Паддзӕхты фыццаг чиныг
кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАДДЗАХӔДТЫ ӔРТЫККАГ ЧИНЫГ
1 Паддзах Давид базӕронд+, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ-иу ӕй дзаумӕттӕй бамбӕрзтой, фӕлӕ нал тӕфсти. 2 Ӕмӕ йын уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Нӕ буц хицауӕн ӕнӕвнӕлд чызг бацагурӕнт+, цӕмӕй паддзахӕн лӕггад кӕна+ ӕмӕ йӕм кӕса+. Дӕ фарсмӕ хуысдзӕн+, ӕмӕ нӕ буц хицауӕн хъарм уыдзӕн»+. 3 Уӕд ӕгас Израилы зӕххыл дӕр агурын райдыдтой рӕсугъд чызг. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ссардтой сунемаг+ Ависагӕйы+ ӕмӕ йӕ паддзахмӕ ӕрбакодтой. 4 Уыцы чызг уыди ӕмбисонды рӕсугъд+. Гъемӕ паддзахмӕ касти ӕмӕ йын лӕггад кодта, фӕлӕ паддзах йемӕ ӕмуат никуы ’рцыд.
5 Аггифӕйы фырт+ Адони+ та йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдыдта+ ӕмӕ дзырдта: «Ӕз уыдзынӕн паддзах!»+ Адони йӕхицӕн самал кодта бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕрджытӕ, стӕй ма фӕндзай адӕймаджы дӕр, йӕ разӕй чи згъордтаид, ахӕмтӕ+. 6 Йӕ фыды та нӕ фӕндыд йӕ фырты фӕхъыг кӕнын ӕмӕ йын афтӕ никуы загъта, уый цы кусыс, зӕгъгӕ+. Адони йӕ мадӕн райгуырд Авессаломы фӕстӕ, ӕмӕ уый дӕр уыд хӕрзконд лӕппу+. 7 Адони сусӕгӕй баныхас кодта Саруйӕйы фырт Иоавимӕ ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ+, ӕмӕ уыдон дӕр йӕ фарс слӕууыдысты ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой+. 8 Фӕлӕ сауджын Садок+, Иодайы фырт Ванейӕ+, пехуымпар Нафан+, стӕй Шимей+, Риси ӕмӕ Давиды тыхджын хӕстонтӕ+ не слӕууыдысты Адонийы фарс+.
9 Иу бон Адони сфӕнд кодта Ен-Рогелмӕ+ хӕстӕг Зохелеты дуры раз нывӕндтӕ ӕрхӕссын+ – фыстӕ, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст родтӕ. Ӕмӕ ӕрхуыдта йе ’фсымӕрты, паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр+, стӕй Иудӕйы адӕмы се ’ппӕты дӕр – паддзахы лӕггадгӕнджыты. 10 Пехуымпар Нафаны, Ванейӕйы, Давиды тыхджын хӕстонты ӕмӕ йе ’фсымӕр Соломоны та нӕ фӕхуыдта. 11 Уӕд Нафан+ Вирсавийӕн+, Соломоны мадӕн+, загъта: «Аггифӕйы фырт+ Адони паддзах кӕй сси, уый нӕ фехъуыстай? Нӕ буц хицау Давид та уый тыххӕй ницы зоны. 12 Дӕ хорзӕхӕй, байхъус мын мӕ уынаффӕмӕ+. Аирвӕзын кӕн дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фырт Соломоны дӕр+. 13 Паддзах Давидмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ: „Мӕ буц хицау, дӕ цагъар-сылгоймагӕн дӕхӕдӕг нӕ расомы кодтай, зӕгъгӕ, мӕ фӕстӕ паддзах суыдзӕн дӕ фырт Соломон ӕмӕ уый баддзӕн мӕ паддзахбадӕныл?+ Ӕмӕ уӕд Адони цӕмӕн сси паддзах?“ 14 Ды нырма паддзахимӕ ныхас кӕндзынӕ, афтӕ ӕз дӕр дӕ фӕдыл бацӕудзынӕн ӕмӕ ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, ды цы зӕгъай, уый»+.
15 Вирсави дӕр паддзахмӕ мидӕггаг+ уатмӕ бацыд. Паддзах та тынг зӕронд уыди+, ӕмӕ йын сунемаг Ависагӕ+ лӕггад кодта. 16 Вирсави паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта+. Паддзах ӕй бафарста: «Цы дӕ хъӕуы, зӕгъ ӕй»+. 17 Вирсави йын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау+, дӕ цагъар-сылгоймагӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дӕхӕдӕг расомы кодтай: „Мӕ фӕстӕ паддзах уыдзӕн дӕ фырт Соломон, ӕмӕ уый баддзӕн мӕ паддзахбадӕныл“+. 18 Фӕлӕ ныр паддзах сси Адони+, ӕмӕ мӕ буц хицау та уый тыххӕй ницы зоны+. 19 Адони нывондӕн ӕрхаста бирӕ галтӕ, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕмӕ ӕрхуыдта паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр+, стӕй сауджын Авиафары+ ӕмӕ ӕфсады хистӕр Иоавы+, дӕ цагъар Соломоны та нӕ фӕхуыдта+. 20 Фӕлӕ, мӕ буц хицау, паддзах, ӕппӕт Израилы адӕмӕн дӕр сӕ каст+ дӕумӕ у, цӕмӕй сын ды зӕгъай, мӕ буц хицауы фӕстӕ йӕ паддзахбадӕныл чи ӕрбаддзӕн, уый+. 21 Науӕд мӕ буц хицау йӕ фыдӕлтӕм куы баиу уа+, уӕд мӕн дӕр ӕмӕ мӕ фырт Соломоны дӕр фыдгӕнджытыл банымайдзысты».
22 Вирсави паддзахимӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ пехуымпар Нафан дӕр ӕрбацыд+. 23 Ӕмӕ паддзахӕн загътой, пехуымпар Нафан ӕрбацыд, зӕгъгӕ. Уӕд Нафан паддзахмӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта+. 24 Стӕй загъта: «Мӕ буц хицау, паддзах, мыййаг, афтӕ искуы загътай, мӕ фӕстӕ паддзах суыдзӕн Адони ӕмӕ уый баддзӕн мӕ паддзахбадӕныл, зӕгъгӕ?+ 25 Уый абон ацыд ӕмӕ бирӕ галтӕ, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ фыстӕ нывондӕн ӕрхаста+ ӕмӕ ӕрхуыдта паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр, стӕй ӕфсады хистӕрты ӕмӕ сауджын Авиафары+ дӕр. Уӕртӕ йемӕ фынгыл бадынц, хӕрынц ӕмӕ нуазынц ӕмӕ дзурынц: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Адони!“+ 26 Фӕлӕ мӕн, дӕ цагъары, стӕй сауджын Садокы+, Ванейӕйы+ ӕмӕ дӕ цагъар Соломоны та нӕ фӕхуыдта+. 27 Кӕд ацы хъуыддаг мӕ буц хицауӕй у, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ дӕ цагъарӕй басусӕг кодтай+, мӕ буц хицауы фӕстӕ йӕ паддзахбадӕныл чи ӕрбаддзӕн, уый».
28 Уӕд паддзах Давид загъта: «Вирсавимӕ-ма+ мын фӕдзурут». Уый дӕр ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыд. 29 Ӕмӕ паддзах расомы кодта+: «Сомы дын кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ+, мӕн+ ме ’ппӕт мӕстытӕй+ дӕр чи фервӕзын кодта+, уымӕй: 30 Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ дын куыддӕриддӕр расомы кодтон, дӕ фырт Соломон уыдзӕн паддзах мӕ фӕстӕ ӕмӕ мӕ бӕсты уый баддзӕн мӕ паддзахбадӕныл, зӕгъгӕ, афтӕ бакӕндзынӕн тӕккӕ абон»+. 31 Уӕд Вирсави паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта+ ӕмӕ загъта: «Мӕ буц хицау паддзах Давид цӕрӕд ӕнустӕм!»+
32 Уӕд паддзах Давид загъта: «Фӕдзурут сауджын Садокмӕ+, пехуымпар Нафанмӕ ӕмӕ Иодайы фырт Ванейӕмӕ»+. Уыдон дӕр паддзахмӕ ӕрбацыдысты, 33 ӕмӕ сын паддзах загъта: «Уӕ хицауы лӕггадгӕнджыты+ уемӕ акӕнут ӕмӕ ацӕут, мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл сбадын кӕнут+ ӕмӕ йӕ Гихонмӕ акӕнут+. 34 Уым ӕй сауджын Садок ӕмӕ пехуымпар Нафан сойӕ байсӕрддзысты+ ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдзысты. Уый фӕстӕ сыкъайӕ ныууасут+ ӕмӕ зӕгъут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“+ 35 Стӕй йӕ фӕстӕмӕ ӕркӕнут. Куы ’рбацӕуа, уӕд мӕ паддзахбадӕныл ӕрбаддзӕн ӕмӕ мӕ бӕсты уыдзӕн паддзах. Ӕз ӕй Израил ӕмӕ Иудӕйӕн сӕвӕрдзынӕн разамонӕгӕй». 36 Уӕд Иодайы фырт Ванейӕ паддзахӕн загъта: «Аммен!+ Афтӕ зӕгъӕд мӕ буц хицауы, паддзахы Хуыцау Йегъовӕ дӕр+. 37 Йегъовӕ мӕ буц хицауимӕ куыд уыди+, афтӕ уӕд Соломонимӕ+ дӕр ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн мӕ буц хицау Давиды паддзахбадӕнӕй кадджындӕр скӕнӕд»+.
38 Сауджын Садок+, пехуымпар Нафан+ ӕмӕ Иодайы фырт Ванейӕ+, стӕй хелефейтӕ+ ӕмӕ фелефейтӕ+ дӕр ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой+ ӕмӕ йӕ Гихонмӕ ӕркодтой+. 39 Уым сауджын Садок цатырӕй+ сойӕ йедзаг сыкъа+ рахаста ӕмӕ Соломоны сойӕ байсӕрста+. Стӕй сыкъайӕ ныууасыдысты ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!»+ 40 Уый фӕстӕ се ’ппӕт дӕр Соломоны фӕдыл ацыдысты. Адӕм уадындзтӕй цагътой+ ӕмӕ афтӕ цин кодтой+, ӕмӕ сӕ цины хъӕлӕбайӕ зӕхх+ ӕнкъуысыд.
41 Адони ӕмӕ йӕ хуынд адӕм минас куы фесты, раст уӕд фехъуыстой уыцы хъӕлӕба+. Иоав сыкъайы уасын куы фехъуыста, уӕд афарста: «Уый цӕй хъӕлӕба+ хъуысы горӕтӕй?» 42 Йӕ ныхас нӕма загъта, афтӕ ӕрбацыд Авиафары фырт Ионафан+. Адони йын загъта: «Мидӕмӕ рахиз. Ды нымад лӕг дӕ, ӕмӕ дӕм хорз хабар уыдзӕн»+. 43 Фӕлӕ Ионафан Адонийӕн дзуапп радта: «Нӕ, хорзӕй ницы. Нӕ буц хицау паддзах Давид Соломоны паддзахӕй сӕвӕрдта+. 44 Паддзах ын йемӕ арвыста сауджын Садокы, пехуымпар Нафаны, Иодайы фырт Ванейӕйы ӕмӕ хелефейты ӕмӕ фелефейты, ӕмӕ йӕ уыдон паддзахы хӕргӕфсыл сбадын кодтой+. 45 Стӕй йӕ Гихоны сауджын Садок ӕмӕ пехуымпар Нафан сойӕ байсӕрстой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтой+. Ӕмӕ уый фӕстӕ уырдыгӕй цингӕнгӕ раздӕхтысты, ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕт базмӕлыд. Ӕмӕ сымахмӕ дӕр уыцы хъӕлӕба хъуысти+. 46 Уымӕй уӕлдай, Соломон ныридӕгӕн ӕрбадт паддзахбадӕныл+. 47 Ӕмӕ паддзахы лӕггадгӕнджытӕ бацыдысты нӕ буц хицауӕн, паддзах Давидӕн, раарфӕ кӕнынмӕ ӕмӕ йын загътой: „Дӕ Хуыцау дын Соломоны ном дӕ номӕй кадджындӕр скӕнӕд, ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн дӕр дӕ паддзахбадӕнӕй кадджындӕр скӕнӕд!“+ Ӕмӕ паддзах йӕ хуыссӕны йӕ сӕрӕй акуывта+. 48 Паддзах ма ноджыдӕр загъта: „Табу+ Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн, абон мын мӕ фырты мӕ паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадын кодта ӕмӕ уыцы хабар мӕхи цӕстӕй кӕй уынын!“»+
49 Адониимӕ чи уыд, уыцы хуынд адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд фыртӕссӕй барызтысты. Ӕмӕ сыстадысты, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ фӕндагыл ацыд+. 50 Адони дӕр Соломонӕй старст, ӕмӕ ацыд ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатыл ныххӕцыд+. 51 Уый фӕстӕ Соломонӕн фӕхабар кодтой: «Адони паддзах Соломонӕй старст ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатыл ныххӕцыд ӕмӕ дзуры: „Паддзах Соломон уал мын расомы кӕнӕд, йӕ цагъары кӕй нӕ амардзӕн“». 52 Уӕд Соломон загъта: «Кӕд аккаг адӕймаг разына, уӕд йӕ сӕрӕй иу хъуын+ дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕн. Фӕлӕ йӕм кӕд исты ӕвзӕрдзинад разына+, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн»+. 53 Стӕй йӕм паддзах Соломон арвыста, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕнӕй ракодтой. Адони паддзах Соломонмӕ бацыд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй акуывта. Уый фӕстӕ йын Соломон загъта: «Ацу дӕ хӕдзармӕ»+.
2 Давидӕн йӕ мӕлӕт куы ’рхӕстӕг+, уӕд йӕ фырт Соломонӕн ныффӕдзӕхста: 2 «Ӕз цӕуын, зӕххыл алы адӕймагӕн дӕр цы фӕндагыл цӕугӕ у, ууыл+. Ды та фидар+ ӕмӕ хъӕбатыр у+. 3 Хъус дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ: йӕ фӕндӕгтыл ын цу+, йӕ закъӕттӕ, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ йын йӕ амындтӕ ӕххӕст кӕн, Моисейы закъоны куыд фыст у, афтӕ+, цӕмӕй, цыфӕнды ма аразай ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма цӕуай,– алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕйӕ архайай. 4 Уӕд Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, мӕн+ тыххӕй цы загъта, уый: „Кӕд дӕ фырттӕ+ сӕ фӕндӕгтӕм кӕсой+ ӕмӕ мӕ разы рӕстӕй цӕрой+, кӕд ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй архайой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты Израилы паддзахбадӕныл“+.
5 Ды зоныс, Саруйӕйы фырт Иоав мын цы сарӕзта+, уый дӕр – Израилы ӕфсӕдты хистӕртӕй дыууӕйӕн, Ниры фырт Авенирӕн+ ӕмӕ Йеферы фырт+ Амессайӕн+, цы бакодта, уый. Амардта сӕ ӕмӕ сабыр рӕстӕг туг ныккалдта+, цыма хӕст цыди, уыйау, ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста, йӕ астӕуыл цы рон уыд, уый ӕмӕ йӕ къӕхтыл цы дзабыртӕ уыди, уыдон. 6 Де стыр зонд дын куыд дзуры, афтӕ бакӕн+ ӕмӕ йын йӕ урс сӕр ингӕнмӕ*+ фарнимӕ ныццӕуын ма бауадз+.
7 Галаадаг Верзелийы фыртты+ та де ’нувыд уарзтӕй барӕвдау. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой, демӕ иу фынгыл чи бады, уыдоны ’хсӕн+. Ӕз де ’фсымӕр Авессаломӕй куы лыгътӕн+, уӕд мӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ мӕ уыдон дӕр се ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдтой+.
8 Ам дӕм хӕстӕг цӕры Вениамины байзӕддаг, бахуримаг+ Герӕйы фырт Шимей+ дӕр. Маханаиммӕ+ куы цыдтӕн, уӕд мӕ фыдӕлгъыст кодта+, фӕлӕ стӕй Иорданмӕ мӕ размӕ рацыд+, ӕмӕ йын ӕз Йегъовӕйӕ расомы кодтон, нӕ дӕ амардзынӕн, зӕгъгӕ+. 9 Фӕлӕ йӕ ды ӕнӕфхӕрдӕй ма ныууадз+, уымӕн ӕмӕ ды зондджын+ адӕймаг дӕ ӕмӕ зоныс, цы йын бакӕнын хъӕуы, уый. Йӕ урс сӕр+ ын ингӕнмӕ тугамӕстӕй барвит»+.
10 Уый фӕстӕ Давид йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ Давиды горӕты бавӕрдтой+. 11 Давид Израилӕн паддзах уыди цыппор азы+. Авд азы+ хицауиуӕг кодта Хевроны+, ӕртын ӕртӕ азы та – Иерусалимы+.
12 Ӕмӕ Соломон ӕрбадт йӕ фыд Давиды паддзахбадӕныл+, ӕмӕ йӕ паддзахы бартӕ фидарӕй-фидардӕр кодтой+.
13 Иуцасдӕры фӕстӕ Аггифӕйы фырт Адони ӕрбацыди Вирсавимӕ+, Соломоны мадмӕ. Ӕмӕ йӕ уый бафарста: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ?»+ «Фарнимӕ»,– дзуапп ын радта Адони. 14 Стӕй загъта: «Демӕ мӕ ныхасаг ис». Вирсави йын загъта: «Дзур, хъусын дӕм»+. 15 Ӕмӕ Адони йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, паддзахы бартӕ мӕн кӕй хъуамӕ уыдаиккой ӕмӕ ӕгас Израилы дӕр кӕй фӕндыди, цӕмӕй ӕз суыдаин сӕ паддзах+. Фӕлӕ уавӕр фӕивта, ӕмӕ мӕ бӕсты ме ’фсымӕр сси паддзах, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы афтӕ фӕндыд+. 16 Ӕмӕ дӕ ныр иу хъуыддаг курӕг дӕн, „нӕ“ мын ма зӕгъ»+. «Зӕгъ ӕй»,– загъта йын Вирсави. 17 Уӕд ын Адони загъта: «Курӕг дӕ дӕн, паддзах Соломонӕн зӕгъ, цӕмӕй мын сунемаг+ Ависагӕйы+ усӕн радта. Дӕуӕн „нӕ“ нӕ зӕгъдзӕн». 18 Вирсави йын загъта: «Хорз, аныхас кӕндзынӕн дӕу тыххӕй паддзахимӕ».
19 Ӕмӕ Вирсави паддзах Соломонмӕ бацыд, цӕмӕй йемӕ Адонийы тыххӕй аныхас кодтаид+. Паддзах ын уайтагъд сыстад+ ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй акуывта+. Стӕй йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадт ӕмӕ загъта, цӕмӕй паддзахы мадӕн дӕр бадӕн ӕрбахӕссой ӕмӕ паддзахы рахиз фарс ӕрбада+. 20 Ӕмӕ йын Вирсави загъта: «Иу гыццыл хъуыддаг дӕ курын, ӕмӕ мын „нӕ“ ма зӕгъ». Паддзах ын загъта: «Зӕгъ ӕй, мӕ мад. Сӕххӕст дын кӕндзынӕн дӕ курдиат». 21 Ӕмӕ йын Вирсави загъта: «Сунемаг Ависагӕйы де ’фсымӕр Адонийӕн усӕн ратт». 22 Паддзах Соломон йӕ мадӕн загъта: «Ӕмӕ Адонийӕн сунемаг Ависагӕйы цӕмӕн курыс? Ӕххӕст ын паддзахад дӕр ракур+, уымӕн ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр у+,– ракур уымӕн дӕр, стӕй сауджын Авиафарӕн+ дӕр ӕмӕ Саруйӕйы фырт+ Иоавӕн+ дӕр».
23 Ӕмӕ паддзах Соломон Йегъовӕйӕ расомы кодта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, кӕд Адони уыцы ныхасӕй йӕхӕдӕг йӕхи нӕ бабын кодта+. 24 Сомы дын кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ+, мӕ бартӕ мын чи ӕрфидар кодта+, мӕ фыд Давиды паддзахбадӕныл мӕ чи ӕрбадын кодта+ ӕмӕ мын мӕ хӕдзар чи сфидар кодта+, уымӕй: тӕккӕ абон Адони йӕ мӕлӕт ссардзӕн»+. 25 Ӕмӕ паддзах Соломон уайтагъд Иодайы фырт Ванейӕйы+ арвыста, ӕмӕ уый Адонийы амардта+.
26 Сауджын Авиафарӕн+ та паддзах загъта: «Дӕхи айс Анафофмӕ+, дӕ быдыртӕм! Ды мӕлӕты аккаг дӕ+, фӕлӕ дӕ абон нӕ амардзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды мӕ фыд Давиды разӕй+ хастай Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕмӕ мӕ фыд фыдӕбӕттӕ куы ’взӕрста, уӕд ды дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, йемӕ фыдӕбӕттӕ ӕвзӕрстай»+. 27 Ӕмӕ Соломон Авиафары нал бауагъта, цӕмӕй Йегъовӕйы сауджынӕй лӕггад кодтаид. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст, Йегъовӕ Силомы+ Илийы+ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загъта, уый.
28 Уыцы хабар Иоавы+ хъустыл куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕйы цатырмӕ балыгъд+ ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатыл фидар ныххӕцыд+, – Иоав дӕр Адонийы фарс слӕууыд+, кӕд Авессаломы фарс не слӕууыд+, уӕддӕр. 29 Паддзах Соломонӕн фӕхабар кодтой, Иоав, дам, Йегъовӕйы цатырмӕ балыгъд ӕмӕ ныр уым нывондхӕссӕны раз ис, зӕгъгӕ. Уӕд Соломон Иодайы фырт Ванейӕйӕн загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ амар!»+ 30 Ванейӕ Йегъовӕйы цатырмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Паддзах афтӕ зӕгъы, ӕддӕмӕ рацу, зӕгъгӕ». Фӕлӕ Иоав загъта: «Нӕ рацӕудзынӕн! Ам+ хъуамӕ амӕлон». Ванейӕ паддзахмӕ арвыста, Иоав афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ. 31 Уӕд ын паддзах загъта: «Гъемӕ, куыд загъта, афтӕ йын бакӕн – амар ӕй. Стӕй-иу ӕй бавӕр ӕмӕ, Иоав цы ӕнаххос туг ныккалдта+, уымӕй мӕн ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар ссыгъдӕг кӕн+. 32 Йегъовӕ йын йӕ туг йӕхицӕй райсдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый амардта дыууӕ лӕджы, йӕхицӕй растдӕр ӕмӕ хуыздӕр чи уыд, уыдоны+ – хъамайӕ амардта Израилы ӕфсады хистӕр+ Авениры+, Ниры фырты, ӕмӕ Иудӕйы ӕфсады хистӕр+ Амессайы+, Йеферы фырты, мӕ фыд Давид та уый тыххӕй ницы зыдта+. 33 Сӕ туг ӕнустӕм дӕр уыдзӕн Иоавыл ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл+. Давид+ ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ, йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ паддзахбадӕн та ӕнустӕм хайджын уыдзысты Йегъовӕйы фарнӕй»+. 34 Уӕд Иодайы фырт Ванейӕ ацыд+ ӕмӕ йӕ амардта+. Иоавы бавӕрдтой йӕ хӕдзары фарсмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры. 35 Ӕмӕ йын паддзах йӕ бӕсты+ ӕфсады сӕргъы сӕвӕрдта Иодайы фырт Ванейӕйы+. Сауджын Садокы та сӕвӕрдта Авиафары бӕсты+.
36 Фӕстагмӕ паддзах арвыста Шимеймӕ+ ӕмӕ йын загъта: «Иерусалимы дӕхицӕн хӕдзар сараз ӕмӕ ам цӕр, ӕмӕ ардыгӕй дӕ къах макуыдӕм авӕр. 37 Зон ӕй, ардыгӕй цы бон ацӕуай ӕмӕ Кедроны дӕлвӕзыл+ цы бон ахизай, уыцы бон амӕлдзынӕ+. Ӕмӕ дӕ туг уыдзӕн дӕхиуыл»+. 38 Шимей паддзахӕн загъта: «Хорз. Мӕ буц хицау, паддзах куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзӕн дӕ цагъар». Ӕмӕ Шимей Иерусалимы дзӕвгар фӕцард.
39 Фӕлӕ ӕртӕ азы фӕстӕ Шимейӕн йӕ дыууӕ цагъары+ алыгъдысты Гефы паддзахмӕ, Маахӕйы фырт+ Анхусмӕ+, ӕмӕ Шимейӕн фӕхабар кодтой, дӕ цагъартӕ, дам, Гефы сты. 40 Шимей уайтагъд сыстад, хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ цагъарты агурӕг араст Анхусмӕ, Гефмӕ, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ӕркодта. 41 Уӕд Соломонӕн фӕхабар кодтой: «Шимей Иерусалимӕй Гефмӕ ацыд ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт». 42 Ӕмӕ паддзах Шимеймӕ арвыста ӕмӕ йын загъта+: «Йегъовӕйӕ дӕ нӕ расомы кӕнын кодтон ӕмӕ дӕ нӕ бафӕдзӕхстон+, зӕгъгӕ, зон ӕй, ардыгӕй ӕндӕр искуыдӕм цы бон ацӕуай, уыцы бон амӕлдзынӕ? Ӕмӕ мын ды афтӕ нӕ загътай, хорз, зӕгъгӕ?+ 43 Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕйы раз цы сомы ракодтай+, уый цӕмӕн фӕсайдтай ӕмӕ мын мӕ бардзырды сӕрты цӕмӕн ахызтӕ?»+ 44 Ӕмӕ паддзах Шимейӕн загъта: «Хорз ӕй зоныс, ӕмӕ йӕ хорз зоны дӕ зӕрдӕ, мӕ фыд Давидӕн цы ӕвзӕрдзинад ракодтай, уый+. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ уыцы фыддзинад дӕхи сӕрыл ӕрцӕудзӕн+. 45 Паддзах Соломон та арфӕгонд уӕд+, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн ӕнустӕм фидар лӕууӕд Йегъовӕйы раз»+. 46 Уый фӕстӕ паддзах Иодайы фырт Ванейӕйӕн бардзырд радта, ӕмӕ уый ацыд ӕмӕ Шимейы амардта+.
Ӕмӕ паддзахад ӕрфидар Соломоны къухы+.
3 Соломон бахӕстӕг+ фараонимӕ, Египеты паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта+ ӕмӕ йӕ Давиды горӕты ӕрцӕрын кодта+. Ӕмӕ уым цард, цалынмӕ Соломон йӕхи хӕдзар+, Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ Иерусалимы алыварс къул арӕзт нӕ фӕци, уӕдмӕ+. 2 Уыцы рӕстӕг адӕм нывӕндтӕ хастой кувӕн бынӕтты*+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы номыл хӕдзар арӕзт нӕма уыди+. 3 Соломон уарзта+ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ фыд Давид цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ ӕххӕст кодта+. Ӕрмӕст нывӕндтӕ хаста кувӕн бынӕтты+ ӕмӕ сӕ уым сыгъта.
4 Паддзах ацыд Гаваонмӕ+ нывонд ӕрхӕссынмӕ, уымӕн ӕмӕ сӕйраг кувӕн бынат уым уыди+. Ӕмӕ уым нывондхӕссӕныл судзинаг нывондӕн ӕрхаста иу мин кусӕрттаджы+. 5 Ӕхсӕвы Гаваоны Йегъовӕ Соломонмӕ фыны+ фӕзынд+, ӕмӕ йын Хуыцау загъта: «Зӕгъ, цы дын раттон»+. 6 Соломон ын дзуапп радта: «Ды дӕ лӕггадгӕнӕг Давиды, мӕ фыды, де стыр ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыдтай+, уымӕн ӕмӕ уый дӕ разы цард иузӕрдионӕй*, рӕстӕй+ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. Ӕмӕ йӕ де стыр ӕнувыд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкодтай, радтай йын фырт, цӕмӕй йӕ паддзахбадӕныл ӕрбада, ӕмӕ уый афтӕ у абон+. 7 О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ды дӕ цагъары сӕвӕрдтай паддзахӕй мӕ фыд Давиды бӕсты, фӕлӕ ӕз нырма сывӕллон дӕн+. Ацӕуын дӕр ӕмӕ ӕрбацӕуын дӕр куыд хъӕуы, уый нӕ зонын+. 8 Дӕ цагъар хъуамӕ разамынд дӕтта де ’взӕрст адӕмӕн+ – банымайӕн дӕр ӕмӕ сӕ нымӕц базонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы стыр адӕмӕн+. 9 Уӕдӕ ратт дӕ цагъарӕн коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕна+ ӕмӕ хорз ӕвзӕрӕй иртаса+. Кӕннод ацы фыдзонд* адӕмӕн+ тӕрхон кӕнын кӕй бон бауыдзӕн?»+
10 Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд, Соломон дзы ахӕм хъуыддаг кӕй ракуырдта, уый+. 11 Ӕмӕ йын Хуыцау загъта: «Уый мӕ кӕй ракуырдтай ӕмӕ дӕхицӕн бирӕ цӕрӕнбон, хъӕздыгдзинад+ кӕнӕ де знӕгты удтӕ нӕ, фӕлӕ ӕмбаргӕдзинад кӕй ракуырдтай, цӕмӕй хъуыддӕгтӕ ӕвзарай+, 12 уый тыххӕй дын дӕ курдиат сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ӕз дын ратдзынӕн зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ+. Дӕ размӕ дӕр нӕ уыди дӕу хуызӕн, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕн+. 13 Стӕй ма дын ратдзынӕн, цы мӕ нӕ куырдтай, уый дӕр+ – хъӕздыгдзинад+ ӕмӕ кад, ӕмӕ цалынмӕ цӕрай, уӕдмӕ паддзӕхты ’хсӕн дыккаг дӕу хуызӕн нӕ уыдзӕн+. 14 Ӕмӕ кӕд мӕ фӕндӕгтыл цӕуай, дӕ фыд Давид сыл куыд цыд, афтӕ+, ӕмӕ мын кӕд мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнай+, уӕд дын дӕ царды бонтыл дӕр бафтаудзынӕн»+.
15 Соломон куы райхъал+, уӕд ӕй бамбӕрста, фын кӕй уыди. Уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ӕрцыд, Йегъовӕйы бадзырды чырыны+ раз ӕрлӕууыд ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ ӕрхаста. Стӕй йе ’ппӕт лӕггадгӕнджытӕн дӕр+ куывд скодта+.
16 Иу бон паддзахмӕ ӕрбацыди дыууӕ хӕтаг сылгоймаджы+, ӕмӕ йӕ разы ӕрлӕууыдысты+. 17 Сылгоймӕгтӕй сӕ иу загъта: «Ныххатыр мын кӕн, мӕ буц хицау+. Ацы сылгоймагимӕ цӕрӕм иу хӕдзары, ӕмӕ уыцы хӕдзары ӕз йӕ фарсмӕ сывӕллон ныййардтон. 18 Мӕнӕн сывӕллон куы райгуырд, уый фӕстӕ ӕртыккаг бон ацы сылгоймагӕн дӕр райгуырд лӕппу. Ӕмӕ иумӕ уыдыстӕм, хӕдзары нӕ дыууӕ йеддӕмӕ ӕппындӕр ничи уыд. 19 Ӕхсӕвы ацы сылгоймагӕн йӕ сывӕллон амард – ай фынӕй уыди, афтӕмӕй сывӕллон йӕ быны фӕци. 20 Ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв сыстад ӕмӕ, цалынмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг фынӕй уыди, уӕдмӕ мын мӕ лӕппуйы мӕ цурӕй ахаста ӕмӕ йӕ йӕхи фарсмӕ ӕрӕвӕрдта, йӕ мард сывӕллоны та мын мӕ фарсмӕ ӕрӕвӕрдта. 21 Райсомӕй куы сыстадтӕн, мӕ лӕппуйӕн дзидзи бадарон+, зӕгъгӕ, уӕд разынди мард. Фӕлӕ йӕм дзӕбӕх куы ’ркастӕн, уӕд федтон: уый мӕ лӕппу нӕ уыд, ӕз кӕй ныййардтон, уый нӕ уыди». 22 Фӕлӕ иннӕ сылгоймаг загъта: «Нӕ, удӕгас чи у, уый мӕ сывӕллон у, мард та дӕу у!» Фыццаг та уӕддӕр дзырдта: «Нӕ, мард сывӕллон дӕу у, удӕгас та мӕн у». Ӕмӕ афтӕ паддзахы раз загъд кодтой+.
23 Ӕппынфӕстаг паддзах загъта: «Уӕ иу дзуры: „Уый мӕ лӕппу у удӕгас, дӕ лӕппу та – мард!“ Иннӕ та дзуры: „Нӕ, уый дӕ лӕппу у мард, мӕ лӕппу та – удӕгас!“» 24 Ӕмӕ паддзах загъта+: «Рахӕссут мын хъама». Ӕмӕ йын хъама куы ’рбахастой, 25 уӕд загъта: «Удӕгас сывӕллоны дыууӕ дихы фӕкӕнут, ӕмӕ дзы иу хай иу сылгоймагӕн раттут, иннӕ та – иннӕмӕн». 26 Уӕд, удӕгас сывӕллон кӕй уыди, уыцы сылгоймаг паддзахӕн загъта: «Ныххатыр мын кӕн+, мӕ буц хицау! Удӕгас сывӕллоны ацы сылгоймагӕн раттут. Ӕрмӕст ӕй маргӕ ма акӕнут». Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ хъӕбулы+ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ базмӕлыдысты+. Иннӕ сылгоймаг та дзырдта: «Мадӕр дӕу фӕуӕд, мадӕр – мӕн. Дыууӕ дихы йӕ фӕкӕнут!»+ 27 Уӕд паддзах загъта: «Ма амарут сывӕллоны, иннӕмӕн ӕй раттут. Уый у йӕ мад».
28 Паддзах хъуыддаг куыд равзӕрста+, уый ӕгас Израилыл айхъуыст. Ӕмӕ паддзахӕй тӕрсын райдыдтой+, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы зондӕй+ хайджын кӕй уыд, цӕмӕй тӕрхон кодтаид.
4 Соломон паддзах уыд ӕгас Израилӕн дӕр+. 2 Кънйӕзтӕ+ йӕм уыдысты: Садокы фырт+ Азари, сауджын; 3 Сивӕйы фырттӕ Елихореф ӕмӕ Ахи, писыртӕ+; Ахилуды фырт Иосафат+, азфыссӕг; 4 Иодайы фырт Ванейӕ+, ӕфсады сӕргълӕууӕг+; Садок ӕмӕ Авиафар+, сауджынтӕ; 5 Нафаны+ фырт Азари, бӕстӕйы хицӕутты сӕргъы чи лӕууыд, уый; Нафаны фырт Завуф, сауджын, паддзахы ӕрдхорд+; 6 Ахисар, паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; Авдӕйы фырт Адонирам+, кусджыты сӕргъы чи лӕууыд, уый+.
7 Соломон ӕгас Израилы дӕр сӕвӕрдта бӕстӕйы хицӕуттӕ, уыдысты дыууадӕс. Сӕ хӕс уыди, цӕмӕй сӕ алчидӕр афӕдз иу мӕйы дӕргъы паддзахӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хӕринаг хастаид+. 8 Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Хуры фырт – Ефремы хӕхбӕсты+; 9 Декеры фырт – Макацы, Шаалбимы+, Вефсамисы+ ӕмӕ Елон-Беф-Хананы; 10 Хеседы фырт – Арубофы, йӕ дӕлбар уыдысты Сохо, стӕй Хеферы+ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр; 11 Аминадавы фырт – Доры хӕхты+, уымӕн Соломоны чызг Тафаф сси йӕ ус; 12 Ахилуды фырт Ваанӕ – Фаанахы+, Мегиддойы+ ӕмӕ ӕгас Беф-Саны+, Изреелӕй+ дӕлдӕр, Цартаны+ раз, Беф-Санӕй суанг Авел-Мехолӕ+ ӕмӕ Иокмеамы+ бӕстӕйы онг; 13 Геверы фырт – Рамоф-Галаады+, Галаады+ йӕ дӕлбар уыдысты Манассийы байзӕддаг Иаиры хъӕутӕ+, адӕм цатырты кӕм цардысты, уыцы хъӕутӕ; Васаны+ та йӕ дӕлбар уыд Арговы бӕстӕ+: ӕхсай стыр горӕты къултимӕ ӕмӕ ӕрхуы дуарӕхгӕнӕнтимӕ; 14 Иддойы фырт Ахинадав – Маханаимы+; 15 Ахимаас – Неффалимы+ зӕххыл, уый дӕр ракуырдта Соломоны чызджытӕй иуы, Васемафӕйы+; 16 Хусийы фырт Ваанӕ – Асиры+ зӕххыл ӕмӕ Баалофы; 17 Паруахы фырт Иосафат – Иссахары зӕххыл+; 18 Елӕйы фырт Шимей+ – Вениамины+ зӕххыл; 19 Урийы фырт Гевер – Галаады зӕххыл+, аморейты паддзах+ Сигоны+ зӕххыл ӕмӕ Васаны+ паддзах Огы+ зӕххыл. Бӕстӕйы хицӕуттӕн се ’ппӕты сӕргъы дӕр уыд иу хицау.
20 Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм уыдысты, денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ бирӕ+, ӕмӕ хордтой, нызтой ӕмӕ цин кодтой+.
21 Соломоны дӕлбар уыдысты, Стыр цӕугӕдонӕй*+ суанг филистимӕгты зӕххы онг ӕмӕ Египеты арӕнты онг цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ уыд, уыдон. Цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ йын уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр хъалон фыстой ӕмӕ йын лӕггад кодтой+.
22 Соломоны галуаны-иу хӕринагыл алы бон дӕр ацыд: ӕртын стыр дурыны*+ ӕппӕты хуыздӕр ссад, ӕхсай стыр дурыны ӕнӕуи ссад, 23 дӕс хӕрзхаст галы, дыууын галы та – хизӕнтӕй, сӕдӕ фысы, стӕй ма сагтӕ+, джейрантӕ+, сӕгуыттӕ ӕмӕ нард мӕргътӕ*. 24 Стыр цӕугӕдоны+ ацы фарс, Типсахӕйӕ суанг Газӕйы+ онг, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар уыд,– йӕ дӕлбар уыдысты, Стыр цӕугӕдоны ацы фарс цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон иууылдӕр+. Ӕмӕ йӕ зӕххыл алкӕмдӕр уыди фарн+. 25 Цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ Иудӕ+ ӕмӕ Израилы адӕм, Данӕй суанг Вирсавийы онг+, цардысты ӕдасӕй+, алчидӕр – йӕхи сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын+.
26 Соломоны бӕхдӕтты уыд цыппар мин бынаты+, йӕ бӕхуӕрдӕтты-иу+ кӕй баифтыгътой, уыцы бӕхтӕн. Дыууадӕс мины та йӕм барджытӕ уыди.
27 Соломон йӕ бӕстӕйы хицӕуттӕй+ кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕй алчидӕр, йӕ рад-иу куы уыд, уыцы мӕй паддзахӕн ӕмӕ, йӕ фынгыл чи бадт, уыдонӕн хаста хӕринаг. Ӕмӕ паддзахы фынг цух ницӕмӕй уагътой. 28 Уыдон ма ифтындзгӕ бӕхтӕн+ ӕмӕ иннӕ бӕхтӕн дӕр ластой хъӕбӕрхор ӕмӕ хъӕмп, кӕмдӕриддӕр хъуыди, уырдӕм. Алчидӕр сӕ ласта, цы йын бахӕс кодтой, уый+.
29 Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта стыр зонд+ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+, радта йын арфуынӕг зӕрдӕ+, ӕмӕ йӕ арфуынындзинад уыд денджызы был змисау ӕнӕкӕрон+. 30 Ӕгас Скӕсӕны цӕрджыты зонд+ ӕмӕ ӕгас Египеты зонд дӕр+ ницы уыд Соломоны зонды раз+. 31 Соломонӕй зондджындӕр адӕймаг нӕ уыд. Уый зондджындӕр уыд Зарайы фырт Ефанӕй+, стӕй Махолы фырттӕй дӕр – Еманӕй+, Халколӕй+ ӕмӕ Дардӕйӕ. Ӕмӕ сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цард, уыдоныл йӕ кад айхъуыст+. 32 Соломон радзырдта ӕртӕ мин ӕмбисонды+ ӕмӕ ныффыста иу мин фондз зарӕджы+. 33 Соломон дзырдта бӕлӕсты тыххӕй – Ливаны+ чи зайы, уыцы кедртӕй райдай ӕмӕ, къулыл чи схилы, уыцы иссопӕй+ фӕу. Дзырдта ма сырдтӕ+ ӕмӕ мӕргъты+ тыххӕй, стӕй ӕндӕр цӕрӕгойты+ тыххӕй ӕмӕ кӕсӕгты+ тыххӕй дӕр. 34 Ӕмӕ Соломоны зондмӕ байхъусынмӕ цыдысты алы адӕмтӕй дӕр+, ӕгас зӕххы паддзӕхтӕй дӕр,– йӕ зонды тыххӕй-иу чидӕриддӕр фехъуыста, уыдон+.
5 Тиры паддзах+ Хирам+ уый куы фехъуыста, ӕмӕ Соломоны йӕ фыды бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой*, уӕд ӕм йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста+, уымӕн ӕмӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Хирам уыд Давиды ӕмбал+. 2 Ӕмӕ уӕд Соломон дӕр Хираммӕ арвыста ахӕм ныхас+: 3 «Ды зоныс, мӕ фыд Давидӕн йӕ бон кӕй нӕ уыд йӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл хӕдзар саразын, уымӕн ӕмӕ, йӕ алыварс цы знӕгтӕ уыд, уыдонимӕ хӕцыд+. Фӕлӕ йын сӕ ӕппынфӕстаг Йегъовӕ йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдта. 4 Ныр мын мӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕнцойдзинад радта, фервӕзын мӕ кодта, мӕ алыварс цы знӕгтӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+. Мӕ ныхмӕ ничиуал цӕуы, ӕвзӕр хабӕрттӕн сӕ кой дӕр нал ис+. 5 Ӕмӕ ныр мӕ зӕрды ис мӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл хӕдзар саразын+, Йегъовӕ мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, зӕгъгӕ: „Мӕ номыл хӕдзар сараздзӕн дӕ фырт, дӕ паддзахбадӕныл дӕ бӕсты кӕй ӕрбадын кӕнон, уый“+. 6 Уӕдӕ зӕгъ дӕ лӕггадгӕнджытӕн, цӕмӕй мын Ливаны хъӕды кедрбӕлӕстӕ акалой+. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ кусдзысты дӕ лӕггадгӕнджытимӕ, ӕмӕ мын цас зӕгъай, уыйбӕрц дын бафиддзынӕн дӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Куы йӕ зоныс, бӕлӕстӕ калынмӕ сидойнӕгтӕ куыд арӕхсынц, афтӕ махӕй ничи арӕхсы»+.
7 Хирам+ Соломоны ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд тынг бацин кодта ӕмӕ загъта: «Табу+ Йегъовӕйӕн, Давидӕн зондджын фырт кӕй радта+, цӕмӕй уыцы стыр адӕмӕн разамынд дӕтта!»+ 8 Ӕмӕ Хирам Соломонмӕ арвыста ахӕм ныхас: «Цы ныхас мӕм рарвыстай, уый мӕм фӕхӕццӕ. Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн – ратдзынӕн дын кедрбӕласы ӕмӕ ӕхсӕлыбӕласы+ хъӕдтӕ. 9 Мӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ Ливанӕй+ денджызмӕ фӕхӕццӕ кӕндзысты. Ӕз та сӕ сбӕтдзынӕн ӕмӕ дын сӕ денджызыл ӕруадздзынӕн, кӕдӕм мын зӕгъай, уырдӕм+. Уым дын сӕ райхалдзынӕн ӕмӕ сӕ ды уырдыгӕй аласдзынӕ. Ӕмӕ мын ды дӕр сӕххӕст кӕн мӕ курдиат: мӕ хӕдзаронтӕн мын хойраг ӕрвит»+.
10 Ӕмӕ Хирам Соломонӕн ӕрвыста кедрбӕласы ӕмӕ ӕхсӕлыбӕласы хъӕдтӕ, Соломон ын куыд загъта, афтӕ. 11 Соломон та Хирамы хӕдзаронтӕн ӕрвыста дыууын мин стыр дурыны*+ мӕнӕу ӕмӕ дыууын стыр дурыны та сыгъдӕг+ сой. Уыйбӕрц ын ӕрвыста алы аз дӕр+. 12 Йегъовӕ Соломонӕн радта зонд, зӕрдӕ йын куыд бавӕрдта+, афтӕ. Хирам ӕмӕ Соломоны ’хсӕн хӕст никуы уыд, уыдон сӕ кӕрӕдзиимӕ скодтой бадзырд.
13 Паддзах Соломон ӕгас Израилӕй дӕр ӕркодта кусджытӕ+ – ӕртын мин адӕймаджы. 14 Ӕмӕ сӕ радгай ӕрвыста Ливанмӕ – алы мӕй дӕр дӕс мины. Иу мӕй-иу уыдысты Ливаны, дыууӕ мӕйы та – хӕдзары+. Уыцы кусджыты сӕргъы лӕууыд+ Адонирам+. 15 Соломонмӕ ӕвдай мин адӕймаджы уыдысты+ уаргъхӕсджытӕ+, ӕстай мины та – хӕхты+ дур чи саста+, ахӕм кусджытӕ. 16 Уымӕй уӕлдай ма Соломонӕн уыд, алы куыстыты сӕргъы кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ кусджытӕм йӕ хъус чи дардта, ахӕм хицӕуттӕ+: ӕртӕ мин ӕртӕсӕдӕ цӕстдарӕджы+. 17 Паддзах сын бахӕс кодта стыр, зынаргъ дуртӕ къахын+, цӕмӕй хӕдзарӕн бындур+ лӕгъзгонд дуртӕй+ ӕрӕвӕрдтаиккой. 18 Соломоны аразджытӕ ӕмӕ Хирамы аразджытӕ, стӕй гевалӕгтӕ+ кодтой дур сӕттыны куыст ӕмӕ хӕдзар аразынӕн хъӕд ӕмӕ дур цӕттӕ кодтой.
6 Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты+, уымӕй цыппарсӕдӕ ӕстай азы фӕстӕ, Соломон Израилӕн паддзах куы сси, уымӕй цыппӕрӕм аз+, зивы мӕйы+, ома дыккаг мӕйы+, Соломон райдыдта Йегъовӕйы хӕдзар аразын+. 2 Паддзах Соломон Йегъовӕйӕн цы хӕдзар сарӕзта+, уымӕн йӕ дӕргъ уыд ӕхсай ӕлмӕрины*+, йӕ уӕрх – дыууын ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины+. 3 Хӕдзары сӕйраг уаты* разӕй цы мӕсыг+ уыд, уымӕн йӕ дӕргъ уыд дыууын ӕлмӕрины, хӕдзарӕн йӕ уӕрх цас уыди, уыйас. Хӕдзарӕн разырдыгӕй цы мӕсыг уыди, уымӕн йӕ уӕрх та уыд дӕс ӕлмӕрины.
4 Соломон хӕдзарӕн скодта, сӕ фӕлгӕттӕ ӕддӕрдыгӕй нарӕгдӕр кӕмӕн уыдысты, ахӕм рудзгуытӕ+. 5 Уый фӕстӕ хӕдзары къулмӕ ӕддӕрдыгӕй бафтыдта ноджыдӕр иу агъуыст. Уыцы агъуыст цыди хӕдзары алыварс, сӕйраг уат ӕмӕ рӕбинаг уаты алыварс+, ӕмӕ дзы кӕрӕй-кӕронмӕ скодта уӕттӕ+. 6 Уыцы уӕтты бинаг уӕладзыгӕн йӕ уӕрх уыди фондз ӕлмӕрины, дыккаг уӕладзыгӕн – ӕхсӕз ӕлмӕрины, ӕртыккаг уӕладзыгӕн та – авд ӕлмӕрины. Афтӕ уымӕн уыд, ӕмӕ хӕдзары алыварс къулыл ӕддӕрдыгӕй скодта къӕпхӕнгӕндтӕ+, цӕмӕй хӕдзары къултӕн сӕхиуыл мацы хъуыдаид фидар кӕнын+.
7 Хӕдзар арӕзт цыди, дурсӕттӕнты-иу кӕй слӕгъз кодтой, ахӕм дуртӕй+. Ӕмӕ хӕдзар+ куы арӕзтой, уӕд дзы нӕдӕр дзӕбуджы хъӕр хъуысти, нӕдӕр фӕрӕты, нӕдӕр ӕндӕр ӕфсӕйнаг кусӕнгарзы хъӕр. 8 Хӕдзары алыварс цы уӕттӕ уыди, уыдонӕй бинаг уӕладзыгмӕ бахизӕн+ уыд хӕдзарӕн рахизырдыгӕй. Уырдыгӕй тымбыл асиныл схизӕн уыд дыккаг уӕладзыгмӕ ӕмӕ дыккаг уӕладзыгӕй та – ӕртыккагмӕ. 9 Соломон хӕдзар дарддӕр арӕзта, цӕмӕй ма дзы аразинаг цы уыди, уый дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид+. Царӕн хъӕдтӕ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ кедрбӕласы фӕйнӕджытӕй бамбӕрзта+. 10 Хӕдзары алыварс кӕрӕй-кӕронмӕ скодта уӕттӕ+, сӕ бӕрзӕнд уыд фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ хӕдзаримӕ фидаргонд уыдысты кедрбӕласы хъӕдтӕй+.
11 Уӕд Йегъовӕ Соломонӕн+ загъта+: 12 «Кӕд мын мӕ закъӕттӕ+ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнай+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрай+, уӕд ӕз дӕр сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕу тыххӕй ӕмӕ, цы хӕдзар аразыс, уый тыххӕй дӕ фыд Давидӕн цы загътон, уый+. 13 Ӕз цӕрдзынӕн Израилы фыртты ’хсӕн+ ӕмӕ нӕ ныууадздзынӕн мӕ адӕмы, Израилы»+.
14 Ӕмӕ Соломон хӕдзар дарддӕр арӕзта, цӕмӕй ма дзы аразинаг цы уыд, уый дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид+. 15 Хӕдзары къултӕ мидӕгӕй скодта кедрбӕласы фӕйнӕджытӕй. Пъолӕй цары хъайванты онг хӕдзар ӕгасӕй дӕр бамбӕрзта хъӕдӕй ӕмӕ пъол дӕр бамбӕрзта ӕхсӕлыбӕласы фӕйнӕджытӕй+. 16 Стӕй хӕдзары рӕбынӕй дыууын ӕлмӕрины абарста ӕмӕ уыцы хай иннӕ хайӕ, пъолӕй цары хъайванты онг, ахицӕн кодта кедрбӕласы фӕйнӕджытӕй. Ӕмӕ хӕдзары мидӕг скодта рӕбинаг+ уат – Ӕппӕты сыгъдӕг бынат+. 17 Хӕдзар,– ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты размӕ чи уыд, уыцы сӕйраг уат+,– уыди цыппор ӕлмӕрины+. 18 Хӕдзары кедрӕй ӕмбӕрзт къултыл уыд хъӕддаг харбызы+ хуызӕн нывӕфтыдтӕ ӕмӕ рӕхысбыд дидинджыты нывӕфтыдтӕ+. Иууылдӕр ӕмбӕрзт уыд кедрӕй, дур дзы никӕцӕй зынди.
19 Хӕдзары мидӕг скодта рӕбинаг+ уат, цӕмӕй дзы Йегъовӕйы бадзырды+ чырын+ сӕвӕрдтаид. 20 Рӕбинаг уатӕн йӕ дӕргъ уыд дыууын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр – дыууын ӕлмӕрины+ ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – дыууын ӕлмӕрины. Ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕй бамбӕрзта сыгъдӕг сызгъӕринӕй+, нывондхӕссӕн+ та бамбӕрзта кедрӕй. 21 Соломон хӕдзар мидӕгӕй бамбӕрзта+ сыгъдӕг сызгъӕринӕй+, рӕбинаг уаты раз та айвӕзта сызгъӕрин рӕхыс+. Ӕмӕ рӕбинаг уат+ дӕр бамбӕрзта сызгъӕринӕй. 22 Соломон хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр бамбӕрзта сызгъӕринӕй+. Рӕбинаг уаты раз цы нывондхӕссӕн+ уыд, уый дӕр сызгъӕринӕй бамбӕрзта+.
23 Стӕй рӕбинаг уаты, сой чи дӕтты, ахӕм бӕласӕй скодта дыууӕ херувимы+, алкӕцыйӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыд дӕс ӕлмӕрины+. 24 Херувимы базыртӕй иу дӕр уыд фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ иннӕ дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ иу базыры кӕронӕй иннӕ базыры кӕронмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины+. 25 Иннӕ херувим дӕр уыд дӕс ӕлмӕрины. Иу херувим цӕйас уыд, уыйас уыд иннӕ дӕр ӕмӕ уыдысты иухуызон. 26 Херувимтӕй иуӕн йӕ бӕрзӕнд уыд дӕс ӕлмӕрины, ӕмӕ уыйас уыд иннӕ херувим дӕр. 27 Херувимты сӕвӕрдта хӕдзары мидӕггаг уаты. Сӕ базыртӕ уыдысты фӕйнӕрдӕм. Херувимтӕй+ иуы базыр ӕндзӕвыд иу къулыл, иннӕйы базыр та – иннӕ къулыл. Сӕ иннӕ базыртӕ та хӕдзары астӕу ӕндзӕвыдысты кӕрӕдзийыл+. 28 Ӕмӕ херувимтыл дӕр сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
29 Хӕдзары къултыл алырдыгӕй дӕр, рӕбинаг уаты дӕр ӕмӕ ӕддаг уаты дӕр, скодта херувимты+, пальмӕбӕлӕсты+ ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ+. 30 Хӕдзарӕн йӕ пъол+ рӕбинаг уаты дӕр ӕмӕ ӕддаг уаты дӕр бамбӕрзта сызгъӕринӕй. 31 Рӕбинаг уатмӕ бахизӕны сойбӕласӕй+ скодта дуӕрттӕ+: фӕрсырдыгӕй цӕджындзтӕ, дуары тарвӕзтӕ ӕмӕ фӕндзӕм хай. 32 Дыууӕ дуары дӕр уыдысты сойбӕласӕй ӕмӕ сыл скодта херувимты, пальмӕбӕлӕсты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ, стӕй сӕ сызгъӕринӕй бамбӕрзта. Херувимты ӕмӕ пальмӕбӕлӕсты нывтыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта. 33 Раст афтӕ скодта сӕйраг уатмӕ бахизӕн дӕр. Дуары тарвӕзтӕ скодта сойбӕласӕй, уыдысты цыппӕрдигъон. 34 Дыууӕ дуары та скодта ӕхсӕлыбӕласӕй+. Иу дуары дыууӕ хайы дӕр зылдысты ӕвдузӕнтыл, ӕмӕ иннӕ дуары дыууӕ хайы дӕр зылдысты ӕвдузӕнтыл+. 35 Ӕмӕ сыл скодта херувимты, пальмӕбӕлӕсты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ, стӕй уыцы нывтыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
36 Стӕй скодта мидӕггаг+ кӕрт, йӕ алыварс ын самадта къул: ӕртӕ рӕнхъы+ дзы ауагъта лӕгъзгонд дуртӕ, иу рӕнхъ та – кедрбӕласы хъӕдтӕ.
37 Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ бындур ӕвӕрд ӕрцыд+ цыппӕрӕм аз, зивы мӕйы+. 38 Ӕмӕ арӕзт та фӕци иуӕндӕсӕм аз, булы мӕйы, ома ӕстӕм мӕйы+. Пъланмӕ гӕсгӕ дзы цыдӕриддӕр хъуыд саразын, ӕппӕт дӕр уӕдмӕ ӕрцыд арӕзт+. Арӕзта йӕ авд азы.
7 Йӕхи хӕдзар та Соломон арӕзта ӕртындӕс азы+ ӕмӕ йӕ иууылдӕр арӕзт фӕци+.
2 Стӕй ма сарӕзта ӕндӕр хӕдзар дӕр, схуыдтой йӕ Ливаны хъӕд+. Йӕ дӕргъ уыди сӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины. Хӕдзар лӕууыд цыппар рӕнхъӕй ӕвӕрд кедрбӕласы цӕджындзтыл, цӕджындзтыл+ та ӕвӕрд уыд кедрбӕласы хъӕдтӕ. 3 Хӕдзарӕн мидӕгӕй йӕ къултӕ, цыппор фондз цӕджындзыл ӕвӕрд хъӕдтӕй уӕлӕмӕ, ӕмбӕрзт уыдысты кедрбӕласы+ фӕйнӕджытӕй. Иу рӕнхъы дзы уыд фынддӕс*. 4 Ӕртӕ рӕнхъы та дзы уыд рудзгуытӕ фӕлгӕттимӕ+: рудзынг рудзынджы акомкоммӕ, ӕмӕ афтӕ – ӕртӕ рӕнхъы дӕр. 5 Бахизӕнтӕ ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ иууылдӕр уыдысты цыппӕрдигъон+. Ӕртӕ рӕнхъӕй дзы кӕрӕдзийы акомкоммӕ цы рудзгуытӕ уыд, уыдон дӕр ӕддӕрдыгӕй уыдысты цыппӕрдигъон.
6 Сарӕзта ма Цӕджындзты тыргъ дӕр. Йӕ дӕргъ уыди фӕндзай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – ӕртын ӕлмӕрины. Уыцы тыргъы цӕджындзты разӕй ма уыд ноджыдӕр иу тыргъ, уый дӕр лӕууыд цӕджындзтыл, йӕ сӕр та уыд гыццыл размӕгомау.
7 Сарӕзта ма тӕрхоны тыргъ+ дӕр, тӕрхон кӕм кодта, уыцы бынат, ӕмӕ йӕ схуыдтой Паддзахбадӕны тыргъ+. Уыцы тыргъ пъолӕй цары хъайванты онг бамбӕрзтой кедрӕй+.
8 Кӕм хъуамӕ цардаид, уыцы хӕдзар та уыд ӕндӕр кӕрты+, Паддзахбадӕны тыргъ кӕм уыд, уырдыгӕй фалдӕр, ӕмӕ уый дӕр уыд афтӕ арӕзт. Соломон ма уыцы Тыргъы хуызӕн хӕдзар сарӕзта фараоны чызгӕн+ дӕр, йӕ усӕн.
9 Уыцы агъуыстытӕ иууылдӕр – бындурӕй суанг сӕрмӕ ӕмӕ ӕддаг фарсӕй суанг стыр кӕрты онг – арӕзт уыдысты тынг зынаргъ+ дуртӕй. Уыцы дуртӕ алырдыгӕй дӕр хырхӕй алыг кодтой, цӕйас хъуамӕ уыдаиккой, уымӕ гӕсгӕ+. 10 Уыцы агъуыстытӕн сӕ бындуры нывӕрдтой стыр зынаргъ дуртӕ, иутӕ дзы уыдысты дӕс ӕлмӕрины, иннӕтӕ та – аст ӕлмӕрины. 11 Уыцы дурты сӕрыл дӕр уыди зынаргъ дуртӕ ӕмӕ ма кедрбӕласы хъӕдтӕ. Дуртӕ алыг кодтой, цӕйас хъуамӕ уыдаиккой, уымӕ гӕсгӕ. 12 Стыр кӕрты алыварс уыд къул: ӕртӕ рӕнхъы+ – лӕгъзгонд дуртӕй, иу рӕнхъ та – кедрбӕласы хъӕдтӕй. Ахӕм къул уыд, Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ хӕдзары мӕсыг+ кӕм уыдысты, уыцы мидӕггаг+ кӕрты алыварс дӕр.
13 Паддзах Соломон Тирмӕ арвыста, цӕмӕй йын уырдыгӕй Хирамы+ ӕркодтаиккой. 14 Хирам уыди Неффалимы мыггагӕй иу идӕдз сылгоймаджы фырт. Йӕ фыд та уыд тираг+, ӕрхуыйы куыстгӕнӕг+. Хирам хайджын уыд зондӕй, ӕмбаргӕдзинадӕй+ ӕмӕ зонындзинӕдтӕй, ӕмӕ ӕрхуыйӕ цыфӕнды дӕр йӕ бон уыд саразын. Хирам ӕрцыд паддзах Соломонмӕ ӕмӕ йӕ куыст кӕнын райдыдта.
15 Хирам ӕрхуы бадон кодта+ ӕмӕ дзы скодта дыууӕ цӕджындзы, иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыд ӕстдӕс ӕлмӕрины, ӕмӕ уыдысты дыууадӕс ӕлмӕрины стӕвдӕн, барӕн бӕттӕнӕй баргӕйӕ+. 16 Стӕй та ӕрхуы бадон кодта ӕмӕ дзы уыцы цӕджындзтӕн скодта дыууӕ сӕры, цӕмӕй сыл сӕ уӕлейӕ сӕвӕрдтаид+. Уыцы сӕртӕн, иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр, сӕ бӕрзӕнд уыд фондз ӕлмӕрины. 17 Цӕджындзтыл цы сӕртӕ уыди+, уыдоныл рӕсугъдӕн уыд рӕхыстӕй быд хызтӕ+: авд хызы уыд иу сӕрыл, авд хызы та – иннӕйыл. 18 Стӕй, цӕджындзты сӕртыл цы хызтӕ уыд, уыдоныл кӕрӕй-кӕронмӕ скодта дыууӕ рӕнхъы гранаттӕ, сӕртӕ срӕсугъд кӕнынӕн. Афтӕ сарӕзта дыууӕ сӕрыл дӕр+. 19 Мӕсыджы раз цы цӕджындзтӕ уыд, уыдоны сӕртӕ конд уыдысты лилийы хуызӕн+, лилиты бӕрзӕнд уыди цыппар ӕлмӕрины. 20 Уыцы сӕртӕ ӕвӕрд уыдысты дыууӕ цӕджындзыл, рӕбынӕй уыдысты фӕтӕндӕр ӕмӕ сыл уыд хызтӕ. Алы сӕрыл дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ рӕнхъытӕй ӕвӕрд уыд дыууӕсӕдӕ гранаты+.
21 Цӕджындзтӕ+ сӕвӕрдта кувӕндоны мӕсыджы+ раз. Иу цӕджындз дзы сӕвӕрдта рахизырдыгӕй ӕмӕ йӕ схуыдта Иахин*, иннӕ цӕджындз та сӕвӕрдта галиуырдыгӕй ӕмӕ йӕ схуыдта Вооз*. 22 Цӕджындзты сӕртӕ конд уыдысты лилиты хуызӕн. Уыйадыл цӕджындзтӕ конд фесты.
23 Уый фӕстӕ ӕрхуы бадон кодта ӕмӕ дзы скодта стыр тымбыл аг, хуынди ӕрхуы денджыз+. Йӕ иу былӕй иннӕ былмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та уыд фондз ӕлмӕрины. Йӕ фӕрстӕ, барӕн бӕттӕнӕй баргӕйӕ, кӕрӕй-кӕронмӕ уыдысты ӕртын ӕлмӕрины+. 24 Ӕрхуы денджызыл йӕ былтӕй гыццыл дӕлдӕр кӕрӕй-кӕронмӕ дыууӕ рӕнхъӕй скодта хъӕддаг харбызы+ нывтӕ+, алы ӕлмӕриныл дӕр – фӕйнӕ дӕс+. Уыдон хицӕнӕй конд нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕрхуы денджызимӕ уыдысты иумӕ конд. 25 Денджыз ӕвӕрд уыди дыууадӕс галыл+: ӕртӕ дзы кастысты цӕгатырдӕм, ӕртӕ – ныгуылӕнырдӕм, ӕртӕ – хуссарырдӕм, ӕртӕ та – скӕсӕнырдӕм. Ӕрхуы денджыз лӕууыд уыдоныл, алкӕцыйӕн дӕр дзы йӕ чъылдым здӕхт уыд денджызӕн йӕ астӕуы ’рдӕм+. 26 Йӕ фӕрстӕ уыдысты армы бӕзджынӕн+, йӕ былтӕ та конд уыдысты, къусы былтӕ куыд конд вӕййынц, афтӕ, лилийы дидинӕджы хуызӕн+. Ӕрхуы денджызы-иу уыди+ дыууӕ мин дурыны* дон+.
27 Стӕй та ӕрхуыйӕ скодта дӕс уӕрдоны+. Алкӕцыйӕн дӕр дзы йӕ дӕргъ уыд цыппар ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр – цыппар ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртӕ ӕлмӕрины. 28 Уыцы уӕрдӕттӕ уыдысты афтӕ конд: уыди сын фӕрстӕ, ӕмӕ сӕ фӕрстӕ уыдысты фӕлгӕтты ӕвӕрд. 29 Фӕрстыл дӕр ӕмӕ фӕлгӕттыл дӕр уыди домбӕйттӕ+, галтӕ+ ӕмӕ херувимтӕ+. Домбӕйттӕн ӕмӕ галтӕн та сӕ сӕрмӕ дӕр ӕмӕ сӕ бынмӕ дӕр уыди рӕхысбыдтӕ+, цыма ауыгъд сты, афтӕ. 30 Алы уӕрдонӕн дӕр уыд цыппар ӕрхуы цалхы ӕмӕ конд уыдысты ӕрхуы сӕмӕнтыл. Сӕмӕнтӕ та фидаргонд уыдысты, уӕрдоны тигътыл чи уыд, уыцы быцӕутыл. Быцӕутӕ уыдысты агӕй бындӕр, конд уыдысты рӕхысбыдтимӕ иумӕ ӕмӕ сӕ уыцы рӕхысбыдтӕ кӕрӕдзиимӕ иу кодтой. 31 Уӕрдоны дзых, мидӕгӕй быцӕуты онг ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ уыд...* ӕлмӕрины. Йӕ дзых уыди тымбыл, йӕ бынӕвӕрӕн уыд иу ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ ууыл дӕр уыди нывӕфтыдтӕ. Фӕрстӕ та тымбыл нӕ уыдысты, фӕлӕ цыппӕрдигъон. 32 Цыппар цалхы уыдысты фӕрсты бын, цӕлхытӕ цӕуыл хӕцыдысты, уыдон дӕр уыдысты уӕрдоны бын. Алы цалхӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыд иу ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 33 Уыцы цӕлхытӕ конд уыдысты, бӕхуӕрдоны цӕлхытӕ куыд конд вӕййынц, афтӕ+. Сӕ фидаргӕнӕнтӕ, сӕ чъилтӕ*, сӕ дӕндӕгтӕ* ӕмӕ сын сӕ мӕсчъытӕ* скодтой иумӕ, ӕрхуы бадон кодтой, афтӕмӕй. 34 Алы уӕрдонӕн дӕр йӕ цыппар тигъыл уыди цыппар быцӕуы ӕмӕ уӕрдонимӕ уыдысты иу. 35 Уӕрдоныл уӕлейӕ уыд, йӕ бӕрзӕнд ӕлмӕрины ӕрдӕг кӕмӕн уыд, ахӕм тымбыл бынӕвӕрӕн. Йӕ фидаргӕнӕнтӕ ӕмӕ йӕ фӕрстӕ уӕрдонимӕ уыдысты иу. 36 Стӕй йын йӕ фидаргӕнӕнтӕй ӕмӕ йӕ фӕрстӕй алкӕцыйыл дӕр, бынат дзы кӕмдӕриддӕр уыд, уым, скодта херувимты нывӕфтыдтӕ+, домбӕйтты нывӕфтыдтӕ ӕмӕ пальмӕбӕлӕсты нывӕфтыдтӕ, стӕй ма кӕрӕй-кӕронмӕ – рӕхысбыдтӕ дӕр+. 37 Гъе афтӕ скодта дӕс уӕрдоны дӕр+. Се ’ппӕт дӕр уыдысты иухуызон конд+, ӕмиӕстӕ ӕмӕ ӕмхуызӕттӕ.
38 Уый фӕстӕ скодта дӕс ӕрхуы аджы+, алкӕцыйы дӕр дзы дон цыди цыппор дурыны* ӕмӕ дзы алкӕцы дӕр уыд цыппар ӕлмӕрины. Дӕс уӕрдонӕй алкӕцыйыл дӕр ӕвӕрд уыд иу аг. 39 Стӕй уӕрдӕттӕй фондз сӕвӕрдта хӕдзарӕн рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+. Ӕрхуы денджыз та сӕвӕрдта хӕдзарӕн рахизырдыгӕй, хуссар-скӕсӕнырдыгӕй+.
40 Хирам+ скодта стыр ӕгтӕ+, белтӕ+ ӕмӕ къустӕ+. Ӕппынфӕстаг Хирам арӕзт фӕци+, паддзах Соломоны ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр саразын хъуыди, уыдон. Ӕмӕ мӕнӕ цытӕ скодта: 41 дыууӕ цӕджындзы+ ӕмӕ уыцы дыууӕ цӕджындзыл сӕвӕрынӕн – къусы хуызӕн сӕртӕ+; дыууӕ хызы+, цӕджындзтыл цы дыууӕ тымбыл сӕры уыд, уыдон срӕсугъд кӕнынӕн; 42 уыцы дыууӕ хызӕн – цыппарсӕдӕ гранаты+, дыууӕ цӕджындзыл цы дыууӕ къусы хуызӕн сӕры уыд, уыдон срӕсугъд кӕнынӕн, ӕмӕ уыцы гранаттӕ дыууӕ хызыл дӕр ӕвӕрд уыдысты дыууӕ рӕнхъӕй; 43 дӕс уӕрдоны+ ӕмӕ уыцы уӕрдӕттыл сӕвӕрынӕн – дӕс аджы+; 44 иу ӕрхуы денджыз+ ӕмӕ уыцы денджызы бын – дыууадӕс галы+; 45 мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн, белтӕ, къустӕ ӕмӕ ӕндӕр мигӕнӕнтӕ+, Хирам Йегъовӕйы хӕдзарӕн паддзах Соломоны ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй скодта, уыдон иууылдӕр. Се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд. 46 Паддзах сӕ арӕзта ӕлыг формӕты Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы+, Сокхоф+ ӕмӕ Цартаны+ ’хсӕн.
47 Уыцы мигӕнӕнтӕ уыйбӕрц уыдысты+, ӕмӕ сын Соломон сӕ уӕз баргӕ дӕр не скодта+. Цас ӕрхуы сыл ацыд, уый не сбӕрӕг кодтой+. 48 Соломон скодта, Йегъовӕйы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуыди, уыдон, скодта сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ ӕмӕ сызгъӕрин стъол+, нывонд дзултӕ кӕуыл ӕвӕрдтой, уый. 49 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ скодта цырагъдарӕнтӕ+ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта рӕбинаг уаты раз, фондз рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй, стӕй сызгъӕрин дидинджытӕ+, цырагъдарӕнты+ къустӕ ӕмӕ ӕртыскӕнтӕ+, 50 стыр ӕгтӕ, цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ+, къустӕ+, стӕй нуазӕн къустӕ+ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ+ сыгъдӕг сызгъӕринӕй, афтӕ ма сызгъӕрин ӕвӕрӕнтӕ мидӕггаг уаты дуӕртты ӕвдузӕнтӕн+, ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты дуӕртты ӕвдузӕнтӕн, ӕмӕ сӕйраг уаты+ дуӕртты ӕвдузӕнтӕн+ дӕр.
51 Ӕппынфӕстаг паддзах Соломон арӕзт фӕци, Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕй саразын цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ, йӕ фыд Давид цыдӕриддӕр снывонд кодта, уыдон+ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ – ӕрбахаста ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта+.
8 Уый фӕстӕ Соломон+ Израилы хистӕр лӕгты+, Израилы фырттӕн сӕ мыггӕгты хистӕрты+ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты+ се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+ Иерусалиммӕ паддзах Соломонмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ Давиды горӕтӕй+, ома Сионӕй+, рахастаиккой. 2 Ӕмӕ етанимы мӕйы, ома ӕвдӕм мӕйы+, израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр паддзах Соломонмӕ бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты+. 3 Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты, ӕмӕ сауджынтӕ бадзырды чырын+ ахастой+. 4 Уыдон хастой Йегъовӕйы бадзырды чырын, ӕмбырды+ цатыр+ ӕмӕ, цатыры цыдӕриддӕр табуйаг дзауматӕ уыд, уыдон. Хастой сӕ+ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ+. 5 Паддзах Соломон ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕм, чи йӕм ӕрӕмбырд, уыдон, цыдысты бадзырды чырыны разӕй ӕмӕ нывондӕн хастой+ фыстӕ ӕмӕ галтӕ – уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыд+.
6 Стӕй сауджынтӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын+ бахастой йӕ бынатмӕ+, хӕдзары рӕбинаг уатмӕ, ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, ӕмӕ йӕ херувимты+ базырты бын ӕрӕвӕрдтой.
7 Херувимты базыртӕ уыдысты, бадзырды чырын кӕм лӕууыд, уыцы бынаты сӕрмӕ, ӕмӕ херувимтӕ сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой бадзырды чырын ӕмӕ йӕ хъилтӕ+. 8 Фӕлӕ хъилтӕ+ уыдысты даргъ ӕмӕ сӕ кӕрӕттӕ зындысты, рӕбинаг уаты разӕй чи уыд, уыцы уатмӕ, Сыгъдӕг бынатмӕ, ӕддӕмӕ та нӕ зындысты. Ӕмӕ абоны онг дӕр уым сты+. 9 Бадзырды чырыны уыди ӕрмӕстдӕр дыууӕ къӕйдуры+. Уыцы къӕйдуртӕ дзы нывӕрдта+ Моисей Хоривы, Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты+ ӕмӕ Йегъовӕ семӕ бадзырд куы скодта, уӕд+.
10 Сауджынтӕ сыгъдӕг бынатӕй куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕйы хӕдзар мигъӕй байдзаг+. 11 Ӕмӕ уыцы мигъы тыххӕй сауджынтӕн+ сӕ бон нӕ уыд уым лӕууын ӕмӕ лӕггад кӕнын+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар байдзаг+ Йегъовӕйы кадӕй+. 12 Уӕд Соломон загъта: «Йегъовӕ, ды дӕхӕдӕг загътай, саудалынджы астӕу кӕй цӕрдзынӕ+. 13 Ӕз та дын сарӕзтон кадджын хӕдзар+, ӕнустӕм кӕм цӕрай+, ахӕм бынат»+.
14 Уый фӕстӕ паддзах адӕммӕ разылд ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн раарфӕ кодта+, Израилы адӕм та се ’ппӕт дӕр кодтой лӕугӕ. 15 Паддзах загъта: «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+, мӕ фыд Давидимӕ йӕхи дзыхӕй чи ныхас кодта+ ӕмӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый йӕхи къухӕй чи сӕххӕст кодта+, уыцы Хуыцауӕн. Уый афтӕ загъта: 16 „Мӕ адӕмы, Израилы, Египетӕй цы бон ракодтон, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй иу дӕр нӕ равзӕрстон+, цӕмӕй дзы, мӕ ном+ кӕм уа, ахӕм хӕдзар+ сарӕзтаиккой. Фӕлӕ равзӕрстон Давиды, цӕмӕй мӕ адӕмӕн, Израилӕн, уа разамонӕг“+. 17 Мӕ фыд Давидӕн йӕ зӕрды уыд Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл хӕдзар саразын+. 18 Фӕлӕ Йегъовӕ мӕ фыд Давидӕн загъта: „Дӕуӕн дӕ зӕрды уыд мӕ номыл хӕдзар саразын – ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйы ахӕм фӕнд кӕй уыд, уый хорз у+. 19 Фӕлӕ уыцы хӕдзар ды нӕ сараздзынӕ. Мӕ номыл хӕдзар сараздзӕн дӕ фырт, дӕуӕй чи рацӕуа, уый“+. 20 Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас+ сӕххӕст кодта. Уый загъта, мӕ фыд Давиды бынат ӕз кӕй бацахсдзынӕн ӕмӕ Израилы паддзахбадӕныл кӕй ӕрбаддзынӕн+, Йегъовӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл хӕдзар кӕй сараздзынӕн+ 21 ӕмӕ дзы, Йегъовӕйы бадзырды къӕйдуртӕ+ кӕм сты, уыцы чырынӕн бынат кӕй скӕндзынӕн. Уыцы бадзырд нӕ фыдӕлтимӕ скодта, Египеты зӕххӕй сӕ куы ракодта, уӕд».
22 Уый фӕстӕ Соломон слӕууыд Йегъовӕйы нывондхӕссӕны раз+, ӕппӕт Израилы адӕмы раз, йӕ къухтӕ арвмӕ сдардта+ 23 ӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+, дӕу хуызӕн Хуыцау+ нӕй нӕдӕр уӕлӕрвты, нӕдӕр зӕххыл. Ды ӕххӕст кӕныс дӕ бадзырд ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзыс+ дӕ лӕггадгӕнджыты+, ӕппӕт зӕрдӕйӕ дын чи лӕггад кӕны, уыдоны+. 24 Ды сӕххӕст кодтай, дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый. Ды йын дӕхи дзыхӕй зӕрдӕ бавӕрдтай ӕмӕ йын цы загътай, уый дӕхи къухӕй сӕххӕст кодтай, абон куыд у, афтӕ+. 25 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, сӕххӕст кӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый, зӕгъгӕ, кӕд дӕ фырттӕ сӕ фӕндӕгтӕм кӕсой ӕмӕ, ды мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд цардтӕ, афтӕ уыдон дӕр мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты мӕ разы Израилы паддзахбадӕныл+. 26 Курын дӕ, о Израилы Хуыцау, дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай+, уый сӕххӕст уӕд.
27 Уӕвгӕ, Хуыцау зӕххыл цӕрдзӕн?+ Уӕлӕрвты+ ӕмӕ суанг арвы кӕрӕтты дӕр+ куы нӕ цӕуыс+, уӕд дын ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хӕдзары+ куыд хъуамӕ бацӕуай! 28 О мӕ Хуыцау Йегъовӕ, раздах де ’ргом дӕ цагъары куывдмӕ+ ӕмӕ йӕ лӕгъстӕмӕ+. Фехъус, абон дын дӕ цагъар цӕй тыххӕй лӕгъстӕ кӕны ӕмӕ дӕм цӕй тыххӕй кувы, уый+. 29 Ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр дӕ цӕст дар+ ацы хӕдзармӕ, афтӕ кӕмӕй загътай, уым уыдзӕн мӕ ном+, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ, ӕмӕ фехъус, дӕ цагъар дӕм ацы бынаты ’рдӕм кӕсгӕйӕ цӕй тыххӕй кувы, уый+. 30 Дӕ цагъар ӕмӕ дын дӕ адӕм Израил ацы бынаты ’рдӕм кӕсгӕйӕ цӕй тыххӕй лӕгъстӕ кӕной+ ӕмӕ дӕм цӕй тыххӕй кувой, уый-иу фехъус. Фехъус-иу сӕ дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй+, фехъус-иу сӕ ӕмӕ-иу сын ныххатыр кӕн+.
31 Иу адӕймаг иннӕйы исты хъуыддаджы куы аххосджын кӕна+ ӕмӕ йӕ куы расомы кӕнын* кӕна+, ӕмӕ уыцы адӕймаг, кӕй расомы кодта, уый тыххӕй ацы хӕдзармӕ дӕ нывондхӕссӕны размӕ куы ’рбацӕуа, 32 уӕд-иу ӕй фехъус уӕлӕрвтӕй ӕмӕ-иу дӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ хъуыддаг равзар: фыдгӕнӕджы банымай фыдгӕнӕгыл ӕмӕ, цы фыддзинад ракодта, уый йын йӕхи сӕрӕн бавзарын кӕн+, рӕстгӕнӕджы та банымай рӕстгӕнӕгыл+ ӕмӕ йын йӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ раарфӕ кӕн+.
33 Дӕ адӕм Израил дӕ разы тӕригъӕд куы аразой+ ӕмӕ сӕ уый тыххӕй знаг куы ныппырх кӕна+, фӕлӕ дӕм куы раздӕхой+ ӕмӕ дын дӕ ном куы скадджын кӕной+, ацы хӕдзары дӕм куы скувой+ ӕмӕ дын куы ныллӕгъстӕ кӕной+, 34 уӕд-иу сӕ фехъус уӕлӕрвтӕй ӕмӕ-иу дӕ адӕм Израилӕн сӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн+ ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ ӕркӕн+, сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уыцы зӕхмӕ+.
35 Дӕ адӕм дӕ разы тӕригъӕд+ куы аразой ӕмӕ уый тыххӕй арвы дуар куы сӕхгӕна ӕмӕ къӕвда куы нал уара+, фӕлӕ сӕ кӕй бафхӕрдтай, уый тыххӕй дӕм ацы бынаты ’рдӕм кӕсгӕйӕ куы скувой+, дӕ ном дын куы скадджын кӕной ӕмӕ сӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы ныууадзой+, 36 уӕд-иу сӕ фехъус уӕлӕрвтӕй ӕмӕ-иу дӕ лӕггадгӕнджытӕн, дӕ адӕм Израилӕн, сӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн,– уымӕн ӕмӕ сын ды амоныс+ хорз фӕндаг, кӕуыл сӕ хъӕуы цӕуын+, уыцы фӕндаг,– ӕмӕ-иу дӕ зӕххыл, дӕ адӕмӕн бынӕн кӕй радтай, уыцы зӕххыл, къӕвда рауадз+.
37 Зӕххыл ӕххормаг+ заман куы скӕна, адӕмыл фыдниз+ куы сыста, судзгӕ дымгӕ куы рацӕуа кӕнӕ зайӕгойтыл низ+ куы фӕзына, бӕстӕ мӕтыхтӕй+ кӕнӕ хъӕндилтӕй*+ куы байдзаг уа кӕнӕ сын знаг сӕ горӕттыл куы ’ртыхса,– цыфӕнды бӕллӕх кӕнӕ цыфӕнды низ ма уа,– 38 ӕмӕ дӕм сӕ исчи кӕнӕ дӕ адӕм Израил се ’ппӕт дӕр+ куы скувой+, куы дын лӕгъстӕ кӕной+,– уымӕн ӕмӕ сӕ алчидӕр зоны йӕ зӕрдӕйы рыст+,– ӕмӕ ацы хӕдзармӕ сӕ къухтӕ куы ивазой+, 39 уӕд-иу сӕ фехъус уӕлӕрвтӕй+, дӕ цӕрӕнбынатӕй+, ӕмӕ-иу сын ныххатыр кӕн+ ӕмӕ-иу сӕ алкӕмӕн дӕр, йӕ хъуыддӕгтӕм+ гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый ратт+, уымӕн ӕмӕ ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый+,– о, ӕрмӕстдӕр ды зоныс, алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр цы ис, уый+,– 40 цӕмӕй дӕ тӕрсой+, нӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уыцы зӕххыл цалынмӕ цӕрой, уӕдмӕ+.
41 Дӕ адӕм Израилӕй чи нӕу, ахӕм ӕндӕрбӕстаг+ дард бӕстӕйӕ дӕ номы тыххӕй куы ’рцӕуа+,– 42 уымӕн ӕмӕ фехъусдзысты де стыр номы тыххӕй+, дӕ фидар къух+ ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы тыххӕй,– о, куы ’рцӕуа ӕмӕ ацы хӕдзармӕ кӕсгӕйӕ куы скува+, 43 уӕд-иу ӕй фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй+, ӕмӕ-иу сараз, ӕндӕрбӕстаг дӕм цӕй тыххӕй кува, уыдон иууылдӕр+, цӕмӕй дын зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр дӕ ном базоной+ ӕмӕ дӕ тӕрсой, дӕ адӕм Израил дӕ куыд тӕрсынц, афтӕ, ӕмӕ йӕ цӕмӕй зоной, ацы хӕдзар, ӕз кӕй сарӕзтон, уый, дӕ ном кӕй хӕссы+.
44 Дӕ адӕм, ды сӕ цы фӕндагыл арвитай+, ууыл се знаджы ныхмӕ хӕстмӕ+ куы рацӕуой ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй равзӕрстай, уыцы горӕты ’рдӕм+ ӕмӕ, ӕз дӕ номыл кӕй сарӕзтон, уыцы хӕдзары ’рдӕм+ кӕсгӕйӕ Йегъовӕмӕ куы скувой+, 45 уӕд-иу сын уӕлӕрвтӕй сӕ куывд ӕмӕ сӕ лӕгъстӕ фехъус ӕмӕ-иу сын сӕ хъуыддаг рӕстӕй равзар+.
46 Дӕ разы тӕригъӕд куы саразой+,– уымӕн ӕмӕ иу адӕймаг дӕр ахӕм нӕй, тӕригъӕд чи нӕ аразы+,– ӕмӕ сӕм дӕ маст куы ссудза ӕмӕ сӕ се знӕгты къухмӕ куы раттай, ӕмӕ сӕ уыдон знаджы зӕхмӕ, дард уа ӕви хӕстӕг, уацары куы акӕной+, 47 ӕмӕ сӕ уацары кӕдӕм акӕной+, уыцы зӕххыл сӕхи куы ӕрӕмбарой ӕмӕ дӕм се ’ргом куы раздахой+ ӕмӕ дын куы лӕгъстӕ кӕной+, куы дзурой, мах тӕригъӕд ракодтам+, фӕрӕдыдыстӕм+ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтам+, зӕгъгӕ, 48 ӕмӕ сӕ уацары чи акӕна, уыцы знӕгты зӕххыл дӕм+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы раздӕхой ӕмӕ дӕм куы скувой, сӕ зӕххы ’рдӕм – сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтай, уыцы зӕххы ’рдӕм кӕсгӕйӕ, дӕхицӕн кӕй равзӕрстай, уыцы горӕты ’рдӕм ӕмӕ, ӕз дӕ номыл кӕй сарӕзтон, уыцы хӕдзары ’рдӕм кӕсгӕйӕ+, 49 уӕд-иу сын уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй+, сӕ куывд ӕмӕ сӕ лӕгъстӕ фехъус ӕмӕ-иу сын сӕ хъуыддаг рӕстӕй равзар+. 50 Ӕмӕ-иу ныххатыр кӕн+ дӕ адӕмӕн, дӕ разы тӕригъӕд+ чи сарӕзта, уыдонӕн, ныххатыр-иу сын кӕн, цы фыдракӕндтӕ сарӕзтой+, уыдон иууылдӕр ӕмӕ-иу ӕрфӕлмӕн кӕн+, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕтӕ, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной,– 51 уымӕн ӕмӕ уыдон сты дӕ адӕм ӕмӕ дӕ бынтӕ+, ды сӕ ракодтай Египетӕй+ – уыцы ӕфсӕйнаг пецӕй+,– 52 ӕмӕ-иу де ’ргом раздах дӕ лӕггадгӕнӕджы лӕгъстӕмӕ+ ӕмӕ дӕ адӕм Израилы лӕгъстӕмӕ, байхъус-иу, цы дӕ курой, уымӕ+. 53 О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ды сӕ дӕхӕдӕг рахицӕн кодтай зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕй дӕр+ ӕмӕ сӕ дӕхицӕн бынӕн равзӕрстай, нӕ фыдӕлты нын Египетӕй куы кодтай, уӕд дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты куыд загътай, афтӕ»+.
54 Соломон Йегъовӕйы нывондхӕссӕны раз йӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ+ ӕмӕ йӕ къухтӕ арвмӕ даргӕйӕ+ Йегъовӕйӕн уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ курдиӕттӕ иууылдӕр куы загъта ӕмӕ куывд куы фӕци, уӕд сыстад. 55 Ӕмӕ куы сыстад+, уӕд ӕппӕт Израилы адӕмӕн хъӕрӕй раарфӕ кодта+: 56 «Табу Йегъовӕйӕн+, йӕ адӕм Израилӕн ӕнцойдзинад чи радта ӕмӕ, зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый чи сӕххӕст кодта+. Йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты цы хорз ныхӕстӕ загъта+, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг+. 57 Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ фыдӕлтимӕ куыд уыди+, афтӕ уӕд немӕ дӕр+. Макуы нӕ ныууадзӕд ӕмӕ нӕ макуы ферох кӕнӕд+, 58 фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм саразӕд+, цӕмӕй йын йе ’ппӕт фӕндӕгтыл цӕуӕм+ ӕмӕ, нӕ фыдӕлтӕн кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ+, уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ ӕххӕст кӕнӕм. 59 Ӕмӕ Йегъовӕйӕн цы ныхӕстӕй лӕгъстӕ кодтон, уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕнт нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+, цӕмӕй алы бон дӕр+ – кӕддӕриддӕр бахъӕуа, уӕд,– рӕстӕй ӕвзара йӕ лӕггадгӕнӕджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ адӕм Израилы хъуыддӕгтӕ, 60 цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр зоной+, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау+. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. 61 Уӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн раттут, йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йын цӕрут ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут, абон куыд кӕнут, афтӕ».
62 Уый фӕстӕ паддзах ӕмӕ йемӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн стыр нывонд ӕрхастой+. 63 Соломон Йегъовӕйӕн ӕрхаста, цы фарны нывӕндтӕ+ йын уыд ӕрхӕссинаг, уыдон: дыууын дыууӕ мин галы ӕмӕ сӕдӕ дыууын мин фысы+. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ ӕппӕт Израилы фырттӕ Йегъовӕйы хӕдзар снывонд кодтой+. 64 Уыцы бон паддзахы бахъуыд, Йегъовӕйы хӕдзары раз цы кӕрт ис, уымӕн йӕ астӕуккаг хай ссыгъдӕг кӕнын+, цӕмӕй судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ фарны нывӕндты фиу уым ӕрхастаид, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ ис, уый фаг нӕ уыд судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ фарны нывӕндты фиу+ ӕрхӕссынӕн. 65 Уӕд Соломон нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз бӕрӕгбон скодта+, ӕмӕ йемӕ уыд ӕгас Израил дӕр – дуне адӕм+, Хаматы арӕнтӕй+ суанг Египеты дӕлвӕзы онг+ цы зӕххытӕ уыд, уырдыгӕй чи ’рцыд, уыдон. Бӕрӕгбон ахаста авд боны, ӕмӕ ма стӕй ноджыдӕр авд боны+ – ӕдӕппӕтӕй цыппӕрдӕс боны. 66 Ӕстӕм бон паддзах адӕмы ауагъта+. Уыдон дӕр паддзахӕн раарфӕ кодтой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм зӕрдӕрайгӕйӕ+ ацыдысты – цин кодтой+, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕм Израилӕн цы хорздзинӕдтӕ+ ракодта, уыдоныл.
9 Соломон Йегъовӕйы хӕдзар ӕмӕ паддзахы хӕдзар+ арӕзт куы фӕци+ ӕмӕ ма йӕ цыдӕриддӕр фӕндыд, уыдӕттӕ дӕр куы сарӕзта+, 2 уӕд ӕм Йегъовӕ дыккаг хатт фӕзынд – Гаваоны йӕм куыд фӕзынд, афтӕ+. 3 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ куывд+ ӕмӕ дӕ лӕгъстӕтӕ, ӕмӕ, цы хӕдзар сарӕзтай, уый ссыгъдӕг кодтон+ ӕмӕ йӕ саккаг кодтон, цӕмӕй мӕ ном+ уым уа ӕнустӕм. Ӕз ӕм алкӕддӕр мӕ цӕст дардзынӕн+ ӕмӕ мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн+. 4 Дӕ фыд Давидау+ мын иузӕрдионӕй*+ ӕмӕ рӕстӕй+ куы лӕггад кӕнай+ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уый куы аразай+ ӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнай+, 5 уӕд дын Израилы дӕ паддзахбадӕн ӕнустӕм сфидар кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ – ӕз ын загътон, дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты Израилы паддзахбадӕныл, зӕгъгӕ+. 6 Фӕлӕ сымах ӕмӕ уӕ фырттӕ мӕ фӕдыл куы нал цӕуат+, цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ радтон, уыдон куы нал ӕххӕст кӕнат, ӕмӕ куы ацӕуат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы куват+ ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат, 7 уӕд ӕз Израилы адӕмы фесафдзынӕн, кӕй сын радтон, уыцы зӕххӕй+ ӕмӕ мӕ къух сисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй кӕй ссыгъдӕг кодтон, уыцы хӕдзарыл+, ӕмӕ Израил ӕппӕт адӕмтӕн суыдзӕн ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг. 8 Ӕмӕ ацы хӕдзар фестдзӕн хӕлддзӕгты цӕнд+. Ӕмӕ-иу йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+, ныхситт-иу кӕндзӕн ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+ 9 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы, сӕ фыдӕлты сын Египеты зӕххӕй чи ракодта+, уыцы Хуыцауы, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууынц ӕмӕ сын кувынц. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай дӕр уый тыххӕй бакодта“»+.
10 Соломон дыууӕ хӕдзары – Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ паддзахы хӕдзар+ – сарӕзта дыууын азмӕ. 11 Тиры паддзах Хирам+ та Соломонӕн+ лӕвӕрдта кедрбӕлӕсты ӕмӕ ӕхсӕлыбӕлӕсты хъӕдтӕ, стӕй сызгъӕрин дӕр, Соломоны цас хъуыд, уыйбӕрц+. Уый фӕстӕ паддзах Соломон Хирамӕн Галилейӕйы зӕххыл радта дыууын горӕты+. 12 Ӕмӕ Хирам Тирӕй ӕрцыд, Соломон ын кӕй радта, уыцы горӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты+. 13 Ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цавӕр горӕттӕ радтай, ме ’фсымӕр?» Ӕмӕ уыцы горӕттӕ абоны онг дӕр хонынц Кавулы бӕстӕ*.
14 Хирам та паддзахӕн арвыста сӕдӕ дыууын таланты* сызгъӕрин+.
15 Паддзах Соломон кусджыты ӕркодта+, цӕмӕй сарӕзтаиккой Йегъовӕйы хӕдзар+, Соломонӕн йӕхи хӕдзар, Обау*+, Иерусалимы къул+, Асор+, Мегиддо+ ӕмӕ Газер+. 16 Газеры хабар та афтӕ уыди, ӕмӕ йӕ кӕддӕр фараон, Египеты паддзах, бацахста ӕмӕ йӕ арты хай бакодта, чи дзы цард, уыцы ханаайнӕгты+ та ныццагъта. Ӕмӕ йӕ чызг Соломонмӕ чындзы куы цыд, уӕд ын ӕй балӕвар кодта+. 17 Гъемӕ Соломон ногӕй сарӕзта Газер, Дӕллаг Беф-Орон+, 18 Ваалаф+ ӕмӕ Фамар, ома, уыцы бӕстӕйы ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уыцы горӕт, 19 стӕй, Соломоны къухы чи уыд, тыллӕг-иу кӕм бафснайдтой+, уыцы горӕттӕ иууылдӕр, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕттӕ+ ӕмӕ, барджытӕ кӕм цардысты, уыцы горӕттӕ дӕр. Стӕй ма йӕ Иерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ дӕлбар зӕххыл цыдӕриддӕр фӕндыд саразын, уыдӕттӕ дӕр сарӕзта+. 20 Аморейтӕй+, хеттӕй+, ферезейтӕй+, евейтӕй+ ӕмӕ ма йевусейтӕй+ чи баззад, Израилы фырттӕй чи нӕ уыд, уыдонӕн+ 21 сӕ фыртты та – сӕ фӕстӕ ма уыцы зӕххыл чи баззад, Израилы фырттӕн сӕ бон кӕй нӕ баци сӕфты хай бакӕнын, уыдоны+,– Соломон бафтыдта цагъары куыстыл, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр+. 22 Фӕлӕ Соломон Израилы фырттӕй цагъар никӕй скодта+. Уыдон ын уыдысты хӕстонтӕ, лӕггадгӕнджытӕ, кънйӕзтӕ, ӕххуысгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ бӕхтӕрджыты ӕмӕ йӕ барджыты хистӕртӕ+. 23 Соломон фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы сӕвӕрдта сӕйраг хицӕуттӕй – уыдон лӕууыдысты алы куыстыты сӕргъы ӕмӕ кусджытӕм сӕ хъус дардтой+.
24 Фараоны чызг+ та Давиды горӕтӕй+ рацыд йӕхи хӕдзармӕ, Соломон ын кӕй сарӕзта, уыцы хӕдзармӕ. Соломон Обау дӕр уыцы рӕстӕг сарӕзта+.
25 Соломон Йегъовӕйӕн кӕй сарӕзта, уыцы нывондхӕссӕныл+ афӕдз ӕртӕ+ хатты хаста судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ ӕмӕ-иу судзинаг нывӕндты фӕздӕг суагъта, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн+ уыд, уымӕй. Ӕмӕ Соломон хӕдзар арӕзт фӕци+.
26 Соломон Ецион-Гаверы+ сарӕзта наутӕ. Ецион-Гавер та ис Елафы+ раз, Сырх денджызы был, Едомы зӕххыл+. 27 Уыцы наутыл Хирам Соломоны лӕггадгӕнджытимӕ ӕрвыста йӕ лӕггадгӕнджыты+ – ӕдзухдӕр наутыл чи цыд ӕмӕ денджыз хорз чи зыдта, уыдоны. 28 Ӕмӕ-иу уыдон наутыл ацыдысты Офирмӕ+ ӕмӕ-иу уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты сызгъӕрин+.
10 Савӕйы+ ус-паддзах фехъуыста Соломоны кады тыххӕй, Йегъовӕйы номы фӕрцы куыд скадджын, уый тыххӕй+. Ӕмӕ йӕм ӕрцыд, цӕмӕй йӕ зын фарстатӕй бафӕлвӕрдтаид+. 2 Иерусалиммӕ ӕрцыди дуне адӕмимӕ+. Теуатыл+ ӕрбаласта бальзамы сой+, тынг бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Ӕмӕ Савӕйы ус-паддзах бацыд Соломонмӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттыл йемӕ ныхас кӕнын райдыдта+. 3 Ӕмӕ йын Соломон бамбарын кодта, цӕмӕй йӕ фарста, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Йӕ фарстатӕй иу дӕр ахӕм нӕ уыд, ӕмӕ йын паддзах дзуапп ма зыдтаид+.
4 Савӕйы ус-паддзах куы федта, Соломон цы стыр зонды хицау у+, цы хӕдзар сарӕзта+, 5 йӕ фынгыл цавӕр хӕринӕгтӕ+ ӕмӕ нозт ис+, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фынджы уӕлхъус куыд бадынц, уырдыглӕуджытӕ куыд лӕггад кӕнынц ӕмӕ куыд конд сты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары цавӕр судзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссы, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд+. 6 Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Мӕ бӕстӕйы дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уый ӕцӕг разынд+. 7 Ӕз уыцы ныхӕстыл не ’ууӕндыдтӕн, цалынмӕ не ’рцыдтӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр мӕхи цӕстӕй нӕ федтон, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ ныр уынын, се ’мбис дӕр кӕй нӕ радзырдтой+. Дӕ зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппындӕр ницы сты, цы федтон, уыимӕ абаргӕйӕ+. 8 Куыд амондджын сты дӕ адӕм!+ Куыд амондджын сты+ дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы ӕмӕ дын дӕ зондмӕ чи хъусы!+ 9 Табу+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, дӕу Израилы паддзахбадӕныл чи ӕрбадын кодта+, уыцы Хуыцауӕн! Йегъовӕ ӕнусон уарзтӕй бауарзта Израилы адӕмы+ ӕмӕ дӕ паддзахӕй сӕвӕрдта+, цӕмӕй рӕстӕй+ тӕрхон кӕнай»+.
10 Ӕмӕ стӕй паддзахӕн балӕвар кодта+ сӕдӕ дыууын таланты сызгъӕрин+, тынг бирӕ бальзамы сой+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Паддзах Соломонӕн Савӕйы ус-паддзах цас бальзамы сой ӕрласта, уыйбӕрц ын никуыуал ничи ӕрласта.
11 Хирамы наутӕ+ ма Офирӕй+ сызгъӕринӕй уӕлдай ластой тынг бирӕ сырх хъӕдӕрмӕг+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ+. 12 Ӕмӕ паддзах сырх хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары быцӕутӕ, стӕй зарӕггӕнджытӕн дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+ ӕмӕ хъисфӕндыртӕ+. Уыйбӕрц сырх хъӕдӕрмӕг абоны онг дӕр никуыуал ӕрластой, никуыуал дзы уыди ахӕм.
13 Паддзах Соломон Савӕйы ус-паддзахӕн йӕ рӕдау зӕрдӕйӕ+ цы лӕвӕрттӕ ракодта, уымӕй уӕлдай ма йын радта, цыдӕриддӕр ӕй хъуыди ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ракуырдта, уый дӕр. Уый фӕстӕ Савӕйы ус-паддзах йӕ лӕггадгӕнджытимӕ фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхт+.
14 Соломонмӕ алы аз дӕр цы сызгъӕрин+ ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыд ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз сызгъӕрин таланты*+. 15 Уымӕй уӕлдай ма йӕм ӕфтиаг цыд сӕудӕджертӕй ӕмӕ базаргӕнджытӕй, стӕй аравиаг+ паддзӕхтӕй+ се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ бӕстӕйы хицӕуттӕй.
16 Паддзах Соломон хӕццӕ* сызгъӕринӕй скодта дыууӕсӕдӕ стыр уарты+ – стыр уартытыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, алкӕцыйыл дӕр дзы ацыд фӕйнӕ ӕхсӕзсӕдӕ сиклы*+, 17 ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ гыццыл уарты – гыццыл уартытыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, алкӕцыйыл дӕр дзы ацыд фӕйнӕ ӕртӕ минӕйы*+. Стӕй сӕ паддзах сӕвӕрдта, Ливаны хъӕд кӕй хуыдтой, уыцы хӕдзары+.
18 Паддзах ма скодта стыр паддзахбадӕн+ пылыстӕгӕй+ ӕмӕ йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+. 19 Паддзахбадӕнмӕ арӕзт уыд асинтӕ, уыди дзы ӕхсӕз къӕпхӕны, йӕ сӕрмӕ та уыди тымбылгонд арӕзт ӕмбӕрзӕн. Паддзахбадӕнӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди къухӕвӕрӕнтӕ, ӕмӕ уыцы къухӕвӕрӕнты+ раз лӕууыд дыууӕ домбайы+. 20 Асинты ӕхсӕз къӕпхӕныл та лӕууыд дыууадӕс домбайы – лӕууыдысты иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. Ахӕм паддзахбадӕн иу паддзахады дӕр нӕ уыд+.
21 Паддзах Соломоны нуазӕн къустӕ иууылдӕр уыдысты сызгъӕринӕй. Ӕмӕ, Ливаны хъӕд кӕй хуыдтой, уыцы хӕдзары мигӕнӕнтӕ+ дӕр иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг сызгъӕринӕй+. Ӕвзистӕй дзы ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны рӕстӕджы ӕвзистӕн кад нӕ уыд. 22 Паддзахӕн ма Хирамы наутӕй уӕлдай денджызы уыди фарсисаг+ наутӕ дӕр. Фарсисаг наутӕ-иу ӕртӕ азы иу хатт ӕрластой сызгъӕрин+, ӕвзист, пылыстӕг+, маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.
23 Зӕххыл цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй Соломонӕй хъӕздыгдӕр+ ӕмӕ зондджындӕр+ паддзах нӕ уыд. 24 Ӕмӕ зӕххыл алкӕй дӕр фӕндыд Соломоны фенын ӕмӕ йӕ Хуыцау цы стыр зондӕй схайджын кодта, уымӕ байхъусын+. 25 Алчидӕр ын хаста лӕвӕрттӕ+: ӕвзист+ ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ, уӕлӕдарӕс, хӕцӕнгарз+, бальзамы сой, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфстӕ+. Ӕмӕ афтӕ алы аз дӕр+.
26 Соломон йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстон бӕхтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Уыди йӕм иу мин цыппарсӕдӕ бӕхуӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс мин хӕстон бӕхы+, ӕмӕ сӕ дардта, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы, паддзахмӕ хӕстӕг+.
27 Паддзах Иерусалимы уыйбӕрц ӕвзист ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыди дуртау бирӕ+, ӕмӕ кедр та – Шефелӕйы чи зайы, уыцы сикоморбӕлӕстау бирӕ+.
28 Соломонӕн бӕхтӕ ӕрвыстой Египетӕй, ӕмӕ-иу паддзахы сӕудӕджертӕ бӕхты рӕгъау бӕлвырд аргъӕй балхӕдтой+. 29 Египетӕй бӕхуӕрдон ластой ӕхсӕзсӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ, бӕх та – сӕдӕ фӕндзай ӕвзист ӕхцайӕ. Паддзахы сӕудӕджертӕ ма бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ ластой хетты+ паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Сирийы паддзӕхтӕн дӕр.
11 Паддзах Соломон ма фараоны чызгӕй уӕлдай+ бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты+ – моаваг+, аммонаг+, едомаг+, сидойнаг+ ӕмӕ хеттаг+ сылгоймӕгты. 2 Уыцы адӕмты тыххӕй Йегъовӕ Израилы фырттӕн афтӕ загъта: «Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут+, кӕннод уын уӕ зӕрдӕ сӕ хуыцӕутты ’рдӕм аздахдзысты, ӕмӕ уыцы хуыцӕутты фӕдыл цӕудзыстут»+. Фӕлӕ сӕ Соломон уӕддӕр бауарзта+. 3 Соломонӕн уыди авдсӕдӕ усы ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ номылусы. Ӕмӕ йын йӕ устытӕ сабыргай+ йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй аздӕхтой. 4 Зӕрондырдӕм+ ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм+ аздӕхтой+, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нал уыд+, йӕ фыд Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ. 5 Ӕмӕ Соломон сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕйы+ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг хуыцау Милхомы+ фӕдыл цӕуын райдыдта. 6 Соломон райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын+, ӕмӕ, йӕ фыд Давидӕй уӕлдай, Йегъовӕйы коммӕ алы хъуыддаджы нӕ каст+.
7 Уыцы рӕстӕг Соломон Иерусалимы раз+ хохыл+ сарӕзта кувӕн бынӕттӕ*+ Моавы ӕлгъаг+ хуыцау Хамосӕн+ ӕмӕ Аммоны фыртты ӕлгъаг хуыцау Молохӕн. 8 Ахӕм бынӕттӕ сарӕзта йе ’ндӕрбӕстаг устытӕн се ’ппӕтӕн дӕр+ – уыдон хастой нывӕндтӕ сӕ хуыцӕуттӕн ӕмӕ-иу сын нывӕндты фӕздӕг суагътой+.
9 Ӕмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд+ Соломонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ аздӕхт Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ+, дыууӕ хатты йӕм чи фӕзынд+, уыцы Хуыцауӕй. 10 Йегъовӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма ацыдаид+, фӕлӕ йын уый йӕ ныхасы сӕрты ахызт. 11 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Соломонӕн загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕмӕ мӕ закъӕттӕ кӕй не ’ххӕст кодтай, уый тыххӕй дын паддзахад дӕ къухӕй ратондзынӕн ӕмӕ йӕ ратдзынӕн дӕ лӕггадгӕнӕгӕн+. 12 Фӕлӕ дӕ фыд Давиды хатырӕй+ уыцы хъуыддаг дӕ рӕстӕджы нӕ сараздзынӕн+. Ратондзынӕн ӕй дӕ фырты къухӕй+. 13 Ӕрмӕст ын паддзахад йӕ къухӕй ӕнӕхъӕнӕй нӕ ратондзынӕн+ – мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй+ ӕмӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимы+ тыххӕй йын иу мыггаг ратдзынӕн».
14 Ӕмӕ Йегъовӕ Соломоны+ ныхмӕ скодта+ Едомы паддзахы байзӕддаг Гадады. Уый уыд Едомӕй+. 15 Йӕ рӕстӕджы Давид едомӕгты куы ныццагъта+, уӕд йе ’фсады хистӕр Иоав ӕрцыд Едоммӕ уыцы мӕрдты баныгӕнынмӕ ӕмӕ хъуамӕ ныццагътаид, цыдӕриддӕр дзы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны+. 16 Иоав ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Едомы фесты ӕхсӕз мӕйы, цалынмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр нӕ ныццагъта, уӕдмӕ. 17 Гадад та уӕд гыццыл лӕппу уыди ӕмӕ едомӕгтӕй кӕимӕдӕрты, йӕ фыды лӕггадгӕнджытимӕ, Египетмӕ алыгъд. 18 Уыдон араст сты Мадиамы зӕххӕй+ ӕмӕ ӕрцыдысты Фаранмӕ+. Фаранӕй семӕ адӕмы акодтой ӕмӕ ацыдысты Египетмӕ, фараонмӕ, ома Египеты паддзахмӕ. Фараон Гададӕн радта хӕдзар, зӕхх дӕр ын рахицӕн кодта ӕмӕ йӕ хӕринагӕй дӕр цух нӕ уагъта. 19 Фараон Гададӕй афтӕ райгонд уыди+, ӕмӕ йын радта йӕ ус Тахпенесӕйы хойы+. 20 Цасдӕры фӕстӕ йын Тахпенесӕйы хо ныййардта фырт, Генуват, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ Тахпенесӕ фараоны хӕдзары дзидзийӕ фӕхицӕн кодта+, ӕмӕ Генуват фараоны хӕдзары фараонӕн йӕхи фырттимӕ хъомыл кодта.
21 Гадад Египеты фехъуыста, Давид йӕ фыдӕлтӕм кӕй баиу+, стӕй йе ’фсады хистӕр Иоав дӕр кӕй амард+. Ӕмӕ Гадад фараонӕн загъта: «Ауадз мӕ+, ӕмӕ мӕхи зӕхмӕ ацӕуон». 22 Фӕлӕ йын фараон загъта: «Ам мӕнмӕ исты цух дӕ, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕхи зӕхмӕ ацӕуын?» Уый йын дзуапп радта: «Ницы цух дӕн, фӕлӕ мӕ уӕддӕр ауадз».
23 Хуыцау ма Соломоны ныхмӕ скодта ноджыдӕр иу адӕймаджы+ – Елиадӕйы фырт Разоны. Уый алыгъд йӕ хицауӕй, Сувӕйы+ паддзах Адраазарӕй+. 24 Давид Сувӕйы адӕмы куы ныццагъта+, уӕд Разон адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сси абырджыты хистӕр. Ӕмӕ Дамаскмӕ+ ацыдысты, уым ӕрцардысты ӕмӕ дзы схицӕуттӕ сты. 25 Израилӕн Гадад цы фыддзинӕдтӕ кодта, уыдонмӕ ма Разон дӕр бафтыдта – цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ цыд Израилы ныхмӕ+. Ӕмӕ цалынмӕ Сирийы хицау уыд, уӕдмӕ Израилӕй йе сӕфт уыдта+.
26 Паддзахы ныхмӕ ма рацыд+ Наваты фырт Йеровоам+ дӕр. Уый уыд Ефремы мыггагӕй, Цередӕйӕ, ӕмӕ уыди Соломоны лӕггадгӕнӕг+. Йӕ мад уыди идӕдз сылгоймаг, хуынди Церуа. 27 Ӕмӕ мӕнӕ цӕй тыххӕй рацыд паддзахы ныхмӕ. Соломон сарӕзта Обау*+ ӕмӕ сӕхгӕдта, йӕ фыд Давиды горӕты къулы цы хуынкъ уыди, уый дӕр+. 28 Йеровоам уыди хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймаг+. Соломон федта, уыцы лӕппу куыд кусаг у+, уый ӕмӕ йӕ цӕстдарӕгӕй сӕвӕрдта+, Иосифы фырттӕй+ йӕм кусджытӕ чи уыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 29 Иухатт Йеровоам Иерусалимӕй ацыд ӕмӕ йыл фӕндагыл сӕмбӕлд пехуымпар Ахи+, Силомӕй+ чи уыд, уый. Ахийыл уыд ног уӕлӕдарӕс. Быдыры та сӕ дыууӕ йеддӕмӕ ничи уыд. 30 Ахи йӕ ног уӕлӕдарӕс райста ӕмӕ йӕ дыууадӕс+ хайыл аскъуыдтӕ кодта+, 31 ӕмӕ стӕй Йеровоамӕн загъта:
«Айс дзы дӕс хайы, уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз Соломоны къухӕй паддзахад ратондзынӕн ӕмӕ дзы дӕс мыггаджы ратдзынӕн дӕуӕн+. 32 Уымӕн та баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр иу мыггаг+ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй+ ӕмӕ, Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимы тыххӕй+. 33 Ӕз афтӕ уый тыххӕй бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон мӕн ныууагътой+ ӕмӕ кувын райдыдтой сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕйӕн+, Моавы хуыцау Хамосӕн+ ӕмӕ Аммоны фыртты хуыцау Милхомӕн+. Уыдон мӕ фӕндӕгтыл нӕ цыдысты, мӕ цӕсты раст цы у, уый нӕ арӕзтой ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ не ’ххӕст кодтой, Соломонӕн сӕ йӕ фыд Давид куыд ӕххӕст кодта, афтӕ. 34 Фӕлӕ йын паддзахад йӕ къухӕй ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йӕ ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг Давиды хатырӕй хицауӕй ныууадздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ мын уый ӕххӕст кодта мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ. 35 Паддзахад ын байсдзынӕн йӕ фырты къухӕй ӕмӕ дзы дӕс мыггаджы дӕуӕн ратдзынӕн+. 36 Йӕ фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу мыггаг, цӕмӕй мӕ разы, мӕ номӕн кӕй равзӕрстон+, уыцы горӕт Иерусалимы, алкӕддӕр уа мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддаг*+. 37 Ӕз дӕу равзардзынӕн, ӕмӕ, дӕ уд цӕмӕдӕриддӕр бӕллы, уымӕн уыдзынӕ хицау+ ӕмӕ уыдзынӕ Израилы паддзах. 38 Цыдӕриддӕр дын зӕгъон, уымӕ куы хъусай ӕмӕ мын мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай, мӕ цӕсты раст цы у, уый куы аразай, мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай,– мӕ лӕггадгӕнӕг Давид сӕ куыд ӕххӕст кодта, афтӕ+,– уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ+ ӕмӕ дын дӕ хӕдзар* ӕрфидар кӕндзынӕн, Давидӕн ӕй куыд ӕрфидар кодтон, афтӕ+, ӕмӕ дын Израил дӕ къухмӕ ратдзынӕн. 39 Ӕз Давиды байзӕддӕгты се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй фегад кӕндзынӕн+, фӕлӕ ӕнустӕм нӕ“»+.
40 Ӕмӕ Соломон сфӕнд кодта Йеровоамы амарын+, фӕлӕ Йеровоам сыстад ӕмӕ алыгъд+ Египетмӕ, Египеты паддзах Сусакиммӕ+. Ӕмӕ уым цард, цалынмӕ Соломон нӕ амард, уӕдмӕ.
41 Соломоны иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, йӕ зонды тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Соломоны царды хабӕртты чиныджы. 42 Соломон Иерусалимы ӕгас Израилӕн паддзах уыд цыппор азы+. 43 Уый фӕстӕ Соломон йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыд Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам+.
12 Ровоам+ ацыд Сихеммӕ+, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уым ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой. 2 Наваты фырт Йеровоам+ та уыцы рӕстӕг уыд Египеты, уымӕн ӕмӕ Египетмӕ алыгъд паддзах Соломонӕй ӕмӕ уым цард,– ӕмӕ уыцы хабар фехъуыста+. 3 Ӕмӕ йӕм арвыстой, ӕрцу, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ Йеровоам ӕмӕ Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты Ровоаммӕ ӕмӕ йын загътой+: 4 «Дӕ фыд ныл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, фӕлӕ ды фӕрогдӕр кӕн, дӕ фыд нӕ цы уӕззау куыстыл бафтыдта ӕмӕ ныл цы уӕззау ӕфсондз+ сӕвӕрдта+, уый, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзыстӕм»+.
5 Уый сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ-иу мӕм ӕртӕ боны фӕстӕ ӕрбацӕут»+. Гъемӕ адӕм ацыдысты. 6 Ӕмӕ паддзах Ровоам уынаффӕ кӕнын райдыдта, йӕ фыд Соломонӕн чи лӕггад кодта, уыцы хистӕр лӕгтимӕ+ ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы зӕгъон ацы адӕмӕн, цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут?»+ 7 Уыдон ын загътой: «Абон ацы адӕмӕн лӕггадгӕнӕг куы суай, о, куы сын лӕггад кӕнай+ ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнай+, уӕд дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзысты»+.
8 Фӕлӕ паддзах Ровоам хистӕр лӕгты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ уынаффӕ кӕнын райдыдта ӕрыгон лӕппутимӕ, йемӕ чи схъомыл+ ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, уыдонимӕ+. 9 Загъта сын: «Адӕм мын афтӕ зӕгъынц: „Дӕ фыд ныл цы уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн“+. Ӕмӕ мын сымах та цы бауынаффӕ кӕндзыстут+, цы зӕгъӕм ацы адӕмӕн?» 10 Йемӕ чи схъомыл, уыцы лӕппутӕ йын загътой: «Афтӕ дын чи зӕгъы, дӕ фыд ныл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, фӕлӕ нын ӕй ды фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ, уыцы адӕмӕн зӕгъ+: „Мӕнӕн мӕ гыццыл ӕнгуылдз дӕр мӕ фыды синтӕй ставддӕр у+. 11 Мӕ фыд уыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, ӕз та уын уӕ уаргъыл ноджыдӕр бафтаудзынӕн+. Мӕ фыд уӕ ӕнӕуи ехсӕй надта, ӕз та уӕ нӕмдзынӕн, сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехсӕй*“»+.
12 Йеровоам ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕртыккаг бон Ровоаммӕ ӕрбацыдысты, паддзах сын куыд загъта, афтӕ, ӕртыккаг бон-иу мӕм ӕрбацӕут+, зӕгъгӕ. 13 Ӕмӕ сын паддзах тызмӕгӕй дзуапп радта+. Хистӕр лӕгты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта+, 14 фӕлӕ йын ӕрыгон лӕппутӕ куыд бауынаффӕ кодтой+, афтӕ загъта адӕмӕн: «Мӕ фыд уыл уӕззау уаргъ сӕвӕрдта, ӕз та уын уӕ уаргъыл ноджыдӕр бафтаудзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕнӕуи ехсӕй надта, ӕз та уӕ нӕмдзынӕн, сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехсӕй»+. 15 Паддзах адӕммӕ нӕ байхъуыста+, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг уыд Йегъовӕйӕ+, цӕмӕй Йегъовӕ сӕххӕст кодтаид+, силомаг Ахийы+ уылты Наваты фырт Йеровоамӕн цы загъта, уый.
16 Израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕм паддзах нӕ байхъуыста, уӕд ын загътой: «Цы хай нын ис Давидмӕ?+ Махӕн Йессейы фыртмӕ бынтӕ нӕй. Израилӕгтӕ, фӕстӕмӕ уӕ хуыцӕуттӕм аздӕхут!+ Ныр дӕхи хӕдзары кой кӕн, Давид!»+ Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ цатыртӕм ацыдысты. 17 Израилы фырттӕй ма Ровоамы дӕлбар баззадысты, Иудӕйы горӕтты чи цард, ӕрмӕстдӕр уыдон+.
18 Иухатт паддзах Ровоам Израилы фырттӕм арвыста Адорамы+ – кусджыты сӕргъы чи лӕууыд, уый+, фӕлӕ йӕ уыдон иууылдӕр дуртӕй фӕхостой+, ӕмӕ амард. Паддзах Ровоам та бӕхуӕрдонмӕ сгӕпп кодта ӕмӕ Иерусалиммӕ алыгъд. 19 Уӕдӕй абоны онг+ израилӕгтӕ сты Давиды хӕдзарвӕндаджы ныхмӕ+.
20 Йеровоам фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхт, уый израилӕгтӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕм уайтагъд арвыстой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ йӕ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой+. Давиды хӕдзарвӕндаджы фӕдыл та Иудӕйы мыггаг йеддӕмӕ ничи ацыд+.
21 Ровоам та куыддӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+, афтӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕйы мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг+ – сӕдӕ ӕстай мин хуыздӕр хӕстоны, цӕмӕй Израилы адӕмимӕ схӕцыдаиккой ӕмӕ паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ Соломоны фырт Ровоамы бауыдаиккой. 22 Уӕд ӕцӕг Хуыцау+ йӕ пехуымпар* Шемайӕйӕн+ загъта: 23 «Афтӕ зӕгъ Иудӕйы паддзах Ровоамӕн, Соломоны фыртӕн, ӕмӕ Иудӕйы мыггагӕй се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Вениамины мыггагӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр: 24 „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ма схӕцут уе ’фсымӕртимӕ, Израилы фырттимӕ+. Алчидӕр уӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый мӕнӕй уыди“»+. Уыдон дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой+ ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
25 Йеровоам Ефремы хӕхбӕсты горӕт Сихем+ сарӕзта ӕмӕ уым ӕрцард. Стӕй уырдыгӕй ацыд ӕмӕ Пенуел+ дӕр сарӕзта. 26 Йеровоам йӕхицӕн загъта+: «Паддзахад та фӕстӕмӕ Давиды хӕдзарвӕндаджы бауыдзӕн+. 27 Ацы адӕм дарддӕр дӕр Иерусалиммӕ куы цӕуой ӕмӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы хӕдзары куы хӕссой+, уӕд сӕ зӕрдӕ дӕр фӕстӕмӕ сӕ хицауы ’рдӕм, Иудӕйы паддзах Ровоамы ’рдӕм фӕуыдзӕн. Ӕмӕ мӕ уӕд ӕнӕмӕнг амардзысты+ ӕмӕ фӕстӕмӕ Иудӕйы паддзах Ровоаммӕ аздӕхдзысты». 28 Уӕд паддзах йӕ уынаффӕгӕнджытимӕ бауынаффӕ кодта+ ӕмӕ скодта дыууӕ сызгъӕрин роды+ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Иерусалиммӕ цӕуын уын ӕгӕр зын у. Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау+, Египетӕй дӕ чи ракодта, уый»+. 29 Ӕмӕ уыцы сызгъӕрин родтӕй иу Вефилы сӕвӕрдта+, иннӕ та – Даны+. 30 Уый адӕмы ӕркодта тӕригъӕдмӕ+. Адӕм суанг Данмӕ цыдысты, цӕмӕй, уым чи уыд, уыцы родӕн куывтаиккой.
31 Йеровоам бӕрзонд бынӕтты кувӕндӕттӕ аразын райдыдта+ ӕмӕ сауджынтӕй ӕвӕрдта ӕнӕуи адӕмы, Левийы фырттӕй чи нӕ уыд, уыдоны+. 32 Ӕстӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон та скодта, Иудӕйы цы бӕрӕгбон бӕрӕг кодтой, уый хуызӕн бӕрӕгбон+, цӕмӕй, Вефилы цы нывондхӕссӕн скодта, ууыл кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хастаид, кӕй сарӕзта, уыцы родтӕн. Уым ма Вефилы+ сӕвӕрдта сауджынты дӕр, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой, цы кувӕн бынӕттӕ* сарӕзта, уым. 33 Вефилы цы нывондхӕссӕн скодта, ууыл нывӕндтӕ хӕссын райдыдта, йӕхӕдӕг цы мӕй равзӕрста+, уыцы мӕйы – ӕстӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон. Ӕмӕ Израилы фырттӕн скодта бӕрӕгбон ӕмӕ нывондхӕссӕныл нывӕндтӕ ӕрхаста ӕмӕ дзы нывӕндты фӕздӕг суагъта+.
13 Йеровоам нывондхӕссӕны раз куы лӕууыд+ ӕмӕ йыл нывонды фӕздӕг суадзынмӕ куы хъавыд+, уӕд Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+ Иудӕйӕ Вефилмӕ ӕрцыд Хуыцауы ӕрвыст лӕг+. 2 Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ нывондхӕссӕнӕн загъта: «О нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Давиды хӕдзары райгуырдзӕн лӕппу, Иоси, зӕгъгӕ!+ Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕн, кувӕн бынӕтты чи лӕггад кӕны ӕмӕ дыл нывӕндты фӕздӕг чи суадзы, уыцы сауджынты, ӕмӕ дыл адӕмы стджытӕ басудздзӕн“»+. 3 Ӕмӕ сын уыцы бон радта нысан дӕр+. Уый загъта: «Мӕнӕ уын Йегъовӕйӕ нысан: ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн, ӕмӕ дзы цы сойӕдзаг фӕнык ис, уый ракӕлдзӕн».
4 Паддзах Йеровоам лӕууыд нывондхӕссӕны раз ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Ӕрцахсут ӕй!»+ Ӕмӕ йӕм куыддӕр йӕ къухӕй ацамыдта, афтӕ йӕ къух ӕвиппайды бахус, ӕмӕ йӕ йӕ бон фӕкъӕдз кӕнын дӕр нал уыд+. 5 Нывондхӕссӕн та ныппырх ӕмӕ дзы цы сойӕдзаг фӕнык уыд, уый ракалд, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
6 Ӕмӕ уӕд паддзах ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кӕн* ӕмӕ йӕм мӕн тыххӕй скув, цӕмӕй мӕ къух адзӕбӕх уа»+. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ паддзахы къух адзӕбӕх – раздӕр ын куыд уыди, афтӕ та йын сси+. 7 Уый фӕстӕ паддзах ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Цом нӕм хӕдзармӕ ӕмӕ исты ахӕр+, стӕй дын лӕвар дӕр раттон»+. 8 Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг паддзахӕн загъта: «Дӕ хӕдзарӕн мын йе ’мбис куы раттис+, уӕд дӕр нӕ ацӕуин демӕ+ ӕмӕ ам къӕбӕр дӕр нӕ бахӕрин ӕмӕ дон дӕр нӕ бануазин, 9 уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „Къӕбӕр дӕр дзы ма бахӕр+ ӕмӕ дзы дон дӕр ма бануаз, ӕмӕ, цы фӕндагыл ӕрцыдтӕ, фӕстӕмӕ ууыл ма ацу“». 10 Ӕмӕ уыцы лӕг ӕндӕр фӕндагыл ацыд – Вефилмӕ цы фӕндагыл ӕрцыд, фӕстӕмӕ ууыл нал аздӕхт.
11 Вефилы царди иу зӕронд пехуымпар+. Йӕ фырттӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йын радзырдтой, уыцы бон ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Вефилы цытӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Сӕ фыдӕн ма радзырдтой, уыцы адӕймаг паддзахӕн цы загъта, уый дӕр. 12 Уӕд сӕ сӕ фыд бафарста: «Кӕуылты ацыд уыцы лӕг?» Ӕмӕ йын йӕ фырттӕ равдыстой, ӕцӕг Хуыцау Иудӕйӕ кӕй ӕрӕрвыста, уыцы лӕг кӕуылты ацыд, уый. 13 Ӕмӕ уӕд йӕ фырттӕн загъта: «Хӕрӕгыл-ма мын саргъ авӕрут». Уыдон дӕр хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдтой+, ӕмӕ йыл сбадт ӕмӕ ацыд.
14 Уый ацыд ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕджы фӕдыл ӕмӕ йӕ стыр бӕласы бын бадгӕ ссардта+. Ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг? Иудӕйӕ ды ’рцыдтӕ?»+ «О»,– дзуапп ын радта уый. 15 Уӕд ын зӕронд пехуымпар загъта: «Цом мемӕ хӕдзармӕ ӕмӕ нӕм къӕбӕр бахӕр». 16 Фӕлӕ йын Хуыцауы ӕрвыст лӕг загъта: «Мӕ бон нӕу демӕ фӕстӕмӕ аздӕхын ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ бацӕуын, стӕй мын ам къӕбӕр хӕрӕн ӕмӕ дон нуазӕн дӕр нӕй+, 17 уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта+: „Къӕбӕр дӕр дзы ма бахӕр ӕмӕ дзы дон дӕр ма бануаз. Ӕмӕ, цы фӕндагыл ӕрцыдтӕ, фӕстӕмӕ ууыл ма аздӕх“»+. 18 Уый та йын загъта: «Ӕз дӕр дӕу хуызӕн пехуымпар дӕн, ӕмӕ мын зӕд+ Йегъовӕйы номӕй загъта: „Ракӕн ӕй дӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй къӕбӕр бахӕра ӕмӕ дон бануаза“». Афтӕмӕй та йӕ сайгӕ акодта+. 19 Уӕд уый дӕр фӕстӕмӕ йемӕ ацыд, цӕмӕй йӕ хӕдзары къӕбӕр бахордтаид ӕмӕ дон банызтаид+.
20 Фынгыл куы бадтысты, уӕд, фӕстӕмӕ йӕ чи ракодта, уыцы пехуымпармӕ Йегъовӕйӕ уыди ныхас+. 21 Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕгӕн, Иудӕйӕ чи ’рцыд, уымӕн, загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ды Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтӕ+ ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай+, 22 фӕлӕ дын ӕз афтӕ цы бынатӕй загътон, къӕбӕр дӕр дзы ма бахӕр ӕмӕ дзы дон дӕр ма бануаз, зӕгъгӕ, уырдӕм фӕстӕмӕ ацыдтӕ къӕбӕр хӕрынмӕ ӕмӕ дон нуазынмӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕ мард, дӕ фыдӕлтӕ кӕм ныгӕд сты, уырдӕм нӕ фӕхӕццӕ уыдзӕн“»+.
23 Зӕронд пехуымпар фӕстӕмӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы пехуымпар куыддӕр бахордта ӕмӕ банызта, афтӕ йын хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта, 24 ӕмӕ лӕг йӕ фӕндагыл араст. Фӕндагыл йӕ размӕ фӕци домбай+ ӕмӕ йӕ амардта+. Ӕмӕ йӕ мард фӕндагыл афтӕ баззад, хӕрӕг ӕмӕ домбай та йӕ цуры лӕууыдысты. 25 Уыцы фӕндагыл цы адӕм цыд, уыдон федтой, фӕндаджы астӕу мард лӕг кӕй хуыссы ӕмӕ йӕ цуры та домбай кӕй лӕууы. Ӕмӕ, зӕронд пехуымпар кӕм цард, уыцы горӕтмӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы хабар уым радзырдтой.
26 Фӕндагӕй йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпар уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уый ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг у, Йегъовӕйы ныхасы сӕрты чи ахызт, уый+. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ домбайы амӕттаг бакодта, ӕмӕ йӕ домбай аскъуыдтӕ кодта ӕмӕ йӕ амардта, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+. 27 Стӕй йӕ фырттӕн загъта: «Хӕрӕгыл-ма мын саргъ авӕрут». Уыдон дӕр хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдтой+. 28 Ӕмӕ ацыд ӕмӕ йын йӕ мард фӕндагыл ссардта, йӕ цуры та лӕууыдысты хӕрӕг ӕмӕ домбай. Домбай мардмӕ нӕ бавнӕлдта ӕмӕ хӕрӕджы дӕр нӕ бахордта+. 29 Уӕд зӕронд пехуымпар ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕджы мард систа, хӕрӕгыл ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ горӕтмӕ аласта, цӕмӕй йыл фӕкуыдтаиккой ӕмӕ йӕ баныгӕдтаиккой. 30 Йӕ мард ын бавӕрдта йӕхи зӕппадзы. Ӕмӕ йыл куыдтой+: «Мӕгуыр дӕ бон, ме ’фсымӕр!» 31 Куы йӕ баныгӕдта, уӕд йӕ фырттӕн загъта: «Куы амӕлон, уӕд-иу мӕ баныгӕнут, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг кӕм ныгӕд ис, уым. Ме стджытӕ-иу мын йе стджыты фарсмӕ бавӕрут+, 32 уымӕн ӕмӕ, Вефилы цы нывондхӕссӕн+ ис ӕмӕ Самарийы+ горӕтты цы кувӕндӕттӕ+ ис, уыдоны тыххӕй Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ цы загъта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн»+.
33 Йеровоам уыцы хабары фӕстӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ дарддӕр кувӕн бынӕтты сауджынтӕй ӕвӕрдта ӕнӕуи адӕмы+. Кӕй-иу фӕндыд, уымӕн-иу бартӕ радта+ ӕмӕ-иу загъта: «Уадз ӕмӕ ацы лӕг кувӕн бынаты сауджын уа». 34 Уымӕй Йеровоамы хӕдзаронтӕ ракодтой тӕригъӕд+, ӕмӕ уый тыххӕй зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты+.
14 Уыцы рӕстӕг Йеровоамӕн йӕ фырт Ави фӕрынчын+. 2 Ӕмӕ Йеровоам йӕ усӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ уӕлӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ скӕн+, цӕмӕй йӕ мачи базона, Йеровоамы ус кӕй дӕ, уый, ӕмӕ Силоммӕ ацу. Уым ис пехуымпар Ахи+. Ацы адӕмӕн паддзах кӕй суыдзынӕн, уый дӕр мын уый загъта+. 3 Демӕ ахӕсс дӕс дзулы+, гуылтӕ ӕмӕ дурыны+ дзаг мыд ӕмӕ йӕм ацу+. Уый дын зӕгъдзӕн, лӕппу цы бауыдзӕн, уый»+.
4 Йеровоамы ус дӕр афтӕ бакодта. Сыстад, ацыд Силоммӕ+ ӕмӕ уым Ахийы хӕдзармӕ ӕрбацыд. Ахи та цӕстӕй нал уыдта, йӕ цӕстытӕ змӕлгӕ дӕр нал кодтой, уымӕн ӕмӕ уыди зӕронд+.
5 Йегъовӕ Ахийӕн загъта: «Йеровоамы ус дӕм ӕрбацӕуы. Йӕ фырт рынчын у, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй фӕрсдзӕн. Ӕмӕ-иу ын афтӕ ӕмӕ афтӕ зӕгъ. Куы ’рбацӕуа, уӕд, чи у, уый не схъӕр кӕндзӕн»+.
6 Йеровоамы ус мидӕмӕ куы бацӕйхызт, уӕд ын Ахи йӕ къӕхты хъӕр айхъуыста ӕмӕ йӕм радзырдта: «Мидӕмӕ рахиз, Йеровоамы ус+. Чи дӕ, уый цӕмӕн ӕмбӕхсыс? Хуыцау мын загъта, цӕмӕй дын ӕвзӕр хабар фехъусын кӕнон. 7 Ацу ӕмӕ Йеровоамӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сбӕрзонд кодтон дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ дӕ мӕ адӕм Израилӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдтон+. 8 Давиды хӕдзарвӕндагӕй паддзахад байстон+ ӕмӕ йӕ дӕуӕн радтон, фӕлӕ ды мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды хуызӕн нӕ разындтӕ. Уый мын мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодта ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ мӕ коммӕ каст ӕмӕ арӕзта, мӕ цӕсты раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый+. 9 Ды та, дӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕдӕ. Ацыдтӕ ӕмӕ дӕхицӕн сарӕзтай ӕндӕр хуыцау, о, уыцы ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ+, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй бафхӕрдтай+, ды мӕм дӕ чъылдым сыздӕхтай+. 10 Уый тыххӕй ӕз Йеровоамы хӕдзар бӕллӕхты хай бакӕндзынӕн ӕмӕ Йеровоамы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иуы дӕр нал ныууадздзынӕн+, фесафдзынӕн се ’ппӕты дӕр, Израилы ӕппӕты ницӕйагдӕр чи у, уый дӕр+. Ӕмӕ фаджыс куыд ахафынц ӕмӕ дзы куыд ницыуал ныууадзынц+, афтӕ ахафдзынӕн Йеровоамы хӕдзар+. 11 Йеровоамӕн горӕты чи амӕла, уый куыйтӕ бахӕрдзысты+, быдыры йын чи амӕла, уый та уӕларвон мӕргътӕ бахӕрдзысты+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ“.
12 Ныр дӕ хӕдзармӕ ацу. Куыддӕр горӕтмӕ бацӕуай, афтӕ сывӕллон амӕлдзӕн. 13 Израилӕгтӕ йыл иууылдӕр фӕкӕудзысты+ ӕмӕ йӕ бавӕрдзысты. Йеровоамӕн чи ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр уый бавӕрдзысты ингӕны, уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ Йеровоамы хӕдзары ӕрмӕстдӕр уый зӕрдӕйы ссардта цыдӕр хорздзинад+. 14 Йегъовӕ Израилӕн сӕвӕрдзӕн ӕндӕр паддзах+, ӕмӕ уыцы бон уый Йеровоамы хӕдзар фесафдзӕн. Ӕмӕ уыцы хабар мӕнӕ ныртӕккӕ куы ’рцӕуа, уӕд дӕр цы?+ 15 Йегъовӕ Израилы ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ хъӕз доны куыд фӕдзой-дзой кӕны, уыдон дӕр афтӕ дзой-дзой кӕндзысты+. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы хорз зӕхх радта+, уырдыгӕй сӕ бындзарӕй стондзӕн+ ӕмӕ, Стыр цӕугӕдоны*+ фалейӕ цы зӕххытӕ ис, уыцы зӕххытыл сӕ ныппырх кӕндзӕн+, сӕхицӕн цӕджындзтӕ кӕй скодтой ӕмӕ сын кӕй куывтой+ ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй ӕфхӕрдтой+, уый тыххӕй. 16 Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта тӕригъӕды+, уыдоны тыххӕй Хуыцау Израилыл йӕ къух сисдзӕн»+.
17 Уӕд Йеровоамы ус йӕ фӕндагыл араст ӕмӕ Фирцӕмӕ+ ӕрцыд. Ӕмӕ куыддӕр йӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахызт, афтӕ лӕппу амард. 18 Ӕмӕ йын йӕ мард бавӕрдтой, ӕмӕ йыл израилӕгтӕ иууылдӕр фӕкуыдтой, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ йӕ пехуымпар Ахийы уылты куыд загъта, афтӕ.
19 Йеровоамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – куыд хӕцыд+ ӕмӕ разамынд куыд лӕвӕрдта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 20 Йеровоам паддзах уыди дыууын дыууӕ азы ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Надав+.
21 Иудӕйы та паддзах уыд Соломоны фырт Ровоам+. Ровоам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди цыппор иу азы ӕмӕ ӕвддӕс азы уыд паддзах Иерусалимы, Йегъовӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты+ горӕттӕй йӕ номӕн+ кӕй равзӕрста, уыцы горӕты+. Йӕ мад уыди аммонаг, Наамӕ+, зӕгъгӕ. 22 Иудӕйы адӕм арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Ӕмӕ йӕ мӕсты кодтой+, сӕ фыдӕлтӕ йӕ се ’ппӕт дӕр сӕ тӕригъӕдтӕй куыд мӕсты кодтой, уымӕй тынгдӕр+. 23 Сӕхицӕн алы бӕрзонд къуыбырыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ кувӕн бынӕттӕ арӕзтой+, дуртӕ+ ӕмӕ цӕджындзтӕ+ ӕвӕрдтой ӕмӕ сын куывтой. 24 Сӕ бӕстӕйы уыди хӕтаг нӕлгоймӕгтӕ* дӕр+. Адӕм бафӕзмыдтой, Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмтӕ цыдӕриддӕр ӕлгъаг митӕ кодтой, уыдон+.
25 Ровоам паддзах фӕндзӕм аз куы уыди, уӕд Египеты паддзах Сусаким+ Иерусалиммӕ бабырста. 26 Ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары цы хӕзнатӕ уыд, уыдон ахаста+, ницыуал дзы ныууагъта+. Соломон цы сызгъӕрин уартытӕ скодта, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр ахаста+. 27 Уыцы уартыты бӕсты паддзах Ровоам скодта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ, паддзахы хӕдзары бахизӕн чи хъахъхъӕдта+, уыдоны хистӕрты бар бакодта+. 28 Паддзах-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ куы цыд, уӕд-иу сӕ хъахъхъӕнджытӕ рахастой, ӕмӕ та-иу сӕ стӕй фӕстӕмӕ хъахъхъӕнджыты уатмӕ бахастой+.
29 Ровоамы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 30 Ровоам ӕмӕ Йеровоамы ’хсӕн цӕрӕнбонты уыди хӕст+. 31 Ӕппынфӕстаг Ровоам йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты йӕ фыдӕлты фарсмӕ+. Йӕ мад уыди аммонаг, Наамӕ+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Ровоамы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ави+.
15 Ави Иудӕйы паддзах сси+, Наваты фырт+ Йеровоам+ ӕстдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 2 Ӕртӕ азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Маахӕ+, уыди Авессаломы чызджы чызг+. 3 Ави дӕр арӕзта, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыд+, йӕ фыдӕл Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ+. 4 Йӕ Хуыцау Йегъовӕ йын Давиды хатырӕй+ Иерусалимы радта цырагъ+ – йӕ фӕстӕ йын йӕ фырты паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ Иерусалим фесафын нӕ бауагъта+, 5 уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты никуы ахызт+, хеттаг Урийы хабарӕй фӕстӕмӕ+. 6 Ровоам ӕмӕ Йеровоамы ’хсӕн цӕрӕнбонты уыд хӕст+.
7 Авийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. Ави ӕмӕ Йеровоамы ’хсӕн дӕр цыди хӕст+. 8 Ӕппынфӕстаг Ави йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Асӕ+.
9 Асӕ Иудӕйы паддзах сси, Йеровоам Израилы дыууынӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 10 Ӕмӕ цыппор иу азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ фыдымад хуынди Маахӕ+, уыди Авессаломы чызджы чызг+. 11 Асӕ дӕр йӕ фыдӕл Давидау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. 12 Йӕ бӕстӕйӕ фӕсырдта хӕтаг нӕлгоймӕгты+ ӕмӕ фесӕфта, йӕ фыдӕлтӕ цыдӕриддӕр фаджыс-хуыцӕуттӕ+ сарӕзтой+, уыдон. 13 Йӕ фыдымад Маахӕйӕн+ та йӕ бартӕ байста, ӕмӕ ус-паддзах нал уыди+, уымӕн ӕмӕ цӕджындзӕн кувынӕн сарӕзта ӕнад мӕнгхуыцау. Асӕ йын йӕ ӕнад мӕнгхуыцауы+ афӕлдӕхта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы+ басыгъта+. 14 Кувӕн бынӕттӕ+ та нӕ ныппырх кодта+. Фӕлӕ цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ+. 15 Асӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ бахаста, йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цы снывонд кодта, уыдӕттӕ – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон дзауматӕ+.
16 Асӕ ӕмӕ Израилы паддзах Ваасӕйы+ ’хсӕн цӕрӕнбонты уыд хӕст. 17 Ӕмӕ Израилы паддзах Ваасӕ Иудӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ райдыдта Рамӕ+ фидар кӕнын, цӕмӕй Иудӕйы паддзах Асӕйӕ рацӕуӕн дӕр макӕмӕн уыдаид ӕмӕ йӕм бацӕуӕн дӕр ма уыдаид+. 18 Уӕд Асӕ рахаста, Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ӕмӕ ма паддзахы хӕдзары хӕзнадоны цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин баззад, уый, йӕ лӕггадгӕнджытӕм сӕ радта ӕмӕ сӕ арвыста Сирийы паддзах+ Венададӕн+. Венадад уыд Хезионӕн йӕ фырт Тавримоны фырт ӕмӕ цард Дамаскы+. Арвыста сӕ ахӕм ныхасимӕ: 19 «Мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыди бадзырд, афтӕ нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ис бадзырд. Лӕварӕн+ дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин. Ацу ӕмӕ, Израилы паддзах Ваасӕимӕ цы бадзырд скодтай, уый фехал, цӕмӕй мемӕ мауал хӕца»+. 20 Венадад байхъуыста паддзах Асӕмӕ ӕмӕ йе ’фсӕдты хистӕрты арвыста, цӕмӕй Израилы горӕттимӕ схӕцыдаиккой. Ӕмӕ Венадад ныппырх кодта Ийон+, Дан+, Авел-Беф-Маахӕ+ ӕмӕ ӕгас Киннереф, Неффалимы+ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. 21 Ваасӕ уый куы фехъуыста, уӕд Рамӕ нал фидар кодта+ ӕмӕ фӕстӕмӕ Фирцӕмӕ ӕрцыд+. 22 Паддзах Асӕ та Иудӕйы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+, ӕмӕ Рамӕйӕ ахастой, Ваасӕ горӕт кӕмӕй фидар кодта, уыцы дуртӕ ӕмӕ хъӕдтӕ. Ӕмӕ уыцы дуртӕ ӕмӕ хъӕдтӕй паддзах Асӕ фидар кӕнын райдыдта Вениамины мыггаджы горӕт Гивӕ+, стӕй Массифӕ+ дӕр.
23 Асӕйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй, цы горӕттӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. Асӕ куы базӕронд+, уӕд йӕ къӕхтӕй хъӕрзын райдыдта+. 24 Ӕппынфӕстаг Асӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕл Давиды горӕты йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат+.
25 Йеровоамы фырт Надав+ Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Израилы паддзах уыд дыууӕ азы. 26 Надав арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Надав цыди йӕ фыды фӕндагыл+ ӕмӕ, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта+. 27 Иссахары мыггагӕй Ахийы фырт Ваасӕ+ Надавы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ, Надав ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр филистимӕгты горӕт Гавафоныл+ куы ’ртыхстысты, уӕд ӕй уым амардта. 28 Ваасӕ Надавы амардта, Асӕ Иудӕйы ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах+. 29 Ӕмӕ паддзах куы сси, уӕд, Йеровоамы хӕдзарӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны ныццагъта. Удӕгасӕй дзы никӕй ныууагъта, бындзагъд сӕ фӕкодта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг силомаг Ахийы уылты куыд загъта, афтӕ+, 30 уымӕн ӕмӕ Йеровоам арӕзта тӕригъӕдтӕ+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдта ӕмӕ афтӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдта+. 31 Надавы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 32 Асӕ ӕмӕ Израилы паддзах Ваасӕйы ’хсӕн цӕрӕнбонты уыди хӕст+.
33 Ахийы фырт Ваасӕ Фирцӕйы ӕгас Израилӕн паддзах сси, Асӕ Иудӕйы ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ дыууын цыппар азы уыди паддзах+. 34 Ваасӕ арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ ӕмӕ цыди Йеровоамы фӕндагыл+ – Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта+.
16 Йегъовӕ Ананийы фырт+ Ииуйы+ уылты фехъусын кодта, Ваасӕйӕн цы тӕрхон рахаста, уый: 2 «Ӕз дӕ зӕххӕй систон+ ӕмӕ дӕ мӕ адӕм Израилӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдтон+, фӕлӕ ды Йеровоамы фӕндагыл ацыдтӕ+ ӕмӕ мын мӕ адӕм Израилы тӕригъӕды бафтыдтай, ӕмӕ мӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ӕфхӕрдтой+. 3 Уый тыххӕй ӕз Ваасӕйӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзар дӕр фесафдзынӕн ӕмӕ, Наваты фырт Йеровоамы хӕдзарӕн куыд бакодтон, афтӕ бакӕндзынӕн йӕ хӕдзарӕн дӕр+. 4 Ваасӕйӕн горӕты чи амӕла, уый куыйтӕ бахӕрдзысты, быдыры йын чи амӕла, уый та уӕларвон мӕргътӕ бахӕрдзысты»+.
5 Ваасӕйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 6 Ӕппынфӕстаг Ваасӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Фирцӕйы+ бавӕрдтой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Илӕ. 7 Ананийы фырты уылты, ома пехуымпар Ииуйы уылты, Йегъовӕ Ваасӕйӕн фехъусын кодта, Ваасӕйӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый+ – Йегъовӕйы раз фыдхъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта ӕмӕ йӕ йӕ хъуыддӕгтӕй+ кӕй ӕфхӕрдта+, стӕй Надавы дӕр кӕй амардта, уый тыххӕй, Йеровоамы хӕдзарыл цы бон акодта, уыцы бон акӕндзӕн йӕ хӕдзарыл дӕр+.
8 Ваасӕйы фырт Илӕ Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы дыууын ӕхсӕзӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Фирцӕйы паддзахиуӕг кодта дыууӕ азы. 9 Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Зимри+, бӕхуӕрдӕттӕн се ’мбис кӕй дӕлбар уыд, уый, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта. Илӕ Фирцӕйы йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Арсӕйы хӕдзары куы уыд+, уӕд банызта+ ӕмӕ фӕрасыг, 10 ӕмӕ йӕм Зимри бацыд ӕмӕ йӕ амардта+. Ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхӕдӕг сси паддзах. Уыцы хабар ӕрцыд, Асӕ Иудӕйы дыууын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 11 Куыддӕр Зимри паддзах сси ӕмӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадт, афтӕ, Ваасӕйы хӕдзарӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны ныццагъта. Йӕ хӕдзары йын нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал ныууагъта+, йӕ тугисджыты дӕр+ ӕмӕ йын йе ’рдхӕрдты дӕр амардта. 12 Гъемӕ, Ваасӕйы хӕдзарӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны Зимри бындзагъд фӕкодта+, Йегъовӕ Ваасӕйы тыххӕй пехуымпар Ииуйы+ уылты куыд загъта, афтӕ+, 13 уымӕн ӕмӕ Ваасӕ ӕмӕ йӕ фырт Илӕ+ арӕзтой тӕригъӕдтӕ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдтой, ӕмӕ сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕй+ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой. 14 Илӕйы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.
15 Зимри паддзах сси, Асӕ Иудӕйы дыууын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Фирцӕйы паддзахиуӕг кодта авд боны+. Уыцы рӕстӕг адӕм филистимӕгты горӕт Гавафоны+ раз ӕрбынат кодтой, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. 16 Гавафоны раз цы адӕм уыд, уыдон фехъуыстой, Зимри паддзахы ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодта ӕмӕ йӕ кӕй амардта. Ӕмӕ уыцы бон израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, се ’фсад кӕм ӕрбынат кодта, уым Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой ӕфсады хистӕр Амврийы+. 17 Уӕд Амври ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Гавафонӕй ацыдысты ӕмӕ Фирцӕйыл ӕртыхстысты+. 18 Горӕт кӕй бацахстой, уый Зимри куы федта, уӕд бацыд, паддзахы хӕдзары цы цӕрӕн мӕсыг уыд, уырдӕм ӕмӕ паддзахы хӕдзарыл арт бандзӕрста, йӕхӕдӕг дӕр уым уыд, афтӕмӕй, ӕмӕ амард+, 19 цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй. Зимри арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ ӕмӕ цыди Йеровоамы фӕндагыл – Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта+. 20 Зимрийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, цы сусӕгвӕнд скодта, уый тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.
21 Уыцы рӕстӕг Израилы адӕм дыууӕ дихы фесты+: иутӕ дзы Гонафы фырт Фамнийы фарс слӕууыдысты, паддзахӕй йӕ сӕвӕрӕм, зӕгъгӕ, иннӕтӕ та – Амврийы фарс. 22 Фӕлӕ ӕппынфӕстаг, Амврийы фарс чи уыд, уыдон фӕуӕлахиз сты, Гонафы фырт Фамнийы фарс чи уыд, уыдоныл. Фамни фӕмард, Амври та сси паддзах.
23 Амври Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы ӕртын фыццӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ паддзах уыди дыууадӕс азы, уыдонӕй ӕхсӕз азы – Фирцӕйы. 24 Амври Шемерӕй дыууӕ ӕвзист талантӕй балхӕдта Самарийы хох, горӕт ыл сарӕзта ӕмӕ йӕ схуыдта Самари+ – хох кӕй уыди, уый номӕй, ома Шемеры номӕй. 25 Амври арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци+. 26 Амври цыд Наваты фырт Йеровоамы фӕндӕгтыл+: Йеровоам тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой. Ӕмӕ дзы Амври дӕр фӕсте ницы ныууагъта+. 27 Амврийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – цы ма сарӕзта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ хъомысы тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 28 Ӕппынфӕстаг Амври йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Самарийы бавӕрдтой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахав+.
29 Амврийы фырт Ахав Израилы паддзах сси, Асӕ Иудӕйы ӕртын ӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ горӕт Самарийы+ Израилӕн паддзах уыд дыууын дыууӕ азы. 30 Амврийы фырт Ахав арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци+. 31 Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон кӕй арӕзта+, уый йын фаг нӕ уыд+, фӕлӕ ма сидойнӕгты+ паддзах Ефваалы чызг Йезавелы+ дӕр ракуырдта+, ӕмӕ райдыдта Ваалӕн кувын+ ӕмӕ йын табу кӕнын. 32 Уымӕй уӕлдай ма Ваалӕн Самарийы кувӕндон+ сарӕзта ӕмӕ уыцы кувӕндоны Ваалӕн нывондхӕссӕн сӕвӕрдта. 33 Стӕй ма сӕвӕрдта кувӕн цӕджындз дӕр+. Израилы Хуыцау Йегъовӕйы Ахав куыд ӕфхӕрдта, афтӕ+ йӕ, Израилы йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй иу дӕр не ’фхӕрдта.
34 Ахавы рӕстӕджы вефилаг Ахиил ногӕй сарӕзта Иерихон. Ӕмӕ йын бындур цы бон ӕрӕвӕрдта, уыцы бон йӕ хистӕр фырт Авирон амард, йӕ кулдуӕрттӕ йын цы бон сӕвӕрдта, уыцы бон та – йӕ кӕстӕр фырт Сегув, Йегъовӕ Навины фырт Йесойы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
17 Фесвӕйаг Илийа+, Галаады+ зӕххӕй чи уыд, уый, Ахавӕн загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын+, уыцы удӕгас Хуыцауы раз дын сомы кӕнын+: ацы цалдӕр азы зӕххыл нӕдӕр ӕртӕх уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда ӕруардзӕн+, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ»+.
2 Йегъовӕ Илийайӕн загъта+: 3 «Ардыгӕй ацу, дӕ фӕндаг скӕсӕнырдӕм акӕн ӕмӕ Иорданӕн скӕсӕнырдыгӕй Хорафы дӕлвӕзы бамбӕхс+. 4 Дон нуаздзынӕ цӕугӕдонӕй+, хӕринаг та дын халӕттӕн*+ хӕссын кӕндзынӕн»+. 5 Уый дӕр уайтагъд ацыд ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакодта+: ацыд ӕмӕ Иорданӕн скӕсӕнырдыгӕй Хорафы дӕлвӕзы ӕрцард. 6 Ӕмӕ йын алы райсом дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр халӕттӕ хастой дзул ӕмӕ дзидза, дон та нызта цӕугӕдонӕй+. 7 Фӕлӕ къӕвда кӕй нӕ уарыд, уый тыххӕй цасдӕры фӕстӕ цӕугӕдон бахус+.
8 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Илийайӕн загъта+: 9 «Сыст, ацу Сидоны Сарептӕмӕ+ ӕмӕ уал уым цӕр. Уым ӕз иу идӕдз сылгоймагӕн бафӕдзӕхсдзынӕн, цӕмӕй дын хӕринаг дӕтта». 10 Илийа дӕр сыстад ӕмӕ Сарептӕмӕ ацыд. Ӕмӕ горӕты кулдуарыл куы фӕцӕйхызт, уӕд кӕсы, ӕмӕ иу идӕдз сылгоймаг сугтӕ ӕмбырд кӕны. Илийа йӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, иу гыццыл-ма мын дон радав, цӕмӕй бануазон»+. 11 Сылгоймаг донмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд та йӕм адзырдта: «Дӕ хорзӕхӕй, демӕ-ма мын дзулы къӕбӕр+ дӕр рахӕсс». 12 Фӕлӕ йын сылгоймаг загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, нӕй мӕм дзул+. Стыр дурыны ма мӕм иу армыдзаг+ ссад ис, гыццыл дурыны та – иу гыццыл сой+. Мӕнӕ иу гыццыл сугтӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, стӕй ацӕудзынӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн исты ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн. Цы ’рцӕттӕ кӕнон, уый бахӕрдзыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ амӕлдзыстӕм»+.
13 Уӕд ын Илийа загъта: «Ма тӕрс+. Ацу ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн. Ӕрмӕст дӕм цы ис, уымӕй уал иу гыццыл гуыл мӕнӕн скӕн+ ӕмӕ мын ӕй ӕрбахӕсс, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн дӕр исты скӕндзынӕ. 14 Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Стыр дурыны ссад нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн, цалынмӕ Йегъовӕ зӕххыл къӕвда нӕ рауадза, уӕдмӕ“»+. 15 Сылгоймаг дӕр ацыд ӕмӕ йын Илийа куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕмӕ бирӕ рӕстӕг Илийайӕн дӕр, сылгоймагӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр уыди, цы хордтаиккой, уый+. 16 Стыр дурыны ссад нӕ фӕуд кодта ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ къаддӕр кодта+, Йегъовӕ Илийайы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
17 Уый фӕстӕ сылгоймагӕн, хӕдзары ӕфсинӕн, йӕ лӕппу фӕрынчын. Ӕмӕ афтӕ ӕвзӕр уыди, ӕмӕ амард+. 18 Уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дын кодтон+, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг? Ды мӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй мын мӕ тӕригъӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнай+ ӕмӕ мын мӕ хъӕбулы амарай». 19 Фӕлӕ йын Илийа загъта: «Ӕри-ма дӕ лӕппуйы». Ӕмӕ йын ӕй йӕ хъӕбысӕй райста, уӕллаг уатмӕ йӕ схаста+, йӕхӕдӕг кӕм цард, уырдӕм, ӕмӕ йӕ уым йӕ хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта+. 20 Стӕй Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау!+ Ау, кӕмӕ цӕрын, уыцы идӕдз сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы амардзынӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр маст бавзарын кӕндзынӕ?» 21 Уый фӕстӕ сывӕллоныл ӕртӕ хатты ныддӕлгом+ ӕмӕ та Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, курын дӕ, ацы сывӕллоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздах!»+ 22 Йегъовӕ фехъуыста Илийайы+, ӕмӕ сывӕллон фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхт, райгас+. 23 Уӕд Илийа сывӕллоны систа, уӕллаг уатӕй йӕ бынмӕ хӕдзармӕ ӕрхаста, йӕ мадмӕ йӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!»+ 24 Ӕмӕ уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Ныр ӕй зонын, ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы адӕймаг кӕй дӕ+ ӕмӕ, Йегъовӕйы номӕй цы дзурыс, уый раст кӕй у»+.
18 Рацыд бирӕ рӕстӕг+. Ӕмӕ ӕртыккаг аз Йегъовӕ Илийайӕн загъта: «Ацу Ахавмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕз хъуамӕ зӕххыл къӕвда рауадзон»+. 2 Илийа дӕр Ахавмӕ ацыд. Самарийы та уыцы рӕстӕг тынг ӕххормаг заман скодта+.
3 Уӕдмӕ Ахав йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Овадимӕ фӕдзырдта+. Овади Йегъовӕйӕ тынг тарст+, 4 ӕмӕ, Йезавел+ Йегъовӕйы пехуымпарты куы мардта+, уӕд Овади сӕдӕ пехуымпары акодта ӕмӕ сӕ лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй ӕмбӕхста ӕмӕ сын уырдӕм дзул ӕмӕ дон хаста+. 5 Ӕмӕ Ахав Овадийӕн загъта: «Ацу ӕмӕ, бӕстӕйы цыдӕриддӕр суадӕттӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ ис, уыдоныл ӕрзил. Кӕд искуы цъӕх кӕрдӕг ссариккам+, цӕмӕй нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфстӕ ма сыскъуыйой ӕмӕ нӕ фос мауал цагъды кӕной»+. 6 Ӕмӕ цы зӕххыл хъуамӕ ӕрзылдаиккой, уый дыууӕ дихы акодтой, ӕмӕ Ахав иуырдӕм ацыд, Овади та – иннӕрдӕм+.
7 Овади фӕндагыл куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл Илийа амбӕлд+. Овади йӕ базыдта ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау+ Илийа, уый ды дӕ?» 8 Илийа йын загъта: «О, ӕз дӕн. Ацу ӕмӕ дӕ хицауӕн+ зӕгъ: „Илийа ам ис“». 9 Фӕлӕ йын уый загъта: «Цавӕр тӕригъӕд+ ракодтон? Цӕмӕн дӕттыс дӕ цагъары Ахавы къухмӕ, цӕмӕн мӕ марын кӕныс? 10 Сомы дын кӕнын дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ, удӕгас Хуыцауӕй+: мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста, ахӕм адӕм ӕмӕ ахӕм паддзахад нал баззад. Ӕмӕ-иу ын, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, чи загъта, уыцы адӕмы ӕмӕ-иу уыцы паддзахад расомы кӕнын кодта, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй не ссардтой, уый тыххӕй+. 11 Ӕмӕ мын ды та ныр афтӕ зӕгъыс: „Ацу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ“. 12 Ӕз дӕуӕй куы ацӕуон, уӕд дӕ Йегъовӕйы тых*+ ахӕсдзӕн, ӕмӕ кӕдӕм, уымӕн ничи ницы базондзӕн. Ӕз та ацӕудзынӕн ӕмӕ Ахавӕн зӕгъдзынӕн, фӕлӕ дӕ уый не ссардзӕн, ӕмӕ мӕ уӕд ӕнӕмӕнг амардзӕн+. Афтӕмӕй та дӕ цагъар йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕ тӕрсы+. 13 Мыййаг, мӕ буц хицауӕн нӕ радзырдтой, Йезавел Йегъовӕйы пехуымпарты куы мардта, уӕд ӕз цы сарӕзтон? Йегъовӕйы пехуымпартӕй сӕдӕйы лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй куыд ӕмбӕхстон+ ӕмӕ сын уырдӕм дзул ӕмӕ дон+ куыд хастон? 14 Ӕмӕ мын ды та ныр афтӕ зӕгъыс: „Ацу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ“. Амардзӕн мӕ!»+ 15 Фӕлӕ Илийа загъта: «Сомы дын кӕнын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ+, ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцауӕй+: тӕккӕ абон ӕм бацӕудзынӕн».
16 Уӕд Овади дӕр Ахавмӕ ацыд ӕмӕ йӕм Илийайы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта, ӕмӕ Ахав Илийайы размӕ рацыд.
17 Куыддӕр Ахав Илийайы федта, афтӕ йын загъта: «Уый ды дӕ, Израилы сафӕг?»+
18 Илийа йын дзуапп радта: «Израилы сафӕг ӕз нӕ дӕн+, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар+, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл уӕ къух систат+ ӕмӕ Ваалты фӕдыл ацыдыстут+. 19 Ныр дӕ лӕггадгӕнджыты арвит ӕмӕ мӕм Кармилы хохмӕ+ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр, стӕй Ваалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары+ ӕмӕ, цӕджындзӕн+ чи кувы, уыцы цыппарсӕдӕ пехуымпары, Йезавелы фынгӕй чи хӕры, уыдоны»+. 20 Ӕмӕ Ахав йӕ лӕггадгӕнджыты Израилы фырттӕм арвыста ӕмӕ пехуымпарты+ Кармилы хохмӕ ӕрӕмбырд кодта.
21 Уӕд Илийа ӕппӕт адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй, кӕдмӕ дыууӕрдӕм кӕндзыстут?+ Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд йӕ фӕдыл цӕут+, кӕд Ваал у, уӕд та уый фӕдыл цӕут». Фӕлӕ адӕмӕн сӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. 22 Ӕмӕ сын уӕд Илийа загъта: «Йегъовӕйы пехуымпартӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн+, Ваалы пехуымпартӕ та цыппарсӕдӕ фӕндзай сты. 23 Дыууӕ уӕныджы нын раттӕнт, ӕмӕ дзы уыдон иу сӕхицӕн равзарӕнт, акусарт ӕй кӕнӕнт ӕмӕ йӕ сугты сӕр сӕвӕрӕнт, фӕлӕ йын йӕ быны арт ма скӕнӕнт. Иннӕ уӕныг та ӕз акусарт кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ сугты сӕр сӕвӕрдзынӕн, фӕлӕ йын йӕ быны арт не скӕндзынӕн. 24 Ӕмӕ сымах уӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй скувдзыстут+, ӕз та скувдзынӕн Йегъовӕмӕ йӕ номӕй. Ӕмӕ, дзуапп чи ратта, зынг чи рарвита+, уыцы Хуыцау у ӕцӕг Хуыцау»+. Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр загътой: «Афтӕ уӕд».
25 Уый фӕстӕ Илийа Ваалы пехуымпартӕн загъта: «Сымах уал равзарут иу уӕныг ӕмӕ йӕ акусарт кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах фылдӕр стут. Ӕмӕ скувут уӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй, фӕлӕ нывонды бын арт ма скӕнут». 26 Уыдон дӕр, кӕй сын радта, уыцы уӕныджы ракодтой, акусарт ӕй кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Ваалмӕ куывтой: «Ваал, фехъус нӕ!» Фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы+, дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд+. Уыдон та, цы нывондхӕссӕн сарӕзтой, уый алыварс фӕчепфӕчепгӕнгӕ кафыдысты. 27 Сихорыл сӕ Илийа хынджылӕг кӕнын райдыдта+: «Уӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнут, хуыцау куы у+. Кӕд ӕй, мыййаг, не ’вдӕлы, йе та кӕд йӕ гуыбын срыст+ ӕмӕ уазӕгдонмӕ* бауад+. Йе та, ӕвӕццӕгӕн, бафынӕй ӕмӕ йӕ райхъал кӕнын хъӕуы!»+ 28 Уыдон дӕр сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтой ӕмӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ хъаматӕй ӕмӕ ӕрцытӕй сӕхи лыгтӕ кодтой+, цалынмӕ сӕ туг нӕ ракалд, уӕдмӕ. 29 Хур фӕкъул ӕмӕ хоры кувинаг хӕссыны афон дӕр ӕрцыд, уӕд дӕр ма сӕхи пехуымпартау дардтой+, фӕлӕ – никуы ӕмӕ ницы, дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд, ничи сӕ фехъуыста+.
30 Уӕд Илийа адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Хӕстӕгдӕр мӕм рацӕут». Адӕм дӕр йӕ размӕ бацыдысты. Уый фӕстӕ ногӕй сарӕзта Йегъовӕйы нывондхӕссӕн, пырх чи уыд, уый+. 31 Райста дыууадӕс дуры – Йегъовӕ афтӕ кӕмӕн загъта+, дӕ ном уыдзӕн Израил+, зӕгъгӕ, уыцы Иаковы фырттӕ цал уыдысты, уал дуры. 32 Ӕмӕ уыцы дуртӕй Йегъовӕйы номыл+ нывондхӕссӕн скодта+, йӕ алыварс та йын скъахта къанау. Уыцы бынат уыди, дыууӕ къусы* мыггӕгтӕ кӕм уыд байтауӕн, ахӕм хуымы йас. 33 Уый фӕстӕ нывондхӕссӕныл сугтӕ сӕвӕрдта+, стӕй уӕныджы ауӕнгтӕ кодта ӕмӕ йӕ сугты сӕр ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ загъта: «Цыппар стыр дурыны донӕй байдзаг кӕнут ӕмӕ уыцы дон судзинаг нывондыл ӕмӕ сугтыл рауадзут». 34 Уый фӕстӕ сын загъта: «Ногӕй та афтӕ бакӕнут». Уыдон дӕр ногӕй афтӕ бакодтой. Ӕмӕ та сын загъта: «Ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ бакӕнут». Ӕмӕ та ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ бакодтой, 35 ӕмӕ дон нывондхӕссӕны фӕрстӕй ракалд. Стӕй къанау дӕр донӕй байдзаг кодта.
36 Хоры кувинаг хӕссыны афон куы ’рцыд+, уӕд пехуымпар Илийа нывондхӕссӕны размӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау, уадз ӕмӕ абон базоной, ды Израилы Хуыцау кӕй дӕ+, ӕз та дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ дӕ ныхасмӕ+ гӕсгӕ кӕй сарӕзтон. 37 Фехъус мӕ, о Йегъовӕ, фехъус мӕ, цӕмӕй ацы адӕм базоной, ды, Йегъовӕ+, ӕцӕг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕстӕмӕ дӕхирдӕм кӕй здахыс»+.
38 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕ арт+ ӕрцыд ӕмӕ аныхъуырдта судзинаг нывонд+, сугтӕ, дуртӕ ӕмӕ сыджыт дӕр, стӕй, къанауы цы дон уыд, уый дӕр+. 39 Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой, сӕ сӕртӕй зӕххы онг акуывтой+ ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау! Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» 40 Уӕд сын Илийа загъта: «Ваалы пехуымпарты ӕрцахсут! Иуы дӕр дзы ма ауадзут!» Уыдон дӕр сӕ уайтагъд ӕрцахстой. Ӕмӕ сӕ Илийа Киссоны дӕлвӕзмӕ+ акодта ӕмӕ сӕ уым амардта+.
41 Ахавӕн та Илийа загъта: «Ацу, хӕр ӕмӕ нуаз+, уымӕн ӕмӕ тӕрккъӕвдайы уынӕр хъуысы»+. 42 Ахав дӕр минас кӕнынмӕ ацыд. Илийа та Кармилы хохы цъупмӕ ссыд, уым зӕххыл йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йӕ сӕр йӕ дыууӕ уӕраджы астӕу бакодта+. 43 Стӕй йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Уӕлдӕр-ма ссу ӕмӕ-ма денджызы ’рдӕм акӕс». Уый дӕр ссыд, акаст ӕмӕ загъта: «Ӕппындӕр дзы ницы ис». Ӕмӕ та йын Илийа загъта: «Цу, ногӕй та акӕс», ӕмӕ афтӕ – авд хатты+. 44 Ӕвдӕм хатт куы акаст, уӕд загъта: «Денджызӕй ссӕуы гыццыл мигъ, адӕймаджы армыйас»+. Ӕмӕ йын уӕд Илийа загъта: «Цу ӕмӕ Ахавӕн афтӕ зӕгъ: „Бӕхтӕ аифтындз+ ӕмӕ цӕугӕ кӕн, цӕмӕй дӕ тӕрккъӕвда ма ӕрӕййафа!“» 45 Уӕдмӕ сау мигътӕ арв ӕрбамбӕрзтой, дымгӕ* сыстад+ ӕмӕ къӕвда ныккалдта+. Ахав та бӕхуӕрдоныл Изреелмӕ+ фӕцӕйцыд. 46 Илийайыл уыд Йегъовӕйы къух+, ӕмӕ Илийа, йӕ дарӕсы фӕдджитӕ йӕ роны атъыста+, афтӕмӕй суанг Изреелмӕ Ахавы разӕй лыгъд+.
19 Ахав+ Йезавелӕн+ радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй. Радзырдта йын, пехуымпарты куыд ныццагъта, уый дӕр+. 2 Уӕд Йезавел Илийамӕ арвыста ахӕм ныхас: «Хуыцӕутты фыдӕх мӕ баййафӕд+, ӕз дӕ райсом ацафон сӕ фӕдыл мӕрдтӕм куы нӕ барвитон, уӕд!» 3 Илийа фӕтарст ӕмӕ алыгъд Иудӕйы зӕхмӕ+, горӕт Вирсавимӕ+, цӕмӕй йӕ цард бахъахъхъӕдтаид+. Йӕ лӕггадгӕнӕджы уым ныууагъта, 4 йӕхӕдӕг та ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыд ӕмӕ дзы иу бон фӕцыд. Стӕй иу къутӕрбӕласы бын ӕрбадт+ ӕмӕ Хуыцауӕй мӕлӕт курын райдыдта: «Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард*+, ӕз мӕ фыдӕлтӕй ницӕмӕй хуыздӕр дӕн».
5 Ӕппынфӕстаг къутӕрбӕласы+ бын ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уалынмӕ зӕд+ фӕзынд, Илийамӕ бавнӕлдта+ ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ахӕр». 6 Илийа ракаст, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ сӕрырдыгӕй тӕвд дуртыл – дзул+, йӕ фарсмӕ та дурыны – дон. Ӕмӕ бахордта, банызта ӕмӕ та фӕстӕмӕ схуыссыд. 7 Цасдӕры фӕстӕ та йӕм Йегъовӕйы зӕд+ дыккаг хатт ӕрцыд, бавнӕлдта та йӕм ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ бахӕр, кӕннод фӕндагыл нӕ бафӕраздзынӕ»+. 8 Уӕд Илийа сыстад, бахордта ӕмӕ банызта. Хъарутӕ та йӕм фӕзынд, ӕмӕ цыппор боны+ ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы+ онг, ӕцӕг Хуыцауы хохы онг.
9 Уыцы ран лӕгӕтмӕ бацыд+, цӕмӕй уым бахсӕвиуат кодтаид. Фӕлӕ йын уалынмӕ Йегъовӕ загъта: «Илийа, ам цы кусыс?»+ 10 Илийа йын загъта: «Ӕз ӕнувыдӕй+ лӕггад кодтон ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйӕн, фӕлӕ Израилы фырттӕ дӕ бадзырдыл сӕ къух систой+, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой+, дӕ пехуымпарты та дын ныццагътой+, ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн+. Ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц»+. 11 Уӕд ын загъд уыд: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ Йегъовӕйы раз хохыл слӕуу»+. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ рӕзты куы фӕцӕйцыд+, уӕд тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ уыцы дымгӕйӕ Йегъовӕйы раз хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой ӕмӕ къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты+ – фӕлӕ Йегъовӕ дымгӕйы нӕ уыд. Дымгӕйы фӕстӕ та уыди зӕххӕнкъуыст+ – фӕлӕ Йегъовӕ зӕххӕнкъуысты нӕ уыд. 12 Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ та уыд арт+ – фӕлӕ Йегъовӕ арты нӕ уыд. Арты фӕстӕ та райхъуыст фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс+. 13 Куыддӕр Илийа уыцы хъӕлӕс фехъуыста, афтӕ йӕ цӕсгом йӕ уӕлӕдарӕсӕй бамбӕрзта+, рацыд ӕмӕ лӕгӕты бахизӕны слӕууыд. Ӕмӕ та райхъуыст хъӕлӕс: «Илийа, ам цы кусыс?»+ 14 Илийа йын дзуапп радта: «Ӕз ӕнувыдӕй лӕггад кодтон ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйӕн, фӕлӕ Израилы фырттӕ дӕ бадзырдыл сӕ къух систой+, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой, дӕ пехуымпарты та дын ныццагътой, ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн. Ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц»+.
15 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Фӕстӕмӕ Дамаскы+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕх. Уырдӕм куы ныццӕуай, уӕд-иу Азаилы+ Сирийы паддзахӕй сӕвӕр*+. 16 Намессийы фырты фырт+ Ииуйы-иу+ сӕвӕр Израилы паддзахӕй, ӕмӕ Сафаты фырт Елисейы+, Авел-Мехолӕйӕ+ чи у, уый та-иу сӕвӕр* дӕ бӕсты пехуымпарӕй+. 17 Азаилы хъамайӕ чи аирвӕза+, уый амардзӕн Ииуй+, Ииуйы хъамайӕ чи аирвӕза, уый та амардзӕн Елисей+. 18 Ӕз Израилы ныууагътон авд мин адӕймаджы+ – уыдон Ваалы раз сӕ зонгуытыл нӕ лӕууыдысты+ ӕмӕ йын нӕ пъатӕ кодтой»+.
19 Илийа дӕр уырдыгӕй ацыд ӕмӕ Сафаты фырт Елисейы ссардта. Уыцы рӕстӕг уый хуым кодта+ дыууын цыппар* галӕй. Галтӕ ифтыгъд уыдысты дыгӕйттӕй, ӕмӕ йӕхӕдӕг цыди фӕстаг дыууӕ галы разӕй. Гъемӕ йӕм Илийа бацыд ӕмӕ йыл йӕ уӕлӕдарӕс+ ӕрӕппӕрста. 20 Елисей галты фӕуагъта, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Ауадз-ма мӕ, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ ӕххӕст мӕ фыд ӕмӕ мӕ мадӕн апъа кӕнон+. Ӕмӕ стӕй ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Илийа йын загъта: «Ацу, куы нӕ дӕ уромын». 21 Ӕмӕ Елисей Илийайы разӕй ацыд, дыууӕ галы ракодта, акусарт+ сӕ кодта*, сӕ дзидза сын галты ӕфсондз ӕмӕ гутоны хъӕдтыл+ сфыхта ӕмӕ йӕ адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ адӕм бахордтой. Уый фӕстӕ сыстад ӕмӕ ацыд Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кӕнын+ райдыдта.
20 Сирийы паддзах Венадад+ йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта. Йемӕ ракодта ӕртын дыууӕ паддзахы+, стӕй бӕхтӕ+ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ+. Ӕмӕ ацыд ӕмӕ Самарийыл+ ӕртыхст+ ӕмӕ йемӕ схӕцыд. 2 Стӕй йӕ адӕмы горӕтмӕ Израилы паддзах Ахавмӕ арвыста+ ахӕм ныхасимӕ: «Афтӕ зӕгъы Венадад: 3 „Де ’взист ӕмӕ дӕ сызгъӕрин мӕн сты. Дӕ устытӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн дӕр сӕ рӕсугъддӕртӕ мӕн сты“»+. 4 Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, паддзах, ӕз дӕр ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр дӕу сты, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ»+.
5 Венадады ӕрвыст лӕгтӕ та ногӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ загътой: «Венадад афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕм арвыстон ныхас, зӕгъгӕ, ды де ’взист, дӕ сызгъӕрин, дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты ратдзынӕ мӕнӕн. 6 Фӕлӕ дӕм райсом ацафон мӕ лӕггадгӕнджыты арвитдзынӕн, ӕмӕ уыдон дӕ хӕдзары ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕртты алы къуым дӕр фендзысты ӕмӕ дын цыдӕриддӕр зынаргъ у+, уыдон иууылдӕр райсдзысты ӕмӕ сӕ ахӕсдзысты“».
7 Уӕд Израилы паддзах бӕстӕйы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+ ӕмӕ сын загъта: «Кӕсут-ма, бӕллӕхы хай бакӕнынмӕ нӕ хъавы!+ Мӕ устытӕ, мӕ фырттӕ, ме ’взист ӕмӕ мын мӕ сызгъӕринмӕ ӕрбарвыста, ӕмӕ йын „нӕ“ нӕ загътон». 8 Хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ йын адӕм се ’ппӕт дӕр загътой: «Ма йӕм байхъус, ма йын сразы у». 9 Ӕмӕ паддзах Ахав Венадады ӕрвыст лӕгтӕн загъта: «Мӕ буц хицауӕн, паддзахӕн, афтӕ зӕгъут: „Фыццаг мӕм цӕй тыххӕй ӕрбарвыстай, уый сараздзынӕн, фӕлӕ ацы хъуыддаг бакӕнын мӕ бон нӕу“». Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ йӕм уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой.
10 Венадад та йӕм ногӕй арвыста ӕмӕ загъта: «Хуыцӕутты фыдӕх мӕ баййафӕд+, кӕд ӕз Самари нӕ ныппырх кӕнон, уӕд! Мӕ фӕдыл уыйбӕрц адӕм цӕуы, ӕмӕ сӕм Самарийы сыджытӕй фӕйнӕ армыдзаг дӕр не ’рхаудзӕн»+. 11 Израилы паддзах та сын загъта: «Афтӕ йын зӕгъут: „Хӕстмӕ чи цӕуы, уый йӕхицӕй ма ’ппӕлӕд +, цыма хӕстӕй уӕлахиздзауӕй ӕрыздӕхт, уыйау“»+. 12 Уыцы рӕстӕг Венадад ӕмӕ иннӕ паддзӕхтӕ бадтысты халагъудты ӕмӕ нызтой+. Ӕмӕ куыддӕр Венадад уыцы ныхас фехъуыста, афтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Уӕ бынӕтты слӕуут!» Ӕмӕ уыдон дӕр горӕты ныхмӕ рӕнхъ-рӕнхъ слӕууыдысты.
13 Израилы паддзах Ахавмӕ+ та иу пехуымпар ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Уыцы бирӕ адӕмы федтай? Абон дын сӕ ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+. 14 Ахав ӕй бафарста: «Кӕй фӕрцы уыдзӕн уый?» Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Дӕ дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгон лӕппуты фӕрцы“». Уӕд та Ахав бафарста: «Тохы фыццаг чи бацӕудзӕн?» «Ды»,– дзуапп ын радта уый.
15 Ахав банымадта, йӕ дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппуты, ӕмӕ разындысты дыууӕсӕдӕ ӕртын дыууӕ+. Уый фӕстӕ банымадта йӕ адӕмы, Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ уыдысты авд мины. 16 Ӕмӕ сихорыл горӕтӕй рацыдысты. Венадад та, чи йын ӕххуыс кодта, уыцы ӕртын дыууӕ паддзахимӕ халагъудты бадти ӕмӕ нызта, ӕмӕ ныррасыг сты+. 17 Фыццаг рацыдысты, дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппутӕ+. Уӕд Венадад йӕ адӕмы арвыста хабар базонынмӕ. Ӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Самарийӕ адӕм рацыд». 18 Венадад загъта: «Кӕд нӕм фарнимӕ рацыдысты, уӕд сӕ удӕгасӕй ӕрцахсут, кӕд хӕцынмӕ рацыдысты, уӕд дӕр сӕ удӕгасӕй ӕрцахсут»+. 19 Дӕлбар бӕстӕты кънйӕзтӕн чи лӕггад кодта, уыцы ӕрыгон лӕппутӕ горӕтӕй рацыдысты, сӕ фӕстӕ та цыдысты ӕфсӕдтӕ. 20 Гъемӕ, сӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны цӕгъдын райдыдтой, ӕмӕ сириӕгтӕ+ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. Израилӕгтӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой, фӕлӕ Сирийы паддзах Венадад иннӕ барджытимӕ бӕхыл афардӕг, ӕмӕ аирвӕзт. 21 Израилы паддзах та рацыд, сӕ бӕхты сын ныццагъта ӕмӕ сын сӕ бӕхуӕрдӕттӕ ныппырх кодта+. Ӕмӕ сириӕгтӕй тынг бирӕ ныццагъта.
22 Уый фӕстӕ Израилы паддзахмӕ пехуымпар+ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ де ’фсад фӕфидардӕр кӕн+. Ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы кӕнгӕ дын у, ууыл+. Иннӕ азы райдианы та Сирийы паддзах демӕ схӕцдзӕн»+.
23 Сирийы паддзахӕн та йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Уыдонӕн сӕ Хуыцау хӕхты Хуыцау у+, ӕмӕ ныл уый тыххӕй фӕтых сты. Цӕй ӕмӕ семӕ быдыры схӕцӕм, ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, кӕддӕра сыл нӕ фӕтых уаиккам. 24 Афтӕ бакӕн: паддзӕхты сӕ бынӕттӕй сис+ ӕмӕ сын сӕ бӕсты сӕвӕр бӕстӕйы хицӕутты+. 25 Де ’фсадӕй цас фӕхъуыд, уыйас ыл бафтау: бӕхы бӕсты – бӕх, бӕхуӕрдоны бӕсты – бӕхуӕрдон. Ӕмӕ семӕ быдыры схӕцӕм, ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, кӕддӕра сыл нӕ фӕтых уаиккам»+. Уый дӕр сын сӕ ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ раст афтӕ бакодта.
26 Иннӕ азы райдианы Венадад сириӕгты+ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ Афекмӕ+ ацыд, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаид. 27 Израилы фыртты дӕр ӕрӕмбырд кодтой, цыдӕриддӕр сӕ хъуыд, уый сын радтой+, ӕмӕ сириӕгты ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ разы ӕрбынат кодтой. Израилы фырттӕ сӕгъты дыууӕ гыццыл дзугӕй уӕлдай нӕ уыдысты, сириӕгтӕй та зӕхх нал зынди+. 28 Уӕд Израилы паддзахмӕ ӕрбацыд ӕцӕг Хуыцауы+ адӕймаг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Сириӕгтӕ афтӕ кӕй загътой, Йегъовӕ хӕхты Хуыцау у, фӕлӕ быдырты Хуыцау нӕу, зӕгъгӕ, уый тыххӕй дын ацы бирӕ адӕмы дӕ къухмӕ ратдзынӕн+, ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.
29 Израилӕгтӕ ӕмӕ сириӕгтӕ авд боны кӕрӕдзи ныхмӕ лӕууыдысты+. Ӕвдӕм бон тох бацайдагъ, ӕмӕ Израилы фырттӕ сириӕгтӕй иу бонмӕ ныццагътой сӕдӕ мин фистӕг хӕстоны. 30 Иннӕтӕ та алыгъдысты горӕтмӕ, Афекмӕ+, ӕмӕ ма дзы цы дыууын авд мин адӕймаджы баззад, уыдоныл горӕты къул ракалд+. Венадад дӕр горӕтмӕ балыгъд+ ӕмӕ иу хӕдзары рӕбинаг+ уаты бамбӕхст.
31 Уӕд ын йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Афтӕ фехъуыстам, Израилы паддзӕхтӕ, дам, фӕлмӕнзӕрдӕ паддзӕхтӕ сты+. Бар нын ратт, цӕмӕй нӕ астӕутыл+ хъисынтӕ+ ӕрбакӕнӕм, нӕ сӕртыл та бӕндӕнтӕ ӕрбабӕттӕм ӕмӕ Израилы паддзахмӕ ацӕуӕм. Кӕд дӕ удӕгасӕй* ныууадзид»+. 32 Ӕмӕ сӕ астӕутыл хъисынтӕ ӕрбакодтой, сӕ сӕртыл бӕндӕнтӕ ӕрбабастой ӕмӕ Израилы паддзахмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъар Венадад афтӕ зӕгъы: „Курӕг дӕ дӕн, ма мӕ амар“». Уый сын загъта: «Ӕмӕ ма ӕгас у? Уый ме ’фсымӕр у». 33 Венадады лӕггадгӕнджытӕ+ загътой, нӕ хъуыддаг хорз цӕуы, зӕгъгӕ. Уайтагъд ӕй бамбӕрстой, паддзах сӕ сайгӕ кӕй нӕ кӕны, ӕмӕ йын загътой: «О, Венадад де ’фсымӕр у». Ахав сын загъта: «Ацӕут, ӕрбакӕнут ӕй». Уӕд ӕм Венадад ӕрбацыд, ӕмӕ йӕ Ахав йӕ бӕхуӕрдоны сбадын кодта+.
34 Венадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы горӕттӕ+ байста, уыдон дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Ӕмӕ мӕ фыд Самарийы йӕхицӕн уынгтӕ куыд равзӕрста, афтӕ ды дӕр Дамаскы дӕхицӕн уынгтӕ равзардзынӕ».
Уӕд ын Ахав загъта: «Гъемӕ кӕд афтӕ баныхас кодтам+, уӕд дӕ уадзын».
Уыйадыл Ахав Венададимӕ бадзырд скодта ӕмӕ йӕ ауагъта.
35 Пехуымпартӕй*+ сӕ иу Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+ йе ’мбалӕн загъта: «Ныццӕв-ма мӕ». Фӕлӕ йын уый не сразы ис. 36 Ӕмӕ йын уӕд пехуымпар загъта: «Ды Йегъовӕйы ныхасмӕ нӕ байхъуыстай, ӕмӕ уый тыххӕй, мӕнӕй куы ацӕуай, уӕд домбайы амӕттаг фӕуыдзынӕ». Ӕмӕ куы ацыд, уӕд ӕцӕгдӕр домбай+ йӕ размӕ фӕци ӕмӕ йӕ амардта+.
37 Уӕд та ӕндӕр кӕмӕндӕр загъта: «Ныццӕв-ма мӕ». Уый дӕр ӕй ныццавта ӕмӕ йӕ тугӕрхӕм фӕкодта.
38 Уый фӕстӕ пехуымпар ацыд, фӕндаггӕрон слӕууыд ӕмӕ паддзахмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Цӕмӕй йӕ ма базыдтаиккой+, уый тыххӕй та йӕ цӕстытыл хӕцъил бабаста. 39 Ӕмӕ паддзах йӕ рӕзты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм фӕхъӕр кодта ӕмӕ йын загъта+: «Дӕ цагъар хӕсты тӕккӕ цӕхӕры куы уыд, уӕд мӕм иу чидӕр тохы быдырӕй фездӕхт, иу адӕймаджы мӕм ӕрбакодта ӕмӕ мын загъта: „Ацы адӕймаджы хъахъхъӕн. Куы дын алидза, уӕд дӕ уд+ уыдзӕн йӕ уды+ бӕсты, кӕнӕ та бафиддзынӕ иу ӕвзист талант“+. 40 Фӕлӕ цалынмӕ дӕ цагъар дыууӕрдӕм ралидз-балидз кодта, уӕдмӕ уыцы адӕймаг алыгъд». Уӕд ын Израилы паддзах загъта: «Гъемӕ дӕхӕдӕг дӕхицӕн стӕрхон кодтай»+. 41 Уӕд уый йӕ цӕстыты баст феппӕрста, ӕмӕ йӕ Израилы паддзах базыдта, ай мӕнӕ пехуымпартӕй куы у, зӕгъгӕ+. 42 Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз фесафинаг кӕй уыдтӕн+, уыцы адӕймаджы кӕй ауагътай, уый тыххӕй дӕ уд уыдзӕн йӕ уды бӕсты+, ӕмӕ дӕ адӕм та – йӕ адӕмы бӕсты“»+. 43 Ӕмӕ Израилы паддзах йӕ хӕдзармӕ мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕсастӕй+ аздӕхт ӕмӕ Самаримӕ+ ӕрцыд.
21 Цасдӕры фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хабар. Изреелы+, Самарийы паддзах Ахавы галуаны фарсмӕ изреелаг Навуфейӕн уыди сӕнӕфсирдон. 2 Ӕмӕ Ахав Навуфейӕн загъта: «Дӕ сӕнӕфсирдон+ мын ратт+. Мӕ хӕдзармӕ хӕстӕг у, ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон+ скӕнон. Йӕ бӕсты дын хуыздӕр сӕнӕфсирдон ратдзынӕн. Йе та дӕ кӕд фӕнды+, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн». 3 Фӕлӕ Навуфей Ахавӕн загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы+, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн+ – мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн»+. 4 Ӕмӕ Ахав йӕ хӕдзармӕ мӕстджынӕй ӕмӕ тарӕрфыгӕй ацыд, изреелаг Навуфей йын афтӕ кӕй загъта, мӕ фыдӕлтӕ бынӕн цы зӕхх райстой, уый дын нӕ ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй. Йӕ хуыссӕныл ӕрхуыссыд, иннӕрдӕм азылд+ ӕмӕ хӕргӕ дӕр нӕ бакодта.
5 Уӕд ӕм йӕ ус Йезавел+ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Афтӕ ӕнкъард цӕмӕн дӕ?+ Къӕбӕр цӕуылнӕ хӕрыс?» 6 Ахав ын загъта: «Изреелаг Навуфейӕн загътон, зӕгъын мын дӕ сӕнӕфсирдон рауӕй кӕн, йе та дӕ кӕд фӕнды, уӕд дын йӕ бӕсты ӕндӕр сӕнӕфсирдон ратдзынӕн. Фӕлӕ мын уый афтӕ, нӕ, дам, дын ратдзынӕн мӕ сӕнӕфсирдон»+. 7 Уӕд ын йӕ ус Йезавел загъта: «Израилы паддзах ды нӕ дӕ, ӕви?+ Сыст, бахӕр ӕмӕ ма тыхсгӕ дӕр ма кӕн. Изреелаг Навуфейы сӕнӕфсирдон дын мӕхӕдӕг ратдзынӕн»+. 8 Гъемӕ Ахавы номӕй фыстӕджытӕ ныффыста+, паддзахы мыхуыр сыл сӕвӕрдта+ ӕмӕ сӕ арвыста, Навуфеимӕ иу горӕты чи цард, уыцы хистӕр лӕгтӕм+ ӕмӕ кадджын адӕммӕ. 9 Фыстӕджыты ныффыста+: «Комдарӕн бон скӕнут ӕмӕ Навуфейы ӕппӕт адӕмы раз сбадын кӕнут. 10 Йӕ акомкоммӕ та йын сбадын кӕнут дыууӕ+ ӕнаккаг адӕймаджы+, ӕмӕ уыдон йӕ ныхмӕ дзурӕнт+: „Ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай!“+ Стӕй йӕ акӕнут ӕмӕ йӕ дуртӕй амарут»+.
11 Навуфей кӕм цард, уыцы горӕты нӕлгоймӕгтӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ кадджын адӕм, алцыдӕр сарӕзтой, Йезавел сын куыд загъта, афтӕ – цы фыстӕджытӕ сӕм ӕрбарвыста, уым куыддӕриддӕр фыст уыди, афтӕ+. 12 Комдарӕн бон скодтой+ ӕмӕ Навуфейы ӕппӕт адӕмы раз сбадын кодтой. 13 Стӕй дыууӕ ӕнаккаг лӕджы ӕрбацыдысты, Навуфейы акомкоммӕ сбадтысты ӕмӕ адӕмы раз йӕ ныхмӕ дзурын райдыдтой: «Навуфей Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста!»+ Уый фӕстӕ Навуфейы горӕтӕй ракодтой, дуртӕй йӕ фӕхостой, ӕмӕ амард+. 14 Ӕмӕ Йезавелӕн фӕхабар кодтой: «Навуфейы дуртӕй амардтой»+.
15 Навуфейы дуртӕй кӕй амардтой, уый Йезавел куы фехъуыста, уӕд Ахавӕн загъта: «Ацу ӕмӕ дын изреелаг Навуфей кӕй нӕ рауӕй кодта, уыцы сӕнӕфсирдон дӕхи бакӕн+, уымӕн ӕмӕ Навуфей ӕгас нал у, амард». 16 Ахав уый куы фехъуыста, ӕмӕ Навуфей амард, уӕд сыстад ӕмӕ изреелаг Навуфейы сӕнӕфсирдонмӕ ацыд, цӕмӕй йӕ йӕхи бакодтаид+.
17 Уӕдмӕ та Йегъовӕ фесвӕйаг Илийайӕн+ загъта+: 18 «Сыст ӕмӕ ацу Самаримӕ, Израилы паддзах Ахавы размӕ+. Ныртӕккӕ уый Навуфейы сӕнӕфсирдоны ис – уырдӕм ацыд, цӕмӕй уыцы сӕнӕфсирдон йӕхи бакӕна. 19 Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Лӕджы амардтай+, ӕмӕ ма йын йӕ зӕхх дӕр дӕхи бакӕнынмӕ хъавыс?“+ Стӕй йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Куыйтӕ Навуфейы туг кӕм сдӕрдтой, уым+ сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“»+.
20 Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, нӕ, ме знаг?»+ Илийа йын загъта: «Ссардтон дӕ. Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, ууыл кӕй бафтыдтӕ+, 21 уый тыххӕй дӕ ӕз бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн+ ӕмӕ дӕ фесафдзынӕн+, ӕмӕ Ахавы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн, фесафдзынӕн се ’ппӕты дӕр+, Израилы ӕппӕты ницӕйагдӕр чи у, уый дӕр. 22 Наваты фырт Йеровоамы хӕдзарӕн+ ӕмӕ Ахийы фырт Ваасӕйы хӕдзарӕн+ куыд бакодтон, афтӕ бакӕндзынӕн дӕ хӕдзарӕн дӕр, кӕй мӕ ӕфхӕрдтай ӕмӕ Израилы тӕригъӕды кӕй бафтыдтай, уый тыххӕй“+. 23 Йезавелы тыххӕй та Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Изреелы зӕххыл ӕй куыйтӕ бахӕрдзысты+. 24 Ахавӕн горӕты чи амӕла, уый куыйтӕ бахӕрдзысты, быдыры йын чи амӕла, уый та уӕларвон мӕргътӕ бахӕрдзысты+. 25 Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, ууыл Ахав+ йӕ ус Йезавелы+ ардыдӕй+ куыд бафтыд, афтӕ ничи. 26 Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы аморейтау Ахав дӕр фаджыс-хуыцӕутты+ фӕдыл ацыд ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл бафтыд“»+.
27 Ахав уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта+ ӕмӕ ком дардта, хъисыны хуыссыд ӕмӕ сӕргуыбырӕй рацу-бацу кодта+. 28 Уӕд Йегъовӕ фесвӕйаг Илийайӕн загъта: 29 «Уыныс, Ахав мӕ разы йӕхи куыд ӕрныллӕг кодта?+ Мӕ разы йӕхи кӕй ӕрныллӕг кодта, уый тыххӕй бӕллӕх йӕ рӕстӕджы не ’руадздзынӕн+. Йӕ хӕдзар ын бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн йӕ фырты рӕстӕджы»+.
22 Ӕртӕ азы дӕргъы Сири ӕмӕ Израилы ’хсӕн хӕст нӕ уыд. 2 Ӕртыккаг аз Иудӕйы паддзах Иосафат+ ӕрцыд Израилы паддзахмӕ. 3 Ӕмӕ Израилы паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Рамоф-Галаад+ мах кӕй у, уый нӕ зонут? Цӕмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Сирийы паддзахы къухӕй йӕ цӕуылнӕ байсӕм?» 4 Ӕмӕ Иосафатӕн загъта: «Мемӕ Рамоф-Галаадмӕ хӕстмӕ ацӕудзынӕ?»+ Иосафат Израилы паддзахӕн дзуапп радта: «Ды куыд кӕнай, ӕз дӕр афтӕ. Мӕ адӕм сты дӕ адӕм+, мӕ бӕхтӕ та – дӕ бӕхтӕ».
5 Стӕй ма Иосафат Израилы паддзахӕн загъта: «Фӕлӕ уал, Йегъовӕ цы зӕгъы, уый куы базонис»+. 6 Израилы паддзах дӕр пехуымпарты ӕрӕмбырд кодта+, цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ сын загъта: «Рамоф-Галаадимӕ схӕцон ӕви нӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Схӕц+, Йегъовӕ йӕ ратдзӕн паддзахы къухмӕ».
7 Уӕд Иосафат загъта: «Йегъовӕйы пехуымпартӕй дзы ӕндӕр ничиуал ис? Кӕд ма дзы исчи ис, уӕд уый дӕр бафӕрсӕм»+. 8 Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ис ма иу адӕймаг, ӕмӕ Йегъовӕйы уый уылты дӕр ис бафӕрсӕн+. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын+, уымӕн ӕмӕ мын ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй ницы фӕзӕгъы+. Йемвлайы фырт Михейы кой кӕнын». Фӕлӕ йын Иосафат загъта: «Афтӕ ма дзур, паддзах»+.
9 Уӕд Израилы паддзах фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта+ ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр мӕм Йемвлайы фырт Михейы ӕрбакӕн»+. 10 Уыцы рӕстӕг Израилы паддзах ӕмӕ Иудӕйы паддзах Иосафат сӕ паддзахбадӕнтыл паддзахы дарӕсы+ бадтысты найгӕнӕн мусы Самарийы кулдуары бахизӕны раз. Ӕмӕ сӕ разы пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр сӕхи пехуымпартау дардтой+. 11 Хенааны фырт Седеки та йӕхицӕн ӕфсӕйнаг сыкъатӕ скодта ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ ныццӕгъдай, уӕдмӕ“»+. 12 Ӕмӕ йын иннӕ пехуымпартӕ дӕр раст афтӕ дзырдтой: «Ацу ӕмӕ Рамоф-Галаадимӕ схӕц, дӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ уыдзӕн. Йегъовӕ йӕ ратдзӕн паддзахы къухмӕ»+.
13 Михеймӕ кӕй арвыстой, уыцы адӕймаг Михейӕн загъта: «Пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр паддзахӕн дзурынц, хъуыддаг хорз кӕй рауайдзӕн. Дӕ хорзӕхӕй, ды дӕр ын афтӕ зӕгъ»+. 14 Фӕлӕ Михей загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын+: Йегъовӕ мын цы зӕгъа, ӕрмӕстдӕр уый зӕгъдзынӕн»+. 15 Стӕй Михей паддзахмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йӕ паддзах бафарста: «Михей, Рамоф-Галаадимӕ схӕцӕм ӕви нӕ?» Михей йын дзуапп радта: «Схӕц, дӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ уыдзӕн. Йегъовӕ йӕ ратдзӕн паддзахы къухмӕ»+. 16 Паддзах та йын загъта: «Цал хатты дын загътон*, цӕмӕй мын Йегъовӕйы номӕй, ӕцӕг цы у, уый йеддӕмӕ мацы дзурай?»+ 17 Уӕд Михей загъта: «Ӕз уынын, израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хӕхтыл ӕнӕфыййау+ фыстау куыд ныппырх сты+. Йегъовӕ афтӕ загъта: „Хицау сын нӕй, ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм фарнимӕ аздӕхӕнт“»+.
18 Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Нӕ дын дзырдтон, ӕвзӕр йеддӕмӕ мын хорзӕй кӕй ницы зӕгъдзӕн?»+
19 Михей та загъта: «Уӕдӕ байхъус Йегъовӕйы ныхасмӕ+. Ӕз уынын Йегъовӕйы йӕ паддзахбадӕныл бадгӕ+, ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр лӕууынц йӕ рахиз ӕмӕ йӕ галиу фарс+. 20 Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: „Чи асайдзӕн Ахавы, цӕмӕй ацӕуа, Рамоф-Галаадимӕ схӕца ӕмӕ уым фӕмард уа?“ Ӕмӕ дзы иу афтӕ загъта, иннӕ – афтӕ+. 21 Ӕппынфӕстаг иу зӕд*+ рацыд, Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй асайдзынӕн“. Йегъовӕ йӕ бафарста: „Куыд ӕй асайдзынӕ?“+ 22 Уый йын дзуапп радта: „Ӕз ацӕудзынӕн ӕмӕ йын йӕ пехуымпартӕн се ’ппӕтӕн дӕр се ’взагыл мӕнг ныхас сӕвӕрдзынӕн“+. Уӕд ын Хуыцау загъта: „Ды йӕ асайдзынӕ, бантысдзӕн дын+. Ацу ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн“+. 23 Ӕмӕ дын ныр Йегъовӕ дӕ пехуымпартӕн се ’ппӕтӕн дӕр се ’взагыл мӕнг ныхас сӕвӕрдта+. Ӕцӕгӕй та Йегъовӕ загъта, бӕллӕх дӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы»+.
24 Уӕд Хенааны фырт Седеки Михеймӕ бацыд, ныдздзӕхст ӕй кодта+ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕз Йегъовӕйы тыхӕй* хайджын нал дӕн ӕмӕ ныр ды дзурыс уыцы тыхы фӕрцы?»+ 25 Михей та йын загъта: «Мӕнӕ рӕбинаг+ уаты куы ’мбӕхсай, уӕд ӕй базондзынӕ»+. 26 Уӕд Израилы паддзах загъта: «Михейы акӕнут ӕмӕ йӕ горӕты хицау Амоны къухмӕ ӕмӕ паддзахы фырт Иоасы къухмӕ раттут+. 27 Зӕгъут сын: „Паддзах афтӕ зӕгъы+: „Ацы адӕймаджы ахӕстоны бакӕнут+ ӕмӕ йын дзул+ ӕмӕ дон дӕттут, цас ӕмбӕлы, уымӕй къаддӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ фарнимӕ не ’рыздӕхон, уӕдмӕ“»+. 28 Уӕд Михей загъта: «Кӕд фӕстӕмӕ фарнимӕ ӕрыздӕхай, уӕд Йегъовӕ мӕн уылты нӕ дзырдта»+. Стӕй ма загъта: «Уе ’ппӕт дӕр* ӕй фехъуыстат!»+
29 Ӕмӕ Израилы паддзах ӕмӕ Иудӕйы паддзах Иосафат Рамоф-Галаадмӕ ацыдысты+. 30 Ӕмӕ Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ уӕлӕдарӕс аивдзынӕн, цӕмӕй мӕ мачи базона, ӕмӕ хӕцынмӕ афтӕмӕй рацӕудзынӕн+, ды та дӕхи уӕлӕдарӕс скӕн»+. Гъемӕ Израилы паддзах йӕ уӕлӕдарӕс аивта+ ӕмӕ хӕцынмӕ рацыд+. 31 Сирийы паддзах та, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыцы ӕртын дыууӕ хицауӕн+ загъта: «Мадӕр хуымӕтӕг хӕстонимӕ хӕцут, мадӕр ӕфсады хистӕримӕ, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Израилы паддзахимӕ»+. 32 Ӕмӕ, бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыдон Иосафаты куы федтой, уӕд загътой, ай у Израилы паддзах+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм фездӕхтысты, цӕмӕй йемӕ схӕцыдаиккой. Фӕлӕ Иосафат ӕххуысмӕ сидын райдыдта+. 33 Ӕмӕ, бӕхуӕрдӕттӕ кӕй бар уыдысты, уыдон куы бамбӕрстой, уый Израилы паддзах кӕй нӕу, уӕд ӕй ныууагътой+.
34 Иу адӕймаг та ӕрдынӕй фехста, ӕмӕ йӕ фат Израилы паддзахыл сӕмбӕлд, уымӕ нӕ хъавыд, афтӕмӕй. Фат ыл суад, йе згъӕрхӕдон иннӕ хӕстон дарӕсмӕ кӕм фидар кодта, уым. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта+: «Бӕхуӕрдон разил ӕмӕ мӕ тохы быдырӕй алас, уӕззау цӕф дӕн». 35 Фӕлӕ уыцы бон тох стынг ис, ӕмӕ паддзахы бӕхуӕрдоны слӕууын кӕнын бахъуыд, йе ’ргом сириӕгты ’рдӕм здӕхт куыд уыдаид, афтӕ, ӕмӕ изӕрӕй амард+. Ӕмӕ йӕ туг бӕхуӕрдоны фӕкалд+. 36 Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд ӕфсадыл айхъуыст хъӕр: «Алчи йӕ горӕтмӕ ӕмӕ йӕ зӕхмӕ аздӕхӕд!»+ 37 Паддзах амард, ӕмӕ йӕ Самаримӕ аластой ӕмӕ йӕ уым бавӕрдтой+. 38 Ӕмӕ йын Самарийы цады раз, хӕтаг сылгоймӕгтӕ-иу сӕхи кӕм надтой, уым, йӕ бӕхуӕрдон куы ӕхсадтой, уӕд ын куыйтӕ йӕ туг сдӕрдтой+, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
39 Ахавы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй, пылыстӕгӕй+ цы хӕдзар скодта ӕмӕ цы горӕттӕ сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 40 Ӕппынфӕстаг Ахав йӕ фыдӕлтӕм баиу+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Охози+.
41 Асӕйы фырт Иосафат+ Иудӕйы паддзах сси, Ахав Израилы цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. 42 Иосафат паддзах сси, ӕртын фондз азы йыл куы цыд, уӕд ӕмӕ дыууын фондз азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Азувӕ, уыди Салаилы чызг. 43 Иосафат цыди йӕ фыд Асӕйы фӕндӕгтыл ӕмӕ сӕ иуварс нӕ ахызт – арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+. 44 Иосафат Израилы паддзахимӕ хӕларӕй цард+. 45 Иосафаты иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, куыд хӕцыд, уый тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 46 Хӕтаг нӕлгоймӕгтӕй+ ма йӕ фыд Асӕйы фӕстӕ чи баззад, уыдоны дӕр йӕ бӕстӕйӕ фесӕфта+.
47 Едомы+ та паддзах нӕ уыд, фӕлӕ дзы уыд бӕстӕйы хицау+.
48 Иосафат сарӕзта фарсисаг+ наутӕ, цӕмӕй сыл Офирӕй сызгъӕрин ластаиккой. Фӕлӕ наутӕ Офирмӕ нӕ ацыдысты, уымӕн ӕмӕ Ецион-Гаверы ныппырх сты+. 49 Ахавы фырт Охози Иосафатӕн раст уыцы рӕстӕг загъта, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр дӕ лӕггадгӕнджытимӕ наутыл ацӕуӕнт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Иосафат не сразы ис+.
50 Ӕппынфӕстаг Иосафат йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ йӕ фыдӕл Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам+.
51 Ахавы фырт Охози+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иосафат Иудӕйы ӕвддӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд. Ӕмӕ Израилы паддзах уыди дыууӕ азы. 52 Охози арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Охози цыди йӕ фыды+ ӕмӕ йӕ мады фӕндагыл+, стӕй Наваты фырт Йеровоамы+ фӕндагыл – Израил тӕригъӕды чи бафтыдта, уый фӕндагыл+. 53 Ваалӕн куывта+ ӕмӕ йын табу кодта ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы ӕфхӕрдта+ – йӕ фыд куыддӕриддӕр кодта, афтӕ.
[Фиппаинӕгтӕ]
Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «бӕрзонд бынӕтты». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.
Комк. «ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ».
Комк. «уӕззау».
Ома Евфратӕй.
Комк. «коры»; иу кор у 220 л. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Комк. «гакк-гуччытӕ».
Комк. «байсӕрстой».
Кӕс 1Пд 4:22, фип.
Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.
Дзырд «фынддӕс» цӕмӕ хауы – цӕджындзтӕм, уӕттӕм ӕви хъӕдтӕм,– уый бӕрӕг нӕу.
Нысан кӕны «Уый сфидар кӕндзӕн».
Ӕвӕц., нысан кӕны «хъаруйы», ӕмӕ йӕ кӕсын хъӕуы иннӕ цӕджындзы номы фӕстӕ, ома «Иахины» фӕстӕ.
Комк. «дыууӕ мин баты». Уый у 44 000 л бӕрц. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Дзут. тексты нӕй фыст, цал ӕлмӕрины уыд, уый.
Чъил – цалхы хай; уырыс. «обод».
Дӕндаг – цалхы хай; уырыс. «спица».
Мӕскъ – цалхы хай; уырыс. «ступица».
Комк. «цыппор баты». Уый у 880 л бӕрц.
Дзут. тексты цы дзырд ис, уый нысан кӕны ахӕм сомы, ӕмӕ адӕймаг йӕхи куы ралгъиты, зӕгъгӕ, кӕд ӕз афтӕ бакодтон, уӕд мыл афтӕ ӕмӕ афтӕ ӕрцӕуӕд.
Комк. «хъӕбузтӕй»; уырыс. «таракан».
Дзут. тексты цы дзырд ис (том), уый нысан кӕны хӕрзӕгъдау, ӕфсармджын, ӕнаипп, зӕрдӕйӕ ӕнӕхъӕн.
Кӕнӕ «Ницӕйаг бӕстӕ».
Иу талант у 34,2 кг.
Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
23 т бӕрц.
Ома, ӕндӕр згъӕримӕ кӕй бадон кодтой, ахӕм.
Иу сикл у 11,4 г.
Иу минӕ у 570 г. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ».
Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
Комк. «цырагъ».
«Хӕдзар», ома паддзӕхты хӕдзарвӕндаг.
«Сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехс»-ӕй цы дзут. дзырд у тӕлмац, уый ма нысан кӕны «скорпион» дӕр, Д.з 8:15 куыд у, афтӕ.
Комк. «(ӕцӕг) Хуыцауы адӕймаг».
Комк. «бӕрзонд бынӕттӕ».
Комк. «цӕсгом ӕрфӕлмӕн кӕн».
Ома Евфраты.
Комк. «нӕлгоймӕгтӕ кувӕндоны ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕуынц, уыцы нӕлгоймӕгтӕ».
Комк. «сынтытӕн». Сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «къахӕвӕрӕнмӕ».
Комк. «дыууӕ сатӕйы». Иу сатӕ у 7,33 л.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «байсӕрд».
Комк. «байсӕрд».
Комк. «дыууадӕс цӕды».
Комк. «нывондӕн сӕ ӕрхаста».
Комк. «Кӕд дын дӕ уд ӕгасӕй».
Комк. «Пехуымпарты фырттӕй».
Комк. «расомы кӕнын кодтон».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. тексты ма ис дзырд «адӕмтӕ» дӕр.