Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 октябрь 30–31 фф.
  • Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет цы у?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Разамонӕг советы ног ӕфсымӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 октябрь 30–31 фф.

Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры

2024 азы 5 октябры ӕрвылазон фембӕлды уыди ӕхсызгон хъусинаг: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры – Джо́ди Дже́дли ӕмӕ Дже́йкоб Рамф. Дыууӕйӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц.

Джоди Джедли ӕмӕ йӕ бинойнаг Дамарис

Ӕфсымӕр Джоди Джедли райгуырд штат Миссу́рийы (АИШ). Йӕ ныййарджытӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Кӕм цардысты, уыцы ран Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ нӕ уыд. Ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алы рӕттӕй уырдӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ӕрцыдысты. Куыд уарзӕгой уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ куыд ӕнгом уыдысты, уый йӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Донаргъуыд райста 1983 азы 15 октябры, рӕзгӕ кары ма куы уыд, уӕд. Хъусын кӕнын тынг уарзта, ӕмӕ, скъола куы фӕци, уӕд райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый уыд 1989 азы сентябры.

Джоди гыццыл куы уыд, уӕд-иу ӕй йӕ ныййарджытӕ йӕ хоимӕ арӕх Вефилмӕ экскурсимӕ акодтой. Гъемӕ дыууӕйӕ дӕр гыццылӕй сӕ разы нысан сӕвӕрдтой, Вефилы лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Ӕмӕ уыцы нысан сӕ къухы бафтыд. 1990 азы сентябры Джоди райдыдта Уо́лкиллы Вефилы лӕггад кӕнын. Фыццаг лӕггад кодта ӕфснайыны хайады. Фӕстӕдӕр та йӕ снысан кодтой, вефилӕгты ӕнӕниздзинадмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы хайадмӕ.

Уыцы рӕстӕг, Вефилмӕ хӕстӕг чи уыд, уыцы испайнаг ӕмбырдты хъусынгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, ӕмӕ дзы хъуыди ’фсымӕрты ӕххуыс. Гъемӕ Джоди уыцы ӕмбырдтӕй иумӕ ахызт ӕмӕ испайнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын райдыдта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ базонгӕ Да́марисимӕ. Уый уыцы районы пионерӕй лӕггад кодта. Фӕстӕдӕр сӕ цард баиу кодтой, ӕмӕ Дамарис дӕр Джодиимӕ Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта.

2005 азы Вефилӕй ацыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыди сӕ ныййарджытӕм кӕсын. Уыцы рӕстӕг лӕггад кодтой пионертӕй. Джоди ма-иу ӕххуыс кодта Пионерты скъола уадзынӕн дӕр. Стӕй ма лӕггад кодта рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты ӕмӕ регионалон арӕзтадон комитеты.

2013 азы сӕ фӕстӕмӕ Вефилмӕ фӕхуыдтой, цӕмӕй Уо́рвичы Вефилы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Уый фӕстӕ ма лӕггад кодтой Па́ттерсоны ӕмӕ Уолкиллы дӕр. Джоди лӕггад кодта проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайады ӕмӕ рынчындӕттӕн информацидӕттӕг хайады. 2023 азы мартъийы йӕ снысан кодтой Разамонӕг советы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй. Цы алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ загъта: «Ног хӕстӕ дын куы бахӕс кӕной, уӕд, чи зоны, стыхсай ӕмӕ мӕт кӕнай. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг хъуамӕ дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай, уымӕн ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суай, чи йӕ бафӕнда, уый».

Джейкоб Рамф ӕмӕ йӕ бинойнаг Ингӕ

Ӕфсымӕр Джейкоб Рамф райгуырд штат Калифорнийы (АИШ). Йӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыд. Джейкоб гыццыл куы уыд, уӕд йӕ мад ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал цыд. Фӕлӕ йын уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕртӕ амыдта. Джейкоб-иу алы аз дӕр цыди йӕ фыдымадмӕ. Уый Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъта – Джейкобы бафӕндыд рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕмӕ йыл 13 азы куы цыд, уӕд загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой. Донаргъуыд райста 1992 азы 27 сентябры, рӕзгӕ кары уыд, уӕд. Йӕ мад дӕр ногӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамындмӕ цӕуын райдыдта. Йӕ фыд, стӕй йӕ кӕстӕр хо ӕмӕ ’фсымӕр та Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райстой.

Ӕрыгонӕй Джейкоб уыдта, пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд амондджын сты. Гъемӕ скъола куы фӕци, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Уый уыд 1995 азы сентябры. 2000 азы та цӕрынмӕ ацыд Эквадормӕ, уымӕн ӕмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кодта. Уым базонгӕ Ингӕимӕ. Ингӕ уыд Канадӕйӕ, ӕмӕ уый дӕр пионерӕй лӕггад кодта. Фӕстӕдӕр сӕ цард баиу кодтой ӕмӕ иумӕ иу гыццыл горӕты лӕггад кодтой. Уыцы горӕты уӕды рӕстӕг уыд ӕрмӕстдӕр иу гыццыл къорд. Ныр та дзы ис ӕнӕхъӕн ӕмбырд, ӕмӕ дзы лӕггад кӕны бирӕ хъусынгӕнджытӕ!

Фӕстӕдӕр Джейкоб ӕмӕ Ингӕйы снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Уый фӕстӕ та Джейкобы снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ Ингӕимӕ иумӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтой. 2011 азы сӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 132-ӕм къласмӕ. Уыцы скъола каст куы фесты, уӕд уый фӕстӕ алыхуызон бӕстӕты лӕггад кодтой ӕмӕ бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтой. Зӕгъӕм, лӕггад кодтой Вефилы, стӕй лӕггад кодтой миссионертӕй ӕмӕ ’мбырдтӕ бӕрӕг кодтой. Джейкоб ма уыди Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыргӕнджытӕй сӕ иу.

Коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй Джейкоб ӕмӕ Ингӕ фӕстӕмӕ Иугонд Штаттӕм аздӕхтысты. Фӕхуыдтой сӕ Уолкиллы Вефилмӕ. Уым Джейкобы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады ахуыр кодтой йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уый фӕстӕ сӕ фӕстӕмӕ Эквадормӕ снысан кодтой, ӕмӕ Джейкоб лӕггад кӕнын райдыдта филиалы комитеты. 2023 азы сӕ снысан кодтой Уорвикмӕ. 2024 азы январы та Джейкобы снысан кодтой Разамонӕг советы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй. Кӕмыты лӕггад кодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ загъта: «Дӕ лӕггад дын уӕлдай зынаргъ, кӕм лӕггад кӕныс, уый фӕрцы нӕ вӕййы, фӕлӕ, кӕимӕ лӕггад кӕныс, уыдоны фӕрцы».

Мах ацы ’фсымӕртӕн тынг аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ бузныг стӕм сӕ фыдӕбоны тыххӕй! (Фил. 2:29).

Ныртӕккӕ Разамонӕг советы ис 11 сӕрст ӕфсымӕры: Джоди Джедли, Джеффри Джексон, Кеннет Кук, Стивен Летт, Геррит Лёш, Джейкоб Рамф, Марк Сандерсон, Дейвид Сплэйн, Джеффри Уиндер, Гейдж Флигл ӕмӕ Сэмюэл Хёрд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын