Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es26
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2026
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 мартъи
  • Къуырисӕр, 2 мартъи
  • Дыццӕг, 3 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 4 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 5 мартъи
  • Майрӕмбон, 6 мартъи
  • Сабат, 7 мартъи
  • Хуыцаубон, 8 мартъи
  • Къуырисӕр, 9 мартъи
  • Дыццӕг, 10 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 11 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 12 мартъи
  • Майрӕмбон, 13 мартъи
  • Сабат, 14 мартъи
  • Хуыцаубон, 15 мартъи
  • Къуырисӕр, 16 мартъи
  • Дыццӕг, 17 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 18 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 19 мартъи
  • Майрӕмбон, 20 мартъи
  • Сабат, 21 мартъи
  • Хуыцаубон, 22 мартъи
  • Къуырисӕр, 23 мартъи
  • Дыццӕг, 24 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 25 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 26 мартъи
  • Майрӕмбон, 27 мартъи
  • Сабат, 28 мартъи
  • Хуыцаубон, 29 мартъи
  • Къуырисӕр, 30 мартъи
  • Дыццӕг, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2026
es26

Мартъи

Хуыцаубон, 1 мартъи

Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар (Ром. 6:7).

Библийы бакӕсӕн ис, рӕстгӕнӕг чи уыд, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты фыдгӕнӕг чи сси, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Зӕгъӕм, паддзах Соломон. Уый Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ дӕр хорз зыдта, стӕй йӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдты бын фӕкодта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Соломон райдыдта мӕнг хуыцӕуттӕн кувын. Уый тыххӕй йӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд. Ӕмӕ йӕ тӕригъӕдты тыххӕй Израилы адӕм уый фӕстӕ ӕнусты дӕргъы тухӕнӕй мардысты. Библийы фыст ис, Соломон «йӕ фыдӕлтӕм баиу», зӕгъгӕ. Афтӕ дзы фыст ис паддзах Давиды хуызӕн иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй дӕр (1 Пад. 11:5–9, 43; 2 Пад. 23:13). Фӕлӕ йӕ куыд бавӕрдтой, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнг райгас уыдзӕн? Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ уарзӕгой Хуыцауы лӕвар у. Ӕмӕ йӕ ӕрцӕттӕ кодта, ахӕм фадат кӕмӕн ратдзӕн, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕной, уыдонӕн (Иов 14:13, 14; Иоан. 6:44). Ӕмӕ Соломонӕн дӕр ратдзӕн уыцы лӕвар? Йегъовӕ зоны дзуапп, мах – нӕ. Фӕлӕ зонӕм, Йегъовӕ раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн. w24.05 4 ф., 9 абз.

Къуырисӕр, 2 мартъи

Ды мӕ ӕнустӕм суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры (Пс. 61:4).

Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд свӕййӕм уазджытӕ йӕ цатыры, ӕмӕ Йегъовӕ та йӕ уазджыты цух ницӕмӕй уадзы. Парахатӕй нӕм ис уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, стӕй Йегъовӕйы иннӕ уазджытӕ свӕййынц не ’мбӕлттӕ. Йегъовӕйы цатыр цавӕрдӕр бӕлвырд ран нӕй. Уыцы цатыр ис, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕмдӕриддӕр сты, уым (Рарг. 21:3). Цы зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй та? Ныр дӕр ма Йегъовӕйы цатыры уазджытӕ сты? О. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ алкӕй дӕр хорз хъуыды кӕны. Уымӕн иууылдӕр удӕгас сты. Уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй: «Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕнынц, уый та Моисей дӕр равдыста, сындзы къутӕры кой кӕнгӕйӕ, Йегъовӕйы „Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“ куы схуыдта, уӕд. Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты» (Лук. 20:37, 38). w24.06 3 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 3 мартъи

Йегъовӕ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ уарт (Пс. 28:7).

Садок Хевронмӕ ӕрцыд гӕрзифтонгӕй ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ уыд (1 Аз. 12:38). Уый цӕттӕ уыд Давидимӕ тохмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ Израил знӕгтӕй бахъахъхъӕнынмӕ. Садок хӕстон лӕг нӕ уыд ӕмӕ хӕцынмӕ хорз нӕ арӕхстаид. Фӕлӕ уыд тынг хъӕбатыр. Сауджын Садок хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыд? Йӕ алыварс уыд бирӕ тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ. Ӕмӕ йын уыдон фӕзминаг куыннӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, Давид хъӕбатыр хӕстон ӕмӕ разамонӕг кӕй уыди, уый тыххӕй Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр бафӕндыд, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой (1 Аз. 11:1, 2). Давид-иу йе знӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд-иу алкӕддӕр йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл (Пс. 138:3). Садокӕн ма йӕ фарсмӕ уыдысты ӕндӕр хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, Иодай ӕмӕ йӕ фырт Ванейӕ, стӕй 22 мыггаджы хистӕры (1 Аз. 11:22–25; 12:26–28). w24.07 3 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 4 мартъи

Хуыцау йӕ хӕларзӕрдӕйӕ ууыл... архайы, цӕмӕй ды ӕрфӕсмон кӕнай (Ром. 2:4).

Павел Тарсӕй цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Уый Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ фӕдыл зылди ӕмӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрдта. Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ никуы аивдзӕн. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта. Йесо дӕр ӕмӕ йӕ Фыд дӕр уыдтой Павелы хорз миниуджытӕ. Йесо дзы загъта: «Уый у ме ’взӕрст лӕг» (Хъуыд. 9:15). Суанг ма диссаг дӕр сарӕзта, цӕмӕй Павелӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кодтаид (Хъуыд. 7:58–8:3; 9:1–9, 17–20). Павел чырыстон куы сси, уӕд-иу арӕх дзырдта, Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ сӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынг бузныг кӕй у (1 Тим. 1:12–15). Иухатт Павел фехъуыста, Коринфы ӕмбырдӕй чидӕр кӕй хӕтыд. Куыд хъуамӕ бакодтаиккой, уый тыххӕй сӕм цы ныффыста? Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн зонд фӕлмӕнӕй кӕй фӕамоны ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын ахсджиаг кӕй у. w24.08 13 ф., 15, 16 абз.

Цыппӕрӕм, 5 мартъи

Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала (1 Иоан. 3:8).

Йегъовӕ сабыргай ӕргом кодта, тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй фыццаг уыд Авел, Адам ӕмӕ Евӕйы дыккаг фырт. Уый Йегъовӕйы уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кодтаид. Уый тыххӕй йын нывонд ӕрхаста. Авел уыд фыййау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхаста цалдӕр уӕрыччы. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авелӕй, ӕмӕ йын йӕ кувинаг айста» (Райд. 4:4). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдысты йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нывӕндтӕ дӕр, зӕгъӕм, Нойы нывӕндтӕ (Райд. 8:20, 21). Йегъовӕ-иу ахӕм нывӕндтӕ кӕй айста, уымӕй бӕрӕг уыд, тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон кӕй у йӕ хорзӕх ссарын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын. w24.08 3 ф., 5, 6 абз.

Майрӕмбон, 6 мартъи

Мӕ къах [мӕ] иннӕрдӕм фӕцӕйхаста, иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ къӕхтӕ фӕбырыдаиккой (Пс. 73:2).

Хӕрам хъуыддаг нын, гӕнӕн ис, стыр маст бавзарын кӕна ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс дӕр асӕтта (Еккл. 7:7). Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Афтӕ-иу маст кодтой иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр, зӕгъӕм, Иов ӕмӕ Аввакум (Иов 6:2, 3; Ав. 1:1–3). Фӕлӕ-иу уӕддӕр хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй-иу нӕ масты фӕдыл ма ацӕуӕм ӕмӕ-иу исты ӕнӕзонд ми ма бакӕнӕм ӕмӕ уавӕр ноджы фыддӕр фӕуа. Чи зоны нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ рӕстӕй цӕрын ницы пайда у. Иуафон иу псаломзарӕггӕнӕг дӕр афтӕ хъуыды кодта. Уый уыдта, фыдгӕнджытӕ рӕстгӕнджыты хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уадзынц ӕмӕ сӕхӕдӕг цардӕй къӕртт кӕй ӕппарынц. Ӕмӕ загъта: «Афтӕ сты фыдгӕнджытӕ, цӕрӕнбонты кӕнынц ӕнӕмӕт цард» (Пс. 73:12). Хӕрам хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй ницы пайда у. Уый загъта: «Ӕз ууыл хъуыды кодтон, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин, фӕлӕ йӕ мӕ бон нӕ уыд бамбарын» (Пс. 73:14, 16). w24.11 3 ф., 5–7 абз.

Сабат, 7 мартъи

Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмты мыггӕгтӕ, сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ кад ӕмӕ йӕ хъару (Пс. 96:7).

Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг нымайӕм. Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй нымайӕм. Уый у ӕппӕтхъомысджын, йӕ бон алцыдӕр у. Йӕ тых у ӕгӕрон (Пс. 96:4–7). Цыдӕриддӕр сфӕлдыста,– алкӕм дӕр зыны йе стыр зонд. Уый нын радта цард ӕмӕ нын дӕтты, цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр (Рарг. 4:11). Уый у иузӕрдион (Рарг. 15:4). Цыфӕнды ма араза,– алцыдӕр ын бантысы ӕмӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14). Пехуымпар Йереми дӕр Йегъовӕйы тыххӕй уымӕн загъта афтӕ: «Зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдты цыдӕриддӕр зондджынтӕ ис, уыдоны ’хсӕн дӕуӕн ӕмбал нӕй» (Йер. 10:6, 7). Уӕдӕ нӕ уӕларвон Фыды куыннӕ хъуамӕ нымайӕм! Фӕлӕ ма Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕ уарзгӕ дӕр кӕнӕм. Ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та, Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм. w25.01 3 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 8 мартъи

Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут (1 Кор. 5:13).

Хуыцауы знӕгтӕ йын йӕ организацийыл цыдӕртӕ ӕрымысынц, цы аразы, уый сзыгъуыммӕ кӕнынц. Зӕгъӕм, Библийӕ базыдтам, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ буар ӕмӕ нӕ дзаумӕттӕ сыгъдӕг уой, сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ йын лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕ дзуры, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ йӕ цард аивын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын кӕй хъӕуы (1 Кор. 5:11, 12; 6:9, 10). Ӕмӕ мах уыцы фӕдзӕхстмӕ хъусӕм. Фӕлӕ не знӕгтӕ фӕзӕгъынц, сымахмӕ, дам, уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй, ӕмӕ, дам, уӕм ӕгӕр карз ӕгъдӕуттӕ ис. Хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уый. Уый у Хӕйрӕг – «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44; Райд. 3:1–5). Уӕдӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, Хӕйрӕг не знӕгты уылты Йегъовӕйы организацийы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕны. w24.04 10 ф., 13, 14 абз.

Къуырисӕр, 9 мартъи

Ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты (Йез. 33:33).

Куыд зонӕм, афтӕмӕй стыр бӕллӕх райдайдзӕн, «Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, чидӕртӕ ӕрхъуыды кӕной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй рагӕй кӕй дзырдтой. Цымӕ дзы уӕд исчи Йегъовӕйыл баууӕнддзӕн ӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдзӕн? (Рарг. 17:5). Хабар афтӕ рауад Моисейы рӕстӕджы Египеты. Израилӕгтимӕ Египетӕй рацыд «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй» (Рац. 12:38). Ӕвӕццӕгӕн, уыдонӕй чидӕртӕ Йегъовӕйыл баууӕндыдысты, Моисейы ныхӕстӕ 10 бӕллӕхы тыххӕй кӕй сӕххӕст сты, уый куы федтой, уӕд. «Стыр Вавилон» сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ дӕр хабар афтӕ куы рауайа, уӕд нын, мыййаг, хъыг уыдзӕн, Армагеддоны хӕдразмӕ нӕм адӕм кӕй ӕрбаиу сты, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Мах фӕнды, цӕмӕй уӕм нӕ уӕларвон Фыды хуызӕн. Уый та у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рац. 34:6). w24.05 11 ф., 12, 13 абз.

Дыццӕг, 10 мартъи

Амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц... раст ныхӕсты хуызӕгыл (2 Тим. 1:13).

«Раст ныхӕсты хуызӕгыл» фидар куы нал хӕцӕм, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцӕуа? Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. 1 ӕнусы чырыстон ӕмбырды апарахат сты ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы бон ӕрцыд. Афтӕ, чи зоны, уый тыххӕй дзырдтой, ӕмӕ бакастысты цыдӕр писмо. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уыцы писмо Павел ныффыста. Фессалоникӕйы иуӕй-иу чырыстӕттӕ не сбӕрӕг кодтой, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый ӕмӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдысты. Ӕмӕ ма сӕ суанг парахат кӕнын дӕр райдыдтой. Уыдон афтӕ ӕнцонтӕй нӕ фӕсайды уыдаиккой, Павел сӕ уый размӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый сӕ зӕрдыл куы дардтаиккой, уӕд (2 Фес. 2:1–5). Уымӕ гӕсгӕ Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу алцӕуыл ӕнцонтӕй ма баууӕндой. Ӕмӕ цӕмӕй фидӕны сӕ бон уыдаид рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнын, уый тыххӕй Павел йӕ дыккаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕ салӕмттӕ уӕм ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй. Уый у нысан мӕ алы фыстӕджы дӕр. Ӕз афтӕ фыссын» (2 Фес. 3:17). w24.07 12 ф., 13, 14 абз.

Ӕртыццӕг, 11 мартъи

Сымах хъӕуы фидардзинад (Дзут. 10:36).

Дзуттаг чырыстӕтты хъуыд фидардзинад, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст стыр фӕлварӕнтӕ. Чидӕртӕ сӕ карз ӕфхӕрд баййӕфтой. Бирӕтӕ та рӕстдзинад базыдтой, чырыстӕттӕн сабыр рӕстӕг куы скодта, уӕд. Фӕлӕ сын апостол Павел сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой карздӕр ӕфхӕрд баййафынмӕ ӕмӕ Йесойау суанг мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззайынмӕ (Дзут. 12:4). Чырыстон дин цас тынгдӕр парахат кодта, уыйас знӕгтӕ чырыстӕтты ныхмӕ тынгдӕр цыдысты. Павел Дзуттӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй цалдӕр азы размӕ хъусын кодта Иерусалимы. 40 лӕгӕй фылдӕр «расомы кодтой, зӕгъгӕ, цалынмӕ Павелы нӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕдӕр хӕргӕ бакӕндзыстӕм, нӕдӕр нуазгӕ» (Хъуыд. 22:22; 23:12–14). Кӕд чырыстӕттӕй се сӕфт уыдтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр иумӕ ӕмбырд кодтаиккой, хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтаиккой. w24.09 12 ф., 15 абз.

Цыппӕрӕм, 12 мартъи

[Йесо] йӕ мадӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ фырт!» (Иоан. 19:26).

Иоанн уыд Йесойы ӕввахс ӕмбал ӕмӕ йӕ апостол (Матф. 10:2). Уый Йесоимӕ бирӕ рӕстӕг хъусын кодта ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон федта. Ӕмӕ йыл уӕззау рӕстӕджыты дӕр иузӕрдион уыд. Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд Иоанн дӕр уым уыд. Уый фӕстӕ Йесо куы райгас, уӕд дӕр ӕй федта. Иоанн бирӕ фӕцард, ӕмӕ федта, чырыстӕтты гыццыл къорд стыр ӕмбырд куыд сси ӕмӕ хорз хабар «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» хъуыстгонд куыд ӕрцыд, уый (Кол. 1:23). Иоанмӕ йӕ царды кӕрон ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ ныффыста Библийы чингуытӕй цалдӕр. Зӕгъӕм, ныффыста Раргомады чиныг (Рарг. 1:1). Ныффыста ма иу Евангели ӕмӕ ӕртӕ фыстӕджы. Йе ’ртыккаг фыстӕг ныффыста, хъӕбулы уарзт кӕй кодта, уыцы иузӕрдион чырыстон Гаймӕ (3 Иоан. 1). Ӕмӕ уыцы ацӕргӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг цы ныффыста, уый Йесойы ахуыргӕнинӕгты фидар кӕны абоны онг дӕр. w24.11 12 ф., 15, 16 абз.

Майрӕмбон, 13 мартъи

Лӕгтӕ, [уӕ устытӕн]... кад кӕнут (1 Пет. 3:7).

Йӕ усы чи уарзы, уыцы лӕг ын фӕаргъ кӕны. Фӕнымайы йӕ Йегъовӕйы зынаргъ лӕварыл (Ӕмб. 18:22; 31:10). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йемӕ вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтыл фӕхъуыды кӕны. Ӕмӕ уый хауы, ӕмуат куы ’рцӕуынц, уымӕ дӕр. Ахӕм лӕг йӕ усӕн ӕмуат ӕрцӕугӕйӕ нӕ аразын кӕндзӕн, усы цы нӕ фӕнды, худинаг ӕм цы кӕсы кӕнӕ йӕ цӕсгом цӕй тыххӕй фӕчъизи уыдзӕн, ахӕм цыдӕр. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр нӕ араздзӕн, Йегъовӕйы раз йӕ цӕсгом цӕй тыххӕй фӕчъизи уыдзӕн, ахӕм цыдӕртӕ (Хъуыд. 24:16). Зон ӕй: Йегъовӕ уыны, кӕй архайыс, цӕмӕй дӕ ныхӕстӕй ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕ бинойнагӕн кад кӕнай. Уӕдӕ макуы араз, йӕхимӕ ӕгад кӕй тыххӕй ӕркӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ у йемӕ фӕлмӕн, нымай йӕ ӕмӕ ӕвдис, зынаргъ дын кӕй у. Уӕд уындзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй уарзыс ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕныс. Дӕ усӕн кад кӕн, ӕмӕ уӕд бахъахъхъӕндзынӕ дӕ царды ӕппӕты зынаргъдӕр хӕлардзинад – дӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ (Пс. 25:14). w25.01 13 ф., 17, 18 абз.

Сабат, 14 мартъи

[Йесо] йӕхи радта мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна... ӕмӕ йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, уӕлдай зынаргъ ын чи уа ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм (Тит. 2:14).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Ӕмӕ уымӕй тынг хицӕн кӕнынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнӕм? Йесойы цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыйау алкӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Йӕ фӕсномыг ныхасы йӕхи абарста сӕнӕфсирдонгӕсимӕ. Уыцы сӕнӕфсирдонгӕс ӕртӕ азы зылди, дыргъ чи нӕ лӕвӕрдта, уыцы легъуибӕласмӕ. Йесо дӕр ӕртӕ азы дӕргъы дзуттӕгтӕн хъусын кодта, фӕлӕ сӕ фылдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ систы. Фӕлӕ сӕнӕфсирдонгӕс легъуибӕласыл йӕ къух куыд нӕ ауыгъта, афтӕ Йесо дӕр уыцы адӕмыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Уӕддӕр сын хъусын кодта (Лук. 13:6–9). Йесо цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ цы арӕзта, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. w25.03 14, 15 фф., 1–4 абз.

Хуыцаубон, 15 мартъи

Ӕмбаргӕ адӕймаг архайы зондӕй (Ӕмб. 13:16).

Зӕгъӕм, дӕ зӕрдӕмӕ чидӕр фӕцыд. Уый тыххӕй йын хъуамӕ уайтагъд зӕгъай? Библийы фыст ис, ӕмбаргӕ адӕймаг зондӕй кӕй архайы. Уӕдӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн адӕймагмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсын, цалынмӕ йын де ’нкъарӕнты тыххӕй нӕ зӕгъай, уӕдмӕ. Цӕмӕй адӕймаджы тыххӕй фылдӕр базонай, уый тыххӕй бакӕс, зӕгъӕм, ӕмбырдты ӕмӕ искуы бадты йӕхи куыд фӕдары, уымӕ. Афтӕмӕй базондзынӕ, цавӕр адӕймаг у ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ. Ахъуыды-иу кӕн: «Чи сты йе ’мбӕлттӕ? Цӕуыл фӕныхас кӕны? (Лук. 6:45). Иухуызон нысӕнттӕ нын ис?» Дӕ бон у йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ кӕнӕ йӕ хорз чи зоны, ахӕм фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ аныхас кӕнын (Ӕмб. 20:18). Бафӕрс сӕ, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ йын иннӕты ’хсӕн цавӕр ном ис (Руф 2:11). Фӕлӕ-иу ма архай, цӕмӕй ӕдзух йӕ разы уай ӕмӕ зонай, кӕм ис, кӕимӕ ис, цы кусы, кӕдӕм цӕуы. Йе ’нкъарӕнтыл ын хъуыды кӕн, дӕхи афтӕ ма дар, цӕмӕй фефсӕрмы уа кӕнӕ дӕ стыхса. w24.05 22 ф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 16 мартъи

Ӕппынфӕстаг дын мӕ тӕригъӕд раргом кодтон (Пс. 32:5).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойы кӕй фӕзмынц, уымӕ гӕсгӕ-иу уайтагъд ахӕм хъуыдымӕ не ’рцӕудзысты, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл не ’рфӕсмон кӕндзӕн. Иутӕ ӕрфӕсмон кӕнынц, фыццаг хатт семӕ куы аныхас кӕнынц, уӕд. Иннӕты та фӕхъӕуы фылдӕр рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у адӕймагимӕ цалдӕр хатты дӕр фембӕлын. Фыццаг фембӕлды фӕстӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнын райдайа, цы йын загътой, ууыл ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй сӕрныллӕгӕй хатыр ракура (Пс. 38:18). Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йемӕ иннӕ хатт куы фембӕлой, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ зондахаст бынтон ӕндӕрхуызон уа. Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕной, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй йӕ бамбарой ӕмӕ йӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уой. Уыдон Йегъовӕмӕ фӕкувынц, цӕмӕй сын сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕна. Ӕмӕ сӕ ныфс вӕййы, рӕстдзинады фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыцы чырыстон йӕхи кӕй ӕрӕмбардзӕн ӕмӕ кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн (2 Тим. 2:25, 26). w24.08 22, 23 фф., 12, 13 абз.

Дыццӕг, 17 мартъи

«Мӕнӕн никӕй мӕлӕт у ӕхсызгон,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Уӕдӕ раздӕхут ӕмӕ цӕрут!» (Йез. 18:32).

Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Уый фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджынтӕ йемӕ бафидауой (2 Кор. 5:20). Ӕмӕ-иу уый тыххӕй фӕдзӕхста, чи-иу ӕй ныууагъта, уыдоны, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йӕм раздӕхой. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст фӕкӕнынц, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд (Ром. 2:4; 1 Кор. 3:9). Ахъуыды-ма кӕн, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уӕлӕрвты куыд фӕцин кӕнынц! Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ алы хатт дӕр фӕцин кӕны, йӕ сӕфт фыстӕй исчи ӕмбырдмӕ куы ’рбаздӕхы, уӕд. Куыд тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм (Лук. 1:78). w24.08 31 ф., 16, 17 абз.

Ӕртыццӕг, 18 мартъи

Йесо... зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд (Иоан. 6:15).

Йесо куы сразы уыдаид, цӕмӕй йӕ адӕм паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайы. Фӕлӕ уый не сразы, «хохмӕ ацыд». Кӕд ӕй тыххӕй паддзахӕй ӕвӕрдтой, уӕддӕр сын нӕ бакуымдта ӕмӕ политикӕйӕ дард лӕууыд. Ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕ нын иу дзулӕй бирӕ адӕмы не ’фсадын кӕндзысты ӕмӕ нын рынчынты диссаджы хуызы нӕ дзӕбӕх кӕнын кӕндзысты. Стӕй нӕ сӕхицӕн паддзахӕй дӕр не ’вӕрдзысты. Фӕлӕ нын, гӕнӕн ис, дзурой, цӕмӕй схъӕлӕс кӕнӕм, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ нын нӕ цард чи фӕхуыздӕр кӕндзӕн, ахӕм адӕймагыл кӕнӕ цӕмӕй ӕндӕр искуыд йӕ фарс рахӕцӕм. Фӕлӕ Йесо бӕлвырдӕй равдыста, ахӕм уавӕрты куыд архайын хъӕуы. Уый политикӕйӕ дард лӕууыд. Фӕстӕдӕр ма афтӕ дӕр загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоан. 17:14; 18:36). Абон дӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ Йесойау архайой ӕмӕ, уый куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕной. Мах стӕм Хуыцауы Паддзахады фарс, уыцы Паддзахады тыххӕй иннӕтӕн дӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ кувӕм, цӕмӕй уыцы Паддзахад ӕрцӕуа (Матф. 6:10). w24.12 4 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 19 мартъи

Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уарздзынӕн ӕмӕ йын мӕхи раргом кӕндзынӕн (Иоан. 14:21).

Библи иртасгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Ӕмӕ йӕ дӕ бон у бафӕзмын, кӕй никӕй хъулон кӕндзынӕ, уымӕй. Йесойы та дӕ бон куыд у бафӕзмын? Уый уарзта йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы. Ӕмӕ ды дӕр, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый аразынмӕ ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ куы уай,– уый-иу дын зын куы уа, уӕд дӕр,– уӕд Йесойы фӕзмдзынӕ. Дӕ бон ма йӕ у бафӕзмын, адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕндзынӕ, уымӕй дӕр. Афтӕмӕй уыдонӕн дӕр фадат фӕзындзӕн, цӕмӕй базоной Йегъовӕйы диссаджы лӕвары тыххӕй ӕмӕ, Йесо йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл баууӕндой. Чырыстийы нывонды тыххӕй-иу фылдӕр куы базонӕм ӕмӕ йын тынгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ӕмӕ-иу нӕ уӕд уыдон дӕр тынгдӕр бауарздзысты (Иак. 4:8). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Библи иртасӕм ӕмӕ, нӕ организаци цы ӕрмӕг уадзы, уымӕй пайда кӕнӕм, цӕмӕй-иу Чырыстийы нывонды тыххӕй ног цыдӕртӕ базонӕм. w25.01 25 ф., 16, 17 абз.

Майрӕмбон, 20 мартъи

Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай (Ис. 38:17).

Абоны стих кӕсгӕйӕ нӕ цӕстытыл ауайы ахӕм ныв: Йегъовӕ райста, чи ’рфӕсмон кодта, уымӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ кӕдӕмдӕр фехста, куыд нал сӕ уына, афтӕ. Ацы ныхӕстӕ ма ис афтӕ дӕр ратӕлмац кӕнӕн: «Ды афтӕ бакодтай, цыма уыцы тӕригъӕдтӕ нӕдӕр сарӕзтон». Ахӕм хъуыды ма ис Михейы 7:18, 19 стихты дӕр. Уым та фыст ис, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ денджызы арфмӕ кӕй фехсы. Раджы заманты, денджызы арфмӕ исты куы фехстаис, уӕд ӕй уырдыгӕй сисӕн нал уыдаид. Ацы абарстыты фӕрцы базыдтам, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ сӕ уаргъӕй кӕй фервӕзын кӕны. Давид дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта» (Ром. 4:7). О, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр хатыргӕнаг у! w25.02 9 ф., 7, 8 абз.

Сабат, 21 мартъи

Цин кӕнут, уӕ зӕрдӕ ӕнустӕм райӕд, цы аразын, уый тыххӕй (Ис. 65:18).

Абон зӕххыл ахӕсгӕ хуызы цы дзӕнӕт ис, уым цард цӕджджинагау фыцы. Ис дзы милуангай адӕм ӕмӕ хайджын сты ӕцӕг фарнӕй. Уыдоны нӕ фӕнды уыцы дзӕнӕт ныууадзын. Фӕлӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уырдӕм ноджы фылдӕр адӕм ӕрбацӕуа. Уый цавӕр дзӕнӕт у? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы дзӕнӕты сты, уый! Уыцы дзӕнӕты Йегъовӕимӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр цӕрынц фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй. Хӕйрӕг ацы дунейӕ сарӕзта тӕссаг бынат, йӕ адӕм сты ӕгъатыр, кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц (1 Иоан. 5:19; Рарг. 12:12). Ӕмӕ ахӕм дунейы астӕу Йегъовӕ йӕ адӕмӕн скодта сабыр бынат. Се ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад. Уый диссаг куыннӕ у! Нӕ Хуыцау уыны, ацы дуне адӕмӕн цы зиан хӕссы, уый. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрцӕрын кодта ӕдас бынаты, цӕмӕй йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной. Библийы фыст ис, уыцы дзӕнӕты кӕй ис «бамбӕхсӕн» ӕмӕ кӕй у «донӕфсӕст цӕхӕрадоны хуызӕн» (Ис. 4:6; 58:11). Уыцы дзӕнӕты чи цӕры, уыдонӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы ацы фӕстаг уӕззау бонты дӕр сты амондджын (Ис. 54:14; 2 Тим. 3:1). w24.04 20 ф., 1, 2 абз.

Хуыцаубон, 22 мартъи

Курут, цы уӕ хъӕуы, уый (Фил. 4:6).

Кӕд дӕ фӕнды цардӕмбал ссарын, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ фӕкувыс. Йегъовӕ зӕрдӕ никӕмӕн ӕвӕры, цардӕмбал ӕнӕмӕнг кӕй ссардзӕн. Фӕлӕ дын де ’нкъарӕнтӕ ӕмбары, ӕмӕ, цардӕмбал куы агурай, уӕд дын йӕ бон уыдзӕн ӕххуыс кӕнын. Уӕдӕ йын дарддӕр дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ (Пс. 62:8). Кув ӕм, цӕмӕй фӕразон уай ӕмӕ зондӕй архайай (Иак. 1:5). Кӕд, цас ӕнхъӕл дӕ, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ бахъӕуа, уӕддӕр Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнӕмӕнг цы у, уый дын кӕй дӕтдзӕн, рӕвдыдцух кӕй нӕ уыдзынӕ ӕмӕ дӕ йӕ уарзтӕй кӕй тавдзӕн (Пс. 55:22). Фӕлӕ дӕ иу цыдӕр рох ма уӕд: цардӕмбал ссарын дын царды ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ ма суа (Фил. 1:10). Ӕцӕг амонд, цардӕмбал дын ис ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ, Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар кӕй у, уымӕй (Матф. 5:3). Цалынмӕ иунӕг дӕ, уӕдмӕ дын ис фылдӕр сӕрибардзинад ӕмӕ дӕ бон у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (1 Кор. 7:32, 33). Уӕдӕ уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕн. w24.05 21 ф., 4 абз.; 22 ф., 6 абз.

Къуырисӕр, 23 мартъи

Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).

Цас рӕстӕг хъуамӕ ӕмбӕлат? Адӕймаг уынаффӕ тагъд-тагъдӕй куы рахӕссы, уӕд уый арӕх хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны (Ӕмб. 21:5). Уӕдӕ хъуамӕ фаг рӕстӕг ӕмбӕлат, цӕмӕй кӕрӕдзийы хорз базонат. Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы хорз базыдтат, уӕд абон-райсом мауал кӕнут. Библийы фыст ис: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у» (Ӕмб. 13:12). Кӕд дӕ зонгӕтӕй исчи ӕмбӕлы, уӕд сын дӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? Ис сӕ фӕхонӕн иумӕ исты ахӕрынмӕ, бинонты ахуырмӕ кӕнӕ та сӕ искуыдӕм улӕфынмӕ фӕхонӕн (Ром. 12:13). Дӕ бон нӕ уаид семӕ тезгъо кӕнынмӕ ацӕуын кӕнӕ сӕ машинӕйыл искуыдӕм цӕуын куы хъӕуа, уӕд семӕ ацӕуын йе та сӕ хӕдзармӕ фӕхонын, цӕмӕй иунӕгӕй ма уой? (Гал. 6:10). Кӕд дын хо ӕмӕ ’фсымӕр загътой, цӕмӕй семӕ искуыдӕм ацӕуай, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дыл ӕууӕндынц, ӕмӕ уымӕн аргъ кӕн. Лӕмбынӕг у, цӕмӕй сӕ бынтон иунӕгӕй ма ныууадзай. Фӕлӕ-иу ӕдзух сӕ уӕлхъус дӕр ма лӕуу, цӕмӕй сӕ бон уа хибарӕй аныхас кӕнын. w24.05 30 ф., 13, 14 абз.

Дыццӕг, 24 мартъи

Ӕз ын радтон рӕстӕг, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна (Рарг. 2:21).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй бамбарой, адӕймаджы тӕригъӕдмӕ цы ’ркодта, уый. Йегъовӕйӕ цӕмӕн адард? Мыййаг, Библи нал иртӕста кӕнӕ уацамынды нал цыд? Ӕви Йегъовӕмӕ афтӕ арӕх нал куывта? Мыййаг, йӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл цӕуын райдыдта? Йӕ рӕстӕг кӕимӕ фервиты? Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзары? Уыдӕттӕ йӕ зондахастыл куыд фӕзындысты? Ӕмбары йӕ, цы сарӕзта, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймагмӕ ахӕм фарстатӕ дӕтдзысты, цӕмӕй ахъуыды кӕна, тӕригъӕдмӕ йӕ цы ’ркодта, ууыл (Ӕмб. 20:5). Уый араздзысты фӕлмӕнӕй ӕмӕ, хъуыддагмӕ цы нӕ хауы, уыдӕттӕй йӕ нӕ фӕрсдзысты. Уымӕй уӕлдай ма йын сӕ бон у цӕвиттон ӕрхӕссын, цӕмӕй, цы сарӕзта, ууыл ахъуыды кӕна ӕмӕ йӕ рӕдыд бамбара. Чи зоны, фыццаг хатт йемӕ куы аныхас кӕной, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхуда ӕмӕ ма суанг фӕсмон дӕр ӕркӕна. w24.08 22 ф., 9–11 абз.

Ӕртыццӕг, 25 мартъи

Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн (Лук. 4:43).

Йесо зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар», уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцау ӕй зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй рарвыста. Уымӕй ахсджиагдӕр ын ницы уыд. Зӕгъӕм, йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕз мӕйы «горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл» зылди ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта (Лук. 13:22). Стӕй ма ног ахуыргӕнинӕгты дӕр ахуыр кодта, цӕмӕй йемӕ хъусын кодтаиккой (Лук. 10:1). Абон дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесо хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг ӕппӕты ахсджиагдӕрыл нымайынц (Матф. 24:14; 28:19, 20). Цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй адӕммӕ хъуамӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм хорз хабар фехъусой ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой (1 Тим. 2:3, 4). Хорз хабар адӕмӕн сӕ цард ирвӕзын кӕны. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй адӕмимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнӕм. Ныр куы нӕ райдайой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕддӕр сын, чи зоны, уыцы фадат уыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕроны онг. w25.03 15, 16 фф., 5–7 абз.

Цыппӕрӕм, 26 мартъи

Салам [ын] чи дӕтты, уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты (2 Иоан. 11).

Алы чырыстон дӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыимӕ йӕхи куыд дардзӕн, уый. Чи зоны, кӕйдӕрты бафӕнда ахӕм адӕймагӕн салам раттын кӕнӕ та йын зӕгъын, кӕй ӕрбацыд, уый сын ӕхсызгон кӕй у. Фӕлӕ йемӕ ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ рӕстӕг йемӕ не ’рвитдзыстӕм. Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, Библийы афтӕ фыст куы ис, ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн салам чи дӕтты, «уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты» (2 Иоан. 9–11). Фӕлӕ ацы стихты контекстӕй бӕрӕг у, ам дзырд кӕй цӕуы, раст дины ныхмӕ чи сси кӕнӕ, иннӕты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыныл чи ардауы, ахӕм адӕймагыл (Рарг. 2:20). Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм адӕймаджы нӕ фӕбӕрӕг кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбара. Уӕдмӕ та йын нӕдӕр салам дӕтдзыстӕм, нӕдӕр ӕй ӕмбырдмӕ хондзыстӕм. w24.08 30, 31 фф., 14, 15 абз.

Майрӕмбон, 27 мартъи

Сӕ зонд нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ ахста (Мар. 6:52).

Йесо адӕмы куы бафсӕста, уый фӕстӕ йӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй бӕлӕгъыл фӕстӕмӕ Капернауммӕ аздӕхтаиккой. Йӕхӕдӕг та ацыд хохмӕ, цӕмӕй фервӕзтаид, паддзахӕй сӕвӕрынмӕ йӕ чи хъавыд, уыцы адӕмӕй (Иоан. 6:16–20). Апостолтӕ денджызы куы фӕцӕйцыдысты, уӕд тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъ хойын райдыдтой. Йесо сӕм денджызыл къахӕй бацыд. Ӕмӕ Петрӕн загъта, цӕмӕй уый дӕр доныл рацыдаид (Матф. 14:22–31). Йесо бӕлӕгъмӕ куы бахызт, уӕд дымгӕ ӕрсабыр. Ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ» (Матф. 14:33). Цымыдисаг уый у, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ, Йесо адӕмы куы бафсӕста, уӕд нӕ загътой, фӕлӕ сӕм доныл куы ’рбацыд, уӕд. Марк уыцы хабары тыххӕй ныффыста: «[Апостолтӕ] стыр дисы бафтыдысты, уымӕн ӕмӕ дзулты хабар дӕр нӕма бамбӕрстой» (Мар. 6:50–52). Апостолтӕ нӕма ӕмбӕрстой, Йегъовӕ Йесойӕн тынг стыр хъару кӕй радта. w24.12 5 ф., 7 абз.

Сабат, 28 мартъи

[Хуыцауы] фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой (1 Тим. 2:4).

Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у иу цӕмӕйдӕр равдисын. Ӕрымысӕн изӕры афон нӕ бон у нӕ хъуыддӕгтӕй равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхӕдӕг фӕнд кӕнӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын. Фӕлӕ ма нӕ бон у иннӕты дӕр хонын. Кӕй фӕхонай, уыдонӕн-иу бамбарын кӕн, Ӕрымысӕн изӕры цы уыдзӕн, уый. Дӕ бон сын у видеороликтӕ «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?» ӕмӕ «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм» равдисын (ссарӕн сӕ ис сайты jw.org). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг бацархайой, цӕмӕй фӕхоной, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдоны. Ахъуыды-ма кӕн, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куыд цин кӕндзысты, Йегъовӕйы сӕфт фыстӕй чидӕртӕ фӕстӕмӕ йӕ дзугмӕ куы ’рбаздӕхой, уӕд! (Лук. 15:4–7). Нӕ разы сӕвӕрӕм ахӕм нысан – Ӕрымысӕн изӕры ӕрмӕст кӕрӕдзийыл ма бацин кӕнӕм, фӕлӕ, фыццаг хатт чи ’рбацыд кӕнӕ дзы рагӕй чи нал уыд, уыдоныл дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй бамбарой, се ’рбацыд нын ӕхсызгон кӕй у (Ром. 12:13). w25.01 29 ф., 15 абз.

Хуыцаубон, 29 мартъи

Хуыцау [нӕ] бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид (1 Иоан. 4:10).

Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй уӕлдай тынгдӕр равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9, 10). Уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ – уый ма фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уӕм. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ бинонты ’хсӕнӕй фӕтардта. Уымӕ гӕсгӕ иу адӕймаг дӕр йӕ райгуырдӕй Хуыцауы бинонтӕй нӕ вӕййы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ Йесойы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, чи йыл ӕууӕнда ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕса, уыдон иууылдӕр суыдзысты йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ. Фӕлӕ абон дӕр уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иу бинонтау цӕрӕм. Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр тынг уарзы! (Ром. 5:10, 11). w25.01 21 ф., 6 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 12:12–19; Марчы 11:1–11

Къуырисӕр, 30 мартъи

Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста (1 Иоан. 4:9).

Йегъовӕ йӕ Фырты адӕмы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у стыр лӕвар, аргъ ын нӕй! (2 Кор. 9:15). Йесо йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уый фӕрцы ис гӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар суа. Уый фӕрцы ма нын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! (Ром. 5:8). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой, уый цӕмӕй ма рох кӕнӕм ӕмӕ сӕ алкӕддӕр бузныг уӕм, уый тыххӕй Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы аз дӕр бӕрӕг кӕнӕм йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр (Лук. 22:19, 20). 2026 азы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзыстӕм 2 апрелы, цыппӕрӕмы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр фӕнд кӕнӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын. Фӕлӕ хорз уыдзӕн, уый размӕ дӕр ӕмӕ-иу уый фӕстӕ дӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй арф ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. w25.01 20 ф., 1, 2 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 12:20–50

Дыццӕг, 31 мартъи

Айсут ӕвзист нӕ, фӕлӕ мӕ зондамынд, ӕппӕты хуыздӕр сызгъӕрин нӕ, фӕлӕ зонындзинӕдтӕ (Ӕмб. 8:10).

Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу сын сӕ уарзондзинады тыххӕй фылдӕр базондзынӕ. Чи зоны, ацы аз Ӕрымысӕн изӕры размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ дӕ бон уыдзӕн Евангелитӕй иу кӕнӕ фылдӕр бакӕсын. Иу хаттӕн ӕгӕр бирӕ сӕртӕ бакӕсыныл ма архай. Фӕлтау-иу бакӕс къаддӕр, фӕлӕ-иу кӕс сындӕггай. Кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынгдӕр бауарзынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕм. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн бирӕ азты дӕргъы дӕ, уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ ма ногӕй цы базондзынӕн Хуыцауы уарзондзинады, йӕ рӕстдзинады ӕмӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй. Фӕлӕ уыцы темӕты тыххӕй ӕмӕ ма Библийы ноджыдӕр цы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ис, уыдоны тыххӕй нӕ бон уыдзӕн алкӕддӕр ног цыдӕртӕ базонын. Уӕд дӕ бон у, нӕ публикациты цы ӕрмӕг ис, уый лӕмбынӕг иртасын. Афтӕ куы кӕнай, уӕд бирӕ ног цыдӕртӕ базондзынӕ. w25.01 24, 25 фф., 13–15 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 21:1–36

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын