Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 1 Азфыстыты 1:1–29:30
  • 1 Азфыстыты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 1 Азфыстыты
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Азфыстыты

Азфыстыты фыццаг чиныг

кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАРАЛИПОМЕНОНЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ

1 Адам+,

Сиф+,

Енос+,

2 Каинан+,

Малелеил+,

Иаред+,

3 Енох+,

Мафусал+,

Ламех+,

4 Ной+,

Сим+, Хам+ ӕмӕ Иафет+.

5 Иафеты фырттӕ уыдысты Гомер, Магог+, Мадай+, Иаван+, Фувал, Мешех+ ӕмӕ Фирас+.

6 Гомеры фырттӕ уыдысты Аскеназ+, Рифат+, Фогармӕ+.

7 Иаваны фырттӕ уыдысты Елисӕ+, Фарсис+, Киттим+ ӕмӕ Роданим*+.

8 Хамы фырттӕ уыдысты Куш+, Мицраим+, Фут+ ӕмӕ Ханаан+.

9 Кушы фырттӕ уыдысты Севӕ+, Хавилӕ, Савтӕ+, Раамӕ+ ӕмӕ Савтехӕ+.

Раамӕйы фырттӕ та уыдысты Савӕ ӕмӕ Дедан+.

10 Кушӕн ма райгуырд Нимрод+ дӕр. Уый уыд зӕххыл фыццаг тыхджын лӕг+.

11 Мицраимӕн райгуырдысты Лудим+, Анамим, Легавим, Нафтухим+, 12 Патрусим+, Каслухим+,– уымӕй рацыдысты филистимӕгтӕ+,– ӕмӕ Кафторим+.

13 Ханаанӕн райгуырдысты Сидон+, йӕ фыццаг лӕппу, ӕмӕ Хет+. 14 Ханаанӕй рацыдысты йевусейтӕ+, аморейтӕ+, гергесейтӕ+, 15 евейтӕ+, аркейтӕ, синейтӕ+, 16 арвадейтӕ+, цемарейтӕ+ ӕмӕ хаматейтӕ+.

17 Симы+ фырттӕ уыдысты Елам+, Ассур+, Арфаксад+, Луд+ ӕмӕ Арам,

Стӕй Уц, Хул, Гефер ӕмӕ Маш+.

18 Арфаксадӕн райгуырд Салӕ+, Салӕйӕн та райгуырд Евер+.

19 Еверӕн райгуырд дыууӕ фырты. Сӕ иуӕн йӕ ном уыди Фалек*+, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы зӕххыл адӕм ныддихтӕ сты*. Йе ’фсымӕры ном та хуынди Иоктан.

20 Иоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шалеф, Хацармавеф, Йерах+, 21 Гадорам, Узал, Диклӕ+, 22 Овал, Авимаил, Савӕ+, 23 Офир+, Хавилӕ+ ӕмӕ Иовав+. Уыдон иууылдӕр уыдысты Иоктаны фырттӕ.

24 Сим+,

Арфаксад+,

Шелӕ+,

25 Евер+,

Фалек+,

Рагав+,

26 Серух+,

Нахор+,

Фаррӕ+,

27 Аврам+, ома Авраам+.

28 Авраамы фырттӕ уыдысты Исахъ+ ӕмӕ Измаил+.

29 Адон сты сӕ байзӕддӕгтӕ: Измаилӕн йӕ хистӕр фырт Наваиоф+, стӕй Кедар+, Адбеел, Мивсам+, 30 Мишмӕ, Думӕ+, Массӕ, Хадад+, Фемӕ, 31 Йетур, Нафиш ӕмӕ Кедмӕ+. Уыдон уыдысты Измаилы фырттӕ.

32 Авраамы номылус+ Хеттурӕйӕн+ цы фырттӕ райгуырд, уыдон та уыдысты Зимран, Иокшан, Медан+, Мадиан+, Ишбак+ ӕмӕ Шуах+.

Иокшаны фырттӕ уыдысты Савӕ ӕмӕ Дедан+.

33 Мадианы фырттӕ та уыдысты Ефӕ+, Ефер, Ханох, Авидӕ ӕмӕ Елдагӕ+.

Адон иууылдӕр уыдысты Хеттурӕйы цот.

34 Авраамӕн райгуырд Исахъ+. Исахъы фырттӕ та уыдысты Исав+ ӕмӕ Израил+.

35 Исавы фырттӕ уыдысты Елифаз, Рагуил+, Йеус, Йеглом ӕмӕ Корей+.

36 Елифазы фырттӕ уыдысты Феман+, Омар, Цефо, Гафам, Кеназ+, Фимнӕ+ ӕмӕ Амалик+.

37 Рагуилы фырттӕ уыдысты Нахаф, Зара, Шаммӕ ӕмӕ Миззӕ+.

38 Сеиры+ фырттӕ уыдысты Лотан, Шовал, Цивеон, Анӕ+, Дишон, Ецер ӕмӕ Дишан+.

39 Лотаны фырттӕ уыдысты Хори ӕмӕ Гемам. Лотанӕн йӕ хо та уыди Фимнӕ+.

40 Шовалы фырттӕ уыдысты Алван, Манахаф, Гевал, Шефо ӕмӕ Онам+.

Цивеоны фырттӕ уыдысты Айӕ ӕмӕ Анӕ+.

41 Дишон+ уыд Анӕйы фырт.

Дишоны фырттӕ уыдысты Хемдан, Ешбан, Ифран ӕмӕ Херан+.

42 Ецеры+ фырттӕ уыдысты Билган, Зааван ӕмӕ Акан+.

Дишаны фырттӕ уыдысты Уц ӕмӕ Аран+.

43 Цалынмӕ Израилы фырттӕн паддзах нӕ фӕзынд, уӕдмӕ Едомы+ зӕххыл уыди паддзӕхтӕ+: Веоры фырт Белӕ, йӕ горӕт хуынди Дингавӕ+. 44 Белӕ куы амард, уӕд паддзах сси восораг+ Зарайы+ фырт Иовав. 45 Иовав куы амард, уӕд паддзах сси Хушам+, уый уыд феманӕгты+ зӕххӕй рацӕуӕг. 46 Хушам куы амард, уӕд паддзах сси Бедады фырт Гадад+, Моавы быдыры мадиамӕгты+ чи ныддӕрӕн кодта, уый. Йӕ горӕт хуынди Авиф+. 47 Гадад куы амард, уӕд паддзах сси Самлӕ, Масрекӕй+ рацӕуӕг. 48 Самлӕ куы амард, уӕд паддзах сси Саул. Уый уыд, Стыр цӕугӕдоны* былгӕрон цы Реховоф+ ис, уырдыгӕй рацӕуӕг. 49 Саул куы амард, уӕд паддзах сси Ахборы+ фырт Ваал-Ханан. 50 Ахборы фырт Ваал-Ханан куы амард, уӕд паддзах сси Гадар, йӕ горӕт хуынди Пау. Гадарӕн йӕ усы ном уыди Мегетавел. Уый уыди Мезагавӕн йӕ чызджы+ чызг – Матреды чызг. 51 Ӕппынфӕстаг Гадад дӕр амард.

Едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ уыдысты: мыггаджы хистӕр Фимнӕ, мыггаджы хистӕр Алвӕ, мыггаджы хистӕр Йетеф+, 52 мыггаджы хистӕр Оливемӕ, мыггаджы хистӕр Илӕ, мыггаджы хистӕр Пинон+, 53 мыггаджы хистӕр Кеназ, мыггаджы хистӕр Феман, мыггаджы хистӕр Мивцар+, 54 мыггаджы хистӕр Магдиил ӕмӕ мыггаджы хистӕр Ирам+. Адон уыдысты едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ+.

2 Израилы+ фырттӕ уыдысты Рувим+, Симеон+, Леви+, Иудӕ+, Иссахар+, Завулон+, 2 Дан+, Иосиф+, Вениамин+, Неффалим+, Гад+ ӕмӕ Асир+.

3 Иудӕйы фырттӕ уыдысты Ир+, Онан+ ӕмӕ Шелӕ+. Ацы ӕртӕ лӕппуйы йын райгуырдысты Шуӕйы чызгӕй, ханаайнаг сылгоймагӕй. Иудӕйы хистӕр фырт Ир арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый, ӕмӕ йӕ Хуыцау амардта+. 4 Йӕ чындз Фамар+ ын ныййардта Фаресы+ ӕмӕ Зарайы. Иудӕйӕн ӕдӕппӕтӕй уыди фондз фырты.

5 Фаресы фырттӕ уыдысты Есром ӕмӕ Хамул+.

6 Зарайы+ фырттӕ уыдысты Зимри, Ефан, Еман, Халкол ӕмӕ Дардӕ+ – ӕдӕппӕтӕй фондз фырты.

7 Ахар* уыд Хармийы+ фырт. Уый Израилы+ фыдбылызы баппӕрста – сӕфты хай бакӕнын цы хъуыди, уый тыххӕй цы загъд уыд, уымӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд ракодта+.

8 Азари уыд Ефаны+ фырт.

9 Есромӕн+ цы фырттӕ райгуырд, уыдон уыдысты Йерахмеил+, Арам+ ӕмӕ Хелувай*.

10 Арамӕн райгуырд Аминадав+, Аминадавӕн райгуырд Наассон+ – Иудӕйы мыггаджы хистӕр. 11 Наассонӕн райгуырд Салмон+. Салмонӕн райгуырд Вооз+. 12 Воозӕн райгуырд Овид+. Овидӕн райгуырд Йессей+. 13 Йессейӕн райгуырдысты: йӕ хистӕр фырт – Елиав+, дыккаг – Аминадав+, ӕртыккаг – Шимӕ+, 14 цыппӕрӕм – Нафанаил, фӕндзӕм – Раддай, 15 ӕхсӕзӕм – Оцем ӕмӕ ӕвдӕм – Давид+. 16 Сӕ хотӕ та уыдысты Саруйӕ ӕмӕ Авигейӕ+. Саруйӕйы фырттӕ уыдысты Авессӕ+, Иоав+ ӕмӕ Асаил+ – ӕдӕппӕтӕй ӕртӕ фырты. 17 Авигейӕйӕн та райгуырд Амессай+. Амессайӕн йӕ фыд уыд измаилаг Йефер+.

18 Есромы+ фырт Халевӕн лӕппутӕ райгуырд йӕ устытӕ Азувӕ ӕмӕ Йериофӕйӕ. Йӕ фырттӕ уыдысты Йешер, Шовав ӕмӕ Ардон. 19 Азувӕ куы амард, уӕд Халев ракуырдта Ефрафӕйы+, ӕмӕ йын уымӕй райгуырд Хур+. 20 Хурӕн райгуырд Ури+. Урийӕн та райгуырд Веселеил+.

21 Есром ӕмуат ӕрцыд Галаады+ фыд Махиры+ чызгимӕ. Куы йӕ ракуырдта, уӕд Есромыл цыд ӕхсай азы, ӕмӕ йын Махиры чызг ныййардта Сегувы. 22 Сегувӕн та райгуырд Иаир+. Иаирӕн Галаады зӕххыл уыди дыууын ӕртӕ горӕты+. 23 Фӕстӕдӕр сӕ Гессур+ ӕмӕ Сири+ байстой Хаввоф-Иаир+, ӕмӕ ма йемӕ Кенаф+ дӕр йӕ дӕлбар горӕттимӕ – ӕдӕппӕтӕй ӕхсай горӕты. Адон иууылдӕр уыдысты Галаады фыд Махиры фырттӕ.

24 Есром+ Халев-Ефрафӕйы куы амард, уый фӕстӕ йын йӕ ус Ави ныййардта Ашхуры, Фекойӕйы+ фыды*.

25 Есромӕн йӕ хистӕр фырт Йерахмеилы+ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Арам+, стӕй Вунӕ, Орен, Оцем ӕмӕ Ахи. 26 Йерахмеилӕн ма уыд ӕндӕр ус дӕр, Афарӕ, зӕгъгӕ. Уый уыд Онамы мад. 27 Йерахмеилы хистӕр фырт Арамы+ фырттӕ уыдысты Маац, Иамин ӕмӕ Екер. 28 Онамы+ фырттӕ уыдысты Шаммай ӕмӕ Иадӕ. Шаммайы фырттӕ уыдысты Надав ӕмӕ Авишур. 29 Авишурӕн йӕ ус хуынди Авихаилӕ, ӕмӕ йын ныййардта Ахбаны ӕмӕ Молиды. 30 Надавы+ фырттӕ уыдысты Селед ӕмӕ Афаим. Селед амард ӕнӕзӕнӕгӕй. 31 Иши уыд Афаимы фырт. Шешан+ уыд Ишийы фырт. Ахлай та уыд Шешаны фырт. 32 Шаммайы ӕфсымӕр Иадӕйы фырттӕ уыдысты Йефер ӕмӕ Ионафан. Йефер амард ӕнӕзӕнӕгӕй. 33 Ионафаны фырттӕ та уыдысты Пелеф ӕмӕ Зазӕ. Адон сты Йерахмеилы фырттӕ.

34 Шешанӕн+ лӕппутӕ нӕ уыд, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр чызджытӕ. Шешанӕн уыди египетаг лӕггадгӕнӕг+, Иархӕ, зӕгъгӕ. 35 Гъемӕ Шешан йӕ чызджы йӕ лӕггадгӕнӕг Иархӕйӕн радта, ӕмӕ йын ныййардта Аттайы. 36 Аттайӕн райгуырд Нафан. Нафанӕн та райгуырд Завад+. 37 Завадӕн райгуырд Ефлал. Ефлалӕн райгуырд Овид. 38 Овидӕн райгуырд Ииуй. Ииуйӕн райгуырд Азари. 39 Азарийӕн райгуырд Хелец. Хелецӕн райгуырд Елеасӕ. 40 Елеасӕйӕн райгуырд Сисмай. Сисмайӕн райгуырд Шаллум. 41 Шаллумӕн райгуырд Йеками. Йекамийӕн райгуырд Елишамӕ.

42 Йерахмеилы ӕфсымӕр Халевы+ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Месӕ, Зифы фыд, ӕмӕ Хевроны фыд Марешы фырттӕ. 43 Хевроны фырттӕ уыдысты Корей, Таппуах, Рекем ӕмӕ Шемӕ. 44 Шемӕйӕн райгуырд Рахам, Иоркеамы фыд. Рекемӕн райгуырд Шаммай. 45 Шаммайы фырт уыд Маон. Маон уыд Беф-Цуры+ фыд. 46 Халевӕн йӕ номылус Ефӕ ныййардта Хараны, Моцы ӕмӕ Газезы. Харанӕн райгуырд Газез. 47 Йегдайы фырттӕ уыдысты Регем, Иофам, Гешан, Пелет, Ефӕ ӕмӕ Шааф. 48 Халевӕн йӕ иннӕ номылус Маахӕ та ныййардта Шеверы ӕмӕ Фирханы. 49 Уый фӕстӕ та ныййардта Шаафы, Мадманӕйы+ фыды, ӕмӕ Шевӕйы, Махбен ӕмӕ Гевейы+ фыды. Халевы+ чызг та хуынди Ахсӕ+. 50 Адон иууылдӕр сты Халевы цот.

Ефрафӕйӕн+ йӕ хистӕр фырт Хуры+ фырттӕ уыдысты Шовал+, Кириаф-Иаримы бындурӕвӕрӕг*+, 51 Салмон, Вифлеемы+ бындурӕвӕрӕг, ӕмӕ Хареф, Бефгадеры бындурӕвӕрӕг. 52 Кириаф-Иаримы бындурӕвӕрӕг Шовалы+ фырттӕ уыдысты Гарое ӕмӕ Менухоты адӕмы ӕмбис. 53 Кириаф-Иаримӕй цы мыггӕгтӕ рацыд, уыдон уыдысты: ифриӕгтӕ+, футиӕгтӕ, шумафӕгтӕ ӕмӕ мидраинӕгтӕ. Уыдонӕй рацыдысты цорафӕгтӕ+ ӕмӕ естаолӕгтӕ+. 54 Салмоны фырттӕ уыдысты Вифлеем+, стӕй нетофафӕгтӕ+, Атароф-Беф-Иоав, манахафӕгты ӕмбис ӕмӕ цорӕйӕгтӕ. 55 Иабецы+ цардысты писырты мыггӕгтӕ: тирейтӕ, шимейтӕ ӕмӕ сухайтӕ. Уыдон уыдысты кенейтӕ+, Рехавы+ хӕдзарвӕндаджы фыд Хамафӕй чи рацыд, уыдон.

3 Давидӕн+ Хевроны+ цы фырттӕ райгуырд, уыдон уыдысты: йӕ хистӕр фырт – Амнон+, изреелаг+ Ахиноамӕйӕ+; дыккаг фырт – Данел, кармилаг+ Авигейӕйӕ+; 2 ӕртыккаг – Авессалом+, Гессуры+ паддзах Фалмайы+ чызг Маахӕйӕ+; цыппӕрӕм – Адони+, Аггифӕйӕ+; 3 фӕндзӕм – Сафати, Авиталӕйӕ+; ӕхсӕзӕм – Ифреам, йӕ ус Еглӕйӕ+. 4 Хевроны йын райгуырд ӕхсӕз фырты. Хевроны Давид паддзах уыд авд азы ӕмӕ ’рдӕг, Иерусалимы та – ӕртын ӕртӕ азы+.

5 Иерусалимы+ та йын райгуырдысты Шимӕ+, Шовав+, Нафан+ ӕмӕ Соломон+ – цыппар фырты, Амиилы+ чызг Вирсавийӕ+; 6 стӕй Ивхар+, Елишамӕ+, Елифелет+, 7 Ногаг, Нефег, Иафи+, 8 Елишамӕ+, Елиадӕ ӕмӕ Елифелет+ – фараст фырты. 9 Адон иууылдӕр сты Давиды фырттӕ, йӕ номылустытӕй йын цы фырттӕ райгуырд, ӕнӕ уыдонӕй. Уыдис ма сын хо дӕр – Фамар+.

10 Соломонӕн райгуырд Ровоам+, Ровоамӕн райгуырд Ави+, Авийӕн райгуырд Асӕ+, Асӕйӕн райгуырд Иосафат+, 11 Иосафатӕн райгуырд Иорам+, Иорамӕн райгуырд Охози+, Охозийӕн райгуырд Иоас+, 12 Иоасӕн райгуырд Амаси+, Амасийӕн райгуырд Азари+, Азарийӕн райгуырд Иофам+, 13 Иофамӕн райгуырд Ахаз+, Ахазӕн райгуырд Езеки+, Езекийӕн райгуырд Манасси+, 14 Манассийӕн райгуырд Амон+, Амонӕн райгуырд Иоси+. 15 Иосийы фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Иоханан, дыккаг – Иоаким+, ӕртыккаг – Седеки+, цыппӕрӕм – Шаллум. 16 Йехони+ уыд Иоакимы фырт, Седеки та уыд уый фырт. 17 Йехони уацары куы уыд, уӕд ын чи райгуырд, уыцы фырттӕ уыдысты: Салафиил+, 18 Малкирам, Федайӕ, Шенацар, Йеками, Гошамӕ ӕмӕ Недави. 19 Федайӕйы фырттӕ уыдысты Зоровавел+ ӕмӕ Шимей. Зоровавелы фырттӕ та уыдысты Мешуллам ӕмӕ Ананийӕ – уыди ма сын хо дӕр, Шеломиф, зӕгъгӕ, 20 стӕй Хашувӕ, Огел, Берехи, Хасади ӕмӕ Иушав-Хесед – фондз фырты. 21 Ананийӕйы фырттӕ уыдысты Фелати+ ӕмӕ Йешайӕ. Рефайӕ уыд Йешайӕйы фырт. Арнан уыд Рефайӕйы фырт. Овади уыд Арнаны фырт. Шехани та уыд Овадийы фырт. 22 Шемайӕ уыд Шеханийы фырт. Шемайӕйы фырттӕ та уыдысты Хаттуш, Игал, Бариах, Неари ӕмӕ Сафат – ӕхсӕз фырты. 23 Неарийы фырттӕ уыдысты Елиоенай, Хизки ӕмӕ Азрикам – ӕртӕ фырты. 24 Елиоенайы фырттӕ уыдысты Годавиагу, Елиашив, Фелай, Аккув, Иоханан, Делайӕ ӕмӕ Анани – авд фырты.

4 Иудӕйы фырттӕ уыдысты Фарес+, Есром+, Харми+, Хур+ ӕмӕ Шовал+. 2 Шовалы фырт Реайӕйӕн+ райгуырд Иахаф. Иахафӕн райгуырдысты Ахум ӕмӕ Лагад. Уыдонӕй рацыдысты цорафӕгты+ хӕдзарвӕндӕгтӕ. 3 Етамы+ бындурӕвӕрӕджы* фырттӕ уыдысты Изреел+, Ишмӕ ӕмӕ Идбаш, сӕ хо та хуынди Гацлелпони,4 стӕй Пенуел, Гедоры+ фыд, ӕмӕ Езер, Хушы фыд. Адон сты, Ефрафӕйы хистӕр фырт ӕмӕ Вифлеемы+ бындурӕвӕрӕг чи уыд, уыцы Хуры+ фырттӕ. 5 Фекойӕйы+ фыд* Ашхурӕн+ уыди дыууӕ усы: Хелӕ ӕмӕ Наарӕ. 6 Наарӕ йын ныййардта Ахузамы, Хеферы, Фимнӕйы ӕмӕ Ахашфарийы. Адон сты Наарӕйы цот. 7 Хелӕйы фырттӕ уыдысты Цереф, Ицгар ӕмӕ Ефнан. 8 Коцӕн райгуырдысты Анув ӕмӕ Цовев, ӕмӕ уымӕй рацыдысты Гарумы фырт Ахархелы хӕдзарвӕндӕгтӕ.

9 Иабец+ уыд йе ’фсымӕртӕй кадджындӕр+. Йӕ мад ӕй схуыдта Иабец*, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Тухитӕ кӕнгӕйӕ йӕ ныййардтон»+. 10 Иабец скуывта Израилы Хуыцаумӕ+: «О куы мын раарфӕ кӕнис+ ӕмӕ мын мӕ зӕххытӕ куы сбирӕ кӕнис+, дӕ арм+ мыл куы дарис ӕмӕ мӕ бӕллӕхӕй куы бахизис+, цӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа!..»+ Ӕмӕ, цыдӕриддӕр куырдта, уый йын Хуыцау сӕххӕст кодта+.

11 Шухӕйы ӕфсымӕр Хелувӕн райгуырд Махир, уый уыд Ештоны фыд. 12 Ештонӕн райгуырдысты Беф-Рафӕ, Пасеах ӕмӕ Техиннӕ, Ир-Наасы фыд. Уыдон сты Рехӕйы цӕрджытӕ. 13 Кеназы+ фырттӕ уыдысты Гофониил+ ӕмӕ Серайӕ. Хафаф уыд Гофониилы фырт. 14 Меонофайӕн райгуырд Офрӕ. Серайӕйӕн райгуырд Иоав, Ге-Харашимы* фыд. Уыдон систы ӕрмгуыстгӕнджытӕ+.

15 Йефоннийы+ фырт Халевы+ фырттӕ уыдысты Ир, Илӕ ӕмӕ Наам. Кеназ уыд Илӕйы фырт. 16 Йегаллелелы фырттӕ уыдысты Зиф, Зифӕ, Фири ӕмӕ Асареел. 17 Езрӕйы фырттӕ уыдысты Йефер, Меред, Ефер ӕмӕ Иалон. Йӕ ус ын ныййардта Мариамы, Шаммайы ӕмӕ Ишбахы, Ештемоайы фыды+. 18 Йӕ дзуттаг ус та йын ныййардта Йереды, Гедоры фыды, Хеверы, Сохойы фыды, ӕмӕ Йекуфиилы, Заноахы фыды. Адон сты фараоны чызг Бифийы цот, Меред кӕй ракуырдта, уый цот.

19 Годийы усы цот, Нахамы хойы цот, уыдысты гармитаг Кеилы+ бындурӕвӕрӕг* ӕмӕ маахӕйаг Ештемоа. 20 Симеоны фырттӕ уыдысты Амнон, Риннӕ, Бенханан ӕмӕ Филон. Ишийы фырттӕ та уыдысты Зохеф ӕмӕ Бензохеф.

21 Иудӕйы фырт Шелӕйы+ фырттӕ уыдысты Ир, Лехӕйы фыд, ӕмӕ Лаед, Марешӕйы фыд, стӕй ма, Ашбейӕйы хӕдзарӕй чи рацыд, зынаргъ хъуымӕцтӕ чи уӕфта+, уыцы ӕрмгуыстгӕнджыты хӕдзарвӕндӕгтӕ, 22 Иоким, Хозевӕйы цӕрджытӕ, Иоас, Сараф, моаваг устытӕ+ кӕмӕн уыди, уыдон, ӕмӕ Иашувилехем. Уый тыххӕй дзурынц рагон таурӕгътӕ+. 23 Уыдон уыдысты дурынгӕнджытӕ+ ӕмӕ цардысты Нетаимы ӕмӕ Гедерӕйы. Уым цардысты ӕмӕ паддзахӕн куыстой+.

24 Симеоны фырттӕ уыдысты Немуил+, Иамин+, Иарив, Зара ӕмӕ Саул+. 25 Уый фырт уыд Шаллум, уый фырт – Мивсам, уый фырт та – Мишмӕ. 26 Хаммуил уыд Мишмӕйы фырт, уый фырт уыд Заккур, уый фырт та – Шимей. 27 Шимейӕн уыд ӕхсӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕхсӕз чызджы. Йе ’фсымӕртӕн та уыйбӕрц сывӕллӕттӕ нӕ уыд, ӕмӕ Иудӕйы фырттӕн цас сывӕллӕттӕ уыди, уыйбӕрц сывӕллӕттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕй иуӕн дӕр нӕ уыд+. 28 Уыдон цардысты Вирсавийы+, Моладӕйы+, Хацар-Шуалы+, 29 Билгӕйы+, Ецемы+, Фолады+, 30 Вефуилы+, Хормӕйы+, Секелагы+, 31 Беф-Маркавофы, Хацарсусимы+, Беф-Бирӕйы ӕмӕ Шааримы+. Цалынмӕ Давид паддзах не сси, уӕдмӕ ацы горӕттӕ уыдоны уыдысты.

32 Уыдис ма сын къаддӕр горӕттӕ дӕр: Етам, Аин, Риммон, Фокен ӕмӕ Ашан+ – ӕдӕппӕтӕй фондз горӕты. 33 Уыцы горӕтты алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон хӕццӕ кодтой суанг Ваалы+ онг. Адон сты, кӕмыты цардысты, уыцы бынӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ. 34 Мешовав, Иамлех, Амасийы фырт Иоси, 35 Иоил, стӕй Ииуй – Асиилы фырт Серайӕйӕн йӕ фырт Иошивы фырт, 36 Елиоенай, Иаковӕ, Ишохайӕ, Асайӕ, Адиил, Ишимиил, Ванейӕ 37 ӕмӕ Зизӕ. Зизӕ уыд Шифийы фырт, Шифи – Аллоны фырт, Аллон – Йедайӕйы фырт, Йедайӕ – Шимрийы фырт, Шимри та – Шемайӕйы фырт. 38 Кӕй нӕмттӕ ӕрцыдысты фыст, уыдон уыдысты сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+. Сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ тынг сбирӕ сты. 39 Ӕмӕ сӕ фосӕн хизӕнтӕ агургӕйӕ бахӕццӕ сты суанг Гедоры арӕнтӕм, дӕлвӕзы скӕсӕн фарсмӕ. 40 Ӕмӕ ссардтой кӕрдӕгджын ӕмӕ сойджын сӕрвӕттӕ+, зӕхх дзы уыд парахат ӕмӕ дзы уыди сабыр, тӕссаг дзы никӕмӕй уыд+. Раздӕр дзы Хамы байзӕддӕгтӕ цардысты+. 41 Кӕй нӕмттӕ ӕрцыдысты фыст, уыдон уырдӕм ӕрцыдысты Иудӕйы паддзах Езекийы+ рӕстӕджы. Хамы байзӕддӕгтӕ уым цатырты цардысты, стӕй ма уым уыдысты меунимӕгтӕ дӕр, ӕмӕ сӕм адон бабырстой+ ӕмӕ сӕ бындзагъд фӕкодтой+. Ӕмӕ сӕхӕдӕг уым ӕрцардысты, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосӕн сӕрвӕттӕ+ ссардтой.

42 Симеоны байзӕддӕгтӕй фондзсӕдӕ лӕджы ацыдысты Сеиры хохмӕ+. Сӕ сӕргъы уыдысты Ишийы фырттӕ Фелати, Неари, Рефайӕ ӕмӕ Узиил. 43 Ӕмӕ ма амаликӕгтӕй+ чи баззад, уыдоны ныццагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг абоны онг дӕр уым цӕрынц.

5 Дарддӕр фыст сты Израилы хистӕр фырт Рувимы+ фырттӕ. (Рувим уыд хистӕр фырт+, фӕлӕ йӕ фыды+ хуыссӕн фӕчъизи кодта, ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Израилы фырт Иосифы+ фырттӕн. Гъемӕ Рувим хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды, куыд хистӕр фырт, афтӕ не ’рцыд фыст. 2 Иудӕ+ йе ’фсымӕрты ӕхсӕн уыд ӕппӕты кадджындӕр, уымӕй рацыд разамонӕг дӕр+, фӕлӕ хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Иосифӕн+.) 3 Израилы хистӕр фырт Рувимы фырттӕ уыдысты Ханох+, Фаллу+, Есром ӕмӕ Харми+. 4 Шемайӕ уыд Иоилы фырт, уый фырт уыд Гог, уый фырт – Шимей, 5 уый фырт – Миха, уый фырт – Реайӕ, уый фырт – Ваал, 6 уый фырт – Беерӕ, Ассирийы паддзах Феглафелласар+ уацары кӕй акодта, уый. Беерӕ уыд Рувимы мыггаджы хистӕр. 7 Йе ’фсымӕртӕ фыст сты, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ+: мыггаджы хистӕр Йеиел, стӕй Захари 8 ӕмӕ Белӕ, Иоилы+ фырт Шемӕйӕн йӕ фырт Азазы фырт, уый цард Ароеры+, йӕ зӕххытӕ уыдысты суанг Нево+ ӕмӕ Ваал-Меоны+ онг. 9 Скӕсӕнырдыгӕй та бахӕццӕ, Евфраты+ цӕугӕдоны раз чи ис, уыцы ӕдзӕрӕг быдыр кӕм райдайы, уый онг, уымӕн ӕмӕ Галаады+ зӕххыл йӕ фос тынг сбирӕ сты. 10 Саулы рӕстӕджы уыдон схӕцыдысты агарӕгтимӕ+ ӕмӕ сӕ ныццагътой. Ӕмӕ, Галаадӕй скӕсӕнырдӕм цыдӕриддӕр зӕххытӕ ис, уым сӕ цатырты ӕрцардысты.

11 Гады+ фырттӕ та цардысты сӕ фарсмӕ Васаны+ зӕххыл, суанг Салхӕйы+ онг. 12 Васаны хистӕр уыд Иоил, дыккаг лӕг та дзы уыд Шафан, стӕй Иаанай ӕмӕ Сафат. 13 Се ’фсымӕртӕ, сӕ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыдон уыдысты Михаил, Мешуллам, Савӕ, Иорай, Иаакан, Зийӕ ӕмӕ Евер – авд ӕфсымӕры. 14 Уыдон уыдысты Авихаилы фырттӕ, Авихаил уыд Хурийы фырт, Хури – Иароахы фырт, Иароах – Галаады фырт, Галаад – Михаилы фырт, Михаил – Йешишайы фырт, Йешишай – Иахдойы фырт, Иахдо – Вузы фырт. 15 Гунийӕн йӕ фырт Авдиилы фырт Ахи уыд сӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕр. 16 Уыдон цардысты Галаады+, Васаны+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты+, стӕй, Сароны зӕххыл цыдӕриддӕр сӕрвӕттӕ уыд, уым, суанг сӕ арӕнты онг. 17 Се ’ппӕт дӕр хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды фыст ӕрцыдысты Иудӕйы паддзах Иофамы+ рӕстӕджы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы+ рӕстӕджы.

18 Рувимы фырттӕй, Гады мыггагӕй ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕй хӕцынхъом чи уыд, ахӕмтӕ уыд цыппор цыппар мин авдсӕдӕ ӕхсай нӕлгоймаджы. Уыдон уыдысты хъӕбатыр+ хӕстонтӕ, уарт чи хаста, ӕрдын-иу чи ӕрбакъӕдз кодта ӕмӕ хӕцынмӕ дӕсны чи уыд, ахӕмтӕ+. 19 Уыдон хӕцыдысты агарӕгтимӕ+, Йетуримӕ+, Нафишимӕ+ ӕмӕ Надавимӕ. 20 Семӕ куы хӕцыдысты, уӕд сын уыди ӕххуысгӕнӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ фӕсидтысты ӕмӕ сын уый сӕ лӕгъстӕ фехъуыста, сӕ ныфс ыл кӕй дардтой, уый тыххӕй, ӕмӕ сын агарӕгты, стӕй семӕ чидӕриддӕр уыди, уыдоны сӕ къухмӕ радта+. 21 Ӕмӕ сын сӕ фос байстой+: фӕндзай мин теуайы, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мин фысы ӕмӕ дыууӕ мин хӕрӕджы. Сӕдӕ мин адӕймаджы* та дзы уацары акодтой+. 22 Бирӕтӕ сӕ фӕцагъды сты, уымӕн ӕмӕ уый ӕцӕг Хуыцауы хӕст уыд+. Ӕмӕ уыдон сӕ зӕххыл цардысты, цалынмӕ сӕ уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ+.

23 Манассийы+ мыггаджы ӕмбис уыцы зӕххыл цардысты Васанӕй+ суанг Ваал-Ермоны+ онг, Сениры+ онг ӕмӕ Ермоны+ хохы онг. Тынг сбирӕ сты. 24 Адон сты сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ: Ефер, Иши, Елиил, Азриил, Йереми, Годави ӕмӕ Иагдиил – хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонтӕ, зындгонд адӕм, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. 25 Уыдон сӕ фыдӕлты Хуыцауыл гадзрахатӕй рацыдысты ӕмӕ, уыцы зӕххыл чи цард ӕмӕ Хуыцау кӕй фӕцагъта, уыцы адӕмты хуыцӕуттимӕ+ хӕтын райдыдтой+. 26 Ӕмӕ уӕд Израилы Хуыцау Ассирийы+ паддзах Пулы+, ома Феглафелласары+, сразӕнгард кодта+, ӕмӕ уый Рувимы фыртты, Гады мыггаджы ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис сӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕкодта+ – Халахмӕ+, Хавормӕ, Арӕмӕ ӕмӕ сӕ Гозаны цӕугӕдоны былмӕ акодта, ӕмӕ абоны онг дӕр уым цӕрынц.

6 Левийы+ фырттӕ уыдысты Гирсон+, Кааф+ ӕмӕ Мерари+. 2 Каафы фырттӕ уыдысты Амрам+, Ицгар+, Хеврон+ ӕмӕ Узиил+. 3 Амрамы+ цот уыдысты Аарон+, Моисей+ ӕмӕ Мариам+. Аароны фырттӕ уыдысты Надав+, Авиуд+, Елеазар+ ӕмӕ Ифамар+. 4 Елеазарӕн+ райгуырд Финеес+. Финеесӕн райгуырд Авишуй+. 5 Авишуйӕн райгуырд Букки. Буккийӕн райгуырд Уззи+. 6 Уззийӕн райгуыд Зерахи. Зерахийӕн райгуырд Мераиоф+. 7 Мераиофӕн райгуырд Амари. Амарийӕн райгуырд Ахитув+. 8 Ахитувӕн райгуырд Садок+. Садокӕн райгуырд Ахимаас+. 9 Ахимаасӕн райгуырд Азари. Азарийӕн райгуырд Иоханан. 10 Иохананӕн райгуырд Азари+. Азари сауджынӕй лӕггад кодта, Соломон Иерусалимы цы хӕдзар сарӕзта, уым.

11 Азарийӕн райгуырд Амари+, Амарийӕн райгуырд Ахитув+. 12 Ахитувӕн райгуырд Садок+. Садокӕн райгуырд Шаллум. 13 Шаллумӕн райгуырд Хелки+. Хелкийӕн райгуырд Азари. 14 Азарийӕн райгуырд Серайӕ+. Серайӕйӕн райгурыд Иоседек+. 15 Йегъовӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты Навуходоносорӕн уацары куы акӕнын кодта, уӕд Иоседекы дӕр уацары акодтой.

16 Левийы+ фырттӕ уыдысты Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари. 17 Гирсоны фырттӕ хуындысты Ливни+ ӕмӕ Шимей+. 18 Каафы+ фырттӕ уыдысты Амрам+, Ицгар, Хеврон ӕмӕ Узиил+. 19 Мерарийы фырттӕ та уыдысты Махли ӕмӕ Муши+.

Адон сты левитты хӕдзарвӕндӕгтӕ сӕ фыдӕлты нӕмттӕм гӕсгӕ+: 20 Гирсонӕн йӕ фырт Ливни+, Ливнийы фырт Иахаф, Иахафы фырт Зиммӕ, 21 Зиммӕйы фырт Иоах+, Иоахы фырт Иддо, Иддойы фырт Зара, Зарайы фырт Йеафрай. 22 Каафы фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Аминадав, Аминадавы фырт Корей+, Корейы фырттӕ Асир, 23 Елхъан ӕмӕ Евиасаф+, Евиасафы фырт Асир, 24 Асиры фырт Тахаф, Тахафы фырт Уриил, Уриилы фырт Ози, Озийы фырт Саул. 25 Елхъаны+ фырттӕ уыдысты Амасай ӕмӕ Ахимоф. 26 Елхъаны фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Цофай+, Цофайы фырт Нахаф, 27 Нахафы фырт Елиав+, Елиавы фырт Йерохам, Йерохамы фырт Елхъан+. 28 Самуилы+ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт – Иоил, дыккаг – Ави+. 29 Мерарийы фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Махли+, Махлийы фырт Ливни, Ливнийы фырт Шимей, Шимейы фырт Озӕ, 30 Озӕйы фырт Шимӕ, Шимӕйы фырт Хагги, Хаггийы фырт Асайӕ.

31 Адон сты, Давид+ Йегъовӕйы хӕдзары зарӕгамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдон. Сӕвӕрдта сӕ, бадзырды чырын уырдӕм куы бахастой, уый фӕстӕ+. 32 Ӕмӕ, цалынмӕ Соломон Йегъовӕйӕн Иерусалимы хӕдзар нӕ сарӕзта+, уӕдмӕ ӕмбырды цатыры раз лӕггад кодтой+ – зарыдысты-иу+. Уыцы лӕггады сӕ алчидӕр арӕзта, цы йын бахӕс кодтой, уый+. 33 Адон сты уыцы лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фыртты нӕмттӕ. Каафы фырттӕй: зарӕггӕнӕг Еман+. Еман уыд Иоилы+ фырт, Иоил – Самуилы+ фырт, 34 Самуил – Елхъаны+ фырт, Елхъан – Йерохамы фырт, Йерохам – Елиилы+ фырт, Елиил – Тоахы фырт, 35 Тоах – Цуфы+ фырт, Цуф – Елхъаны фырт, Елхъан – Махафы фырт, Махаф – Амасайы фырт, 36 Амасай – Елхъаны фырт, Елхъан – Иоилы фырт, Иоил – Азарийы фырт, Азари – Софонийы фырт, 37 Софони – Тахафы фырт, Тахаф – Асиры фырт, Асир – Евиасафы+ фырт, Евиасаф – Корейы+ фырт, 38 Корей – Ицгары+ фырт, Ицгар – Каафы фырт, Кааф – Левийы фырт, Леви та – Израилы фырт.

39 Йӕ рахиз фарс-иу лӕууыд йе ’фсымӕр Асаф+. Асаф уыд Берехийы+ фырт, Берехи – Шимӕйы фырт, 40 Шимӕ – Михаилы фырт, Михаил – Ваасейы фырт, Ваасей – Малхийы фырт, 41 Малхи – Ефнийы фырт, Ефни – Зарайы фырт, Зара – Адайы фырт,42 Адай – Ефаны фырт, Ефан – Зиммӕйы фырт, Зиммӕ – Шимейы фырт, 43 Шимей – Иахафы+ фырт, Иахаф – Гирсоны+ фырт, Гирсон та – Левийы фырт.

44 Сӕ галиу фарс та-иу лӕууыдысты Мерарийы+ фырттӕ, се ’фсымӕртӕ: Ефан+. Ефан уыд Кишийы+ фырт, Киши – Авдийы фырт, Авди – Маллухы фырт, 45 Маллух – Хашавийы фырт, Хашави – Амасийы фырт, Амаси – Хелкийы фырт, 46 Хелки – Амцийы фырт, Амци – Ванийы фырт, Вани – Шемеры фырт, 47 Шемер – Махлийы фырт, Махли – Мушийы+ фырт, Муши – Мерарийы+ фырт, Мерари та – Левийы фырт.

48 Цатыры, ома ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары, лӕггад кӕнынмӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ хауд, уыдон+ бахӕс кодтой се ’фсымӕртӕн, левиттӕн+. 49 Аарон+ ӕмӕ-иу йӕ фырттӕ кувинӕгты фӕздӕг суагътой+, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕныл+ ӕмӕ, буд кӕуыл сыгътой, уыцы нывондхӕссӕныл+. Уӕлдай табуйаг цы у, уыдӕттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмы+ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнынимӕ+ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон кодтой, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисей сын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. 50 Адон сты Аароны+ фырттӕ: йӕ фырт Елеазар+, Елеазары фырт – Финеес+, Финеесы фырт – Авишуй+, 51 Авишуйы фырт – Букки, Буккийы фырт – Уззи, Уззийы фырт – Зерахи+, 52 Зерахийы фырт – Мераиоф+, Мераиофы фырт – Амари, Амарийы фырт – Ахитув+, 53 Ахитувы фырт – Садок+, Садокы фырт – Ахимаас+.

54 Адон сты сӕ цӕрӕнбынӕттӕ, сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн ис, уыцы цӕрӕнбынӕттӕ+. Адон сын радтой сӕ зӕххытӕй, уымӕн ӕмӕ ахӕм хал схауд, Аароны фырттӕй Каафы+ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыдонӕн. 55 Иудӕйы зӕххыл сын радтой Хеврон+ ӕмӕ, йӕ алыварс цы фосхизӕнтӕ уыд, уыдон. 56 Горӕты алыварс цы быдыртӕ ӕмӕ цы хъӕутӕ уыд, уыдон+ та радтой Йефоннийы+ фырт Халевӕн+. 57 Аароны фырттӕн радтой ӕмбӕхсӕн горӕт*+ Хеврон+, стӕй Ливнӕ+ ӕд хизӕнтӕ, Иаттир+, Ештемоа+ ӕд хизӕнтӕ, 58 Хилен+ ӕд хизӕнтӕ, Давир+ ӕд хизӕнтӕ, 59 Ашан+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Вефсамис+ ӕд хизӕнтӕ. 60 Вениамины мыггаг та сын радта Гевӕ+ ӕд хизӕнтӕ, Алемеф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Анафоф+ ӕд хизӕнтӕ. Сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕдӕппӕтӕй уыди ӕртындӕс+ горӕты.

61 Каафы иннӕ фырттӕн та, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕндӕр мыггаджы хӕдзарвӕндаг ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис радтой дӕс+ горӕты.

62 Гирсоны+ фырттӕн та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ Иссахары+ мыггаг, Асиры+ мыггаг, Неффалимы+ мыггаг ӕмӕ Манассийы+ мыггаг, Васаны чи ис, уый, радтой ӕртындӕс горӕты.

63 Мерарийы+ фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ Рувимы+ мыггаг, Гады+ мыггаг ӕмӕ Завулоны+ мыггаг, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, радтой дыууадӕс горӕты.

64 Ацы горӕттӕ ӕмӕ хизӕнтӕ+ Израилы фырттӕ радтой левиттӕн+. 65 Уымӕй уӕлдай ма сын, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, горӕттӕ радтой Иудӕйы+ мыггаг, Симеоны+ мыггаг ӕмӕ Вениамины+ мыггаг дӕр, ӕмӕ уыцы горӕттӕ нымад сты номгай.

66 Каафӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕн горӕттӕ радта Ефремы мыггаг, ӕмӕ уыцы горӕттӕ уыдысты сӕ зӕххыл+. 67 Ефремы хӕхбӕсты сын радтой ӕмбӕхсӕн горӕт Сихем+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Газер+ ӕд хизӕнтӕ, 68 Иокмеам+ ӕд хизӕнтӕ, Беф-Орон+ ӕд хизӕнтӕ,69 Аиалон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Гаф-Риммон+ ӕд хизӕнтӕ. 70 Каафӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндагӕй иннӕтӕн+ Манассийы мыггаджы ӕмбис радта Анер+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Билеам+ ӕд хизӕнтӕ.

71 Гирсоны+ фырттӕн та Манассийы мыггаджы ӕмбис радта, Васаны чи ис, уыцы Голан+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Астароф+ ӕд хизӕнтӕ. 72 Иссахары мыггаг сын радта Кедес+ ӕд хизӕнтӕ, Давраф+ ӕд хизӕнтӕ, 73 Рамоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Анем+ ӕд хизӕнтӕ. 74 Асиры мыггаг сын радта Машал ӕд хизӕнтӕ, Авдон+ ӕд хизӕнтӕ, 75 Хукок+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Рехов+ ӕд хизӕнтӕ. 76 Неффалимы+ мыггаг сын радта, Галилейӕйы+ чи ис, уыцы Кедес+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Хаммон ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Кириафаим+ ӕд хизӕнтӕ.

77 Мерарийы иннӕ фырттӕн та Завулоны+ мыггаг радта Риммон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Фавор ӕд хизӕнтӕ. 78 Иорданы скӕсӕнырдыгӕй, Иерихонмӕ хӕстӕг та сын Рувимы+ мыггаг радта, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уыцы Бецер+ ӕд хизӕнтӕ, Иаацӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 79 Кедемоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Мефааф+ ӕд хизӕнтӕ. 80 Гады+ мыггаг сын радта, Галаады чи ис, уыцы Рамоф+ ӕд хизӕнтӕ, Маханаим+ ӕд хизӕнтӕ, 81 Есевон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Иазер+ ӕд хизӕнтӕ.

7 Иссахары фырттӕ уыдысты Фолӕ+, Фуӕ+, Иашув ӕмӕ Шимрон+ – цыппар фырты. 2 Фолӕйы фырттӕ уыдысты Уззи, Рефайӕ, Йериил, Иахмай, Ивсам ӕмӕ Самуил – се ’ппӕт дӕр хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Фолӕйӕ рацыд хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕм. Давиды+ рӕстӕджы уыдысты дыууын дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. 3 Уззийы фырттӕ уыдысты: Израхи. Израхийы фырттӕ уыдысты Михаил, Овади, Иоил, Ишши ӕмӕ...* – фондз фырты. Се ’ппӕт дӕр уыдысты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. 4 Уыдис сын, хӕсты рӕстӕг хӕцынмӕ чи рацыдаид, ахӕм ӕфсӕдтӕ – чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Уыцы ӕфсӕдты уыд ӕртын ӕхсӕз мин хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕмӕ бирӕ фырттӕ уыд+. 5 Се ’фсымӕртӕ, Иссахары байзӕддӕгтӕ, иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ+. Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕстай авд мины+.

6 Вениамины+ фырттӕ уыдысты Белӕ+, Бехер+ ӕмӕ Йедиаил+ – ӕртӕ фырты. 7 Белӕйы+ фырттӕ уыдысты Ецбон, Уззи, Узиил, Йеримоф ӕмӕ Ири – фондз фырты. Се ’ппӕт дӕр уыдысты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ. Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ+ уыдысты дыууын дыууӕ мин ӕртын цыппар адӕймаджы. 8 Бехеры фырттӕ уыдысты Земирӕ, Иоас, Елиезер, Елиоенай, Амври, Йеремоф, Ави, Анафоф ӕмӕ Алемеф. Адон иууылдӕр сты Бехеры фырттӕ. 9 Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ+ уыдысты дыууын мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы, фыст уыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ, ома сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты нӕмттӕм гӕсгӕ. Се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ. 10 Йедиаилы+ фырттӕ уыдысты: Билган. Билганы фырттӕ уыдысты Йеус, Вениамин, Аод, Хенаан, Зефан, Фарсис ӕмӕ Ахишахар. 11 Йедиаилы фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты нӕмттӕм гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы, хӕцынхъом чи уыд, ахӕмтӕ. Се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ+.

12 Иры+ фырттӕ уыдысты Шупим+ ӕмӕ Хуппим+. Хушим уыд Ахеры фырт.

13 Неффалимы+ фырттӕ уыдысты Иахцеил+, Гуни+, Йецер ӕмӕ Шаллум+. Адон сты Валлӕйы+ цот.

14 Манассийӕн+ уыди фырттӕ. Йӕ иу фырт уыд Асриил, ныййардта йын ӕй йӕ сириаг номылус. (Уыцы номылус ныййардта Махиры+, Галаады фыды. 15 Махир Хуппимӕн ӕмӕ Шупимӕн устытӕ ӕрхаста, сӕ хо та хуынди Маахӕ.) Йӕ иннӕ фырт хуынди Салпаад+. Салпаадӕн уыди ӕрмӕстдӕр чызджытӕ+. 16 Махирӕн йӕ ус Маахӕ фырт ныййардта ӕмӕ йӕ схуыдта Кереш. Йе ’фсымӕр та хуынди Шереш. Йӕ фырттӕ уыдысты Улам ӕмӕ Рекем. 17 Бедан уыд Уламы фырт. Адон иууылдӕр сты Манассийы фырт Махирӕн йӕ фырт Галаады фырттӕ. 18 Уыди йын хо дӕр, Молехеф, зӕгъгӕ. Молехеф ныййардта Ишгоды, Авиезеры+ ӕмӕ Махлӕйы. 19 Шемидӕйы фырттӕ уыдысты Ахиан, Сихем, Ликхи ӕмӕ Аниам.

20 Ефремы+ фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Шутелах+, Шутелахы фырт Беред, Береды фырт Тахаф, Тахафы фырт Елеадӕ, Елеадӕйы фырт Тахаф, 21 Тахафы фырт Завад, Завады фырт Шутелах, стӕй ма Езер ӕмӕ Елеад дӕр. Езер ӕмӕ Елеады амардтой Гефы+ цӕрджытӕ, ома уыцы зӕххыл чи райгуырд, уыдон, сӕ фос байсынмӕ сӕм кӕй ӕрбацыдысты, уый тыххӕй. 22 Сӕ фыд Ефрем сыл бирӕ рӕстӕг куыдта+, ӕмӕ-иу ӕм йе ’фсымӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕй сабыр кодтой. 23 Уый фӕстӕ йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ус басывӕрджын+ ӕмӕ лӕппу ныййардта. Ӕмӕ йӕ Ефрем схуыдта Бери*, уымӕн ӕмӕ йын ӕй, йӕ бинонтыл фыдбылыз+ куы ’рцыд, уӕд ныййардта. 24 Йӕ чызг та хуынди Шеерӕ. Шеерӕ сарӕзта Дӕллаг+ ӕмӕ Уӕллаг+ Беф-Орон+, стӕй Уззен-Шеерӕ. 25 Рефай ӕмӕ Решеф уыдысты Ефремы байзӕддӕгтӕ. Решефы фырт уыд Фелах, Фелахы фырт Тахан, 26 Таханы фырт Лаедан, Лаеданы фырт Амиуд, Амиуды фырт Елишамӕ, 27 Елишамӕйы фырт Навин+, Навины фырт Йесо+.

28 Сӕ зӕххытӕ ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдысты Вефил+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, скӕсӕнырдыгӕй – Нааран+, ныгуылӕнырдыгӕй – Газер+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Сихем+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, суанг Газӕ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты онг, 29 Манассийы фыртты фарсмӕ – Беф-Сан+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Фаанах+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Мегиддо+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Дор+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ. Уыцы горӕтты цардысты Израилы фырт Иосифы+ фырттӕ.

30 Асиры+ фырттӕ уыдысты Имнӕ+, Ишвӕ, Ишви+ ӕмӕ Бери+. Серах та уыд сӕ хо. 31 Берийы фырттӕ уыдысты Хевер ӕмӕ Малхиил, Бирзаифы фыд. 32 Хеверӕн райгуырдысты Иафлет, Шомер ӕмӕ Хофам, стӕй сӕ хо Шуӕ. 33 Иафлеты фырттӕ уыдысты Пасах, Бимгал ӕмӕ Ашваф. Адон сты Иафлеты фырттӕ. 34 Шемеры фырттӕ уыдысты Ахи, Рохгӕ, Ихуббӕ ӕмӕ Арам. 35 Йе ’фсымӕр Гелемы фырттӕ уыдысты Цофах, Имнӕ, Шелеш ӕмӕ Амал. 36 Цофахы фырттӕ уыдысты Суах, Харнефер, Шуал, Бери, Имрӕ, 37 Бецер, Год, Шаммӕ, Шилшӕ, Ифран ӕмӕ Беерӕ. 38 Йеферы фырттӕ уыдысты Йефонни, Фиспӕ ӕмӕ Арӕ. 39 Уллӕйы фырттӕ уыдысты Арах, Ханниил ӕмӕ Рици. 40 Адон иууылдӕр уыдысты Асиры фырттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, хуыздӕр хӕстонтӕ, хъӕбатыр+ ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ, ӕфсады хистӕрты сӕргълӕуджытӕ. Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ+ сӕм, хӕсты рӕстӕг хӕцынмӕ чи рацыдаид, ахӕмтӕ уыди дыууын ӕхсӕз мин адӕймаджы+.

8 Вениаминӕн+ райгуырдысты: йӕ хистӕр фырт Белӕ+, дыккаг – Ашбел+, ӕртыккаг – Ахрай+, 2 цыппӕрӕм – Ноха+, фӕндзӕм – Рафӕ. 3 Белӕйы фырттӕ уыдысты Аддар, Герӕ+, Авиуд, 4 Авишуй, Нааман, Ахоах, 5 Герӕ, Шефуфан+, Хурам+. 6 Адон сты Аоды фырттӕ, Гевӕйы+ чи цард ӕмӕ уацары кӕй акодтой ӕмӕ Манахафы кӕй ӕрцӕрын кодтой, уыцы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ: 7 Нааман, Ахи ӕмӕ Герӕ – сӕ зӕххӕй сӕ чи сыстын кодта, уый. Герӕйӕн райгуырдысты Уззӕ ӕмӕ Ахиуд. 8 Шегараим Моавы зӕххӕй+ моавӕгты куы фӕсырдта, уӕд ын уым райгуырд сывӕллӕттӕ. Йӕ устытӕ уыдысты Хушим ӕмӕ Баарӕ. 9 Йӕ ус Ходешӕй йын райгуырдысты Иовав, Циви, Месӕ, Малхам, 10 Йеуц, Шахи ӕмӕ Мирмӕ. Адон сты йӕ фырттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ.

11 Хушимӕй та йын райгуырдысты Авитув ӕмӕ Елпаал. 12 Елпаалы фырттӕ уыдысты Евер, Мишам ӕмӕ Шемер – Оно+ ӕмӕ Лод+ йӕ дӕлбар горӕттимӕ чи сарӕзта, уый,– 13 стӕй Бери ӕмӕ Шемӕ. Адон сты, Аиалоны+ чи цард, уыцы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Уыдон фӕсырдтой Гефы цӕрджыты. 14 Ахио, Шашак, Йеремоф, 15 Зевади, Арад, Едер, 16 Михаил, Ишфӕ ӕмӕ Иохӕ – Берийы+ фырттӕ. 17 Зевади, Мешуллам, Хизки, Хевер, 18 Ишмерай, Изли ӕмӕ Иовав – Елпаалы фырттӕ. 19 Иаким, Зихри, Завди, 20 Елиенай, Цилфай, Елиил, 21 Адай, Берай ӕмӕ Шимраф – Шимейы+ фырттӕ. 22 Ишпан, Евер, Елиил, 23 Авдон, Зихри, Ханан, 24 Ананийӕ, Елам, Антофи, 25 Ифди ӕмӕ Пенуел – Шашакы фырттӕ. 26 Шамшерай, Шехари, Гофоли, 27 Иаареши, Илийа ӕмӕ Зихри – Йерохамы фырттӕ. 28 Адон сты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, сӕргълӕуджытӕ, фыст ӕрцыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ цардысты Иерусалимы+.

29 Гаваоны+ фыд Йеиел цард Гаваоны. Йӕ ус хуынди Маахӕ+. 30 Йӕ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Авдон, стӕй Цур, Кис, Ваал, Надав+, 31 Гедор, Ахио ӕмӕ Зехер+. 32 Миклофӕн райгуырд Шимӕ+. Уыдон се ’фсымӕртимӕ цардысты Иерусалимы, сӕ иннӕ ӕфсымӕрты фарсмӕ.

33 Нирӕн+ райгуырд Кис+. Кисӕн райгуырд Саул+. Саулӕн райгуырдысты Ионафан+, Малхисуа+, Аминадав+ ӕмӕ Ешваал+. 34 Ионафаны фырт уыд Мерив-Ваал+. Мерив-Ваалӕн райгуырд Миха+. 35 Михайы фырттӕ уыдысты Пифон, Мелех, Фаарей+ ӕмӕ Ахаз. 36 Ахазӕн райгуырд Иоиаддӕ. Иоиаддӕйӕн райгуырдысты Алемеф, Азмавеф ӕмӕ Зимри. Зимрийӕн райгуырд Моцӕ. 37 Моцӕйӕн райгуырд Биней, Бинейӕн райгуырд Рафӕ+, Рафӕйӕн – Елеасӕ, Елеасӕйӕн – Ацел. 38 Ацелӕн уыд ӕхсӕз фырты. Сӕ нӕмтӕ сты Азрикам, Бохру, Измаил, Шеари, Овади ӕмӕ Ханан. Адон иууылдӕр сты Ацелы фырттӕ. 39 Йе ’фсымӕр Ешекы фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Улам, дыккаг – Йеус, ӕртыккаг – Елифелет. 40 Уламы фырттӕ уыдысты хъӕбатыр+ ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ, ӕрдын-иу чи ӕрбакъӕдз кодта, ахӕмтӕ+. Уыди сын бирӕ фырттӕ+ ӕмӕ фырты фырттӕ – ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ фӕндзай. Адон иууылдӕр сты Вениамины фырттӕ.

9 Израилӕгты се ’ппӕты дӕр хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕм бахастой+ ӕмӕ сӕ Израилы паддзӕхты чиныджы ныффыстой. Иудӕйы адӕмы та Вавилонмӕ уацары акодтой+, Хуыцауыл гадзрахатӕй кӕй рацыдысты, уый тыххӕй. 2 Сӕ зӕххытӕм, сӕ горӕттӕм фӕстӕмӕ фыццаг ӕрыздӕхтысты израилӕгтӕ+, сауджынтӕ+, левиттӕ+ ӕмӕ нефинейтӕ*+. 3 Иерусалимы+ цардысты Иудӕйы+ фырттӕй, Вениамины+ фырттӕй, стӕй Ефрем ӕмӕ Манассийы фырттӕй иуӕй-иутӕ: 4 Уфай (Уфай уыд Амиуды фырт, Амиуд – Амврийы фырт, Амври – Имрийы фырт, Имри – Ванийы фырт, Вани – Фаресы+ фырттӕй, Фарес та уыд Иудӕйы+ фырт), 5 Шелӕйы байзӕддӕгтӕй+ – йӕ хистӕр фырт Асайӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ, 6 Зарайы+ фырттӕй – Йеуил ӕмӕ сӕ ӕхсӕзсӕдӕ нӕуӕдз ӕфсымӕры.

7 Вениамины фырттӕй: Саллу (Саллу уыд Мешулламы фырт, Мешуллам – Годавийы фырт, Годави – Гассенуйы фырт), 8 стӕй Йерохамы фырт Ивни ӕмӕ Илӕ (Илӕ уыд Уззийы фырт, Уззи та – Михрийы фырт), стӕй Мешуллам (Мешуллам уыд Сафатийы фырт, Сафати – Рагуилы фырт, Рагуил та – Ивнийы фырт). 9 Се ’фсымӕртӕ фыст уыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ уыдысты фарастсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз адӕймаджы. Се ’ппӕт дӕр – хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ.

10 Сауджынтӕй: Йедайӕ, Йегъоиарив, Иахин+ 11 ӕмӕ Азари+, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хистӕртӕй сӕ иу (Азари уыд Хелкийы фырт, Хелки – Мешулламы фырт, Мешуллам – Садокы фырт, Садок – Мераиофы фырт, Мераиоф та – Ахитувы фырт), 12 Адай (Адай уыд Йерохамы фырт, Йерохам – Пашхуры фырт, Пашхур – Малхийы фырт) ӕмӕ Маасай (Маасай уыд Адиилы фырт, Адиил – Иахзеры фырт, Иахзер – Мешулламы фырт, Мешуллам – Мешиллемифы+ фырт, Мешиллемиф та – Иммеры фырт), 13 стӕй се ’фсымӕртӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, иу мин авдсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы, тыхджын лӕгтӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыд, уый аразынмӕ чи арӕхст+, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ.

14 Левиттӕй: Шемайӕ (Шемайӕ уыд Хашшувы фырт, Хашшув – Азрикамы фырт, Азрикам – Хашавийы+ фырт, Мерарийы фырттӕй), 15 Вакбакар, Хереш, Галал ӕмӕ Матфани (Матфани+ уыд Михайы+ фырт, Миха – Зихрийы+ фырт, Зихри та – Асафы+ фырт), 16 стӕй Овади (Овади уыд Шемайӕйы+ фырт, Шемайӕ – Галалы фырт, Галал – Идифуны+ фырт, Идифун – Берехийы фырт, Берехи – Асӕйы фырт, Асӕ та – Елхъаны фырт. Уый цард нетофафӕгты+ хъӕуты).

17 Дуаргӕстӕ+ уыдысты Шаллум+, Аккув, Талмон ӕмӕ Ахиман. Се ’фсымӕр Шаллум сын уыд хистӕр. 18 Раздӕр уый лӕууыд паддзахы кулдуары+ раз, скӕсӕнырдыгӕй. Ацы дуаргӕстӕ хъахъхъӕдтой Левийы+ фыртты цатыртӕ. 19 Шаллум (Шаллум уыд Корӕйы фырт, Корӕ – Евиасафы+ фырт, Евиасаф та – Корейы+ фырт+) ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, Корейы байзӕддӕгтӕ+, дзуапп лӕвӕрдтой, цатыры дуаргӕстӕм+ цы куыст хауд, уымӕн, сӕ фыдӕлтӕн та бахӕс кодтой, Йегъовӕ кӕм ӕрбынат кодта, уырдӕм бахизӕн хъахъхъӕнын. 20 Раздӕр сӕ хистӕр уыд Елеазары+ фырт Финеес+. Йегъовӕ уыди йемӕ+. 21 Мешелемийы фырт Захари+ дуаргӕсӕй лӕууыд ӕмбырды цатыры бахизӕны.

22 Къӕсӕртӕ хъахъхъӕнджытӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕсӕдӕ дыууадӕс адӕймаджы. Ӕмӕ цардысты+ сӕ цӕрӕнбынӕтты, сӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды+ куыд фыст уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Давид+ ӕмӕ, цӕстылуайӕнтӕ+ чи уыдта, уыцы Самуил сӕ сӕвӕрдтой уыцы бынӕтты, ӕууӕнкджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй+. 23 Уыдонӕн ӕмӕ сӕ фырттӕн сӕ хӕс уыд Йегъовӕйы хӕдзары кулдуӕрттӕ, ома цатыр*, хъахъхъӕнын+. 24 Дуаргӕстӕ лӕууыдысты цыппарырдыгӕй: скӕсӕнырдыгӕй+, ныгуылӕнырдыгӕй+, цӕгатырдыгӕй+ ӕмӕ хуссарырдыгӕй+. 25 Се ’фсымӕртӕ-иу сӕм, кӕм цардысты, уырдыгӕй авд+ бонмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ-иу сын ӕххуыс кодтой. 26 Дуаргӕстӕй цыппар арӕхстджын лӕгӕн, ӕууӕнкджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй, сӕ бар бакодтой ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕрӕндӕттӕ+ ӕмӕ хӕзнадӕттӕ+. Уыдон уыдысты левиттӕ. 27 Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв-иу лӕууыдысты ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары алыварс, уымӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнджытӕй+ сӕвӕрдтой. Стӕй ма сын сӕ бар бакодтой дӕгъӕл дӕр, цӕмӕй-иу райсомӕй дуӕрттӕ байгом кодтаиккой+.

28 Иутӕ сӕ дзуапп лӕвӕрдтой, лӕггад кӕнгӕйӕ цы мигӕнӕнтӕй+ архайдтой, уыдоны тыххӕй: куы-иу сӕ ӕрбахастой, уӕд дӕр-иу сӕ банымадтой, ӕмӕ-иу сӕ куы рахастой, уӕд дӕр. 29 Иннӕтӕ та дзуапп лӕвӕрдтой иннӕ мигӕнӕнты тыххӕй, стӕй табуйаг+ дзауматы тыххӕй ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр ссад+, сӕн+, сой+, буд+ ӕмӕ бальзамы сойы+ тыххӕй дӕр. 30 Сауджынты фырттӕй чидӕртӕ бальзамы сойӕ арӕзтой хӕрздӕф сойтӕ+. 31 Левит Маттифи, Корейы байзӕддӕгтӕй Шаллумы+ хистӕр фырт, ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый тыххӕй, дзуапп лӕвӕрдта, тебӕты цы фыхтой, уый тыххӕй+. 32 Се ’фсымӕртӕн, ома Каафы байзӕддӕгтӕй кӕмӕндӕрты, бахӕс кодтой, цӕмӕй-иу алы сабат+ дӕр скодтаиккой нывонд дзултӕ+.

33 Уыцы зарӕггӕнджытӕ+ уыдысты левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕмӕ-иу уыдысты хӕрӕндӕтты+. Уыдон иннӕ куыстытӕй сӕрибар уыдысты+, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕ куысты лӕуд уыдысты+. 34 Адон сты левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, сӕргълӕуджытӕ, фыст ӕрцыдысты, чи сӕ кӕмӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ цардысты Иерусалимы+.

35 Гаваоны фыд Йеиел цард Гаваоны+. Йӕ ус хуынди Маахӕ. 36 Йӕ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт Авдон, стӕй Цур, Кис, Ваал, Нир, Надав, 37 Гедор, Ахио, Захари+ ӕмӕ Миклоф. 38 Миклофӕн райгуырд Шимеам. Уыдон се ’фсымӕртимӕ цардысты Иерусалимы, сӕ иннӕ ӕфсымӕрты фарсмӕ. 39 Нирӕн+ райгуырд Кис+. Кисӕн райгуырд Саул+. Саулӕн райгуырдысты Ионафан+, Малхисуа+, Аминадав+ ӕмӕ Ешваал+. 40 Ионафаны фырт уыд Мерив-Ваал+. Мерив-Ваалӕн райгуырд Миха+. 41 Михайы фырттӕ уыдысты Пифон, Мелех, Фарей ӕмӕ Ахаз+. 42 Ахазӕн райгуырд Иаер. Иаерӕн райгуырдысты Алемеф, Азмавеф ӕмӕ Зимри. Зимрийӕн райгуырд Моцӕ. 43 Моцӕйӕн райгуырд Биней, Бинейӕн райгуырд Рефай, Рефайӕн+ – Елеасӕ, Елеасӕйӕн та – Ацел. 44 Ацелӕн уыд ӕхсӕз фырты. Сӕ нӕмттӕ сты Азрикам, Бохру, Измаил, Шеари, Овади ӕмӕ Ханан. Адон сты Ацелы+ фырттӕ.

10 Филистимӕгтӕ+ Израилимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ филистимӕгты разӕй лидзӕг фесты, ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ Гелвуйы+ хохыл цӕгъдгӕ цыдысты. 2 Филистимӕгтӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты фӕдыл бафтыдысты ӕмӕ Саулы+ фыртты, Ионафан+, Аминадав+ ӕмӕ Малхисуайы+, амардтой. 3 Саулы алыварс та карз тох бацайдагъ. Уӕд ӕй фатӕхсджытӕ фехстой, ӕмӕ фӕцӕф+. 4 Саул йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн+ загъта: «Дӕ хъама+ слас ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй уыцы ӕнӕсунӕтгӕндтӕ+ ма ’рбацӕуой ӕмӕ мӕ ма фӕхынджылӕг кӕной»+. Фӕлӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг не сразы+, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарст. Ӕмӕ уӕд Саул йӕхӕдӕг райста хъама ӕмӕ йыл ӕрхауд+. 5 Саул кӕй амард, уый йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг куы федта, уӕд уый дӕр йӕ хъамайыл ӕрхауд ӕмӕ амард+. 6 Афтӕ Саул, йе ’ртӕ фырты ӕмӕ, йӕ хӕдзаронтӕй йемӕ чи уыд, уыдон иууылдӕр иумӕ фӕмард сты+. 7 Быдыры чи цард, уыцы израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уый куы федтой, ӕмӕ хӕстонтӕ лидзӕг фесты, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уӕд сӕ горӕттӕ ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты+. Уый фӕстӕ филистимӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ уыцы горӕтты ӕрцардысты.

8 Иннӕ бон филистимӕгтӕ рацыдысты, цӕмӕй мӕрдтӕй дзаумӕттӕ раластаиккой+, ӕмӕ Гелвуйы+ хохыл Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ссардтой. 9 Ӕмӕ Саулӕн йӕ сӕр акъуырдтой+, йӕ хӕцӕнгарз ын раластой, стӕй арвыстой ӕгас филистимӕгты бӕстӕмӕ, цӕмӕй уый тыххӕй сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн+ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр фехъусын кодтаиккой+. 10 Йӕ хӕцӕнгарз ын сӕ хуыцауы+ кувӕндоны сӕвӕрдтой, йӕ сӕр та йын ӕрцауыгътой Дагоны+ кувӕндоны.

11 Филистимӕгтӕ Саулӕн+ цытӕ бакодтой, уый, Галаады цы Иавис+ ис, уый цӕрджытӕ куы фехъуыстой, 12 уӕд хъӕбатыр лӕгтӕ иууылдӕр ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ рахастой, Иависмӕ+ сӕ ӕрхастой ӕмӕ сын се стджытӕ уым стыр бӕласы+ бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны ком дардтой+.

13 Афтӕ Саул амард, Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацыд+, Йегъовӕйы ныхасмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй, стӕй, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта, уыцы сылгоймагмӕ+ кӕй ацыд 14 ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй нӕ бафарста, уый тыххӕй+. Гъемӕ йӕ Хуыцау мӕлӕтмӕ радта ӕмӕ паддзахы бартӕ радта Йессейы фырт Давидӕн+.

11 Цасдӕры фӕстӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр+ Давидмӕ Хевронмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ загътой: «Мах дӕ туг, де стӕг* стӕм+. 2 Знон дӕр ӕмӕ уый размӕ дӕр, Саул ма куы уыди паддзах, уӕд, Израилы разӕй хӕстмӕ ды цыдтӕ+. Дӕуӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ загъта: „Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ды уыдзынӕ сӕ фыййау+, ӕмӕ ды суыдзынӕ мӕ адӕм Израилы разамонӕг“»+. 3 Уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ Хевронмӕ ’рцыдысты, ӕмӕ Давид Хевроны Йегъовӕйы раз семӕ бадзырд скодта. Уый фӕстӕ Давиды сойӕ байсӕрстой+, ӕмӕ сси Израилы паддзах, Йегъовӕ Самуилы+ уылты куыд загъта, афтӕ+.

4 Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ацыдысты Иерусалиммӕ+, ома Йевусмӕ+. Уыцы зӕххыл цардысты йевусейтӕ+. 5 Йевусы цӕрджытӕ Давидӕн загътой: «Ды ардӕм не ’рбацӕудзынӕ»+. Фӕлӕ Давид уӕддӕр байста фидаргонд горӕт Сион+, ома Давиды горӕт+. 6 Давид загъта: «Йевусейтимӕ фыццаг чи схӕца+, уый суыдзӕн хицау ӕмӕ кънйаз». Ӕмӕ фыццаг ацыд Саруйӕйы фырт Иоав+, ӕмӕ хицау сси. 7 Давид ӕрцард уыцы ран, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, уыцы ран+. Ӕмӕ йӕ Давиды горӕт дӕр уый тыххӕй схуыдтой+. 8 Ӕмӕ Давид горӕт алырдыгӕй ногӕй аразын райдыдта, Обауӕй* ӕмӕ уымӕй дарддӕр. Горӕты иннӕ хай та йӕ къахыл слӕууын кодта Иоав+. 9 Давид фидарӕй-фидардӕр кодта+, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ уыд йемӕ+.

10 Мӕнӕ адон сты Давиды тыхджын хӕстонтӕн сӕ разамонджытӕ+. Уыдон алкӕддӕр уыдысты Давиды фарс. Ӕмӕ ныр уыцы хӕстонтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Давиды паддзахӕй сӕвӕрдтой, Йегъовӕ Израилы тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 11 Мӕнӕ Давиды тыхджын хӕстонты номхыгъд: хахмонитаджы фырт Иашовам+, ӕртӕйы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы иу хаттӕн амардта ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы+. 12 Йӕ фӕстӕ цӕуы ахохаг+ Додойы фырт Елеазар+, ӕртӕ тыхджын хӕстонӕй сӕ иу+. 13 Давид Фасдамимы+ куы уыд, уӕд Елеазар дӕр уыди йемӕ. Уым филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. Уыцы ран та уыд, хъӕбӕрхор кӕм байтыдтой, ахӕм быдыр. Адӕм филистимӕгтӕй лидзӕг фесты+. 14 Фӕлӕ уый быдыры астӕу слӕууыд ӕмӕ быдыр бахъахъхъӕдта. Елеазар филистимӕгты ныццагъта, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн стыр ирвӕзындзинад радта+.

15 Ӕртын разамонӕгӕй ӕртӕйӕ+ ӕрцыдысты Давидмӕ къӕдзӕхмӕ, Одолламы+ лӕгӕтмӕ. Филистимӕгтӕн та сӕ цатыртӕ лӕууыдысты рефаимты+ дӕлвӕзы. 16 Уӕд Давид уыди, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм ран+, филистимӕгты+ ӕфсады къорд та лӕууыд Вифлеемы. 17 Иуафон Давид сдойны ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ, Вифлеемы+ кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уый донӕй иу хуыпп+ уӕддӕр акӕн!» 18 Уӕд уыцы ӕртӕ хӕстоны, филистимӕгты ӕфсад кӕм уыди, уырдӕм бабырстой, Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уырдыгӕй дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрбахастой+. Фӕлӕ дзы Давид нуазын нӕ бакуымдта, Йегъовӕйы раз ӕй акалдта+. 19 Давид загъта: «Куыд дзы хъуамӕ бануазон! Ӕз дӕр мӕ Хуыцауӕй тӕрсын. Йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ чи ӕппӕрста, уыдоны туг+ хъуамӕ бануазон?» Ӕмӕ дзы нуазын нӕ бакуымдта+. Афтӕ фесгуыхтысты уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстоны.

20 Иоавы+ ӕфсымӕр Авессӕ+ сси ӕртӕйы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардта. Уыцы ӕртӕйау уымӕн дӕр йӕ кад айхъуыст. 21 Авессӕ иннӕ дыууӕйӕ зындгонддӕр уыд ӕмӕ уыди сӕ разамонӕг. Фӕлӕ уӕддӕр фыццаг ӕртӕйы не ’ййӕфта+.

22 Иодайы+ фырт Ванейӕ+, хъӕбатыр лӕджы фырт, Кавцеилы+ тынг фесгуыхт. Уый амардта моаваг Ариилы дыууӕ фырты. Стӕй ма, мит куы уарыд, уыцы бон доны дзыхъмӕ ныххызт ӕмӕ дзы домбайы+ амардта. 23 Уый амардта ӕнахуыр стыр египетаг лӕджы дӕр, фондз ӕлмӕрины*+ бӕрзӕндӕн чи уыд, ахӕм лӕджы. Уыцы египетаджы къухы уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн арц+, Ванейӕ та йӕ ныхмӕ рацыд хъилимӕ. Египетагӕн йӕ арц йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта+. 24 Афтӕ фесгуыхт Иодайы фырт Ванейӕ. Уый уыд, йӕ ном кӕмӕн айхъуыст, уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстонӕй сӕ иу. 25 Кӕд ӕртын хӕстонӕй зындгонддӕр уыд, уӕддӕр фыццаг ӕртӕйы не ’ййӕфта+. Фӕлӕ йӕ Давид сӕвӕрдта йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы+.

26 Ӕфсады тыхджын хӕстонтӕ уыдысты: Иоавы ӕфсымӕр Асаил+, вифлеемаг Додойы фырт Елханан+, 27 харораг Шаммӕ+, пелойнаг+ Хелец, 28 фекойаг Иккешы фырт Ира+, анафофаг+ Авиезер, 29 хушаг Сивхай+, ахохаг+ Илай, 30 нетофафаг+ Магарай+, нетофафаг Ваанӕйы фырт Хелед+, 31 Вениамины+ фыртты горӕт Гивӕйӕ+ Рибайы+ фырт Иттай, пирафойнаг+ Ванейӕ, 32 Хурай – уый уыд, Гаашы+ раз цы дӕлвӕзтӕ ис, уырдыгӕй, арбаттаг Авиил, 33 бахарумаг+ Азмавеф, шаалбойнаг Елиахбӕ, 34 гизойнаг Гашемы фырттӕ, гарараг Шагейы фырт Ионафан+, 35 гарараг Сахары+ фырт Ахиам+, Уры фырт Елифал, 36 махераг Хефер, пелойнаг Ахи, 37 кармилаг+ Хецрой, Езбайы фырт Наарай, 38 Нафаны+ ӕфсымӕр Иоил, Гагрийы фырт Мивхар, 39 аммонаг Целек, берофаг Нахарай – Саруйӕйы фырт Иоавы хӕцӕнгарзхӕссӕг, 40 ифриаг Ира, ифриаг Гареб+, 41 хеттаг+ Ури+, Ахлайы фырт Завад, 42 Рувимы мыггагӕй Шизӕйы фырт Адинӕ – Рувимы мыггагӕй дзы чи уыд, уыдоны хистӕр, уыди йӕм ӕртын адӕймаджы, 43 Маахӕйы фырт Ханан, мифниаг Иосафат, 44 астерофаг Уззи, ароераг Хофамы фырттӕ Шамӕ ӕмӕ Йеиел, 45 Шимрийы фырт Йедиаил, йе ’фсымӕр фициаг Иохӕ, 46 махаваг Елиил, Елнаамы фырттӕ Йеривай ӕмӕ Иошави, моаваг Ифмӕ, 47 Елиил, Овид ӕмӕ мецовӕйаг Иаасиил.

12 Давидӕн Кисы фырт Саулы+ тыххӕй сӕрибарӕй ацӕуӕн куы никӕдӕм уыд, уӕд ӕм мӕнӕ адон Секелагмӕ+ ӕрцыдысты. Уыдон уыдысты, тохы йын чи ӕххуыс кодта, уыцы тыхджын хӕстонтӕй+. 2 Уыди сӕм ӕрдынтӕ. Дур ӕхсынмӕ+, стӕй фат+ ӕхсынмӕ дӕр рахиз къухӕй куыд арӕхстысты, афтӕ арӕхстысты галиу+ къухӕй дӕр. Уыдысты Саулы ӕфсымӕртӕ, Вениамины мыггагӕй. 3 Уыдон уыдысты: сӕ разамонӕг Ахиезер ӕмӕ Иоас, гивӕйаг+ Шемайы фырттӕ; Йезиел ӕмӕ Пелет, Азмавефы+ фырттӕ; Берахӕ, анафофаг+ Ииуй, 4 гаваойнаг+ Ишмайӕ, уый уыди тыхджын хӕстон, ӕртын+ разамонӕгӕй сӕ иу ӕмӕ уыд сӕ сӕргъы ӕвӕрд; Йереми, Иахазиил, Иоханан, гедерӕйаг+ Иозавад, 5 Елузай, Йеримоф, Веали, Шемари, харифаг Сафати, 6 Елхъан, Ишши, Азариил, Иоезер, Иашовам, Корейы+ байзӕддӕгтӕ; 7 Иоел ӕмӕ Зевади, гедораг Йерохамы фырттӕ.

8 Давид ӕдзӕрӕг быдыры+, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм бынӕтты куы уыд, уӕд ма Гады мыггагӕй дӕр чидӕртӕ йӕ фарс слӕууыдысты. Уыдон уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ, гӕрзифтонг хӕстонтӕ, стыр уарт ӕмӕ арц ӕдзухдӕр дардтой цӕттӕйӕ+, бакӕс сӕм, уӕд – домбӕйттӕ+, уыдысты хӕххон сагау цӕрдӕг+. 9 Разамонӕг сын уыд Езер, дыккаг уыд Овади, ӕртыккаг – Елиав, 10 цыппӕрӕм – Мишманнӕ, фӕндзӕм – Йереми, 11 ӕхсӕзӕм – Аттай, ӕвдӕм – Елиил, 12 ӕстӕм – Иоханан, фарӕстӕм – Елзавад, 13 дӕсӕм – Йереми, иуӕндӕсӕм – Махбанай. 14 Адон уыдысты Гады+ фырттӕй ӕмӕ уыдысты ӕфсады сӕргълӕуджытӕ. Лӕмӕгъдӕр сӕ чи уыд, уый дӕр-иу сӕдӕйы ныхмӕ ӕрлӕууыд, се ’ппӕтӕй тыхджындӕр чи уыд, уый та – мины ныхмӕ+. 15 Уыдон фыццаг мӕйы, Иорданы+ цӕугӕдон йӕ былтӕй куы калд+, уӕд йӕ сӕрты ахызтысты ӕмӕ быдырты цӕрджыты скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм фӕсырдтой.

16 Давидмӕ, зын бацӕуӕн+ кӕдӕм уыд, уырдӕм Вениамины ӕмӕ Иудӕйы фырттӕй дӕр чидӕртӕ ӕрцыд. 17 Давид сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕд фарнимӕ+ ӕрбацыдыстут, кӕд мӕм уый тыххӕй ӕрбацыдыстут, цӕмӕй мын баххуыс кӕнат, уӕд мӕ зӕрдӕ уыдзӕн уемӕ+. Фӕлӕ кӕд уый тыххӕй ӕрбацыдыстут, цӕмӕй мӕ ме знӕгты къухмӕ раттат, ӕз уын ӕвзӕрӕй ницы ракодтон+, афтӕмӕй, уӕд уый нӕ фыдӕлты Хуыцау+ фенӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг уӕд»+. 18 Уӕд Амасайыл, ӕртыны сӕргъы чи уыд, ууыл, Хуыцауы тых*+ ӕрцыд ӕмӕ загъта:

«Мах дӕу стӕм, Давид, ӕмӕ демӕ уыдзыстӕм+, Йессейы фырт.

Фарнӕй хайджын у, фарнӕй! Ӕмӕ дӕуӕн чи ӕххуыс кӕны, уый дӕр фарнӕй хайджын уӕд,

Уымӕн ӕмӕ дын дӕ Хуыцау у ӕххуысгӕнӕг»+.

Ӕмӕ сӕ Давид дӕр йемӕ ныууагъта ӕмӕ сӕ ӕфсады къордтӕн разамонджытӕй сӕвӕрдта+.

19 Манассийы мыггагӕй дӕр чидӕртӕ слӕууыд Давиды фарс. Уый уыд, филистимӕгтимӕ+ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы рацыд, уӕд. Фӕлӕ сын Давид нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ кӕрӕдзиимӕ бауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ арвыстой. Афтӕ загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс куы слӕууа, уӕд бабын стӕм»+. 20 Секелагмӕ+ куы ’рцыд, уӕд Манассийы мыггагӕй йӕ фарс слӕууыдысты Аднах, Иозавад, Йедиаил, Михаил, Иозавад, Елиуй ӕмӕ Цилфай – Манассийы мыггаджы минты сӕргъы+ чи лӕууыд, уыдон. 21 Уыдон Давидӕн ӕххуыс кодтой абырджытимӕ хӕцынӕн+, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тыхджын+ ӕмӕ хъӕбатыр лӕгтӕ уыдысты, ӕмӕ уыдысты йе ’фсады хистӕртӕ. 22 Алы бон дӕр адӕм Давидмӕ ӕххуысмӕ цыдысты+, ӕмӕ йе ’фсад Хуыцауы ӕфсадау+ сбирӕ ис+.

23 Адон сты, Давидмӕ Хевронмӕ+ гӕрзифтонгӕй чи ’рцыд, уыдон. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йын Саулы паддзахад+ йӕ къухмӕ радтаиккой, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 24 Иудӕйы фырттӕй йӕм ӕрцыд ӕхсӕз мин астсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны, стыр уарт ӕмӕ арц чи хаста, ахӕмтӕ. 25 Симеоны фырттӕй йӕм ӕрцыд авд мин сӕдӕ адӕймаджы, тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ.

26 Левитты фырттӕй йӕм ӕрцыд цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. 27 Иодай уыд Аароны+ фыртты разамонӕг+, ӕмӕ йемӕ уыд ӕртӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы. 28 Семӕ уыди Садок+ дӕр, тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр лӕппу, ӕмӕ йемӕ – йӕ хӕдзарвӕндаг. Уыцы хӕдзарвӕндаджы уыд дыууын дыууӕ хистӕры.

29 Вениамины+ фырттӕй, Саулы+ ӕфсымӕртӕй йӕм ӕрцыд ӕртӕ мин адӕймаджы. Вениамины фырттӕй бирӕтӕ уӕды онг дӕр Саулы хӕдзарыл ӕнувыд уыдысты. 30 Ефремы фырттӕй йӕм ӕрцыд дыууын мин астсӕдӕ хӕстоны, тыхджын+ ӕмӕ хъӕбатыр адӕймӕгтӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн стыр кад кӕмӕн уыд, ахӕм лӕгтӕ.

31 Манассийы+ мыггаджы ӕмбисӕй йӕм ӕрцыд ӕстдӕс мин хӕстоны. Се ’ппӕты дӕр ранымадтой номгай, цӕмӕй ӕрцыдаиккой ӕмӕ Давиды паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой. 32 Иссахары+ фырттӕй йӕм ӕрцыд дыууӕсӕдӕ хистӕры, цы рӕстӕджы цардысты ӕмӕ Израилы адӕмы цы кӕнын хъуыд+, уый чи ӕмбӕрста+, ахӕмтӕ. Се ’фсымӕртӕ сын иууылдӕр сӕ ныхасмӕ хъуыстой. 33 Завулоны+ мыггагӕй йӕм ӕрцыд фӕндзай мин адӕймаджы, хӕцынхъом чи уыд ӕмӕ-иу тохы быдыры гӕрзифтонгӕй чи ӕрлӕууыд, ахӕмтӕ. Се ’ппӕт дӕр Давидмӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй равдыстаиккой, иузӕрдион ыл кӕй сты*, уый. 34 Неффалимы+ мыггагӕй йӕм ӕрцыд иу мин сӕргълӕууӕджы, ӕмӕ семӕ ӕртын авд мин адӕймаджы, стыр уарт ӕмӕ арц чи хаста, ахӕмтӕ. 35 Даны мыггагӕй йӕм ӕрцыд дыууын аст мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы, тохы быдыры-иу гӕрзифтонгӕй чи ӕрлӕууыд, ахӕмтӕ. 36 Асиры+ мыггагӕй – цыппор мин адӕймаджы, хӕцынхъом чи уыд ӕмӕ-иу тохы быдыры гӕрзифтонгӕй чи ӕрлӕууыд, ахӕмтӕ.

37 Иорданы+ фаллаг фарсӕй, Рувимы мыггагӕй, Гады мыггагӕй ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕй та – сӕдӕ дыууын мин гӕрзифтонг хӕстоны. 38 Се ’ппӕт дӕр уыдысты хӕстон лӕгтӕ, тохы быдыры-иу иумӕ ӕрлӕууыдысты. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй+ дӕр уыд Давидимӕ, ӕмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй йӕ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ иннӕ израилӕгты дӕр се ’ппӕты дӕр фӕндыд Давиды паддзахӕй сӕвӕрын+. 39 Давидимӕ фесты ӕртӕ боны, хордтой ӕмӕ нызтой+, уымӕн ӕмӕ сын се ’фсымӕртӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой. 40 Сӕ фарсмӕ чи цард, уыдон, стӕй ма Иссахары+, Завулоны+ ӕмӕ Неффалимы+ зӕххытыл чи цард, уыдон дӕр сын хӕрджытыл+, теуатыл ӕмӕ хӕргӕфстыл хойраг хастой. Хастой сын тынг бирӕ ссад+, хус легъуитӕй+ тъӕпӕн гуылтӕ, чисмис+ гуылтӕ, сӕн+, сой+, стуртӕ+ ӕмӕ фыстӕ+, уымӕн ӕмӕ Израилы адӕм цин кодтой+.

13 Давид аныхас кодта, минты сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдонимӕ ӕмӕ разамонджытимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр+ 2 ӕмӕ Израилы адӕмӕн загъта: «Кӕд уӕ фӕнды ӕмӕ кӕд ацы хъуыддаг нӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕд ма не ’фсымӕртӕй Израилы+ алы къуымты чи баззад, уыдонмӕ арвитӕм, стӕй арвитӕм сауджынтӕм+ ӕмӕ левиттӕм+ дӕр, кӕм цӕрынц, уыцы горӕттӕм*+, цӕмӕй нӕм ардӕм ӕрӕмбырд уой. 3 Ӕмӕ нӕ Хуыцауы бадзырды чырын+ нӕхимӕ ӕрбахӕссӕм». Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ Саулы рӕстӕджы бадзырды чырын рохуаты уыди+. 4 Адӕм иууылдӕр ууыл сразы сты, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг се ’ппӕтмӕ дӕр раст фӕкаст+. 5 Гъемӕ Давид израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта+, Египеты+ цӕугӕдонӕй суанг Хаматы+ арӕнты онг, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ Кириаф-Иаримӕй+ ӕрбахастаиккой.

6 Ӕмӕ Давид ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр ацыдысты Ваалмӕ+, ома Кириаф-Иариммӕ, Иудӕйы зӕхмӕ, цӕмӕй ӕрбахастаиккой, херувимтыл+ чи бады, уыцы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын, йӕ ном кӕуыл ис, уыцы чырын. 7 Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Аминадавы хӕдзарӕй раластой ног уӕрдоныл+. Уӕрдоны разӕй цыдысты Озӕ ӕмӕ Ахио+. 8 Давид ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕцӕг Хуыцауы раз фырцинӕй зӕххыл нал лӕууыдысты+, зарыдысты+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+, хъисфӕндыртӕй+, далатӕй+, ӕрхуы тӕбӕгътӕй ӕмӕ уадындзтӕй+ цагътой. 9 Хидоны+ найгӕнӕн мусмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Озӕ бадзырды чырыныл+ йӕ къухӕй фӕхӕцыд, уымӕн ӕмӕ йӕ галтӕ фӕцӕйфӕлдӕхтой. 10 Уӕд Йегъовӕйы маст Озӕмӕ ссыгъд ӕмӕ йӕ ӕрцавта, бадзырды чырыныл+ йӕ къухӕй кӕй фӕхӕцыд, уый тыххӕй, ӕмӕ Озӕ уыцы ран, ӕцӕг Хуыцауы раз, дзыхъмард фӕци+. 11 Давид смӕсты+, Йегъовӕ Озӕйыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдта, уый тыххӕй, ӕмӕ уыцы бынат абоны онг дӕр хуыйны Фарес-Озӕ*.

12 Уыцы бон Давид ӕцӕг Хуыцауӕй фӕтарст+ ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын ма мӕхимӕ куыд ӕрбахӕссон?»+ 13 Ӕмӕ бадзырды чырын йӕхимӕ, Давиды горӕтмӕ, нал бахаста, фӕлӕ йӕ гефаг+ Овед-Едомы+ хӕдзармӕ ахӕссын кодта. 14 Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Овед-Едомы хӕдзаронтӕм, йӕ хӕдзары+, фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Йегъовӕ арфӕ кодта+ Овед-Едомы хӕдзаронтӕн ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыд, уымӕн.

14 Тиры+ паддзах Хирам+ Давидмӕ арвыста йӕ минӕвӕртты ӕмӕ сын семӕ арвыста кедрбӕласы хъӕдтӕ+, стӕй амайджыты ӕмӕ хъӕддӕсныты, цӕмӕй Давидӕн хӕдзар сарӕзтаиккой+. 2 Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕ йын Израилы йӕ паддзахы бартӕ кӕй ӕрфидар кодта+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ паддзахад йӕ адӕм Израилы тыххӕй тынг сбӕрзонд кодта+.

3 Давид ма Иерусалимы дӕр йӕхицӕн устытӕ ӕркодта+, ӕмӕ йын ноджыдӕр фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ райгуырд+. 4 Мӕнӕ, Иерусалимы йын чи райгуырд, уыцы сывӕллӕтты нӕмттӕ: Шаммуй+, Шовав+, Нафан+, Соломон+, 5 Ивхар+, Елисуа, Елфалет+, 6 Ногаг, Нефег+, Иафи, 7 Елишамӕ+, Веелиадӕ ӕмӕ Елифелет+.

8 Филистимӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Давиды ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой*+, уӕд се ’ппӕт дӕр Давиды агурӕг рацыдысты+. Давид уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд сӕ ныхмӕ рацыд. 9 Филистимӕгтӕ та ӕрцыдысты ӕмӕ-иу рефаимты+ дӕлвӕзы цӕрджытӕм бабырстой. 10 Уӕд Давид Хуыцауы бафарста+: «Ацӕуон ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцон? Мӕ къухмӕ мын сӕ ратдзынӕ?» Йегъовӕ йын загъта: «Ацу, ӕнӕмӕнг дын сӕ ратдзынӕн дӕ къухмӕ». 11 Уӕд Давид Ваал-Перациммӕ+ ацыд ӕмӕ сӕ уым ныццагъта. Ӕмӕ Давид загъта: «Дӕттӕ куыд ратонынц, афтӕ ӕцӕг Хуыцау мӕ разӕй абырста ӕмӕ мын ме знӕгты мӕ къухӕй ныппырх кодта». Уыцы бынат+ Ваал-Перацим* дӕр уый тыххӕй схуыдтой. 12 Филистимӕгтӕ сӕ хуыцӕутты уым ныууагътой+, ӕмӕ Давид йӕ адӕмӕн загъта, ӕмӕ сӕ арты басыгътой+.

13 Уый фӕстӕ та филистимӕгтӕ ногӕй бабырстой дӕлвӕзы цӕрджытӕм+. 14 Давид та Хуыцауы бафарста+, фӕлӕ йын ӕцӕг Хуыцау загъта: «Сӕ фӕстӕ ма ссу. Комкоммӕ сӕм ма бацу, фӕлӕ фӕстӕты, ӕмӕ сыл бакайы* къутӕрты раз дӕхи ныццӕв+. 15 Ӕмӕ куыддӕр уынӕр фехъусай, цыма бакайы къутӕрты+ цъуппытыл исчи фӕцӕуы, афтӕ семӕ схӕц+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау дӕ разӕй+ ацӕудзӕн ӕмӕ филистимӕгты ӕфсад ныццӕгъддзӕн». 16 Давид алцыдӕр сарӕзта, ӕцӕг Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+, ӕмӕ филистимӕгты Гевӕйӕ+ суанг Газеры+ онг цӕгъдгӕ цыдысты. 17 Давидӕн йӕ кад+ ӕппӕт бӕстӕтыл дӕр айхъуыст, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ дзы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты+.

15 Ӕмӕ йӕхицӕн Давиды горӕты хӕдзӕрттӕ сарӕзта+. Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодта+ ӕмӕ йын цатыр сӕвӕрдта. 2 Гъе уӕд загъта Давид ацы ныхӕстӕ дӕр: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын хъуамӕ левитты йеддӕмӕ мачи хӕсса, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыдоны равзӕрста, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ хӕссой ӕмӕ йын ӕнустӕм лӕггад кӕной»+. 3 Стӕй Давид Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр Иерусалимы+ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕрбахастаиккой, цы бынат ын ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм.

4 Давид ӕрӕмбырд кодта Аароны+ фыртты ӕмӕ левитты дӕр. 5 Каафы фырттӕй: сӕ хистӕр Уриил+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – сӕдӕ дыууын адӕймаджы; 6 Мерарийы+ фырттӕй: сӕ хистӕр Асайӕ+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – дыууӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы; 7 Гирсоны+ фырттӕй: сӕ хистӕр Иоил+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – сӕдӕ ӕртын адӕймаджы; 8 Елицафаны+ фырттӕй: сӕ хистӕр Шемайӕ+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты – дыууӕсӕдӕ адӕймаджы; 9 Хевроны фырттӕй: сӕ хистӕр Елиил ӕмӕ йе ’фсымӕрты – ӕстай адӕймаджы; 10 Узиилы+ фырттӕй: сӕ хистӕр Аминадав ӕмӕ йе ’фсымӕрты – сӕдӕ дыууадӕс адӕймаджы. 11 Давид ма фӕдзырдта сауджынтӕ Садок+ ӕмӕ Авиафармӕ+ дӕр ӕмӕ левиттӕм – Уриил+, Асайӕ+, Иоил+, Шемайӕ+, Елиил+ ӕмӕ Аминадавмӕ, 12 ӕмӕ сын загъта: «Сымах стут левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, сымах дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. 13 Амӕй размӕ афтӕ нӕ бакодтат+, ӕмӕ ныл уый тыххӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ фыдӕх ныккалдта+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ разамынд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бацагуырдтам»+. 14 Уӕд сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕрбахастаиккой.

15 Левитты фырттӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын йӕ хъилтӕй систой+, се уӕхсчытыл ӕй сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ахастой+ – Йегъовӕ Моисейы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 16 Давид левитты хистӕртӕн загъта, зӕгъгӕ, уе ’фсымӕртӕн, зарӕггӕнджытӕн+, зӕгъут, цӕмӕй музыкалон инструменттимӕ+ – хъисфӕндыртимӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+ слӕууой ӕмӕ хъӕрӕй цӕгъдой, ӕмӕ цины зӕлтӕ дардмӕ хъуысой.

17 Ӕмӕ левиттӕ сӕвӕрдтой Иоилы фырт Еманы+, йе ’фсымӕртӕй – Берехийы фырт Асафы+, стӕй се ’фсымӕртӕй, Мерарийы фырттӕй – Кушайы фырт Ефаны+, 18 ӕмӕ ма семӕ – се ’фсымӕрты, дыккаг къордӕй+ чи уыд, уыдоны дӕр: Захарийы+, Бены, Иаазиилы, Шемирамофы, Йехиилы, Уннийы, Елиавы, Ванейӕйы, Маасейӕйы, Маттифийы, Елифлеуйы, Микнейы, дуаргӕстӕ Овед-Едомы+ ӕмӕ Йеиелы. 19 Зарӕггӕнджыты, Еман+, Асаф+ ӕмӕ Ефаны, сӕвӕрдтой, цӕмӕй ӕрхуы тӕбӕгътӕй хъӕрӕй цагътаиккой+. 20 Захарийы, Азиилы+, Шемирамофы, Йехиилы, Уннийы, Елиавы, Маасейӕйы ӕмӕ Ванейӕйы сӕвӕрдтой хъисфӕндыртимӕ, сӕ хъисфӕндыртӕ арӕзт уыдысты бӕрзонд зӕлтыл*+. 21 Маттифийы+, Елифлеуйы, Микнейы, Овед-Едомы, Йеиелы ӕмӕ Азазийы сӕвӕрдтой амонджытӕй, уыди сӕм дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+, сӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ арӕзт уыдысты ныллӕг зӕлтыл*+. 22 Левитты хистӕр Хенанийы+ сӕвӕрдтой, цӕмӕй, бадзырды чырын чи хаста, уыдонӕн разамынд лӕвӕрдтаид, уымӕн ӕмӕ Хенани хорз зыдта, уыцы хъуыддаджы куыд ӕмӕ цы аразын хъуыд, уый+. 23 Дуаргӕсты+, Берехийы ӕмӕ Елхъаны, сӕвӕрдтой, цӕмӕй бадзырды чырын хъахъхъӕдтаиккой. 24 Сауджынты, Шевани, Иосафат, Нафанаил, Амасай, Захари, Ванейӕ ӕмӕ Елиезеры, сӕвӕрдтой, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны раз уадындзтӕй+ хъӕрӕй уасыдаиккой, дуаргӕстӕ Овед-Едомы ӕмӕ Йехийы та сӕвӕрдтой бадзырды чырын хъахъхъӕнынӕн.

25 Ӕмӕ Давид+, Израилы+ хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ, минты сӕргъы+ чи лӕууыд, уыдон ацыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын Овед-Едомы+ хӕдзарӕй цингӕнгӕ+ рахастаиккой. 26 Ӕцӕг Хуыцау баххуыс кодта+, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы левиттӕн, ӕмӕ уӕд авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры нывондӕн ӕрхастой+. 27 Давидыл уыди зынаргъ хъуымацӕй конд ӕнӕдыс къаба. Ахӕм уӕлӕдарӕсы уыдысты, бадзырды чырын чи хаста, уыцы левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ Хенани+ дӕр, дзауматӕ чи хаста, уыцы зарӕггӕнджыты+ сӕргъы чи лӕууыд, уый. Фӕлӕ ма Давидыл уыди кӕттаг ефод+ дӕр. 28 Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цины хъӕр кӕнгӕйӕ+ ӕмӕ сыкъайӕ+ уасгӕйӕ, уадындз+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътыл+ цӕгъдгӕйӕ фӕцӕйхастой Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕмӕ хъисфӕндыртӕй ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+ хъӕрӕй цагътой.

29 Йегъовӕйы бадзырды чырын+ Давиды горӕтмӕ куы бахастой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ+ рудзынгӕй каст. Ӕмӕ паддзах Давиды Йегъовӕйы раз гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ цингӕнгӕ куы федта+, уӕд йӕ цӕсты фегад+.

16 Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын ӕрбахастой+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой, Давид ын цы цатыр сӕвӕрдта, уый мидӕг+. Стӕй ӕцӕг Хуыцауӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ ӕрхастой+. 2 Давид судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ хаст куы фӕци, уӕд адӕмӕн Йегъовӕйы номӕй+ раарфӕ кодта+. 3 Ӕмӕ Израилы адӕмӕй алкӕмӕн дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, радта+ фӕйнӕ дзулы, стӕй фӕйнӕ гуылы финикӕй, фӕйнӕ гуылы та чисмисӕй. 4 Уый фӕстӕ левиттӕй+ кӕйдӕрты Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз сӕвӕрдта+, цӕмӕй адӕмӕн Израилы Хуыцау Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаиккой+, арфӕ йын кодтаиккой+ ӕмӕ йӕ кадджын кодтаиккой+. 5 Уыцы левиттӕн хистӕр уыд Асаф+, йӕ фӕстӕ уыд Захари, стӕй – Йеиел, Шемирамоф, Йехиил, Маттифи, Елиав, Ванейӕ, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел+, уыди сӕм хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+. Асаф+ хъӕрӕй цагъта ӕрхуы тӕбӕгътӕй+, 6 сауджынтӕ Ванейӕ ӕмӕ Иахазиил та ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны раз ӕдзухдӕр уасыдысты уадындзтӕй+.

7 Уыцы бон Давид Асафӕн+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн фыццаг хатт бахӕс кодта+, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кодтаиккой+, ӕмӕ сын радта ахӕм псалом*:

 8 «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн+, кувут ӕм йӕ номӕй+,

Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурут адӕмтӕн+.

 9 Цӕгъдут+ ӕмӕ йын зарут+,

Хъуыды кӕнут йе ’ппӕт диссаджы хъуыддӕгтыл+.

10 Сӕрыстыр ут йӕ сыгъдӕг+ номӕй+.

Йегъовӕйы чи агуры, уыдоны зӕрдӕтӕ цин кӕнӕнт+.

11 Агурут Йегъовӕйы ӕмӕ дзы курут, цӕмӕй уын йӕ хъаруйӕ бахай кӕна+.

Ӕдзухдӕр ын агурут йӕ хорзӕх*+.

12 Ма рох кӕнут, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон+,

Йӕ диссӕгтӕ ӕмӕ, йӕ дзыхӕй чи рацыд, уыцы тӕрхӕттӕ+,

13 Сымах, йӕ лӕггадгӕнӕг Израилы байзӕддӕгтӕ+,

Иаковы фырттӕ, кӕй равзӕрста, уыдон+.

14 Уый у нӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Йӕ тӕрхӕттӕн тых ис ӕгас зӕххыл дӕр+.

15 Йӕ бадзырд ын уӕ зӕрдыл дарут ӕнустӕм+,

Цы бафӕдзӕхста, уый – мин фӕлтӕры дӕр+.

16 Уыцы бадзырд скодта Авраамимӕ+

Ӕмӕ расомы кодта Исахъӕн+.

17 Уыцы сомыйӕ скодта закъон Иаковӕн+,

Ӕнустӕм дзы скодта бадзырд Израилӕн+.

18 Уый загъта: „Дӕуӕн ратдзынӕн Ханааны зӕхх+ бынӕн+,

Уый уыдзӕн дӕ хай“.

19 Уӕд гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыдысты+.

О, тынг гыццыл, ӕмӕ уыцы зӕххыл уыдысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ+.

20 Цыдысты иу адӕмӕй иннӕмӕ+,

Иу паддзахадӕй иннӕ адӕмыхатмӕ+.

21 Никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой+,

Фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта+:

22 „Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм,

Мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут“+.

23 Зарут Йегъовӕйӕн, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр!+

Алы бон дӕр хъусын кӕнут, цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй!+

24 Адӕмты ’хсӕн дзурут йӕ кады тыххӕй,

Ӕппӕт адӕмты ’хсӕн – йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй.

25 Йегъовӕ у стыр Хуыцау, уый у стыр кады аккаг+.

Уымӕй иннӕ хуыцӕуттӕй се ’ппӕтӕй тынгдӕр тӕрсын хъӕуы+.

26 Адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр сты ницӕйаг хуыцӕуттӕ+,

Йегъовӕ та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ+.

27 Йӕ разы – кад ӕмӕ намыс+,

Йӕ цӕрӕнбынаты – хъару ӕмӕ циндзинад+.

28 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмты мыггӕгтӕ,

Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ кад ӕмӕ йӕ хъару+.

29 Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут+,

Ӕрхӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ бацӕут йӕ размӕ+.

Бакувут Йегъовӕйӕн бӕрӕгбоны сыгъдӕг дарӕсы+.

30 Тӕрсут дзы*, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр!

Зӕхх фидар ӕвӕрд ӕрцыд,

Никуы фенкъуысдзӕн+.

31 Цин кӕнӕнт уӕлӕрвтӕ, зӕхх цинӕй райӕд+.

Адӕмты ’хсӕн дзурӕнт: „Йегъовӕ сси паддзах!“+

32 Нӕрӕд денджыз ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+.

Цин кӕнӕнт быдыртӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон+.

33 Ӕмӕ хъӕды бӕлӕстӕ дӕр фырцинӕй зарӕнт Йегъовӕйы раз+,

Уымӕн ӕмӕ уый ӕрцыд зӕххӕн тӕрхон кӕнынмӕ+.

34 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ*+,

Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт+.

35 Дзурут: „Фервӕзын нӕ кӕн, о нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,

Адӕмты ’хсӕнӕй нӕ ракӕн, фервӕзын нӕ кӕн ӕмӕ нӕ ӕрӕмбырд кӕн+,

Цӕмӕй дын дӕ сыгъдӕг номӕн арфӕ кӕнӕм+ ӕмӕ дӕ цингӕнгӕйӕ кадджын кӕнӕм+.

36 Табу Йегъовӕйӕн, Израилы Хуыцауӕн, ӕнусӕй-ӕнусмӕ“»+.

Ӕмӕ адӕм иууылдӕр загътой: «Аммен!» Ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодтой+.

37 Стӕй Давид Асафы+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз ныууагъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр бадзырды чырыны раз лӕггад кодтаиккой+ ӕмӕ, алы бон дӕр цы аразын хъуыд, уый арӕзтаиккой+. 38 Ныууагъта ма Овед-Едомы ӕмӕ йе ’фсымӕрты, ӕхсай аст адӕймаджы. Идифуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосӕйы сӕвӕрдта дуаргӕстӕй. 39 Сауджын Садокы+ ӕмӕ йе ’фсымӕрты, сауджынты, сӕвӕрдта Йегъовӕйы цатыры раз, Гаваоны+ цы кувӕн бынат* уыд, уым, 40 цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕдзухдӕр, райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр, судзинаг нывӕндтӕ хӕссынӕн чи уыд, уыцы нывондхӕссӕныл хастаиккой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ цӕмӕй ӕххӕст кодтаиккой, Йегъовӕ Израилӕн кӕй радта, уыцы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый+. 41 Семӕ сын ныууагъта Еманы+, Идифуны ӕмӕ иннӕ ӕвзӕрст адӕмы, номгай кӕй ранымадтой+, уыдоны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кодтаиккой+, уымӕн ӕмӕ «йе ’нувыд уарзт ӕнустӕм у»+. 42 Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ сӕвӕрдта, цӕмӕй уадындзтӕ+, ӕрхуы тӕбӕгътӕ ӕмӕ ӕндӕр музыкалон инструментты цагъдмӕ ӕцӕг Хуыцауы кадджын кодтаиккой. Идифуны фыртты+ та сӕвӕрдта кулдуары раз. 43 Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты+. Ӕмӕ Давид дӕр йӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йӕ хӕдзаронтӕн раарфӕ кодтаид.

17 Давид йӕхи хӕдзары куы райдыдта цӕрын+, уӕд пехуымпар Нафанӕн+ загъта: «Ӕз кедрӕй арӕзт хӕдзары цӕрын+, Йегъовӕйы бадзырды чырын+ та цатыры ис»+. 2 Ӕмӕ уӕд Нафан Давидӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис»+.

3 Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Нафанӕн загъта+: 4 «Ацу ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн зӕгъ: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ды мын нӕ сараздзынӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзар+. 5 Израилы фыртты Египетӕй куы ракодтон, уӕдӕй абоны онг+ ӕз хӕдзары нӕ цардтӕн, фӕлӕ цыдтӕн иу цатырӕй иннӕмӕ ӕмӕ иу цӕрӕнбынатӕй+ иннӕмӕ+. 6 Израилы адӕмимӕ цы рӕстӕг цыдтӕн+, уыцы рӕстӕг Израилы тӕрхонгӕнджытӕй, мӕ адӕмӕн фыййауӕй кӕй равзӕрстон, уыдонӕй искуы искӕмӕн загътон, кедрӕй мын хӕдзар цӕуылнӕ сарӕзтат, зӕгъгӕ?“+

7 Уӕдӕ ныр мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн зӕгъ: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕ ракодтон хизӕнтӕй, фысты фӕдыл кӕм цыдтӕ+, уырдыгӕй, цӕмӕй мӕ адӕм Израилӕн разамонӕг+ суыдаис. 8 Ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай+,– ӕз уыдзынӕн демӕ. Де знӕгты+ дын се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй фӕсурдзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн ӕмӕ дын дӕ ном+ скадджын кӕндзынӕн – дӕ ном уыдзӕн зӕххыл ӕппӕты кадджындӕр адӕмы нӕмтты ’хсӕн+. 9 Ӕз мӕ адӕм Израилӕн ратдзынӕн бынат ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кӕндзынӕн*+. Уым цӕрдзысты, ӕмӕ сӕ ничиуал хъыгдардзӕн. Фыдадӕм+ сӕ раздӕрау тухӕнӕй нал мардзысты+, 10 мӕ адӕм Израилӕн тӕрхонгӕнджытӕ+ куы сӕвӕрдтон, уӕдӕй абоны онг куыд уыд, афтӕ. Ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр басӕтдзынӕн+. Зӕгъын дын: „Йегъовӕ дын дӕ хӕдзарвӕндаг скӕндзӕн паддзӕхты хӕдзарвӕндаг“+.

11 Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕм куы баиу уай+, уӕд ӕз дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ фырттӕй+ сӕ иуы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн+. 12 Гъе уый мын сараздзӕн хӕдзар+, ӕмӕ йын ӕз йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм+. 13 Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд+, уый та суыдзӕн мӕ фырт+. Ӕмӕ йӕ ме ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзынӕн+, дӕ размӕ чи уыд, уый куыд фӕкодтон ӕнӕхай, афтӕ+. 14 Ӕнустӕм ӕй мӕ хӕдзары сӕргъы+ ӕмӕ мӕ паддзахады сӕргъы сӕвӕрдзынӕн+, ӕмӕ йӕ паддзахбадӕн+ фидар лӕудзӕн ӕнустӕм“».

15 Ӕмӕ Нафан Давидӕн радзырдта, Хуыцау ын цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ цӕстылуайӕны цыдӕриддӕр федта, уый+.

16 Уӕд паддзах Давид ӕрбацыд, Йегъовӕйы раз ӕрбадт+ ӕмӕ загъта: «О Йегъовӕ Хуыцау, чи дӕн ӕз+ ӕмӕ цы у мӕ хӕдзар+, ӕмӕ мын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ саразай?+ 17 Ӕмӕ дӕм цыма уый дӕр гыццыл фӕкаст+, уыйау ды, о Хуыцау+, дзурыс, дӕ цагъары хӕдзарвӕндагмӕ бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй+ дӕр. Ӕмӕ цыма кадджын+ мыггагӕй дӕн, ахӕм цӕстӕй мӕм кӕсыс, о Йегъовӕ Хуыцау. 18 Цы ма зӕгъа Давид, дӕ цагъарӕн+ цы кад скодтай, уый тыххӕй? Дӕ цагъары дӕхӕдӕг хорз куы зоныс+. 19 О Йегъовӕ, ды дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы+ фӕндонмӕ гӕсгӕ сарӕзтай ӕппӕт ацы стыр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ раргом кодтай+. 20 О Йегъовӕ, дӕуӕн ӕмбал нӕй+. Бирӕ хуыцӕутты тыххӕй фехъуыстам, фӕлӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. 21 Кӕцы адӕм сты дӕ адӕм Израилы хуызӕн?+ Ды, ӕцӕг Хуыцау, ӕрцыдтӕ, цӕмӕй сӕ дӕхицӕн балхӕдтаис+, цӕмӕй дӕхицӕн ном скодтаис ӕмӕ сӕ разы сарӕзтаис стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+ – дӕ адӕмы разӕй+, Египетӕй дӕхицӕн кӕй ракодтай, уыдоны разӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай. 22 Ды Израилы адӕмы ӕнустӕм скодтай дӕ адӕм+, ӕмӕ ды сдӕ сӕ Хуыцау, о Йегъовӕ+. 23 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ма фӕмӕнг уӕд ӕнустӕм, ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн. 24 Дӕ ном+ ма фӕсай ӕмӕ дӕ ном сбӕрзонд уӕд+ ӕнустӕм, цӕмӕй адӕм дзурой: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+, Израилы Хуыцау+ – уый у Хуыцау Израилӕн“+, ӕмӕ дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг фидар лӕууӕд дӕ разы+. 25 О мӕ Хуыцау, дӕ цагъарӕн дӕхӕдӕг раргом кодтай, йӕ хӕдзарвӕндаг ын паддзӕхты хӕдзарвӕндаг кӕй скӕндзынӕ, уый+. Ӕмӕ дӕм дӕ цагъар уый тыххӕй кувы. 26 О Йегъовӕ, ды дӕ ӕцӕг Хуыцау+, ды зӕрдӕ бавӕрдтай, дӕ цагъарӕн ацы хорздзинад кӕй сараздзынӕ, уымӕй+. 27 Уӕдӕ раарфӕ кӕн дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн, цӕмӕй дӕ разы уа ӕнустӕм+, уымӕн ӕмӕ йын ды дӕхӕдӕг раарфӕ кодтай, о Йегъовӕ, ӕмӕ дӕ арфӕйӕ ӕнустӕм хайджын уыдзӕн»+.

18 Уый фӕстӕ Давид филистимӕгты+ ныппырх кодта ӕмӕ сӕ басаста. Ӕмӕ филистимӕгтӕй байста Геф+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ. 2 Моавӕгты+ дӕр ныппырх кодта, ӕмӕ моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фыстой+.

3 Давид ныппырх кодта Сувӕйы+ паддзах Адраазары+ ӕмӕ йӕ адӕмы. Уыцы рӕстӕг Адраазар фӕцӕйцыд Евфраты+ цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй уыцы бӕстӕ йӕ дӕлбар бакодтаид. 4 Давид ын йӕ бӕхуӕрдӕттӕй иу мин байста, йӕ барджытӕй йын ӕрцахста авд мин адӕймаджы, йӕ фистӕг ӕфсадӕй та – дыууын мины+. Стӕй бӕхуӕрдӕтты ифтыгъд бӕхтӕн+ сӕ нуӕрттӕ ныллыг кодта+, ӕрмӕстдӕр ма дзы сӕдӕ бӕхы ныууагъта. 5 Сувӕйы+ паддзах Адраазармӕ сириӕгтӕ Дамаскӕй ӕххуысмӕ куы ’рцыдысты, уӕд Давид сириӕгтӕй ныццагъта дыууын дыууӕ мин адӕймаджы. 6 Уый фӕстӕ Давид сириаг Дамаскы+ сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ, ӕмӕ сириӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фыстой+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+. 7 Стӕй, Адраазары лӕггадгӕнджытӕм цы тымбыл сызгъӕрин уартытӕ+ уыди, уыдон Давид ӕрбахаста Иерусалиммӕ+. 8 Адраазары горӕттӕ Тивхав+ ӕмӕ Кунӕй та паддзах Давид рахаста тынг бирӕ ӕрхуы. Ӕрхуы денджыз+ чи хуынди, уыцы стыр аг, цӕджындзтӕ+ ӕмӕ ӕрхуы мигӕнӕнтӕ+ Соломон уыцы ӕрхуыйӕ скодта.

9 Давид Сувӕйы паддзах Адраазары+ ӕфсад иууылдӕр кӕй ныппырх кодта, уый Хаматы+ паддзах Фой куы фехъуыста, 10 уӕд йӕ фырт Гадорамы*+ арвыста паддзах Давидмӕ, цӕмӕй йӕ, куыд у, уымӕй бафарстаид ӕмӕ йын раарфӕ кодтаид, Адраазаримӕ кӕй хӕцыд ӕмӕ йыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Адраазар Фоимӕ ӕдзухдӕр хӕцгӕ кодта. Гадорам йемӕ ӕрбахаста сызгъӕринӕй, ӕвзистӕй+ ӕмӕ ӕрхуыйӕ конд алыхуызон дзауматӕ. 11 Ӕмӕ уыдон дӕр паддзах Давид снывонд кодта+ Йегъовӕйӕн, ӕппӕт адӕмтӕй+, ома Едомӕй, Моавӕй+, Аммоны+ фырттӕй, филистимӕгтӕй+ ӕмӕ амаликӕгтӕй+ цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин рахаста, уый йын куыд снывонд кодта, афтӕ.

12 Саруйӕйы+ фырт Авессӕ+ та Цӕххы дӕлвӕзы+ едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины. 13 Ӕмӕ Едомы зӕххыл сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ, ӕмӕ едомӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йӕ дӕлбар баисты+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+. 14 Давид паддзах уыд ӕнӕхъӕн Израилӕн+ ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр рӕстӕй тӕрхон кодта+. 15 Саруйӕйы фырт Иоав уыд ӕфсады сӕргълӕууӕг+, Ахилуды фырт Иосафат+ та уыд азфыссӕг. 16 Ахитувы фырт Садок+ ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех+ уыдысты сауджынтӕ, Сусӕ+ та – писыр. 17 Иодайы+ фырт Ванейӕ+ уыд хелефейты+ ӕмӕ фелефейты+ сӕргъы. Давиды фырттӕ та паддзахы раз уыдысты сӕйраг хицӕуттӕ+.

19 Уый фӕстӕ Аммоны фырттӕн сӕ паддзах Наас+ амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт+. 2 Уӕд Давид загъта: «Наасы фырт Анноны ме ’нувыд уарзтӕй+ барӕвдауон, уымӕн ӕмӕ мӕ йӕ фыд дӕр йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдта»+. Ӕмӕ Аннон йӕ фыды зианыл куы хъыг кодта, уӕд ӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Аммоны+ фыртты зӕхмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй Анноны фарсмӕ балӕууыдаиккой. 3 Фӕлӕ Аммоны фыртты кънйӕзтӕ Аннонӕн загътой: «Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ дӕм Давид дӕ фыды ӕфсӕрмӕй ӕрбарвыста ныфсӕвӕрджыты? Мыййаг дӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ уый тыххӕй не ’рцыдысты, цӕмӕй ацы зӕхх басгарой+, кӕм дзы цы ис, уый базоной ӕмӕ стӕй ацы бӕстӕ ныппырх кӕной?»+ 4 Уӕд Аннон Давиды лӕггадгӕнджыты ӕрцахста+, сӕ боцъотӕ сын адаста+, сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕ сын суанг сӕ ӕгъдты онг ралыг кодта+ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕстӕмӕ арвыста+. 5 Давидӕн ӕрвыст лӕгты тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сын сӕ размӕ адӕмы арвыста, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг ныххудинаг кодтой. Паддзах сын загъта: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ нӕ разайой, уӕдмӕ уал Иерихоны+ цӕрут. Стӕй уӕд ӕрыздӕхдзыстут».

6 Аммоны фырттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ Давид йе сӕфт федта+, уӕд Аннон+ ӕмӕ Аммоны фырттӕ иу мин таланты* ӕвзист арвыстой+, цӕмӕй сӕхицӕн Месопотамийӕ, Арам-Маахӕйӕ+ ӕмӕ Сувӕйӕ+ бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ барджытӕ баххуырстаиккой. 7 Ӕмӕ баххуырстой ӕртын дыууӕ мин бӕхуӕрдоны+, стӕй Маахӕйы паддзахы ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр+. Ӕмӕ уыдон ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ Медевӕйы+ раз ӕрӕвӕрдтой. Уӕд Аммоны фырттӕ дӕр сӕ горӕттӕй иу ранмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хӕстмӕ рацыдысты.

8 Давид уый куы фехъуыста, уӕд уайтагъд Иоавы+ ӕнӕхъӕн ӕфсадимӕ ӕмӕ тыхджын лӕгтимӕ арвыста+. 9 Аммоны фырттӕ рацыдысты ӕмӕ горӕтмӕ бахизӕны гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Чи ’рцыд, уыцы паддзӕхтӕ+ та слӕууыдысты хицӕнӕй быдыры.

10 Иоав уый куы федта, ӕмӕ йӕм разӕй дӕр ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр бырсынц, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонтӕй цасдӕр равзӕрста ӕмӕ сӕ сириӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта+. 11 Иннӕ адӕмы та йе ’фсымӕр Авессӕйы+ бар бакодта, цӕмӕй уыдон та Аммоны+ фыртты ныхмӕ ӕрлӕууыдаиккой. 12 Иоав загъта: «Кӕд мыл сириӕгтӕ+ тых кӕнын райдайой, уӕд мӕм ды ӕрбацӕудзынӕ ӕххуысмӕ+. Кӕд дӕуыл Аммоны фырттӕ райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз ацӕудзынӕн ӕххуысмӕ+. 13 Фидар у+, ӕмӕ лӕгдзинад равдисӕм – схӕцӕм нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы горӕтты тыххӕй+. Йегъовӕ та бакӕндзӕн, раст ӕм куыд кӕсы, афтӕ»+.

14 Гъемӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм сириӕгтимӕ схӕцыдысты+, ӕмӕ сириӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. 15 Аммоны фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сириӕгтӕ лидзынц, уӕд уыдон дӕр Иоавы ӕфсымӕр Авессӕйӕ лидзӕг фесты+ ӕмӕ горӕтмӕ балыгъдысты+. Уый фӕстӕ Иоав Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт.

16 Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд арвыстой, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм ӕмӕ сӕ ӕркодтой, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.

17 Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд уайтагъд ӕгас Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта, Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт, ӕрцыди сӕм ӕмӕ йӕ хӕстонты гӕрзифтонгӕй сӕ ныхмӕ ’рлӕууын кодта+. Ӕмӕ Давид йӕ хӕстонты сириӕгты ныхмӕ куы ’рлӕууын кодта, уӕд сириӕгтӕ йемӕ схӕцыдысты. 18 Фӕлӕ сириӕгтӕ Израилы разӕй лидзӕг фесты+. Давид сириӕгтӕй амардта авд мин бӕхтӕрӕджы ӕмӕ цыппор мин фистӕг хӕстоны. Амардта сын се ’фсады хистӕр Совакы дӕр+. 19 Адраазары дӕлбар чи уыд, уыдон уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд Давидимӕ фидыды бадзырд скодтой ӕмӕ йӕ дӕлбар баисты+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сирийы нал фӕндыд Аммоны фырттӕн ӕххуыс кӕнын+.

20 Афӕдзы райдианы+, паддзӕхтӕ хӕстмӕ куы фӕцӕуынц+, уӕд Иоав ӕфсад акодта+ ӕмӕ Аммоны фыртты зӕххыл ницыуал ныууагъта. Уый фӕстӕ та ацыд, ӕмӕ Раввӕйыл+ ӕртыхстысты. Давид та уыд Иерусалимы. Иоав Раввӕ бацахста+ ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. 2 Давид Малхамӕн* йӕ сӕрӕй йӕ кадыхуд систа+. Уыцы кадыхуд уыд зынаргъ дуртӕй фӕлыст, уыди дзы иу талант* сызгъӕрин. Ӕмӕ йӕ Давиды сӕрыл ӕркодтой. Давид горӕтӕй рахаста тынг бирӕ фӕллӕйттӕ+. 3 Горӕты цӕрджыты та ракодта ӕмӕ сӕ бафтыдта+ дур фадыныл, стӕй цыргъ ӕфсӕйнаг мигӕнӕнтӕй ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл+. Афтӕ бакодта Давид Аммоны фыртты ӕппӕт горӕттӕн дӕр. Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты.

4 Стӕй та Газеры+ филистимӕгтимӕ+ бацайдагъ хӕст. Ӕмӕ хушаг Сивхай+ амардта Сафӕйы, рефаимты+ байзӕддӕгтӕй иуы, ӕмӕ филистимӕгтӕ сӕ дӕлбар баисты.

5 Ӕмӕ та ногӕй филистимӕгтимӕ хӕст бацайдагъ, ӕмӕ Иаиры фырт Елханан+ амардта Лахмийы, гефаг Голиафы+ ӕфсымӕры. Лахмийӕн йӕ арцы хъӕд уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн+.

6 Уый фӕстӕ та хӕст бацайдагъ Гефы+. Уым уыд иу ӕнахуыр стыр лӕг+, йӕ къухтыл ӕмӕ йӕ къӕхтыл уыди ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ – ӕдӕппӕтӕй дыууын цыппар ӕнгуылдзы+. Уый дӕр уыди рефаимты+ байзӕддаг. 7 Уыцы адӕймаг хынджылӕг кодта+ Израилӕй, ӕмӕ йӕ Давидӕн йе ’фсымӕр Шимӕйы+ фырт Ионафан амардта.

8 Адон уыдысты, рефаимтӕн+ Гефы+ чи райгуырд, уыдон. Ӕмӕ сӕ мӕлӕт ссардтой+ Давид ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухӕй.

21 Сайтан* Израилы ныхмӕ рацыд ӕмӕ Давиды уыцы зондыл скодта+, цӕмӕй Израилы адӕмы банымадтаид. 2 Ӕмӕ Давид Иоавӕн+ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн загъта: «Ацӕут ӕмӕ израилӕгты Вирсавийӕ+ суанг Даны+ онг банымайут+ ӕмӕ мын зӕгъут, цас сты, уый, цӕмӕй йӕ зонон»+. 3 Фӕлӕ йын Иоав загъта: «Йегъовӕ йӕ адӕмы, цы сты, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр фӕкӕнӕд+. Мӕ буц хицау, паддзах, се ’ппӕт дӕр дӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты? Цӕмӕн фӕнды мӕ буц хицауы уыцы хъуыддаг бакӕнын?+ Израилы адӕмы тӕригъӕды цӕмӕн ӕфтауы?»

4 Фӕлӕ паддзахы ныхас+ Иоавы ныхасыл фӕтых. Гъемӕ Иоав дӕр ацыд+ ӕмӕ ӕнӕхъӕн Израилыл ӕрзылд, стӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+. 5 Ӕмӕ Иоав Давидмӕ бахаста, кӕй ныффыстой, уыцы адӕмы нымӕц: ӕгас Израилы уыди иу милуан сӕдӕ мин хӕстоны+, Иудӕйы та – цыппарсӕдӕ ӕвдай мин хӕстоны. 6 Фӕлӕ Иоав Левийы+ мыггаг ӕмӕ Вениамины мыггаг семӕ нӕ банымадта+, уымӕн ӕмӕ йын паддзахы ныхас тынг ӕнад уыд.

7 Ацы хъуыддаг ӕцӕг Хуыцауы цӕсты уыд стыр тӕригъӕд+, ӕмӕ уый тыххӕй Израилы ӕрцавта. 8 Уӕд Давид ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Ацы хъуыддаг кӕй бакодтон, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтон+. Курӕг дӕ дӕн, дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн+, уымӕн ӕмӕ тынг ӕнӕзонд ми бакодтон»+. 9 Ӕмӕ Йегъовӕ Гадӕн+, Давидӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг чи уыд, уымӕн+, загъта: 10 «Ацу ӕмӕ Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Мӕнӕ дын ӕртӕ ӕфхӕрды+. Кӕцы дӕ фӕнды, уый дзы равзар, ӕмӕ дӕ афтӕ бафхӕрдзынӕн“»+. 11 Гад ӕрбацыд Давидмӕ+ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Равзар: 12 ӕртӕ азы ӕххормаг заман уа+, ӕртӕ мӕйы дӕ де знӕгтӕ цӕгъдой+ ӕмӕ дӕ сӕ хъама ӕййафа ӕви ӕртӕ боны зӕххыл цӕуа Йегъовӕйы хъама+, ома фыдниз+, Йегъовӕйы зӕд ӕгас Израилы зӕххыл цӕгъдгӕ+ куы ацӕуа, уӕд“. Уӕдӕ зӕгъ, цы дзуапп раттон, чи мӕ рарвыста, уымӕн». 13 Давид Гадӕн загъта: «Тынг зын мын у! Фӕлӕ цӕйнӕфӕлтау адӕмы къухтӕм бахауон+, фӕлтау Йегъовӕйы къухмӕ бахауон+, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад тынг стыр у»+.

14 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Израилыл фыдниз бафтыдта+, ӕмӕ израилӕгтӕй фӕцагъды ӕвдай мины+. 15 Стӕй ма ӕцӕг Хуыцау Иерусалиммӕ арвыста зӕды дӕр, цӕмӕй адӕмы фӕцагътаид+. Ӕмӕ сӕ цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Йегъовӕ уый федта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст*, уыцы бӕллӕх сыл кӕй ӕруагъта, ууыл+. Ӕмӕ, адӕмы чи цагъта, уыцы зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у!+ Ӕруадз дӕ къух». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕд лӕууыд йевусаг+ Орнӕйы*+ найгӕнӕн мусы цур.

16 Давид акаст ӕмӕ федта Йегъовӕйы зӕды+, уый лӕууыд зӕхх ӕмӕ арвы ’хсӕн, йӕ къухы та уыд хъама+. Зӕд йӕ хъама дардта Иерусалимы ’рдӕм. Ӕмӕ уӕд Давид ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ+, афтӕмӕй дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+. 17 Ӕмӕ Давид ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Ӕз нӕ ракодтон тӕригъӕд ӕмӕ ӕз нӕ сарӕзтон фыдхъуыддаг?+ Фӕлӕ ацы фыстӕ+ та цы ракодтой? О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, курын дӕ, фӕлтау мӕн ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар ӕрцӕв, фӕлӕ дӕ адӕмы ма ныццӕгъд»+.

18 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы зӕд Гадӕн+ загъта, зӕгъгӕ, Давидӕн зӕгъ, цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ Йегъовӕйӕн йевусаг Орнӕйы найгӕнӕн мусы нывондхӕссӕн сараза+. 19 Гъемӕ Давид дӕр ацыд, Гад ын Йегъовӕйы номӕй куыд загъта, афтӕ+. 20 Уыцы рӕстӕг Орнӕ+ мӕнӕу най кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ зӕды федта. Уым йемӕ уыдысты йӕ цыппар фырты дӕр, ӕмӕ уыдон бамбӕхстысты. 21 Уӕдмӕ Давид дӕр Орнӕйы размӕ ӕрбахӕццӕ. Орнӕ куы акаст ӕмӕ Давиды куы федта+, уӕд уайтагъд найгӕнӕн мусӕй рацыд, Давиды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта. 22 Давид Орнӕйӕн загъта: «Дӕ найгӕнӕн мус мын ратт, цӕмӕй йӕ бынаты Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн саразон. Йӕ аргъ+ дын ӕнӕхъӕнӕй бафиддзынӕн+, ӕмӕ мын ӕй ратт, цӕмӕй адӕм мауал цагъды кӕной»+. 23 Фӕлӕ Орнӕ Давидӕн загъта: «Афтӕ йӕ айс+, ӕмӕ мӕ буц хицауы, паддзахы цыдӕриддӕр фӕнды, уый бакӕнӕд. Мӕнӕ дын стуртӕ+ судзинаг нывондӕн, найгӕнӕн+ дзоныгъ – сугӕн+, мӕнӕу та – хоры кувинагӕн. Иууылдӕр сӕ дӕттын»+.

24 Фӕлӕ паддзах Давид Орнӕйӕн загъта: «Нӕ, ӕлхӕнгӕ йӕ кӕнын, йӕ аргъ дын ӕнӕхъӕнӕй бафиддзынӕн+. Ӕз Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн, дӕу цы у ӕмӕ мӕм лӕвар цы ’рхауд, уый не ’рхӕсдзынӕн». 25 Ӕмӕ Давид Орнӕйӕн уыцы бынаты тыххӕй радта ӕхсӕзсӕдӕ сиклы сызгъӕрин+. 26 Давид уым Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн+ сарӕзта, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ йыл фарны нывӕндтӕ ӕрхаста ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта+, ӕмӕ йын уый йӕ куывд фехъуыста – судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл уыд, уыцы нывондхӕссӕныл уӕларвӕй арт+ рауагъта. 27 Уый фӕстӕ Йегъовӕ зӕдӕн загъта+, цӕмӕй йӕ хъама фӕстӕмӕ йӕ кӕрддзӕмы нывӕрдтаид, ӕмӕ уый дӕр афтӕ бакодта. 28 Давид куы федта, Йегъовӕ йын йевусаг Орнӕйы найгӕнӕн мусы йӕ куывд кӕй фехъуыста, уӕд нывӕндтӕ хӕссын уым райдыдта+. 29 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы цатыр, Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уый, ӕмӕ, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕн уыдысты Гаваоны кувӕн бынаты+. 30 Давидӕн йӕ бон нӕ уыд уырдӕм Хуыцауы бафӕрсынмӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ тарст+ Йегъовӕйы зӕды хъамайӕ.

22 Уӕд Давид загъта: «Ам уыдзӕн ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар+, мӕнӕ ам та – нывондхӕссӕн+ Израилы адӕмӕн, цӕмӕй йыл судзинаг нывӕндтӕ хӕссой».

2 Давид ӕрӕмбырд кӕнын кодта, Израилы зӕххыл цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ цард, уыдоны ӕмӕ сӕ дурсӕтджытӕй+ сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар самайынӕн цыппӕрдигъон дуртӕ+ арӕзтаиккой. 3 Давид ӕрцӕттӕ кодта тынг бирӕ ӕфсӕйнаг, цӕмӕй дзы кулдуӕрттӕн зӕгӕлтӕ ӕмӕ фидаргӕнӕнтӕ сарӕзтаиккой. Ӕрхуы дӕр уыйбӕрц ӕрцӕттӕ кодта, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд+. 4 Кедрбӕласы+ хъӕдтӕн дӕр нымӕц нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Давидӕн сидойнӕгтӕ+ ӕмӕ тирӕгтӕ+ ластой тынг бирӕ кедрбӕласы хъӕдтӕ. 5 Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у+, Йегъовӕйӕн цы хӕдзар хъӕуы саразын, уый та хъуамӕ ахӕм стыр+ ӕмӕ ахӕм рӕсугъд+ уа, цӕмӕй йӕ кой ӕппӕт бӕстӕтыл дӕр айхъуыса. Уӕдӕ йын ӕз хъуамӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кӕнон». Ӕмӕ Давид, цалынмӕ нӕ амард, уӕдмӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кодта+.

6 Стӕй йӕ фырт Соломонмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн хӕдзар сарӕзтаид. 7 Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Мӕнӕн мӕ зӕрды+ уыд мӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+ хӕдзар саразын. 8 Фӕлӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ды бирӕ туг ныккалдтай+ ӕмӕ стыр хӕстыты хӕцыдтӕ+. Мӕ номыл хӕдзар ды нӕ сараздзынӕ+, уымӕн ӕмӕ мӕ разы зӕххыл бирӕ туг ныккалдтай. 9 Дӕуӕн райгуырдзӕн фырт+. Уый уыдзӕн сабыр адӕймаг, ӕмӕ йын ӕз ратдзынӕн ӕнцойдзинад, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр знӕгтӕ уа, уыдонӕй+. Ӕмӕ йӕ Соломон*+ дӕр уый тыххӕй схондзысты. Йӕ рӕстӕджы ӕз Израилӕн ратдзынӕн фарн+ ӕмӕ сабырдзинад. 10 Ӕмӕ мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн+. Уый суыдзӕн мӕ фырт+, ӕз та суыдзынӕн йӕ фыд+. Ӕмӕ йын Израилы йӕ паддзахбадӕн+ ӕнустӕм ӕрфидар кӕндзынӕн“.

11 Уӕдӕ Йегъовӕ демӕ уӕд, мӕ фырт, ӕмӕ ды уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар сараздзынӕ, дӕу тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 12 Йегъовӕ дын зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+ раттӕд ӕмӕ дӕ сахуыр кӕнӕд Израилы адӕмӕн разамынд дӕттын, цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйы закъон ӕххӕст кӕнай+. 13 Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Моисейы уылты цы уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ радта, уыдон ӕххӕст кӕныныл куы архайай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын+. Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у+. Ӕмӕ ӕппындӕр+ мацӕмӕй тӕрс+. 14 Ӕз тыхст уавӕрты уыдтӕн+, афтӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сӕдӕ мин таланты сызгъӕрин*+, милуан таланты ӕвзист*, ӕрхуы+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг+ та афтӕ бирӕ, ӕмӕ сын сбарӕн дӕр нӕй. Ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ дӕр, фӕлӕ ма-иу сӕм ды ноджыдӕр бафтау. 15 Ис дӕм бирӕ кусджытӕ, дурсӕтджытӕ, амайджытӕ+ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, стӕй, алы куыстмӕ дӕр чи арӕхсы, ахӕмтӕ+. 16 Сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ дӕм ӕфсӕйнаг уыйбӕрц ис, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй+. Уӕдӕ хъуыддагмӕ бавнал+, ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд»+.

17 Уый фӕстӕ Давид Израилы кънйӕзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ фырт Соломонӕн ӕххуыс кодтаиккой. Загъта сын: 18 «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ нӕй?+ Алырдыгӕй дӕр уын ӕнцойдзинад нӕ радта?+ Ацы зӕххыл чи цард, уыдоны мын мӕ къухмӕ радта, ӕмӕ ацы зӕхх Йегъовӕйы+ дӕлбар ӕмӕ йӕ адӕмы дӕлбар баци. 19 Уӕдӕ ныр уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+ агурут. Бавналут ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн+ кувӕн бынат+ саразут, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы табуйаг дзауматӕ, Йегъовӕйы номыл цы хӕдзар+ сараздзыстут, уырдӕм хаст ӕрцӕуой».

23 Давид базӕронд+, цардӕй бафсӕст. Ӕмӕ Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны+. 2 Давид ӕрӕмбырд кодта Израилы кънйӕзты+ се ’ппӕты дӕр, стӕй сауджынты+ ӕмӕ левитты+ дӕр. 3 Ӕмӕ левиттӕй ӕртын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдонӕй алкӕй дӕр банымадтой+, ӕмӕ уыдысты ӕртын аст мины.4 Уыдонӕй дыууын цыппар мин адӕймаджы сӕ хъус дардтой, Йегъовӕйы хӕдзар аразынмӕ цы куыстытӕ хауд, уыдонмӕ. Ӕхсӕз мин адӕймаджы дзы уыдысты хицӕуттӕ+ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ+, 5 цыппар мины та – дуаргӕстӕ+. Цыппар мины та дзы хъуамӕ Йегъовӕйы кадджын кодтаиккой+ музыкалон инструменттӕй цӕгъдгӕйӕ+, Давид афтӕ цы музыкалон инструменттӕй загъта, Хуыцауы кадджын кӕнынӕн сӕ скодтон, зӕгъгӕ, уыдонӕй.

6 Уый фӕстӕ сӕ Давид адих кодта+ Левийы+ фырттыл – Гирсоны къордыл, Каафы къордыл ӕмӕ Мерарийы къордыл. 7 Гирсоны фырттӕ уыдысты Лаедан ӕмӕ Шимей. 8 Лаеданы фырттӕ: хистӕр Йехиил+, стӕй Зефам ӕмӕ Иоил+ – ӕртӕ фырты. 9 Шимейы фырттӕ: Шеломоф, Хазиил ӕмӕ Гаран – ӕртӕ фырты. Уыдон уыдысты, Лаеданӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕртӕ. 10 Шимейы фырттӕ: Иахаф, Зина*, Йеус ӕмӕ Бери. Ацы цыппар уыдысты Шимейы фырттӕ. 11 Хистӕр сын уыд Иахаф, дыккаг та – Зизӕ. Йеус ӕмӕ Берийӕн бирӕ фырттӕ нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нымад уыдысты иу хӕдзарвӕндагыл+ ӕмӕ сӕ хӕстӕ дӕр уыдысты иу.

12 Каафы+ фырттӕ уыдысты Амрам, Ицгар+, Хеврон+ ӕмӕ Узиил+ – цыппар фырты. 13 Амрамы фырттӕ уыдысты Аарон+ ӕмӕ Моисей+. Фӕлӕ Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр Хуыцау ӕнустӕм рахицӕн кодта+, цӕмӕй Ӕппӕты сыгъдӕг бынат+ табуйагыл нымадтаиккой, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы раз нывӕндты+ фӕздӕг суагътаиккой, лӕггад ын кодтаиккой+ ӕмӕ ӕнустӕм адӕмӕн йӕ номӕй арфӕ кодтаиккой+. 14 Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейы+ фырттӕ дӕр нымад ӕрцыдысты левитты мыггагыл+. 15 Моисейы фырттӕ уыдысты Гирсон+ ӕмӕ Елиезер+. 16 Гирсоны фырттӕ уыдысты: хистӕр – Шевуил*+. 17 Елиезеры фырттӕ уыдысты: хистӕр – Рехави+. Елиезерӕн фырттӕ ӕндӕр нӕ уыд, Рехавийӕн та уыди тынг бирӕ фырттӕ. 18 Ицгары+ фырттӕ уыдысты: хистӕр – Шеломиф+. 19 Хевроны фырттӕ уыдысты: хистӕр – Йери, дыккаг – Амари, ӕртыккаг – Иахазиил, цыппӕрӕм – Йекамам+. 20 Узиилы+ фырттӕ уыдысты: хистӕр – Миха, дыккаг та – Ишши.

21 Мерарийы+ фырттӕ уыдысты Махли ӕмӕ Муши+. Махлийы фырттӕ уыдысты Елеазар+ ӕмӕ Кис. 22 Фӕлӕ Елеазар амард. Фырттӕ та йын нӕ уыд, уыди йын ӕрмӕстдӕр чызджытӕ, ӕмӕ сӕ Кисы фырттӕ, се ’фсымӕртӕ, ракуырдтой+. 23 Мушийы фырттӕ уыдысты Махли, Едер ӕмӕ Йеремоф+ – ӕртӕ фырты.

24 Адон сты Левийы фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+, сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, хъуыддӕгтӕ кӕй бар бакодтой, уыдон. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд+ ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ+ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон чи кодта, уыцы левиттӕй алчидӕр нымад ӕрцыд номгай. 25 Давид загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕнцойдзинад радта+ ӕмӕ уый Иерусалимы цӕрдзӕн ӕнустӕм+. 26 Ӕмӕ левитты нал хъӕудзӕн цатыр хӕссын, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы мигӕнӕнтӕй фӕархайынц, уыдон хӕссын дӕр»+. 27 Адон сты, Левийы фырттӕй дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ Давиды фӕстаг амындтӕм гӕсгӕ+ кӕй банымадтой, уыдон. 28 Сӕ хӕс уыд Аароны+ фырттӕн Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Уыдон сӕ хъус дардтой кӕртытӕм+ ӕмӕ хӕрӕндӕттӕм+, сыгъдӕг кодтой табуйаг дзауматӕ+ ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цы хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон кодтой. 29 Сӕ хъус ма дардтой нывонд дзултӕм+, хоры кувинаг кӕмӕй кодтой, уыцы хуыздӕр ссадмӕ+, донгонд+ лауызтӕм+, тебӕйы+ кӕй фыхтой, уыцы гуылтӕм, соимӕ конд хыссӕмӕ+ ӕмӕ алыхуызон бӕрцбарӕнтӕм ӕмӕ дӕргъбарӕнтӕм+. 30 Уымӕй уӕлдай ма-иу алы райсом+ дӕр ӕмӕ алы изӕр дӕр сӕ бынӕтты слӕууыдысты+, цӕмӕй Йегъовӕйӕн арфӕ кодтаиккой+ ӕмӕ йӕ кадджын кодтаиккой+. 31 Ӕххуыс ма сын кодтой сабатбонты+, мӕй куы сног вӕййы+, уыцы бонты ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы+ дӕр Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ хӕссынӕн, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй цы уагӕвӕрд уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый Йегъовӕйы раз арӕзтой ӕдзухдӕр. 32 Ноджыдӕр ма хъахъхъӕдтой+ ӕмбырды цатыр ӕмӕ сыгъдӕг бынат+, стӕй Аароны фыртты дӕр, се ’фсымӕрты, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы хӕдзары куы лӕггад кодтой, уӕд-иу сӕ мачи хъыгдардтаид+.

24 Аароны фырттӕ дих уыдысты къордтыл. Аароны фырттӕ уыдысты Надав+, Авиуд+, Елеазар+ ӕмӕ Ифамар+. 2 Фӕлӕ Надав ӕмӕ Авиуд+ сӕ фыдӕй раздӕр амардысты+, фырттӕ та сын нӕ уыд, ӕмӕ дарддӕр сауджынтӕй лӕггад кодтой Елеазар+ ӕмӕ Ифамар. 3 Гъемӕ сӕ Давид, Елеазары байзӕддаг Садок+ ӕмӕ Ифамары байзӕддаг Ахимелех+ къордтыл адих кодтой, сӕ лӕггады сыл цы хӕстӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ+. 4 Фӕлӕ Ифамары фырттӕй Елеазары фыртты ’хсӕн хистӕртӕ фылдӕр уыд. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ адих кодтой афтӕ: Елеазары фыртты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ уыдысты ӕхсӕрдӕс, Ифамары фыртты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ та – аст.

5 Уый фӕстӕ сыл хӕлттӕ сӕппӕрстой+ ӕмӕ сӕ иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр адих кодтой, уымӕн ӕмӕ, сыгъдӕг бынаты+ сӕргъы чи уыдаид ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кодтаид, ахӕм хистӕртӕ сӕвӕрын хъуыд Елеазары фырттӕй дӕр ӕмӕ Ифамары фырттӕй дӕр. 6 Ӕмӕ сӕ левитты писыр+ Нафанаилы фырт Шемайӕ ныффыста паддзахы раз, кънйӕзты раз, сауджын Садокы+ раз, Авиафары+ фырт Ахимелехы+ раз ӕмӕ сауджынты ӕмӕ левитты+ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты раз. Иу хӕдзарвӕндаг-иу Елеазары+ фырттӕй равзӕрстой, иу та – Ифамары+ фырттӕй.

7 Фыццаг хал схауд Йегъоиаривӕн+, дыккаг – Йедайӕйӕн, 8 ӕртыккаг – Харимӕн, цыппӕрӕм – Сеоримӕн, 9 фӕндзӕм – Малхийӕн, ӕхсӕзӕм – Миаминӕн, 10 ӕвдӕм – Гаккоцӕн, ӕстӕм – Авийӕн+, 11 фарӕстӕм – Йешуайӕн, дӕсӕм – Шеханийӕн, 12 иуӕндӕсӕм – Елиашивӕн, дыууадӕсӕм – Иакимӕн, 13 ӕртындӕсӕм – Хушайӕн, цыппӕрдӕсӕм – Йешевавӕн, 14 фынддӕсӕм – Вилгӕйӕн, ӕхсӕрдӕсӕм – Иммерӕн, 15 ӕвддӕсӕм – Хезирӕн, ӕстдӕсӕм – Гапицецӕн, 16 нудӕсӕм – Петахийӕн, дыууынӕм – Йезекилӕн, 17 дыууын фыццӕгӕм – Иахинӕн, дыууын дыккӕгӕм – Гамулӕн, 18 дыууын ӕртыккӕгӕм – Делайӕйӕн, дыууын цыппӕрӕм – Маазийӕн.

19 Уыдон лӕггад кодтой+ ахӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ+. Ахӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу+ бацыдысты Йегъовӕйы хӕдзармӕ. Уыцы бартӕ сын радта сӕ фыдӕл Аарон, Израилы Хуыцау Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

20 Адон та сты Левийы иннӕ фырттӕ. Амрамы+ фырттӕй: Шуваил+. Шуваилы фырттӕй: Йехди. 21 Рехавийӕ+, Рехавийы фырттӕй: хистӕр – Ишши. 22 Ицгары+ фырттӕй: Шеломоф+. Шеломофы фырттӕй: Иахаф. 23 Хевроны+ фырттӕй: хистӕр – Йери+, дыккаг – Амари, ӕртыккаг – Иахазиил, цыппӕрӕм – Йекамам. 24 Узиилы фырттӕй: Миха+. Михайы фырттӕй: Шамир. 25 Михайы ӕфсымӕр уыд Ишши. Ишшийы фырттӕй: Захари.

26 Мерарийы+ фырттӕ уыдысты Махли+ ӕмӕ Муши+. Иаазийы фырттӕ: Бено. 27 Мерарийы фырттӕ: Иаазийӕ: Бено, Шогам, Заккур ӕмӕ Иври. 28 Махлийӕ: Елеазар, фырттӕ йын нӕ уыд+. 29 Кисӕй: Кисы фырттӕ: Йерахмеил. 30 Мушийы фырттӕ: Махли+, Едер ӕмӕ Йеримоф+.

Адон сты левитты фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 31 Ӕмӕ уыдон дӕр хӕлттӕ сӕппӕрстой+, се ’фсымӕртӕ – Аароны фырттӕ – паддзах Давиды раз, Садок ӕмӕ Ахимелехы раз, стӕй сауджынты ӕмӕ левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты раз хӕлттӕ куыд сӕппӕрстой, афтӕ – хистӕр фырты хӕдзарвӕндаг+ ӕмӕ кӕстӕр фырты хӕдзарвӕндаг ӕмхуызонӕй.

25 Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ къордты+ хистӕртӕ+, дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+, хъисфӕндыртӕй+ ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътӕй+ цӕгъдгӕйӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыцы Асафы, Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ фырттӕй кӕйдӕрты рахицӕн кодтой лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг бакодтой уыдоны бар. 2 Асафы фырттӕй уыдысты Заккур, Иосиф+, Нефани ӕмӕ Ашарел+. Асафы фырттӕн разамынд лӕвӕрдта Асаф+, ӕмӕ йӕхӕдӕг та пехуымпариуӕг кодта паддзахы разамындӕй. 3 Идифунӕй+, Идифуны фырттӕ: Гедали+, Цери+, Йешайӕ+, Шимей, Хашави ӕмӕ Маттифи+ – ӕхсӕз фырты. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Идифун. Уый пехуымпариуӕг кодта ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цӕгъдгӕйӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кодта ӕмӕ йӕ кадджын кодта+. 4 Еманӕй+, Еманы фырттӕ: Букки+, Матфани+, Узиил+, Шевуил*, Йеримоф, Ананийӕ+, Анани, Елиафӕ+, Гиддалти+, Ромамти-Езер+, Иошбекашӕ+, Маллофи+, Гофир+ ӕмӕ Махазиоф. 5 Адон иууылдӕр сты, цӕстылуайӕнтӕ+ чи уыдта ӕмӕ паддзахӕн ӕцӕг Хуыцауы ныхас чи хъусын кодта, сыкъайӕ уасгӕйӕ Хуыцауы чи кадджын кодта, уыцы Еманы фырттӕ. Ӕцӕг Хуыцау Еманӕн радта цыппӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы+. 6 Се ’ппӕт дӕр сӕ фыды разамындӕй зарыдысты Йегъовӕйы хӕдзары, цагътой ӕрхуы тӕбӕгътӕй+, хъисфӕндыртӕй+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+ – уый уыд сӕ лӕггад ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары.

Асафӕн, Идифунӕн ӕмӕ Еманӕн+ разамынд лӕвӕрдта паддзах.

7 Уыдоны, стӕй се ’фсымӕрты сахуыр кодтой Йегъовӕйӕн зарын+ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыцы хъуыддаджы уыдысты дӕсны+. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕсӕдӕ ӕстай аст адӕймаджы. 8 Кӕуыл сӕ цы хӕс уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой+ – куыд хистӕртӕ+, афтӕ кӕстӕртӕ дӕр, дӕсныдӕр+ чи уыд, уыдон дӕр ӕмӕ, нырма ахуыр чи кодта, уыдон дӕр.

9 Фыццаг хал схауд Асафы фырт Иосифӕн+, дыккаг – Гедалийӕн+, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, уыдысты дыууадӕс; 10 ӕртыккаг – Заккурӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 11 цыппӕрӕм – Ицрийӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 12 фӕндзӕм – Нефанийӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 13 ӕхсӕзӕм – Буккийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 14 ӕвдӕм – Йесарелӕйӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 15 ӕстӕм – Йешайӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 16 фарӕстӕм – Матфанийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 17 дӕсӕм – Шимейӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 18 иуӕндӕсӕм – Азариилӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 19 дыууадӕсӕм – Хашавийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 20 ӕртындӕсӕм – Шуваилӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 21 цыппӕрдӕсӕм – Маттифийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 22 фынддӕсӕм – Йеремофӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 23 ӕхсӕрдӕсӕм – Ананийӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 24 ӕвддӕсӕм – Иошбекашӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 25 ӕстдӕсӕм – Ананийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс;26 нудӕсӕм – Маллофийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 27 дыууынӕм – Елиафӕйӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 28 дыууын фыццӕгӕм – Гофирӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 29 дыууын дыккӕгӕм – Гиддалтийӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 30 дыууын ӕртыккӕгӕм – Махазиофӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс; 31 дыууын цыппӕрӕм – Ромамти-Езерӕн+, йӕ фырттӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, уыдысты дыууадӕс.

26 Адон сты дуаргӕсты+ къордтӕ. Корейы+ байзӕддӕгтӕй: Мешелеми+, Корӕйы фырт, Асафы фырттӕй. 2 Мешелемийы фырттӕ уыдысты: хистӕр фырт – Захари, дыккаг – Йедиаил, ӕртыккаг – Зевади, цыппӕрӕм – Иафниил, 3 фӕндзӕм – Елам, ӕхсӕзӕм – Йегъоханан, ӕвдӕм – Елегоенай. 4 Овед-Едомы+ фырттӕ уыдысты: хистӕр фырт – Шемайӕ, дыккаг – Йегъозавад, ӕртыккаг – Иоах, цыппӕрӕм – Сахар, фӕндзӕм – Нафанаил, 5 ӕхсӕзӕм – Амиил, ӕвдӕм – Иссахар, ӕстӕм – Пеулфай. Хуыцау ын афтӕ раарфӕ кодта+.

6 Йӕ фырт Шемайӕйӕн райгуырд фырттӕ. Уыдон уыдысты сӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдысты сӕрӕн ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ. 7 Шемайӕйы фырттӕ уыдысты Офни, Рефаил, Овид, стӕй Елзавад – йе ’фсымӕртӕ Елиуй ӕмӕ Семахи уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ. 8 Адон иууылдӕр уыдысты Овед-Едомы фырттӕ. Сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ се ’фсымӕртӕ дӕр уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ, лӕггад кӕнынмӕ хорз чи арӕхст, ахӕмтӕ. Овед-Едомы фырттӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай дыууӕ адӕймаджы. 9 Мешелемийы+ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уыдысты ӕстдӕс, уыдон уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ. 10 Мерарийы байзӕддӕгтӕй чи уыд, уыцы Хосӕйӕн уыд фырттӕ. Хистӕр уыд Шимри – хистӕр фырт уый нӕ уыд+, фӕлӕ йӕ йӕ фыд хистӕрӕй сӕвӕрдта+. 11 Дыккаг уыд Хелки, ӕртыккаг – Тевали, цыппӕрӕм – Захари. Хосӕйы фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртындӕс.

12 Дуаргӕсты къордты хистӕртӕн дӕр ӕмӕ се ’фсымӕртӕн дӕр+ Йегъовӕйы хӕдзары лӕггадгӕнгӕйӕ уыди сӕхи хӕстӕ. 13 Ӕмӕ гыццыл бинонтӕ дӕр ӕмӕ стыр бинонтӕ дӕр сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+ хӕлттӕ сӕппӕрстой+, чи сӕ кӕцы кулдуары раз лӕудзӕн, уый сбӕрӕг кӕнынӕн. 14 Скӕсӕн фарс ӕрхауд Шелемимӕ+. Стӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой йӕ фырт Захарийӕн+, зондджын уынаффӕгӕнӕгӕн+, ӕмӕ уымӕ та ӕрхауд цӕгат фарс+. 15 Овед-Едоммӕ ӕрхауд хуссар фарс, йӕ фырттӕм+ та – къӕбицтӕ+. 16 Шупим ӕмӕ Хосӕмӕ+ ӕрхауд ныгуылӕн фарс. Уый ис Шаллехеты кулдуары цур, хӕрдмӕ чи цӕуы, уыцы стыр фӕндаджы раз. Хъахъхъӕнджыты иу къорд+ лӕууыд иннӕ къорды раз+. 17 Скӕсӕнырдыгӕй лӕууыд ӕхсӕз левиты, цӕгатырдыгӕй алы бон дӕр – цыппар, хуссарырдыгӕй алы бон дӕр+ – цыппар, къӕбицты+ раз та – дыууӕ хъахъхъӕнӕджы ӕмӕ ма сӕ фарсмӕ ноджыдӕр дыууӕ хъахъхъӕнӕджы. 18 Ныгуылӕнырдыгӕй, тыргъ кӕм уыди, уым цыппарӕй лӕууыдысты стыр фӕндаджы раз+, дыууӕйӕ та – тыргъы раз. 19 Адон уыдысты, Корейы+ фырттӕй ӕмӕ Мерарийы+ фырттӕй дуаргӕстӕ чи уыд, уыдоны къордтӕ.

20 Иннӕ левиттӕй та Ахийӕн йӕ бар уыдысты ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕ+ ӕмӕ-иу Хуыцауӕн цы снывонд кодтой, уыдон+ кӕм уыдысты, уыцы хӕзнадӕттӕ. 21 Гирсоны байзӕддаг чи уыд, уыцы Лаеданы+ фырттӕй, ома Гирсоны байзӕддаг Лаеданӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕртӕй дзы уыд Йехиел+. 22 Йехиелы фырттӕн, Зефам ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоилӕн+, сӕ бар уыдысты Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадӕттӕ+. 23 Амрамы фырттӕй, Ицгары фырттӕй, Хевроны фырттӕй ӕмӕ Узиилы+ фырттӕй та дзы уыд: 24 Шевуил+, Моисейӕн йӕ фырт Гирсоны фырт, уый уыд къӕбицты хицау. 25 Йе ’фсымӕртӕй, Елиезеры+ фырттӕй дзы уыд: йӕ фырт Рехави+, уый фырт Йешайӕ, уый фырт Иорам, уый фырт Зихри ӕмӕ уый фырт Шеломоф. 26 Паддзах Давид+, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, минты сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон, стӕй ӕфсады хистӕртӕ Хуыцауӕн цы снывонд кодтой, уыдон+ кӕм уыдысты, уыцы хӕзнадӕттӕ уыдысты Шеломоф ӕмӕ йе ’фсымӕрты бар. 27 Хӕстыты-иу+ знагӕй цы байстой+, уымӕн-иу йӕ иу хай снывонд кодтой Йегъовӕйы хӕдзармӕ зилынӕн. 28 Цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ Самуил, Кисы фырт Саул, Ниры фырт Авенир+ ӕмӕ Саруйӕйы+ фырт Иоав+ Хуыцауӕн цы снывонд кодтой ӕмӕ адӕм дӕр Хуыцауӕн цыдӕриддӕр снывонд кодтой, уыдон иууылдӕр уыдысты Шеломиф ӕмӕ йе ’фсымӕрты бар.

29 Ицгары+ фырттӕй дзы уыди Хенани ӕмӕ йӕ фырттӕ. Уыдон Израилы уыдысты хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ+, ӕмӕ сӕ хӕстӕ баст уыдысты, Хуыцауы хӕдзары ӕдде+ цы хъуыддӕгтӕ уыд, уыдонимӕ.

30 Хевроны+ фырттӕй: Хашави ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ – иу мин авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы+. Уыдонӕн сӕ бар уыдысты, Израилы Иорданӕй ныгуылӕнырдӕм цы зӕххытӕ уыд, уым Йегъовӕйӕн ӕмӕ паддзахӕн лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон. 31 Хевроны фырттӕй Йери+ уыд, Хевронӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕр. Давид цыппорӕм+ аз куы уыд паддзах, уӕд Хевроны фыртты ’хсӕн агурын райдыдтой хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгты ӕмӕ сӕ ссардтой Иазеры+, Галаады+ зӕххыл. 32 Йе ’фсымӕртӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ+ – ӕдӕппӕтӕй дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы. Ӕмӕ сӕ паддзах Давид сӕвӕрдта Рувимы мыггаджы, Гады мыггаджы ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисы сӕргъы. Сӕ бар уыдысты ӕцӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ӕмӕ паддзахы хъуыддӕгтӕ+ дӕр.

27 Адон сты, Израилы фырттӕй паддзахы ӕфсады чи уыд, уыдоны къордтӕ. Уыцы къордты уыди хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕртӕ+, минты сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдон ӕмӕ, уыцы къордтӕ кӕй бар уыдысты, уыдон дӕр+. Уыцы къордтӕ афӕдзы дӕргъы алы мӕй дӕр кӕрӕдзи ивтой, ӕмӕ алы къорды дӕр уыди дыууын цыппар мин адӕймаджы.

2 Фыццаг мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый сӕргъы уыд Завдиилы фырт Иашовам+. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 3 Фаресы+ фырттӕй чидӕртӕ ӕвӕрд уыдысты ӕппӕт къордты хистӕрты сӕргъы, ӕмӕ уыдон дӕр лӕггад кодтой фыццаг мӕй. 4 Дыккаг мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый сӕргъы уыд ахохаг+ Додай+, разамонӕг та дзы уыд Миклоф. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 5 Ӕртыккаг мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд хистӕр сауджын Иодайы+ фырт Ванейӕ+. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 6 Ванейӕ+ уыд ӕртын+ тыхджын адӕймагӕй сӕ иу ӕмӕ уыд уыцы ӕртын адӕймагӕн сӕ сӕргъы. Йӕ къорды сӕргъы лӕууыд йӕ фырт Аммизавад. 7 Цыппӕрӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд Иоавы ӕфсымӕр+ Асаил+, йӕ фӕстӕ та – йӕ фырт Зевади. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 8 Фӕндзӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд Шамгуф+, Израхийы хӕдзарвӕндагӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 9 Ӕхсӕзӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд фекойаг+ Иккешы+ фырт Ира+. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 10 Ӕвдӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд пелойнаг+ Хелец+, Ефремы фырттӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 11 Ӕстӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд хушаг Сивхай+, Зарайы+ хӕдзарвӕндагӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 12 Фарӕстӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд анафофаг+ Авиезер+, Вениамины мыггагӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 13 Дӕсӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд нетофафаг Магарай+, Зарайы+ хӕдзарвӕндагӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 14 Иуӕндӕсӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд пирафойнаг Ванейӕ+, Ефремы+ фырттӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы. 15 Дыууадӕсӕм мӕй цы къорд лӕггад кодта, уый хистӕр уыд нетофафаг Хелдай+, Гофониилы фырттӕй. Йӕ къорды уыд дыууын цыппар мин адӕймаджы.

16 Израилы+ мыггӕгты хистӕртӕ уыдысты: Рувимы мыггагӕн – Зихрийы фырт Елиезер; Симеоны мыггагӕн – Маахӕйы фырт Сафати; 17 Левийы мыггагӕн – Кемуилы фырт Хашави; Аароны хӕдзарвӕндагӕн – Садок+; 18 Иудӕйы мыггагӕн – Елиуй+, Давиды ӕфсымӕртӕй+ сӕ иу; Иссахары мыггагӕн – Михаилы фырт Амври; 19 Завулоны мыггагӕн – Овадийы фырт Ишмайӕ; Неффалимы мыггагӕн – Азриилы фырт Йеримоф; 20 Ефремы фырттӕн – Азазийы фырт Оси; Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн – Федайӕйы фырт Иоил; 21 Манассийы мыггаджы иннӕ ӕмбисӕн та, Галаады чи цард, уыдонӕн – Захарийы фырт Иддо; Вениамины мыггагӕн – Авениры+ фырт Иаасиил; 22 Даны мыггагӕн – Йерохамы фырт Азариил. Адон уыдысты Израилы мыггӕгты кънйӕзтӕ+.

23 Дыууын азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыдоны Давид нӕ нымадта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, израилӕгты афтӕ кӕй сбирӕ кӕндзӕн+. 24 Иуафон Саруйӕйы фырт Иоав+ райдыдта адӕмы нымайын, фӕлӕ сӕ кӕронмӕ нӕ банымадта+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+. Ӕмӕ уыцы нымӕц паддзах Давиды царды хабӕртты чиныгмӕ хаст не ’рцыд.

25 Паддзахы+ хӕзнадӕттӕ уыдысты Адиилы фырт Азмавефы бар. Быдырты+, горӕтты+, хъӕуты ӕмӕ мӕсгуыты цы хӕзнадӕттӕ уыди, уыдон та уыдысты Уззийы фырт Ионафаны бар. 26 Быдырты+ чи куыста, уыдон ӕмӕ зӕххы куыстытӕ уыдысты Хелувы фырт Езрийы бар. 27 Сӕнӕфсирдӕттӕ+ уыдысты рамӕйаг Шимейы бар, сӕнӕфсирдӕтты цы сӕны ӕвӕрӕнтӕ уыд, уыдон та – шифмӕйаг Завдийы бар. 28 Шефелӕйы+ цы оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сикоморбӕлӕстӕ+ уыд, уыдон уыдысты гедераг Ваал-Хананы бар, сойы+ ӕвӕрӕнтӕ та – Иоасы бар. 29 Сароны+ цы стуртӕ хызт, уыдон уыдысты саройнаг Шитрайы бар, быдырты цы стуртӕ хызт, уыдон та – Адлайы фырт Сафаты бар. 30 Теуатӕ+ уыдысты измаилаг+ Овилы бар, хӕрджытӕ та – меронофаг Йехдийы бар. 31 Лыстӕг фос уыдысты агараг Иазизы бар. Адон се ’ппӕт дӕр ӕвӕрд уыдысты паддзах Давиды фӕллӕйтты сӕргъы.

32 Ионафан+, Давидӕн йе ’фсымӕры лӕппу, уыд уынаффӕгӕнӕг, стӕй писыр дӕр. Уый уыд ӕмбаргӕ+ адӕймаг. Хахмонийы+ фырт Йехиил касти паддзахы фырттӕм+. 33 Ахитофел+ уыд паддзахы уынаффӕгӕнӕг+, архитаг+ Хуси+ та – паддзахы ӕрдхорд+. 34 Ахитофелы фӕстӕ уынаффӕгӕнджытӕ уыдысты Ванейӕйы+ фырт Иодай ӕмӕ Авиафар+. Иоав+ та уыд паддзахы ӕфсады хистӕр.

28 Давид Иерусалиммӕ ӕрӕмбырд кодта Израилы кънйӕзты+ се ’ппӕты дӕр: мыггӕгты кънйӕзты+, паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыцы къордты хистӕрты+, минты+ сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдоны, паддзахӕн йӕ фӕллӕйттӕ+, йӕ фос+ ӕмӕ йӕ фырттӕ+ кӕй бар уыдысты, уыдоны, стӕй паддзахы фӕсдзӕуинты+ ӕмӕ тыхджын лӕгты+, цыдӕриддӕр дзы хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгтӕ уыд, уыдоны. 2 Уый фӕстӕ Давид сыстад ӕмӕ загъта:

«Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ адӕм, байхъусут мӕм. Мӕнӕн мӕ зӕрды уыд+, Йегъовӕйы бадзырды чырын кӕм уыдаид ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн йӕ къӕхтӕвӕрӕн+ чи уыдаид, ахӕм хӕдзар саразын. Ӕмӕ йӕ саразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый ӕрцӕттӕ кодтон+. 3 Фӕлӕ мын ӕцӕг Хуыцау загъта: „Мӕ номыл хӕдзар ды нӕ сараздзынӕ+, уымӕн ӕмӕ ды хӕстыты хӕцыдтӕ ӕмӕ бирӕ туг ныккалдтай“+. 4 Израилы Хуыцау Йегъовӕ мӕ фыды хӕдзарӕй мӕн равзӕрста+, цӕмӕй Израилӕн ӕнустӕм суыдаин паддзах+. Уый разамонӕгӕй+ равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды хӕдзар+, ӕмӕ йӕ мӕ фыды фырттӕй+ та мӕн бафӕндыд+ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрын. 5 Ӕмӕ ме ’ппӕт фырттӕй,– Йегъовӕ та мын бирӕ фырттӕ радта+,– равзӕрста мӕ фырт Соломоны+, цӕмӕй Израилы Йегъовӕйы паддзахбадӕныл+ бада.

6 Ноджыдӕр ма мын загъта: „Дӕ фырт Соломон мын сараздзӕн мӕ хӕдзар+ ӕмӕ мӕ кӕртытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз равзӕрстон, цӕмӕй уа мӕ фырт+, ӕмӕ ӕз та суыдзынӕн йӕ фыд+. 7 Ӕмӕ абон куыд фидарӕй архайы мӕ фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ+ ӕххӕст кӕныныл, дарддӕр дӕр афтӕ фидарӕй куы архайа, уӕд ын йӕ паддзахад+ ӕнустӕм ӕрфидар кӕндзынӕн“. 8 Уӕдӕ уын ныр ӕгас Израилы раз – Йегъовӕйы ӕмбырды+ раз – ӕмӕ нӕ Хуыцауы+ раз зӕгъын: уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕнут ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрыныл архайут, цӕмӕй ацы хорз зӕхх+ сымах уа ӕмӕ йӕ уӕ фырттӕн ӕнустӕм бынӕн ныууадзат.

9 Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+. 10 Уӕдӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн: Йегъовӕ дӕ равзӕрста, цӕмӕй йын саразай хӕдзар, кувӕндон. Фидар у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал»+.

11 Ӕмӕ Давид йӕ фырт Соломонӕн радта ныв+: мӕсыг+, кувӕндоны уӕттӕ, къӕбицтӕ+, уӕллаг уӕттӕ+, мидӕггаг уӕттӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггӕнӕн бынат куыд арӕзт хъуамӕ уой, уый ныв+. 12 Стӕй йын Хуыцауы тыхы+ фӕрцы чи раргом, уыцы нывтӕ иууылдӕр: Йегъовӕйы хӕдзары кӕртыты+ нывтӕ, йӕ алыварс цыдӕриддӕр хӕрӕндӕттӕ+ уыди, уыдоны нывтӕ, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕтты нывтӕ ӕмӕ-иу Хуыцауӕн цы снывонд кодтой, уыдӕттӕ+ кӕм уыдысты, уыцы хӕзнадӕтты нывтӕ. 13 Ноджыдӕр ма йын радта амындтӕ сауджынты ӕмӕ левитты къордты+ тыххӕй, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггадгӕнгӕйӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕй архайдтой, уыдоны тыххӕй. 14 Бацамыдта йын сызгъӕрины уӕз дӕр, алыхуызон мигӕнӕнтӕн цас сызгъӕрин хъуыд, уый, стӕй ӕппӕт ӕвзист мигӕнӕнты уӕз цас хъуамӕ уыдаид, уый дӕр – алы хъуыддӕгтӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ хъуыд, уыдоны уӕз; 15 сызгъӕрин цырагъдарӕнты+ ӕмӕ сӕ сызгъӕрин къусты уӕз, алыхуызон цырагъдарӕнты ӕмӕ сӕ къусты уӕз, стӕй ӕвзист цырагъдарӕнты уӕз, цырагъдарӕнты ӕмӕ сӕ къусты уӕз, цырагъдарӕнтӕ кӕм хъуыдысты, уымӕ гӕсгӕ; 16 нывонд дзултӕ-иу+ кӕуыл сӕвӕрдтой, уыцы стъӕлттӕн, алыхуызон стъӕлттӕн, цас сызгъӕрин хъуыд, стӕй ӕвзист стъӕлттӕн цас ӕвзист хъуыд, уый; 17 сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд фыдисӕнты, къусты+, дурынты ӕмӕ гыццыл сызгъӕрин къусты+ уӕз, алыхуызон гыццыл къусты уӕз цас хъуамӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ, стӕй гыццыл ӕвзист къусты уӕз, алыхуызон гыццыл къусты уӕз цас хъуамӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ; 18 буд кӕуыл сыгътой, уыцы нывондхӕссӕнӕн+ ӕмӕ, бӕхуӕрдон+ цы ӕвдыста, уый, ома Йегъовӕйы бадзырды чырын йӕ базыртӕй чи ӕмбӕрзта, уыцы сызгъӕрин херувимтӕ+ скӕнынӕн сыгъдӕг сызгъӕрин цас хъуыд, уый. 19 Давид загъта: «Мӕныл уыди Йегъовӕйы къух, ӕмӕ мын баххуыс кодта, фыст+ цыдӕриддӕр ӕрцыд, уый бамбарынӕн ӕмӕ, нывтӕм гӕсгӕ цы ӕмӕ куыд саразын хъӕуы, уый бамбарынӕн дӕр»+.

20 Ӕмӕ Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Хъӕбатыр+ ӕмӕ фидар у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал. Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, демӕ ис+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн+ ӕмӕ уыдзӕн демӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый цалынмӕ арӕзт не ’рцӕуа, уӕдмӕ. 21 Сауджынты+ ӕмӕ левитты+ къордтӕ цӕттӕ сты ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынмӕ, стӕй алы дӕсны кусӕг дӕр цӕттӕ у+, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, лӕггад кӕнынимӕ+ цыдӕриддӕр куыстытӕ баст сты, уыдон бакӕнынӕн. Ӕмӕ кънйӕзтӕ+ ӕмӕ адӕм дӕр цӕттӕ сты дӕ алы ныхас сӕххӕст кӕнынмӕ дӕр».

29 Паддзах Давид ӕппӕт адӕмӕн загъта+: «Мӕ фырт Соломон, Хуыцау кӕй равзӕрста+, уый, нырма ӕрыгон+ ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, цы хъуыддаг саразын хъӕуы, уый та стыр хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан* адӕймагӕн нӕу+, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн. 2 Ӕз ӕппӕт хъарутӕй+ бацархайдтон ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон+ сызгъӕрин+ – сызгъӕрин дзауматӕн, ӕвзист – ӕвзист дзауматӕн, ӕрхуы – ӕрхуы дзауматӕн, ӕфсӕйнаг+ – ӕфсӕйнаг дзауматӕн ӕмӕ хъӕдӕрмӕг+ – хъӕдын дзауматӕн, стӕй оникс+ дуртӕ, чъыры змӕстӕй кӕй ныффидар кӕнынц, ахӕм зынаргъ дуртӕ, нывтӕ кӕмӕй аразынц, ахӕм гыццыл дуртӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон зынаргъ дуртӕ ӕмӕ тынг бирӕ алебастр. 3 Ӕмӕ сыгъдӕг кувӕндонӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, уымӕй уӕлдай ма мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн, мӕ Хуыцауы хӕдзар мын зынаргъ кӕй у+, уый тыххӕй, ноджыдӕр дӕттын мӕхи+ сызгъӕринӕй ӕмӕ мӕхи ӕвзистӕй+: 4 кувӕндоны уӕтты къултӕ бамбӕрзынӕн ӕртӕ мин таланты сызгъӕрин, офираг+ сызгъӕрин, ӕмӕ авд мин таланты сыгъдӕг ӕвзист, 5 сызгъӕрин – сызгъӕрин дзауматӕн, ӕвзист – ӕвзист дзауматӕн ӕмӕ, ӕрмгуыстгӕнджытӕ цыдӕриддӕр араздзысты, уыдӕттӕн. Мыййаг ма искӕй фӕнды абон Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын?»+

6 Ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕртӕ+, Израилы мыггӕгты кънйӕзтӕ+, минты+ сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы, стӕй паддзахы хъуыддӕгты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдон лӕвӕрттӕ хӕссын райдыдтой. 7 Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цы хъуыддӕгтӕ уыд баст, уыдонӕн радтой фондз мин таланты сызгъӕрин, дӕс мин дарикы*, дӕс мин таланты ӕвзист, ӕстдӕс мин таланты ӕрхуы ӕмӕ сӕдӕ мин таланты ӕфсӕйнаг+. 8 Зынаргъ дуртӕ кӕмӕ уыд, уыдон дӕр сӕ ӕрбахастой Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадонмӕ. Уыцы хӕзнадон уыди Гирсоны+ байзӕддаг Йехиилы+ бар. 9 Ӕмӕ адӕм цин кодтой, Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕй хастой, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ хастой зӕрдиагӕй*+. Ӕмӕ паддзах Давиды цинӕн дӕр кӕрон нал уыд+.

10 Уый фӕстӕ Давид ӕппӕт адӕмы раз+ Йегъовӕйӕн раарфӕ кодта+. Давид загъта: «О Йегъовӕ, нӕ фыд Израилы Хуыцау+, табу дын уӕд+ ӕнусӕй-ӕнусмӕ. 11 О Йегъовӕ, ды дӕ стыр+ Хуыцау, хъомысджын+, диссаджы+ Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй+, ды дӕ кадджын+ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый+. Дӕу у, Йегъовӕ, паддзахад+, ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис+. 12 Ды дӕттыс хъӕздыгдзинад+ ӕмӕ кад+, ӕмӕ алцыдӕр ис дӕ дӕлбар+. Дӕ къухы ис тых+ ӕмӕ хъомыс+, дӕ бон у адӕймаджы сбӕрзонд кӕнын+ ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хъару раттын+. 13 Ӕмӕ дын ныр, нӕ Хуыцау, арфӕ кӕнӕм+ ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд+ ном кадджын кӕнӕм+.

14 Фӕлӕ чи дӕн ӕз+ ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй нӕ бон уа ахӕм лӕвӕрттӕ кӕнын?+ Алцыдӕр дӕуӕй цӕуы+, ӕмӕ дӕ къухӕй цы райстам, уый дын дӕттӕм. 15 Мах дӕ разы стӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ ӕрлидзӕг адӕм+, нӕ фыдӕлтӕ се ’ппӕт дӕр куыд уыдысты, афтӕ. Зӕххыл нӕ царды бонтӕ аууонӕй уӕлдай не сты+, ӕмӕ сын ницы ис бакӕнӕн. 16 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, дӕуӕн дӕ сыгъдӕг номыл хӕдзар саразынӕн цы бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрцӕттӕ кодтам, уыдон иууылдӕр дӕ къухӕй сты, ӕмӕ иууылдӕр дӕу сты+. 17 О мӕ Хуыцау, ӕз ӕй зонын, ды зӕрдӕмӕ кӕй кӕсыс+ ӕмӕ, адӕймаг рӕстзӕрдӕ уа, уый дын кӕй у ӕхсызгон+. Ӕмӕ дын ӕз ацы лӕвӕрттӕ иууылдӕр мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ радтон, ӕмӕ мын ӕхсызгон у, дӕ адӕм, ам цы адӕм ис, уыдон дӕр дын зӕрдиагӕй кӕй кӕнынц лӕвӕрттӕ. 18 О Йегъовӕ, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Израилы Хуыцау+, дӕ адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕн, цӕмӕй сын ӕнустӕм дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг уа, сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ ахӕм уой+, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ дӕхимӕ раздах+. 19 Ӕмӕ мӕ фырт Соломонӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй дын дӕ фӕдзӕхстытӕ+, дӕ амындтӕ+ ӕмӕ дӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕна+. Баххуыс ын кӕн, цӕмӕй уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕз алцыдӕр кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодтон+, уыцы галуан сараза»+.

20 Уый фӕстӕ Давид ӕппӕт адӕмӕн загъта+: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кӕнут»+. Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕмӕ паддзахы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+ ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+. 21 Иннӕ бон та Йегъовӕйӕн ӕрхастой нывӕндтӕ+, стӕй Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ+ дӕр: иу мин уӕныджы, иу мин фыры, иу мин уӕрыччы ӕмӕ семӕ кувинаг нозт+ дӕр. Тынг бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕгас Израилы тыххӕй+. 22 Уыцы бон Йегъовӕйы раз хордтой ӕмӕ нызтой ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал уыд+. Ӕмӕ Давиды фырт Соломоны дыккаг хатт паддзахӕй сӕвӕрдтой+ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз сойӕ байсӕрстой, цӕмӕй уыдаид разамонӕг+, Садокы+ та байсӕрстой, цӕмӕй уыдаид сауджын. 23 Гъемӕ Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты ӕрбадт Йегъовӕйы паддзахбадӕныл+ ӕмӕ уыд тынг ӕнтыстджын+. Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йӕ коммӕ кастысты. 24 Кънйӕзтӕ+ се ’ппӕт дӕр, тыхджын лӕгтӕ+, стӕй паддзах Давиды фырттӕ иууылдӕр+ сӕхи паддзах Соломоны дӕлбар бакодтой. 25 Йегъовӕ Соломоны ӕнӕхъӕн Израилы раз тынг скадджын кодта+, йӕ паддзахы кад ын афтӕ бӕрзонд систа, ӕмӕ Израилы йӕ размӕ иу паддзахӕн дӕр ахӕм кад нӕ уыд+.

26 Йессейы фырт Давид паддзах уыд ӕнӕхъӕн Израилӕн+. 27 Давид Израилӕн паддзах уыди цыппор азы+. Авд азы хицауиуӕг кодта Хевроны+, ӕртын ӕртӕ азы та – Иерусалимы+. 28 Ӕмӕ амард зӕрондӕй+ ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, хайджын уыд бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй+ ӕмӕ стыр кадӕй+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Соломон+. 29 Паддзах Давиды хъуыддӕгты тыххӕй, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис, цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ Самуил, пехуымпар Нафан+ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Гад+ цы ныффыстой, уым. 30 Фыст ма дзы ис, куыд паддзахиуӕг кодта, уый тыххӕй дӕр, йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы+ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, стӕй Израилы ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдты дӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй+.

[Фиппаинӕгтӕ]

Рд 10:4 у «Доданим».

Нысан кӕны «дихтӕ; гуылфӕн».

Комк. «зӕхх уыди дихтӕ».

Ома Евфраты.

ЙсН 7:1, 18 у «Ахан».

18, 19, 42 ст. у «Халев».

Кӕнӕ «бындурӕвӕрӕджы».

Кӕнӕ «Кириаф-Иаримы цӕрӕг адӕмы фыд».

Комк. «фыды».

Кӕнӕ «бындурӕвӕрӕг».

Ацы ном цы дзут. дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «рыстытӕ; тухитӕ».

Нысан кӕны «ӕрмгуыстгӕнджыты дӕлвӕз».

Комк. «фыд».

Комк. «адӕймаджы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «горӕттӕ». Кӕс 67 ст. дӕр.

Дзут. тексты ацы ран ном нӕй.

Нысан кӕны «фыдбылыз».

Ома «кувӕндоны чи лӕггад кодта, уыцы цагъартӕ». Комк. «лӕвӕрд чи у, уыдон». Кӕс Нм 3:9, фип.

Комк. «цатыры хӕдзар».

Комк. «де стӕг ӕмӕ дӕ буар».

Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.

2,23 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Кӕнӕ «дыууӕ зӕрдӕимӕ кӕй не сты».

Комк. «горӕттӕм хизӕнтимӕ».

Нысан кӕны «Озӕйы баййӕфта фыдӕх».

Комк. «байсӕрстой».

Нысан кӕны «Алцы чи атоны, уыцы хицау».

«Бака» – дзут. дзырд. Бӕлвырдӕй цы у, уый бӕрӕг нӕу.

Дзут. «аламотыл». «Аламот» у музыкалон термин, бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу. Ӕвӕц., амоны ӕрыгон сылгоймӕгты кӕнӕ лӕппуты бӕрзонд ӕмӕ цъӕхснаг хъӕлӕсмӕ.

Дзут. «шеминитыл». «Шеминит», ӕвӕц., амоны, инструмент афтӕ арӕзт кӕй уыд, цӕмӕй ныллӕг зӕлтӕ цагътаид.

Комк. «мысайнаг».

Комк. «йӕ цӕсгом».

Кӕнӕ «Йӕ разы стыр рыстытӕ ӕвзарут».

Кӕс Пс 25:8, фип.

Комк. «бӕрзонд бынат».

Комк. «ныссадздзынӕн».

2См 8:10 у «Иорам».

Иу талант у 34,2 кг бӕрц.

Ома Евфратмӕ.

Кӕс 2См 12:30, фип.

34,2 кг бӕрц.

Кӕнӕ «Ныхмӕлӕууӕг».

Комк. «Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта».

2См 24:16 у «Аравнӕ».

Цы дзырдӕй равзӕрд, уымӕн йӕ уидаг у «фарн».

38 535 000 000 доллӕры бӕрц.

7 707 000 000 доллӕры бӕрц.

1Аз 23:11 у «Зизӕ».

1Аз 24:20 у «Шуваил».

20 ст. ӕмӕ 1Аз 24:20 у «Шуваил».

Кӕнӕ «уӕд дӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ ссарай».

Кӕнӕ «кувӕндон».

Персайнаг сызгъӕрин ӕхца.

Комк. «ӕнӕхъӕн зӕрдӕйӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын