Февраль
Хуыцаубон, 1 февраль
Адӕймаг йӕхи быцӕутӕй куы хиза, уӕд ын уый кад у, ӕнӕзондӕн та ӕндӕр мацы ратт (Ӕмб. 20:3).
Чырыстон миниуджытӕ кӕмӕ ис, ахӕм ӕфсымӕртӕ сты ӕмбырды фидыц. «Ӕмбаргӕ» адӕймаг фӕархайы, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕра. Ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрой. Иннӕтӕ цы фӕдзурынц, уымӕ байхъусы ӕмӕ фӕархайы, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, уый бамбарыныл. Гъеныр, зӕгъӕм, ды дӕ хистӕр нӕлгоймаг. Ӕмӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕры фӕнды, дӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, фӕлӕ Библийы ныхмӕ чи нӕу, ахӕм уынаффӕ рахӕссын. Семӕ сразы уыдзынӕ? Хистӕр нӕлгоймаг-иу хъуамӕ йӕхи ныхасыл ма ныллӕууа ӕмӕ-иу иннӕтимӕ дӕр уынаффӕ кӕна (Райд. 13:8, 9; Ӕмб. 15:22). Хъуамӕ схуыст ныхас ӕмӕ быцӕу ма кӕна, фӕлӕ уа фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Хъуамӕ уа фарнуарзаг, ӕмӕ искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд фыццаг къахдзӕф йӕхӕдӕг сараза (Иак. 3:17, 18). Фӕлмӕн ныхасӕй арӕх адӕймаджы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн вӕййы, суанг, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны зӕрдӕтӕ дӕр (Тӕрх. 8:1–3; Ӕмб. 25:15; Матф. 5:23, 24). w24.11 22 ф., 13 абз.
Къуырисӕр, 2 февраль
Уый йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ (Мар. 13:27).
Йесо адӕмы тыххӕй «амард иу хатт» (Ром. 6:10). Фӕлӕ абон дӕр мах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы. Зӕгъӕм, цы? Йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕны, цӕмӕй нын, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый пайда хӕсса. Уый у нӕ Паддзах, Хистӕр сауджын ӕмӕ ӕмбырды сӕр (1 Кор. 15:25; Еф. 5:23; Дзут. 2:17). Уый дзуапп дӕтты сӕрстыты ӕмӕ тынг бирӕ адӕмы ӕмбырд кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы куыст фӕуыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕроны размӕ (Матф. 25:32). Стӕй ма йӕ хъус дары, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн фӕстаг бонты парахатӕй уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45). Ӕмӕ ма нын йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр бирӕ цыдӕртӕ сараздзӕн. Уӕдӕ ӕцӕгдӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта. w25.01 24 ф., 12 абз.
Дыццӕг, 3 февраль
Рӕстгӕнджытыл нымад кӕй ӕрцыдысты, уый сын у лӕвар – йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы (Ром. 3:24).
Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр ныххатыр кӕны, цыма сӕ никуы сарӕзтам, афтӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы тӕригъӕдты тыххӕй никуыуал бафхӕрдзӕн. Уый фӕрцы ис уый гӕнӕн, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд уа не ’ввахс Хӕлар. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕй нын ныххатыр кӕны, уый йӕ лӕвар кӕй у. Уыцы лӕвар нын нӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй нӕ дӕтты, фӕлӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, стӕй нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕ махӕй алчидӕр тынг бузныг хъуамӕ уа, «ӕцӕгдӕр... хатыргӕнаг» кӕй у, уый тыххӕй (Пс. 130:4; Ром. 4:8). Фӕлӕ нын цӕмӕй хатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг аразӕм. Йесо загъта: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матф. 6:14, 15). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ мах дӕр Йегъовӕйы хуызӕн иннӕтӕн хатыр кӕнӕм. w25.02 13 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 4 февраль
Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).
Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты. Рӕстгӕнӕг Лот се ’хсӕн цард. Фӕлӕ дзы цымӕ алкӕмӕн дӕр хъусын кодта? Уый тыххӕй исты зонӕм? Нӕ зонӕм. О, тынг сӕфт адӕм уыдысты. Фӕлӕ цымӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбӕрстой, цы арӕзтой, уый ӕвзӕр кӕй уыд? Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ. Хъуыды йӕ кӕнӕм, Содомы нӕлгоймӕгтӕ Лоты уазджытӕн тыхми бакӕнынмӕ кӕй хъавыдысты. Библийы фыст ис, «Содомы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, гыццылӕй-стырӕй», йӕ хӕдзары алыварс кӕй ӕрӕмбырд сты (Райд. 19:4; 2 Пет. 2:7). Фӕлӕ цымӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕ ахӕм тӕрхон рахаста, зӕгъгӕ дзы иу дӕр нӕ райгас уыдзӕн? Уый нӕ бон нӕу зӕгъын. Йегъовӕ Авраамӕн загъта, уыцы горӕты 10 рӕстгӕнӕджы дӕр кӕй нӕ уыд (Райд. 18:32). Уыдысты фыдгӕнджытӕ, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп ӕрдомдта. Фӕлӕ цымӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, «фыдгӕнджыты» куы ӕгас кӕна, уӕд уыдонӕй иуы дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй нӕ раздахдзӕн? Уый нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу. w24.05 2 ф., 3 абз.; 3 ф., 8 абз.
Цыппӕрӕм, 5 февраль
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни (Матф. 6:33).
Экономикӕйы уавӕр кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ кусынмӕ дард ранмӕ ацыдысты, фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, уый раст уынаффӕ кӕй нӕ уыд. Цалынмӕ ног куыстыл сразы уӕм, уӕдмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, цас нын фиддзысты, ууыл. Фӕлӕ фыццаджыдӕр хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын, уыцы куысты тыххӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзыстут (Лук. 14:28). Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕмбалӕй дард куы уон, уӕд уый нӕ бинонты цардыл куыд фӕзындзӕн? Стӕй мӕ бон уыдзӕн алы ӕмбырдмӕ дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуын ӕмӕ мӕ рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕрвитын?» Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ма дӕ хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон уыдзӕн мӕ сывӕллӕтты, „Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ“ хъомыл кӕнын, сӕ разы куы нӕ уон, уӕд?» (Еф. 6:4). Уынаффӕ куы хӕссай, уӕд-иу байхъус Йегъовӕйы уынаффӕмӕ, дӕ бинонтӕй ӕмӕ де ’мбӕлттӕй Хуыцауы Ныхас чи ницӕмӕ дары, уыдоны уынаффӕмӕ нӕ, фӕлӕ. w25.03 29 ф., 12 абз.
Майрӕмбон, 6 февраль
Хъуамӕ сывӕллӕтты хуызӕн мауал уӕм (Еф. 4:14).
Рӕзгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ӕвӕлтӕрд чи у, уыцы чырыстоны, гӕнӕн ис, ӕнцонтӕй фӕсайой, «хинӕй чи архайы» ӕмӕ «хинвӕндтӕ чи кӕны», уыдон. Гӕнӕн ис, ӕмӕ баууӕнда, телеуынынады, интернеты, газетты ӕмӕ социалон сетьты цы мӕнг хъуыдытӕ парахат кӕнынц, уыдоныл, зӕгъӕм, кӕцыдӕр хицауад кӕнӕ организаци кӕйдӕр ныхмӕ фыдвӕнд кӕй скодта, ууыл кӕнӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон цытӕ дзурынц, уыдӕттыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕтӕм хӕлӕг кӕна, семӕ хыл кӕна, тӕргӕйттӕ кӕна кӕнӕ йӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд фидар ма фӕлӕууа (1 Кор. 3:3). Фӕлтӕрдджындӕр куыд кӕнӕм, уый Библи бары, сывӕллон куыд стыр кӕны, уыимӕ (Еф. 4:15). Сывӕллон нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ фӕзоны. Ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй йын исчи амона, цы саразын хъӕуы, уый. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Мад йӕ гыццыл чызгимӕ хъавы фӕндаджы сӕрты ахизынмӕ, ӕмӕ сывӕллонӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ къухыл хӕца. Куы фестырдӕр, уӕд ӕй иунӕгӕй ауагъта, фӕлӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фӕндагмӕ кӕй хъуамӕ кӕса. Уый фӕстӕ чызг сыстыр ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг зоны, фӕндаджы сӕрты ӕнӕфыдбылызӕй куыд хъӕуы ахизын, уый. Раст афтӕ, чырыстӕттӕ фӕлтӕрдджын куы свӕййынц, уӕд фӕхъуыды кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтыл, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уый фӕстӕ афтӕ бакӕнынц. w24.04 3 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 7 февраль
О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры? (Пс. 15:1).
Фыццаг уал Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уыдысты, йемӕ уӕлӕрвты чи цард, ӕрмӕстдӕр уыдон. Фӕстӕдӕр сфӕлдыста адӕмы ӕмӕ уыдоны дӕр йӕ цатырмӕ фӕхуыдта. Кӕй суазӕг кодта, уыдоны ’хсӕн уыдысты Енох, Ной, Авраам ӕмӕ Иов. Библийӕ базонӕн ис, уыдон Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уымӕн ӕмӕ йӕ коммӕ кастысты (Райд. 5:24; 6:9; Иов 29:4; Ис. 41:8). Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ йӕ цатырмӕ адӕмы хоны (Йез. 37:26, 27). Йезекилы пехуымпарадӕй базонӕн ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ йемӕ ӕнгом уой. Зӕрдӕ сын ӕвӕры, семӕ «фарны бадзырд» кӕй скӕндзӕн. Ацы пехуымпарад амоны, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон «иу дзуг» кӕй суыдзысты ӕмӕ Хуыцауы цатыры иумӕ кӕй цӕрдзысты (Иоан. 10:16). Ӕмӕ ацы пехуымпарад абон ӕххӕст кӕны. w24.06 2 ф., 2, 4 абз.; 3 ф., 5 абз.
Хуыцаубон, 8 февраль
Хуыцау [нын] радта хъарутӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккам (1 Фес. 2:2).
Мах стӕм Йегъовӕйы адӕм ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ стӕм йӕ Паддзахады фарс (Матф. 6:33). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, фӕхъӕуы нӕ хъӕбатырдзинад, цӕмӕй ацы фыддунейы Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Хъӕбатырдзинад ма нӕ арӕх фӕхъӕуы, цӕмӕй ацы дихтӕ дунейы политикӕимӕ баст фарстаты макӕй фарс хӕцӕм (Иоан. 18:36). Йегъовӕйы адӕм, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц ӕмӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй сӕ чидӕртӕ ӕнӕ ’хцайӕ баззайынц, кӕйдӕрты сӕ фӕнӕмынц, кӕйдӕрты та ахӕстоны сбадын кӕнынц. Хъӕбатыр чи уыд ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй чи баззад, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм хъӕбатыр. Фыццаджыдӕр нын фӕзминаг у нӕ Паддзах Йесо Чырысти. Уый фидар фӕлӕууыд ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын нӕ бакуымдта (Матф. 4:8–11; Иоан. 6:14, 15). Йесо йӕхицӕй ныфсджын нӕ уыд, фӕлӕ алкӕддӕр хъарутӕ куырдта Йегъовӕйӕ. w24.07 3 ф., 4 абз.; 4 ф., 7 абз.
Къуырисӕр, 9 февраль
Ӕртыдта [дзы] ӕмӕ дзы бахордта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта (Райд. 3:6).
Йегъовӕ ацы хабар кӕй ныффыссын кодта, уый фӕрцы ӕмбарӕм, тӕригъӕдӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны. Тӕригъӕд адӕмы фӕхицӕн кодта сӕ уӕларвон Фыдӕй ӕмӕ сӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ (Ис. 59:2). Хӕйрӕг та Йегъовӕйӕ ӕмӕ адӕмӕй йе сӕфт уыны. Ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр уый тыххӕй фӕрӕдийын кодта ӕмӕ абон адӕмы дӕр уый тыххӕй рӕдийын кӕны. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд Хӕйрӕг, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнд фехӕлдта. Фӕлӕ уый не ’мбӕрста, Йегъовӕ адӕмы куыд тынг уарзы. Хуыцаумӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты тыххӕй цы фӕнд уыд, уый нӕ фӕивта. Уый адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сын уайтагъд ныфс радта (Ром. 8:20, 21). Йегъовӕ зыдта, чи йӕ уарздзӕн ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ сын фадат радта, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕной ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой. w24.08 3 ф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 10 февраль
Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ тынг ӕнӕвдӕлон адӕм сты. Хъӕуы сӕ кусын, цӕмӕй сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ бинонты дӕр дарой (1 Тим. 5:8). Бирӕты ма фӕхъӕуы сӕ ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хиуӕттӕм кӕсын. Стӕй нӕ алкӕй дӕр хъӕуы йе ’нӕниздзинадмӕ йӕ хъус дарын, ӕмӕ уымӕн дӕр рӕстӕг хъӕуы. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕмбырды дӕр ис цавӕрдӕр хӕстӕ. Нӕ сӕйраг хӕстӕй иу у хорз хабар хъусын кӕнын. Библийы фыст ис, «ахсджиагдӕр цы у», уый-иу кӕй хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм. Чырыстӕттӕ ахсджиагыл кӕй нымайынц, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у Библи кӕсын. 1-аг псаломы амондджын адӕймаджы тыххӕй фыст ис: «Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй» (Пс. 1:1, 2). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй-иу Библи кӕсынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм. Библи кӕсынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд у? Уымӕн бӕлвырд дзуапп нӕй. Алкӕмӕн дӕр йӕхи бон у равзарын, Библи кӕд кӕсдзӕн, уый. Ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йӕ алы бон дӕр кӕсӕм. w24.09 3 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 11 февраль
Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).
Цымӕ фӕлтӕрд чырыстӕтты никуы никӕй ӕххуыс фӕхъӕуы? Уыдоны дӕр иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы иннӕтӕй ӕххуыс ракурын. Ӕвӕлтӕрд чырыстон уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йын иннӕтӕ зӕгъой, куыд хъуамӕ бакӕна, уый кӕнӕ йӕ бӕсты уынаффӕ рахӕссой. Фӕлтӕрд чырыстон та, йӕхицӕй фӕлтӕрдджындӕр чи у, уыдонӕй кӕд уынаффӕ ракуры, уӕддӕр фембары, «йӕхи хӕссинаг... йӕхӕдӕг» кӕй хъуамӕ ахӕсса ӕмӕ хъуыддаг йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна. Стыр адӕймӕгтӕ цӕсгомӕй ӕмхуызон не сты. Афтӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц сӕ миниуджытӕй. Зӕгъӕм, иу дзы у уӕззаузонд ӕмӕ ӕмбаргӕ, иннӕ – тынг хъӕбатыр, чидӕр у тынг рӕдау, чидӕр та йӕ зӕрдӕмӕ тынг арф айсы иннӕты зын. Уымӕй уӕлдай, кӕцыдӕр уавӕры иу фӕлтӕрд чырыстон цы уынаффӕ рахӕсдзӕн, уыцы уавӕры ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстон, гӕнӕн ис, ахӕм уынаффӕ ма рахӕсса, фӕлӕ дыууӕ дӕр Библимӕ гӕсгӕ раст уыдзысты. Арӕх афтӕ рауайы, адӕймаг ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ. Ахӕм уавӕрты фӕлтӕрд чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ фаутӕ нӕ фӕхӕссынц, фӕлӕ сын ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй дарддӕр дӕр се ’хсӕн иудзинад уа (Ром. 14:10; 1 Кор. 1:10). w24.04 4 ф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 12 февраль
Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд (Пс. 94:19).
Кӕд дӕхимӕ ницӕйаг кӕсыс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ, уый тыххӕй кӕм ис фыст, ахӕм стихтӕ кӕс ӕмӕ-иу сыл хъуыды кӕн. Кӕд дӕ разы цыдӕр нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы нӕ бафтыд кӕнӕ, иннӕтӕ цас аразынц, дӕуӕн уыйбӕрц дӕ бон нӕу, уӕд дӕхи ма хӕр. Йегъовӕ дӕ, дӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы (Пс. 103:13, 14). Кӕд дӕ раздӕр ӕфхӕрдтой ӕмӕ-иу дын дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ уый дӕу аххос у. Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн, ӕвзӕрдзинад кӕмӕн аразынц, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ йӕ чи аразы, уыдонӕй (1 Пет. 3:12). Макуы дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у дӕу уылты иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Ахӕм кады аккаг дӕ скодта, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныс ӕмӕ йе ’мкусӕг дӕ (1 Кор. 3:9). Дӕхӕдӕг цытӕ бавзӕрстай, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбардзынӕ, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдоны. w24.10 7, 8 фф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 13 февраль
Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн? Равзардзӕн, кӕд сын бирӕ быхсы, уӕддӕр. Зӕгъын уын: уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй (Лук. 18:7, 8).
Иннӕтӕ нын куыд сты, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад» (Пс. 37:28). Йесо загъта, афон куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ, «раст ӕмӕ зылын чи у», уый ӕвӕстиатӕй кӕй равзардзӕн. Тагъд не ’ппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн (Пс. 72:1, 2). Фӕлӕ цалынмӕ, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕм (2 Пет. 3:13). Зӕгъӕм, амоны нын, исчи нӕ ӕнаххосӕй куы бафхӕра, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй-иу уавӕр ма фӕфыддӕр уа. Уымӕй уӕлдай, Библийы ныффыссын кодта, ахӕм уавӕрты-иу йӕ Фырт, Йесо Чырысти, куыд архайдта, уый. Стӕй ма нын радта хорз уынаффӕтӕ дӕр. w24.11 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 14 февраль
Бахӕрын [сын] кӕнут исты (Матф. 14:16).
Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта, уый афтӕ ӕнцон саразын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ дзы 5 мин лӕджы бӕрц уыд. Сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та уыдаиккой 15 мины бӕрц (Матф. 14:21). Андрей загъта: «Мӕнӕ ам иу гыццыл лӕппумӕ ис фондз дзулы хъӕбӕрхорӕй ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уыйбӕрц адӕмӕн уыдон цы фаг сты?» (Иоан. 6:9). Уӕды рӕстӕг хъӕбӕрхоры ссадӕй конд дзул мӕгуыртӕ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр хордтой. Кӕсӕгтӕ та уыдаиккой хус, цӕхджын кӕсӕгтӕ. Фӕлӕ уыцы хӕринӕгтӕ уыйбӕрц адӕмӕн цы уыдысты?! Уыцы уавӕры Йесо равдыста уазӕгуарзондзинад. Адӕмӕн загъта, цӕмӕй кӕрдӕгыл къордгӕйттӕй ӕрбадтаиккой (Мар. 6:39, 40; Иоан. 6:11–13). Уый фӕстӕ йӕ Фыдӕн дзул ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй бузныг загъта. Афтӕмӕй равдыста, хӕринаг Хуыцау кӕй дӕтты. Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы бафӕзмын. Хорз уыдзӕн, хӕрды размӕ-иу Хуыцауӕн бузныг куы зӕгъӕм. Йесо куы скуывта, уӕд уый фӕстӕ адӕмӕн хӕринӕгтӕ байуарын кодта. Ӕмӕ уыдон дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. w24.12 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Хуыцаубон, 15 февраль
Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кӕнут (1 Аз. 29:20).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд алкӕддӕр йӕ Фыды кадджын кодта. Зӕгъӕм, адӕмӕн дзырдта, диссӕгтӕ аразыны тых ын Йегъовӕ кӕй дӕтты (Мар. 5:18–20). Уымӕй уӕлдай ма йӕ кадджын кодта, йӕ Фыды тыххӕй цы дзырдта, уымӕй, стӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыди, уымӕй дӕр. Иухатт ӕмбырдгӕнӕны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд се ’хсӕн уыд, дӕлимон 18 азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, иу ахӕм сылгоймаг. Уыцы мӕгуыр сылгоймаг ныкъкъӕдзтӕ ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон нӕ уыд. Йесо ӕмбӕрста, куыд зын ын уыд, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Гъемӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй фервӕзтӕ». Стӕй йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ӕмӕ «Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта» (Лук. 13:10–13). Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, кӕй сдзӕбӕх, уый тыххӕй, ӕмӕ йын скад кодта. Ӕмӕ махӕн дӕр бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у нӕ бон Йегъовӕйӕн кад кӕнын. w25.01 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 16 февраль
Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ (Лук. 11:4).
Адӕмӕн сӕхи бон нӕу, Адам ӕмӕ Евӕ цы фесӕфтой, уый фӕстӕмӕ раздахын (Пс. 49:7–9). Ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй нын нӕ уыдаид ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕнӕ райгасдзинады ныфс. Уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кастаид, цӕрӕгойтӕм цы кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕрмӕстдӕр ахӕм кӕрон (Еккл. 3:19; 2 Пет. 2:12). Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ скодта стыр лӕвар ӕмӕ уый фӕрцы фыст ӕрцыд, Адам нын цы хӕс ныууагъта, уый, ома тӕригъӕд. Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Уыцы лӕвары фӕрцы ма уый гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм ӕмӕ нӕ Хӕлар суа. Йегъовӕйы лӕвары фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй ссӕрибар уӕм. w25.02 3 ф., 3–6 абз.
Дыццӕг, 17 февраль
Уӕд [Савл] сыстад ӕмӕ донаргъуыд райста (Хъуыд. 9:18).
Савлӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? Йесо Савлимӕ уӕларвӕй куы ныхас кодта, уӕд Савлӕн йӕ алыварс ныррухс, ӕмӕ ницыуал уыдта (Хъуыд. 9:3–9). Ӕртӕ боны ком дардта ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, цы йыл ӕрцыд, ууыл. Савл баууӕндыд, Йесо Мессийӕ кӕй у ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ раст диныл хӕст кӕй сты, ууыл. Савлы хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Сӕрбӕрзонддзинад ыл куы фӕтых уыдаид ӕмӕ адӕмӕй куы фӕтарстаид, уӕд донаргъуыд нӕ райстаид. Савл сси Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг, кӕд ӕй зыдта, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзӕн, уӕддӕр (Хъуыд. 9:15, 16; 20:22, 23). Ӕмӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын алыхуызон зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (2 Кор. 4:7–10). Донаргъуыд куы райсай, уӕд, чи зоны, дӕ ныхмӕ цӕуой ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлай. Фӕлӕ дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау ӕмӕ дын Чырысти алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайай (Фил. 4:13). w25.03 4 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 18 февраль
Афтӕ не згъорын, цыма, цӕй тыххӕй згъорын, уый нӕ зонын (1 Кор. 9:26).
Библи кӕсын тынг хорз нысан у. Фӕлӕ нын цӕмӕй Библи фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй йӕ ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Ахъуыды кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Зайӕгойты хъӕуы къӕвда, цӕмӕй рӕзой. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ куы ӕруара, уӕд зӕхх ныллӕхъир уыдзӕн. Ӕмӕ ма ноджыдӕр куы ӕруара, уӕд уый зайӕгойтӕн ницы пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй дон зӕххы ахъара. Раст афтӕ мах дӕр Библи тагъд-тагъд куы кӕсӕм, цӕмӕй дзы фылдӕр бакӕсӕм, уӕд-иу ыл хъуыды нӕ акӕндзыстӕм, нӕ зӕрдыл дзы ницы бадардзыстӕм ӕмӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн, цы бакастыстӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын (Иак. 1:24). Кӕд Библи тагъд-тагъд фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цы у саразын? Бацархай, цӕмӕй йӕ сындӕгдӕр кӕсай, ӕмӕ-иу дӕ бон уа, цы кӕсыс, ууыл хъуыды кӕнын. Науӕд та-иу, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕн, каст куы фӕуай, уӕд. Чи зоны дӕ бафӕнда Библи иртасынӕн фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕн, цӕмӕй дын рӕстӕг уа, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. w24.09 4 ф., 7–9 абз.
Цыппӕрӕм, 19 февраль
Разамынд уын чи дӕтты, [уыдонмӕ]... хъусут (Дзут. 13:17).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ организаци цавӕрдӕр амындтӕ куы ратты, уӕд-иу сӕ хъуамӕ лӕмбынӕг бакӕсой ӕмӕ, сӕ бон цы у, уый саразой, цӕмӕй уыцы амындтӕм гӕсгӕ архайой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ амындтӕ райсынц, ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ ӕмбырды номӕй кувын куыд хъӕуы, уый фӕдыл, стӕй Чырыстийы фыстӕн ӕххуыс кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ организацийы амындтӕм гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фембарынц, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕм йӕ хъус кӕй дары. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын цы разамынд раттынц, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ уайтагъд бацархайӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Библи нын дзуры, цӕмӕй, разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм (Дзут. 13:7, 17). Уый нын хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм куы ныккомкоммӕ уӕм, сӕ хорз миниуджытӕ та-иу сын куы нӕ уынӕм, уӕд афтӕмӕй не знӕгтӕн сӕ къух араздзыстӕм. Ома куыд? Не знӕгты фӕнды, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, Хуыцау нын разамынд йӕ организацийы уылты кӕй дӕтты, ууыл. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм фаутӕ куы хӕссӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ организацимӕ дӕр райдайӕм фаутӕ хӕссын, ӕмӕ йыл уӕд ӕууӕндгӕ дӕр нал кӕндзыстӕм. w24.04 10 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 20 февраль
Ахицӕн кӕндзӕн адӕмы (Матф. 25:32).
Стыр бӕллӕхы рӕстӕг чи амӕла, уыдон цымӕ ӕнустӕм фесӕфдзысты, райгасдзинады ныфс сын нӕ уыдзӕн? Библи бӕлвырд ӕмбарын кӕны, Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуа ӕмӕ Йегъовӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтимӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон кӕй нӕ райгас уыдзысты (2 Фес. 1:6–10). Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис иннӕ адӕмӕй та, зӕгъӕм, низӕй кӕнӕ, кӕй базӕронд, уый тыххӕй чи амӕла, ӕрдзон кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхы науӕд искӕй къухӕй чи фӕмард уа, уыдонӕй? (Еккл. 9:11; Зах. 14:13). Мыййаг, Йегъовӕ уыдонӕй дӕр искӕй райгас кӕндзӕн, ног дунейы «фыдгӕнджыты» куы ӕгас кӕна, уӕд? (Хъуыд. 24:15). Мах уый нӕ зонӕм. Фидӕны хабӕртты тыххӕй цы зонӕм? Зӕгъӕм, зонӕм, Йесо Чырысти адӕмы фыстыл ӕмӕ сӕгътыл кӕй адих кӕндзӕн, йе ’фсымӕртӕм ын цы зӕрдӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 25:40). Йӕхицӕн ӕмӕ йын йе ’фсымӕртӕн чи ӕххуыс кодта, уыдон нымад ӕрцӕудзысты фыстыл (Рарг. 12:17). w24.05 10, 11 фф., 9–11 абз.
Сабат, 21 февраль
Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау. Арфӕгонд уӕд мӕ айнӕг къӕдзӕх! Кад уӕд мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн! (Пс. 18:46).
Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1). Йегъовӕйы адӕм дӕр хызт не сты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма сӕ фӕдыл зилынц ӕмӕ сӕ ӕфхӕрынц, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Кӕд ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нын цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм? Мах зонӕм, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у (Йер. 10:10; 2 Тим. 1:12). Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау. Уый нын нӕ зындзинӕдтӕ фӕуыны ӕмӕ йӕ алкӕддӕр фӕфӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна (2 Аз. 16:9; Пс. 23:4). Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраздзыстӕм. w24.06 20 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 22 февраль
Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ (Ӕмб. 4:18).
Хъуамӕ алкӕддӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйы организацийыл. Разамонӕг совет куы фены, нӕ ахуырӕдтӕй кӕцыдӕр фӕбӕлвырддӕр кӕнын кӕй хъӕуы кӕнӕ нӕ организацийы цыдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын кӕй хъӕуы, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкӕны ӕмӕ, цы фӕхъӕуы, уый фӕивы. Афтӕ уымӕн бакӕны, ӕмӕ йын сӕйрагдӕр вӕййы, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый. Стӕй, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдонӕн сӕ бындур вӕййы Хуыцауы Ныхас – «раст ныхӕсты хуызӕг». Апостол Павел загъта: «Фидар хӕц... раст ныхӕсты хуызӕгыл» (2 Тим. 1:13). «Раст ныхӕсты хуызӕг» амоны Йесойы ахуырӕдтӕм ӕмӕ ма Библийы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Иоан. 17:17). Уыцы ахуырӕдтӕ сты, цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕн йӕ бындур. Йегъовӕйы организаци нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй уыцы хуызӕгыл фидар хӕцӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. w24.07 11, 12 фф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 23 февраль
Йегъовӕ... уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат (2 Пет. 3:9).
Апостол Петр йӕхицӕй зыдта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ йын куы ныххатыр кӕнынц, уӕд цы фенкъары, уый. Ӕмӕ йӕ бон уыд иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Фӕндзайӕм боны фӕстӕ Петр дзуттӕгтӕн бамбарын кодта, Мессийӕйы уыдон кӕй амардтой, фӕлӕ сын фӕлмӕнӕй загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат ӕмӕ уӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауадза» (Хъуыд. 3:14, 15, 17, 19). Афтӕмӕй Петр бамбарын кодта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд кӕй аивы, ома йӕ зондахаст аивы, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын райдайы. Петр ма загъта, Йегъовӕ ахӕм адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг кӕны, цыма йын сӕ сӕрфгӕ ныккӕны, кӕнӕ сӕ халгӕ скӕны, уыйау. Уӕдӕ-иу нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, суанг уӕззау тӕригъӕдтӕ куы уой, уӕд дӕр. Уый нын удӕнцой куыннӕ хӕссы! w24.08 12 ф., 14 абз.
Дыццӕг, 24 февраль
Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут (Дзут. 13:5).
Йегъовӕ тагъд ацы дуне кӕй фесафдзӕн, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд ӕхцауарзаг не суыдзыстӕм. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕмы се ’хца ӕмӕ сӕ мулк нӕ бахъахъхъӕндзысты. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «се ’взист уынгтӕм калдзысты», уымӕн ӕмӕ бамбардзысты: «Йегъовӕйы судзгӕ масты бон сӕ нӕдӕр се ’взист фервӕзын кӕндзӕн, нӕдӕр сӕ сызгъӕрин» (Йез. 7:19). Уӕдӕ бирӕ ӕхца бакусыныл ма архайӕм, фӕлӕ хуымӕтӕг цард кӕнӕм. Зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн ӕнӕхъуаджы хӕстӕ исын кӕнӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕм зилыныл бирӕ рӕстӕг хардз кӕнын. Стӕй хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын нӕ мулк сӕйраг ма суа (Матф. 6:19, 24). Абон уа ӕви райсом – алкӕй дӕр нӕ хъӕудзӕн равзарын, нӕ ныфс Йегъовӕйыл дардзыстӕм ӕви нӕ мулк ӕмӕ не ’хцайыл. w24.09 11 ф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 25 февраль
Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа (1 Кор. 10:12).
Ӕвӕццӕгӕн, кӕцыдӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕй нӕ бон уыдзӕн кӕронмӕ фервӕзын, кӕцыдӕртимӕ та нӕ хъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг тох кӕнын. Ӕркӕсӕм апостол Петры хабармӕ. Адӕмӕй кӕй тарст, уый тыххӕй Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Матф. 26:69–75). Фӕстӕдӕр Синедрионы раз куы лӕууыд, уӕд Йесойы тыххӕй ныфсджынӕй дзырдта. Ӕмӕ афтӕ зынди, цыма йӕ лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз (Хъуыд. 5:27–29). Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ, «сунӕт кӕныны фарс чи уыд, уыдоны зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ», иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыцы чырыстӕттимӕ иу фынгыл нал бадт (Гал. 2:11, 12). Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Петр йӕ лӕмӕгъдзинадӕй нӕ фервӕзт, ӕмӕ йӕ, гӕнӕн ис, цӕрӕнбонты хъуыди йемӕ тох кӕнын. Махыл дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм хабар ӕрцӕуа. Кӕд нырма цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадӕй нӕ фервӕзтӕ, уӕд дӕ бон у Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матф. 26:41). Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ фидар лӕууыс, уӕддӕр-иу дӕхи хиз, фӕрӕдийынӕй дын тӕссаг кӕм у, ахӕм уавӕртӕй. Стӕй дарддӕр дӕр араз, уый размӕ дын уыцы лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнынӕн цы ’ххуыс кодта, уыдӕттӕ (2 Пет. 3:14). w24.07 18, 19 фф., 17–19 абз.
Цыппӕрӕм, 26 февраль
Радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты (Еф. 4:8).
Йесо иннӕтӕн цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыйбӕрц иу адӕймаг дӕр нӕ сарӕзта. Зӕххыл куы уыд, уӕд-иу адӕмӕн баххуыс кӕныны тыххӕй диссӕгтӕ арӕзта (Лук. 9:12–17). Суанг ма мах тыххӕй йӕ цард дӕр радта. Уымӕй стырдӕр лӕвар нӕй! (Иоан. 15:13). Йесо йӕ мӕлӕты размӕ куыд рӕдау уыд, афтӕ рӕдау уыд, куы райгас, уый фӕстӕ дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кодта: йӕ Фыдӕн загъта, цӕмӕй сын сыгъдӕг тых радта, ӕмӕ сӕ уыцы тых ахуыр кӕна ӕмӕ сын ныфс дӕтта (Иоан. 14:16, 17 фип.; 16:13). Йесо нын ӕмбырды уылты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый дӕтты, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:18–20). Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд «радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» (Еф. 4:7, 8). Павел бамбарын кодта, Йесо сӕ кӕй радта ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнынӕн (Еф. 1:22, 23; 4:11–13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийынц (Иак. 3:2). Фӕлӕ нын нӕ Хицау Йесо Чырысти уыдоны уылты ӕххуыс кӕны. Уыдон сты йӕ лӕвӕрттӕ. w24.10 18 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 27 февраль
Арфуынындзинад уыдзӕн дӕ хъахъхъӕнӕг (Ӕмб. 2:11).
Давид йӕ фыртӕн загъта, ӕнтыстджын кӕй уыдаид, Йегъовӕмӕ куы хъуыстаид, ӕрмӕстдӕр уӕд. Хъыгагӕн, Соломон фӕстагмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдта. Йегъовӕ дзы райгонд нал уыд, ӕмӕ йын нал арфӕ кодта. Йӕ зондӕй йын нал хай кодта, ӕмӕ йӕ бон нал уыд адӕмӕн хорз разамынд дӕттын (1 Пад. 11:9, 10; 12:4). Соломоны хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд архайдзыстӕм ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ уыдзыстӕм ӕнтыстджын (Пс. 1:1–3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ мах дӕр Соломонау хъӕздыг ӕмӕ зындгонд уыдзыстӕм. Фӕлӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын зонд дӕтдзӕн (Ӕмб. 2:6, 7; Иак. 1:5). Йӕ уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн, зӕгъӕм, куысты фӕдыл, уӕлдӕр ахуыры фӕдыл, ирхӕфсӕнты ӕмӕ ӕхцайы фӕдыл. Йӕ уынаффӕтӕм ын куы хъусӕм, уӕд дзы никуы адард уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм (Ӕмб. 2:10, 11). Стӕй нын уыдзӕн хорз ӕмбӕлттӕ ӕмӕ амондджын бинонтӕ. w24.11 10, 11 фф., 11, 12 абз.
Сабат, 28 февраль
Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут, хорз цы у, ууыл фидар хӕцут (1 Фес. 5:21).
Ныййарджытӕн вӕййы алыхуызон фадӕттӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллонимӕ дзӕбӕх аныхас кӕной Библийы кӕнӕ Хуыцауы тыххӕй. Ууыл сӕ бон вӕййы семӕ аныхас кӕнын, музейы куы уой, уӕд. Йӕ хъус-иу ын ӕрдарут, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый чи бӕлвырд кӕны, ахӕм хабӕрттӕм кӕнӕ дзауматӕм (артефакттӕм). Зӕгъӕм, Моави́таг дуры тыххӕй исты зоны? Уыцы дурыл цӕуы 3 000 азы, ӕмӕ йыл фыст ис Хуыцауы ном. Йӕ къопи йын фенӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Уорвичы (АИШ), выставкӕйы «Библи ӕмӕ Хуыцауы ном». Моавитаг дурыл фыст ис, Моавы паддзах Ме́сӕ израилӕгтимӕ кӕй схӕцыд. Ӕмӕ уый фыст ис Библийы дӕр (2 Пад. 3:4, 5). Уӕ сывӕллон-иу ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ йӕхи цӕстӕй куы фена, уӕд йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. w24.12 15 ф., 4, 6 абз.