Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 декабрь 31 ф.
  • Бахъуыды кодтай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бахъуыды кодтай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бахъуыды кодтай?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • 1 хай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 декабрь 31 ф.

Бахъуыды кодтай?

2025 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?

Цӕмӕн нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн кад кӕнын?

Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ нымайӕм ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм. Кадджын ӕй кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной (w25.01, 3 ф.).

Исчи нын нӕ зӕрдӕ куы скъаха, уӕд куыд кӕнгӕ у?

Ахъуыды кӕн, исчи дын дӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕны, уӕд цы фенкъарыс, ууыл. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: дӕ зӕрдӕйы маст куы нӕ хӕссай, уӕд уый фӕрцы дӕ зӕрдӕйы хъӕдгом байгас уыдзӕн (w25.02, 15, 16 фф.).

Марк ӕрыгон ӕфсымӕртӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

Маркӕн-иу цы хӕстӕ бахӕс кодтой, уыдонмӕ-иу зӕрдиагӕй бавнӕлдта. Павел ӕй йӕ дыккаг уацамындон балцы йемӕ куы нӕ акодта, уӕд уый Маркӕн, ӕвӕццӕгӕн, хъыг уыди, ӕмӕ йӕ ныфс асаст. Маркӕн стыр пайда ӕрхаста, фӕлтӕрдджын чырыстӕттимӕ кӕй лӕггад кодта, уый (w25.04, 27 ф.).

Йесо афтӕ куы загъта, «ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? (Иоан. 17:26).

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы ном зыдтой. Йесо сын баххуыс кодта Йегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн, зӕгъӕм, зӕххы ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, цы сарӕзта, цы сараздзӕн ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис (w25.05, 20, 21 фф.).

Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы дардзыстӕм?

Алцы кӕй нӕ зонӕм, уый ӕмбарӕм. Зӕгъӕм, нӕ зонӕм, ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, Хуыцау уыцы бон куыд архайдзӕн ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый. Нӕ зонӕм, райсом цы уыдзӕн, уый дӕр. Стӕй нӕ бон нӕу кӕронмӕ бамбарын, Йегъовӕ нӕ куыд хорз зоны, уый (w25.06, 15–18 фф.).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын статья кӕнӕ раныхас пайда ӕрхӕсса?

Нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Цы ахуырады кой дзы цӕуы, уый раст кӕй у, уымӕн дзы цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастой? Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ кӕмӕй спайда кӕнин, ахӕм цӕвиттон дзы ис? Ацы темӕ кӕй бацымыдис кӕнид?» (w25.07, 19 ф.).

Йегъовӕ Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Фӕлӕ зӕрдӕйӕ ’рфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта (1 Пад. 9:4, 5). Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд ӕй никуыуал ӕрхъуыды кӕны ӕмӕ нын ӕй нӕ цӕстмӕ никуыуал бадары (w25.08, 17 ф.).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн цавӕрдӕр фарста бамбарын зын куы уа, уӕд дӕ бон цы у аразын?

Уыцы фарстайыл ӕгӕр бирӕ дзурын нӕ хъӕуы. Фӕлтау уал дарддӕр ацӕут ӕмӕ йӕм фӕстӕдӕр раздӕхут (w25.09, 24 ф.).

Библийы фыст ис, тӕригъӕдӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ нӕ йӕ фӕдыл асайа (Дзут. 3:13). Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Тӕригъӕд нӕ ардауы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый аххосӕй фӕдызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл (w25.10, 16 ф.).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнӕм?

1) Йегъовӕйы миниуджытыл хъуыды кӕн. 2) Цалынмӕ Йегъовӕмӕ скувай, уӕдмӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ныртӕккӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлын? Искӕмӕн ныххатыр кӕнын мӕ хъӕуы?» 3) Йегъовӕимӕ фылдӕр рӕстӕг куы ныхас кӕнай, уӕд ын дӕ бон уыдзӕн раргом кӕнын, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (w25.10, 19, 20 фф.).

Нӕ бон куыд у ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын?

Нӕ бон сӕ вӕййы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ абӕрӕг кӕнын кӕнӕ сӕм телефонӕй бадзурын. Нӕ бон ма вӕййы семӕ дохтыртӕм ацӕуын. Стӕй ма сӕ нӕ бон вӕййы немӕ уацамынды акӕнын (w25.11, 6, 7 фф.).

Усгур ӕмӕ чындз цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы бон Хуыцауӕн кад ӕрхӕсса?

Хицауад цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон хъуамӕ ӕххӕст кӕной. Хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй чындзӕхсӕвы бон уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ацӕуа ӕмӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕуа. Сӕ кондӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, бонзонгӕ кӕй сты ӕмӕ сӕхи хъуамӕ хизой, Библи кӕй ныхмӕ у, уыцы ӕгъдӕуттӕй. Чындзӕхсӕв скӕныны размӕ алцӕуылдӕр хъуамӕ рагацау аныхас кӕной (w25.12, 21–24 фф.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын