр фӕмӕт кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕ цавӕр ахуырад райсдзысты ӕмӕ цавӕр куыст ссардзысты, ууыл. Кӕнӕ та сын нӕ феххуыс кӕнынц Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Мыййаг дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын дӕ ныййарджытӕ донаргъуыд райсынӕн не ’ххуыс кӕнынц? Кӕд о, уӕд семӕ ууыл аныхас кӕн. Ӕмӕ дӕ рох ма уӕд: кӕд ӕрыгон дӕ, уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суай (Ӕмб. 20:11).

Рӕзгӕ кары чи ис, уыцы лӕппу йӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕны ӕмӕ, чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» 23-⁠ӕм урочы цы хъуыдытӕ ис, уыдон дзуры.

Донаргъуыд райсыны тыххӕй дӕ ныййарджытимӕ куы аныхас кӕнис, уӕд хорз нӕ уаид? (кӕс 8 абзац)


9. Иуӕй-иутӕ донаргъуыд райсыныл цӕуылнӕ фӕтагъд кӕнынц?

9 Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ чи вӕййы, уыдонӕй ма чидӕртӕ донаргъуыд райсыныл фӕстӕ фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ кӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый дӕр ӕххӕст уыцы къахдзӕф сараза, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, ныфс сӕ вӕййы, се ’мбӕлттӕй кӕнӕ сӕ бинонтӕй искӕимӕ донаргъуыд иу бон кӕй райсдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ уый тыххӕй донаргъуыд райсыныл фӕстӕ кӕнын раст у? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн дӕхи куы снывонд кодтай, уӕд ын цы дзырд радтай, уый хауы ӕрмӕстдӕр дӕумӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ. Уӕдӕ, донаргъуыд кӕд райсдзынӕ, уый, иннӕтӕ цы кӕнынц, уымӕй кӕнгӕ хъуамӕ ма уа (Ром. 14:12).

АЦЫ ДУНЕЙЫ КӔРОН ХӔСТӔГ КӔЙ У, УЫЙ НӔ ЗӔРДЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ДАРӔМ?

10. Иуӕй-иутӕ хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ цӕуылнӕ кӕнынц?

10 Иуӕй-иутӕ та хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ нӕ кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд нӕ исынц, уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕнынц, ацы дунейӕн йӕ кӕрон тагъд кӕй не ’рцӕудзӕн. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст у? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Лук. 12:40).

11. Адӕймаг Йегъовӕйы хуыздӕр куы базоны, уӕд ӕй цы бафӕнды аразын ӕмӕ цӕмӕн? (Псалом 119:60).

11 Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн хъуамӕ снывонд кӕна, уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Адӕймаг Йегъовӕйы хуыздӕр куы базоны, уӕд бамбары, куыд тынг нӕ уарзы, уый ӕмӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ стыр пайда кӕй хӕссынц. (Бакӕс Псалом 119:60.) Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у, уый ахуыргӕнинаг Иаков афтӕ бамбарын кодта: райсом цы уыдзӕн, уый ничи зоны. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй, «раст цы у, уый» аразӕм. Уӕдӕ, кӕд зонӕм, цы хъӕуы аразын, уый, уӕд ӕй хъуамӕ ныртӕккӕ аразӕм (Иак. 4:13–17).

12. Йесо сӕнӕфсирдоны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Ахъуыды-ма кӕн, Йесо сӕнӕфсирдоны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, ууыл. Йесо загъта, иу сахат чи куыста, уыдонӕн цас бафыстой, уыйбӕрц кӕй бафыстой, ӕнӕхъӕн бон чи куыста, уыдонӕн дӕр. Фӕлӕ, цымӕ, иу сахаты йеддӕмӕ чи нӕ куыста, уыдон сӕ куыст раздӕр цӕуылнӕ райдыдтой? Уыдон загътой, кӕй ничи сӕ баххуырста. Уыцы кусджытӕ зивӕг нӕ кодтой. Исчи сӕ куы баххуырстаид, уӕд ӕнӕхъӕн бон дӕр куыстаиккой. Ӕмӕ сӕ куыддӕр баххуырстой, афтӕ райдыдтой кусын (Матф. 20:1–16). Абон дӕр нӕ Йесо хоны, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суӕм ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ хорз уаид, уыцы куыст аразын-иу куы райдаиккам, куыддӕр нӕ фӕхоны, афтӕ.

13. Лоты усы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис?

13 Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕндзысты, ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уый размӕ. Фӕлӕ ивындзинӕдтӕ ныр куы нӕ кӕнай, уӕд дын уый фӕстӕ зындӕр уыдзӕн. Йесо дӕр уый зыдта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лук. 17:31–35). Лоты ус зыдта, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн цы тӕрхон рахаста, уый тагъд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Фӕлӕ цӕттӕ нӕ уыд, фӕстейӕ цы баззад, уыдӕттыл йӕ къух сисынмӕ (Райд. 19:23–26). Йӕ хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ ӕнустӕм кӕй не ’нхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕнӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайӕм. Хуыцау уымӕн рӕстӕг рахицӕн кодта. Ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дын уый фадат нал уыдзӕн! (Лук. 13:24, 25).

14. Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

14 Алы бон дӕр дунейы цы хабӕрттӕ ’рцӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, Библийы ацы дунейы кӕроны тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис фыст, уыдон кӕй ӕххӕст кӕнынц. Библийы цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ, чи зоны, кӕм цӕрыс, уым не ’рцӕуынц. Фӕлӕ дунейы бирӕ ӕндӕр рӕтты кӕй цӕуынц, уый тыххӕй дӕ хъуамӕ фӕнда, цы хъӕуы, уый фӕивын, цӕмӕй тагъддӕр донаргъуыд райсай. Апостол Петр фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕмбаргӕ ут, уымӕн ӕмӕ «алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон» (1 Пет. 4:7). Петр, ӕвӕццӕгӕн, дзырдта, Иерусалим ӕмӕ кувӕндон куы ныппырх кӕной, уыцы рӕстӕгыл. Петр кӕмӕ ныффыста, уыдон Иерусалимӕй дард цардысты, ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ уыцы хабар нӕ фӕзындаид (1 Пет. 1:1). Фӕлӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый куы федтаиккой, уӕд тынгдӕр баууӕндыдаиккой, Йегъовӕйы иннӕ зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл. Раст афтӕ, ацы дунейы кӕронимӕ баст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый уынгӕйӕ дӕ бафӕнддзӕн, цы хъӕуы, уый фӕивын ӕмӕ донаргъуыд райсын.

15. Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? (2 Петры 3:10–13).

15 Петр йӕ дыккаг фыстӕджы бамбарын кодта, «Йегъовӕйы бонмӕ» цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕтты уыцы бонмӕ нырма бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъуыд. Фӕлӕ сын уӕддӕр Петр загъта, уыцы бон уӕ зӕрдыл дарут, зӕгъгӕ. (Бакӕс 2 Петры 3:10–13; фип.) Йегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, тынг тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ йӕм цӕмӕй цӕттӕ уӕм, уый тыххӕй ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй «сыгъдӕг цард» кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон уыдзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ куы аразай, уӕд! Ӕмӕ йын дӕхи куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд та ноджы амондджындӕр уыдзӕн.

ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫНЫЛ ФӔСТӔ МА КӔН!

16. Донаргъуыд райсынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕд у? (2 Коринфӕгтӕм 6:1, 2). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

16 Донаргъуыд райсынӕн ныр у ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:1, 2.) Филипп кӕуыл фембӕлд, уыцы ефиопаг хицау бамбӕрста, ӕвӕстиатӕй йӕ кӕй хъӕуы архайын, ома донаргъуыд райсын. Рӕстдзинад кӕй ссардта ӕмӕ йын донаргъуыд райсыны фадат кӕй ис, уый куы бамбӕрста, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кодта: «Фыццаг уал мӕ хъӕуы хорз хабары тыххӕй фылдӕр базонын. Цӕй, фӕндагыл ма дон уыдзӕн. Уый фӕстӕ райсдзынӕн донаргъуыд». Уый Филиппы бафарста: «Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (Хъуыд. 8:26, 27, 35–39). Диссаджы цӕвиттон! Ефиопаг хицау донаргъуыд куы райста, уӕд «дарддӕр цингӕнгӕ цыд йӕ фӕндагыл».

Цалдӕр нывы: 1. Ефиопаг хицау донмӕ фӕхизы, цӕмӕй йын Филипп донаргъуыд ратта. 2. Уӕлдӕр нывыл чи уыд, уыцы хо ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уыцы сылгоймаг Паддзахады залы дыууӕ хистӕр нӕлгоймагимӕ ныхас кӕнынц.

Ефиопаг хицауы хабарӕй бӕрӕг у, донаргъуыд райсынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг ныр кӕй у (кӕс 16 абзац)a


17. Йегъовӕ дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

17 Кӕд донаргъуыд райсыныл фӕстӕ кӕныс, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлар суай (Ром. 2:4). Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын зын уыдзӕн ӕмӕ дын кӕд донаргъуыд райсынӕн ничи ӕххуыс кӕны, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Донаргъуыд куы райсай, уӕд дын уый фӕрцы йӕ разы уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ бамбардзынӕ, «фӕстейӕ цы баззад», уый дӕ кӕй нал хъӕуы (Фил. 3:8, 13). Уӕд ныфсджынӕй кӕсдзынӕ, «разӕй цы ис, уымӕ». Ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, Йегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд чи райста, уыдонӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн! (Хъуыд. 3:19).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Иуӕй-иутӕ донаргъуыд райсыныл фӕстӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?

  • Донаргъуыд райсыныл фӕстӕ кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

  • Донаргъуыд райсынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕд у?

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

a НЫВ. Ефиопаг хицау Филиппӕн загъта, донаргъуыд райсын ӕй кӕй фӕнды. Библи чи ахуыр кӕны, уыцы сылгоймаг дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дзуры, донаргъуыд райсын ӕй кӕй фӕнды.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын