ТЕМӔ ИРТАСЫНӔН
Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕна
Бакӕс Нымӕцтӕ 13:25–14:4. Базон, израилӕгтӕ Йегъовӕйыл сӕ ныфс цӕуылнӕ дардтой.
Контекстыл ахъуыды кӕн. Израилӕгтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кодтаиккой, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна? (Пс. 78:12–16, 43–53). Сӕ ныфс Йегъовӕйыл цӕуылнӕуал дардтой? (Дык. з. 1:26–28). Йесо Навин ӕмӕ Халев куыд равдыстой, сӕ ныфс ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарынц? (Ным. 14:6–9).
Фылдӕр базон. Израилӕгтӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ ныфс тынгдӕр дардтаиккой? (Пс. 9:10; 22:4; 78:11). Цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг цӕмӕн у, ӕмӕ йын кад кӕнӕм? (Ным. 14:11).
Дӕ бон дзы цы у дӕхицӕн зондӕн райсын? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл:
«Цавӕр уавӕрты мын уыдаид зын мӕ ныфс ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын?»
«Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл мӕ ныфс тынгдӕр дарон ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?»
«Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд фидарӕй цы хъуамӕ зонӕм?» (Лук. 21:25–28).