Май
Майрӕмбон, 1 май
Хуыцау никӕй хъулон кӕны (Ром. 2:11).
Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сарӕзтаиккой цатыр ӕмӕ сауджынты ӕмӕ левитты снысан кодта, цӕмӕй уым лӕггад кодтаиккой. Цатыры чи лӕггад кодта ӕмӕ цатырмӕ ӕввахс чи цард, уыдонӕн цымӕ иннӕ израилӕгтӕй тынгдӕр ӕххуыс кодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Алы израилагӕн дӕр уый фадат уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уыдаид. Зӕгъӕм, Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй Израилы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр зындаиккой, цатыры сӕрмӕ-иу чи уыд, уыцы мигъы хуызӕн цӕджындз ӕмӕ артау судзгӕ цӕджындз (Рац. 40:38). Мигъ-иу хӕрдмӕ кӕй ссыд, уый-иу федтой, цатырӕй ӕппӕты дарддӕр чи цард, суанг уыдон дӕр. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы сӕ дзауматӕ ӕрӕмбырд кодтой, сӕ цатыртӕ-иу систой ӕмӕ-иу иннӕтимӕ иумӕ фӕндагыл араст сты (Ным. 9:15–23). Абон дӕр кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ уарзы, ӕххуыс нын кӕны ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. w24.06 4 ф., 10–12 абз.
Сабат, 2 май
Сыстут, лидзын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Авессаломы къухӕй удӕгасӕй нӕ аирвӕздзыстӕм! (2 Сам. 15:14).
Иухатт Авесса́лом сфӕнд кодта йӕ фыд Давиды амарын ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн бацахсын (2 Сам. 15:12, 13). Уый тыххӕй Давиды бахъуыд Иерусалимӕй алидзын. Фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Давид бамбӕрста, йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты Иерусалимы баззайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй-иу ын Авессаломы пълӕнтты тыххӕй фӕхабар кодтаиккой. Гъемӕ Садокы ӕмӕ иннӕ сауджынты фӕстӕмӕ горӕтмӕ арвыста (2 Сам. 15:27–29). Уыдоны хъуыди хъавгӕйӕ архайын, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзтой, уый куы рахъӕр уыдаид, уӕд сыл мӕгуыры бон акодтаид. Давид иу цыдӕр сфӕнд кодта ӕмӕ йӕ иузӕрдион ӕмбӕлттӕ Садокӕн ӕмӕ Хусийӕн загъта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой (2 Сам. 15:32–37). Хуси архайдта Давиды пъланмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ йыл Авессалом дӕр баууӕндыд. Афтӕмӕй Давидӕн фӕзынд рӕстӕг, цӕмӕй йӕхи тохмӕ бацӕттӕ кодтаид. Уый фӕстӕ Хуси Садокӕн ӕмӕ Авиафарӕн радзырдта, Авессаломӕн цы бауынаффӕ кодта, уый (2 Сам. 17:8–16). Уыдон та алцыдӕр Давидӕн радзырдтой ӕмӕ йын йӕ цард бахъахъхъӕдтой (2 Сам. 17:21, 22). w24.07 4, 5 фф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 3 май
Йегъовӕ зӕгъы: «Ӕрбацӕут, ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм» (Ис. 1:18).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕхи фӕхӕрынц, донаргъуыды размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ кӕй сарӕзтой, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг кӕй уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы лӕварӕн аргъ кӕнӕм. Йегъовӕ зӕгъы, ӕмӕ иугӕр йемӕ «аныхас кодтам» ӕмӕ «хъуыддӕгтӕ равзӕрстам», уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй никуыуал ӕрхъуыды кӕндзӕн. Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй ферох кӕны, нӕ хорз хъуыддӕгтӕ та нын йӕ зӕрдыл кӕй дары! (Пс. 103:9, 12; Дзут. 6:10). Кӕд дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй дӕхи хӕрыс, уӕд бацархай, цӕмӕй сыл мауал хъуыды кӕнай. Уый бӕсты хъуыды кӕн, абон цы аразыс ӕмӕ фидӕны дӕ бон цы уыдзӕн аразын, ууыл. Нӕ бон нӕу, раздӕр цы уыд, уый аивын. Фӕлӕ нӕ бон у нӕ уавӕрты Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, стӕй нын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, ууыл хъуыды кӕнын. w24.10 8 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 4 май
Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Кол. 3:10).
Библи куы фӕкӕсыс, уӕд, чи зоны, хатт дӕ ныфс асӕтты, уымӕн ӕмӕ бамбарыс, бирӕ цӕуылдӕрты дӕ кӕй хъӕуы бакусын. Зӕгъӕм, иу бон Библийы бакастӕ уынаффӕ, хъулон митӕ кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм (Иак. 2:1–8). Чи зоны, бамбӕрстай, ууыл дӕ бакусын кӕй хъӕуы, ӕмӕ дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай. Дыккаг бон та бакастӕ, ахсджиаг кӕй у ӕвзаджы рохтыл хӕцын (Иак. 3:1–12). Ӕмӕ бамбӕрстай, хатт дӕ ныхӕстӕй иннӕты зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕныс. Уымӕ гӕсгӕ дӕхицӕн загътай, кӕй архайдзынӕ, цӕмӕй, цы дзурыс, уымӕй иннӕты фидар кӕнай. Ӕртыккаг бон та бакастӕ, ацы дунеимӕ кӕй хъуамӕ ма лымӕн кӕнӕм (Иак. 4:4–12). Ӕмӕ бамбӕрстай, ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕгдӕр кӕй хъуамӕ уай. Гъемӕ цыппӕрӕм бонмӕ дӕ ныфс асаст, уымӕн ӕмӕ федтай, бирӕ цӕуылдӕрты дӕ кӕй хъӕуы бакусын. Дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ зӕрдыл дар: адӕймаг йӕ «удыхъӕд ногмӕ» иу бонмӕ нӕ раивы. w24.09 5, 6 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 5 май
Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй (1 Пет. 3:15).
Йесо зыдта, ахсджиагдӕр кӕй у, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны, уый. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ афоныл хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Махӕн дӕр нӕ бон куыд у Йесойау, кӕм хъӕуы, уым хъусӕй лӕууын, кӕм хъӕуы, уым та – дзурын? Хатт нӕ чидӕр гыццыл цӕмӕйдӕр фӕхъыг кӕны. Ӕмӕ уӕд нӕ бон вӕййы, ӕмӕ йӕ мацӕмӕ ӕрдарӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, хуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ мацы зӕгъӕм, цӕмӕй нӕ дзыхӕй ахӕмӕй мацы схауа, ӕмӕ уавӕр фӕфыддӕр уа (Еккл. 3:7; Иак. 1:19, 20). Хатт та фӕхъӕуы дзурын, зӕгъӕм, искӕй сӕрыл кӕнӕ рӕстдзинады сӕрыл (Хъуыд. 6:1, 2). Фӕлӕ-иу хъуамӕ дзурӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у нӕхи бакӕнын, «раст тӕрхон чи кӕны, уый бар» (1 Пет. 2:23). w24.11 5, 6 фф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 6 май
Афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ, иу тӕригъӕдджын дӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд (Лук. 15:10).
Се ’ппӕт дӕр тынг фӕцин кӕнынц, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд (Лук. 15:7). Уый тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, тӕригъӕд чи ракодта, уыдоны тыххӕй апостол Павел цы ныффыста: «Кӕд сын Хуыцау ӕрфӕсмон кӕныны фадат раттид» (2 Тим. 2:25). Уӕдӕ чырыстонӕн йӕ зондахаст аивынӕн цавӕрдӕр адӕймаг нӕ баххуыс кӕны, фӕлӕ Йегъовӕ. Павел бамбарын кодта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕны: рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырддӕрӕй базоны, йӕхи ӕрӕмбары ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй раирвӕзы (2 Тим. 2:26). Адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй уый фӕстӕ дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бӕрӕг кӕндзысты. Ӕмӕ йын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй йӕхи хиза ӕмӕ, раст цы у, уый араза (Дзут. 12:12, 13). w24.08 23 ф., 14, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 7 май
Сымах мӕ уый тыххӕй нӕ агурут, ӕмӕ диссӕгтӕ федтат, фӕлӕ дзул кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй (Иоан. 6:26).
Иннӕ бон адӕм ӕрбацыдысты, Йесо сӕ дзулӕй кӕм бафсӕста, уыцы бынатмӕ. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ апостолтӕ уым нал уыдысты. Уӕд адӕм сбадтысты, Тивериа́дӕйӕ чи ’рбахӕццӕ, уыцы бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг Капернау́ммӕ ацыдысты (Иоан. 6:22–24). Цымӕ йӕ уый тыххӕй агуырдтой, ӕмӕ сӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын фӕндыд? Нӕ, уыдонӕн сӕ сӕйраг мӕт хӕринаг уыд. Уый кӕцӕй зонӕм? Адӕм Йесойы ссардтой Капернауммӕ хӕстӕг. Уый сын комкоммӕ загъта, хӕринаг, дам, уӕ хъӕуы, ӕмӕ, дам, мӕ уый тыххӕй агурут. Фӕлӕ кӕд дзул бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты, уӕддӕр уый уыд, «сӕфгӕ чи кӕны», ахӕм хӕринаг. Ӕмӕ сын Йесо загъта, зӕгъгӕ, дам, уӕ фыдӕбон сӕйраджыдӕр уӕд, «ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл» (Иоан. 6:26, 27). w24.12 5 ф., 8, 9 абз.
Майрӕмбон, 8 май
Зондджын адӕймаджы зӕрдӕйӕ цӕуы ӕмбаргӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ ныхасы ис стырдӕр тых (Ӕмб. 16:23).
Ӕфсымӕртӕ, уӕ раныхӕстӕн ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ дӕттут, уыдонӕн сӕ бындур хъуамӕ уа Библи. Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ лӕмбынӕг иртас (Ӕмб. 15:28). Дӕ хъус-иу ӕрдар, нӕ публикациты Библийы стихтӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ. Ӕмӕ сӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн раст ӕмбарын кӕнын ӕмӕ, кӕм хъӕуа, уым ӕрхӕссын. Иннӕты куы ахуыр кӕнай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕ бацагайай. Фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕй-иу уынаффӕ ракур ӕмӕ-иу сӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архай (1 Тим. 5:17). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хъуамӕ сӕ бон уа хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зонд амонын. Хатт та сын фӕхъӕуы уынаффӕ раттын ӕмӕ суанг уайдзӕф бакӕнын дӕр. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймаг алкӕддӕр хъуамӕ уа хӕларзӕрдӕ. Иннӕты куы уарзай ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы уай, стӕй сын цы амоныс, уымӕн йӕ бындур Библи куы уа, уӕд афтӕмӕй фӕзмдзынӕ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесойы. Ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр суыдзынӕ ӕнтыстджын ахуыргӕнӕг (Матф. 11:28–30; 2 Тим. 2:24). w24.11 24 ф., 16 абз.
Сабат, 9 май
Адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнут йӕ кад (Пс. 96:3).
Нӕ бон у Йегъовӕйы, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй цы дзурӕм, уымӕй кадджын кӕнын. Йегъовӕйы адӕм иннӕты хонынц, зӕгъгӕ, «зарут Йегъовӕйӕн», «арфӕ кӕнут йӕ номӕн», «дзурут хорз хабар, цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй» ӕмӕ «адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнут йӕ кад» (Пс. 96:1–3). Афтӕмӕй нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын (Хъуыд. 4:29). Нӕ бон ма у Йегъовӕйы, цы нӕм ис, уыдӕттӕй кадджын кӕнын. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр афтӕ кодтой (Ӕмб. 3:9). Зӕгъӕм, израилӕгтӕ лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ кувӕндон аразынӕн ӕмӕ йӕм зилынӕн (2 Пад. 12:4, 5; 1 Аз. 29:3–9). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ, «цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой» ӕмӕ афтӕмӕй Йесойӕн ӕмӕ йӕ апостолтӕн лӕггад кодтой (Лук. 8:1–3). 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кодтой, ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд (Хъуыд. 11:27–29). Ӕмӕ абон махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын, мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй. w25.01 4 ф., 8 абз.; 5 ф., 11 абз.
Хуыцаубон, 10 май
Кӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ сын донаргъуыд райсӕн нӕй? (Хъуыд. 10:47).
Корнилийӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? Библийы фыст ис, «Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр... Хуыцауӕй тарстысты», зӕгъгӕ. Уый ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ куывта (Хъуыд. 10:2). Петр ын хорз хабары тыххӕй куы радзырдта, уӕд Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ Чырыстийыл баууӕндыдысты ӕмӕ уайтагъд донаргъуыд райстой (Хъуыд. 10:47, 48). Ӕвӕццӕгӕн, Корнилий цӕттӕ уыд, цы хъуыд, уый аивынмӕ, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид (Йес. Н. 24:15; Хъуыд. 10:24, 33). Корнилий стыр бынат ахста, фӕлӕ йӕ уый донаргъуыд райсын нӕ бахъыгдардта. Цӕмӕй чырыстон суай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, хъӕуы стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Кӕд дӕ фӕнды Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕд дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. w25.03 5 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 11 май
Сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, дзӕгъӕл ныхӕстӕ йеддӕмӕ чи ницы сты, уыцы аргъӕуттӕм та ма хъус (1 Тим. 4:7).
Йегъовӕйы организацийы тыххӕй кӕнӕ бӕрнон ӕфсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ куы фехъусай, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, знӕгтӕ Йесомӕ ӕмӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дардтой, уый. Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрынц ӕмӕ сыл мӕнг ныхӕстӕ мысынц. Ӕмӕ нӕм уый диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Библийы рагацау фыст ӕрцыд, афтӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 5:11, 12). Цӕмӕй ма фӕсайды уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, уыцы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц, уый ӕмӕ-иу уайтагъд исты саразӕм. Нӕ бон цы у аразын? Мӕнг ныхӕстӕм ма хъус. Мӕнг ныхӕстӕ куы фехъусӕм, уӕд нӕ цы фӕхъӕуы аразын, уый фӕдыл апостол Павел бӕлвырд амындтӕ радта. Уый Тимофейӕн загъта, цӕмӕй, «сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, дзӕгъӕл ныхӕстӕ йеддӕмӕ чи ницы сты, уыцы аргъӕуттӕм» ма хъуыстаид ӕмӕ уымӕй иуӕй-иуты бафӕдзӕхстаид (1 Тим. 1:3, 4). Мах мӕнг ныхӕстӕм нӕ фӕхъусӕм, уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, уыцы ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц, уый. Мах фидар хӕцӕм рӕстдзинады «раст ныхӕстыл» (2 Тим. 1:13). w24.04 11 ф., 16 абз.; 13 ф., 17 абз.
Дыццӕг, 12 май
Ӕнӕхин чи у, уыдоны рӕсугъд, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй сайынц (Ром. 16:18).
Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонимӕ алкӕддӕр иудзинады у. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй не ’хсӕн уа иудзинад ӕмӕ йын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕм. Уӕд рӕстдзинадыл фидар хӕцдзыстӕм. Рӕстдзинады ныхмӕ чи у, ахӕм хъуыдытӕ исчи парахат кӕнын куы райдайы, уӕд ӕмбырд ныддихтӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ахӕм адӕммӕ «хӕстӕг ма цӕуӕм», кӕннод фӕсайды уыдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивдзыстӕм (Ром. 16:17). Рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй куы хицӕн кӕнӕм ӕмӕ рӕстдзинадыл фидар куы хӕцӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар (Еф. 4:15, 16). Стӕй Хӕйрӕджы мӕнг ахуырӕдтыл ӕмӕ мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзыстӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг хъахъхъӕндзӕн. Дарддӕр дӕр рӕстдзинадыл фидар хӕц, ӕмӕ «фарны Хуыцау» уыдзӕн демӕ! (Фил. 4:8, 9). w24.07 13 ф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 13 май
Уый... тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд ӕнустӕм (Дзут. 10:12).
Йесо зыдта, адӕм зындзинӕдтӕ тӕригъӕды аххосӕй кӕй ӕвзарынц. Ӕмӕ йӕ уӕлдай тынгдӕр фӕндыд, йӕ тӕригъӕдтӕ ӕнцой кӕмӕн нӕ лӕвӕрдтой, уыцы нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ сылгоймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ-иу сын загъта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Йесо иухатт загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Матф. 9:12, 13). Йесо дзургӕ куыд кодта, кӕнгӕ дӕр афтӕ кодта. Йӕ къӕхтӕ йын йӕ цӕссыгтӕй чи ныхсадта, уыцы сылгоймагимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта (Лук. 7:37–50). Самариаг сылгоймагӕн та ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарын кодта, кӕд ӕй зыдта, ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕны, уӕддӕр (Иоан. 4:7, 17–19, 25, 26). Адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ Йесойӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ йӕ бон уыд мӕрдты ӕгас кӕнын дӕр. Йесо ӕгас кодта нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты (Матф. 11:5). w24.08 4 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 14 май
Уый зӕххӕн тӕрхон кӕндзӕн рӕстӕй ӕмӕ адӕмтӕн – йӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ (Пс. 96:13).
Йегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном скадджын кӕндзӕн. Тагъд Стыр Вавилон фесафдзӕн, йӕ сыгъдӕг ном ын кӕй худинаг кӕны, уый тыххӕй (Рарг. 17:5, 16; 19:1, 2). Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд ма, чи зоны, ноджыдӕр кӕйдӕрты бафӕнддзӕн немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕппынфӕстаг Армагеддоны Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесафдзӕн. Йӕ ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф чи калы, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн. Чи йӕ уарзы, йӕ коммӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕ чи кадджын кӕны, уыдоны та фервӕзын кӕндзӕн (Мар. 8:38; 2 Фес. 1:6–10). Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ кӕронмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йын алчидӕр табу кӕна (Рарг. 20:7–10). Уӕд, «денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы кады тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Ав. 2:14). Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр Йегъовӕйы куы бӕрзонд кӕной ӕмӕ йын йӕ номы аккаг кад куы кӕной, уӕд! w25.01 7 ф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 15 май
Сымах фидар кӕй лӕуут, уый фӕрцы ахуыр кӕнут раст зондыл (Дзут. 12:7).
Дзуттаг чырыстӕттӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодтаид? Хъуамӕ сӕм раст цӕстӕй кастаиккой. Апостол Павел бамбарын кодта, Хуыцау фӕлварӕнтӕ кӕй бауадзы, цӕмӕй чырыстон ахсджиаг цӕуылдӕр сахуыр уа. Зын уавӕрты йӕм, гӕнӕн ис, фӕзына, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ кӕнӕ та, гӕнӕн ис, уыцы миниуджытыл бакуса. Дзуттаг чырыстӕттӕ куы хъуыды кодтаиккой, фӕлварӕнтӕ сын цы пайда ӕрхӕсдзысты, ууыл, уӕд сын фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдаид (Дзут. 12:11). Павел хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм ныффыста, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаиккой. Ӕмӕ сын йӕ бон хорз уынаффӕ раттын дӕр уыд. Кӕддӕр чырыстӕтты йӕхӕдӕг ӕфхӕрдта. Ӕфхӕрд ӕййафын цы у, уый дӕр зыдта. Чырыстон куы сси, уӕд бирӕ алыхуызон фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд (2 Кор. 11:23–25). w24.09 12 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 16 май
Ма бафынӕй ут (Матф. 25:13).
Бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр у хъусын кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы кӕронмӕ рӕстӕг бирӕ нал баззад. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, хорз хабар ӕгас зӕххы цъарыл хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн, цалынмӕ «кӕрон» не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 24:14; Мар. 13:10). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыддунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд «бон ӕмӕ... сахат» (Матф. 24:36; Хъуыд. 1:7). Ӕмӕ алы бон дӕр уыцы рӕстӕгмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнӕм (Ром. 13:11). Фӕлӕ, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ та уал хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм. Нӕ бон у ахӕм ахсджиаг фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?» Уымӕ нӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад. Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд равдисӕм, кӕй уарзӕм Хуыцауы Ныхас, адӕмы ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ ном. w24.05 14, 15 фф., 2, 3 абз.
Хуыцаубон, 17 май
Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз (Райд. 1:31).
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй хъуыды кӕна, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Хъӕды кӕнӕ парчы куы уат кӕнӕ цӕхӕрадоны куы кусат, уӕд-иу дӕ сывӕллоны хъус ӕрдар, ӕрдзы мидӕг цы рӕсугъд узортӕ ӕмӕ формӕтӕ ис фенӕн, уыдонмӕ. Уыдонӕй бӕрӕг у, сӕхӕдӕг кӕй нӕ фӕзындысты, фӕлӕ зондджын Сфӕлдисӕджы къухты конд кӕй сты. Зӕгъӕм, Дун-дунейы ӕмӕ ӕрдзы мидӕг бирӕ цӕмӕндӕрты ис спиралы формӕ. Ахуыргӕндтӕ уыцы формӕтӕ бирӕ азты дӕргъы иртасынц. Ахӕм спиралтӕ фенӕн ис, зӕгъӕм, хурмӕзилӕджы дидинӕджы, кӕцыдӕр зайӕгойтӕн сӕ сыфтӕ куыд зайынц, уым, моллюск наути́лусы хъузджы ӕмӕ суанг галактикӕты. Биофизик Нико́ла Фаме́ли куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, спиралты нымӕц куы банымайай, уӕд дзы рауайдзӕн бӕлвырд нымӕцтӕ. Уыдон хуыйнынц Фибона́ччийы нымӕцтӕ. w24.12 16 ф., 7 абз.
Къуырисӕр, 18 май
Уый [уын] дӕтты цард (Дык. з. 30:20).
Моисей, Давид ӕмӕ Иоанн тынг раджы цардысты, ӕмӕ уӕд цард дӕр ӕндӕрхуызон уыд. Фӕлӕ нын уӕддӕр семӕ иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ ис. Уыдон лӕггад кодтой ӕцӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ абон мах дӕр уыцы Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Уыцы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр Йегъовӕмӕ фӕкувӕм, нӕ ныфс ыл дарӕм ӕмӕ йын йӕ разамынд фӕагурӕм. Ӕмӕ уыдонау мах дӕр фидарӕй уырны, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн. Цӕй уӕдӕ уыцы ацӕргӕ иузӕрдион нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕм хъусӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уӕд алы хъуыддаджы дӕр архайдзыстӕм ӕмбаргӕйӕ. Йегъовӕ нын ратдзӕн «бирӕ цӕрӕнбон» – ӕнусон цард. Ӕмӕ, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, ууыл цин кӕндзыстӕм. Уый та нын раарфӕ кӕндзӕн, ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ (Еф. 3:20). w24.11 13 ф., 20, 21 абз.
Дыццӕг, 19 май
Буары уӕнгтӕ Хуыцау ӕмбырды сӕвӕрдта афтӕ (1 Кор. 12:28).
Фыццаг ӕнусы ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ лӕггад кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй (1 Тим. 3:8). Ӕмӕ апостол Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ӕвӕрд ӕрцыдысты «иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн» уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыдоны кой кодта. Уыдон бирӕ ахсджиаг куыстытӕ кодтаиккой, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ сӕ фидар кӕнынӕн. Чи зоны, ӕххуыс кодтой Фыстадӕй къопитӕ кӕнынӕн кӕнӕ-иу уымӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕлхӕдтой. Абон кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды бирӕ хӕстӕ ис (1 Пет. 4:10). Уыдон дзуапп фӕдӕттынц ӕмбырды ӕхцатӕн ӕмӕ участоктӕн, заказ фӕкӕнынц литературӕ, сӕ хъус фӕдарынц аппаратурӕмӕ, вӕййынц уагдартӕ ӕмӕ Паддзахады залмӕ зилынӕн феххуыс кӕнынц. Уый фӕрцы ӕмбырды алцыдӕр вӕййы «уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). w24.10 19 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 20 май
Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы (Фил. 4:13).
Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ нын йӕ бон баххуыс кӕнын кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын – гыццыл уа ӕви стыр. Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын, ӕмӕ нын йӕ бон у хъарутӕ раттын, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Уымӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй сын бафӕраздзыстӕм. Йегъовӕ нын гыццыл зындзинӕдты куыд баххуыс кӕны, уый-иу куы фенӕм, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, стыр зындзинӕдты рӕстӕг дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм паддзах Давиды цардӕй дыууӕ хабары. Уыдоны фӕрцы йӕ ныфс Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарын райдыдта. Ӕрыгонӕй йӕ фыды фыстӕ куы хызта, уӕд иухатт арс ӕрбацыд ӕмӕ дзы иу ахаста, ӕндӕр хатт та – домбай. Давид-иу сӕ фӕстейӕ асырдта ӕмӕ-иу фысы сырды дзыхӕй ратыдта. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыдӕттӕ йӕхи хъаруйы фӕрцы сарӕзта. Зыдта йӕ, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кодта (1 Сам. 17:34–37). Давид ацы хабӕрттыл хъуыды кодта, ӕмӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндыд, удӕгас Хуыцау ын фидӕны дӕр хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн. w24.06 21 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 21 май
Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг (Ӕмб. 18:13).
Зӕгъӕм, бадтмӕ дӕ фӕхуыдтой. Ӕмӕ дӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, ацӕуай ӕви нӕ. Цы дзы уыдзӕн, уый кӕд нӕ зоныс, уӕд ӕй бафӕрс: «Уыцы бадт кӕм ӕмӕ кӕд уыдзӕн? Цал адӕймаджы дзы уыдзӕн? Читӕ дзы уыдзӕн? Уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ йӕ хъус чи дардзӕн? Цавӕр программӕ дзы уыдзӕн? Нозт дӕр дзы уыдзӕн?» Ацы фарстаты фӕрцы базондзынӕ, раст уынаффӕ рахӕссынӕн дӕ цы хъӕуы зонын, уыдӕттӕ. Уынаффӕ рахӕссынӕн дӕ зонын цы хъӕуы, уыдӕттӕ куы базонай, уӕд-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн, уыцы бадт куыд рауайдзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, базыдтай, кӕй дзы уыдзӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕнӕ, фынгтыл цас нозт ӕвӕрдзысты, уымӕ йӕ хъус кӕй ничи дардзӕн. Уӕд уыцы бадтӕй ӕнӕуаг цӕл-минас нӕ рауайдзӕн? (1 Пет. 4:3). Хъуыддагмӕ алырдыгӕй куы ’ркӕсай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын. w25.01 15 ф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 22 май
Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты (Ис. 1:18).
Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон вӕййы, чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсгӕ хуызы ныссӕрфын, фӕд дӕр сӕ куыд нал баззайа. Дзаума сырх истӕмӕй куы сахуырса, уӕд ӕй ссӕуын кӕнын тынг зын у. Фӕлӕ ацы абарсты фӕрцы Йегъовӕ бамбарын кодта, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй нӕ ныхса, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уӕм. Ӕмӕ-иу сӕ фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Тӕригъӕдтӕ барст цӕуынц «хӕстимӕ» дӕр (Матф. 6:12, фип.; Лук. 11:4). Куы райгуырдыстӕм, уӕд дӕр Йегъовӕйӕ стыр хӕс дардтам. Ӕмӕ, тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд та уыцы хӕсыл бафты. Фӕлӕ нын нӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма нын нӕ хӕс ныххатыр кӕны ӕмӕ дзы ницыуал фӕдарӕм. Кӕй нын ныххатыр кӕны, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нӕ дзуапп нал ӕрдомы. Адӕймагӕн йӕ хӕс куы ныххатыр кӕнынц, уӕд ын куыд фенцон вӕййы ӕмӕ куыд фӕцин кӕны. Ӕмӕ махӕн дӕр афтӕ фенцон вӕййы ӕмӕ афтӕ фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд. w25.02 10 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 23 май
Сывӕллӕттӕ ныййарджытӕн нӕ, фӕлӕ ныййарджытӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ скӕной бынтӕ (2 Кор. 12:14).
Ныййарджытыл азтӕ куы рацӕуы, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа сӕ цоты ӕххуыс. Ӕмӕ бирӕтӕ сӕ ныййарджытӕн зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц (1 Тим. 5:4). Фӕлӕ чырыстон ныййарджытӕ ӕмбарынц: ӕцӕг амондджын уӕд уыдзысты, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн куы баххуыс кӕной, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой (3 Иоан. 4). Афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сывӕллӕттӕ уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй сын сӕ зӕронды бонты ӕхцайӕ ӕххуыс кӕной. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъуамӕ афтӕ хъомыл кӕной, цӕмӕй сӕхи дарын сахуыр уой. Ӕмӕ сын хъуамӕ фӕзминаг уой, сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарынц, уымӕй. Сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сын ӕмбарын кӕнут, кусын хорз кӕй у (Ӕмб. 29:21; Еф. 4:28). Скъоламӕ куы бацӕуой, уӕд сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ахуырмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсой. Скъолайы фӕстӕ кӕм ахуыр кӕндзысты кӕнӕ дарддӕр ахуыр кӕндзысты ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнын сӕ куы хъӕуа, уӕд-иу Библийы ссарут хъӕугӕ уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ-иу сын афтӕмӕй баххуыс кӕнут раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ сахуыр уыдзысты сӕхи дарын, стӕй ма сын уыдзӕн рӕстӕг фылдӕр хъусын кӕнынӕн дӕр. Чи зоны сӕ бафӕнда пионертӕй дӕр лӕггад кӕнын. w25.03 30, 31 фф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 24 май
Хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват (Еф. 4:24).
Пехуымпар Исайы уылты Йегъовӕ бамбарын кодта, ахӕсгӕ хуызы дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонӕн сӕ цард цыхуызӕн уыдзӕн. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Исайы 65-ӕм сӕры. Уыцы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст н. э. размӕ 537 азы. Уӕд дзуттӕгтӕ ссӕрибар сты Вавилоны уацарӕй ӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй Иерусалим фӕстӕмӕ сарӕзтаиккой, ӕмӕ та суыдаид рӕсугъд горӕт. Стӕй ма сын баххуыс кодта, цӕмӕй кувӕндон дӕр ногӕй сарӕзтаиккой, ӕмӕ та суыдаид, ӕцӕг Хуыцауӕн кӕм куывтаиккой, ахӕм бынат (Ис. 51:11; Зах. 8:3). Дыккаг хатт Исайы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта нӕ рӕстӕджы, 1919 азы. Уыцы аз Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ссӕрибар сты Стыр Вавилоны уацарӕй. Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕгас зӕххыл дӕр гыццылгай фӕзынд ахӕсгӕ хуызы дзӕнӕт. Хъусынгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой хорз хабар, ӕмӕ фӕзынд бирӕ ӕмбырдтӕ. Стӕй уыцы дзӕнӕты цӕрджытӕ сӕ удыхъӕды фидар кодтой, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ. Раздӕр ӕгъатыр чи уыд ӕмӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ раивтой – «уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ». w24.04 20, 21 фф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 25 май
Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).
Иуӕй-иу бӕстӕты адӕймагӕн цардӕмбал равзарынц йӕ ныййарджытӕ кӕнӕ хистӕртӕй исчи. Кӕцыдӕр бӕстӕты та бинонтӕ кӕнӕ ӕмбӕлттӕ адӕймаджы искӕимӕ базонгӕ кӕнынц. Ӕмӕ стӕй чызг ӕмӕ лӕппуйӕн сӕхи бон вӕййы аскъуыддзаг кӕнын, ӕмбӕлын райдайдзысты ӕви нӕ. Кӕд дӕуӕн дӕр загътой, цӕмӕй искӕмӕн цардӕмбал ссарай, уӕд ахъуыды кӕн: «Кӕй йын равзарон, уыцы адӕймагимӕ кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн сбӕздзысты?» Цӕмӕй уый бамбарай, уый тыххӕй уал дӕ хъӕудзӕн уыцы адӕймаджы хуыздӕр базонын. Базон-иу, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ. Адӕймаг Йегъовӕимӕ ӕнгом уа, уый бирӕ ахсджиагдӕр у, хъӕздыг у ӕви нӕ, уӕлдӕр ахуырад ӕм ис ӕви нӕ кӕнӕ, кадджын бынат ахсы ӕви нӕ, уымӕй. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: хъуамӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕной, сӕ цард баиу кӕндзысты ӕви нӕ, уый (Гал. 6:5). w24.05 23 ф., 11 абз.
Дыццӕг, 26 май
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).
Лӕппу ӕмӕ чызг куы ӕмбӕлой, уӕд сын баххуыс кӕндзыстӕм, цы дзурӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ нӕхиуыл фӕхӕцӕм ӕмӕ хъусӕй фӕлӕууӕм (Ӕмб. 12:18). Чи зоны, базыдтам, чидӕр кӕимӕдӕр ӕмбӕлын кӕй райдыдта ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн дӕр радзурӕм. Фӕлӕ, чи зоны, сӕхи фӕнды уый тыххӕй иннӕтӕн радзурын. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ сӕ кой ма кӕнӕм ӕмӕ, ӕрмӕст сӕхимӕ чи хауы, уыцы фарстаты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдонмӕ фаутӕ ма хӕссӕм (Ӕмб. 20:19; Ром. 14:10; 1 Фес. 4:11). Стӕй сӕ хъуамӕ ма рафӕрс-бафӕрс кӕнӕм, зӕгъгӕ, уӕ цард кӕд баиу кӕндзыстут. Фӕлӕ, зӕгъӕм, хо ӕмӕ ’фсымӕр аскъуыддзаг кодтой, кӕй нал ӕмбӕлдзысты. Уӕд хъуамӕ нӕхи сӕ хъуыддӕгты ма тъыссӕм ӕмӕ макӕй фарс хӕцӕм (1 Пет. 4:15). Кӕд хо ӕмӕ ’фсымӕр аскъуыддзаг кодтой, кӕй нал ӕмбӕлдзысты, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ раст уынаффӕ нӕ рахастой. Арӕхдӕр уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ сӕ нысан сӕ къухы бафтыд – бамбӕрстой, сӕ цард баиу кӕнын сӕ хъӕуы ӕви нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, хо ӕмӕ ’фсымӕр зӕрдӕрыст бавзарой. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ сӕ фарсмӕ балӕууӕм. w24.05 31 ф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 27 май
Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн? (Ӕмб. 24:10).
Нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕй исчи Йегъовӕйы куы наууадзы, уӕд стыр маст ӕмӕ рыст бавзарӕм (Пс. 78:40). Адӕймагимӕ цас ӕнгомдӕр вӕййӕм, уыйас нын зындӕр вӕййы уыцы фӕлварӕн сфӕразын. Кӕд дӕуыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд дын Садокы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайай. Уый Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, йе ’ввахс ӕмбал Авиафар Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ куы сивта, уӕд дӕр. Уыцы хабар ӕрцыд, Давиды мӕлӕты размӕ йӕ фырт Адо́ни паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд, кӕд Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ Соломон хъуамӕ суыдаид паддзах, уӕддӕр (1 Аз. 22:9, 10). Авиафар Адонийы фарс слӕууыд (1 Пад. 1:5–8). Ӕмӕ афтӕ кӕй бакодта, уымӕй ӕрмӕст Давидыл ӕмӕ Садокыл нӕ сивта йӕ зӕрдӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл дӕр. Бирӕ азты дӕргъы Садок Авиафаримӕ сауджынтӕй лӕггад кодтой (2 Сам. 8:17; 15:29; 19:11–14). w24.07 6 ф., 14, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 28 май
Амондджын у, алкӕддӕр Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕймаг (Ӕмб. 28:14).
Цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд фӕсмойнаг никуы фӕуыдзыстӕм. «Тӕригъӕд рӕстӕгмӕ... ӕхсызгондзинад хӕссы», Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд та алкӕддӕр уыдзыстӕм амондджын (Дзут. 11:25; Пс. 19:8). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм (Райд. 1:27). Уӕдӕ нӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куы рухс кӕнӕм, уӕд нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг, фидӕны та схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй (1 Тим. 6:12; 2 Тим. 1:3; Иуд. 20, 21). Кӕд «буар... лӕмӕгъ у», уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдты ныхмӕ нӕ бон ницы у (Матф. 26:41). Йегъовӕ цӕттӕ у, цӕмӕй нын хъарутӕ ратта (2 Кор. 4:7). Фӕлӕ, Хуыцау цы хъару дӕтты, уый у, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару. Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау баххуыс кӕна, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй, цы нӕ рӕдийын кӕны, уыдӕттӕй нӕхи хизӕм. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн, стӕй нын ратдзӕн, цас нӕ хъӕуа, уыйбӕрц хъарутӕ (1 Кор. 10:13). Йегъовӕйы фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, цы дӕ рӕдийын кӕны, уыдӕтты ныхмӕ фидар фӕлӕууын! w24.07 19 ф., 19–21 абз.
Майрӕмбон, 29 май
Тӕригъӕдджын митӕ чи кӕны, уыдонӕн уайдзӕф кӕн се ’ппӕты раз дӕр (1 Тим. 5:20).
Апостол Павел хистӕр нӕлгоймаг Тимофеймӕ ныффыста абоны стихы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн «уайдзӕф кӕн се ’ппӕты раз». Цымӕ Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн ӕнӕхъӕн ӕмбырды раз хъуыди бауайдзӕф кӕнын? Нӕ, уый ӕнӕмӕнг нӕ уыд. Павел кодта, уыцы тӕригъӕды тыххӕй чи зыдта, уыдоны кой. Гӕнӕн ис, уыдон сӕхӕдӕг федтой, хо кӕнӕ ’фсымӕр тӕригъӕд кӕй ракодта. Йе та сын адӕймаг йӕхӕдӕг радзырдта йӕ тӕригъӕды тыххӕй. Хабар чи зыдта, уыдонӕн хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хибарӕй загътаиккой, уыцы адӕймагӕн йӕ хъуыддаг кӕй равзӕрстой ӕмӕ йын кӕй бауайдзӕф кодтой. Иуӕй-иу хатт ӕмбырды бирӕтӕ фӕзонынц, хо кӕнӕ ’фсымӕр цы уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, уый тыххӕй йе та йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ базондзысты. Уӕд, Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «се ’ппӕт», зӕгъгӕ, уый уыдзӕн ӕнӕхъӕн ӕмбырд. Хистӕр нӕлгоймаг ӕмбырды фехъусын кӕндзӕн, хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн кӕй бауайдзӕф кодтой. Цӕмӕн? Павел бамбарын кодта: «Цӕмӕй иннӕтӕ дӕр тӕрсой тӕригъӕд саразын». w24.08 24 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 30 май
Ацы ныхӕстӕ загъта Хуыцау, ӕмӕ сты раст (Рарг. 19:9).
Хъуамӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы кӕронмӕ дӕр зӕрдиагӕй архайӕм. Сӕрст чырыстӕттӕ къӕрцхъус хъуамӕ уой, цӕмӕй сӕ Йесо акӕна, ӕмӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсой (Матф. 24:40). Уыдон тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕлӕрвты кӕд «ӕрӕмбырд уыдзысты», уымӕ, цӕмӕй Йесоимӕ уой. Армагеддоны фӕстӕ уыдзӕн Уӕрыччы чындзӕхсӕв. Йесо уыдзӕн усгур, уыдон та уыдзысты йӕ усаг (2 Фес. 2:1). Тагъд Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн. Фӕлӕ мах тӕрсын нӕ хъӕуы. Иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй нӕ бон бауа «Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (2 Кор. 4:7; Лук. 21:36). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр хъуамӕ хъусӕм, Йесойы фӕсномыг ныхӕсты цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдонмӕ. Ӕмӕ уӕд нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты царды чиныджы (Дан. 12:1; Рарг. 3:5). w24.09 24, 25 фф., 19, 20 абз.
Хуыцаубон, 31 май
Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын (Пс. 73:28).
Кӕд дӕ раздӕры уынаффӕтыл фӕсмон кӕныс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа ӕмӕ мауал мӕт кӕнай? Ахъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис ӕмӕ дын Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны, ууыл. Стӕй ахъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы цардыл дӕр. Уыдон сӕ ныфс дарынц, ацы дунейы сын цы бантыст, уыдӕттыл, уымӕн ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ныфс нӕй. Махӕн та Йегъовӕ ӕрцӕттӕ кодта, нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр кӕй нӕу, ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕ (Пс. 145:16). Стӕй-ма иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕн. Ӕндӕр уынаффӕтӕ куы рахастаис, уӕд дӕ хабар куыд уыдаид, уый бӕлвырдӕй зоныс? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: Хуыцауы ӕмӕ адӕмы куы уарзай ӕмӕ уый дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын. w24.10 27 ф., 12, 13 абз.