43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ
Ма рох кӕн иннӕты тыххӕй кувын
«Кӕрӕдзийы тыххӕй кувут... Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис» (ИАК. 5:16).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Ахсджиаг цӕмӕн у кӕрӕдзийы тыххӕй кувын ӕмӕ уый куыд ис аразӕн.
1. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн кӕй аргъ кӕны?
КУЫВД у диссаджы лӕвар. Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕ зӕдты бар бакодта цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ, кӕд сӕ йӕхи бон аразын уыд, уӕддӕр (Пс. 91:11). Ахсджиаг хӕстӕ ма бакодта йӕ Фырты бар дӕр (Матф. 28:18). Цы ис зӕгъӕн куывдтыты тыххӕй та? Куывдтытӕм хъусын искӕй бар бакодта? Нӕ. Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕмӕ алкӕй куывдмӕ дӕр йӕхӕдӕг фӕхъусы (Пс. 65:2).
2. Павел иннӕты тыххӕй кӕй куывта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?
2 Нӕ бон у Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй дзурын, цӕуыл мӕт кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. Фӕлӕ хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи тыххӕй ма кувӕм. Ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ иннӕты тыххӕй дӕр ма рох кӕна кувын. Уымӕй нын фӕзминаг у апостол Павел. Зӕгъӕм, Ефесы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Ӕдзухдӕр сымах тыххӕй фӕкувын» (Еф. 1:16). Стӕй ма Павел куывта хицӕн хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Тимофеймӕ ныффыста: «Дӕу тыххӕй ӕдзухдӕр, ӕхсӕвӕй-бонӕй зӕрдиагӕй фӕкувын» (2 Тим. 1:3). Павел бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ-иу цӕуылдӕрты мӕт кодта (2 Кор. 11:23; 12:7, 8). Фӕлӕ-иу уӕддӕр рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй-иу иннӕты тыххӕй скуывтаид.
3. Хатт нӕ цӕмӕн айрох вӕййы иннӕты тыххӕй кувын?
3 Хатт нӕ айрох вӕййы иннӕты тыххӕй кувын. Цӕмӕн? Уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис. Сӕ иуы кой скодта хо Сабри́нӕa. Уый загъта: «Абон иууылдӕр тынг ӕнӕвдӕлон стӕм. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, адӕймаг йӕ зындзинӕдтыл афтӕ суа, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдоны тыххӕй кува». Дӕуӕн дӕр афтӕ вӕййы? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн. Аныхас кӕндзыстӕм: 1) иннӕты тыххӕй кувын ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ 2) уый нӕ бон куыд у аразын.
ИННӔТЫ ТЫХХӔЙ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ КУВӔМ?
4, 5. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ иннӕты тыххӕй кувай, уымӕн «стыр тых ис»? (Иаковы 5:16).
4 Иннӕты тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уымӕн «стыр тых ис». (Бакӕс Иаковы 5:16.) Искӕй тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд ын цымӕ нӕ куывдтытӕ исты ӕххуыс вӕййынц? Куыннӕ. Йесо зыдта, апостол Петр дзы кӕй зӕгъдзӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын загъта: «Ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай» (Лук. 22:32). Апостол Павел дӕр зыдта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ иннӕты куывдтыты фӕрцы йӕ уавӕр фӕива. Ромы ахст куы уыд, уӕд Филимонмӕ ныффыста: «Ныфс мӕ ис, уӕ куывдтыты фӕрцы уын кӕй ссӕрибар уыдзынӕн» (Филим. 22; кӕс комментари дзырдбастмӕ «ныфс мӕ ис, уӕ куывдтыты фӕрцы», «Ахуыргӕнӕн Библи», англ.). Ӕмӕ раст афтӕ рауад. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Павелы ссӕрибар кодтой ӕмӕ та ногӕй хорз хабар хъусын кодта.
5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ алы куывд дӕр хъуамӕ сӕххӕст кӕна. Уый фӕуыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕм цӕй тыххӕй кувынц, ууыл тынг кӕй мӕт кӕнынц. Ӕмӕ хатт аскъуыддзаг кӕны, цы дзы курӕм, уый кӕй сараздзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон вӕййы Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувын ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый йын дзурын. Ӕмӕ нӕ зӕрдӕ вӕййы сабыр, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнӕм, алцыдӕр, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн (Пс. 37:5; кӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:11 ӕмӕ комментаритӕ ацы стихмӕ, «Учебная Библия»-йы).
6. Иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд уый куыд фӕзыны, цы зӕрдӕ сӕм дарӕм, ууыл? (1 Петры 3:8).
6 Иннӕты тыххӕй куы кувӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уӕм ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбарӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:8.) Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг иннӕты рыст йӕ зӕрдӕмӕ айсы ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын сӕ зын фӕрог кӕна (Мар. 1:40, 41). Иу хистӕр нӕлгоймаг, Майкл, зӕгъы: «Куы йӕ базонын, чидӕр цыдӕр хъуаг кӕй ӕййафы, уӕд уый тыххӕй фӕкувын. Уый фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбарын, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уый ӕмӕ йӕ тынгдӕр бауарзын. Куывды фӕрцы йемӕ ӕнгомдӕр свӕййын, кӕд ӕй йӕхӕдӕг зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, уӕддӕр». Иннӕты тыххӕй кувын ма ноджыдӕр хорз цӕмӕн у? Уый тыххӕй ӕндӕр хистӕр нӕлгоймаг Ричард та мӕнӕ цы зӕгъы: «Кӕй тыххӕй фӕкувӕм, уыцы адӕймагӕн, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй куы баххуыс кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, нӕ куывдмӕ гӕсгӕ фӕархайӕм».
7. Иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нын уый куыд феххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, зындзинӕдтыл ӕрмӕст мах кӕй не ’мбӕлӕм? (Филиппӕгтӕм 2:3, 4). (Кӕс нывтӕм дӕр.)
7 Иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, зындзинӕдтыл ӕрмӕст мах кӕй не ’мбӕлӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3, 4.) Мах цӕрӕм Хӕйрӕджы дунейы, ӕмӕ нӕ алчидӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы (1 Иоан. 5:19; Рарг. 12:12). Ӕдзух иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ «ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц» (1 Пет. 5:9). Хо Ка́трин лӕггад кӕны пионерӕй. Уый зӕгъы: «Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй куы фӕкувын, уӕд ӕй хуыздӕр фембарын, уыдон дӕр зындзинӕдтыл кӕй ’мбӕлынц. Уый фӕрцы мӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр не свӕййын».
Иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр ма суӕм (кӕс 7 абзац)d
НӔ КУЫВДТЫТӔ СӔ ХЪӔУЫНЦ
8. Нӕ бон кӕй тыххӕй у кувын?
8 Нӕ бон кӕй тыххӕй у кувын? Нӕ бон у кувын, алыхуызон уавӕрты чи ис, ахӕм хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй, зӕгъӕм, рынчын чи у, уыдоны тыххӕй, ацӕргӕты тыххӕй, стӕй, скъолайы кӕуыл худынц кӕнӕ, йӕ ныхмӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы ӕрыгӕтты тыххӕй. Не ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕн сӕ ныхмӕ цӕуынц сӕ хиуӕттӕ. Кӕцыдӕр бӕстӕты та хицауады къухӕй ’фхӕрд ӕййафынц (Матф. 10:18, 36; Хъуыд. 12:5). Кӕйдӕрты бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын, сӕ бӕстӕйы политикӕйы уавӕр ӕвзӕр кӕй уыд, уый тыххӕй. Кӕмӕндӕрты та зиан ӕрхаста ӕрдзон бӕллӕх. Чи зоны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ зонгӕ не стӕм. Фӕлӕ уыдоны тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд равдисӕм, Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусӕм, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ (Иоан. 13:34).
9. Цӕмӕн хъуамӕ кувӕм, Йегъовӕйы организацийы разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты тыххӕй?
9 Нӕ бон ма у кувын, Йегъовӕйы организацийы разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты тыххӕй. Уыдонмӕ хауынц, Разамонӕг советы чи ис, уыцы ’фсымӕртӕ ӕмӕ се ’ххуысгӕнджытӕ, филиалты комитетты чи ис, уыдон, филиалты хайӕдты цӕстдарджытӕ, районон цӕстдарджытӕ, стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ. Уыцы ’фсымӕртӕ мах тыххӕй зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнынц, кӕд сӕхӕдӕг зындзинӕдтӕй хызт не сты, уӕддӕр (2 Кор. 12:15). Ӕфсымӕр Марк лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй. Уый загъта: «Мӕ ныййарджытӕй дард кӕй дӕн, уымӕй зындӕр мын ницы ис. Азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ се ’нӕниздзинад лӕмӕгъдӕр кӕны. Мӕ хо ӕмӕ сӕм йӕ сӕрыхицау хорз кӕсынц. Фӕлӕ семӕ кӕй нӕ дӕн ӕмӕ сын мӕ бон фылдӕр цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕнын кӕй нӕу, уый мын ӕнцой нӕ дӕтты. Тынг зын мын вӕййы». Кӕд, уыцы ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм, уӕддӕр ахсджиаг у уыдоны тыххӕй кувын (1 Фес. 5:12, 13). Нӕ бон ма у сӕ бинойнӕгты тыххӕй дӕр кувын. Се ’ххуысы фӕрцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон у дарддӕр дӕр сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын.
10, 11. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй номгай куы никӕй ранымайӕм, уӕддӕр цымӕ Йегъовӕйӕн нӕ куывдтытӕ ӕхсызгон вӕййынц? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.
10 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй арӕх хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй ӕмткӕй райсгӕйӕ фӕкувӕм, хицӕн адӕймӕгты тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ фӕкувӕм, цӕмӕй баххуыс кӕна, ахст чи у, йе та йе ’мбал кӕнӕ йӕ хион кӕмӕн фӕзиан, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, До́нальд, загъта: «Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыйбӕрц зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ алкӕй тыххӕй нӕ вӕййы хицӕнӕй скувӕн. Ӕмӕ хатт Йегъовӕмӕ фӕкувӕм, зӕгъгӕ, баххуыс кӕн, ахӕм ӕмӕ ахӕм зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр».
11 Цымӕ ахӕм куывдтытӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййынц? Куыннӕ. Мах хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй алцы нӕ зонӕм, зӕгъӕм, чи цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы кӕнӕ хъуаг цӕмӕй ӕййафы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, хицӕн хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй нӕ, фӕлӕ бирӕты тыххӕй кувын (Иоан. 17:20; Еф. 6:18). Йегъовӕмӕ афтӕ куы фӕкувӕм, уӕд равдисӕм, не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй уарзӕм (1 Пет. 2:17).
ХИЦӔН ХОТЫ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ ТЫХХӔЙ КУВ
12. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй кувӕм?
12 Иннӕты уавӕртӕм дӕ хъус дар. Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй ӕмткӕй райсгӕйӕ кӕй кувӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у хицӕн хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй дӕр кувын. Чи зоны, де ’мбырды чидӕр уӕззау низӕй рынчын у кӕнӕ та ӕрыгӕттӕй кӕйдӕр скъолайы хъыгдарынц, ӕмӕ уый тыххӕй йӕхимӕ ныхъхъуыста. Йе та ӕмбырды ис ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕр, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕны, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразы» (Еф. 6:4). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд сӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ уыдоны тыххӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувдзыстӕм (Ром. 12:15)b.
13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, нӕхӕдӕг кӕй нӕ зонӕм, уыдоны тыххӕй кувынӕн?
13 Иннӕты тыххӕй номгай кув. Уый хауы, дӕхӕдӕг кӕй нӕ зоныс, суанг уыдонмӕ дӕр. Зӕгъӕм, дӕ бон у кувын, Хъырымы, Уӕрӕсейы, Сингапуры ӕмӕ Эритрейы ахӕстоны чи бады, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй. Сӕ нӕмттӕ дӕ бон у ссарын сайты jw.orgc. Иу районон цӕстдарӕг, Бра́йан, загъта: «Ахӕстоны чи бады, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕры ном рафыссын ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакӕсын. Уый фӕрцы мӕ кувгӕйӕ йӕ кой скӕнын нӕ ферох вӕййы».
14, 15. Цы нын баххуыс кӕндзӕн бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй кувынӕн?
14 Бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй кув. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ’фсымӕр, Майкл, загъта: «Нӕ сайты куы фӕкӕсын, ахӕстоны чи бады, уыцы ’фсымӕрты тыххӕй, уӕд фӕхъуыды кӕнын, сӕ бынаты ӕз та куыд уыдаин. Мӕ бинойнагыл мӕт кодтаин ӕмӕ мӕ фӕндыдаид, цӕмӕй, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух ма ӕййафа. Ӕмӕ, ус кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕры тыххӕй куы фӕкувын, уӕд фӕзонын, Йегъовӕйӕ цы ракурдзынӕн» (Дзут. 13:3).
15 Ахӕстоны чи бады, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алы бон дӕр цытӕ ’взарынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, цы хъуаг ӕййафынц ӕмӕ зондзыстӕм, нӕ бон ма ноджыдӕр цӕй тыххӕй у кувын. Зӕгъӕм, нӕ бон у кувын, цӕмӕй сӕ ахӕстоны хицӕуттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма хъыгдарой, стӕй сӕм цӕмӕй хъахъхъӕнджытӕ хорз зӕрдӕ дарой (1 Тим. 2:1, 2). Нӕ бон ма у кувын, цӕмӕй сӕ цӕвиттон се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕна. Стӕй сын цӕмӕй, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон сӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной, ӕмӕ сӕ бафӕнда нӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын (1 Пет. 2:12). Не ’мчырыстӕттӕй ӕндӕрхуызон зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыдоны тыххӕй дӕр нӕ бон у афтӕ кувын. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, нӕ куывды-иу сӕ номгай куы ранымайӕм ӕмӕ-иу бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй куы кувӕм, уӕд равдисдзыстӕм, тынг сӕ кӕй уарзӕм (1 Фес. 3:12).
КУЫВДМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔС
16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй куывдмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм? (Матфейы 6:8).
16 Ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй нӕ куывдтытӕ, чи зоны, хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн баххуыс кӕной. Фӕлӕ хъуамӕ куывдмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын нӕ бон, цы нӕ зоны, ахӕмӕй ницы вӕййы радзурын. Стӕй-иу ын хъуамӕ уынаффӕ ма дӕттӕм, кӕцыдӕр уавӕры хуыздӕр куыд уаид бакӕнын, уый фӕдыл. Йегъовӕ фӕзоны, йӕ лӕггадгӕнджыты цы хъӕуы, уый, кӕд ӕй мах кӕнӕ суанг сӕхӕдӕг дӕр нӕма фӕзонынц, уӕддӕр. (Бакӕс Матфейы 6:8.) Ӕмӕ уӕд иннӕты тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм? Цы хъуыддӕгтыл аныхас кодтам, уыдонӕй уӕлдай ма ис иу хъуыддаг: иннӕты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, зынаргъ нын кӕй сты ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм. Мах хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзӕм, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕфӕнды уыдоны тыххӕй кувын. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ уарзондзинад куы бафӕзмынц, уӕд.
17, 18. Цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг, хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй кувын ахсджиаг кӕй у?
17 Зӕгъӕм, кӕйдӕр тыххӕй кувӕм, фӕлӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ уавӕр хуыздӕр нӕ кӕны. Цымӕ нӕ куывдтытӕ дзӕгъӕлы сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уыцы хойы кӕнӕ ’фсымӕры тыххӕй кӕй кувӕм, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ уарзӕм. Ӕмӕ Йегъовӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Мад ӕмӕ фыдӕн ис дыууӕ сывӕллоны – чызг ӕмӕ лӕппу. Лӕппу тынг фӕрынчын. Ӕмӕ чызг йӕ фыдӕн лӕгъстӕ кӕны: «Па, ме ’фсымӕрӕн мын баххуыс кӕн. Тынг рынчын у». Фыд йӕ лӕппуйы тынг уарзы. Ӕмӕ ӕнӕуи дӕр, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй тагъддӕр йӕ къахыл слӕууа. Фӕлӕ фыдӕн тынг ӕхсызгон у, йӕ чызг йе ’фсымӕры афтӕ тынг кӕй уарзы, ӕмӕ йын кӕй лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын баххуыс кӕна.
18 Йегъовӕ дӕр нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы тыххӕй кувӕм. Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, ӕрмӕст нӕхи мӕт кӕй нӕ кӕнӕм, фӕлӕ уыдоны хорзыл дӕр кӕй хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый тынг ӕхсызгон вӕййы (2 Фес. 1:3; Дзут. 6:10). Стӕй, куыд базыдтам, афтӕмӕй нӕ куывдтытӕ, чи зоны, хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн баххуыс кӕной. Цӕй уӕдӕ иннӕты тыххӕй кувын макуы рох кӕнӕм!
101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм
a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
b Сайты jw.org кӕс видеороликмӕ «Такэси Симидзу. Йегъовӕ у, „куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау“».
c Ахӕстоны чи бады, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты нӕмттӕ ссарӕн ис сайты jw.org, статьяйы «Страны, где Свидетели Иеговы находятся в заключении за веру».
d НЫВТӔ. Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕхӕдӕг зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр иннӕты тыххӕй кувынц.