Ацӕргӕтӕ, сымах ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс стут!
«Ӕрыгонӕй мӕ бон цас цыдӕртӕ уыд аразын, ууыл дис фӕкӕнын. Фӕлӕ ныр мӕ бон уыйбӕрц аразын нал у. Азтӕ мыл сӕ уӕз ӕруагътой» (Конни, 83 азы).
Чи зоны ды дӕр раздӕрау рӕвдз нал дӕ. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс, уӕддӕр ын ӕрыгонӕй цас лӕггад кодтай, уый, чи зоны, барыс, ныр ын цас лӕггад кӕныс, уыимӕ. Уый тыххӕй дӕ ныфс асӕтты? Кӕд о, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай?
ЙЕГЪОВӔ ДӔ ЦЫ ДОМЫ?
Дӕхимӕ-ма ахӕм фарста ратт: «Йегъовӕ мӕ цы домы?» 2 Коринфӕгтӕм 8:12 стихы ныхӕстӕ дын ныфсы хос уыдзысты: «Адӕймаг исты зӕрдиагӕй куы ратта, уӕд ахӕм лӕвар Хуыцауӕн уӕлдай ӕхсызгон у. Ӕмӕ адӕймаг дӕтгӕ та фӕкӕны, цы йӕм нӕй, уый нӕ, фӕлӕ йӕм цы ис, уый».
Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын дӕттай, ныр дӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый ӕмӕ йын цӕмӕй лӕггад кӕнай, дӕ уавӕрты дӕ бон цас у, уыйбӕрц. Ацы хъуыды дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, иннӕтӕ цас аразынц, уымӕ ма кӕсай, ӕмӕ дӕ бон ныр цас у аразын, уый ма барай, раздӕр дӕ бон цас уыд аразын, уыимӕ.
Ӕрыгондӕр куы уыдтӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйӕн лӕвӕрдтай, хуыздӕрӕй дӕм цы уыд, уый. Фӕлӕ кӕд дӕ уавӕртӕ фӕивтой, уӕд ныр та дӕ бон цы у Йегъовӕйӕн раттын? Ӕвӕццӕгӕн, ныр дӕр, дӕ уавӕрты дӕ бон цас у аразын, уый аразыс. Уӕдӕ афтӕ уайы, ӕмӕ раздӕр Йегъовӕйы тыххӕй цас арӕзтай, ныр дӕр уыйбӕрц аразыс. Дӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтай уӕд дӕр ӕмӕ афтӕ архайыс абон дӕр.
Ӕрыгонӕй Йегъовӕйӕн лӕвӕрдтай, хуыздӕрӕй дӕм цы уыд, уый ӕмӕ йын ныр дӕр дӕттыс, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый
ДӔ БОН У ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН
Ныр дӕ бон цы нал у аразын, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты фылдӕр хъуыды кӕн, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн дын цы фадӕттӕ фӕзынд, ууыл. Ис ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ӕрыгонӕй дӕ бон нӕ уыд аразын, ныр та сӕ дӕ бон у аразын.
Цы базыдтай ӕмӕ цӕуыл сахуыр дӕ, уыдӕттӕ иннӕтӕн амон. Ахъуыды-ма кӕн ацы стихтыл.
Паддзах Давид: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25).
Йесо Навин: «Ныр ӕз цӕуын, зӕххыл алы адӕймагӕн дӕр цы фӕндагыл цӕугӕ у, ууыл, ӕмӕ йӕ сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14).
Паддзах Давид ӕмӕ Йесо Навин Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодтой, ӕмӕ сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ федтой. Сӕхи цӕстӕй цы федтой, уый кой кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхӕстӕн стыр уӕз уыд.
Кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕныс, уӕд дӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у радзурын, Йегъовӕ дӕуӕн, стӕй иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Мыййаг дӕхи цӕстӕй федтай, Йегъовӕ диссаг куыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд раарфӕ кодта, уый? Уӕд уыцы хабар иннӕтӕн дӕр радзур. Уый ӕрмӕст дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты нӕ бафидар кӕндзӕн, фӕлӕ дӕхи дӕр (Ром. 1:11, 12).
Дӕ бон ма куыд у иннӕты бафидар кӕнын? Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу ӕмбырдтӕм Паддзахады залмӕ ацу. Уый фӕрцы-иу дӕхӕдӕг дӕр бафидар уыдзынӕ ӕмӕ-иу иннӕты дӕр бафидар кӕндзынӕ. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Конни, загъта: «Ӕмбырдтӕм Паддзахады залмӕ кӕй ӕрбацӕуын, уый фӕрцы ӕнкъард нӕ фӕкӕнын. Хотӕ ӕмӕ мӕ ’фсымӕртӕ сӕ уарзтӕй батавынц, ӕмӕ куыд хъуамӕ ӕнкъард кӕнон! Тынг бузныг сӕ дӕн, ӕмӕ сын гыццыл лӕвӕрттӕ скӕнын. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмбырды хъуыддӕгты архайон!»
ЙЕГЪОВӔ ДЫН ДӔ ИУЗӔРДИОН ЛӔГГАДӔН АРГЪ КӔНЫ
Хуыцауы хъуыддаджы йӕ бон бирӕ аразын кӕмӕн нал уыд, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ Библийы бирӕ ис. Фӕлӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ сӕ тынг кӕй уарзта. Ӕркӕсӕм иу израилаг нӕлгоймаг, Симеоны, хабармӕ. Йесо куы райгуырд, уӕд Симеон ацӕргӕ уыд. Кувӕндонмӕ-иу куы ацыд, уӕд-иу федта, ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. Йӕхицӕй та йын цы зӕгъӕн уыд? Чи зоны, хъуыды кодта, азтӕ йыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй йын Йегъовӕ кӕй нал аргъ кӕны. Фӕлӕ йӕм Йегъовӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй каст. Йӕ цӕсты Симеон уыд рӕстаг ӕмӕ йыл ӕнувыд чи уыд, ахӕм адӕймаг. Ахӕм кады аккаг ӕй скодта, ӕмӕ гыццыл Йесойы федта. Йегъовӕ ма йӕ суанг сыгъдӕг тыхӕй дӕр схайджын кодта, ӕмӕ Симеон, Йесо Мессийӕ кӕй суыдзӕн, уый тыххӕй пехуымпар-ныхас загъта (Лук. 2:25–35). Бӕрӕг у, Симеон цас хъаруджын уыд, Йегъовӕ уымӕ кӕй нӕ каст. Сӕйраг ын уыд, йӕ уырнындзинад фидар кӕй уыд, уый.
Йегъовӕ Симеонӕн раарфӕ кодта – гыццыл Йесойы федта ӕмӕ, Йесо Мессийӕ кӕй суыдзӕн, уый тыххӕй пехуымпар-ныхас загъта
Ма дызӕрдыг кӕн, кӕд дӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр дын Йегъовӕ дӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, адӕймаг, цы йӕм ис, уый йын куы фӕдӕтты, цы йӕм нӕй, уый нӕ, фӕлӕ (2 Кор. 8:12).
Уӕдӕ фылдӕр хъуыды кӕн, дӕ бон цы у аразын, ууыл. Ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы хъуыддаджы ма дӕ бон куыд у архайын, ууыл. Дӕ бон нӕ уаид, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй искӕмӕн баххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, дӕ бон ӕм у телефонӕй фӕдзурын кӕнӕ йӕм писмо ныффыссын. Ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕн дӕр стыр тых ис. Хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн тынг ӕхсызгон уыдзӕн, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уымӕй рох кӕй нӕу!
Кӕд де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр дӕ бон у Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ дӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын дӕттын. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Африкӕйы иу бӕстӕйы цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Фыст ис дӕлдӕр рамкӕйы «Фервӕзын ӕй кодта».
Рох дӕ ма уӕд: дӕ уырнындзинады фӕрцы ӕмӕ, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕныс, уый фӕрцы иннӕтӕ дӕр бафидар вӕййынц. Дӕумӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ уынынц, цыфӕнды зын уавӕрты дӕр кӕй ис дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕн. Дӕ зӕрдыл дар ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн» (Дзут. 6:10).
ДӔ БОН ЦЫ У, УЫЙ ДАРДДӔР ДӔР АРАЗ
Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, иннӕтӕн чи феххуыс кӕны, уыцы ацӕргӕтӕ вӕййынц ӕнӕниздӕр, сӕ сӕрымагъз хуыздӕр фӕкусы ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрынц.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз хъуыддӕгты фӕрцы ӕрыгондӕр не суыдзыстӕм. Зӕронд кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм, Адамӕй нӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастам, уый тыххӕй. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон уымӕн кӕрон скӕнын (Ром. 5:12).
Фӕлӕ ныр дӕр, Хуыцау дӕ цы домы, уый куы аразай, уыимӕ иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд дӕ ныфс фидар уыдзӕн ӕмӕ уый де ’нӕниздзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн. Ацӕргӕтӕ, уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл дарут: уӕ лӕггады уӕ бон цы у, уый кӕй аразут, уымӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны. Стӕй уӕ фидар уырнындзинады тыххӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр тынг зынаргъ стут.