Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2 Паддзӕхты 1:1–25:30
  • 2 Паддзӕхты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 2 Паддзӕхты
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
2 Паддзӕхты

Паддзӕхты дыккаг чиныг

кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАДДЗАХӔДТЫ ЦЫППӔРӔМ ЧИНЫГ

1 Ахавы мӕлӕты+ фӕстӕ моавӕгтӕ+ Израилы ныхмӕ рацыдысты+.

2 Иухатт Охози рахауд+, Самарийы йӕ уӕллаг уаты+ цары цы рудзынг уыд, уырдыгӕй ӕмӕ йӕхи ныппырх кодта. Ӕмӕ йӕ адӕмы арвыста ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ Екроны+ хуыцау Ваал-Зевувы+ бафӕрсут+, мӕ къахыл ма слӕудзынӕн ӕви нӕ»+. 3 Уӕд Йегъовӕйы зӕд+ фесвӕйаг+ Илийайӕн загъта: «Сыст, Самарийы паддзахы ӕрвыст лӕгты размӕ ацу ӕмӕ сын зӕгъ: „Екроны хуыцау Ваал-Зевувы фӕрсынмӕ куы цӕут, уӕд Израилы Хуыцау нал ис?+ 4 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Цы хуыссӕныл хуыссыс, уымӕй нал сыстдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+. Илийа уыцы ныхӕстӕ загъта ӕмӕ ацыд.

5 Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕ фӕстӕмӕ паддзахмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ бафарста: «Цӕмӕн ӕрбаздӕхтыстут?» 6 Уыдон ын дзуапп радтой: «Иу адӕймаг ныл фембӕлд ӕмӕ нын загъта: „Аздӕхут фӕстӕмӕ паддзахмӕ, чи уӕ рарвыста, уымӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Дӕ адӕмы Екроны хуыцау Ваал-Зевувы фӕрсынмӕ куы арвыстай, уӕд Израилы Хуыцау нал ис? Уый тыххӕй, цы хуыссӕныл хуыссыс, уымӕй нал сыстдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+. 7 Уӕд сӕ паддзах бафарста: «Чи уыл фембӕлд ӕмӕ уын уыцы ныхӕстӕ чи загъта, уыцы адӕймаг цыхуызӕн уыди?» 8 Уыдон ын загътой: «Йӕ уӕлӕ уыди цармӕй дарӕс+, йӕ астӕуыл та баст уыд сӕрак рон»+. «Уый фесвӕйаг Илийа уыд»,– уайтагъд загъта паддзах.

9 Ӕмӕ йӕм фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕры йӕ фӕндзай ӕфсӕддонимӕ арвыста+. Уыцы рӕстӕг Илийа хохы сӕр бадт, ӕмӕ йӕм уырдӕм ссыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы+ адӕймаг, паддзах афтӕ зӕгъы: „Дӕлӕмӕ ӕрцу!“» 10 Уӕд Илийа фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕрӕн загъта: «Кӕд ӕз Хуыцауы адӕймаг дӕн, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд+ ӕмӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырӕд». Ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ уыцы хистӕры ӕмӕ йын йӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырдта+.

11 Уӕд ӕм паддзах арвыста ӕндӕр ӕфсӕддон хистӕры фӕндзай ӕфсӕддонимӕ+. Ӕмӕ та уый дӕр Илийайӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг, паддзах афтӕ зӕгъы: „Рӕвдздӕр дӕлӕмӕ ӕрцу!“»+ 12 Фӕлӕ та Илийа уыдонӕн дӕр загъта: «Кӕд ӕз ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг дӕн, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырӕд». Ӕмӕ уӕларвӕй Хуыцауӕй арт ӕрцыд ӕмӕ уыцы хистӕры ӕмӕ йын йӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырдта.

13 Паддзах та йӕм арвыста ӕртыккаг ӕфсӕддон хистӕры дӕр фӕндзай ӕфсӕддонимӕ+. Уый Илийамӕ ссыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта+: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг, курӕг дӕ дӕн, мӕнӕн+ дӕр ӕмӕ ацы фӕндзай лӕгӕн дӕр, дӕ цагъартӕн, батӕригъӕд кӕн ӕмӕ нӕ ма фесаф+. 14 Мӕ размӕ дӕм цы дыууӕ ӕфсӕддон хистӕры ӕрбацыд ӕмӕ сӕ алкӕимӕдӕр цы фӕндзай ӕфсӕддоны уыд, уыдоныл уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+, фӕлӕ мӕнӕн батӕригъӕд кӕн, ма мӕ фесаф».

15 Уӕд Йегъовӕйы зӕд Илийайӕн загъта: «Ацу ацы адӕймагимӕ. Ма дзы тӕрс»+. Ӕмӕ уый дӕр сыстад ӕмӕ йемӕ паддзахмӕ ацыд. 16 Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Цыма Израилы, кӕй бафӕрсай, ахӕм Хуыцау нӕй, уыйау дӕ адӕмы Екроны+ хуыцау Ваал-Зевувы фӕрсынмӕ арвыстай+, ӕмӕ уый тыххӕй, цы хуыссӕныл хуыссыс, уымӕй нал сыстдзынӕ, амӕлдзынӕ“». 17 Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ паддзах амард+, Йегъовӕ Илийайы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Ӕмӕ йын фырт кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси Иорам*+. Уый паддзах сси, Иосафаты фырт Иорам+ Иудӕйы дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд.

18 Охозийы+ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.

2 Йегъовӕ Илийайы+ тыхдымгӕйы уӕлӕрвтӕм+ куы хъуамӕ ахастаид, уӕд Илийа ӕмӕ Елисей+ Галгалӕй+ фӕцӕйцыдысты. 2 Ӕмӕ Илийа Елисейӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ды ам лӕуу, уымӕн ӕмӕ мӕн Йегъовӕ Вефилмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын+, нӕ дӕ ныууадздзынӕн»+. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Вефилмӕ+ ацыдысты. 3 Вефилы чи уыд, уыцы пехуымпарты фырттӕ+ Елисейӕн загътой: «Абон дын Йегъовӕ дӕ хицауы кӕй акӕндзӕн ӕмӕ дӕ хистӕр демӕ кӕй нал уыдзӕн, уый зоныс?»+ Елисей сын дзуапп радта: «Зонын ӕй+. Мацы дзурут».

4 Уӕд та йын Илийа загъта: «Елисей, дӕ хорзӕхӕй, ды ам лӕуу, уымӕн ӕмӕ мӕн Йегъовӕ Иерихонмӕ+ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын, нӕ дӕ ныууадздзынӕн». Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Иерихонмӕ ацыдысты. 5 Иерихоны чи уыд, уыцы пехуымпарты фырттӕ дӕр та Елисеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Абон дын Йегъовӕ дӕ хицауы кӕй акӕндзӕн ӕмӕ дӕ хистӕр демӕ кӕй нал уыдзӕн, уый зоныс?» Елисей сын дзуапп радта: «Зонын ӕй. Мацы дзурут»+.

6 Илийа та йын ногӕй загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ды ам лӕуу, уымӕн ӕмӕ мӕн Йегъовӕ Иорданмӕ+ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей дзуапп радта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын, нӕ дӕ ныууадздзынӕн»+. Ӕмӕ дарддӕр иумӕ ацыдысты. 7 Уӕд пехуымпарты фырттӕ фӕндзай адӕймагӕй сӕ фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕм дӕрддзӕфгомау, куыд сӕ уыдтаиккой, афтӕ слӕууыдысты+. Илийа ӕмӕ Елисей та Иорданы раз лӕууыдысты. 8 Уӕд Илийа йӕ уӕлӕдарӕс райста+, стыхта йӕ ӕмӕ дзы дон ӕрцавта, ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр иннӕ фарсмӕ хус зӕххыл ахызтысты+.

9 Цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ куы ахызтысты, уӕд Илийа Елисейӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ Хуыцау дӕуӕй нӕ акодта, уӕдмӕ ракур, цы дӕ хъӕуы, уый»+. Елисей йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцау дӕуӕн цы тых*+ радта, уымӕй мын дыууӕ хайы+ ратт»+. 10 Илийа йын загъта: «Зын хъуыддаг курыс+. Куыд мӕ акӕндзӕн, уый кӕд фенай, уӕд афтӕ уыдзӕн. Кӕд мӕ нӕ фенай, уӕд та нӕ уыдзӕн».

11 Ӕмӕ фӕндагыл ныхӕстӕгӕнгӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕ разы февзӕрд, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдон+ ӕмӕ бӕхтӕ ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ Илийайы тыхдымгӕ уӕлӕрвтӕм ахаста+. 12 Елисей йӕм каст ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ фыд! Мӕ фыд!+ Израилы хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ йӕ барджытӕ!»+ Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ нал федта. Уӕд Елисей йӕ уӕлӕдарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ ӕрыскъуыдта+. 13 Илийайы тыхдымгӕ куы ахаста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрхауд+, ӕмӕ йӕ Елисей систа, фӕстӕмӕ раздӕхт ӕмӕ Иорданы былыл слӕууыд. 14 Стӕй Илийайы уӕлӕдарӕсӕй дон ӕрцавта+ ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Илийайы Хуыцау Йегъовӕ?»+ Елисей дон куы ’рцавта, уӕд дон дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ Елисей цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызт.

15 Иерихоны цы пехуымпарты фырттӕ уыд, уыдон ӕй дардӕй федтой ӕмӕ загътой: «Илийа цы тыхӕй*+ уыд хайджын, уый Елисейыл ӕрцыд». Ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывтой+. 16 Ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъартӕм ис фӕндзай хъӕбатыр лӕджы. Уадз ӕмӕ ацӕуой ӕмӕ дын дӕ хицауы бацагурой. Кӕд ӕй, мыййаг, Йегъовӕйы тых*+ ахаста ӕмӕ йӕ искуы хохыл кӕнӕ комы ӕрӕппӕрста». Фӕлӕ сын Елисей загъта: «Ма сӕ арвитут». 17 Уыдон ын уӕддӕр лӕгъстӕ кодтой, ӕмӕ уый дӕр стыхст ӕмӕ сын загъта: «Омӕ сӕ арвитут». Ӕмӕ уӕд фӕндзай адӕймаджы арвыстой, ӕмӕ уыдон Илийайы ӕртӕ боны фӕцагуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. 18 Елисей та Иерихоны+ уыд, ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ уырдӕм ӕрбаздӕхтысты. Ӕмӕ сын загъта: «Нӕ уын дзырдтон, ма ацӕут, зӕгъгӕ?»

19 Цасдӕры фӕстӕ горӕты цӕрджытӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ буц хицау, куыд уыныс, афтӕмӕй горӕт хорз ран ис+, фӕлӕ йӕ дон+ нӕ бӕззы, ӕмӕ дзы ацы бӕстӕйы сывӕрджын сылгоймӕгтӕ февзӕр вӕййынц»+. 20 Уӕд сын Елисей загъта: «Ног гыццыл къус-ма мын рахӕссут ӕмӕ дзы цӕхх ныккӕнут». Уыдон дӕр ын къус ӕрбахастой. 21 Ӕмӕ Елисей донмӕ рацыд, цӕхх дзы ӕркалдта+ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы дон ссыгъдӕг кодтон+. Амӕй фӕстӕмӕ дзы ничиуал мӕлдзӕн ӕмӕ-иу дзы сывӕрджын сылгоймӕгтӕ дӕр нал февзӕр уыдзысты“». 22 Ӕмӕ уыцы дон абоны онг дӕр у сыгъдӕг+, Елисей куыд загъта, афтӕ.

23 Уырдыгӕй Елисей ацыд Вефилмӕ+. Ӕмӕ фӕндагыл куы фӕцӕйцыд, уӕд горӕтӕй гыццыл лӕппутӕ+ рацыдысты ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой+ ӕмӕ йын дзырдтой: «Фесӕф ардыгӕй, лопъосӕр!+ Фесӕф ардыгӕй, лопъосӕр!» 24 Уӕд сӕм Елисей фӕзылд, бакаст сӕм ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы номӕй ралгъыста+. Ӕмӕ уӕд хъӕдӕй дыууӕ сыл арсы+ рацыд ӕмӕ дзы цыппор дыууӕ сывӕллоны аскъуыдтӕ кодтой+. 25 Стӕй Елисей ацыд Кармилы хохмӕ+ ӕмӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ Самаримӕ ӕрцыд.

3 Ахавы фырт Иорам+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иосафат Иудӕйы ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ паддзах уыд дыууадӕс азы. 2 Иорам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+, ӕрмӕст йӕ фыд+ ӕмӕ йӕ мады хуызӕн нӕ. Иорам ныппырх кодта, йӕ фыд Ваалӕн кувынӕн цы дур сӕвӕрдта+, уый. 3 Фӕлӕ уый дӕр бафтыд, Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдоныл, нӕ сӕ ныууагъта.

4 Моавы паддзах Месӕ+ та дардта фыстӕ ӕмӕ Израилы паддзахӕн хъалон фыста сӕдӕ мин уӕрыччы ӕмӕ сӕдӕ мин ӕнӕлвыд фыры. 5 Ахавы мӕлӕты фӕстӕ+ Моавы паддзах Израилы паддзахы ныхмӕ рацыд+. 6 Ӕмӕ уӕд паддзах Иорам Самарийӕ рацыд ӕмӕ израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+. 7 Уымӕй уӕлдай ма Иорам Иудӕйы паддзах Иосафатмӕ дӕр арвыста ныхас: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ рацыд. Мемӕ рацӕудзынӕ, цӕмӕй моавӕгтимӕ схӕцӕм?» Иосафат ын дзуапп радта: «Ацӕудзынӕн+. Ды куыд кӕнай, ӕз дӕр афтӕ. Мӕ адӕм сты дӕ адӕм+, мӕ бӕхтӕ та – дӕ бӕхтӕ». 8 Ӕмӕ йӕ бафарста: «Кӕцы фӕндагыл ацӕудзыстӕм?» «Едомы+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл»,– дзуапп ын радта уый.

9 Гъемӕ Израилы паддзах, Иудӕйы паддзах ӕмӕ Едомы паддзах+ рацыдысты ӕмӕ цыдысты авд боны – дӕрдтыл ӕрзылдысты, ӕмӕ ӕфсадӕн дӕр ӕмӕ, семӕ цы фос уыд, уыдонӕн дӕр нуазынӕн дон нал уыди. 10 Ӕмӕ Израилы паддзах загъта: «Мӕнӕ куыд сӕфӕм! Ӕртӕ паддзахӕй нӕ Йегъовӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй нӕ моавӕгты къухмӕ ратта!»+ 11 Уӕд Иосафат бафарста+: «Ам Йегъовӕйы пехуымпартӕй ничи ис?+ Уый уылты бафӕрсиккам Йегъовӕйы»+. Ӕмӕ йын Израилы паддзахы лӕггадгӕнджытӕй иу дзуапп радта: «Ис. Сафаты фырт Елисей+, Илийайы къухтыл-иу дон чи кодта, уый»+. 12 Уӕд Иосафат загъта: «Йегъовӕ уый уылты фӕдзуры». Ӕмӕ Израилы паддзах, Иосафат ӕмӕ Едомы паддзах Елисеймӕ ацыдысты.

13 Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй?+ Ацу ӕмӕ дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады пехуымпарты+ бафӕрс». Фӕлӕ йын Израилы паддзах загъта: «Ма мӕ асур. Ӕртӕ паддзахӕй нӕ Йегъовӕ иумӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй нӕ моавӕгты къухмӕ ратта»+. 14 Уӕд ын Елисей загъта: «Сомы дын кӕнын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ+, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцауӕй: Иудӕйы паддзах Иосафатӕй куы не ’фсӕрмы кӕнин+, уӕд дӕм кӕсгӕ дӕр нӕ бакӕнин ӕмӕ дӕ хъуыды дӕр не ’ркӕнин+. 15 Ракӕнут-ма мӕм, хъисфӕндырӕй чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы»+. Ӕмӕ куыддӕр уыцы адӕймаг цӕгъдын райдыдта, афтӕ Йегъовӕ Елисейыл йӕ къух ӕруагъта+, 16 ӕмӕ Елисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Дӕлвӕзы кӕрӕй-кӕронмӕ дзыхъхъытӕ скъахут+, 17 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Нӕдӕр дымгӕ уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда, афтӕмӕй дӕлвӕз донӕй байдзаг уыдзӕн+, ӕмӕ дзы бануаздзыстут+, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фос дӕр“. 18 Йегъовӕйӕн уый зын нӕу+, ӕмӕ уын моавӕгты дӕр уӕ къухмӕ ратдзӕн+. 19 Ӕмӕ сын сӕ фидаргонд горӕттӕ+ ӕмӕ сӕ хуыздӕр горӕттӕ иууылдӕр ныппырх кӕнут, цыдӕриддӕр дзы хорз+ бӕлӕстӕ ис, уыдон акалут+, сӕ суадӕттӕ сын иууылдӕр сыджыты бын фӕкӕнут, сӕ хорз хуымзӕххытӕ та сын дуртӕй байдзаг кӕнут».

20 Райсомӕй+, хоры кувинаг хӕссыны афон куы ’рцыд+, уӕд Едомы ’рдыгӕй дон рацыд, ӕмӕ дӕлвӕз иууылдӕр донӕй байдзаг.

21 Моавӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ паддзӕхтӕ семӕ хӕцынмӕ рацыдысты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой, хӕстмӕ цӕуыны кары чи бацыд+ ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ арӕнтыл слӕууыдысты. 22 Моавӕгтӕ райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ, хур донмӕ куы ныккаст, уӕд сӕм иннӕ фарсмӕ дон афтӕ сырхӕй зынди, цыма туг уыд. 23 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕртӕ-ма, туг! Паддзӕхтӕ сӕ кӕрӕдзи ныхмӕ фесты ӕмӕ кӕрӕдзи фӕцагътой. Цомут, моавӕгтӕ, сӕ мулк сын рахӕссӕм!»+ 24 Израилы ӕфсад кӕм уыд, уырдӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ израилӕгтӕ+ цӕгъдын райдыдтой, ӕмӕ моавӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. Ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ афтӕ дарддӕр цӕгъдгӕ цыдысты ӕмӕ Моавмӕ бахӕццӕ сты. 25 Ӕмӕ сын сӕ горӕттӕ ныппырх кодтой+, цыдӕриддӕр сын хорз хуымзӕххытӕ уыд, уыдон сын дуртӕй байдзаг кодтой, сӕ суадӕттӕ сын иууылдӕр сыджыты бын фӕкодтой+ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр хорз бӕлӕстӕ уыд, уыдон акалдтой+. Ӕрмӕст ма Кир-Харешеты+ дурӕй конд къултӕ баззадысты, фӕлӕ дурӕхсджытӕ горӕтыл ӕртыхстысты ӕмӕ йӕ пырх кӕнын райдыдтой.

26 Моавы паддзах куы федта, кӕй йыл тых кӕнынц, уый, уӕд авдсӕдӕ хӕстоны йемӕ акодта, цӕмӕй размӕ абырстаиккой ӕмӕ Едомы паддзахмӕ+ бахӕццӕ уыдаиккой, фӕлӕ сӕ бон не сси. 27 Ӕмӕ уӕд йӕ хистӕр фырты, йӕ фӕстӕ паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый, ракодта ӕмӕ йӕ горӕты къулыл судзинаг нывондӕн ӕрхаста+. Ӕмӕ моавӕгтӕн Израилмӕ сӕ маст ссыгъд, ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ Моавы паддзахы ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрцыдысты.

4 Иу сылгоймаг, пехуымпарты фырттӕй+ иуӕн йӕ ус, Елисейӕн кӕугӕйӕ загъта: «Дӕ цагъар, мӕ сӕрыхицау, амард. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, дӕ цагъар алкӕддӕр Йегъовӕйӕ кӕй тарст+. Фӕлӕ нын ӕфстау чи радта+, уый нӕм ӕрбацыд, цӕмӕй мын мӕ дыууӕ хъӕбулы дӕр акӕна ӕмӕ сӕ йӕхицӕн цагъартӕ скӕна». 2 Елисей йын загъта: «Цы дын саразон?+ Зӕгъ-ма мын, хӕдзары дӕм исты ис?» Сылгоймаг ын загъта: «Дӕ цагъар-сылгоймагмӕ сойы+ дурын йеддӕмӕ ницы ис». 3 Уӕд ын Елисей загъта: «Ацу ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр афтид мигӕнӕнтӕ ракур – цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр. 4 Стӕй дӕ фырттимӕ хӕдзармӕ бацу, дуар сӕхгӕн ӕмӕ уыцы мигӕнӕнты се ’ппӕты дӕр сой кӕн. Чи дзы байдзаг уа, уыдон та иуварс ӕвӕр». 5 Ӕмӕ уӕд сылгоймаг ацыд.

Йӕ фырттимӕ хӕдзармӕ куы бацыд ӕмӕ дуар куы сӕхгӕдта, уӕд ӕм йӕ фырттӕ мигӕнӕнтӕ хӕссын райдыдтой, уый та сӕ сойӕ дзаг кодта+. 6 Мигӕнӕнтӕ иууылдӕр куы байдзаг сты, уӕд йӕ фыртӕн загъта: «Ӕри иннӕ мигӕнӕн»+. Фӕлӕ йын уый загъта: «Нал дзы ис». Ӕмӕ уӕд сой дӕр нал калд+. 7 Сылгоймаг ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ ацыд ӕмӕ йын алцыдӕр радзырдта. Ӕмӕ йын уый загъта: «Ацу, уыцы сой ауӕй кӕн ӕмӕ дзы дӕ хӕстӕ бафид+, цы ма дзы баззайа, уый та уыдзӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн, уымӕй цӕрдзыстут»+.

8 Иу бон Елисей Сунеммӕ+ ацыд, ӕмӕ йын уым иу кадджын сылгоймаг ныллӕгъстӕ кодта+, къӕбӕр нӕм бахӕр, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм уый дӕр бацыд. Ӕмӕ-иу уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ рӕзты куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу сӕм алы хатт дӕр бацыд, цӕмӕй-иу къӕбӕр уым бахордтаид. 9 Ӕмӕ уӕд иухатт сылгоймаг йӕ лӕгӕн загъта+: «Ӕз ӕй зонын, чи нӕм ӕрбацӕуы, уыцы адӕймаг Хуыцауы ӕвзӕрст лӕггадгӕнӕг кӕй у+. 10 Курын дӕ, уӕлейӕ йын иу гыццыл уат саразӕм+ ӕмӕ йын дзы сынтӕг, стъол, бандон ӕмӕ цырагъдарӕн сӕвӕрӕм+. Ӕмӕ-иу нӕм куы ’рбацӕуа, уӕд-иу уым ӕрлӕудзӕн»+.

11 Иу бон та сӕм Елисей ӕрбацыд, уӕллаг уатмӕ ссыд ӕмӕ уым ӕрхуыссыд. 12 Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн, Гиезийӕн+, загъта: «Уыцы сунемаг+ сылгоймагмӕ-ма фӕдзур». Гиези дӕр сылгоймагӕн загъта, цӕмӕй йӕм ӕрбацыдаид. 13 Стӕй Елисей Гиезийӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма йын: „Мах тыххӕй дӕхи тыхсын кӕныс+. Ӕмӕ дын дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидон?+ Мыййаг, дӕу тыххӕй паддзахимӕ+ кӕнӕ ӕфсады хистӕримӕ+ аныхас кӕнын хъӕуы?“» Сылгоймаг дзуапп радта: «Ницӕмӕй тыхсын, мӕхи адӕмы ’хсӕн цӕрын»+. 14 «Уӕдӕ ма йын уӕд цӕмӕй бафидон йӕ хорздзинад?» – бафарста Елисей. Ӕмӕ уӕд Гиези загъта: «Лӕппу йын нӕй+. Йӕ лӕг дӕр зӕронд у». 15 Уӕд ын Елисей загъта: «Фӕдзур-ма йӕм». Гиези дӕр ӕм фӕдзырдта, ӕмӕ сылгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ къӕсӕргӕрон ӕрлӕууыд. 16 Ӕмӕ йын Елисей загъта: «Иннӕ аз дын ацафон уыдзӕн лӕппу»+. Фӕлӕ йын сылгоймаг загъта: «Нӕ, мӕ буц хицау, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг! Дӕ цагъар-сылгоймаджы ма сай».

17 Фӕлӕ сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ йын иннӕ аз раст уыцы афон лӕппу райгуырд+, Елисей йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 18 Сывӕллон байрӕзт, ӕмӕ иуафон иннӕ хӕттытау йӕ фыдмӕ ацыд. Йӕ фыд та уыд хуымгӕрдджытимӕ+. 19 Ӕмӕ йын хъаст кӕнын райдыдта: «Мӕ сӕр! Мӕ сӕр!»+ Уӕд йӕ фыд лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Йӕ мадмӕ-ма йӕ ахӕсс»+. 20 Уый дӕр ӕй систа ӕмӕ йӕ йӕ мадмӕ ахаста. Ӕмӕ сывӕллон сихормӕ йӕ мады хъӕбысы фӕбадт ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард+. 21 Уӕд ӕй йӕ мад уӕлӕмӕ схаста, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы+ сынтӕгыл ӕй ӕрӕвӕрдта+, дуар рахгӕдта ӕмӕ рацыд. 22 Стӕй йӕ лӕгмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Курын дӕ, лӕггадгӕнджытӕй-ма мӕм иуы ӕд хӕрӕг рарвит. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ ауайон, ӕмӕ уайтагъд фездӕхдзынӕн»+. 23 Фӕлӕ йын йӕ лӕг загъта: «Абон ӕм цӕмӕн цӕуыс? Мӕй куы нӕма сног+, стӕй сабат дӕр нӕу». Фӕлӕ сылгоймаг загъта: «Тыхсгӕ ма кӕн, алцыдӕр хорз у». 24 Ӕмӕ хӕрӕгыл+ саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Хӕрӕджы размӕ кӕн ӕмӕ дын цалынмӕ нӕ зӕгъон, уӕдмӕ ма ’рлӕуу».

25 Сылгоймаг араст ӕмӕ ӕрцыд ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ, Кармилы хохмӕ. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн, Гиезийӕн+, загъта: «Уартӕ сунемаг сылгоймаг ӕрбацӕуы. 26 Дӕ хорзӕхӕй, йӕ размӕ азгъор ӕмӕ йӕ афӕрс: „Дзӕбӕхтӕ дӕ? Дӕ сӕрыхицау дӕр дзӕбӕх у? Сывӕллон та?“». «Дзӕбӕх стӕм»,– дзуапп ын радта сылгоймаг. 27 Хохмӕ куы ’рбахӕццӕ ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ куы бацыд, уӕд йӕ разы ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ къӕхтыл ныххӕцыд+. Гиези йӕм бацыд ӕмӕ йӕ хъуамӕ иуварс асхуыстаид+, фӕлӕ йын ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+ загъта: «Ныууадз ӕй+. Йӕ зӕрдӕйы стыр маст ис+, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ мӕнӕй басусӕг кодта+, нӕ мын ӕй раргом кодта». 28 Ӕмӕ сылгоймаг загъта: «Мыййаг мӕ буц хицауӕй фырт куырдтон? Нӕ дын дзырдтон, дзӕгъӕлы мын ныфсытӕ ма ӕвӕр, зӕгъгӕ?»+

29 Елисей уайтагъд Гиезийӕн загъта+: «Дӕхи арӕвдз кӕн*+, мӕ лӕдзӕг мын демӕ ахӕсс+ ӕмӕ ацу. Фӕндагыл дыл исчи куы амбӕла, уӕд-иу ын салам ма ратт+, ӕмӕ дын исчи салам куы дӕтта, уӕд дӕр-иу ӕм мацы сдзур. Ацу ӕмӕ-иу мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр»+. 30 Уӕд лӕппуйы мад Елисейӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын+, ӕнӕ дӕуӕй нӕ ацӕудзынӕн»+. Ӕмӕ уӕд уый дӕр сыстад ӕмӕ йемӕ ацыд. 31 Гиези та сӕ разӕй ацыд ӕмӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ ницы – лӕппу змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодта+. Уӕд Гиези фӕстӕмӕ Елисейы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Лӕппу нӕ райхъал»+.

32 Елисей хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд сывӕллон йӕ хуыссӕныл мардӕй хуыссыд+. 33 Ӕмӕ мидӕмӕ бацыд, дуар рахгӕдта+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+. 34 Стӕй хуыссӕнмӕ схызт, сывӕллоныл ныддӕлгом+ ӕмӕ йӕ былтӕ сывӕллоны былтыл авӕрдта, йӕ цӕстытӕ – сывӕллоны цӕстытыл, йӕ къухтӕ та – сывӕллоны къухтыл. Ныддӕлгом ыл, ӕмӕ сывӕллоны буар сабыргай схъарм. 35 Уӕд та ногӕй хӕдзары арауай-бауай кодта, стӕй та хуыссӕнмӕ схызт ӕмӕ та сывӕллоныл ныддӕлгом. Ӕмӕ сывӕллон авд хатты ӕрӕхснырста ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ цӕстытӕ байгом кодта+. 36 Уӕд Елисей Гиезимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уыцы сунемаг+ сылгоймагмӕ-ма фӕдзур». Уый дӕр ӕм фӕдзырдта, ӕмӕ сылгоймаг куы ’рбацыд, уӕд ын Елисей загъта: «Мӕнӕ дӕ лӕппу»+. 37 Сылгоймаг бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта+. Стӕй йӕ лӕппуйы систа ӕмӕ рацыд+.

38 Елисей Галгалмӕ ӕрыздӕхт+. Уыцы рӕстӕг та уыцы зӕххыл уыд ӕххормаг заман+. Ӕмӕ иухатт пехуымпарты фырттӕ+ йӕ разы куы бадтысты+, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта+: «Сӕвӕр-ма стыр аг ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп сфыц»+. 39 Сӕ иу быдырмӕ кӕрдӕджытӕ тонынмӕ ацыд+ ӕмӕ хъӕддаг хилгӕ зайӕгойыл фӕхӕст – уый уыд хъӕддаг харбыз. Гъемӕ харбызтӕй йӕ рон байдзаг кодта, ӕрбахаста сӕ ӕмӕ сӕ агмӕ ныккарста. Цы сты, уый та ничи зыдта. 40 Уый фӕстӕ хъӕрмхуыппӕй адӕмӕн ӕркодтой, цӕмӕй бахордтаиккой. Фӕлӕ дзы куы ахордтой, уӕд ныхъхъӕр кодтой: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+, аджы марг ис!»+ Ӕмӕ дзы сӕ бон хӕрын нӕ уыд. 41 Уӕд Елисей загъта: «Ссад-ма рахӕссут». Ӕмӕ ссад аджы ныккодта ӕмӕ загъта: «Ныр дзы адӕмӕн ӕркӕнут, цӕмӕй бахӕрой». Ӕмӕ сын уыцы хӕринаг ницы зиан ракодта+.

42 Иухатт Ваал-Шалишӕйӕ+ иу адӕймаг ӕрцыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн ӕрбахаста+ фыццаг тыллӕджы хорӕй+ конд дзул, дыууын дзулы хъӕбӕрхорӕй+, ӕмӕ йӕ хызыны мидӕг ног хор. Ӕмӕ Елисей загъта: «Адӕмӕн сӕ ратт, ӕмӕ бахӕрой»+. 43 Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг загъта: «Адон сӕдӕ адӕймаджы раз куыд ӕрӕвӕрон?»+ Елисей йын загъта: «Ратт сӕ адӕмӕн, ӕмӕ бахӕрой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Бахӕрдзысты, ӕмӕ ма дзы баззайдзӕн“»+. 44 Уӕд сӕ адӕмы раз ӕрӕвӕрдта. Адӕм бахордтой, ӕмӕ ма дзы зайгӕ дӕр бакодта, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

5 Сирийы паддзахы ӕфсады хистӕр Нееман+ йӕ хицауы цӕсты уыд тынг кадджын ӕмӕ нымад лӕг, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Сири уый фӕрцы фервӕзын кодта+. Нееман уыд хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймаг, фӕлӕ уыд хъотырӕй рынчын. 2 Иухатт та сириӕгтӕ Израилы зӕхмӕ куы бабырстой+, уӕд иу гыццыл чызджы уацары акодтой+, ӕмӕ Нееманы усӕн лӕггад кодта. 3 Иу бон уыцы чызг Нееманы усӕн загъта+: «Самарийы цы пехуымпар+ ис, уымӕ мӕ буц хицау куы ацӕуид, уӕд ӕй уый йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнид!»+ 4 Ӕмӕ паддзахӕн фӕхабар кодтой, Израилы зӕххӕй кӕй ӕркодтой, уыцы чызг афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта+, зӕгъгӕ.

5 Уӕд Сирийы паддзах Нееманӕн загъта: «Мауал фӕстиат кӕн, ацу йӕм! Ӕз та Израилы паддзахмӕ фыстӕг арвитдзынӕн». Ӕмӕ Нееман дӕр ацыд. Йемӕ ахаста+ дӕс таланты* ӕвзист, ӕхсӕз мин сиклы* сызгъӕрин+ ӕмӕ дӕс фӕлысты дзаумӕттӕ+. 6 Ӕмӕ Израилы паддзахмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын фыстӕг+ радта. Фыст дзы уыд: «Ацы фыстӕг дӕм куы фӕхӕццӕ уа, уӕд ӕй зон, фыстӕгимӕ дӕм мӕ лӕггадгӕнӕг Нееманы кӕй арвыстон, цӕмӕй йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнай». 7 Израилы паддзах фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ загъта: «Цыма ӕз Хуыцау дӕн+ ӕмӕ мӕ бон цард байсын кӕнӕ цардмӕ раздахын у!+ Ацы адӕймаджы мӕм ӕрбарвыста, йӕ хъотырӕй, дам, ӕй сдзӕбӕх кӕн. Кӕсут-ма, кӕсут, хыл куыд къахы!»+

8 Израилы паддзах йӕ уӕлӕдарӕс кӕй ӕрыскъуыдта+, уый ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Елисей куы фехъуыста, уӕд ӕм уайтагъд ныхас арвыста: «Дӕ уӕлӕдарӕс цӕмӕн ӕрыскъуыдтай? Уадз ӕмӕ мӕм ӕрбацӕуа, ӕмӕ йӕ базондзӕн, Израилы ӕцӕгдӕр кӕй ис пехуымпар»+. 9 Ӕмӕ Нееман йӕ бӕхтӕ ӕмӕ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ Елисеймӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ хӕдзары бахизӕны раз ӕрлӕууыд. 10 Елисей та йӕм йӕ минӕвары рарвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Ацу ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны дӕхи авд хатты+ ныннай+, ӕмӕ дӕ буар адзӕбӕх уыдзӕн+, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзынӕ». 11 Нееман уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ маст рафыхт+ ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕцӕйцыд хъуыр-хъуыргӕнгӕ: «Ӕз ӕнхъӕлдтон+, йӕхӕдӕг мӕм рацӕудзӕн, мӕ разы йӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скувдзӕн, мӕ хъӕдгӕмтты сӕрмӕ мын йӕ къухӕй аракӕ-бакӕ кӕндзӕн ӕмӕ мӕ хъотырӕй фервӕзын кӕндзӕн. 12 Цымӕ Дамаскы+ цӕугӕдӕттӕ, Аванӕ ӕмӕ Фарфар, Израилы ӕппӕт цӕугӕдӕттӕй+ хуыздӕр не сты? Уӕд уым нӕ ныннадтаин мӕхи ӕмӕ не ссыгъдӕг уыдаин?»+ Ӕмӕ фӕзылд ӕмӕ мӕстӕй тонгӕйӕ ацыд+.

13 Уӕд ӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Мӕ фыдыхай+, пехуымпар дын зындӕр исты куы кӕнын кодтаид, уӕд ӕй нӕ бакодтаис? Ӕмӕ йӕм уӕд ныр цӕуылнӕ хъуамӕ байхъусай, дӕхи ныннай, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕндӕр дын куы ницы загъта?» 14 Уӕд Нееман ацыд ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг куыд загъта, афтӕ Иорданы цӕугӕдоны авд хатты ныххызт+. Ӕмӕ йӕ буар гыццыл лӕппуйы буары хуызӕн фестад+, ӕмӕ ссыгъдӕг+.

15 Стӕй йӕ адӕмимӕ ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ ӕрбаздӕхт+, йӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй зонын, зӕххыл Израилы йеддӕмӕ Хуыцау кӕй никуы ис+. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары къухӕй ацы лӕвар*+ айс». 16 Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Сомы дын кӕнын Йегъовӕйӕ+, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы удӕгас Хуыцауӕй: нӕ йӕ райсдзынӕн»+. Нееман ма йын ноджыдӕр фӕлӕгъстӕ кодта, фӕлӕ йӕ Елисей уӕддӕр нӕ бакуымдта. 17 Ӕмӕ йын уӕд Нееман загъта: «Уӕд та дӕ курӕг дӕн, дӕ цагъарӕн ратт, дыууӕ хӕргӕфсы цас афӕразой, уыйбӕрц сыджыт+, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъар Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн нал хӕсдзӕн судзинаг нывӕндтӕ кӕнӕ ӕндӕр нывӕндтӕ+. 18 Ӕрмӕст Йегъовӕ дӕ цагъарӕн иу хъуыддаг ныххатыр кӕнӕд: мӕ хицау Риммоны хӕдзармӕ+ бакувынмӕ куы бацӕуы, уӕд мӕ къухыл фенцой кӕны+, ӕмӕ мӕн дӕр бахъӕуы Риммоны хӕдзары мӕ зонгуытыл ӕрлӕууын+. Курӕг дӕ дӕн, Йегъовӕ дӕ цагъарӕн ныххатыр кӕнӕд, Риммоны хӕдзары мӕ зонгуытыл кӕй ӕрлӕууын, уый»+. 19 Елисей йын загъта: «Фарнимӕ ацу»+. Нееман дӕр ацыд ӕмӕ Елисейы хӕдзарӕй дзӕвгар адард.

20 Уӕд ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Елисейы лӕггадгӕнӕг+ Гиези+ ахъуыды кодта: «Мӕ хицау уыцы сириаг Нееманӕн фӕтӕригъӕд кодта+ ӕмӕ йын цы ’рбахаста, уый нӕ райста. Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын+, хъуамӕ йӕ аййафон ӕмӕ дзы исты райсон»+. 21 Ӕмӕ Гиези Нееманы фӕстейӕ асырдта. Нееман федта, чидӕр йӕ фӕстӕ кӕй ӕрбазгъоры, ӕмӕ йӕм бӕхуӕрдонӕй ӕрхызт ӕмӕ йӕ бафарста: «Исты хабар у?»+ 22 «Ницы,– дзуапп ын радта уый.– Мӕ хицау+ мӕ рарвыста+, Ефремы хӕхбӕстӕй, дам, мӕм пехуымпарты фырттӕй дыууӕ лӕппуйы ӕрцыд+ ӕмӕ-ма, дам, сын, дӕ хорзӕхӕй, иу талант ӕвзист ӕмӕ дыууӕ фӕлысты дзаумӕттӕ ратт»+. 23 Нееман ын загъта: «Дыууӕ таланты дӕр ахӕсс». Гъемӕ йӕ сразы кодта+, цӕмӕй дыууӕ таланты айстаид, ӕмӕ йын сӕ дыууӕ голладжы абаста, стӕй йын дыууӕ фӕлысты дзаумӕттӕ дӕр нывӕрдта. Йӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕгмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Гиезийы разӕй ахастой.

24 Офелмӕ куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд сын сӕ Гиези сӕ къухтӕй райста ӕмӕ сӕ хӕдзары сӕвӕрдта+. Уыцы адӕмы та арвыста, ӕмӕ ацыдысты. 25 Йӕхӕдӕг та ӕрбацыд ӕмӕ йӕ хицауы раз ӕрлӕууыд+. Елисей йӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ, Гиези?» «Ӕмӕ дӕ цагъар куы никуы уыди»+,– дзуапп ын радта Гиези. 26 Ӕмӕ йын уӕд Елисей загъта: «Афтӕ ӕнхъӕлыс, уыцы адӕймаг дӕм йӕ бӕхуӕрдонӕй куы ’рхызт, уӕд мӕ зӕрдӕ уым нӕ уыд? Цымӕ ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, цӕмӕй нӕхицӕн ӕвзист, дзаумӕттӕ, оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ, сӕнӕфсирдӕттӕ, фыстӕ, фос кӕнӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ агурӕм?+ 27 Нееманы хъотыр+ дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл уӕд ӕнустӕм»+. Ӕмӕ Гиезийӕн йӕ буар хъотырӕй митау урс фестад+, афтӕмӕй ацыд Елисейӕ.

6 Пехуымпарты фырттӕ+ Елисейӕн загътой: «Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, дӕ разы кӕм+ цӕрӕм, уым нын къуындӕг+ кӕй у. 2 Дӕ хорзӕхӕй, ауадз нӕ, ӕмӕ Иорданмӕ ацӕуӕм. Алчидӕр нӕ фӕйнӕ бӕласы акалдзӕн ӕмӕ уым нӕхицӕн+ хӕдзар сараздзыстӕм». Елисей сын загъта: «Ацӕут». 3 Ӕмӕ йын уӕд сӕ иу загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ды дӕр дӕ цагъартимӕ рацу». «Хорз, ӕз дӕр ацӕудзынӕн»,– загъта Елисей 4 ӕмӕ семӕ ацыд. Иорданмӕ куы ’рцыдысты, уӕд бӕлӕстӕ калын райдыдтой+, 5 ӕмӕ сӕ иу бӕлас куы калдта, уӕд йӕ фӕрӕты ӕфсӕйнаг+ доны ныххауд. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Фесӕфтӕн, мӕ буц хицау+, фӕрӕт мӕхи нӕ уыд, кӕмӕйдӕр ӕй ракуырдтон!»+ 6 Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ӕй бафарста: «Кӕм дын ныххауд?» Ӕмӕ кӕм ныххауд, уый йын равдыста. Уӕд Елисей бӕласӕй къалиу ралыг кодта, уым ӕй ныппӕрста, ӕмӕ фӕрӕты ӕфсӕйнаг хӕрдмӕ ссыд+. 7 Ӕмӕ Елисей загъта: «Сис ӕй». Уый дӕр ӕм нывнӕлдта ӕмӕ йӕ систа.

8 Сирийы паддзах+ та Израилы ныхмӕ рацыд. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ куы уынаффӕ кодта+, уӕд загъта: «Уым ӕмӕ уым ӕрбынат кӕндзыстӕм»+. 9 Уӕд ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+ Израилы паддзахмӕ арвыста, уыцы ранмӕ хӕстӕг ма цу+, сириӕгтӕ уырдӕм фӕцӕуынц+, зӕгъгӕ. 10 Ӕмӕ Израилы паддзах дӕр, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм фӕхабар кодта+. Афтӕ-иу ӕй Елисей бафӕдзӕхста+, ӕмӕ-иу уый дӕр уыцы ранмӕ хӕстӕг нӕ цыд.

11 Уӕд Сирийы паддзах смӕсты+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ бафарста: «Ныр-ма мын зӕгъут, махуӕттӕй Израилы паддзахы фарс чи у?»+ 12 Йӕ лӕггадгӕнджытӕй йын сӕ иу загъта: «Ничи, мӕ буц хицау, паддзах. Уый израилаг пехуымпар Елисей+ радзуры Израилы паддзахӕн+, ды дӕ мидӕггаг уаты цы фӕдзурыс, уый дӕр»+. 13 Уӕд Сирийы паддзах загъта: «Ацӕут ӕмӕ, кӕм вӕййы, уый базонут, цӕмӕй йӕм арвитон, ӕмӕ йӕ ӕрцахсой»+. Цасдӕры фӕстӕ йын фӕхабар кодтой, Дофаны+, дам, ис. 14 Паддзах уырдӕм уайтагъд бӕхтӕ, хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ стыр ӕфсад арвыста+. Гъемӕ ӕхсӕвыгон горӕтмӕ хӕстӕг бацыдысты ӕмӕ йыл ӕртыхстысты.

15 Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы лӕггадгӕнӕг+ райсомӕй раджы куы сыстад ӕмӕ ӕддӕмӕ куы рацыд, уӕд кӕсы, ӕмӕ горӕты алыварс лӕууынц ӕфсӕдтӕ бӕхтимӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ. «Сӕфӕм, мӕ хицау!+ – загъта лӕггадгӕнӕг.– Цы бакӕнӕм?» 16 «Ма тӕрс+,– загъта йын Елисей.– Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй»+. 17 Ӕмӕ Елисей скуывта+ ӕмӕ загъта: «О Йегъовӕ, курын дӕ, йӕ цӕстытӕ йын байгом кӕн+, цӕмӕй ӕппӕт дӕр фена». Уӕд Йегъовӕ лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта, Елисейы алыварс+ хӕхтӕ, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕй+ кӕй нал зындысты.

18 Сириӕгтӕ хӕстӕгдӕр цӕуын куы райдыдтой, уӕд Елисей Йегъовӕмӕ скуывта: «Курын дӕ, ацы адӕмы бакуырм кӕн»+. Ӕмӕ сӕ Хуыцау Елисейы ныхасмӕ гӕсгӕ бакуырм кодта. 19 Уӕд сын Елисей загъта: «Ай уыцы фӕндаг нӕу ӕмӕ горӕт дӕр уыцы горӕт нӕу. Цомут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз акӕндзынӕн, кӕй агурут, уыцы адӕймагмӕ». Йӕхӕдӕг та сӕ ӕркодта Самаримӕ+.

20 Самаримӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд Елисей загъта: «О Йегъовӕ, байгом сын кӕн сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй феной, кӕм сты, уый»+. Уӕд сын Йегъовӕ сӕ цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уӕд федтой, Самарийы астӕу кӕй сты. 21 Израилы паддзах сӕ куы федта, уӕд Елисейӕн загъта: «Ныццӕгъдон сӕ+, мӕ фыдыхай?+ Ныццӕгъдон сӕ?» 22 «Ма сӕ амар,– дзуапп ын радта Елисей.– Дӕ хъама ӕмӕ де ’рдыны фӕрцы уацары кӕй акӕныс, уыдоны амарыс?+ Къӕбӕр сын ӕрӕвӕр ӕмӕ сын дон ратт, цӕмӕй бахӕрой ӕмӕ бануазой+, ӕмӕ сӕ стӕй сӕ хицаумӕ арвит». 23 Уӕд сын уый дӕр стыр фынгтӕ ӕрӕвӕрдта. Куы бахордтой ӕмӕ куы банызтой, уӕд сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ хицаумӕ ацыдысты. Ӕмӕ уый фӕстӕ сириӕгтӕ Израилы зӕхмӕ нал ӕрбабырстой+.

24 Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Сирийы паддзах Венадад йе ’фсад иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ ацыд ӕмӕ Самарийыл ӕртыхст+. 25 Уӕдмӕ Самарийы ӕххормаг заман скодта+. Ӕмӕ знӕгтӕ йӕ алыварс уыйбӕрц рӕстӕг лӕууыдысты, ӕмӕ хӕрӕджы сӕр+ сси ӕстай ӕвзист сиклы аргъ, бӕлоны фаджысӕй+ дыууӕ армыдзаг та – фондз ӕвзист сиклы аргъ. 26 Израилы паддзах горӕты къулы сӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм иу сылгоймаг ныхъхъӕр кодта: «Мӕ буц хицау, паддзах, баххуыс мын кӕн!»+ 27 Паддзах ын загъта: «Йегъовӕ дын куы не ’ххуыс кӕны, уӕд дын ӕз цӕмӕй хъуамӕ баххуыс кӕнон?+ Найгӕнӕн мусӕй дын хор рахӕссон, йе та сӕндуцӕнӕй сӕн кӕнӕ сойлӕмарӕнӕй сой?» 28 Ӕмӕ йӕ стӕй бафарста: «Цы дыл ӕрцыд?» Сылгоймаг загъта: «Ацы сылгоймаг мын афтӕ, дӕ лӕппуйы, дам, нын ратт, цӕмӕй, дам, ӕй абон бахӕрӕм, мӕ лӕппуйы та, дам, райсом бахӕрдзыстӕм+. 29 Гъемӕ мӕ лӕппуйы сфыхтам+ ӕмӕ йӕ бахордтам+. Иннӕ бон ын загътон, зӕгъын, ӕри дӕ лӕппуйы ӕмӕ ныр та уый бахӕрӕм. Фӕлӕ йӕ уый бамбӕхста».

30 Паддзах сылгоймаджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрыскъуыдта+, ӕмӕ горӕты къулыл куы фӕцӕйцыд, уӕд адӕм федтой, мидӕгӕй йыл хъисын кӕй уыд. 31 Ӕмӕ паддзах загъта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд, кӕд ма абон Сафаты фырт Елисейӕн йӕ сӕр йӕ уӕлӕ баззайа!»+

32 Елисей йӕ хӕдзары хистӕр лӕгтимӕ куы бадти+, уӕд ӕм паддзах кӕйдӕр арвыста. Фӕлӕ йӕм нӕма ӕрбахӕццӕ, афтӕ Елисей хистӕр лӕгтӕн загъта: «Уыцы лӕгмары фырт+ мын мӕ сӕр акъуырынмӕ кӕйдӕр кӕй рарвыста, уый зонут? Кӕсут, йе ’рвыст лӕг куы ’рбацӕуа, уӕд-иу дуар сӕхгӕнут ӕмӕ-иу ыл фидар хӕцут, цӕмӕй мидӕмӕ ма ’рбахиза. Уый йӕ фӕстӕ та йӕ хицауы къӕхты хъӕр+ нӕу, ӕви?» 33 Елисей йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уыцы адӕймаг ӕрбацыд, ӕмӕ паддзах загъта: «Ацы бӕллӕх ныл Йегъовӕ ӕруагъта+. Цӕмӕн ма ӕнхъӕлмӕ кӕсын Йегъовӕмӕ?»+

7 Елисей загъта: «Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+. Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Райсом ацафон Самарийы кулдуары раз ӕппӕты хуыздӕр ссады къус* уыдзӕн иу сикл, ӕмӕ дыууӕ къусы хъӕбӕрхор дӕр уыдзӕн иу сикл“»+. 2 Уӕд паддзахы лӕггадгӕнӕг, паддзах-иу кӕй къухыл ӕнцой кодта+, уый, ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн загъта: «Йегъовӕ арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид+, уӕд дӕр цымӕ уымӕн гӕнӕн ис?»+ Уый та йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй йӕ фендзынӕ+, фӕлӕ дзы хӕргӕ нӕ бакӕндзынӕ»+.

3 Кулдуары раз уыди цыппар хъотырджын лӕджы+. Ӕмӕ иуафон загътой: «Ам цы бадӕм ӕмӕ мӕлӕтмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? 4 Горӕтмӕ куы бацыдаиккам, уӕд дӕр амардаиккам, уымӕн ӕмӕ горӕты адӕм сыдӕй мӕлынц+. Ам куы бадӕм, уӕд дӕр амӕлдзыстӕм. Цом ӕмӕ сириӕгтӕм бацӕуӕм. Кӕд нӕ удӕгасӕй ныууадзой, уӕд цӕрдзыстӕм, кӕд нӕ, уӕд та амӕлдзыстӕм»+. 5 Ӕмӕ куы ӕризӕр, уӕд сыстадысты ӕмӕ, сириӕгты цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм ацыдысты. Куы сӕм бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ дзы ничи.

6 Хабар та уыд афтӕ. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сириӕгтӕн сӕ хъустыл ауад+ хӕстон бӕхуӕрдӕтты хъӕр, бӕхты къӕхты хъӕр ӕмӕ стыр ӕфсады хъӕлӕба+, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уый Израилы паддзах хетты паддзӕхты+ ӕмӕ Египеты паддзӕхты+ баххуырста, цӕмӕй немӕ схӕцой!» 7 Ӕмӕ изӕрдалынгты сыстадысты ӕмӕ лидзӕг фесты+. Сӕ цатыртӕ, сӕ бӕхты+ ӕмӕ сӕ хӕрджыты – цы сӕм уыд, уыдон иууылдӕр – куыд уыдысты, афтӕ фӕуагътой, ӕмӕ сӕ сӕртӕ* ӕфснайынмӕ фесты+.

8 Хъотырджынтӕ сын сӕ цатыртӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд дзы иу цатырмӕ бацыдысты ӕмӕ хӕрын ӕмӕ нуазын райдыдтой. Ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй ӕмӕ дзы дзаумайӕ цы уыд, уыдон рахастой ӕмӕ сӕ бамбӕхстой. Стӕй фӕстӕмӕ баздӕхтысты, ӕндӕр цатырмӕ бацыдысты ӕмӕ та уырдыгӕй дӕр рахастой, цы дзы уыд, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ бамбӕхстой+.

9 Стӕй кӕрӕдзийӕн загътой: «Раст нӕ кӕнӕм. Ацы хорз хабар иннӕтӕн дӕр зӕгъын хъӕуы+. Куы фӕстиат кӕнӕм ӕмӕ райсоммӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд аххосджын уыдзыстӕм+. Цомут, горӕтмӕ бацӕуӕм ӕмӕ хабар паддзахы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм». 10 Ӕмӕ ацыдысты, горӕты кулдуар хъахъхъӕнджытӕм+ фӕдзырдтой ӕмӕ сын загътой: «Сириӕгты цатыртӕ кӕм сты, уым уыдыстӕм, фӕлӕ дзы ничи ис, никӕй хъӕлӕс дзы хъуысы, ӕрмӕстдӕр бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ бастӕй лӕууынц, цатыртӕ дӕр куыд уыдысты, афтӕ сты»+. 11 Кулдуар хъахъхъӕнджытӕ уайтагъд ацыдысты ӕмӕ хабар радзырдтой, паддзахы хӕдзары чи уыд, уыдонӕн.

12 Паддзах дӕр ӕхсӕвы сыстад ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн+ загъта: «Сириӕгтӕ цы бакуыстой, уый уын ӕз зӕгъдзынӕн+. Сыдӕй кӕй мӕлӕм, уый зонынц+, ӕмӕ сӕ цатыртӕй ацыдысты ӕмӕ быдыры бамбӕхстысты+, зӕгъгӕ, горӕтӕй куы рацӕуой, уӕд сӕ удӕгасӕй ӕрцахсдзыстӕм ӕмӕ горӕтмӕ бацӕудзыстӕм». 13 Уӕд ын йӕ лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, цалдӕр адӕймаджы равзар ӕмӕ ма горӕты цы бӕхтӕ баззад, уыдонӕй фондз ракӕнӕнт+. Цы уӕлдай у, горӕты ма чи баззад, уыцы израилӕгтӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Израилӕгтӕй чи фӕцагъды, уыдонӕй дӕр ницӕмӕй хуыздӕр сты+. Арвитӕм сӕ ӕмӕ базонӕм, хабар куыд у, уый». 14 Гъемӕ дыууӕ бӕхуӕрдоны ӕд бӕхтӕ ракодтой, ӕмӕ сӕ паддзах сириӕгты фӕдыл арвыста ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ базонут, хабар куыд у, уый». 15 Ӕмӕ сириӕгты фӕдыл суанг Иорданы онг фӕцыдысты ӕмӕ федтой, фӕндагыл алы рӕтты сириӕгты дзаумӕттӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ+ ӕппӕрст кӕй сты – лидзгӕ-лидзын сӕ фӕкалдтой+. Стӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ паддзахӕн алцыдӕр радзырдтой.

16 Уый фӕстӕ адӕм горӕтӕй рацыдысты ӕмӕ сириӕгты цатыртӕ фӕхастой+. Ӕмӕ уӕд ӕппӕты хуыздӕр ссады къусы аргъ сси иу сикл, ӕмӕ дыууӕ къусы хъӕбӕрхоры аргъ дӕр – иу сикл, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 17 Ӕмӕ паддзах йе ’ххуысгӕнӕгӕн, кӕй къухыл-иу ӕнцой кодта+, уымӕн бахӕс кодта кулдуар хъахъхъӕнын. Фӕлӕ йӕ кулдуары раз адӕм сӕ къӕхты бын фӕкодтой+, ӕмӕ амард – ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Уыцы ныхӕстӕ йын загъта, паддзах ӕм куы ’рбацыд, уӕд. 18 Алцыдӕр ӕрцыд, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг паддзахӕн куыд загъта, афтӕ, зӕгъгӕ: «Райсом ацафон Самарийы кулдуары раз ӕппӕты хуыздӕр ссады къус уыдзӕн иу сикл, ӕмӕ дыууӕ къусы хъӕбӕрхор дӕр уыдзӕн иу сикл»+. 19 Фӕлӕ уӕд паддзахы ӕххуысгӕнӕг ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн загъта: «Йегъовӕ арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид, уӕд дӕр цымӕ, цы зӕгъыс, уымӕн гӕнӕн ис?»+ Уый та йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй йӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы хӕргӕ нӕ бакӕндзынӕ»+. 20 Гъемӕ раст афтӕ рауад+: адӕм ӕй кулдуары раз сӕ къӕхты бын фӕкодтой+, ӕмӕ амард.

8 Елисей, кӕй фырты райгас кодта+, уыцы сылгоймагӕн загъта: «Ацу ӕмӕ уал дӕ бинонтимӕ ӕндӕр искуы ӕрцӕр+, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххыл Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕххормаг заман скӕндзӕн+ ӕмӕ ахӕсдзӕн авд азы»+. 2 Сылгоймаг дӕр сыстад ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг куыд загъта, афтӕ бакодта+: йӕ бинонтимӕ+ ацыд филистимӕгты+ зӕхмӕ ӕмӕ авд азы уым фӕцард.

3 Авд азы фӕстӕ сылгоймаг филистимӕгты зӕххӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ паддзахмӕ+ ацыд, мӕ хӕдзар ӕмӕ мӕ зӕхх ракурон, зӕгъгӕ. 4 Уыцы рӕстӕг паддзах ныхас кодта ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы лӕггадгӕнӕг Гиезиимӕ+ ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Елисей цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй-ма мын радзур»+. 5 Ӕмӕ Гиези паддзахӕн, Елисей мард адӕймаджы куыд райгас кодта+, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд паддзахмӕ йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕхх курӕг ӕрбацыд+, Елисей кӕй фырты райгас кодта, уыцы сылгоймаг. Ӕмӕ Гиези загъта: «Мӕ буц хицау+, паддзах, мӕнӕ уыцы сылгоймаг ӕмӕ йӕ фырт, Елисей кӕй райгас кодта, уыцы лӕппу». 6 Паддзах сылгоймаджы ӕрфӕрстытӕ кодта, ӕмӕ йын сылгоймаг радзырдта, хабар куыд уыди, уый+. Уӕд ын паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕй+ иуы йемӕ арвыста ӕмӕ йын загъта: «Йӕ исбон ын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратт ӕмӕ, ацы бӕстӕйӕ куы ацыд, уӕдӕй абоны онг йӕ зӕххӕй цы тыллӕг райстаид, уый аргъ дӕр ын бафид»+.

7 Елисей та Дамаскмӕ+ ацыд. Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Венадад+ рынчын уыд, ӕмӕ йын фӕхабар кодтой, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+, дам, ам ис. 8 Уӕд паддзах Азаилӕн+ загъта: «Демӕ лӕвар+ ахӕсс ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы размӕ ацу ӕмӕ уый уылты Йегъовӕйы бафӕрс+: „Сдзӕбӕх ма уыдзынӕн?“» 9 Азаил дӕр, Дамаскы хорзӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдӕттӕй йын лӕварӕн ахаста, цыппор теуайы цас афӕрӕзтаиккой, уыйбӕрц, ӕмӕ йӕ размӕ ацыд. Гъемӕ йӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ фырт+ Венадад, Сирийы паддзах мӕ рарвыста дӕумӕ, бафӕрс, дам, ӕй: „Сдзӕбӕх ма уыдзынӕн?“» 10 Елисей йын дзуапп радта: «Ацу ӕмӕ йын зӕгъ: „Ӕнӕмӕнг адзӕбӕх уыдзынӕ“. Фӕлӕ мын ӕцӕгӕй та Йегъовӕ раргом кодта+, мӕлгӕ кӕй акӕндзӕн»+. 11 Ӕмӕ Азаилмӕ ӕдзынӕг каст, цалынмӕ уый нӕ фефсӕрмы, уӕдмӕ. Стӕй ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ныккуыдта+. 12 Азаил ӕй бафарста: «Цӕмӕн кӕуы мӕ буц хицау?» Уый йын загъта: «Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, ды Израилы фырттӕн цас фыдбылызтӕ+ ракӕндзынӕ, уый. Сӕ фидаргонд горӕттӕ сын арты хай бакӕндзынӕ, сӕ хуыздӕр хӕстонты сын хъамайӕ фӕцӕгъддзынӕ, сӕ сывӕллӕтты сын фыдмард акӕндзынӕ+ ӕмӕ сын сӕ сывӕрджын сылгоймӕгты гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзынӕ»+. 13 Уӕд Азаил загъта: «Чи у дӕ цагъар, ӕмӕ ахӕм стыр хъуыддаг сараза, куыдзы+ кад дӕр мын куы нӕй, уӕд?» Елисей та йын загъта: «Йегъовӕ мын раргом кодта, ды Сирийы паддзах кӕй уыдзынӕ, уый»+.

14 Уый фӕстӕ Азаил Елисейӕ ацыд ӕмӕ йӕ хицаумӕ ӕрцыд. Уый йӕ бафарста: «Цы дын загъта Елисей?» Азаил ын дзуапп радта: «Загъта мын, сдзӕбӕх, дам, уыдзынӕ»+. 15 Иннӕ бон Азаил ӕмбӕрзӕн райста, ныххуылыдз ӕй кодта, паддзахы цӕсгом дзы ӕрӕмбӕрзта+, ӕмӕ паддзах амард+. Ӕмӕ йӕ бӕсты Азаил йӕхӕдӕг+ сси паддзах.

16 Иудӕйы паддзах Иосафаты фырт Иорам паддзах сси+, Израилы Ахавы фырт Иорам+ фӕндзӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 17 Иорам паддзах сси, ӕртын дыууӕ азы йыл куы цыд, уӕд ӕмӕ аст азы уыд паддзах Иерусалимы+. 18 Иорам цыди Израилы паддзӕхты фӕндагыл+, Ахавы хӕдзарвӕндаг куыд кодта, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ ракуырдта Ахавы чызджы+. Иорам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. 19 Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды хатырӕй+, Иудӕйы паддзахад фесафын+, уымӕн ӕмӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, паддзахбадӕн*+ ӕнустӕм дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ.

20 Едом+ уыди Иудӕйы дӕлбар, фӕлӕ Иорамы рӕстӕджы едомӕгтӕ Иудӕйы паддзахады ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕхицӕн паддзах+ сӕвӕрдтой. 21 Уӕд Иорам йе ’ппӕт бӕхуӕрдӕттимӕ араст Цаирмӕ. Ӕмӕ ӕхсӕвы сыстад ӕмӕ ныппырх кодта, йӕ алыварс ӕмӕ, бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыдоны алыварс чи ӕртыхст, уыцы едомӕгты, ӕмӕ адӕм сӕ цатыртӕм лидзӕг фесты. 22 Фӕлӕ едомӕгтӕ абоны онг дӕр цӕуынц Иудӕйы ныхмӕ. Уыцы рӕстӕг йӕ ныхмӕ рацыд Ливнӕ+ дӕр.

23 Иорамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 24 Ӕппынфӕстаг Иорам йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Охози+.

25 Иудӕйы паддзах Иосафаты фырт Охози паддзах сси, Израилы паддзах Ахавы фырт Иорам дыууадӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд+. 26 Охози паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын дыууӕ азы ӕмӕ иу аз уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Гофоли+, уыди Израилы паддзах Амврийӕн+ йӕ фырты чызг. 27 Охози дӕр цыди Ахавы+ хӕдзарвӕндаджы фӕндагыл ӕмӕ Ахавы хӕдзарвӕндагау уый дӕр арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+, уымӕн ӕмӕ Ахавы хӕдзарвӕндагимӕ хӕстӕджытӕ уыдысты+. 28 Гъемӕ Охози ӕмӕ Ахавы фырт Иорам ацыдысты, цӕмӕй Рамоф-Галаады+ Сирийы паддзах Азаилимӕ схӕцыдаиккой+, фӕлӕ Иорам сириӕгты къухӕй фӕцӕф+. 29 Ӕмӕ паддзах Иорам+ Изреелмӕ ӕрыздӕхт+, цӕмӕй йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх кодтаид, уымӕн ӕмӕ Рамӕйы Сирийы паддзах Азаилимӕ куы хӕцыд, уӕд сириӕгты къухӕй фӕцӕф. Иудӕйы паддзах, Иорамы фырт Охози+ та Изреелмӕ Ахавы фырт Иораммӕ рынчынфӕрсӕг ӕрцыд.

9 Пехуымпар Елисей пехуымпарты фырттӕй+ иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи арӕвдз кӕн*+, сойы дурын демӕ айс+ ӕмӕ Рамоф-Галаадмӕ ацу+. 2 Уырдӕм куы ’рхӕццӕ уай, уӕд-иу ссар Ииуйы+, Намессийӕн йӕ фырт Иосафаты фырты. Йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй-иу ӕй ракӕн ӕмӕ-иу ӕй бакӕн мидӕггаг уатмӕ+. 3 Стӕй-иу сойы дурын райс, йӕ сӕрыл ын-иу сой рауадз+ ӕмӕ-иу зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сойӕ сӕрдын+, цӕмӕй Израилӕн паддзах+ уай“. Уый фӕстӕ-иу дуар фегом кӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн, ма-иу ӕнхъӕлмӕ кӕс».

4 Ӕмӕ уыцы лӕггадгӕнӕг, пехуымпары лӕггадгӕнӕг, Рамоф-Галаадмӕ араст. 5 Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд кӕсы, ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ бадынц. Ӕмӕ загъта: «Хицау, цыдӕр дын хъуамӕ зӕгъон»+. Уӕд ӕй Ииуй бафарста: «Кӕмӕн?» «Дӕуӕн, хицау»,– дзуапп ын радта уый. 6 Уӕд Ииуй сыстад ӕмӕ хӕдзармӕ бацыд. Ӕмӕ йын уым пехуымпары лӕггадгӕнӕг йӕ сӕрыл сой рауагъта ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сойӕ сӕрдын+, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн+, Израилӕн, паддзах уай. 7 Дӕ хицау Ахавы хӕдзарвӕндаг фесаф, цӕмӕй мӕ пехуымпарты туг ӕмӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй Йезавелы къухӕй чидӕриддӕр фӕмард+, уыдоны туг райсон+. 8 Ахавы хӕдзарвӕндаг иууылдӕр хъуамӕ фесӕфа. Ӕз Ахавы хӕдзары+ нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн, фесафдзынӕн се ’ппӕты дӕр+, Израилы ӕппӕты ницӕйагдӕр чи у+, уый дӕр. 9 Наваты фырт Йеровоамы хӕдзарвӕндагӕн+ ӕмӕ Ахийы фырт Ваасӕйы хӕдзарвӕндагӕн+ куыд бакодтон, афтӕ бакӕндзынӕн Ахавы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. 10 Йезавелы та Изреелы зӕххыл куыйтӕ бахӕрдзысты+, ӕмӕ йӕ ныгӕнгӕ дӕр ничи бакӕндзӕн“». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ лӕггадгӕнӕг дуар фегом кодта ӕмӕ алыгъд+.

11 Ииуй йӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕм куы рацыд, уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Исты хабар у, мыййаг?+ Уыцы ӕрра+ дӕм цӕмӕн ӕрбацыд?» Ииуй сын загъта: «Гъеныр цыма уыцы лӕджы уӕхӕдӕг нӕ зонут? Ахӕмӕй мын цы хъуамӕ загътаид?» 12 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Сайыс! Зӕгъ нын, дӕ хорзӕхӕй, цы дын загъта». Ӕмӕ сын уӕд Ииуй загъта: «Афтӕ ӕмӕ мын афтӕ загъта. Йегъовӕ, дам, афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕ сойӕ сӕрдын, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай“»+. 13 Уӕд сӕ алчидӕр йӕ уӕлӕдарӕс фелвӕста+ ӕмӕ йын сӕ йӕ разы асинтыл айтыдтой, стӕй сыкъайӕ ныууасыдысты+ ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ииуй паддзах сси!»+ 14 Уый фӕстӕ Ииуй+, Намессийӕн йӕ фырт Иосафаты фырт+, Иорамы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта+.

Уый размӕ Иорам ӕнӕхъӕн Израилимӕ Рамоф-Галаад+ Сирийы паддзах Азаилӕй+ хъахъхъӕдта. 15 Фӕлӕ стӕй паддзах Иорам+ Изреелмӕ+ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх кодтаид, уымӕн ӕмӕ Сирийы паддзах Азаилимӕ куы хӕцыд, уӕд сириӕгты къухӕй фӕцӕф+.

Ӕмӕ Ииуй загъта: «Кӕд разы стут+, уӕд горӕтӕй алидзын макӕй бауадзут, цӕмӕй Изреелмӕ ма фӕхабар кӕной». 16 Ииуй бӕхуӕрдоныл сбадт ӕмӕ Изреелмӕ ацыд. Уым Иорам цӕфӕй хуыссыди, ӕмӕ йӕм Иудӕйы паддзах Охози+ дӕр уырдӕм рынчынфӕрсӕг ӕрцыд. 17 Изреелы+ мӕсыгыл+ та лӕууыд хъахъхъӕнӕг+ ӕмӕ, Ииуйы дуне адӕмимӕ ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Дуне адӕм ӕрбацӕуы». Уӕд Иорам загъта: «Сӕ размӕ сын барӕджы арвит, ӕмӕ сӕ бафӕрсӕд: „Фарнимӕ цӕут?“»+. 18 Барӕг дӕр бӕхыл йӕ размӕ ацыд ӕмӕ загъта: «Паддзах фӕрсы, фарнимӕ, дам, цӕут?» Фӕлӕ йын Ииуй загъта: «Цы дӕ хъуыддаг ис „фарнмӕ“?+ Мӕ фӕдыл рацу!»

Ӕмӕ хъахъхъӕнӕг+ паддзахӕн фӕхабар кодта: «Кӕй арвыстай, уый сӕм бахӕццӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхт». 19 Паддзах та дыккаг барӕджы дӕр арвыста. Ӕмӕ сӕм барӕг куы бахӕццӕ, уӕд загъта: «Паддзах фӕрсы, фарнимӕ, дам, цӕут?» Фӕлӕ йын Ииуй загъта: «Цы дӕ хъуыддаг ис „фарнмӕ“?+ Мӕ фӕдыл рацу!»

20 Хъахъхъӕнӕг та фӕхабар кодта: «Уый дӕр сӕм бахӕццӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхт. Бӕхтӕрджытӕй та сӕ иу у Намессийы фырты фырт+ Ииуйы+ хуызӕн, уыйау ӕрра скъӕрд кӕны»+. 21 Уӕд Иорам загъта: «Бӕхуӕрдон баифтындзут!»+ Гъемӕ йын йӕ хӕстон бӕхуӕрдон баифтыгътой. Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Иорам ӕмӕ Иудӕйы паддзах Охози+ сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттыл сбадтысты, Ииуйы размӕ ацыдысты ӕмӕ йыл, изреелаг Навуфейы+ зӕхх кӕм уыди, уым сӕмбӕлдысты.

22 Куыддӕр Иорам Ииуйы федта, афтӕ йӕ бафарста: «Ииуй, фарнимӕ цӕуыс?» Фӕлӕ йын Ииуй дзуапп радта: «Цӕй фарны кой кӕныс+, цалынмӕ дӕ мад Йезавел+ хӕты ӕмӕ кӕлӕнтӕ кӕны, уӕдмӕ?»+ 23 Иорам уайтагъд йӕ бӕхуӕрдон фӕзылдта, алидзон, зӕгъгӕ, ӕмӕ Охозимӕ фӕхъӕр кодта: «Охози, сайдӕй ныл рацыдысты!»+ 24 Фӕлӕ Ииуй ӕрдын+ фелвӕста ӕмӕ фат Иорамӕн йӕ дыууӕ уӕны астӕу ныссагъта. Иорамӕн фат йӕ зӕрдӕйы ахызт, ӕмӕ паддзах йӕ бӕхуӕрдоны ӕрхауд+. 25 Уӕд Ииуй йе ’ххуысгӕнӕгӕн+, Бидекарӕн, загъта: «Сис ӕй ӕмӕ йӕ изреелаг Навуфейы зӕххыл аппар+. Хъуыды ма кӕныс, ӕз ӕмӕ ды йӕ фыд Ахавы фӕстӕ бӕхуӕрдӕттыл куы цыдыстӕм, уӕд Йегъовӕ уый тыххӕй афтӕ кӕй загъта+: 26 „Знон ӕз федтон, Навуфейы туг+ ӕмӕ йӕ фыртты+ туг куыд ныккалд, уый“,– зӕгъы Йегъовӕ. „Ӕмӕ дӕ ӕз ацы зӕххы хайыл сӕ туг райсдзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“. Уӕдӕ йӕ сис ӕмӕ йӕ ацы зӕххыл аппар, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+.

27 Иудӕйы паддзах Охози+, цы ’рцыд, уый куы федта, уӕд, стыр дыргъдоны* рӕзты цы фӕндаг цыди, ууыл лидзынмӕ фӕци+. Фӕстӕдӕр Ииуй Охозийы фӕстейӕ асырдта ӕмӕ загъта: «Ай дӕр амарут!» Ӕмӕ Охози йӕ бӕхуӕрдоныл, Ивлеамы+ раз чи ис, уыцы Гурмӕ кӕнӕг фӕндагыл куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕй фӕцӕф кодтой. Охози Мегиддомӕ+ алыгъд ӕмӕ уым амард+. 28 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ бӕхуӕрдоны Иерусалиммӕ аластой, ӕмӕ йӕ Давиды горӕты+ йӕ ингӕны йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой. 29 Охози+ Иудӕйы паддзах сси, Ахавы фырт Иорам+ иуӕндӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд.

30 Ӕппынфӕстаг Ииуй бахӕццӕ Изреелмӕ+. Йезавел+ уый куы фехъуыста, уӕд йӕ цӕстытӕ сау ахорӕнӕй сахуырста+, йӕ дзыккутӕ рӕсугъд ныффаста+ ӕмӕ рудзынгӕй каст+. 31 Ӕмӕ Ииуй кулдуарыл мидӕмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм рахъӕр кодта: «Цы баци Зимри+, йӕ хицауы чи амардта, уый?» 32 Ииуй рудзынгмӕ скаст ӕмӕ загъта: «Чи у мӕ фарс? Чи?»+ Уӕд ӕм дыууӕ-ӕртӕ фӕсдзӕуины+ ракасти. 33 Ӕмӕ сын загъта: «Уырдыгӕй йӕ раппарут!»+ Уыдон дӕр ӕй раппӕрстой, ӕмӕ йӕ туг къулыл ӕмӕ бӕхтыл ныппырх. Ииуй та йыл йӕ бӕхты батардта, ӕмӕ йыл балӕгӕрстой+. 34 Уый фӕстӕ Ииуй мидӕмӕ бацыд, ахордта, анызта ӕмӕ стӕй загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, уыцы ӕлгъысты+ афтӕ ма ныууадзут, баныгӕнут ӕй, паддзахы чызг у уӕддӕр»+. 35 Ӕмӕ йӕм куы рацыдысты, баныгӕнӕм ӕй, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ сӕрыкӕхц, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ йеддӕмӕ ницыуал ссардтой+. 36 Ӕмӕ фӕстӕмӕ Ииуймӕ куы баздӕхтысты ӕмӕ йын хабар куы радзырдтой, уӕд Ииуй загъта: «Афтӕ сӕххӕст, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг фесвӕйаг Илийайы уылты цы загъта, уый+: „Йезавелы мард Изреелы зӕххыл куыйтӕ бахӕрдзысты+. 37 Ӕмӕ Изреелы зӕххыл Йезавелы мард фаджысау+ уыдзӕн, ӕмӕ ничи зӕгъдзӕн, уый Йезавел у+, зӕгъгӕ“».

10 Ахавӕн Самарийы+ уыди ӕвдай+ фырты. Ӕмӕ Ииуй фыстӕджытӕ ныффыста ӕмӕ сӕ Самаримӕ Изреелы кънйӕзтӕм+, хистӕр лӕгтӕм+ ӕмӕ, Ахавы сывӕллӕттӕм чи каст, уыдонмӕ арвыста. Ныффыста сӕм: 2 «Уӕ къухы сты уӕ хицауы фырттӕ, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхтӕ+, стӕй фидаргонд горӕт ӕмӕ хӕцӕнгарз дӕр. Ӕмӕ уӕм ацы фыстӕг куы фӕхӕццӕ уа, 3 уӕд-иу, уӕ хицауы фырттӕй ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ аккаг чи у, уый равзарут ӕмӕ йӕ йӕ фыды паддзахбадӕныл сбадын кӕнут+. Ӕмӕ-иу стӕй уӕ хицауы хӕдзары сӕрыл тох кӕнут».

4 Уыдон тынг фӕтарстысты ӕмӕ загътой: «Йӕ разы дыууӕ паддзахы+ куы нӕ фӕлӕууыдысты, уӕд мах цы бакӕндзыстӕм?»+ 5 Ӕмӕ Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг, горӕты сӕргълӕууӕг, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ, Ахавы сывӕллӕттӕм чи каст, уыдон+ Ииуймӕ арвыстой ахӕм ныхас: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм, ӕмӕ нын ды куыддӕриддӕр зӕгъай, афтӕ бакӕндзыстӕм. Паддзахӕй никӕй сӕвӕрдзыстӕм. Хуыздӕр дӕм куыд кӕсы, афтӕ бакӕн».

6 Ӕмӕ сӕм уӕд арвыста дыккаг фыстӕг ахӕм ныхӕстимӕ: «Кӕд мӕ фарс стут+ ӕмӕ мӕ ныхасмӕ хъусут, уӕд уӕ хицауы фырттӕн+ сӕ сӕртӕ ралыг кӕнут ӕмӕ мӕм райсом ацафон Изреелмӕ ӕрцӕут»+.

Уыцы рӕстӕг та паддзахы фырттӕ, ӕвдай адӕймаджы, уыдысты горӕты кадджын лӕгтимӕ, чи сӕ хъомыл кодта, уыдонимӕ. 7 Куыддӕр уыцы фыстӕг райстой, афтӕ паддзахы фыртты, ӕвдай адӕймаджы+, ракодтой ӕмӕ сӕ амардтой. Стӕй сын сӕ сӕртӕ чыргъӕдты нывӕрдтой ӕмӕ сӕ Ииуймӕ Изреелмӕ арвыстой. 8 Ииуйӕн фӕхабар кодтой+, паддзахы фыртты сӕртӕ ӕрбахастой+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Ииуй загъта: «Кулдуары бахизӕны сӕ дыууӕ раны ӕркалут ӕмӕ сӕ райсоммӕ афтӕ уадзут»+. 9 Райсомӕй рацыд, ӕппӕт адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ сын загъта: «Сымах ницы аххосджын стут+. Мӕ хицауы ныхмӕ ӕз скодтон сусӕгвӕнд+ ӕмӕ йӕ ӕз амардтон+. Фӕлӕ адоны та чи амардта? 10 Уӕдӕ йӕ зонут, Йегъовӕйы ныхӕстӕй, Йегъовӕ Ахавы хӕдзарвӕндаджы+ тыххӕй кӕй загъта, уыдонӕй, иу дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй кӕй нӕ баззайдзӕн*+. Йегъовӕ сарӕзта, йӕ лӕггадгӕнӕг Илийайы уылты цы загъта, уый»+. 11 Ииуй ныццагъта, Изреелы ма Ахавы хӕдзарвӕндагӕй чидӕриддӕр баззад, уыдоны дӕр, кадджын лӕгты+ се ’ппӕты дӕр, стӕй Ахавы ӕмбӕлтты ӕмӕ йӕ сауджынты+ дӕр – иуы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта+.

12 Уый фӕстӕ сыстад ӕмӕ Самаримӕ ацыд. Фӕндагыл уыд, фыййӕуттӕ фыстӕ кӕм ӕлвыдтой, ахӕм хӕдзар. 13 Ииуй Иудӕйы паддзах Охозийы+ ӕфсымӕртыл+ сӕмбӕлд ӕмӕ сӕ бафарста: «Чи стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах Охозийы ӕфсымӕртӕ стӕм. Паддзахы ӕмӕ ус-паддзахы фыртты бӕрӕггӕнӕг цӕуӕм, куыд сты, уый базонӕм». 14 Уӕд Ииуй загъта: «Удӕгасӕй сӕ ӕрцахсут!»+ Гъемӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ се ’ппӕты дӕр, цыппор дыууӕ адӕймаджы, фыййӕутты хӕдзары цур цы доны дзыхъхъ уыд, уый раз амардтой. Ииуй дзы иуы дӕр удӕгасӕй нӕ ныууагъта+.

15 Уырдыгӕй дарддӕр куы ацыд, уӕд Рехавы фырт+ Ионадавыл+ фембӕлд – йӕ размӕ рацӕйцыд. Ииуй йын раарфӕ кодта+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ куыд ис, дӕ зӕрдӕ дӕр мемӕ афтӕ ис?»+

«О»,– дзуапп ын радта Ионадав.

«Уӕдӕ уӕд дӕ къух ӕри».

Уый дӕр ӕм йӕ къух радта, ӕмӕ йӕ Ииуй йӕ бӕхуӕрдонмӕ схизын кодта+. 16 Ӕмӕ йын загъта: «Цом мемӕ ӕмӕ фендзынӕ, Йегъовӕйӕ уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕн кӕй нӕ ныббыхсдзынӕн»+. Ӕмӕ Ионадав Ииуйимӕ йӕ бӕхуӕрдоныл ацыд. 17 Ииуй Самаримӕ ӕрцыд ӕмӕ ма Ахавӕн Самарийы чи баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардта. Бындзагъд сӕ фӕкодта+, Йегъовӕ Илийайӕн куыд загъта, афтӕ+.

18 Уый фӕстӕ Ииуй адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Ваалӕн Ахав гыццыл балӕггад кодта+. Ииуй йын фылдӕр балӕггад кӕндзӕн. 19 Уӕдӕ мӕм Ваалы пехуымпарты+, йӕ кувӕг адӕмы+ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгты+ се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕнут. Иуы дӕр дзы ма ферох кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ваалӕн стыр нывӕндтӕ хъуамӕ ӕрхӕссон. Чи не ’рбацӕуа, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн». Ииуй сыл хинӕй цыд+, цӕмӕй Ваалӕн кувӕг адӕмы ныццагътаид.

20 Ииуй загъта: «Фехъусын кӕнут, Ваалы номыл сӕрмагонд ӕмбырд кӕй уыдзӕн». Ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтой. 21 Стӕй Ииуй ӕнӕхъӕн Израилмӕ дӕр арвыста+, ӕмӕ Ваалӕн кувӕг адӕм иууылдӕр ӕрцыдысты. Иунӕг дӕр дзы ахӕм нӕ баззад, чи не ’рбацыд. Ӕмӕ Ваалы кувӕндонмӕ+ куы бацыдысты, уӕд хӕдзар байдзаг – къух бакӕнӕн дӕр дзы нал уыд. 22 Ӕмӕ уӕд Ииуй, дзаумӕттӕ кӕм уыдысты, уыцы уаты хицауӕн загъта: «Ваалӕн чи кувы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уӕлӕдарӕс рахӕсс». Ӕмӕ сын уый дӕр рахаста. 23 Уӕд Ииуй Рехавы фырт Ионадавимӕ+ Ваалы кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ, Ваалӕн чи куывта, уыдонӕн загъта: «Дзӕбӕх акӕсут, уе ’хсӕн Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕй куыд ничи уа, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Ваалӕн чи кувы, уыдон»+. 24 Ӕмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ хӕссынмӕ куы бацыдысты, уӕд Ииуй ӕддейӕ ӕстай адӕймаджы сӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Уӕ къухмӕ уын кӕй дӕттын, уыдонӕй иу дӕр кӕмӕн аирвӕза, уымӕн йӕ уд уыдзӕн уый уды бӕсты»+.

25 Ииуй судзинаг нывонд куы ’рхаста, уӕд йӕ хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ йе ’ххуысгӕнджытӕн+ загъта: «Рацӕут ӕмӕ сӕ амарут! Иуы дӕр дзы ма ауадзут»+. Уыдон дӕр сӕ карды комӕй цӕгъдын райдыдтой, сӕ мӕрдтӕ та сын ӕддӕмӕ ӕппӕрстой, ӕмӕ афтӕ Ваалы кувӕндоны рӕбынмӕ бахӕццӕ сты. 26 Стӕй Ваалы кувӕндонӕй рахастой кувӕн дуртӕ+ ӕмӕ сӕ басыгътой+. 27 Уый фӕстӕ ныппырх кодтой, Ваалӕн кувынӕн цы дур сӕвӕрдтой+, уый дӕр. Ваалы кувӕндон+ дӕр ныппырх кодтой ӕмӕ дзы уазӕгдон*+ сарӕзтой, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр.

28 Афтӕ Ииуй Ваалы Израилӕй фесӕфта. 29 Фӕлӕ, Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдоныл йӕ къух нӕ систа – Вефилы ӕмӕ Даны+ цы сызгъӕрин родтӕ+ уыд, уыдон ныууагъта. 30 Йегъовӕ Ииуйӕн загъта: «Мӕ цӕсты раст цы у, уый кӕй арӕзтай+ ӕмӕ Ахавы хӕдзарӕн, мӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй бакодтай+, уый тыххӕй дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахбадӕныл»+. 31 Фӕлӕ Ииуй нӕ архайдта, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы закъон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кодтаид+. Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдоныл йӕ къух нӕ систа+.

32 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Израилы зӕххытӕ къаддӕр кӕнын райдыдта, ӕмӕ-иу Азаил+ израилӕгтӕм кӕдӕмфӕнды ма бабырстаид, ныппырх-иу сӕ кодта: 33 Иорданӕй скӕсӕнырдӕм, ӕгас Галаады+ зӕххыл, Гады мыггаджы+ зӕххыл, Рувимы мыггаджы+ зӕххыл ӕмӕ Манассийы мыггаджы+ зӕххыл, Арноны дӕлвӕзы+ раз чи ис, уыцы Ароерӕй суанг Галаад ӕмӕ Васаны+ онг.

34 Ииуйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 35 Ӕппынфӕстаг Ииуй йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ Самарийы бавӕрдтой. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоахаз+. 36 Ииуй Самарийы Израилӕн паддзах уыд дыууын аст азы.

11 Охозийы+ мад Гофоли+ уый куы федта, ӕмӕ йын йӕ фырты амардтой, уӕд паддзахы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта+. 2 Фӕлӕ паддзахы фыртты марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд паддзах Иорамы чызг Иосавеф+, Охозийы хо, Охозийӕн йӕ фырт Иоасы+ паддзахы фыртты ’хсӕнӕй радавта ӕмӕ йӕ йӕ хъомылгӕнӕгимӕ хуыссӕн уатмӕ бакодта. Уым ӕй Гофолийӕ ӕмбӕхстой+, ӕмӕ лӕппу удӕгасӕй баззад. 3 Ӕхсӕз азы йӕ ӕмбӕхстой Йегъовӕйы хӕдзары. Гофоли та уыцы рӕстӕг уыд бӕстӕйы хицау+.

4 Ӕвдӕм аз Иодай+ кариаг+ хъахъхъӕнджыты сӕдӕты хистӕртӕм ӕмӕ, паддзахы бӕхуӕрдоны разӕй чи фезгъоры, уыцы лӕггадгӕнджыты+ сӕдӕты хистӕртӕм арвыста ӕмӕ сӕ йӕхимӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ ӕрбакодта. Уым семӕ бадзырд скодта+ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары расомы кӕнын кодта+. Уый фӕстӕ сын паддзахы фырты равдыста. 5 Ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ бакӕнут: ӕртӕ къордыл адих уыдзыстут, ӕмӕ уӕ иутӕ сабаты ӕрбацӕудзысты ӕмӕ паддзахы хӕдзар хъахъхъӕндзысты+, 6 иннӕтӕ лӕудзысты, Бындур кӕй хонынц, уыцы кулдуары+ раз, ӕртыккӕгтӕ та – паддзахы бӕхуӕрдоны разӕй чи фезгъоры, уыцы лӕггадгӕнджыты фӕстӕ кулдуары раз. Ӕмӕ хӕдзар+ радгай хъахъхъӕндзыстут. 7 Сабаты цы дыууӕ къорды хъуамӕ ацыдаиккой, уыдон дӕр баззайдзысты ӕмӕ паддзахы тыххӕй Йегъовӕйы хӕдзар хъахъхъӕндзысты. 8 Уӕ хӕцӕнгарз уӕ къухы, афтӕмӕй паддзахы алыварс ӕрлӕудзыстут, ӕмӕ уе ’хсӕнмӕ бабырсынмӕ чи хъава, уый-иу амарут. Паддзах мидӕмӕ куы цӕуа, уӕд дӕр ӕмӕ, ӕддӕмӕ куы цӕуа, уӕд дӕр хъуамӕ уат йӕ фарсмӕ».

9 Сӕдӕты хистӕртӕ+ алцыдӕр сарӕзтой, сауджын Иодай сын куыд загъта, афтӕ. Алчидӕр сӕ йӕ адӕмы ракодта – сабаты+ чи ӕрбацыд, уыдоны дӕр ӕмӕ, сабаты чи хъуамӕ ацыдаид, уыдоны дӕр, ӕмӕ сауджын Иодаймӕ ӕрбацыдысты. 10 Ӕмӕ сауджын сӕдӕты хистӕртӕн радта паддзах Давиды ӕрцытӕ ӕмӕ тымбыл уартытӕ, Йегъовӕйы хӕдзары чи уыд, уыдон+. 11 Паддзахы бӕхуӕрдоны разӕй чи фезгъоры, уыцы лӕггадгӕнджытӕ+ ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ лӕууыдысты хӕдзарӕн йӕ рахиз фарсӕй йӕ галиу фарсы онг, нывондхӕссӕны+ раз ӕмӕ хӕдзары раз, ӕмӕ паддзахмӕ бацӕуӕн никӕцырдыгӕй уыди. 12 Уый фӕстӕ Иодай паддзахы фырты+ ракодта, йӕ сӕрыл ын паддзахы худ+ ӕркодта ӕмӕ йыл Закъоны тыхтон+ ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ йӕ паддзахӕй+ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрстой+. Стӕй ӕмдзӕгъд+ кӕнын райдыдтой ӕмӕ загътой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»+

13 Адӕм куыд лидзынц ӕмӕ куыд хъӕр кӕнынц, уый Гофоли куы фехъуыста, уӕд уайтагъд Йегъовӕйы хӕдзары адӕмы раз балӕууыд+. 14 Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ паддзах лӕууы цӕджындзы раз+, паддзахы раз та лӕууынц хистӕртӕ ӕмӕ уадындзтӕй цӕгъдджытӕ+, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы адӕм цин кӕнынц+ ӕмӕ уадындзтӕй уасынц. Ӕмӕ Гофоли+ йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сусӕгвӕнд скодтой! Сусӕгвӕнд!»+ 15 Уӕд сауджын Иодай сӕдӕты хистӕртӕн, ӕфсады сӕргъы чи лӕууыд+, уыдонӕн, загъта: «Уе ’хсӕнӕй йӕ акӕнут. Ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу амарут!»+ Уымӕн ӕмӕ Иодай уый размӕ афтӕ загъта, Йегъовӕйы хӕдзары йӕ ма амарӕнт, зӕгъгӕ. 16 Уыдон дӕр ыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ йӕ акодтой. Ӕмӕ, паддзахы хӕдзары+ размӕ бӕхтӕ кӕуылты цыдысты+, уый онг куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕй уым амардтой+.

17 Уый фӕстӕ Иодай Йегъовӕйы+ ӕмӕ паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн+ скодта бадзырд+, Йегъовӕйы адӕм кӕй уыдзысты. Бадзырд скодта паддзахы ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр+. 18 Стӕй бӕстӕйы адӕм иууылдӕр Ваалы кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой+, ныппырх ын кодтой йӕ гуымирытӕ дӕр+, Ваалы дзуарылӕг Матфаны+ та нывондхӕссӕнты раз амардтой+.

Ӕмӕ уый фӕстӕ сауджын Йегъовӕйы хӕдзары цӕстдарджытӕ сӕвӕрдта+. 19 Стӕй Иодай йемӕ акодта сӕдӕты хистӕрты, кариаг+ хъахъхъӕнджыты ӕмӕ, паддзахы бӕхуӕрдоны разӕй чи фезгъоры, уыцы лӕггадгӕнджыты+ ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы адӕмы дӕр, цӕмӕй паддзахы Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракодтаиккой. Гъемӕ рацыдысты, паддзахы бӕхуӕрдоны разӕй чи фезгъоры, уыцы лӕггадгӕнджыты кулдуарыл+ ахызтысты ӕмӕ паддзахы хӕдзармӕ бацыдысты, ӕмӕ Иоас паддзӕхты бадӕныл+ ӕрбадт. 20 Ӕмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кодтой+, ӕмӕ горӕты уыд сабырдзинад. Гофолийы та паддзахы хӕдзары раз хъамайӕ амардтой+.

21 Иоас паддзах куы сси+, уӕд ыл цыди авд азы+.

12 Иоас+ паддзах сси, Ииуй+ ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ цыппор азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Цивийӕ ӕмӕ уыди Вирсавийӕ. 2 Цалынмӕ сауджын Иодай йӕ зондамонӕг уыди, уӕдмӕ Иоас арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. 3 Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ* баззадысты+. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты хастой нывӕндтӕ ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой.

4 Иоас сауджынтӕн+ загъта: «Йегъовӕйы хӕдзармӕ мысайнагӕн цы ӕхца ӕрбахӕссынц+, уыцы ӕхца иууылдӕр, ома, алы адӕймагӕй дӕр цы ӕхца райсынц+, стӕй, дзырд чи ратты, уыдонӕй* цы ӕхца райсынц+ ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзармӕ алы адӕймаг дӕр йӕ зӕрдӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ цы ӕхца ӕрбахӕссы, уыцы ӕхца+ 5 сауджынтӕ сӕ зонгӕтӕй исӕнт+ ӕмӕ, кувӕндоны цалцӕггӕнинаг цы ис, уый уымӕй цалцӕг кӕнӕнт»+.

6 Фӕлӕ Иоас дыууын ӕртыккӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд дӕр сауджынтӕ кувӕндон нӕма сцалцӕг кодтой+. 7 Уӕд паддзах Иоас сауджын Иодаймӕ+ ӕмӕ иннӕ сауджынтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Кувӕндон цӕуылнӕ цалцӕг кӕнут? Амӕй фӕстӕмӕ уӕ зонгӕтӕй ӕхца мауал исут, фӕлӕ сӕ кувӕндон цалцӕг кӕнынӕн дӕттут»+. 8 Ӕмӕ сауджынтӕ сразы сты, адӕмӕй ӕхца кӕй нал исдзысты ӕмӕ кувӕндон уыдон кӕй нӕ цалцӕг кӕндзысты, ууыл.

9 Уый фӕстӕ сауджын Иодай асыкк райста+, уӕлейӕ дзы хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны фарсмӕ сӕвӕрдта, Йегъовӕйы хӕдзармӕ бахизӕны рахизырдыгӕй. Ӕмӕ адӕм Йегъовӕйы хӕдзармӕ цыдӕриддӕр ӕхца хастой, уый дуаргӕс-сауджынтӕ+ уым ӕвӕрдтой+. 10 Асыччы-иу бирӕ ӕхца куы ӕрӕмбырд, уӕд-иу паддзахы писыр+ ӕмӕ хистӕр сауджын ӕрбацыдысты, адӕм-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ цы ӕхца ӕрбахастой, уый-иу систой, хызынты-иу ӕй абастой ӕмӕ-иу ӕй банымадтой+. 11 Цы ӕхца-иу банымадтой, уый-иу радтой+, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕныны куысты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ-иу дзы уыдон бафыстой, Йегъовӕйы хӕдзары чи куыста, уыцы хъӕддӕснытӕн ӕмӕ аразджытӕн, 12 стӕй дурамайджытӕн ӕмӕ дурсӕтджытӕн+ дӕр. Уыцы ӕхцайӕ ӕлхӕдтой, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн цы хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ хъуыди, уыдон дӕр ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ фыстой, цалцӕг кӕнынӕн ма ноджыдӕр цы хъуыд, уыдӕттӕн дӕр.

13 Фӕлӕ, Йегъовӕйы хӕдзары цы ӕвзист тастӕ, цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ+, къустӕ+, уадындзтӕ+ ӕмӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ хъуыди, уыдон, Йегъовӕйы хӕдзармӕ цы ӕхца хастой, уымӕй нӕ арӕзтой+. 14 Уыцы ӕхца лӕвӕрдтой кусджытӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кодтой+. 15 Ӕхца кӕй къухмӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй-иу ӕй стӕй кусджытӕн радтаиккой+, уыдонӕй дзуапп нӕ домдтой+, уымӕн ӕмӕ сӕ куыст ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кодтой+. 16 Аххосы тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы ӕхца уыд, уый та Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн нӕ лӕвӕрдтой. Уыцы ӕхца уыд сауджынты+.

17 Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Азаил+ Гефы+ ныхмӕ рацыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та йӕ ных сарӕзта+ Иерусалиммӕ+. 18 Уӕд Иудӕйы паддзах Иоас рахаста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудӕйы паддзӕхтӕ Иосафат, Иорам ӕмӕ Охози кӕй снывонд кодтой, уыцы мысайнӕгтӕ+ ӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй снывонд кодта, уыцы мысайнӕгтӕ, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ӕмӕ паддзахы хӕдзары цыдӕриддӕр сызгъӕрин уыди, уый дӕр, ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Азаилӕн арвыста+. Ӕмӕ уӕд Азаил Иерусалиммӕ нал ӕрбабырста.

19 Иоасы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 20 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ+ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой+ ӕмӕ йӕ, Силлӕмӕ фӕндагыл чи ис, уыцы Обауы*+ мӕсыджы амардтой+. 21 Амардтой йӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ Шимеафӕйы фырт Иозакар ӕмӕ Шомеры фырт Йегъозавад+. Иоасы бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды горӕты. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амаси+.

13 Ииуйы фырт+ Иоахаз+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иудӕйы Охозийы фырт+ Иоас+ дыууын ӕртыккӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ ӕвддӕс азы уыд паддзах. 2 Иоахаз арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ ӕмӕ, Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта, йӕ къух сыл нӕ систа. 3 Ӕмӕ Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ-иу сӕ Сирийы паддзах Азаилы+ къухмӕ ӕмӕ Азаилы фырт Венадады+ къухмӕ радта.

4 Фӕлӕ стӕй Иоахаз Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта*+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста+, уымӕн ӕмӕ уыдта, Сирийы паддзах+ израилӕгты куыд ӕфхӕрдта, уый+. 5 Ӕмӕ сын Йегъовӕ ирвӕзынгӕнӕджы радта+, ӕмӕ Сирийы дӕлбар нал уыдысты. Ӕмӕ та Израилы фырттӕ раздӕрау сӕ хӕдзӕртты цардысты+. 6 Ӕрмӕст, Йеровоамы хӕдзарвӕндаг цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагътой+. Уыцы тӕригъӕдтӕ кодтой уыдон дӕр+. Самарийы ма лӕууыд кувӕн цӕджындз дӕр+. 7 Иоахазы ӕфсадӕй фӕндзай барӕджы, дӕс бӕхуӕрдоны ӕмӕ дӕс мин фистӕг хӕстоны йеддӕмӕ нал баззад+, уымӕн ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах ныццагъта+ – найгӕнӕн мусы зӕхх куыд ныссӕндынц, афтӕ сӕ ныссӕста+.

8 Иоахазы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 9 Ӕппынфӕстаг Иоахаз йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Самарийы бавӕрдтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоас+.

10 Иоахазы фырт Иоас+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иудӕйы паддзах Иоас ӕртын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах. 11 Иоас арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагъта+. Уый дӕр уыцы тӕригъӕдтӕ арӕзта.

12 Иоасы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, стӕй Иудӕйы паддзах Амасиимӕ куыд хӕцыд+, уый тыххӕй дӕр – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 13 Ӕппынфӕстаг Иоас йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ фӕстӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадт Йеровоам+. Иоасы бавӕрдтой Самарийы, Израилы паддзӕхты фарсмӕ+.

14 Елисей+ мӕлӕтдзаг рынчын куы уыд+, уӕд ӕм Израилы паддзах Иоас ӕрбацыд, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ ныккуыдта: «Мӕ фыд!+ Мӕ фыд! Израилы хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ йӕ барджытӕ!»+ 15 Елисей йын загъта: «Ӕрдын ӕмӕ фаттӕ райс». Ӕмӕ сӕ уый дӕр райста. 16 Уӕд Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Ӕрдын дӕ къухмӕ райс». Уый дӕр ӕй райста, ӕмӕ уӕд Елисей йӕ къухтӕ паддзахы къухтыл+ ӕрӕвӕрдта. 17 Стӕй йын загъта: «Скӕсӕнырдӕм чи кӕсы, уыцы рудзынг бакӕн», ӕмӕ йӕ уый дӕр бакодта. «Ныр фат ауадз!» – загъта йын Елисей, ӕмӕ йӕ уый дӕр фехста. Стӕй Елисей загъта: «Уый Йегъовӕйы ирвӕзынгӕнӕг фат у, сириӕгтӕй уӕ чи фервӕзын кӕндзӕн+, уыцы фат! Ды сириӕгты Афекы+ бындзагъд фӕкӕндзынӕ».

18 Уый фӕстӕ Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Фаттӕ райс». Уый дӕр сӕ райста, ӕмӕ йын уӕд Елисей загъта: «Ныр фаттӕй зӕхх цӕв». Паддзах зӕхх ӕртӕ хатты ӕрцавта ӕмӕ ӕрлӕууыд+. 19 Уӕд ӕм ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+ смӕсты ӕмӕ йын загъта: «Фондз кӕнӕ ӕхсӕз хатты хъуыди цӕвын! Уӕд сириӕгты бындзагъд фӕкодтаис, ныр та сӕ ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты ныппырх кӕндзынӕ»+.

20 Елисей амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой+. Моавӕгтӕ+ та-иу алы афӕдзы райдианы дӕр Израилмӕ ӕрбабырстой+. 21 Ӕмӕ иухатт иу адӕймаджы куы ныгӕдтой, уӕд кӕсынц, ӕмӕ моаваг абырджытӕ ӕрбацӕуынц. Гъемӕ марды, Елисей кӕм ныгӕд уыд, уырдӕм баппӕрстой ӕмӕ сӕхӕдӕг лидзынмӕ фесты. Мард куыддӕр Елисейы стджытыл андзӕвыд, афтӕ райгас+ ӕмӕ сыстад+.

22 Цалынмӕ Иоахаз паддзах уыд, уӕдмӕ Сирийы паддзах Азаил+ израилӕгты ӕфхӕрдта+. 23 Фӕлӕ сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад сӕм равдыста+ ӕмӕ сӕм йе ’ргом раздӕхта, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковимӕ+ бадзырд кӕй скодта, уый тыххӕй+. Йӕ цӕст сӕ нӕ бауарзта фесафын+ ӕмӕ сӕ абоны онг дӕр йӕхицӕй нӕ аппӕрста. 24 Ӕппынфӕстаг Сирийы паддзах Азаил амард, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Венадад. 25 Ӕмӕ Иоас фӕстӕмӕ байста, Азаилы фырт Венадад Иоасы фыд Иоахазӕй цы горӕттӕ байста, уыдон. Иоас Венадады ӕртӕ хатты ныппырх кодта ӕмӕ Израилы горӕттӕ фӕстӕмӕ байста+.

14 Иудӕйы паддзах Иоасы фырт Амаси+ паддзах сси, Израилы Иоахазы фырт Иоас+ дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ дыууын фараст азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йегъоаддан+ ӕмӕ уыд Иерусалимӕй. 3 Амаси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, фӕлӕ уӕддӕр йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн нӕ уыд+. Йӕ фыд Иоас куыд кодта, афтӕ кодта уый дӕр+. 4 Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты+. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+. 5 Паддзахы бартӕ йӕ къухы куы сфидар сты, уӕд амардта+, паддзахы, ома йын йӕ фыды, чи амардта, уыцы лӕггадгӕнджыты+. 6 Фӕлӕ сын сӕ фыртты нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ Моисейы уылты кӕй радта, уыцы закъоны чиныджы афтӕ фыст ис+: «Фыды йӕ фырты тыххӕй нӕй марӕн ӕмӕ фырты дӕр йӕ фыды тыххӕй нӕй марӕн. Алчидӕр хъуамӕ амӕла йӕхи тӕригъӕды тыххӕй»+. 7 Амаси Цӕххы дӕлвӕзы+ едомӕгтӕй+ дӕс мин адӕймаджы ныццагъта, ӕмӕ Селӕ бацахста. Уыцы горӕт схуыдтой Иокфеил, ӕмӕ абоны онг дӕр афтӕ хуыйны.

8 Уыцы рӕстӕг Амаси Израилы паддзах Иоасмӕ, Ииуйӕн йӕ фырт Иоахазы фыртмӕ, минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Ӕрцу, ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлӕм»+. 9 Израилы паддзах Иоас та Иудӕйы паддзах Амасимӕ дзуапп арвыста: «Ливаны сындзкъутӕр Ливаны кедрмӕ арвыста+, дӕ чызджы, дам, мын мӕ лӕппуйӕн ратт. Фӕлӕ Ливаны хъӕдӕй хъӕддаг сырд рацыд ӕмӕ сындзкъутӕр йӕ къӕхты бын ныссӕста+. 10 Едомӕгты ныппырх кодтай+, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ схъал+. Гъемӕ дӕ кадыл цин кӕн+ ӕмӕ дӕ хӕдзары бад. Дӕ бон куы ницы у, уӕд хыл цӕмӕн къахыс?+ Дӕхи дӕр ӕмӕ Иудӕйы дӕр цӕмӕн сафыс?»+ 11 Фӕлӕ йӕм Амаси нӕ байхъуыста+.

Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Иоас дӕр ӕрцыд, ӕмӕ Иудӕйы паддзах Амасиимӕ Иудӕйы зӕххыл Вефсамисы+ раз лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлдысты+. 12 Ӕмӕ Израил Иудӕйы ныппырх кодта+, ӕмӕ Иудӕйы адӕм сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты. 13 Вефсамисы раз Израилы паддзах Иоас ӕрцахста Иудӕйы паддзах Амасийы, Охозийӕн йӕ фырт Иоасы фырты. Стӕй йӕ Иерусалиммӕ ӕркодта ӕмӕ Иерусалимы къул Ефремы кулдуарӕй+ суанг Фисыны кулдуары+ онг ныппырх кодта – уыди дзы цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины*. 14 Иоас ахаста, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цыдӕриддӕр сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ дзауматӕ уыди, уыдон+, йемӕ акодта уацайрӕгтӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ Самаримӕ ӕрыздӕхт.

15 Иоасы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, стӕй, Иудӕйы паддзах Амасиимӕ куыд хӕцыд, уый тыххӕй дӕр – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 16 Ӕппынфӕстаг Иоас йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ Самарийы Израилы паддзӕхты фарсмӕ бавӕрдтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йеровоам+.

17 Израилы паддзах, Иоахазы фырт Иоас, куы амард+, уый фӕстӕ ма Иудӕйы паддзах Амаси+, Иоасы фырт, фӕцард фынддӕс азы+. 18 Амасийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 19 Ӕппынфӕстаг Иерусалимы Амасийы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой+, ӕмӕ Лахисмӕ алыгъд+. Фӕлӕ Лахисмӕ дӕр йӕ фӕдыл арвыстой ӕмӕ йӕ уым амардтой+. 20 Ӕмӕ йын йӕ мард Иерусалиммӕ бӕхтыл ӕрластой ӕмӕ йӕ Давиды горӕты+ йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой+. 21 Уый фӕстӕ ӕгас Иудӕйы адӕм ӕхсӕрдӕсаздзыд+ Азарийы+ ракодтой ӕмӕ йӕ йӕ фыд Амасийы бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой+. 22 Паддзах йӕ фыдӕлтӕм куы баиу, уый фӕстӕ Азари Елаф+ фӕстӕмӕ байста ӕмӕ йӕ ногӕй сарӕзта, ӕмӕ та уыцы горӕт Иудӕйы баци.

23 Иудӕйы паддзах, Иоасы фырт Амаси, фынддӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Самарийы та паддзах сси Израилы паддзах Иоасы фырт Йеровоам+ ӕмӕ цыппор иу азы уыд паддзах. 24 Уый арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагъта+. 25 Йеровоам Израилы арӕнтӕ, раздӕр куыд уыдысты, афтӕ скодта – Хаматы+ арӕнтӕй суанг Аравӕйы+ денджызы онг, Израилы Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Амафийы фырт Ионӕйы+ уылты, Гафхеферӕй+ чи уыд, уыцы пехуымпары уылты, куыд загъта, афтӕ. 26 Йегъовӕ федта, израилӕгтӕ куыд тынг хъизӕмар кодтой, уый+ – ӕппӕты ӕнӕбон ӕмӕ тӕригъӕддаг чи уыд, ахӕм дӕр дзы нал баззад, ӕмӕ сын ӕххуысгӕнӕг дӕр нӕ уыд+. 27 Кӕддӕр Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Израилы ном зӕххы цъарӕй* кӕй нӕ фесафдзӕн+. Гъемӕ сӕ Иоасы фырт Йеровоамы фӕрцы фервӕзын кодта+.

28 Йеровоамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, куыд хӕцыд ӕмӕ Дамаск+ ӕмӕ Хамат+ фӕстӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Израилы дӕлбар куыд бакодта, уый тыххӕй дӕр – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы. 29 Ӕппынфӕстаг Йеровоам йӕ фыдӕлтӕм, Израилы паддзӕхтӕм, баиу. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Захари+.

15 Иудӕйы паддзах Амасийы фырт+ Азари*+ паддзах сси, Израилы Йеровоам дыууын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыд ӕхсӕрдӕс азы ӕмӕ фӕндзай дыууӕ азы уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Йехоли ӕмӕ уыд Иерусалимӕй. 3 Азари арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый, йӕ фыд Амаси куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+. 4 Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты+. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+. 5 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ паддзахыл хъотыр бафтыдта+, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг уыд хъотырджын+. Хицӕн хӕдзары цард ӕмӕ паддзахы хӕстӕ нал ӕххӕст кодта+. Ӕмӕ йӕ фырт Иофам+ уыди хӕдзары уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон кодта+. 6 Азарийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 7 Ӕппынфӕстаг Азари йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ Давиды горӕты. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иофам+.

8 Азари+ ӕртын ӕстӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах, уӕд Самарийы Израилӕн паддзах сси Йеровоамы фырт Захари+ ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы уыд паддзах. 9 Захари дӕр йӕ фыдӕлтау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагъта+. 10 Гъемӕ Иависы фырт Шаллум йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта+ ӕмӕ йӕ Ивлеамы+ амардта+. Ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах. 11 Захарийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 12 Кӕддӕр Йегъовӕ Ииуйӕн+ загъта+: «Дӕ фырттӕ+ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахбадӕныл». Ӕмӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад+.

13 Иависы фырт Шаллум паддзах сси, Ози+ Иудӕйы ӕртын фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ иу мӕй уыд паддзах Самарийы+. 14 Уый фӕстӕ Гадийы фырт Менаим+ Фирцӕйӕ+ Самаримӕ ӕрцыд ӕмӕ Иависы фырт Шаллумы+ Самарийы амардта. Ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах. 15 Шаллумы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цы сусӕгвӕнд скодта+, уый тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы. 16 Уыцы рӕстӕг Менаим Фирцӕйӕ рацыд, Типсахмӕ бабырста ӕмӕ горӕты мидӕг дӕр ӕмӕ йӕ алыварс зӕххыты дӕр чидӕриддӕр уыд, уыдоны ныццагъта, горӕты кулдуӕрттӕ йын кӕй нӕ бакодтой, уый тыххӕй. Цы сывӕрджын сылгоймӕгтӕ дзы уыд, уыдонӕн та се ’ппӕтӕн дӕр сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кодта+.

17 Гадийы фырт Менаим Израилы паддзах сси, Иудӕйы Азари ӕртын фарӕстӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ дӕс азы уыд паддзах Самарийы. 18 Менаим арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Наваты фырт Йеровоам+ цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдон цӕрӕнбонты нӕ ныууагъта. 19 Ассирийы+ паддзах Пул+ Израилмӕ куы ’рбабырста, уӕд ын Менаим радта+ иу мин ӕвзист таланты+, цӕмӕй йын йӕ паддзахы бартӕ сфидар кӕнынӕн баххуыс кодтаид+. 20 Менаим уыцы ӕвзист ӕрӕмбырд кодта израилӕгтӕй, алы хъӕздыг адӕймагӕй дӕр+ – фӕйнӕ фӕндзай сиклы* ӕвзист, цӕмӕй сӕ Ассирийы паддзахӕн радтаид. Ӕмӕ уӕд Ассирийы паддзах фӕстӕмӕ аздӕхт, сӕ бӕстӕйы нал ныллӕууыд. 21 Менаимы+ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 22 Ӕппынфӕстаг Менаим йӕ фыдӕлтӕм баиу. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Факи+.

23 Менаимы фырт Факи Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иудӕйы Азари фӕндзайӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ дыууӕ+ азы уыд паддзах. 24 Факи арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Наваты фырт Йеровоам+ цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагъта+. 25 Гъемӕ йе ’ххуысгӕнӕг+ Ремалийы фырт Факей+ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта+. Факей йемӕ акодта Галаады фырттӕй фӕндзай адӕймаджы ӕмӕ Самарийы, паддзахы хӕдзары цы цӕрӕн мӕсыг уыд+, уым ӕй Аргов ӕмӕ Ариимӕ амардта. Ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах. 26 Факийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.

27 Ремалийы фырт+ Факей+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иудӕйы Азари фӕндзай дыккӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ дыууын азы уыд паддзах. 28 Факей арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагъта+. 29 Израилы паддзах Факейы рӕстӕджы Ассирийы паддзах+ Феглаффелласар*+ ӕрбабырста ӕмӕ Ийон+, Авел-Беф-Маахӕ+, Ианох, Кедес+, Асор+, Галаад+, Галилейӕ+ ӕмӕ Неффалимы зӕхх+ ӕнӕхъӕнӕй бацахста. Ӕмӕ сын сӕ цӕрджыты Ассиримӕ уацары акодта+. 30 Ӕппынфӕстаг Илӕйы фырт Оси+ Ремалийы фырт Факейы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта+ ӕмӕ йӕ амардта+. Ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах. Уыцы хабар ӕрцыд, Озийы фырт Иофам+ дыууынӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 31 Факейы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.

32 Иудӕйы паддзах Озийы фырт+ Иофам+ паддзах сси, Израилы паддзах, Ремалийы фырт Факей, дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. 33 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йерушӕ, уыди Садокы чызг+. 34 Иофам арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, йӕ фыд Ози куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+. 35 Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+. Иофам сарӕзта Йегъовӕйы хӕдзары уӕллаг кулдуар+. 36 Иофамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 37 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Сирийы паддзах Рецины+ ӕмӕ Ремалийы фырт Факейы+ Иудӕйы ныхмӕ ӕрвитын райдыдта+. 38 Ӕппынфӕстаг Иофам дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ йӕ фыдӕл Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз+.

16 Иудӕйы паддзах Иофамы фырт Ахаз+ паддзах сси, Ремалийы фырт Факей ӕвддӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Ахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын азы ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах Иерусалимы. Фӕлӕ, йӕ фыдӕл Давидӕй уӕлдай, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый нӕ арӕзта+. 3 Ахаз цыди Израилы паддзӕхты фӕндагыл+. Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+ ӕмӕ ма суанг йӕ фырты дӕр арты басыгъта*+. 4 Кувӕн бынӕтты+, къуыбыртыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы+ бын нывӕндтӕ хаста ӕмӕ-иу уым нывӕндты фӕздӕг суагъта.

5 Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Рецин+ ӕмӕ Израилы паддзах Факей+, Ремалийы фырт, Иерусалимы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ Ахазыл ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕртыхстысты, фӕлӕ горӕт басӕттын сӕ бон нӕ баци+. 6 Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Рецин байста Елаф+ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ едомӕгтӕн радта, ӕмӕ уый фӕстӕ дзуттӕгты уырдыгӕй фӕсырдта. Едомӕгтӕ Елафы ӕрцардысты ӕмӕ абоны онг дӕр уым цӕрынц. 7 Уӕд Ахаз Ассирийы паддзах Феглаффелласармӕ+ йӕ адӕмы арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Ӕз дӕн дӕ цагъар+ ӕмӕ дӕ фырт. Сирийы паддзах ӕмӕ Израилы паддзах мӕ ныхмӕ цӕуынц, ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, ӕрцу ӕмӕ мӕ сӕ къухӕй фервӕзын кӕн»+. 8 Ӕмӕ Ахаз, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин уыд, уый рахаста+ ӕмӕ сӕ Ассирийы паддзахӕн арвыста, йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон+, зӕгъгӕ. 9 Ассирийы паддзах ӕм байхъуыста, ӕмӕ Дамаскмӕ+ ӕрцыд ӕмӕ йӕ бацахста+. Йӕ цӕрджыты йын Кирмӕ+ уацары акодта, Рецины+ та амардта.

10 Ӕмӕ уӕд паддзах Ахаз+ Дамаскмӕ ацыд, цӕмӕй Ассирийы паддзах Феглаффелласаримӕ+ фембӕлдаид. Паддзах Ахаз федта, Дамаскы цы нывондхӕссӕн+ уыд, уый ӕмӕ йын йӕ ныв сауджын Уримӕ арвыста ӕмӕ йын бамбарын кодта, куыд арӕзт уыди, уый+. 11 Ӕмӕ цалынмӕ паддзах Ахаз Дамаскӕй здӕхт, уӕдмӕ сауджын Ури+ нывондхӕссӕн сарӕзта+. Скодта йӕ, паддзах ын Дамаскӕй цы ныв ӕрбарвыста ӕмӕ йын куыд бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ. 12 Паддзах Дамаскӕй куы ’рцыд ӕмӕ нывондхӕссӕн куы федта, уӕд йӕ размӕ бацыд+ ӕмӕ йыл кувинӕгтӕ ӕрхаста+. 13 Йӕ судзинаг нывонд+ ӕмӕ йыл йӕ хоры кувинаг+ басыгъта+, йӕ кувинаг нозт ыл рауагъта+ ӕмӕ йыл йӕ фарны нывӕндты туг бапырх кодта. 14 Йегъовӕйы раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ уыд, уый та хӕдзары разӕй, йӕ нывондхӕссӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары+ ’хсӕнӕй, рахаста ӕмӕ йӕ йӕ нывондхӕссӕнӕн цӕгатырдыгӕй сӕвӕрдта. 15 Ӕмӕ сауджын Урийӕн+ загъта: «Ацы стыр нывондхӕссӕныл хӕсс, райсомӕй кӕй фӕхӕссынц, уыцы судзинаг нывонд+ дӕр, изӕрӕй кӕй фӕхӕссынц+, уыцы хоры кувинаг дӕр, паддзахы судзинаг нывонд+ ӕмӕ хоры кувинаг дӕр, стӕй ӕппӕт адӕмы судзинаг нывонд, сӕ хоры кувинаг ӕмӕ сӕ кувинаг нозт дӕр. Ӕмӕ-иу судзинаг нывӕндты туг ӕмӕ иннӕ нывӕндты туг дӕр ацы нывондхӕссӕныл бапырх кӕн. Ӕрхуы нывондхӕссӕнӕн цы бакӕнон, ууыл та нырма ахъуыды кӕндзынӕн». 16 Сауджын Ури+ алцыдӕр арӕзта, паддзах Ахаз ын куыд дзырдта, афтӕ+.

17 Стӕй ма паддзах Ахаз уӕрдӕтты+ фӕрстӕ+ дӕр ныссаста+ ӕмӕ, уӕрдӕттыл цы ӕгтӕ+ уыди, уыдон систа. Ӕрхуы денджыз+ дӕр, цы ӕрхуы галтыл+ лӕууыд, уыдонӕй ӕриста ӕмӕ йӕ дурӕй конд пъолыл ӕрӕвӕрдта. 18 Сабатбон архайынӕн кувӕндоны фарсмӕ цы ӕмбӕрзт агъуыст уыд, уый Йегъовӕйы хӕдзарӕй ахицӕн кодта, стӕй, паддзах кӕуылты цыд, уыцы бахизӕн дӕр сӕхгӕдта, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзахӕй тарст.

19 Ахазы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 20 Ӕппынфӕстаг Ахаз йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езеки+.

17 Илӕйы фырт Оси+ Самарийы+ Израилӕн паддзах сси, Ахаз Иудӕйы дыууадӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ паддзах уыд фараст азы. 2 Оси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый, фӕлӕ уӕддӕр, Израилы йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдоны хуызӕн нӕ уыд+. 3 Ассирийы+ паддзах Салманассар+ Осийы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ Оси йӕ дӕлбар баци ӕмӕ йын хъалон фыста+. 4 Фӕлӕ Ассирийы паддзах базыдта, Оси йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодта+ – Египеты+ паддзах Сомӕ минӕвӕрттӕ арвыста ӕмӕ Ассирийы паддзахӕн хъалон нал фыста, уымӕй размӕ азты йын куыд фыста, афтӕ. Гъемӕ йӕ Ассирийы паддзах ахӕстоны бакодта ӕмӕ йӕ уым бастӕй дардта+.

5 Ассирийы паддзах ӕнӕхъӕн бӕстӕйы ныхмӕ рацыд, Самарийыл ӕртыхст, ӕмӕ йе ’фсад горӕты алыварс ӕртӕ азы лӕууыдысты+. 6 Оси фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Ассирийы паддзах Самари+ бацахста ӕмӕ израилӕгты Ассиримӕ уацары акодта+. Ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта Халахы+ ӕмӕ Хаворы, Гозаны цӕугӕдоны раз+, стӕй мидиӕгты горӕтты+.

7 Ахӕм хабар уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ Израилы фырттӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта ӕмӕ сӕ Египеты паддзах фараоны къухӕй чи фервӕзын кодта+, уыцы Хуыцауы раз, тӕригъӕд ракодтой+, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой+. 8 Ӕмӕ цардысты, Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты закъӕттӕм гӕсгӕ+ ӕмӕ, Израилы паддзӕхтӕ сӕхӕдӕг кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ. 9 Израилы фырттӕ бафтыдысты, сӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл+ ӕмӕ сӕхицӕн алы горӕты – хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй+ суанг фидаргонд горӕтты онг – кувӕн бынӕттӕ скодтой+. 10 Алы къуыбырыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ сӕхицӕн кувӕн дуртӕ+ ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕвӕрдтой. 11 Йегъовӕ уыдоны тыххӕй уыцы зӕххӕй кӕй сыстын кодта, уыцы адӕмтау+ алы кувӕн бынаты нывӕндты фӕздӕг уагътой ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой+.

12 Йегъовӕ сын афтӕ кӕмӕй загъта, ма сын кувут+, зӕгъгӕ, уыцы фаджыс-хуыцӕуттӕн+ куывтой. 13 Йегъовӕ Израилы+ ӕмӕ Иудӕйы+ адӕмы йӕ пехуымпарты+ уылты ӕмӕ, цӕстылуайӕнтӕ чи уыдта+, уыдоны уылты фӕдзӕхста+: «Уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут+ ӕмӕ уын уӕ фыдӕлтӕн кӕй бафӕдзӕхстон+ ӕмӕ уын мӕ пехуымпарты уылты кӕй радтон+, уыцы закъоны+ цыдӕриддӕр фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ+ ис, уыдон ӕххӕст кӕнут». 14 Фӕлӕ йӕм уыдон нӕ хъуыстой – сӕ фыдӕлтау, сӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи не ’ууӕндыд+, уыдонау, сӕхи фӕнд кодтой*+. 15 Цы уагӕвӕрдтӕ сын радта ӕмӕ сӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕй фӕдзӕхста+, уый ницӕмӕ дардтой, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы бадзырд скодта, ууыл сӕ къух систой+, ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтау, Йегъовӕ сын афтӕ кӕмӕй загъта, ма сӕ бафӕзмут+, зӕгъгӕ, уыдонау ницӕйаг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты+ ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ницӕйаг систы+.

16 Сӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ныууагътой+ ӕмӕ сӕхицӕн скодтой ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ+, дыууӕ роды+, стӕй ма кувӕн цӕджындз+ дӕр. Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+ ӕмӕ Ваалӕн куывтой+. 17 Сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътой*+, дӕсны фарстой+, нысӕнттӕ хӕлдтой+, ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уыдӕттыл бафтыдысты+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдтой+.

18 Уый тыххӕй Израилмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ йӕ разӕй фесӕфта+. Иудӕйы мыггаг йеддӕмӕ дзы никӕйуал ныууагъта+.

19 Фӕлӕ Иудӕйы адӕм дӕр не ’ххӕст кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ+ – израилӕгтӕ сӕхӕдӕг цы закъӕттӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдонмӕ гӕсгӕ цардысты+. 20 Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр Израилы байзӕддӕгтыл+ се ’ппӕтыл дӕр йӕ къух систа. Ӕфхӕрдта сӕ ӕмӕ-иу сӕ абырджыты къухмӕ радта, цалынмӕ сӕ йӕ разӕй бынтондӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ+. 21 Израилы адӕмы Давиды хӕдзарвӕндагӕй фӕхицӕн кодта, ӕмӕ уыдон сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой Наваты фырт Йеровоамы+. Ӕмӕ сын Йеровоам Йегъовӕйы ныууадзын кодта ӕмӕ сӕ стыр тӕригъӕды бафтыдта+. 22 Йеровоам цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон Израилы фырттӕ дӕр арӕзтой+. Нӕ сӕ ныууагътой, 23 цалынмӕ сӕ Йегъовӕ, йе ’ппӕт пехуымпарты уылты куыд дзырдта+, афтӕ йӕ разӕй нӕ фесӕфта, уӕдмӕ+. Гъемӕ израилӕгты сӕ зӕххӕй сыстын кодтой ӕмӕ сӕ Ассиримӕ уацары акодтой, ӕмӕ абоны онг дӕр уым сты+.

24 Уый фӕстӕ Ассирийы паддзах Вавилонӕй+, Кутӕй, Аввӕйӕ+, Хаматӕй+ ӕмӕ Сепарваимӕй+ адӕмы ӕркодта ӕмӕ сӕ Самарийы+ горӕтты Израилы фыртты бӕсты ӕрцӕрын кодта. Ӕмӕ уыдон Самари сӕхи бакодтой ӕмӕ йӕ горӕтты цӕрын райдыдтой. 25 Фӕлӕ уым куы ’рцардысты, уӕд Йегъовӕйӕ нӕ тарстысты+. Ӕмӕ сӕм Йегъовӕ домбӕйттӕ ’рвыста+, ӕмӕ сӕ уыдон цагътой. 26 Уӕд Ассирийы паддзахӕн фӕхабар кодтой: «Сӕ зӕххӕй цы адӕмты сыстын кодтай ӕмӕ Самарийы горӕтты кӕй ӕрцӕрын кодтай, уыдон нӕ зонынц, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, уый. Ӕмӕ сӕм уыцы Хуыцау домбӕйттӕ ’рвиты+, ӕмӕ сӕ цӕгъдынц, уымӕн ӕмӕ сӕ иу дӕр нӕ зоны, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, уый».

27 Уӕд Ассирийы паддзах бардзырд радта: «Уыцы зӕххӕй кӕй сыстын кодтат, уыцы сауджынтӕй+ иуы фӕстӕмӕ уырдӕм арвитут, цӕмӕй уым цӕра ӕмӕ сын амона, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн кувын куыд хъӕуы, уый». 28 Ӕмӕ, Самарийӕ уацары кӕй акодтой, иу ахӕм сауджын ӕрцыд, Вефилы ӕрцард+ ӕмӕ сын амыдта, Йегъовӕйӕн табу кӕнын куыд хъӕуы, уый+.

29 Фӕлӕ уыцы адӕмтӕ сӕхицӕн хуыцӕуттӕ скодтой+ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдтой, самариӕгтӕ кӕй сарӕзтой, уыцы кувӕндӕтты – алы адӕм дӕр сӕ хуыцӕутты сӕвӕрдтой, кӕм цардысты, уыцы горӕтты. 30 Вавилонӕй чи ӕрцыд, уыдон сӕхицӕн сарӕзтой Сокхоф-Бенофы, Кутӕй+ чи ӕрцыд, уыдон – Нергалы, Хаматӕй чи ӕрцыд, уыдон – Ашимӕйы. 31 Аввӕйӕгтӕ+ сарӕзтой Нивхазы ӕмӕ Тартакы. Сепарваимӕгтӕ+ та сӕ фыртты нывондӕн хастой ӕмӕ сӕ арты сыгътой+ Сепарваимы хуыцӕуттӕн – Адрамелехӕн ӕмӕ Анамелехӕн. 32 Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг Йегъовӕйӕ дӕр тарстысты ӕмӕ кувӕн бынӕтты сӕхи адӕмӕй сауджынтӕ дӕр ӕвӕрдтой+, ӕмӕ сын уыдон кувӕндӕтты лӕггад кодтой. 33 Йегъовӕйӕ тарстысты+, фӕлӕ кувгӕ та кодтой сӕхи хуыцӕуттӕн+, цы адӕмты ’хсӕнӕй сӕ сыстын кодтой, уыцы адӕмтӕ куыд кодтой, афтӕ+.

34 Уыдон абоны онг дӕр кувынц, раздӕр куыд куывтой, афтӕ+. Иу дӕр сӕ Йегъовӕйӕ нӕ тарст+ ӕмӕ не ’ххӕст кодта, Йегъовӕ Иаковы фырттӕн+, фӕстӕдӕр Израил кӕй схуыдта+, уый фырттӕн, цы уагӕвӕрдтӕ, тӕрхӕттӕ+, закъӕттӕ+ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ+ радта, уыдон. 35 Йегъовӕ сын уыцы закъӕттӕ радта, семӕ бадзырд куы скодта+, уӕд ӕмӕ сын загъта: «Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма табу кӕнут+, ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, нывӕндтӕ дӕр сын ма хӕссут+. 36 Фӕлӕ тӕрсут Йегъовӕйӕ+, Египеты зӕххӕй уӕ йе стыр хъаруйӕ ӕмӕ йӕ тыхджын цонгӕй чи ракодта+, уыцы Хуыцауӕй, уымӕн кувут+ ӕмӕ уымӕн хӕссут нывӕндтӕ+. 37 Цы уагӕвӕрдтӕ+, цы тӕрхӕттӕ+, цы закъон ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ ныффыста+, уыдон алкӕддӕр ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут. 38 Ӕз уемӕ цы бадзырд скодтон, уый ма рох кӕнут+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут+. 39 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр уый фервӕзын кӕндзӕн»+.

40 Фӕлӕ уыдон йӕ коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ, раздӕр куыд куывтой, дарддӕр афтӕ куывтой+. 41 Уыцы адӕмтӕ Йегъовӕйӕ тарстысты+, фӕлӕ кувгӕ та кодтой сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕн. Ӕмӕ сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот абоны онг дӕр кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ.

18 Иудӕйы паддзах Ахазы+ фырт Езеки+ паддзах сси, Илӕйы фырт Оси+ Израилы ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Езеки паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ дыууын фараст азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Ави, уыди Захарийы чызг+. 3 Езеки арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+. 4 Езеки кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодта+, кувӕн дуртӕ ныссаста+ ӕмӕ кувӕн цӕджындз афӕлдӕхта+, стӕй, Моисей цы ӕрхуы калм скодта+, уый дӕр ныцъцъӕл кодта+, уымӕн ӕмӕ уӕды онг дӕр Израилы фырттӕ уыцы калмӕн нывӕндты+ фӕздӕг уагътой ӕмӕ йӕ хуыдтой Нехуштан*+. 5 Езеки йӕ ныфс дардта Израилы Хуыцау Йегъовӕйыл+. Йӕ размӕ дӕр+ ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр Иудӕйы паддзӕхты ’хсӕн уый хуызӕн ничи уыд+. 6 Уый Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд*+, алкӕддӕр йӕ коммӕ каст ӕмӕ, Йегъовӕ Моисейы уылты цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ӕххӕст кодта+. 7 Ӕмӕ Йегъовӕ уыд Езекиимӕ+, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕйӕ архайдта+. Езеки Ассирийы паддзахы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йын нал лӕггад кодта+. 8 Филистимӕгты+ ныццагъта суанг Газӕ+ ӕмӕ йӕ зӕххыты онг, ныппырх сын кодта сӕ хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕ+ ӕмӕ сӕ фидаргонд горӕттӕ.

9 Езеки цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, ома Израилы Илӕйы фырт Оси+ ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд, Ассирийы паддзах Салманассар+ Самарийы ныхмӕ рацыд ӕмӕ йыл йе ’фсад ӕртыхст+. 10 Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг азы кӕрон бацахстой+. Уый уыд, Езеки ӕхсӕзӕм аз куы уыд паддзах, ома, Оси Израилы фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд+. 11 Уый фӕстӕ Ассирийы паддзах+ израилӕгты Ассиримӕ уацары акодта+ ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта Халахы+ ӕмӕ Хаворы+, Гозаны цӕугӕдоны раз, стӕй мидиӕгты горӕтты+, 12 уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстой+, фӕлӕ йӕ бадзырды сӕрты ахызтысты+ – Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей+ сын цы бафӕдзӕхста+, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой. Нӕ йӕм хъуыстой ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кодтой.

13 Езеки цыппӕрдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Ассирийы паддзах+ Сеннахирим+ схӕцыд Иудӕйы фидаргонд горӕттимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр ӕмӕ сӕ бацахста. 14 Ӕмӕ уӕд Иудӕйы паддзах Езеки Ассирийы паддзахмӕ Лахисмӕ арвыста ахӕм ныхас: «Тӕригъӕд ракодтон. Аздӕх фӕстӕмӕ, мӕ ныхмӕ ма хӕц. Цыфӕнды мӕ ма ӕрдомай,– ратдзынӕн дын ӕй»+. Ӕмӕ Ассирийы паддзах Иудӕйы паддзах Езекийӕ ӕрдомдта ӕртӕсӕдӕ таланты ӕвзист+ ӕмӕ ӕртын таланты сызгъӕрин. 15 Ӕмӕ йын Езеки радта, Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цыдӕриддӕр ӕвзист уыд, уый+. 16 Уыцы рӕстӕг ма Иудӕйы паддзах Езеки рафтыдта Йегъовӕйы кувӕндоны дуӕрттӕ+ ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ дӕр, сызгъӕринӕй цъар кӕуыл сӕвӕрдта, уыдон+, ӕмӕ сӕ Ассирийы паддзахӕн радта.

17 Ассирийы паддзах+ Лахисӕй+ Иерусалиммӕ паддзах Езекимӕ арвыста тартаны*+, рабсарисы* ӕмӕ рабсакы*+. Уыдон стыр ӕфсадимӕ ацыдысты ӕмӕ Иерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, уӕллаг цадӕй+ цы къанау цӕуы, уый раз+ – гӕрзтӕхсӕджы зӕхмӕ цы стыр фӕндаг цӕуы, уый раз+. 18 Ӕмӕ паддзахмӕ фӕдзырдтой, фӕлӕ сӕ размӕ рацыдысты паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиаким+, Хелкийы фырт, писыр Севнӕ+ ӕмӕ азфыссӕг Иоах, Асафы фырт.

19 Рабсак+ сын загъта: «Езекийӕн афтӕ зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы цытджын паддзах+, Ассирийы паддзах: „Цымӕ дӕ зӕрдӕ цӕуыл дарыс, ныфсджын цӕмӕй дӕ?+ 20 Ды зӕгъыс: „Мӕнмӕ ис пълан+ ӕмӕ хӕстмӕ цӕттӕ дӕн“. Фӕлӕ уыдон ныхӕстӕ йеддӕмӕ ницы сты. Кӕуыл дарыс дӕ зӕрдӕ, кӕй ныфсӕй рацыдтӕ мӕ ныхмӕ?+ 21 Дӕ зӕрдӕ уыцы цъӕл хъӕзыл+, Египетыл+, дарыс? Адӕймаг ыл куы ӕрӕнцой кӕна, уӕд йӕ къухы сныхсдзӕн ӕмӕ дзы иннӕрдӕм ахиздзӕн. Ахӕм у фараон+, Египеты паддзах, йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары, уыдонӕн. 22 Афтӕ мын куы зӕгъат: „Мах нӕ зӕрдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл+ дарӕм“+, уӕд-ма зӕгъут, Езеки+ уый кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ уый нывондхӕссӕнтӕ нӕ ныппырх кодта? Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ Иерусалимы ӕрмӕстдӕр ацы нывондхӕссӕны раз куват+. 23 Уӕдӕ-ма мӕ буц хицауимӕ, Ассирийы паддзахимӕ, схӕснаг кӕн+: ратдзынӕн дын дыууӕ мин бӕхы, ӕмӕ фендзыстӕм, кӕддӕра дӕм уыйбӕрц барджытӕ разынид+. 24 Дӕхӕдӕг Египеты бӕхуӕрдӕттыл+ ӕмӕ сӕ барджытыл+ куы дарыс дӕ зӕрдӕ, уӕд дӕ бон куыд бауыдзӕн, мӕ буц хицауы+ ӕппӕты къаддӕр лӕггадгӕнджыты ’хсӕн чи ис, уыцы хицӕуттӕй иуӕн дӕр ныхкъуырд раттын? 25 Стӕй ӕз ацы бӕстӕ ныппырх кӕнынмӕ Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ нӕ рацыдтӕн? Йегъовӕ мын йӕхӕдӕг загъта+: „Уыцы бӕстӕйы ныхмӕ рацу ӕмӕ йӕ ныппырх кӕн“».

26 Уӕд Хелкийы фырт Елиаким+, Севнӕ+ ӕмӕ Иоах+ рабсакӕн+ загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ лӕггадгӕнджытимӕ сириагау дзур+, уымӕн ӕмӕ мах сириагау ӕмбарӕм. Къулыл чи лӕууы, уыцы адӕмы раз немӕ дзуттагау+ ма дзур». 27 Фӕлӕ сын рабсак загъта: «Мӕ буц хицау мӕ ацы ныхӕстимӕ ӕрмӕстдӕр уӕ хицаумӕ ӕмӕ сымахмӕ рарвыста? Къулыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ нӕ рарвыста? Уыдон хӕрдзысты сӕ фаджыс+ ӕмӕ нуаздзысты сӕ мизынцъаг, ӕмӕ сымах дӕр афтӕ»+.

28 Ӕмӕ уӕд рабсак дзуттагау+ хъӕрӕй загъта: «Байхъусут цытджын паддзахы+, Ассирийы паддзахы, ныхасмӕ. 29 Паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи Езекийӕн сайын ма бауадзут, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу сымах мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын+. 30 Ма хъусут Езекимӕ, афтӕ уын чи дзуры, уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарут+, Йегъовӕ нӕ ӕнӕмӕнгдӕр фервӕзын кӕндзӕн+ ӕмӕ ацы горӕт Ассирийы+ паддзахы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. 31 Ма хъусут Езекимӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах афтӕ зӕгъы: „Уӕхи мӕ къухмӕ раттут, мӕнмӕ рацӕут! Ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕрдзӕн дыргътӕ йӕ сӕнӕфсирӕй, йӕ легъуибӕласӕй+ ӕмӕ дон нуаздзӕн йӕхи доны дзыхъхъӕй+, 32 цалынмӕ не ’рцӕуон ӕмӕ уӕ нӕ акӕнон, уӕхи зӕххы хуызӕн чи у+, уыцы зӕхмӕ, хор, ног сӕн, дзул+, сӕнӕфсирдӕттӕ+, оливӕбӕлӕстӕ ӕмӕ мыд+ кӕм ис, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ ма амӕлат. Ма хъусут Езекимӕ, сайы уӕ йӕ ныхӕстӕй: „Йегъовӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕн“+. 33 Иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕ сӕ бӕстӕтӕ Ассирийы паддзахы къухӕй+ фервӕзын кодтой?+ 34 Кӕм сты Хаматы+ ӕмӕ Арпады+ хуыцӕуттӕ? Кӕм сты Сепарваимы+, Енӕйы+ ӕмӕ Иввӕйы+ хуыцӕуттӕ? Уыдон Самари мӕ къухӕй фервӕзын кодтой?+ 35 Уыцы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй искӕцы йӕ бӕстӕ мӕ къухӕй фервӕзын кодта?+ Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Иерусалим мӕ къухӕй фервӕзын кӕндзӕн?“»+

36 Адӕм та хъусӕй лӕууыдысты+, ӕппындӕр ӕм ницы сдзырдтой+, уымӕн ӕмӕ паддзах ахӕм бардзырд радта: «Мацы-иу ӕм сдзурут»+. 37 Ӕмӕ паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиаким+, Хелкийы фырт, писыр Севнӕ+ ӕмӕ азфыссӕг Иоах+, Асафы фырт, ӕрбацыдысты Езекимӕ, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, афтӕмӕй, ӕмӕ йын рабсакы ныхӕстӕ радзырдтой.

19 Паддзах Езеки+ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+, йӕ уӕлӕ хъисын скодта+ ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд+. 2 Стӕй ма Езеки йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиакимы+, писыр Севнӕйы+ ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ, афтӕмӕй, арвыста пехуымпар Исаймӕ+, Амосы фыртмӕ+. 3 Уыдон ын загътой: «Езеки афтӕ зӕгъы: „Ацы бон у бӕллӕхы бон+, ӕфхӕрды+ ӕмӕ ӕгаддзинады+ бон. Мах стӕм, йӕ арыны афон кӕмӕн ӕрхӕццӕ+, фӕлӕ йӕ бон ныййарын кӕмӕн нӕу, ахӕм сылгоймаджы хуызӕн+. 4 Чи зоны, дӕ Хуыцау Йегъовӕ фехъуса+ рабсакы ныхӕстӕ,– йӕ хицау, Ассирийы паддзах, удӕгас Хуыцауӕй хынджылӕг кӕнынмӕ кӕй рарвыста+, уый ныхӕстӕ,– ӕмӕ дзы дзуапп ӕрдома, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй фехъуыста, уыцы ныхӕсты тыххӕй+. Ӕмӕ скув+, адӕмӕй ма чи баззад, уыдоны тыххӕй“»+.

5 Паддзах Езекийы лӕггадгӕнджытӕ Исаймӕ куы ’рбацыдысты+, 6 уӕд сын Исай загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы+: „Ма тӕрс+, кӕй фехъуыстай, уыцы ныхӕстӕй, Ассирийы паддзахы лӕггадгӕнджытӕ мӕ цы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодтой, уыдонӕй+. 7 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ уый цавӕрдӕр хабар+ фехъусдзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ йӕхи бӕстӕйы хъамайӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн“»+.

8 Рабсак+ фехъуыста, Ассирийы паддзах йе ’фсӕдтӕ Лахисӕй+ кӕй акодта, ӕмӕ йӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ федта, Ливнӕимӕ+ кӕй хӕцы. 9 Ассирийы паддзах куы фехъуыста, Ефиопийы паддзах Тиргакӕ йӕ ныхмӕ кӕй рацыд, уӕд Езекимӕ йӕ адӕмы ногӕй арвыста+ ахӕм ныхӕстимӕ: 10 «Иудӕйы паддзах Езекийӕн афтӕ зӕгъут: „Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дарыс, уыцы Хуыцау дӕ ахӕм ныхӕстӕй ма сайӕд+, зӕгъгӕ, Иерусалим+ Ассирийы паддзахы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн+. 11 Нӕ фехъуыстай, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн дӕр цы бакодтой, сӕфты хай сӕ куыд бакодтой, уый?+ Ӕмӕ уӕд ды аирвӕздзынӕ?+ 12 Мӕ фыдӕлтӕ цы адӕмты ныццагътой, уыдоны сӕ хуыцӕуттӕ+ фервӕзын кодтой? Мыййаг, Гозан+, Харран+, Рецеф ӕмӕ Едемы фырттӕ+, Фалассары чи цард, уыдон, фервӕзтысты?+ 13 Кӕм ис Хаматы паддзах+ кӕнӕ Арпады паддзах?+ Науӕд кӕм сты Сепарваимы, Енӕйы ӕмӕ Иввӕйы горӕтты паддзӕхтӕ?“»+

14 Езеки ӕрвыст адӕмы къухтӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакаст+. Уый фӕстӕ Езеки бацыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ, Йегъовӕйы раз ӕй райхӕлдта+ 15 ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+: «О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+, херувимтыл+ чи бады, уыцы Хуыцау! Ды дӕ, зӕххыл+ цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ+ ис, уыдонӕн сӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау. Ды скодтай арв+ ӕмӕ зӕхх+. 16 О Йегъовӕ, дӕ хъус ӕрдар ӕмӕ фехъус+. Ӕркӕс, о Йегъовӕ, ӕмӕ фен+. Сеннахирим цы ныхӕстӕ рарвыста, цӕмӕй удӕгас Хуыцауӕй хынджылӕг кӕна+, уыдон фехъус. 17 Уый ӕцӕг у, о Йегъовӕ, Ассирийы паддзӕхтӕ адӕмтӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ дӕр ныппырх кодтой+. 18 Сӕ хуыцӕутты та сын арты хай бакодтой, уымӕн ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты+, фӕлӕ уыдысты адӕймаджы къухӕй конд+, хъӕд ӕмӕ дур, ӕмӕ сӕ сафгӕ дӕр уый тыххӕй фӕкодтой. 19 Ӕмӕ дӕ ныр, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау+, курӕг стӕм, фервӕзын нӕ кӕн+ йӕ къухӕй, цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр зоной, ды кӕй дӕ иунӕг Хуыцау, о Йегъовӕ»+.

20 Уӕд Исай, Амосы фырт, Езекимӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы+: „Ды мӕм куывтай+ Ассирийы паддзах Сеннахиримы тыххӕй, ӕмӕ дын ӕз дӕ куывд фехъуыстон+. 21 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Сеннахиримы тыххӕй загъта ахӕм ныхас:

„Сионы чызг дӕ ницӕмӕ дары+, худы дыл+.

Иерусалимы чызг дӕ фӕдыл кӕсы+ ӕмӕ йӕ сӕр тилы+.

22 Ды кӕмӕй хынджылӕг кӕныс+ ӕмӕ кӕмӕй кӕныс ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ?+

Кӕуыл хъӕр кӕныс+

Ӕмӕ кӕмӕ кӕсыс хъал цӕстӕй?+

Ды афтӕ кӕныс Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕн!+

23 Де ’рвыст лӕгты+ дзыхӕй Йегъовӕйӕ хынджылӕг кӕныс ӕмӕ дзурыс+:

„Ӕз мӕ бирӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ+

Ссӕудзынӕн бӕрзонд хӕхтӕм+,

Бахӕццӕ уыдзынӕн Ливаны тӕккӕ дарддӕр бынӕттӕм+.

Акалдзынӕн ын йӕ бӕрзонд кедртӕ+, йӕ хуыздӕр ӕхсӕлыбӕлӕстӕ+.

Бацӕудзынӕн йӕ тӕккӕ дарддӕр бынатмӕ, йӕ диссаджы хъӕдмӕ+.

24 Къахдзынӕн цъайтӕ ӕмӕ ӕцӕгӕлон дон нуаздзынӕн,

Мӕ къахы бынтӕй бахус кӕндзынӕн Египеты зӕххыл Нилы къанӕуттӕ иууылдӕр“+.

25 Нӕ йӕ фехъуыстай?+ Цы араздзынӕн, уый ӕз раджы заманты аскъуыддзаг кодтон+.

Уый раджы сфӕнд кодтон+

Ӕмӕ йӕ ныр сӕххӕст кӕндзынӕн+.

Ды фидаргонд горӕттӕ ныппырх кӕндзынӕ, хӕлддзӕгты цӕндтӕ фестдзысты+.

26 Сӕ цӕрджытӕн сӕ къухтӕ ӕрлӕмӕгъ уыдзысты+,

Сӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты+.

Сӕ хабар уыдзӕн, быдырон зайӕгойтӕ, ног цъӕх кӕрдӕг+,

Хӕдзӕртты сӕртыл чи сзайы+, уыцы кӕрдӕг скӕсӕйнаг дымгӕ куыд асудзы, афтӕ+.

27 Ӕз зонын+, ӕнцад куы фӕбадыс, уый, зонын дын дӕ ацыд дӕр+ ӕмӕ де ’рбацыд дӕр.

Зонын ма уый дӕр, мӕстӕй мӕм кӕй судзыс+,

28 Уымӕн ӕмӕ йӕ фехъуыстон, мӕстӕй мӕм кӕй судзыс+, стӕй фехъуыстон, бӕстӕ дӕ сӕрыл кӕй систай, уый+.

Ӕз дын дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дӕ дзыхы – идоны къӕбӕлтӕ+,

Ӕмӕ, цы фӕндагыл ӕрбацыдтӕ, уыцы фӕндагыл дӕ фӕстӕмӕ акӕндзынӕн“+.

29 Ӕмӕ дын мӕнӕ ай уыдзӕн нысан+: ацы аз хӕрдзыстут, зӕхмӕ цы хоры гагатӕ ӕрхауд+, уыдонӕй цы сзайа, уый, иннӕ аз – хӕдӕвзӕрд хор, ӕртыккаг аз та таут+ ӕмӕ кӕрдут, сӕнӕфсирдӕттӕ садзут ӕмӕ сын хӕрут сӕ дыргъ+. 30 Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй чи аирвӕза, чи ма сӕ баззайа+, уыдон уидӕгтӕ ауадздзысты ӕмӕ дыргъ ӕрхӕсдзысты+. 31 Чи ма баззайа, уыдон рацӕудзысты Иерусалимӕй+, чи аирвӕза, уыдон – Сионы хохӕй+. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ+ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.

32 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Ассирийы паддзахы+ тыххӕй: „Уый ацы горӕтмӕ нӕ бацӕудзӕн+, йӕ фат ардӕм нӕ фехсдзӕн+, йӕ ныхмӕ уартимӕ не ’рлӕудзӕн ӕмӕ йын йӕ алыварс сыджытӕй обау не скӕндзӕн“+. 33 „Цы фӕндагыл ӕрбацыд, фӕстӕмӕ уыцы фӕндагыл аздӕхдзӕн ӕмӕ ацы горӕтмӕ нӕ бацӕудзӕн,– зӕгъы Йегъовӕ+.– 34 Ӕз ацы горӕт хъахъхъӕндзынӕн+, цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕнон мӕ номы тыххӕй+ ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй“»+.

35 Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Йегъовӕйы зӕд рацыд ӕмӕ Ассирийы+ ӕфсадӕй ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин лӕджы+. Адӕм райсомӕй куы сыстадысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ сӕ алыварс иууылдӕр сты мард+. 36 Уӕд Ассирийы паддзах Сеннахирим+ йе ’фсадимӕ фӕстӕмӕ Ниневимӕ+ аздӕхт+ ӕмӕ уым цард. 37 Иу бон Сеннахирим йӕ хуыцау+ Нисрохы кувӕндоны куы куывта+, уӕд ӕй йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Шарецер хъамайӕ амардтой+ ӕмӕ Арараты зӕхмӕ алыгъдысты+. Ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Асардан+.

20 Уыцы рӕстӕг Езеки мӕлӕтдзаг рынчын фӕци+. Уӕд ӕм ӕрбацыд пехуымпар Исай+, Амосы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Дӕ хӕдзаронтӕн амындтӕ ратт+, уымӕн ӕмӕ нал сдзӕбӕх уыдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+. 2 Езеки уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд къулы ’рдӕм азылд+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+: 3 «О Йегъовӕ, лӕгъстӕ дын кӕнын, курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн+, дӕ разы иузӕрдионӕй+ кӕй цардтӕн+, мӕ зӕрдӕ дын ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй радтон+ ӕмӕ, дӕ цӕсты раст цы у, уый кӕй арӕзтон»+. Ӕмӕ Езеки тынг ныккуыдта+.

4 Исай астӕуккаг кӕртмӕ нӕма рахызт, афтӕ йын Йегъовӕ загъта+: 5 «Фӕстӕмӕ ацу ӕмӕ мӕ адӕмы разамонӕг+ Езекийӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау Йегъовӕ+ афтӕ зӕгъы: „Фехъуыстон+ дын дӕ куывд+, дӕ цӕссыгтӕ дӕр дын федтон+. Адзӕбӕх дӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕртыккаг бон Йегъовӕйы хӕдзармӕ бацӕудзынӕ+. 6 Дӕ царды бонтӕм ма дын фынддӕс азы бафтаудзынӕн. Дӕу дӕр ӕмӕ ацы горӕт дӕр Ассирийы паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн+ ӕмӕ ацы горӕт мӕ номы тыххӕй ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй+ хъахъхъӕндзынӕн“».

7 Исай паддзахы лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Хус легъуитӕй конд тъӕпӕн гуыл+ райсут». Уыдон дӕр гуыл райстой, йӕ хъӕдгомыл ын ӕй сӕвӕрдтой+, ӕмӕ Езеки сындӕггай адзӕбӕх+.

8 Езеки та Исайы фарста: «Йегъовӕ мӕ кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй ацӕудзынӕн, уый куыд базонон?»+ 9 Уӕд ын Исай загъта: «Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй дын мӕнӕ нысан+ Йегъовӕйӕ: куыд дӕ фӕнды, хуры аууон асиныл дӕс къӕпхӕны размӕ ацӕуа, ӕви дӕс къӕпхӕны фӕстӕмӕ рацӕуа?» 10 Езеки загъта: «Аууон дӕс къӕпхӕны размӕ ацӕуа, уый ӕнцон у. Уадз ӕмӕ дӕс къӕпхӕны фӕстӕмӕ рацӕуа»+. 11 Уӕд Исай Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ уый, Ахазы асиныл бынмӕ къӕпхӕнтыл хуры фӕдыл цы аууон ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ дӕс къӕпхӕны ссӕуын кодта+.

12 Уыцы рӕстӕг Вавилоны+ паддзах Беродах-Баладан+, Баладаны фырт, фехъуыста, Езеки рынчын кӕй уыд ӕмӕ кӕй сдзӕбӕх, ӕмӕ йын арвыста фыстӕджытӕ+ ӕмӕ лӕвар. 13 Езеки ӕрвыст лӕгтӕм байхъуыста ӕмӕ сын равдыста йӕ хӕзнадон+: ӕвзист, сызгъӕрин+, бальзамы сой+ ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ сой ӕмӕ йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ. Йӕ хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыд, уыдон сын равдыста. Йӕ хӕдзары ӕмӕ сын йӕ паддзахады цынӕ равдыста, ахӕмӕй ницыуал баззад+.

14 Уый фӕстӕ пехуымпар Исай паддзах Езекимӕ ӕрбацыд ӕмӕ йӕ бафарста+: «Уыцы адӕм цы загътой ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»+ Уый йын загъта: «Дард бӕстӕйӕ ӕрцыдысты, Вавилонӕй». 15 Исай йӕ ногӕй бафарста: «Дӕ хӕдзары дын цы федтой?» Езеки йын дзуапп радта: «Мӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдон федтой. Мӕ хӕзнадӕтты сын цынӕ равдыстон, ахӕмӕй ницыуал баззад»+.

16 Уӕд Исай Езекийӕн загъта: «Уӕдӕ байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ+: 17 „Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ, ӕмӕ, дӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис+ ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ абоны онг цы фембырд кодтой, уыдон иууылдӕр Вавилонмӕ ахӕсдзысты+. Ницыуал дын баззайдзӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 18 Чи дын райгуыра, уыцы фырттӕй дӕр дын кӕйдӕрты акӕндзысты+, ӕмӕ уыдон суыдзысты фӕсдзӕуинтӕ+ Вавилоны паддзахы галуаны“»+.

19 Уӕд Езеки Исайӕн загъта: «Раст у Йегъовӕйы ныхас, кӕй загътай, уый»+. Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Кӕд мӕ рӕстӕджы+ фарн ӕмӕ ӕдасдзинад* уыдзӕн+, уӕд уый хорз куыннӕ у».

20 Езекийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй, стӕй цад+ ӕмӕ къанау+ куыд скодта ӕмӕ горӕтмӕ дон куыд бауагъта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 21 Ӕппынфӕстаг Езеки йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Манасси+.

21 Манасси+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ фӕндзай фондз азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Хефцибӕ. 2 Манасси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ – Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+. 3 Йӕ фыд Езеки цы кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодта, уыдон ногӕй сарӕзта+ ӕмӕ Израилы паддзах Ахавау Ваалӕн нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта+ ӕмӕ кувӕн цӕджындз скодта. Манасси табу кодта ӕмӕ куывта+, арвыл цыдӕриддӕр ис+, уыдӕттӕн*+. 4 Ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары+, Йегъовӕ афтӕ кӕмӕй загъта, мӕ ном уыдзӕн Иерусалимы+, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзары дӕр скодта нывондхӕссӕнтӕ. 5 Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта+ Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ дыууӕ кӕрты дӕр+. 6 Йӕ фырты арты басыгъта*+, кӕлӕнтӕ кодта+, нысӕнттӕ хӕлдта, стӕй сӕвӕрдта, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймӕгты+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+. Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта.

7 Манасси ма скодта кувӕн цӕджындзы гуымиры+ дӕр ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Йегъовӕйы хӕдзары+. Уыцы хӕдзары тыххӕй Хуыцау Давидӕн ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн афтӕ загъта: «Ацы хӕдзары ӕмӕ Иерусалимы, Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй кӕй равзӕрстон, уыцы горӕты, уыдзӕн мӕ ном ӕнустӕм+. 8 Ӕмӕ израилӕгты хауӕггаг нал фӕкӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй+, ӕрмӕст хъуамӕ архайой, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уый ӕххӕст кӕныныл+ – мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей сын кӕй радта, уыцы закъон ӕнӕхъӕнӕй». 9 Фӕлӕ йӕм уыдон нӕ хъуыстой+. Манасси сӕ рӕдийын кодта+, ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фесӕфта, уыцы адӕмтӕй фыддӕр фесты+.

10 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уылты, йӕ пехуымпарты уылты+, дзырдта: 11 «Иудӕйы паддзах Манасси+ уыцы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кодта+. Йӕ размӕ чи уыд, уыцы аморейтӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци+, ӕмӕ йӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй Иудӕйы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдта+. 12 Ӕмӕ уый тыххӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз Иерусалим+ ӕмӕ Иудӕ ахӕм бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ уый тыххӕй чи фехъуса, уый арвы цӕфау фӕуыдзӕн*+. 13 Иерусалимыл айваздзынӕн, Самари+ цы барӕн бӕндӕнӕй сбарстон+, уый ӕмӕ йӕ абардзынӕн, Ахавы хӕдзар кӕмӕй абарстон, уыцы барӕн хъилӕй*+. Ӕмӕ Иерусалим ныссӕрфдзынӕн+, къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ куыд ӕрфӕлдахынц, афтӕ+. 14 Ме ’взӕрст адӕмӕй+ ма чи баззайа, уыдоны ныууадздзынӕн+ ӕмӕ сӕ се знӕгты къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ се знӕгтӕ уацары акӕндзысты ӕмӕ сын сӕ исбон фӕхӕсдзысты+, 15 мӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый кӕй арӕзтой ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Египетӕй цы бон рацыдысты, уӕдӕй абоны онг мӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй“»+.

16 Манасси Иудӕйы адӕмы тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ уыдон арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Манасси уыйбӕрц ӕнаххос туг ныккалдта+, ӕмӕ дзы Иерусалим иу кӕронӕй иннӕмӕ байдзаг уыдаид. 17 Манассийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй ӕмӕ цы тӕригъӕд ракодта, уый тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 18 Ӕппынфӕстаг Манасси йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Уззӕйы дыргъдоны+, йӕ хӕдзары раз. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон.

19 Амон+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын дыууӕ азы ӕмӕ дыууӕ азы+ уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Мешуллемеф, уыди Харуцы чызг ӕмӕ уыд Йатбӕйӕ. 20 Амон дӕр йӕ фыд Манассийау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 21 Йӕ фыд цы фӕндӕгтыл цыд, уыцы фӕндӕгтыл цыд уый дӕр+. Йӕ фыд цы фаджыс-хуыцӕуттӕн куывта, уый дӕр уыдонӕн куывта ӕмӕ сӕ разы йӕ зонгуытыл лӕууыд+. 22 Афтӕ Амон йӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы ныууагъта+ ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндагыл нӕ цыд+. 23 Ӕппынфӕстаг паддзах Амоны ныхмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары амардтой+. 24 Фӕлӕ сӕ бӕстӕйы адӕм, паддзах Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнд чи скодта, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардтой+ ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ фырт Иосийы+. 25 Амоны иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 26 Амоны бавӕрдтой йӕ ингӕны Уззӕйы дыргъдоны+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоси+.

22 Иоси+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы ӕмӕ ӕртын иу азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йедидӕ, уыди Адайы чызг ӕмӕ уыд Воцкафӕй+. 2 Иоси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+ ӕмӕ цыди йӕ фыдӕл Давиды фӕндӕгтыл+. Уыцы фӕндӕгтӕй нӕдӕр рахизырдӕм аздӕхт, нӕдӕр галиуырдӕм+.

3 Иоси ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд писыр Шафаны+, Мешулламӕн йӕ фырт Ацалийы фырты, Йегъовӕйы хӕдзармӕ арвыста ахӕм ныхасимӕ: 4 «Хистӕр сауджын+ Хелкимӕ+ ацу ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй банымайа, Йегъовӕйы хӕдзармӕ+ цы ӕхца ӕрбахастой+, дуаргӕстӕ+ адӕмӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы ӕхца. 5 Стӕй уыцы ӕхца раттӕнт, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕныны куысты+ сӕргъы ӕвӕрд чи у, уыдонмӕ. Уыцы ӕхцайӕ бафидӕнт, Йегъовӕйы хӕдзар чи цалцӕг кӕны, уыцы кусджытӕн+, 6 ӕрмгуыстгӕнджытӕн, аразджытӕн ӕмӕ дурамайджытӕн. Уыцы ӕхцайӕ ма ноджыдӕр балхӕнӕнт, хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн цы хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ хъӕуы, уыдон дӕр+. 7 Ӕрмӕст, ӕхца кӕй къухмӕ дӕттой, уыдонӕй дзуапп ма домӕнт+, уымӕн ӕмӕ сӕ куыст ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕнынц»+.

8 Фӕстӕдӕр хистӕр сауджын Хелки+ писыр+ Шафанӕн+ загъта: «Йегъовӕйы хӕдзары ссардтон закъоны чиныг»+. Ӕмӕ Хелки уыцы чиныг Шафанмӕ радта, ӕмӕ йӕ уый кӕсын райдыдта. 9 Стӕй писыр Шафан паддзахмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын радзырдта: «Хуыцауы хӕдзары цы ӕхца уыди, уый дӕ лӕггадгӕнджытӕ асыччытӕй систой ӕмӕ йӕ радтой, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕныны куысты сӕргъы ӕвӕрд чи у, уыдонмӕ»+. 10 Уый фӕстӕ писыр Шафан паддзахӕн загъта: «Мӕнӕ мӕм ацы чиныг+ сауджын Хелки радта». Ӕмӕ йӕ паддзахы раз кӕсын райдыдта.

11 Куыддӕр паддзах закъоны чиныджы ныхӕстӕ фехъуыста, афтӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+. 12 Стӕй сауджын Хелкийӕн, Шафаны фырт Ахикамӕн+, Михейы фырт Ахборӕн, писыр Шафанӕн ӕмӕ паддзахы лӕггадгӕнӕг Асайӕйӕн+ загъта: 13 «Ацӕут ӕмӕ мӕн тыххӕй, адӕмы тыххӕй ӕмӕ, Иудӕйы чидӕриддӕр ис, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйы бафӕрсут+. Бафӕрсут ӕй, кӕй ссардтой, уыцы чиныджы цы фыст ис, уый тыххӕй. Йегъовӕйы стыр маст+ нӕм ссыгъд, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ+ уыцы чиныджы ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ дзы мах тыххӕй цы фыст ис, уый нӕ арӕзтой»+.

14 Уӕд сауджын Хелки, Ахикам, Ахбор, Шафан ӕмӕ Асайӕ ацыдысты ус-пехуымпар+ Олдамӕмӕ. Олдамӕ уыд, дзаумӕттӕ кӕй бар уыдысты+, уыцы Шаллумы ус, Хархасӕн йӕ фырт Тиквӕйы фырты ус, ӕмӕ царди Иерусалимы, горӕтӕн йӕ ног хайы. Ӕмӕ йын хабар радзырдтой+. 15 Ӕмӕ сын уый загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ+: „Мӕнмӕ уӕ чи ’рбарвыста, уыцы адӕймагӕн зӕгъут: 16 „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз ацы бынат дӕр ӕмӕ йӕ цӕрджыты+ дӕр бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн+, сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудӕйы паддзах цы чиныг бакаст+, уым цыдӕриддӕр фыст ис, уый+, 17 кӕй мӕ ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ нывӕндты фӕздӕг кӕй уагътой ӕмӕ мӕ се ’ппӕт хъуыддӕгтӕй кӕй ӕфхӕрдтой+, уый тыххӕй. Ацы бынатмӕ мӕ маст ссыгъд ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн“+. 18 Иудӕйы паддзахӕн, Йегъовӕйы бафӕрсынмӕ уӕ чи рарвыста, уымӕн та зӕгъут: „Цы ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдоны тыххӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы+: 19 „Ацы бынаты тыххӕй ӕмӕ йӕ цӕрджыты тыххӕй цы загътон, диссагӕн дзуринаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзысты+, зӕгъгӕ, уый фехъусгӕйӕ дӕ зӕрдӕ кӕй ӕрфӕлмӕн+ ӕмӕ Йегъовӕйы раз дӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтай+, дӕ уӕлӕдарӕс кӕй ӕрыскъуыдтай+ ӕмӕ мӕ разы кӕй куыдтай, уый тыххӕй дӕ ӕз фехъуыстон,– зӕгъы Йегъовӕ+.– 20 Ӕмӕ ды дӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕ+, дӕ ингӕнмӕ фарнимӕ ацӕудзынӕ+ ӕмӕ, ацы бынат цы бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн, уый нӕ фендзынӕ“». Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ кодтой.

23 Уӕд паддзах Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр йӕхимӕ ӕрӕмбырд кодта+. 2 Стӕй паддзах Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд. Йемӕ ацыдысты Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр, сауджынтӕ+, пехуымпартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр, стырӕй-чысылӕй+. Ӕмӕ сын, Йегъовӕйы хӕдзары кӕй ссардтой+, уыцы бадзырды+ чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди+, уыдон кӕсын райдыдта+. 3 Ӕмӕ паддзах, цӕджындзы цур лӕугӕйӕ+, Йегъовӕимӕ бадзырд скодта+, зӕгъгӕ, ацы чиныджы цы бадзырд фыст ис, уыцы бадзырды ныхӕстӕм хъусдзыстӕм+ ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдыл цӕудзыстӕм+, йӕ фӕдзӕхстытӕ+, йӕ амындтӕ+ ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+ ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр загътой, уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты+.

4 Уый фӕстӕ паддзах хистӕр сауджын Хелкийӕн+, ӕххуысгӕнӕг-сауджынтӕн ӕмӕ дуаргӕстӕн+ загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы кувӕндонӕй рахӕссой, Ваалӕн+, цӕджындзӕн+ ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн*+ кувынӕн цытӕ скодтой, уыдон иууылдӕр. Ӕмӕ сӕ Иерусалимы ӕдде Кедроны+ къуыбыртыл басыгъта ӕмӕ сын сӕ фӕнык Вефилмӕ+ ахаста. 5 Ӕмӕ фӕсырдта, Иудӕйы паддзӕхтӕ Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы алыварс кувӕн бынӕтты ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уадзынӕн кӕй сӕвӕрдтой, уыцы дзуарылӕгты, стӕй Ваалӕн+, хурӕн, мӕйӕн, стъалыгуппартӕн ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн+ чи уагъта нывӕндты фӕздӕг, уыдоны дӕр. 6 Уымӕй уӕлдай Йегъовӕйы хӕдзарӕй рахаста кувӕн цӕджындз+ ӕмӕ йӕ Иерусалимы ӕддӕмӕ, Кедроны дӕлвӕзмӕ ахаста, уым ӕй басыгъта+, ныммур ӕй кодта ӕмӕ йын йӕ рыг, хуымӕтӕг адӕмы кӕм ныгӕдтой, уыцы бынатыл+ апырх кодта. 7 Хӕтаг нӕлгоймӕгтӕн*+ Йегъовӕйы хӕдзары цы хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон дӕр ныппырх кодта. Уыцы хӕдзӕртты сылгоймӕгтӕ ӕмбӕрзӕнтӕ уӕфтой, кувӕн цӕджындзӕн цы цатыр-кувӕндӕттӕ арӕзтой, уыдонӕн.

8 Стӕй, Иудӕйы горӕтты цы сауджынтӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй, Гевӕйӕ+ суанг Вирсавийы+ онг цы кувӕн бынӕттӕ уыди, сауджынтӕ-иу нывӕндты фӕздӕг кӕм суагътой, уыцы бынӕттӕ фӕчъизи кодтаид, ӕмӕ кувынӕн мауал бӕззыдаиккой. Горӕты сӕргълӕууӕг Йесойы кулдуары бахизӕны галиуырдыгӕй цы кувӕн бынӕттӕ уыди, уыдон дӕр ныппырх кодта. 9 Фӕлӕ, кувӕн бынӕтты чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕ+ Иерусалимы Йегъовӕйы нывондхӕссӕнмӕ нӕ цыдысты, кӕд се ’фсымӕртимӕ донгонд+ дзултӕ хордтой, уӕддӕр. 10 Енномы фыртты+ дӕлвӕзы Тофет+ дӕр фӕчъизи кодта, цӕмӕй кувынӕн мауал бӕззыдаид ӕмӕ уыцы ран йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Молохӕн+ мачиуал басыгътаид*+. 11 Иудӕйы паддзӕхтӕ хурӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы бӕхты Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕнын нал уагъта. Уыцы бӕхты-иу кувӕндонмӕ кодтой, паддзахы фӕсдзӕуин Нефан-Мелехӕн тыргъы цы хӕрӕндон+ уыд, уый уылты. Хурӕн+ цы бӕхуӕрдӕттӕ снывонд кодтой, уыдон та арты басыгъта. 12 Иудӕйы паддзӕхтӕ Ахазы уӕллаг уаты сӕр+ цы нывондхӕссӕнтӕ скодтой+ ӕмӕ, Манасси Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ дыууӕ кӕрты дӕр цы нывондхӕссӕнтӕ скодта, уыдон дӕр паддзах ныппырх кодта, стӕй сӕ ныммур кодта ӕмӕ сын сӕ рыг Кедроны дӕлвӕзы апырх кодта. 13 Иерусалимы раз+, Бӕллӕхы хохӕн* рахизырдыгӕй Израилы паддзах Соломон+ сидойнӕгты ӕлгъаг хуыцау Астартӕйӕн+, моавӕгты ӕлгъаг хуыцау Хамосӕн+ ӕмӕ Аммоны фыртты ӕлгъаг хуыцау Милхомӕн+ цы кувӕн бынӕттӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта, ӕмӕ кувынӕн нал бӕззыдысты. 14 Паддзах кувӕн дуртӕ ныссаста+, кувӕн цӕджындзтӕ афӕлдӕхта ӕмӕ уыцы бынӕттӕ адӕмы стджытӕй байдзаг кодта. 15 Вефилы+ цы нывондхӕссӕн уыд ӕмӕ Наваты фырт Йеровоам+, Израилы адӕмы тӕригъӕды чи бафтыдта+, уый, цы кувӕн бынат скодта, уый дӕр,– суанг уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ уыцы кувӕн бынат дӕр, ныппырх кодта. Кувӕн бынат басыгъта, цыдӕриддӕр дзы уыди, уый ныммур кодта ӕмӕ кувӕн цӕджындз дӕр басыгъта.

16 Иоси йӕ алыварс куы акаст, уӕд хохыл федта ингӕнтӕ. Ӕмӕ адӕмы арвыста, уыцы ингӕнтӕй стджытӕ рахӕссут, зӕгъгӕ. Стӕй сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта+, цӕмӕй уыцы нывондхӕссӕн кувынӕн мауал бӕззыдаид. Ацы хабӕрттӕ ӕрцыдысты Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+ – ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг куыд загъта+, афтӕ. 17 Уый фӕстӕ паддзах бафарста: «Уӕртӕ уый та кӕй цырт у?» Ӕмӕ йын горӕты цӕрджытӕ загътой: «Уым ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ис ныгӕд+. Уый Иудӕйӕ+ ӕрцыд ӕмӕ рагацау загъта, ды Вефилы+ нывондхӕссӕнӕн цытӕ бакодтай, уый». 18 Уӕд паддзах загъта: «Уадзут ӕй+. Йе стджытӕм ын ма бавналут». Ӕмӕ йын уыдон дӕр йе стджытӕм нӕ бавнӕлдтой, стӕй, Самарийӕ чи ’рцыд, уыцы пехуымпары+ стджытӕм дӕр.

19 Иоси ныппырх кодта, Израилы паддзӕхтӕ+ Самарийы горӕтты+ цы кувӕндӕттӕ+ сарӕзтой ӕмӕ Хуыцауы кӕмӕй ӕфхӕрдтой+, уыдон дӕр – Вефилы+ кувӕн бынатӕн куыд бакодта, афтӕ бакодта уыцы кувӕндӕттӕн дӕр. 20 Кувӕн бынӕтты чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕй+ уым чидӕриддӕр уыд, уыдоны та нывондхӕссӕнтыл амардта ӕмӕ уыцы нывондхӕссӕнтыл адӕймаджы стджытӕ басыгъта+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт.

21 Уый фӕстӕ паддзах адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл Куадзӕн+ скӕнут, ацы бадзырды чиныджы куыд фыст ис, афтӕ»+. 22 Израилӕн чи тӕрхон кодта+, уыцы тӕрхонгӕнджыты замантӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Израилы паддзӕхты ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты+ рӕстӕджы дӕр ахӕм Куадзӕн никуыма скодтой. 23 Ӕмӕ Иоси ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Йегъовӕйы номыл Иерусалимы Куадзӕн скодтой+.

24 Иоси ма фесӕфта, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта, уыдоны+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+ дӕр, стӕй терафимты*+, фаджыс-хуыцӕутты+ ӕмӕ, Иудӕйы зӕххыл ӕмӕ Иерусалимы цыдӕриддӕр ӕлгъаг+ дзауматӕ фӕзынд, уыдон. Афтӕ бакодта, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид, сауджын Хелки Йегъовӕйы хӕдзары+ кӕй ссардта, уыцы чиныджы+ фыст закъоны ныхӕстӕ+. 25 Йӕ размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн паддзах нӕ уыд – Моисейы закъоны куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй+ ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ йе ’ргом раздӕхта+ Йегъовӕмӕ.

26 Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы стыр маст не ’рсабыр. Манасси йӕ цы хъуыддӕгтӕй ӕфхӕрдта+, уыдоны тыххӕй Иудӕмӕ йӕ маст сыгъди+. 27 Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Иудӕйы+ дӕр фесафдзынӕн мӕ разӕй+, Израил куыд фесӕфтон, афтӕ+. Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимыл ӕмӕ, афтӕ кӕмӕй загътон, мӕ ном уым уыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзарыл дӕр»+.

28 Иосийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 29 Йӕ рӕстӕджы Египеты паддзах, фараон Нехо+, ацыд Ассирийы паддзахмӕ Евфраты цӕугӕдоны+ цурмӕ. Уӕд паддзах Иоси йӕ ныхмӕ рацыд+, фӕлӕ йӕ Нехо куыддӕр Мегиддойы+ федта, афтӕ йӕ амардта+. 30 Йӕ мард ын йӕ лӕггадгӕнджытӕ бӕхуӕрдоныл Мегиддойӕ Иерусалиммӕ ӕрластой+ ӕмӕ йӕ йӕ ингӕны бавӕрдтой. Уый фӕстӕ Иудӕйы адӕм Иосийӕн йӕ фырт Иоахазы+ ракодтой, сойӕ йӕ байсӕрстой ӕмӕ йӕ йӕ фыды бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой.

31 Иоахаз+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын ӕртӕ азы ӕмӕ ӕртӕ мӕйы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Хамутал+, уыди Йеремийы чызг ӕмӕ уыд Ливнӕйӕ. 32 Иоахаз дӕр йӕ фыдӕлтау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 33 Фараон Нехо+ Иоахазы Хаматы зӕххыл, Ривлӕйы+ хъадаманты бакодта+ ӕмӕ йын йӕ паддзахы бартӕ байста, цӕмӕй Иерусалимы мауал хицауиуӕг кодтаид. Бӕстӕйӕ та ӕрдомдта хъалон+ – сӕдӕ таланты ӕвзист+ ӕмӕ иу талант сызгъӕрин+. 34 Уымӕй уӕлдай, фараон Нехо Иосийы фырт Елиакимы+ йӕ фыд Иосийы бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ ном аивта – схуыдта йӕ Иоаким. Иоахазы та акодта Египетмӕ, ӕмӕ уым амард+. 35 Иоаким фараонӕн ӕвзист+ ӕмӕ сызгъӕрин радта. Фараон дзы цы ӕвзист ӕрдомдта, уый бафидынӕн зӕххӕн хъалон+ скодта: алы адӕймаг дӕр хъуамӕ хъалон фыстаид+, йӕ зӕхх цӕй аргъ уыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕрӕмбырд кодта, фараон Нехойӕн цас хъуыд раттын, уыйбӕрц ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин.

36 Иоаким+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ иуӕндӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Зебуддӕ, уыди Федайӕйы чызг ӕмӕ уыд Румӕйӕ. 37 Иоаким дӕр йӕ фыдӕлтау арӕзта+, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+.

24 Иоакимы рӕстӕджы Вавилоны паддзах Навуходоносор+ Иудӕйы зӕхмӕ ӕрбабырста, ӕмӕ Иоаким ӕртӕ азы уыди йӕ дӕлбар+. Фӕлӕ стӕй йӕ ныхмӕ рацыд. 2 Йегъовӕ Иоакимӕн афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ халдейаг+ абырджытӕ, сириаг абырджытӕ, моаваг+ абырджытӕ ӕмӕ Аммоны фыртты абырджытӕ ӕнцад нал уагътой. Ӕрвыста сӕ, цӕмӕй Иудӕйы бӕстӕ ныппырх кодтаиккой, Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты куыд загъта, афтӕ+. 3 Иудӕйыл уыцы хабӕрттӕ уый тыххӕй цыдысты, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕ разӕй фесафынвӕнд скодта+, Манасси+ цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй, 4 стӕй цы ӕнаххос туг+ ныккалдта ӕмӕ Иерусалим ӕнаххос тугӕй кӕй байдзаг кодта, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ бафӕндыд Иудӕйӕн ныххатыр кӕнын+.

5 Иоакимы+ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 6 Ӕппынфӕстаг Иоаким йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехони.

7 Египеты паддзах йӕ зӕххӕй+ йе ’фсӕдтӕ никуыуал рарвыста+, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Египеты паддзахы зӕххытӕ иууылдӕр байста+, Египеты цӕугӕдоны дӕлвӕзӕй+ суанг Евфраты цӕугӕдоны онг+.

8 Йехони+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы ӕмӕ ӕртӕ мӕйы уыд паддзах Иерусалимы+. Йӕ мад хуынди Нехуштӕ, уыди Елнафаны чызг ӕмӕ уыд Иерусалимӕй. 9 Йехони дӕр йӕ фыдау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 10 Уӕд Вавилоны паддзах Навуходоносоры лӕггадгӕнджытӕ Иерусалиммӕ ӕрбабырстой ӕмӕ горӕтыл ӕртыхстысты+. 11 Вавилоны паддзах Навуходоносор та ӕрбацыд, йӕ лӕггадгӕнджытӕ горӕтыл куы ӕртыхстысты, уый фӕстӕ+.

12 Уӕд Иудӕйы паддзах Йехони йӕ мадимӕ+, йӕ лӕггадгӕнджытимӕ, йӕ кънйӕзтимӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтимӕ Вавилоны паддзахмӕ рацыд+. Ӕмӕ Вавилоны паддзах Йехонийы уацары акодта, ӕстӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд. 13 Стӕй, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары цыдӕриддӕр хӕзнатӕ+ уыд, уыдон ахаста ӕмӕ, Израилы паддзах Соломон Йегъовӕйы кувӕндоны цы сызгъӕрин мигӕнӕнтӕ+ скодта, уыдон иууылдӕр ныцъцъӕл кодта, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 14 Ӕмӕ уацары акодта+ Иерусалимы цӕрджыты се ’ппӕты дӕр, кънйӕзты+, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын+ нӕлгоймӕгты, ӕрмгуыстгӕнджыты+ ӕмӕ, фидӕрттӕ чи арӕзта, уыдоны – дӕс мин адӕймаджы. Се ’ппӕты дӕр акодта, ӕрмӕст ма дзы хуымӕтӕг адӕмы+ ныууагъта. 15 Гъемӕ Йехонийы+, стӕй паддзахӕн йӕ мады+, йӕ устыты, йӕ фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ бӕстӕйы дзырддзӕугӕ лӕгты Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта+. 16 Вавилоны паддзах Вавилонмӕ уацары акодта хъӕбатыр нӕлгоймӕгты – авд мин адӕймаджы, стӕй ӕрмгуыстгӕнджыты ӕмӕ, фидӕрттӕ чи арӕзта, уыдоны – иу мин адӕймаджы, хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыд, уыцы тыхджын нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр+. 17 Уый фӕстӕ Вавилоны+ паддзах Йехонийы фыдыфсымӕр+ Матфанийы Йехонийы бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ ном аивта – схуыдта йӕ Седеки+.

18 Седеки+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын иу азы ӕмӕ иуӕндӕс азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Хамутал+, уыди Йеремийы чызг ӕмӕ уыд Ливнӕйӕ. 19 Седеки дӕр Иоакимау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 20 Иерусалимы ӕмӕ Иудӕйы цы хабӕрттӕ цыд, уый тыххӕй сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+ ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг йӕ разӕй фесӕфта+. Седеки та Вавилоны паддзахы ныхмӕ рацыд+.

25 Седеки фарӕстӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм+ бон, Вавилоны паддзах Навуходоносор+ йе ’фсӕдтимӕ Иерусалиммӕ ’рцыд+, ӕмӕ горӕты раз ӕрбынат кодтой, ӕртыхстысты йыл ӕмӕ йын йӕ алыварс къул самадтой+. 2 Ӕмӕ горӕты алыварс лӕууыдысты, Седеки иуӕндӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕдмӕ. 3 Цыппӕрӕм мӕйӕн йӕ фарӕстӕм+ бон, горӕты тынг ӕххормаг заман+ куы уыд ӕмӕ адӕмӕн дзул куы нал уыд+, 4 уӕд горӕты къул ратыдтой+, ӕмӕ ӕхсӕвы хӕстонтӕ се ’ппӕт дӕр, дыууӕ къулы ’хсӕн паддзахы цӕхӕрадоны раз цы кулдуар уыд, ууылты алыгъдысты+. Халдейтӕ+ та горӕты алыварс лӕууыдысты. Ӕмӕ паддзах Аравӕйы+ ’рдӕм алыгъд+. 5 Халдейаг+ ӕфсад паддзахы фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ йӕ Иерихоны+ быдырты баййӕфтой+. Йе ’фсад та алырдӕмты ныппырх сты ӕмӕ йӕ иунӕгӕй ныууагътой. 6 Гъемӕ паддзахы ӕрцахстой+ ӕмӕ йӕ Вавилоны паддзахмӕ Ривлӕмӕ+ ӕркодтой, цӕмӕй йын стӕрхон кодтаиккой. 7 Ӕмӕ Седекийӕн йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз амардтой+, йӕхицӕн та йын паддзах йӕ цӕстытӕ скъахта+, стӕй йыл ӕрхуы хъадамантӕ бакодта+ ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ акодта+.

8 Фӕндзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ ӕвдӕм бон, ома Навуходоносор нудӕсӕм+ аз куы уыд Вавилоны паддзах, уӕд, хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+, Вавилоны паддзахы лӕггадгӕнӕг, Иерусалиммӕ ’рцыд+. 9 Навузардан басыгъта Йегъовӕйы хӕдзар+, паддзахы хӕдзар+ ӕмӕ, Иерусалимы цыдӕриддӕр хӕдзӕрттӕ уыд, уыдон+. Басыгъта кадджын лӕгты хӕдзӕрттӕ дӕр+. 10 Хъахъхъӕнджыты хистӕримӕ цы халдейаг ӕфсад уыд, уыдон Иерусалимы къултӕ кӕрӕй-кӕронмӕ ныппырх кодтой+. 11 Адӕмӕй ма горӕты чи баззад+, уыдоны, стӕй, Вавилоны паддзахы ’рдӕм чи ралыгъд, уыдоны дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан уацары акодта+. 12 Ӕрмӕст ма хуымӕтӕг адӕмӕй+ кӕйдӕрты ныууагъта, цӕмӕй сӕнӕфсирдӕттӕм зылдаиккой ӕмӕ алы куыстытӕ кодтаиккой+. 13 Йегъовӕйы хӕдзары цы ӕрхуы цӕджындзтӕ+ уыд, уыдон, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары цы уӕрдӕттӕ+ ӕмӕ ӕрхуы денджыз+, ома тымбыл аг, уыд, уыдон дӕр халдейтӕ ныцъцъӕл кодтой ӕмӕ уыцы ӕрхуы Вавилонмӕ ахастой+. 14 Фӕнык кӕдӕм ӕвгӕдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ, белтӕ, цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ, къустӕ ӕмӕ, кувӕндоны кӕмӕй архайдтой, уыцы ӕрхуы мигӕнӕнтӕ+ дӕр иууылдӕр ахастой. 15 Хъахъхъӕнджыты хистӕр ахаста, сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзистӕй+ конд чи уыд, уыцы зынгхӕссӕнтӕ ӕмӕ къустӕ дӕр. 16 Соломон Йегъовӕйы хӕдзарӕн кӕй скодта, уыцы дыууӕ цӕджындзы, денджыз ӕмӕ уӕрдӕттӕ цы ӕрхуыйӕ конд уыдысты, уый уыйбӕрц уыди, ӕмӕ йын банымайӕн дӕр нӕ уыд+. 17 Алы цӕджындзӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыд ӕстдӕс ӕлмӕрины+, стӕй йыл уыд ӕрхуыйӕ конд сӕр+, йӕ бӕрзӕнд – ӕртӕ ӕлмӕрины. Уыцы сӕрыл кӕрӕй-кӕронмӕ цы хыз ӕмӕ гранаттӕ+ уыди, уыдон дӕр уыдысты ӕрхуыйӕ. Афтӕ конд уыд иннӕ цӕджындз дӕр йӕ хызимӕ.

18 Хъахъхъӕнджыты хистӕр акодта хистӕр сауджын Серайӕйы+, ӕххуысгӕнӕг сауджын Софонийы+ ӕмӕ ӕртӕ дуаргӕсы+ дӕр. 19 Горӕтӕй ма акодта, ӕфсӕддонты хистӕр чи уыд, уыцы фӕсдзӕуины, паддзахы уынаффӕгӕнджытӕй горӕты чи уыд, уыдонӕй фондз адӕймаджы, стӕй ӕфсады сӕргълӕууӕджы писыры, адӕмы ӕфсадмӕ чи фыста, уый, ӕмӕ ма ӕнӕуи адӕмӕй горӕты чи баззад, уыдонӕй ӕхсай адӕймаджы+. 20 Хъахъхъӕнджыты хистӕр Навузардан+ се ’ппӕты дӕр+ Вавилоны паддзахмӕ Ривлӕмӕ ӕркодта+. 21 Ӕмӕ сӕ Вавилоны паддзах Ривлӕйы, Хаматы зӕххыл+, амардта+. Афтӕ Иудӕйы адӕм сӕ зӕххӕй хауӕггаг фесты+.

22 Вавилоны паддзах Навуходоносор ма адӕмӕй+ Иудӕйы зӕххыл кӕй ныууагъта, уыдонӕн та сӕ сӕргъы сӕвӕрдта Гедалийы+, Шафанӕн йӕ фырт+ Ахикамы фырты+. 23 Вавилоны паддзах адӕмы сӕргъы Гедалийы кӕй сӕвӕрдта, уый ӕфсады хистӕртӕ+ ӕмӕ сӕ адӕм куы фехъуыстой, уӕд Гедалимӕ Массифӕмӕ+ ӕрцыдысты. Се ’хсӕн уыдысты: Нефанийы фырт Измаил, Карейы фырт Иоханан, нетофафаг Танхумефы фырт Серайӕ, стӕй ма маахӕйаджы фырт Иазани ӕмӕ сӕ адӕм. 24 Гедали сын сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр расомы кодта+ ӕмӕ сын загъта: «Ма тӕрсут, лӕггад кӕнут халдейтӕн. Цӕрут ацы зӕххыл ӕмӕ Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ алцыдӕр уыдзӕн хорз»+.

25 Ӕвдӕм+ мӕйы паддзахы байзӕддаг Измаил+, Елишамӕйӕн йӕ фырт Нефанийы фырт, ӕмӕ йемӕ дӕс адӕймаджы ӕрцыдысты ӕмӕ Гедалийы+ амардтой. Стӕй ма амардтой, дзуттӕгтӕй ӕмӕ халдейтӕй йемӕ Массифӕйы+ чи уыд, уыдоны дӕр. 26 Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр, гыццылӕй-стырӕй, стӕй ӕфсады хистӕртӕ дӕр сыстадысты ӕмӕ Египетмӕ ацыдысты+, уымӕн ӕмӕ халдейтӕй фӕтарстысты+.

27 Иудӕйы паддзах Йехони+ уацары ӕртын ӕвдӕм аз куы уыд, уӕд, дыууадӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууын ӕвдӕм бон, Вавилоны паддзах Евилмеродах+ Иудӕйы паддзах Йехонийӕн ахӕм хорздзинад ракодта*+, ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодта. Уый уыд, паддзах куы сси, уыцы аз. 28 Вавилоны паддзах йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн, Вавилоны йемӕ чи уыд, уыцы паддзӕхты паддзахбадӕнтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта+. 29 Йехони раласта йӕ ахӕстоны дарӕс+ ӕмӕ, цалынмӕ цард, уӕдмӕ Вавилоны паддзахимӕ иу фынгӕй хордта+. 30 Паддзахӕй йын лӕвӕрд цыд, хӕринагӕй йӕ цы хъуыд, уый+, ӕмӕ афтӕ – алы бон дӕр, цалынмӕ цард, уӕдмӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

Ома Охозийы ӕфсымӕр.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «Дӕ астӕу ӕрбалвас».

Иу талант у 34,2 кг бӕрц.

Иу сикл у 11,4 г.

Кӕнӕ «арфӕдзинад».

Комк. «сатӕ». Иу сатӕ у 7,33 л.

Комк. «сӕ удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «цырагъ».

Комк. «Дӕ астӕу ӕрбалвас».

Комк. «дыргъдоны хӕдзары».

Комк. «зӕхмӕ кӕй не ’рхаудзӕн».

Кӕнӕ «къахӕвӕрӕн».

Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ». Уыдон уыдысты, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.

Комк. «уыцы удтӕй»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.

Комк. «цӕсгом ӕрфӕлмӕн кодта».

178 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.

Комк. «арвы бынӕй».

13, 30, 32, 34 ст. у «Ози».

Иу сикл у 11,4 г.

Кӕнӕ «Тиглатпаласар».

Комк. «артыл ахизын кодта».

Комк. «сӕ бӕрзӕйтӕ ныхъхъӕбӕр кодтой».

Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсады».

Комк. «артыл хизын кодтой».

Кӕнӕ «ӕрхуы калм-хуыцау».

Комк. «баныхӕст».

Афтӕ хуыдтой ӕфсады сӕргълӕууӕджы.

Афтӕ хуыдтой фӕсдзӕуинты хистӕры.

Афтӕ хуыдтой сӕйраг сӕндары.

Комк. «ӕцӕгдзинад».

Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсадӕн».

Комк. «артыл ахизын кодта».

Комк. «уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззӕлланг кӕндзӕн».

Аразӕджы дзаума, цӕхгӕрмӕ дзы барстой, зӕгъӕм, къултӕ раст амад цӕуынц ӕви нӕ; уырыс. «уровень».

Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсадӕн».

Комк. «нӕлгоймӕгтӕ кувӕндоны ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕуынц, уыцы нӕлгоймӕгтӕн».

Комк. «артыл мачиуал ахизын кодтаид».

Ома Оливӕбӕлӕсты хох.

Ома бинонты хуыцӕуттӕ, къухӕйконд хуыцӕуттӕ.

Комк. «Йехонийӕн йӕ сӕрыл схӕцыд».

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын