Апрель
Ӕртыццӕг, 1 апрель
Мӕ Фыды уый фӕнды, цӕмӕй, Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй (Иоан. 6:40).
Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл ӕууӕндын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм (Еф. 1:7). Йесо «ӕндӕр фыстӕ» кӕй схуыдта, уыдон Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг дзул ӕмӕ сӕнӕй нӕ саходынц, ӕмӕ сын уый ӕмбӕлгӕ дӕр нӕ кӕны (Иоан. 10:16). Фӕлӕ уӕддӕр ахӕсгӕ хуызы «царддӕттӕг дзулӕй» хӕрынц, ома ӕууӕндынц, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл (Иоан. 6:53). Сӕн ӕмӕ дзулӕй та саходынц, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд ӕмӕ Йесоимӕ уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ стӕм ӕви ӕндӕр фыстӕ, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл. w24.12 12 ф., 14 абз.; 13 ф., 16 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:1–5, 14–16; Лукайы 22:1–6
ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
Хурныгуылды фӕстӕ
Цыппӕрӕм, 2 апрель
Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын (Лук. 12:32).
Хицауы ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо йӕ апостолтӕм алӕвӕрдта донгонд дзул ӕмӕ сын загъта, уыцы дзул кӕй нысан кӕны йӕ буар. Стӕй та сӕм алӕвӕрдта сӕн ӕмӕ загъта, уый кӕй нысан кӕны «бадзырды туг» (Мар. 14:22–25; Лук. 22:20; 1 Кор. 11:24). Ног бадзырд конд ӕрцыд, Йесоимӕ уӕлӕрвты «Хуыцауы паддзахады» паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонимӕ (Дзут. 8:6, 10; 9:15). Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры цы загъта, уый хауд «гыццыл дзугмӕ». Уыцы къордӕй фыццӕгтӕ уыдысты йӕ иузӕрдион апостолтӕ, уыцы изӕр йемӕ чи уыд, уыдон. Йесоимӕ уӕлӕрвты уыдон уыдзысты. w24.12 11 ф., 9, 10 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:17–19; Марчы 14:12–16; Лукайы 22:7–13 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Иоанны 13:1–5; 14:1–3
Майрӕмбон, 3 апрель
Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа (Иоан. 3:16).
Йесойы йе ’ввахс хӕлӕрттӕй иу ауӕй кодта. Уый фӕстӕ йӕ йе знӕгтӕ ӕрцахстой, фӕхынджылӕг дзы кодтой, фӕаххосджын ӕй кодтой, кӕй нӕ сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгты, стӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастой ӕмӕ йын фыдмитӕ фӕкодтой. Ӕфсӕддонтӕ йӕ акодтой, кӕм ӕй хъуамӕ амардтаиккой, уыцы бынатмӕ ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххуыдтой. Йесо стыр рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста. Фӕлӕ Йегъовӕ ноджы стырдӕр рыст бавзӕрста йӕ Фырты хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд йе ’гӕрон тыхы фӕрцы Йесойӕн баххуыс кӕнын, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Цӕуылнӕ? Адӕмы кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй хуыздӕр ницы ӕвдисы, Йегъовӕ дӕ тынг кӕй уарзы. Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ стыр рыст бавзӕрста, цӕмӕй дӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна (1 Иоан. 4:9, 10). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы фӕнды махӕй алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй тӕригъӕдимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ фӕуӕлахиз уӕм! w24.08 5, 6 фф., 13, 14 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 19:1–42
Сабат, 4 апрель
Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта (1 Пет. 2:21).
Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, уый ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, мах тыххӕй йӕ цы стыр аргъ бафидын бахъуыд, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Хӕйрӕг загъта, Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр иузӕрдионӕй кӕй нӕ баззайдзӕн, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕла, уӕд. Ӕмӕ, йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Йесо йӕ мӕлӕты размӕ фӕхъизӕмар кодтаид (Иов 2:1–5). Йегъовӕ уыдта, Йесойӕн йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон дзы куыд хынджылӕг кодтой, ӕфсӕддонтӕ йӕ куыд фӕнадтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл куыд байтыгътой. Уый фӕстӕ та федта, йӕ зынаргъ хъӕбул удхар кӕнгӕйӕ куыд амард (Матф. 27:28–31, 39). Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Йесойы цыфӕнды минут дӕр фервӕзын кӕнын (Матф. 27:42, 43). Фӕлӕ уӕд нывонд хаст не ’рцыдаид ӕмӕ нӕ фидӕнӕй ницы ныфс уаид. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт йӕ фӕстаг сулӕфты онг фӕхъизӕмар кодтаид. w25.01 22 ф., 7 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Иоанны 20:1
Хуыцаубон, 5 апрель
Цыппор боны дӕргъы йӕ уыдтой (Хъуыд. 1:3).
Н. э. 33 аз, 16 нисан. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ маст дӕр кӕнынц ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр. Дыууӕйӕ дзы Иерусалимӕй рацыдысты ӕмӕ Емма́усмӕ сӕ ных сарӕзтой. Иу ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаг сӕм ӕрбаиу ӕмӕ йӕ фӕндаг семӕ акодта. Ахуыргӕнинӕгтӕ йын радзырдтой, Йесойыл цы ’рцыд, уый. Ӕмӕ йын загътой, ӕнкъард уый тыххӕй кӕй сты. Уый фӕстӕ уыцы ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаг семӕ цӕуыл аныхас кодта, уыдӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, цӕрӕнбонтӕм сӕ зӕрдыл бадардтой. Уый сын «Моисейы чингуытӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй се ’ппӕтӕй дӕр» ӕмбарын кӕнын райдыдта, Мессийӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ амардаид. Еммаусмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын раргом кодта, чи у, уый – Хуыцау кӕй райгас кодта, уыцы Йесо! (Лук. 24:13–35). Уӕлӕрвтӕм аздӕхыны размӕ ма Йесо зӕххыл фӕци 40 боны (Хъуыд. 1:3). Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бирӕ хӕттыты фӕзынд. Уӕдмӕ маст чи кодта ӕмӕ чи тарст, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ систы хъӕлдзӕг ӕмӕ хъӕбатыр. Ӕмӕ цӕттӕ уыдысты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ. w24.10 12 ф., 1–3 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 20:2–18
Къуырисӕр, 6 апрель
Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл (Иуд. 20).
Азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ сывӕллон стырӕй-стырдӕр фӕкӕны ӕмӕ свӕййы стыр адӕймаг. Фӕлӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ та нӕхигъӕдӕй не свӕййӕм. Нӕхи дӕр фӕхъӕуы цыдӕр аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, коринфӕгтӕй бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой, райстой донаргъуыд, сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, стӕй сын апостол Павел бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта (Хъуыд. 18:8–11). Фӕлӕ сӕ донаргъуыдӕй цалдӕр азы куы рацыд, уӕд дӕр нырма фӕлтӕрд чырыстӕттӕ нӕ уыдысты (1 Кор. 3:2). Цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй уал нӕ фыццаг уый хъуамӕ фӕндгӕ бакӕна. Сывӕллонау «ӕнӕмбаргӕ» уа, уый кӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, уыдон нӕ рӕздзысты ӕмӕ чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ стыр адӕймӕгтӕ никуы суыдзысты (Ӕмб. 1:22). Вӕййы афтӕ, ӕмӕ чидӕртӕ стырӕй дӕр сӕ ныййарджытӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй уынаффӕтӕ сӕ бӕсты хӕссой. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмтӕ уӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг архайӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм. Кӕд нырма архайыс, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстон суай, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Уый афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13). w24.04 4 ф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 7 апрель
[Йегъовӕйы] нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9).
Йегъовӕ нын ӕргом кӕны, искӕмӕн тӕрхон куы рахӕссы, уӕд цы фенкъары, уый (Йез. 33:11). Йегъовӕ тагъд нӕ кӕны адӕмы ӕнустӕм фесафынмӕ, ӕмӕ искӕмӕн ахӕм тӕрхон куы рахӕссы, уӕд уый хуымӕтӕджы нӕ вӕййы. Йегъовӕ у тынг фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ алы хатт дӕр равдисы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, уый растыл куы фӕнымайы, уӕд. Нӕ бон у искӕмӕй зӕгъын, нӕ райгас уыдзӕн, зӕгъгӕ? Библийӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр цӕвиттоны ис ӕрхӕссӕн. Йесо бамбарын кодта, Иудӕ Искариот кӕй нӕ райгас уыдзӕн (Мар. 14:21; ноджыдӕр кӕс Иоанны 17:12). Иудӕ зонгӕ-зонын рацыд Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты ныхмӕ. Цы арӕзта, уый ӕмбӕрста. (Кӕс Марчы 3:29 ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ацы стихмӕ «Учебная Библия»-йы.) Йесо ма загъта, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы дины разамонджытӕй дӕр чидӕртӕ кӕй нӕ райгас уыдзысты (Матф. 23:33). Апостол Павел та ныффыста, раст дин чи ныууагъта ӕмӕ раст дины ныхмӕ чи цыд, фӕлӕ чи не ’рфӕсмон кодта, уыдон кӕй нӕ райгас уыдзысты (Дзут. 6:4–8; 10:29). w24.05 4 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 8 апрель
Йегъовӕ хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны (Пс. 31:23).
Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ахӕмӕй ницы сараздзӕн, ӕмӕ сраст кӕнӕн мацыуал уа (1 Иоан. 3:8). Ног дунейы дӕр Йегъовӕ йе ’нувыд ӕмбӕлтты хъахъхъӕндзӕн, сӕ уырнындзинадӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй. Фӕлӕ ма сӕ уымӕй уӕлдай хъахъхъӕндзӕн мӕлӕтӕй дӕр (Рарг. 21:4). Йегъовӕйы уазӕг уай, уый стыр кад у (Йез. 37:27). Нӕ бон у, ӕмӕ ӕнустӕм уӕм йӕ уазджытӕ, ома йӕ хӕлӕрттӕ. Уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Исчи нӕ уазӕгуаты куы фӕхоны, уӕд нӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй ныл нӕ фысымты зӕрдӕ истӕмӕй фӕхуда. Йегъовӕ дӕр у нӕ Фысым, ӕмӕ нӕ фӕнды зонын, йӕ уазджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм» (Кол. 1:10). Хъуамӕ йӕ алкӕддӕр нымайӕм. Уӕд, йӕ зӕрдӕ йын цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, ахӕмӕй никуы ницы сараздзыстӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бонзогӕйӕ цӕудзыстӕм (Мих. 6:8). w24.06 4 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 9 апрель
Уый ахаста бирӕты тӕригъӕдтӕ ӕмӕ хӕцыд фыдгӕнджыты сӕрыл (Ис. 53:12).
Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид. Авраамӕн уыцы хъуыддаг саразын куыд зын уыд, афтӕ иу дӕр нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ уыд, Йегъовӕ йын цы загъта, уый бакӕнынмӕ. Фӕлӕ йӕ фырты куыддӕр амарынмӕ хъавыд, афтӕ йӕ Йегъовӕ баурӕдта. Ацы хабар амоны, фидӕны Йегъовӕ цы хъуамӕ сарӕзтаид, уымӕ – хъуамӕ йӕ уарзон Фырты нывондӕн ӕрхастаид. Гъе афтӕ тынг уарзы адӕмы (Райд. 22:1–18). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн радта Закъон. Уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы адӕм хъуамӕ нывӕндтӕ хастаиккой, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой (Лев. 4:27–29; 17:11). Уыцы нывӕндтӕ амыдтой стырдӕр нывондмӕ. Уыцы нывонд хъуамӕ адӕмы тӕригъӕдӕй бынтондӕр фервӕзын кодтаид. Хуыцауы пехуымпартӕ фыстой, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Хъуамӕ нывондӕн хаст ӕрцыдаид, цӕмӕй адӕмы, уыимӕ дӕу дӕр, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид! (Ис. 53:1–12). w24.08 4 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 10 апрель
Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ (Пс. 119:97).
Зӕгъӕм, аскъуыддзаг кодтай, Библи кӕд кӕсдзынӕ, уый. Ныр та дӕ хъӕуы иннӕ къахдзӕф скӕнын – цы бакӕсыс, уымӕ гӕсгӕ архайын. Библийӕ исты скъуыддзаг куы бакӕсыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цы бакастӕн, уымӕй мӕ бон куыд у спайда кӕнын ныр кӕнӕ фидӕны?» Зӕгъӕм, бакастӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18 стихтӕ. Дӕ бон у ӕрлӕууын ӕмӕ ахъуыды кӕнын: «Цас арӕх фӕкувын? Зӕрдӕбынӕй фӕкувын?» Стӕй ма дӕ бон у ахъуыды кӕнын, Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй дӕ, ууыл. Ӕмӕ дӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй йын, зӕгъӕм, ӕртӕ бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй бузныг зӕгъай. Цы бакӕсыс, ууыл-иу цалдӕр минуты дӕр куы ахъуыды кӕнай, уӕд Хуыцауы Ныхас ӕмбаргӕ дӕр кӕндзынӕ ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый ӕххӕст дӕр кӕндзынӕ. Библи алы бон дӕр афтӕ куы кӕсай, уӕд дын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. w24.09 4, 5 фф., 9, 10 абз.
Сабат, 11 апрель
Уӕхимӕ кӕсут, мах цӕуыл фӕфыдӕбон кодтам, уымӕй ӕнӕхай куыд нӕ фӕуат, фӕлӕ уӕ хорзӕх ӕххӕстӕй куыд райсат (2 Иоан. 8).
Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ кӕд уарзӕм, цӕмӕй нын иннӕтӕ хорздзинад аразой, уӕддӕр амондджындӕр вӕййӕм, хорздзинад нӕхӕдӕг куы фӕаразӕм, уӕд. Мах фӕцин кӕнӕм, нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн нӕ бон баххуыс кӕнын куы вӕййы, уӕд. Ӕмӕ нын бузныг куы фӕзӕгъынц, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ нын бузныг зӕгъой ӕви нӕ, уӕддӕр цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ аразӕм, раст цы у, уый. Дӕ зӕрдыл дар: иннӕтӕн цасфӕнды ма радтай, уӕддӕр дын Йегъовӕ «уымӕй бирӕ фылдӕр ратдзӕн» (2 Аз. 25:9). Уый хуызӕн рӕдау ничи у! Ӕмӕ дын Йегъовӕ арфӕ кӕна, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа?! Уӕдӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдау рӕдау уӕм. w24.09 31 ф., 20, 21 абз.
Хуыцаубон, 12 апрель
О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕз дӕ кадджын кӕнын ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Дӕ ном дын ӕнустӕм бӕрзонд кӕндзынӕн (Пс. 86:12).
Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг (Пс. 103:13; Ис. 49:15). Нӕ рыст нын ӕмбары. Зын нын куы вӕййы, уӕд уымӕн дӕр зын вӕййы (Зах. 2:8). Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм (Пс. 25:14; Хъуыд. 17:27). Стӕй Йегъовӕ у сӕрныллӕг. «Уый ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ. Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сисы» (Пс. 113:6, 7). Гъеныр ахӕм диссаджы Хуыцауӕн куыннӕ хъуамӕ кад кӕнӕм! Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной. Бирӕтӕ нӕ зонынц, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Цӕуылнӕ? Хӕйрӕг дзы алы мӕнг ныхӕстӕ кӕны, тугтӕ йыл мысы, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн сӕ сӕрызонд бакуырм кодта (2 Кор. 4:4). Бирӕты баууӕндын кодта, Йегъовӕ адӕмӕй йӕ маст кӕй исы, нымады дӕр ӕм кӕй не сты ӕмӕ, цы мӕстытӕ ӕвзарынц ӕмӕ дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны уый кӕй у аххосджын. Фӕлӕ мах зонӕм рӕстдзинад нӕ Хуыцауы тыххӕй! Ӕмӕ нын ис диссаджы фадат – нӕ бон у иннӕтӕн дзурын, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый ӕмӕ сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй йын уыдон дӕр кад кӕной (Ис. 43:10). w25.01 3 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 13 апрель
Сайтан... зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы (Рарг. 12:9).
Кӕд Хуыцауы Фырт ӕххӕст уыд ӕмӕ бирӕ диссӕгтӕ арӕзта, уӕддӕр Хӕйрӕг, йӕ фарс чи уыд, уыцы адӕмы уылты Йесойы тыххӕй бирӕ мӕнг ныхӕстӕ парахат кодта. Зӕгъӕм, дины разамонджытӕ адӕмӕн дзырдтой, зӕгъгӕ, Йесо хӕйрӕджыты суры «хӕйрӕджыты ӕлдары хъаруйӕ» (Мар. 3:22). Йесойӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд ӕй дины разамонджытӕ Хуыцауы фауӕг схуыдтой ӕмӕ адӕмы сардыдтой, зӕгъгӕ, дзурут, цӕмӕй йӕ амарой (Матф. 27:20). Фӕстӕдӕр, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар куы хъусын кодтой, уӕд знӕгтӕ «иннӕ адӕмты сызмӕстой» ӕмӕ сӕ сӕ ныхмӕ скодтой (Хъуыд. 14:2, 19). 1998 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Хъуыддӕгтӕ 14:2 стихы тыххӕй фыст уыд: «Чырыстон дины ныхмӕ чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ нӕ баууӕндыдысты, чырыстӕттӕ цы хабар хъусын кодтой, ууыл. Ӕмӕ ма сыл ӕвзӕр цыдӕртӕ дӕр ӕрымысыдысты, цӕмӕй, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон сӕм ма хъуыстаиккой ӕмӕ сӕ се сӕфт федтаиккой». Хӕйрӕг абон дӕр «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы». w24.04 11 ф., 15, 16 абз.
Дыццӕг, 14 апрель
Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн? (Райд. 18:25).
Чидӕр ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ, уый, кӕд амард, уымӕй кӕнгӕ нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ у ӕххӕст Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй (Пс. 33:4, 5). Ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн. Стӕй нӕ фӕрӕдидзыстӕм, афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ, адӕймаг ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ, уый, кӕм цӕры, уымӕй кӕнгӕ дӕр нӕ уыдзӕн. Абон милуангай адӕм цӕрынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусыны фадат сын кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕты. Ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй Йегъовӕ ӕппӕт уыцы адӕмы «сӕгътыл» куыд хъуамӕ банымайа! (Матф. 25:46). Кӕд сыл мах мӕт кӕнӕм, уӕд сыл ӕгас зӕххы рӕстаг Тӕрхонгӕнӕг та махӕй тынгдӕр мӕт кӕны. Мах ӕй нӕ зонӕм, стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕйы фӕндӕй хабӕрттӕ куыд цӕудзысты. Ӕппӕт адӕмты раз дӕр йӕ кад куы равдиса, уӕд, чи зоны, уыцы адӕмӕй кӕмӕндӕрты уыдзӕн фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной, баууӕндой йыл ӕмӕ йӕ фарс слӕууой (Йез. 38:16). w24.05 12 ф., 14, 15 абз.
Ӕртыццӕг, 15 апрель
Уӕ кӕрӕдзийы... уарзут (Иоан. 15:12).
Йегъовӕйы адӕм уарзынц кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын (2 Кор. 8:4). Фӕлӕ сӕ хатт уый тыххӕй фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, хӕсты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм, гӕнӕн ис, ма уа Библитӕ, нӕ публикацитӕ, стӕй хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бирӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй цӕттӕ вӕййынц сӕ цард тӕссаг уавӕры баппарынмӕ, цӕмӕй сын уыдӕттӕ самал кӕной Ахӕм уавӕрты ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа. Бынӕттон филиал цы амындтӕ ратты, уыдонмӕ гӕсгӕ архай (Дзут. 13:17). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уыцы амындтӕм ӕркӕсой, цӕмӕй, цавӕрдӕр бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уымӕ цӕттӕ уой ӕмӕ зоной, куыд сӕ хъӕуы архайын, уый (1 Кор. 14:33, 40). У хъӕбатыр, фӕлӕ архай хъавгӕйӕ (Ӕмб. 22:3). Исты саразыны размӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Ӕнӕхъуаджы-иу дӕ цард тӕссаг уавӕры ма ’ппар. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Йегъовӕ дын бацамондзӕн, дӕ бон куыд у де ’фсымӕртӕн ӕнӕфыдбылызӕй баххуыс кӕнын. w24.07 4 ф., 8 абз.; 5 ф., 11 абз.
Цыппӕрӕм, 16 апрель
Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ... ...Фехъуыст ӕм мӕ дзыназын (Пс. 18:6).
Паддзах Давид Йегъовӕйы зыдта ӕмӕ йыл йӕ ныфс дардта. Йе знӕгтӕ йӕ фӕдыл куы зылдысты, уыимӕ паддзах Саул дӕр, уӕд Давид Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдта. Хуыцау ын йӕ куывдтытӕн дзуапп куы радта ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид загъта: «Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау» (Пс. 18:46). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ уырныдта, «Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр кӕй феххуыс кӕны». Давид зыдта, Йегъовӕ йын йӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны ӕмӕ йын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын (Пс. 18:28, 29, 49). Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Уый фӕрцы ма нӕ бон уыдзӕн фӕлварӕнтӕ сфӕразын ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. Стӕй уый бар ницӕмӕн ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. w24.06 20, 21 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 17 апрель
Мачи уӕ мацы ӕгъдауӕй фӕсайӕд (2 Фес. 2:3).
Апостол Павел фессалоникӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах дӕр, гӕнӕн ис, фехъусӕм, Библийы рӕстдзинады ныхмӕ чи у кӕнӕ дисы чи ’фтауы, ахӕм хабӕрттӕ. Ахӕм уавӕрты хъуамӕ уӕм арфуынӕг. Зӕгъӕм, Советон Цӕдисы ӕфсымӕртӕ иухатт райстой писмо. Афтӕ зынди, цыма йӕ сӕйраг хайадӕй ӕрбарвыстой, афтӕмӕй та йӕ знӕгтӕ ныффыстой. Уыцы писмойы ӕфсымӕрты разӕнгард кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы организаци ныууагътаиккой ӕмӕ, сӕхӕдӕг разамынд кӕм лӕвӕрдтаиккой, ахӕм организаци скодтаиккой. Фӕлӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ нӕ фӕсайды сты. Уыдон бамбӕрстой, писмойы цы фыст уыд, уый, нӕ организаци сӕ ныронг цӕуыл ахуыр кодта, уый ныхмӕ кӕй уыд. Абон дӕр не знӕгтӕ интернетӕй ӕмӕ социалон сетьтӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй нын нӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕной ӕмӕ нӕ ныддихтӕ кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма бауадзӕм, «цӕмӕй... [нӕ] зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа» (2 Фес. 2:2). Уый тыххӕй та-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цы бакастӕн кӕнӕ цы фехъуыстон, уый, Библийӕ цы базыдтон, уый ныхмӕ нӕу?» (1 Иоан. 4:1). w24.07 12 ф., 14, 15 абз.
Сабат, 18 апрель
Кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын... ис ӕххуысгӕнӕг (1 Иоан. 2:1).
Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ у, адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ йӕ бинонтӕм куы ӕрбаиу вӕййы, уый. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ахӕм уынаффӕ алчидӕр рахӕсса. Цӕмӕн? Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрой (Дык. з. 30:19, 20; Гал. 6:7, 8). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Алкӕмӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг ӕвзара, куыд кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, донаргъуыд чырыстон уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд хъуамӕ бакӕной? Кӕд йӕ тӕригъӕдыл нӕ фӕсмон кӕны, уӕд ӕй хъуамӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕной (1 Кор. 5:13). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы тынг фӕфӕнды, цӕмӕй адӕймаг ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха. Ӕмӕ йӕ Фырты дӕр нывондӕн сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕрхаста,– цӕмӕй-иу йӕ бон ныххатыр кӕнын уа, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн нӕ уарзӕгой Хуыцау дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной (Зах. 1:3; Ром. 2:4; Иак. 4:8). w24.08 14 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 19 апрель
Дӕ зӕрдӕ зондджын куы суа, уӕд цин кӕндзӕн мӕ зӕрдӕ дӕр (Ӕмб. 23:15).
Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ ӕмбырды фӕзынд, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта ӕмӕ ӕмбырд дихтӕ кӕнын кӕй тыххӕй райдыдта, ахӕмтӕ. Фӕлӕ иннӕ чырыстӕттӕ дарддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цардысты. Уыдон Йегъовӕйы коммӕ кастысты ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой (2 Иоан. 4, 6). Иоаннӕн уый тынг ӕхсызгон уыд. Ӕмӕ ууыл ӕрмӕст уый нӕ цин кодта, фӕлӕ Йегъовӕ дӕр (Ӕмб. 27:11). Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уый циндзинад хӕсдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр (1 Иоан. 5:3). Зӕгъӕм, мах фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕ куы барухс кӕнӕм, уӕд. Йегъовӕ та фӕцин кӕны, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи куы фӕхизӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд. Ӕмӕ ууыл фӕцин кӕнынц уӕлӕрвты зӕдтӕ дӕр (Лук. 15:10). Мах дӕр тынг фӕцин кӕнӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайынц, уӕд (2 Фес. 1:4). Ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд та цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззадыстӕм, ууыл. w24.11 12 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 20 апрель
Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 10:24).
Цалынмӕ адӕймагӕн нӕ зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый, уӕдмӕ цас хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсай? Де ’нкъарӕнты тыххӕй ӕгӕр тагъд куы зӕгъай, уӕд ӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ хорз нӕ ахъуыды кодтай ӕмӕ уынаффӕ сонтӕй рахастай (Ӕмб. 29:20). Ӕгӕр бирӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд та, чи зоны, ахъуыды кӕна, ӕмӕ ӕнӕныфсхаст дӕ, уӕлдайдӕр ӕй кӕд базыдта, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы (Еккл. 11:4). Цалынмӕ адӕймагӕн зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый, уӕдмӕ цы хъуамӕ ӕмбарай? Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ гъеуӕд аскъуыддзаг кӕнай, йемӕ дӕ цард кӕй баиу кӕндзынӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнай, бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕй дӕ ӕмӕ дын уыцы адӕймаг хорз цардӕмбал кӕй уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ, зӕгъӕм, бамбӕрстай, кӕйдӕр зӕрдӕмӕ кӕй цӕуыс, дӕуӕн та уыцы адӕймаг дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Дӕхи йемӕ афтӕ ма дар, цӕмӕй афтӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Дӕхи афтӕ куы дарай, цыма дӕ йемӕ ӕмбӕлын фӕнды, ӕцӕгӕй та афтӕ куы нӕ уа, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзынӕ (Еф. 4:25). w24.05 22, 23 фф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 21 апрель
Ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн (Иоан. 14:3).
Сыгъдӕг тыхӕй ӕцӕгӕй чи у сӕрст ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззайа, ӕрмӕстдӕр уыдоны акӕндзӕн Йесо йӕ уӕларвон Паддзахадмӕ. Сӕрст чырыстон къӕрцхъус куы нал уа, уӕд, зӕдтӕ кӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты, уыцы «ӕвзӕрст адӕмы» ’хсӕн нӕ уыдзӕн (Матф. 24:31). Фӕлӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уой ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой. Мах Йегъовӕйы хорз зонӕм. Ӕмӕ зонӕм, алцыдӕр раст кӕй фӕаразы. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрды, уый нӕ хъуамӕ мӕты ма ’фтауа. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо цы загъта, сӕнӕфсирдоны иу сахат йеддӕмӕ чи нӕ бакуыста, уыцы кусджыты тыххӕй (Матф. 20:1–16). Хицау уыдоны фӕстагмӕ ӕрбакодта, фӕлӕ, ӕнӕхъӕн бон чи фӕкуыста, уыдонимӕ сын ӕмхуызон бафыста. Афтӕ у сӕ хабар иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн дӕр. Уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсдзысты, ӕмӕ уӕлдай нӕу, сыгъдӕг тыхӕй раджы ӕрцыдысты сӕрст ӕви ӕрӕджы. w24.09 24 ф., 15–17 абз.
Ӕртыццӕг, 22 апрель
Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).
Йесо нын равдыста, хӕрам хъуыддӕгтӕн нӕ бон куыд у быхсын, уый. Бирӕтӕ йӕ ӕфхӕрдтой, суанг йӕ бинонтӕй дӕр чидӕртӕ. Йӕ бинонтӕй йыл чи не ’ууӕндыд, уыдон дзы дзырдтой, йӕ сӕрызонд, дам, фӕцыд. Дины разамонджытӕ та йӕ аххосджын кодтой, хӕйрӕджытимӕ ӕмвӕнд у, зӕгъгӕ. Ромы ӕфсӕддонтӕ дзы хынджылӕг кодтой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг амардтой (Мар. 3:21, 22; 14:55; 15:16–20, 35–37). Фӕлӕ Йесо алцӕмӕн дӕр ныббыхста ӕмӕ йӕ маст райсыныл нӕ архайдта. Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Пет. 2:21–23). Хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ бон у Йесойы фӕзмын. Уый зыдта, хъусӕй лӕууын кӕд хъӕуы ӕмӕ дзурын кӕд хъӕуы, уый (Матф. 26:62–64). Мӕнг ныхӕстӕ-иу дзы чи кодта, уыдонӕн-иу алы хатт дзуапп нӕ радта (Матф. 11:19). Куы-иу дзырдта, уӕд та-иу йе ’фхӕрджыты не ’фхӕрдта ӕмӕ-иу сӕм ӕртхъирӕнтӕ нӕ кодта. w24.11 4, 5 фф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 23 апрель
Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ (1 Тим. 1:15).
Зӕгъӕм, кӕй уарзыс, уыцы адӕймагӕн цыдӕр балӕвар кодтай. Уый у цавӕрдӕр рӕсугъд ӕмӕ хъӕугӕ дзаума. Цы йын балӕвар кӕнай, ууыл бирӕ фӕхъуыды кодтай. Ӕмӕ дын ӕхсызгон уаид, искӕм ӕй куы сӕвӕрид ӕмӕ дзы рох дӕр куы фӕуид? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ нӕ. Фӕлӕ дын ӕхсызгон уаид, дӕ лӕварӕн дын куы аргъ кӕнид ӕмӕ дӕ куыд бузныг у, уый дӕр дын куы зӕгъид, уӕд. Йегъовӕ дӕр нын скодта стыр лӕвар – йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн ӕрхаста! Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ адӕмы тынг уарзы. Ӕмӕ йын вӕййы тынг ӕхсызгон, уыцы зынаргъ лӕвары ӕмӕ дзы йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый куы равдисӕм, уӕд (Иоан. 3:16; Ром. 5:7, 8). Фӕлӕ, азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ нӕ, гӕнӕн ис, рох кӕнын райдайа, Чырыстийы нывонд куыд диссаджы лӕвар у, уый. Уый афтӕ уаид, цыма Хуыцауы лӕвар кӕмдӕр сӕвӕрдтам ӕмӕ йыл хъуыды дӕр нал кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ хабар афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. w25.01 26 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 24 апрель
Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына (1 Тим. 4:15).
Хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ ма уа, уырнӕг ӕрӕджы чи сси, ахӕм. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй уа, рагӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕфсымӕр. Фӕлӕ уӕддӕр хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суа. Йесойау у сӕрныллӕг, цӕттӕ у алы хӕс дӕр ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс, Йегъовӕ дын дӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ кӕд бакӕндзӕн, уымӕ (Матф. 20:23; Фил. 2:5–8). Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ уа иузӕрдион, ома Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕра ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ гӕсгӕ архайа. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ «иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса». Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ раныхӕстӕ дзурынмӕ дӕсны уа? Нӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт раныхӕстӕ дзурынмӕ афтӕ дӕсны не сты. w24.11 23 ф., 14, 15 абз.
Сабат, 25 апрель
Ӕз дын дӕ фӕдзӕхстытӕ уарзын сызгъӕринӕй дӕр фылдӕр, суанг сыгъдӕг сызгъӕринӕй дӕр (Пс. 119:127).
Библи кӕсгӕйӕ искӕцы ныхӕстӕ кӕнӕ скъуыддзаг хорз куы нӕ бамбарай, уӕд-иу фылдӕр ӕрмӕг бацагур. Уый фӕстӕ-иу боны дӕргъы хъуыды кӕн, иртасгӕйӕ цы хъуыдытӕ ссардтай ӕмӕ уыдоны фӕрцы Йегъовӕйы, йӕ Фырты ӕмӕ сӕ уарзондзинады тыххӕй ноджыдӕр цы базыдтай, ууыл (Пс. 119:97). Библи кӕсгӕйӕ кӕнӕ иртасгӕйӕ-иу алы хатт ног кӕнӕ тынг цымыдисаг хъуыды куы не ссарай, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ды дӕ сызгъӕринагурӕджы хуызӕн. Сызгъӕринагурджыты хатт бирӕ сахӕттӕ кӕнӕ бонтӕ бахъӕуы суанг гыццыл сызгъӕрины мур ссарынӕн дӕр. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр фӕразонӕй фӕагурынц, уымӕн ӕмӕ сын сызгъӕрины муртӕ дӕр зынаргъ вӕййынц. Библийы цы хӕзнатӕ ис, уыдонӕй та алкӕцы дӕр сызгъӕринӕй зынаргъдӕр у! (Ӕмб. 8:10). Уӕдӕ фӕразон у, Библи дарддӕр дӕр кӕс ӕмӕ дзы ног хӕзнатӕ агур (Пс. 1:2). w25.01 24, 25 фф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 26 апрель
Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат (Кол. 3:13).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу цӕттӕ уӕм, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ (Пс. 86:5; Лук. 17:4; Еф. 4:32). Гӕнӕн ис, адӕймаг исты зӕгъа кӕнӕ сараза, ӕмӕ нын уымӕй нӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кӕна. Уый не ’мбал кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи куы вӕййы, уӕд нын уый уӕлдай зын вӕййы (Пс. 55:12–14). Хатт уыцы зӕрдӕрыст вӕййы карды цӕфы хуызӕн (Ӕмб. 12:18). Чи зоны, архайӕм, цӕмӕй уыцы маст кӕнӕ зӕрдӕрыст мацӕмӕ дарӕм. Фӕлӕ кард хъӕдгомӕй куы не сласай, уӕд хъӕдгом байгас уыдзӕн? Раст афтӕ, дӕхицӕн куы дзурай, никуыд мыл фӕзынд, зӕгъгӕ, уӕд ӕрмӕст уымӕй дӕ зӕрдӕйы хъӕдгом нӕ байгас уыдзӕн. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд, чи зоны, уайтагъд рамӕсты вӕййӕм. Библийы дӕр фыст ис, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ-иу хатт рамӕсты уӕм. Фӕлӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу нӕ маст бирӕ ма ахӕсса (Пс. 4:4; Еф. 4:26). Цӕмӕн? Уымӕн, ӕмӕ адӕймаг йӕ масты фӕдыл куы ацӕуы, уӕд ӕй уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны (Иак. 1:20). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: рамӕсты уыдзыстӕм ӕви нӕ, ууыл алы хатт нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Дарддӕр мӕсты кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уый та нӕхӕдӕг ӕвзарӕм. w25.02 15 ф., 4–6 абз.
Къуырисӕр, 27 апрель
Зонд... [йӕ] хицауӕн йӕ цард хъахъхъӕны (Еккл. 7:12).
Йесо иу фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг ӕхцатӕ куы ӕмбырд кӕна, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг куы нӕ уа, уӕд ӕнӕзонд кӕй у (Лук. 12:16–21). Махӕй иу дӕр нӕ зоны, райсом ыл цы ’рцӕудзӕн, уый (Ӕмб. 23:4, 5; Иак. 4:13–15). Йесо ма загъта, йӕ фӕдылдзӕуӕг суа, уый кӕй фӕнды, уый хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ исбон ныууадзынмӕ дӕр (Лук. 14:33). 1 ӕнусы Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ исбон куы фӕхастой, уӕд дӕр, дам, цин кодтой (Дзут. 10:34). Нӕ рӕстӕджы бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайыныл кӕй не сразы сты, уый тыххӕй (Рарг. 13:16, 17). Уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой Йегъовӕйы ныхӕстыл: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзут. 13:5). Уӕдӕ, нӕ сомбоныл хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ бон цы у, уый араздзыстӕм. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, ӕнӕнхъӕлӕджы ныл исты куы ’рцӕуа, уӕд ныл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн. w25.03 29 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 28 апрель
Иугӕр Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ фӕстейӕ ныууагътам, уӕд ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ, ногӕй та бындур ӕвӕрынмӕ ма бавналӕм (Дзут. 6:1).
Йегъовӕ нӕ бынтон нӕхи бар нӕ ныууагъта. Уый дӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕлтӕрдджын суӕм. Радта нын ӕмбаргӕ фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, ӕмӕ нын уыдон ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «нӕ лӕджы кары... бацӕуӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау... сырӕзӕм» (Еф. 4:11–13). Йегъовӕ ма нын дӕтты йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй «хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» (1 Кор. 2:14–16). Уымӕй уӕлдай ма нын радта цыппар Евангелийы. Уыдонӕй ис базонӕн, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд куыд хъуыды кодта, цы дзырдта ӕмӕ куыд архайдта, уый. Ӕмӕ ды дӕр афтӕ куы хъуыды кӕнай ӕмӕ куы архайай, уӕд суыдзынӕ фӕлтӕрд чырыстон. Фӕлӕ цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ фӕстейӕ ныууадзӕм». w24.04 4, 5 фф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 29 апрель
Сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ уый хъахъхъӕндзӕн, арфуынындзинад уыдзӕн дӕ хъахъхъӕнӕг (Ӕмб. 2:11).
Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы цыдӕр аскъуыддзаг кӕнын, цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын. Кӕцыдӕр фарстатӕ ӕнцондӕр вӕййы аскъуыддзаг кӕнын, зӕгъӕм, абон райсомӕй цы бахӕрон кӕнӕ изӕрӕй цафон схуыссон. Кӕцыдӕртӕ та зындӕр вӕййы аскъуыддзаг кӕнын. Хатт нӕ фӕхъӕуы нӕхи кӕнӕ нӕ бинонты ӕнӕниздзинадимӕ, йе та нӕ лӕггадимӕ баст фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Кӕцыдӕр уынаффӕтӕй кӕнгӕ вӕййы, амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ. Мах фӕнды, цӕмӕй-иу, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон нӕхи цардыл дӕр ӕмӕ нӕ бинонты цардыл дӕр хорзырдӕм фӕзыной. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та нын у, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой (Ром. 12:1, 2). Уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал-иу хъӕудзӕн, уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттӕ базонын. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Зӕгъӕм, фӕрынчын дӕ ӕмӕ дохтырмӕ ацыдтӕ. Уайтагъд дын хостӕ рафысдзӕн? Нӕ, фыццаг уал дӕ фендзӕн, цӕмӕйдӕрты дӕ бафӕрсдзӕн, цы хъӕуы, уыдӕттӕ базондзӕн. Уӕдӕ-иу цалынмӕ уынаффӕ рахӕссӕм, уӕдмӕ-иу нӕ хъӕудзӕн фыццаг ахъуыды кӕнын, уыцы уавӕрмӕ цы хауы, уыдӕттыл. w25.01 14 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 30 апрель
Йегъовӕ дын хатыр кӕны дӕ тӕригъӕд. Нӕ амӕлдзынӕ (2 Сам. 12:13).
Йегъовӕ у тынг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ йӕ «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа» (2 Пет. 3:9). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, уӕззау тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, уыдонӕй кӕмӕдӕрты фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста. Паддзах Давид цалдӕр стыр тӕригъӕды сарӕзта, зӕгъӕм, кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы амарын кодта. Фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта (2 Сам. 12:1–12). Паддзах Манасси йӕ царды фылдӕр хай амӕй-ай ӕвзӕрдӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта. Фӕлӕ ахӕм адӕймагмӕ дӕр Йегъовӕ равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, уый куы ’рфӕсмон кодта, уӕд, ӕмӕ йын ныххатыр кодта (2 Аз. 33:9–16). Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у: Йегъовӕ равдисы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, уый растыл куы фӕнымайы ӕмӕ уымӕн гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд. Уый райгас кӕндзӕн ахӕм адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон бамбӕрстой, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзтой, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой. w24.05 4 ф., 12 абз.