Самуилы дыккаг чиныг
кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАДДЗАХӔДТЫ ДЫККАГ ЧИНЫГ
1 Саул куы амард ӕмӕ Давид амаликӕгты+ куы ныццагъта, уӕд Давид Секелагмӕ+ ӕрбаздӕхт ӕмӕ дзы дыууӕ боны фӕци. 2 Ӕртыккаг бон, Саулы ӕфсад кӕм уыдысты, уырдыгӕй ӕрбацыд иу адӕймаг+, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ йӕ сӕрыл сыджыт байзӕрста+, афтӕмӕй. Давидмӕ куы бацыд, уӕд зӕххыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта.
3 Давид ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Ӕмӕ йын уый дзуапп радта: «Израилы ӕфсадӕй ралыгътӕн». 4 Давид ын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, радзур-ма мын, цы дзы ӕрцыд». Уый йын загъта: «Адӕм тохы быдырӕй лидзӕг фесты ӕмӕ дзы бирӕтӕ фӕмард+. Саул+ ӕмӕ йӕ фырт Ионафан+ дӕр фӕмард сты». 5 Уӕд Давид лӕппуйы бафарста: «Кӕцӕй йӕ зоныс, Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионафан кӕй амардысты, уый?»+ 6 Лӕппу загъта: «Афтӕ рауад, ӕмӕ ӕз дӕр Гелвуйы+ хохыл фӕдӕн. Ӕмӕ уым уыди Саул дӕр, йӕ арцыл+ ӕрӕнцой кодта, афтӕмӕй. Ӕмӕ йӕм бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ ӕрбаввахс сты+. 7 Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕ куы федта, уӕд мӕм фӕдзырдта, ӕмӕ йын ӕз загътон: „Мӕнӕ дӕн!“ 8 Стӕй мӕ бафарста: „Чи дӕ?“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Амаликаг“+. 9 Уӕд мын загъта: „Дӕ хорзӕхӕй, рацу ӕмӕ мӕ амар. Фыррыстӕй мӕ бон фезмӕлын нал у, фӕлӕ мӕ уд+ нырма мӕ мидӕг ис“. 10 Ӕз ӕй зыдтон, ахӕм уӕззау цӕфы фӕстӕ кӕй нал фервӕздзӕн, ӕмӕ йӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ амардтон+. Стӕй йын йӕ сӕрӕй йӕ паддзахы худ+ раластон, йӕ къухӕй та – йӕ цонгдарӕн, цӕмӕй сӕ мӕ буц хицаумӕ ӕрбахастаин».
11 Уӕд Давид йӕ уӕлӕдарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ ӕрыскъуыдта+, ӕмӕ афтӕ бакодтой, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр. 12 Ӕмӕ кӕуын ӕмӕ ӕрдиаг кӕнын райдыдтой+ ӕмӕ изӕрмӕ ком дардтой+, Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионафан ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм, Израилы адӕм+, карды комӕй кӕй фӕцагъды сты, уый тыххӕй.
13 Давид бафарста, хабар ын чи ӕрбахаста, уыцы лӕппуйы: «Кӕцон дӕ?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг, амаликаджы фырт»+. 14 Давид ын загъта: «Куыд бауӕндыдтӕ+ Йегъовӕйы сӕрст+ лӕггадгӕнӕгмӕ дӕ къух сисын ӕмӕ йӕ амарын?“ 15 Ӕмӕ лӕппутӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Бацу ӕмӕ йӕ амар». Уый дӕр ӕй барӕхуыста, ӕмӕ амард+. 16 Ӕмӕ йын Давид загъта: «Дӕ туг дӕхиуыл ис+, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг ныллӕууыдтӕ ӕвдисӕн дӕхи ныхмӕ+, дӕхӕдӕг загътай, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы амардтон, зӕгъгӕ»+.
17 Ӕмӕ Давид Саулыл ӕмӕ йӕ фырт Ионафаныл+ скодта хъарӕг+, 18 «Ӕрдын»+, зӕгъгӕ, ӕмӕ загъта, цӕмӕй уыцы хъарӕг Иудӕйы+ фырттӕн бацамоной. Мӕнӕ куыд фыст у Йашары чиныджы+:
19 «О Израил, дӕ бӕрзӕндтыл дын дӕ фидыц бабын кодтой+.
Тыхджынтӕ фӕмард сты!
20 Ма радзурут уый тыххӕй Гефы+,
Ма фехъусын кӕнут уый тыххӕй Аскалоны+ уынгты,
Цӕмӕй филистимӕгты чызджытӕ ма цин кӕной
Ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдоны чызджытӕ фырцинӕй ма зарой+.
21 Гелвуйы хӕхтӕ+, ӕртӕх уыл мауал уӕд, къӕвда уыл мауал ӕруарӕд, ӕмӕ уӕ быдыртӕ кувинагӕн тыллӕг мауал раттӕнт+,
Уымӕн ӕмӕ уым фӕхынджылӕг кодтой тыхджынты уартӕй, Саулы уартӕй,
Ӕмӕ нал ис сойӕ сӕрст уарт+.
22 Ионафаны ӕрдын фӕстӕмӕ афтидӕй никуы ӕрбаздӕхт+,
Саулы хъама ӕнӕ уӕлахизӕй фӕстӕмӕ никуы ӕрыздӕхт+,
Калдтой знӕгты туг, бахызтысты-иу тыхджынты фиуы.
23 Саул ӕмӕ Ионафан+, сӕ цӕргӕйӕ – адӕмӕн уарзон ӕмӕ адджын.
Сӕ мӕлӕт дӕр иумӕ ӕрцыд+.
Уыдысты цӕргӕстӕй цӕрдӕгдӕр+,
Домбӕйттӕй – тыхджындӕр+.
24 Израилы чызджытӕ, кӕут Саулыл.
Уый-иу уыл скодта сырх-сырхид нывӕфтыд дарӕс,
Уӕ уӕлӕдарӕс-иу уын сызгъӕринӕй срӕсугъд кодта+.
26 Хъыг дыл кӕнын, ме ’фсымӕр Ионафан,
Тынг адджын мын уыдтӕ+.
Дӕ уарзт мын уыди сылгоймаджы уарзтӕй бирӕ зынаргъдӕр+.
27 Фӕмард сты тыхджынтӕ!+
Фесӕфтысты хӕцӕнгӕрзтӕ!»
2 Уый фӕстӕ Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Иудӕйы горӕттӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Йегъовӕ йын загъта: «Ацу». Давид ӕй бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ»+. 2 Ӕмӕ Давид ацыд уырдӕм, йемӕ акодта йӕ дыууӕ усы дӕр: изреелаг Ахиноамӕйы+ ӕмӕ, кармилаг Навалы ус чи уыд, уыцы Авигейӕйы+. 3 Давид акодта, йемӕ цы адӕм+ уыд, уыдоны дӕр ӕд бинонтӕ, ӕмӕ Хевронмӕ хӕстӕг горӕтты ӕрцардысты. 4 Уӕд Иудӕйы+ адӕм ӕрцыдысты ӕмӕ Давиды сойӕ байсӕрстой+, цӕмӕй Иудӕйы мыггагӕн+ паддзах суыдаид.
Стӕй Давидӕн загътой: «Саулы Иавис-Галаады цӕрджытӕ бавӕрдтой». 5 Ӕмӕ Давид Иавис-Галаады+ цӕрджытӕм арвыста ахӕм ныхас: «Йегъовӕ уын раарфӕ кӕнӕд+, уӕ хицау Саулы уе ’нувыд уарзтӕй+ ӕнӕхай кӕй нӕ фӕкодтат, кӕй йӕ бавӕрдтат, уый тыххӕй+. 6 Йегъовӕ уӕ йе ’нувыд уарзт+ ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй ӕнӕхай цы нӕ фӕкӕна, ахӕм арфӕ уӕ уӕд, ӕмӕ уын ӕз дӕр хорздзинад ракӕндзынӕн, уыцы хъуыддаг кӕй бакодтат, уый тыххӕй+. 7 Фидар ӕмӕ хъӕбатыр ут+, уымӕн ӕмӕ уӕ хицау Саул амард, мӕн та Иудӕйы мыггаг сойӕ байсӕрста, цӕмӕй сын ӕз уон паддзах+».
8 Фӕлӕ Ниры фырт Авенир+, Саулы ӕфсады хистӕр, акодта Саулы фырт Йевосфейы+, ӕркодта йӕ Маханаиммӕ+ 9 ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта Галаадӕн+, ашурӕгтӕн, Изреелӕн+, Ефремӕн+ ӕмӕ Вениаминӕн+ – ӕгас Израилӕн дӕр. 10 Саулы фырт Йевосфей Израилы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди цыппор азы, ӕмӕ дыууӕ азы уыди паддзах. Давиды фӕдыл та ацыд ӕрмӕстдӕр Иудӕйы мыггаг+. 11 Давид Иудӕйы мыггагӕн Хевроны паддзах уыд авд азы ӕмӕ ’рдӕг+.
12 Иуцасдӕры фӕстӕ Ниры фырт Авенир ӕмӕ Саулы фырт Йевосфейы лӕггадгӕнджытӕ Маханаимӕй+ Гаваонмӕ+ рацыдысты. 13 Саруйӕйы+ фырт Иоав+ ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ дӕр рацыдысты ӕмӕ сыл Гаваоны цады раз сӕмбӕлдысты. Иутӕ сӕ ӕрбынат кодтой цадӕн иуырдыгӕй, иннӕтӕ та – иннӕрдыгӕй. 14 Ӕмӕ уӕд Авенир Иоавӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ лӕппутӕ рацӕуӕнт ӕмӕ нӕ разы сӕ тыхтӕ бавзарӕнт». Ӕмӕ йын Иоав загъта: «Рацӕуӕнт». 15 Уыдон дӕр сыстадысты ӕмӕ рацыдысты: дыууадӕс адӕймаджы вениаминӕгтӕй, Саулы фырт Йевосфейы+ адӕмӕй, дыууадӕс та – Давиды лӕггадгӕнджытӕй. 16 Сӕ кӕрӕдзийы сӕрыхъуынтӕм фӕлӕбурдтой, хъаматӕй барӕхуыстой кӕрӕдзи ӕмӕ иумӕ ӕрхаудысты. Гаваоны+ уыцы бынат Хелкаф-Хаццурим* дӕр уымӕн схуыдтой.
17 Ӕмӕ уыцы бон карз тох бацайдагъ, ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Авениры+ ӕмӕ израилӕгты ныппырх кодтой. 18 Уым уыдысты Саруйӕйы+ ӕртӕ фырты дӕр: Иоав+, Авессӕ+ ӕмӕ Асаил+. Асаил уыди, саг*+ быдыры куыд цӕрдӕг вӕййы, афтӕ цӕрдӕг. 19 Ӕмӕ Асаил Авениры фӕстейӕ асырдта ӕмӕ йӕ уӕгъд нӕ уагъта, йӕ фӕд-фӕд цыд. 20 Авенир фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ йӕ бафарста: «Асаил, уый ды дӕ?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн». 21 Уӕд ын Авенир загъта: «Айс дӕхи иуырдӕм, йе рахизырдӕм, йе галиуырдӕм. Уӕртӕ лӕппутӕй искӕй ӕрцахс ӕмӕ дзы цы раласай+, уый дӕу уӕд». Фӕлӕ йӕ Асаил уӕддӕр уӕгъд нӕ уагъта. 22 Авенир та йын ногӕй загъта: «Айс дӕхи, ныууадз мӕ, науӕд дӕ амардзынӕн+. Ӕмӕ ма уӕд де ’фсымӕр Иоавы цӕстытӕм куыд бакӕсдзынӕн?» 23 Фӕлӕ уый уӕддӕр йӕ фӕдыл цыди. Ӕмӕ йын уӕд Авенир йӕ арцы ставд кӕрон йӕ гуыбыны+ фӕцавта, ӕмӕ арц Асаилы фӕсонтӕй ахызт. Асаил ӕрхауд ӕмӕ тӕккӕ уыцы ран фӕмард. Ӕмӕ-иу уыцы бынатмӕ чи бахӕццӕ, уый-иу ӕрлӕууыд+.
24 Иоав ӕмӕ Авессӕ Авениры фӕстейӕ асырдтой. Хурныгуылдмӕ бахӕццӕ сты Аммӕйы къуыбырмӕ, Гаваоны+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ куы фӕцӕйцӕуай, уӕд уым Гиахы раз чи ис, уыцы къуыбырмӕ. 25 Вениамины фырттӕ Авениры алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ иу къордӕй слӕууыдысты къуыбырыл. 26 Авенир Иоавмӕ ныхъхъӕр кодта: «Нӕ хъаматӕ тугӕй никуы бафсӕддзысты?+ Нӕ йӕ зоныс, афтӕмӕй стыр бӕллӕхтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн?+ Кӕд зӕгъдзынӕ дӕ адӕмӕн, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»+ 27 Уӕд Иоав загъта: «Сомы дын кӕнын удӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕй+, ацы ныхӕстӕ куы нӕ загътаис+, уӕд ардыгӕй райсоммӕ адӕм се ’фсымӕрты фӕстейӕ сырдтаиккой». 28 Гъемӕ Иоав сыкъайӕ ныууасыд+, ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕрлӕууыдысты. Израилы фӕстейӕ нал сырдтой ӕмӕ нал хӕцыдысты.
29 Авенир ӕмӕ йӕ адӕм ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Аравӕйыл+ фӕцыдысты. Ахызтысты Иорданы+ цӕугӕдоныл, стӕй дӕлвӕзыл ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕрцыдысты Маханаиммӕ+. 30 Иоав Авениры фӕдыл нал цыд, раздӕхт ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта. Асаилӕй дарддӕр ма Давиды лӕггадгӕнджытӕй ноджыдӕр фӕхъуыд нудӕс адӕймаджы. 31 Давиды лӕггадгӕнджытӕ та вениаминӕгтӕй ӕмӕ Авениры адӕмӕй ныццагътой ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы+. 32 Асаилы+ та ахастой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Вифлеемы+, йӕ фыд+ кӕм ныгӕд уыди, уым. Уый фӕстӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ боныцъӕхтӕм Хевронмӕ+ бахӕццӕ сты.
3 Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст бирӕ рӕстӕг ахаста+. Давид кодта фидарӕй-фидардӕр+, Саулы хӕдзар та – лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр+.
2 Уӕдмӕ Давидӕн Хевроны+ райгуырд фырттӕ+: йӕ хистӕр фырт – Амнон+, изреелаг Ахиноамӕйӕ+; 3 дыккаг фырт – Килеав+, кармилаг Навалы ус чи уыд, уыцы Авигейӕйӕ+; ӕртыккаг – Авессалом+, Гессуры паддзах Фалмайы+ чызг Маахӕйӕ; 4 цыппӕрӕм – Адони+, Аггифӕйӕ+; фӕндзӕм – Сафати+, Авиталӕйӕ; 5 ӕхсӕзӕм – Ифреам+, Еглӕйӕ, Давиды усӕй. Ацы фырттӕ Давидӕн райгуырдысты Хевроны.
6 Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст куы цыди, уыцы рӕстӕг Авенир+ та архайдта, цӕмӕй Саулы хӕдзары йӕ бартӕ ӕрфидар кодтаид. 7 Саулӕн уыди номылус, Рицпӕ+, зӕгъгӕ, Айӕйы+ чызг. Ӕмӕ Йевосфей+ Авенирӕн загъта: «Мӕ фыды номылусимӕ+ ӕмуат цӕмӕн ӕрцыдтӕ?» 8 Авенир Йевосфейы ныхӕстӕм рамӕсты+ ӕмӕ йын загъта: «Фӕлӕуу-ма, ӕз ам Иудӕйӕн куыдзы+ сӕр дӕн? Ӕз дӕ фыд Саулы хӕдзарӕн, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн ме ’нувыд уарзт не ’вгъау кӕнын, ӕмӕ дӕу дӕр Давиды къухтӕм нӕ радтон. Ды та мӕ цыдӕр сылгоймаджы тыххӕй аххосджын кӕныс. 9 Хуыцауы фыдӕх баййафӕд+ Авениры, Йегъовӕ Давидӕн+ цӕмӕй расомы кодта, уый куы нӕ саразон, 10 Саулы хӕдзарӕй паддзахад куы нӕ байсон ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн куы не сфидар кӕнон Израилы ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Вирсавийы онг»+. 11 Ӕмӕ Йевосфейӕн иу ныхас дӕр йӕ бон нал баци Авенирӕн зӕгъын, уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодта+.
12 Авенир уайтагъд Давидмӕ минӕвӕрттӕ арвыста, цӕмӕй йын загътаиккой: «Кӕй у ацы зӕхх? Мемӕ бадзырд скӕн, ӕмӕ дын ӕз баххуыс кӕндзынӕн, цӕмӕй Израил ӕгасӕй дӕр дӕ фарс слӕууа»+. 13 Давид загъта: «Хорз, скӕндзынӕн демӕ бадзырд. Ӕрмӕст дын иу хъуыддаг зӕгъын: Саулы чызг Мелхолӕйы+ демӕ куы не ’ркӕнай, уӕд мӕ нӕ фендзынӕ+». 14 Уый фӕстӕ Давид минӕвӕрттӕ арвыста Саулы фырт Йевосфеймӕ+, зӕгъгӕ мын ратт мӕ ус Мелхолӕйы, сӕдӕ филистимаджы ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕроныл+ кӕй тыххӕй бафидыдтон, уый». 15 Гъемӕ Йевосфей Мелхолӕмӕ арвыста ӕмӕ йӕ ракодта йӕ лӕгӕй, Лаисы фырт Фалтиилӕй+. 16 Йӕ лӕг та суанг Бахуриммӕ+ йӕ фӕдыл цыди ӕмӕ куыдта. Уӕд ын Авенир загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ!» Ӕмӕ уӕд аздӕхт.
17 Уӕдмӕ та Авенир ныхас кодта Израилы хистӕр лӕгтимӕ ӕмӕ сын загъта: «Знон дӕр ӕмӕ уӕ уымӕй размӕ дӕр+ фӕндыд Давиды уӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрын. 18 Уӕдӕ ныр хъуыддагмӕ бавналут, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Давидӕн загъта: „Ӕз мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕй ӕмӕ се ’ппӕт знӕгтӕй дӕр фервӕзын кӕндзынӕн мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды+ фӕрцы“». 19 Уый фӕстӕ Авенир аныхас кодта Вениамины+ фырттимӕ дӕр, ӕмӕ стӕй ацыд Давидмӕ Хевронмӕ, цӕмӕй йын радзырдтаид, Израил ӕмӕ Вениамины ӕгас мыггаг цӕуыл сразы сты, уыдӕттӕ иууылдӕр.
20 Авенир дыууын лӕгимӕ Давидмӕ Хевронмӕ куы ’рцыд, уӕд Давид Авенирӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн куывд скодта+. 21 Ӕмӕ Авенир Давидӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр мӕ буц хицаумӕ, паддзахмӕ, ӕрӕмбырд кӕнон, цӕмӕй демӕ бадзырд скӕной, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы+, афтӕ се ’ппӕтӕн дӕр паддзах суай». Гъемӕ Давид Авениры ауагъта, ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыд+.
22 Уыцы рӕстӕг Давиды лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Иоав балцӕй ӕрбацӕйздӕхтысты, семӕ бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрбахастой+. Авенир та Давидимӕ Хевроны нал уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Давид ауагъта, ӕмӕ Авенир йӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыд. 23 Иоав+ ӕмӕ йе ’фсад куы ’рбацыдысты, уӕд Иоавӕн радзырдтой: «Ниры+ фырт Авенир+ паддзахмӕ уыди, ӕмӕ йӕ паддзах сӕрӕгасӕй ауагъта». 24 Иоав паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакуыстай?+ Авенир дӕм куы уыди, уӕд ӕй цӕмӕн ауагътай? 25 Хорз куы зоныс Ниры фырт Авениры. Уый тыххӕй дӕм ӕрбацыд, цӕмӕй дыл хинӕй рацӕуа, цӕмӕй дын базона дӕ ацыд ӕмӕ де ’рбацыд+ ӕмӕ дӕ алы хъуыддаг дӕр»+.
26 Иоав Давидӕй рацыд ӕмӕ Авениры фӕдыл адӕмы арвыста, ӕмӕ йӕ Сирӕйы доны дзыхъхъӕй фӕстӕмӕ ракодтой+. Давид та уый тыххӕй ницы зыдта. 27 Авенир Хевронмӕ+ куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй Иоав акодта иуварс, кулдуары рӕбынмӕ, хибарӕй аныхас кӕнӕм, зӕгъгӕ+. Фӕлӕ йын уым йӕ гуыбыны+ хъама фӕцавта, йе ’фсымӕр Асаилы+ туг ын кӕй ныккалдта, уый тыххӕй, ӕмӕ Авенир амард. 28 Уыцы хабар Давид куы фехъуыста, уӕд загъта: «Йегъовӕйы раз ӕз ӕмӕ мӕ паддзахад Ниры фырт Авениры тугӕй сыгъдӕг стӕм ӕнустӕм+. 29 Йӕ туг уӕд Иоавыл+ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарыл, ӕмӕ Иоавы хӕдзар+ цух ма уӕд, йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+, хъотыр кӕуыл ис+, нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ, ӕлвисгӕ+ чи кӕны, карды комӕй чи фӕмард кӕнӕ къӕбӕрцух чи у, ахӕмӕй!»+ 30 Иоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авессӕ+ та Авениры+ амардтой, се ’фсымӕр Асаилы сын Гаваоны раз тохы кӕй амардта, уый тыххӕй+.
31 Уый фӕстӕ Давид Иоавӕн ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Уӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуынут+ ӕмӕ уӕ астӕутыл хъисынтӕ ӕрбакӕнут+ ӕмӕ кӕут Авенирыл». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр цыд марды сынты фӕдыл. 32 Авениры бавӕрдтой Хевроны. Ӕмӕ Авениры ингӕны раз паддзах хъӕрӕй ныккуыдта, ӕмӕ адӕм дӕр иууылдӕр ныккуыдтой+. 33 Паддзах Авенирыл хъарӕг кодта:
«Авенир ӕнӕзӕндты+ мардӕй хъуамӕ амардаид?
34 Дӕ къухтӕ баст куы нӕ уыдысты+,
Дӕ къӕхтыл ӕрхуы хъадамантӕ куы нӕ уыд+.
Фыдгӕнджыты+ къухӕй куыд фесӕфынц, афтӕ фесӕфтӕ».
Ӕмӕ та йыл адӕм иууылдӕр ныккуыдтой+.
35 Уыцы бон фӕстӕдӕр адӕм Давидмӕ бацыдысты ӕмӕ йын дзул бахастой+, йӕ зӕрдӕ гыццыл фӕфидар уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Давид расомы кодта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, хурныгуылдӕй раздӕр+ мӕ дзыхмӕ дзул кӕнӕ ӕндӕр исты куы схӕссон!» 36 Адӕм иууылдӕр уый куы федтой, уӕд сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, паддзах куыд бакодта, уый. Ӕниу, паддзах цыфӕнды ма арӕзтаид,– йӕ алы хъуыддаг дӕр цыди адӕмы зӕрдӕмӕ+. 37 Уыцы бон адӕм иууылдӕр ӕмӕ ӕгас Израил дӕр бамбӕрстой, Ниры фырт Авениры паддзах кӕй нӕ амарын кодта+. 38 Паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Зонут ӕй: абон Израилы фӕмард кънйаз ӕмӕ номдзыд адӕймаг+. 39 Ӕз нырма фидар нӕ дӕн, кӕд мӕ паддзахӕй сӕвӕрдтой*+, уӕддӕр. Ацы адӕм та, Саруйӕйы+ фырттӕ, тынг ӕгъатыр сты+. Уадз ӕмӕ Йегъовӕ бафидӕд ӕвзӕргӕнӕгӕн йе ’взӕрдзинадмӕ гӕсгӕ»+.
4 Саулы фырт+ уый куы фехъуыста, ӕмӕ Авенир Хевроны+ амард, уӕд йӕ ныфс асаст+, ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр старстысты. 2 Саулы фыртӕн уыд дыууӕ адӕймаджы, Ваанӕ ӕмӕ Рехав, зӕгъгӕ, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты, иннӕ адӕмтӕм-иу чи ныббырста+, уыцы къордты сӕргълӕуджытӕ. Ваанӕ ӕмӕ Рехав уыдысты беерофаг Риммоны фырттӕ, Вениамины байзӕддӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ Беероф+ дӕр уӕды заман Вениамины мыггаджы зӕххыл нымад уыд. 3 Беерофы цӕрджытӕ та Гиффаиммӕ+ алыгъдысты ӕмӕ абоны онг дӕр уым сты ӕрцӕуӕггӕгтӕ.
4 Саулы фырт Ионафанӕн+ уыди лӕппу, йӕ дыууӕ къахӕй дӕр цыди къуылых+. Изреелӕй+ Саул ӕмӕ Ионафаны мӕлӕты хабар куы ӕрбайхъуыст, уӕд ыл цыди фондз азы, ӕмӕ йӕ йӕ хъомылгӕнӕг фелвӕста ӕмӕ алыгъд. Фӕлӕ афтӕ тыхстӕй фӕцӕйлыгъд, ӕмӕ йын сывӕллон ӕрхауд ӕмӕ фӕкъуылых. Йӕ ном хуынди Мемфивосфей+.
5 Рехав ӕмӕ Ваанӕ, беерофаг Риммоны фырттӕ, ацыдысты ӕмӕ сихорӕй, боны тӕккӕ тӕвды, бацыдысты Йевосфейы+ хӕдзармӕ, Йевосфей улӕфгӕ куы кодта, уӕд. 6 Хӕдзармӕ мӕнӕу рахӕссыны ӕфсон бацыдысты ӕмӕ Йевосфейы гуыбыны хъама фӕцавтой+. Стӕй Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Ваанӕ+ ацыдысты, ничи сӕ федта, афтӕ. 7 Хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд Йевосфей мидӕггаг уаты хуыссӕны хуыссыд. Ӕмӕ йӕ куы амардтой+, уӕд ын йӕ сӕр ралыг кодтой+ ӕмӕ йӕ семӕ рахастой. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты, Аравӕмӕ чи цӕуы, уыцы фӕндагыл. 8 Гъемӕ Йевосфейы+ сӕр Давидмӕ Хевронмӕ ӕрбахастой ӕмӕ паддзахӕн загътой: «Мӕнӕ, де знаг+ чи уыд ӕмӕ дӕ марынмӕ+ чи хъавыд, уыцы Саулы фырт Йевосфейы сӕр. Абон Йегъовӕ Саулӕй ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй мӕ буц паддзахы маст райста»+.
9 Фӕлӕ Давид Рехавӕн ӕмӕ йе ’фсымӕр Ваанӕйӕн, беерофаг Риммоны фырттӕн, загъта: «Ме ’ппӕт мӕстытӕй+ дӕр мӕ+ чи фервӕзын кодта+, уыцы удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын+: 10 афтӕ мын чи загъта+, Саул амард, зӕгъгӕ, уый ӕнхъӕлдта, ӕмӕ мын хорз хабар ӕрбахаста, фӕлӕ йӕ ӕз ӕрцахстон ӕмӕ йӕ амардтон+ Секелагы, кӕд ӕмӕ мӕм уый та хӕрзӕггурӕггагмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. 11 Ӕмӕ уӕд сымахӕй, рӕстгӕнӕджы йӕ хӕдзары йӕ хуыссӕны чи амардта, уыцы фыдгӕнджытӕй+, куыннӕ хъуамӕ ’рцагурон йӕ туг+ ӕмӕ уӕ зӕххӕй куыннӕ хъуамӕ фесафон?»+ 12 Ӕмӕ Давид лӕппутӕн загъта, ӕмӕ сӕ уыдон амардтой+, сӕ къухтӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ ралыг кодтой, ӕмӕ сӕ Хевроны цады раз ӕрцауыгътой+. Йевосфейы сӕр та ахастой ӕмӕ йӕ Хевроны+, Авенир кӕм ныгӕд уыд, уым баныгӕдтой.
5 Цасдӕры фӕстӕ Израилы мыггӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Давидмӕ+ Хевронмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ загътой: «Мах дӕ туг, де стӕг* стӕм+. 2 Знон дӕр ӕмӕ уый размӕ дӕр+, Саул ма нын куы уыди паддзах, уӕд, Израилы разӕй хӕстмӕ ды цыдтӕ+. Дӕуӕн Йегъовӕ загъта: „Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ды уыдзынӕ сӕ фыййау+, ӕмӕ ды суыдзынӕ Израилы разамонӕг“»+. 3 Уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ+ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ Хевронмӕ ’рцыдысты, ӕмӕ паддзах Давид Хевроны Йегъовӕйы раз семӕ бадзырд+ скодта. Уый фӕстӕ Давиды сойӕ байсӕрстой+, ӕмӕ сси Израилы паддзах+.
4 Давид паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын азы. Ӕмӕ цыппор азы уыд паддзах+. 5 Авд азы ӕмӕ ’рдӕг хицауиуӕг кодта Хевроны, Иудӕйы мыггагыл+. Ӕртын ӕртӕ азы та – Иерусалимы+, ӕгас Израилыл ӕмӕ Иудӕйыл. 6 Паддзах ӕмӕ йӕ адӕм ацыдысты Иерусалиммӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг йевусейтимӕ+ схӕцынмӕ. Уыдон та Давидӕн загътой: «Ды ардӕм не ’рбацӕудзынӕ, куырмытӕ ӕмӕ дӕ къуылыхтӕ фӕсурдзысты+», уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтой, Давид ардӕм не ’рбацӕудзӕн, зӕгъгӕ. 7 Фӕлӕ Давид уӕддӕр байста фидаргонд горӕт Сион+, ома Давиды горӕт+. 8 Уыцы бон Давид загъта: «Йевусейтимӕ+ чи схӕца, уый донуадзӕн туннелыл+ ахизӕд ӕмӕ ныццӕгъдӕд суанг къуылыхты ӕмӕ куырмыты дӕр, Давид йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыдоны!» Афтӕ дӕр уымӕн дзурынц: «Куырм ӕмӕ къуылых ардӕм не ’рбацӕудзӕн». 9 Давид ӕрцард уыцы фидаргонд горӕты, ӕмӕ йӕ райдыдтой Давиды горӕт хонын. Ӕмӕ йӕ алырдыгӕй, Обауӕй*+ астӕумӕ, ногӕй аразын райдыдта. 10 Давид фидарӕй-фидардӕр кодта+, ӕмӕ ӕфсӕдты+ Хуыцау Йегъовӕ уыд йемӕ+.
11 Тиры паддзах Хирам+ Давидмӕ арвыста йӕ минӕвӕртты+ ӕмӕ сын семӕ арвыста кедрбӕлӕстӕ+, стӕй хъӕддӕсныты ӕмӕ дурамайджыты, ӕмӕ уыдон Давидӕн хӕдзар аразын райдыдтой+. 12 Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕ йын Израилы йӕ паддзахы бартӕ кӕй сфидар кодта+ ӕмӕ йын йӕ паддзахад йӕ адӕм Израилы тыххӕй+ кӕй сбӕрзонд кодта+.
13 Давид Хевронӕй куы ’рцыд, уый фӕстӕ ма Иерусалимӕй дӕр йӕхицӕн ӕркодта номылустытӕ+ ӕмӕ устытӕ+, ӕмӕ йын ноджыдӕр фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ райгуырд. 14 Мӕнӕ, Иерусалимы йын чи райгуырд, уыдоны нӕмттӕ: Шаммуй+, Шовав+, Нафан+, Соломон+, 15 Ивхар, Елисуа+, Нефег+, Иафи+, 16 Елишамӕ+, Елиадӕ ӕмӕ Елифелет+.
17 Филистимӕгтӕ уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Давиды Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой*+, уӕд се ’ппӕт дӕр Давиды агурӕг рацыдысты. Фӕлӕ Давид уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ацыд, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм бынатмӕ+. 18 Филистимӕгтӕ та ӕрцыдысты ӕмӕ рефаимты дӕлвӕзы+ рацу-бацу кодтой. 19 Уӕд Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Ацӕуон ӕмӕ схӕцон филистимӕгтимӕ? Мӕ къухмӕ мын сӕ ратдзынӕ?» Йегъовӕ Давидӕн загъта: «Ацу, ӕнӕмӕнг дын сӕ ратдзынӕн дӕ къухмӕ»+. 20 Уӕд Давид Ваал-Перациммӕ+ ӕрцыд ӕмӕ сӕ уым ныццагъта. Ӕмӕ Давид загъта: «Дӕттӕ куыд ратонынц, афтӕ Йегъовӕ дӕр мӕ разӕй абырста ӕмӕ мын ме знӕгты+ ныппырх кодта». Уыцы бынат Ваал-Перацим*+ дӕр уый тыххӕй схуыдта. 21 Филистимӕгтӕ сӕ мӕнгхуыцӕутты+ уым ныууагътой, ӕмӕ сӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм айстой+.
22 Уый фӕстӕ та филистимӕгтӕ ногӕй+ ӕрбацыдысты ӕмӕ рефаимты дӕлвӕзы+ рацу-бацу кодтой. 23 Давид та Йегъовӕйы бафарста+, фӕлӕ йын уый загъта: «Комкоммӕ сӕм ма бацу. Фӕстӕты сӕм бацу ӕмӕ сыл бакайы* къутӕрты+ раз дӕхи ныццӕв. 24 Ӕмӕ куыддӕр уынӕр фехъусай, цыма бакайы къутӕрты цъуппытыл исчи фӕцӕуы, афтӕ фӕстиат мауал фӕкӕн+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ дӕ разӕй ацӕудзӕн ӕмӕ филистимӕгты ӕфсад ныццӕгъддзӕн»+. 25 Давид алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта+, афтӕ, ӕмӕ филистимӕгты Гевӕйӕ+ суанг Газеры+ онг цӕгъдгӕ цыди+.
6 Давид та ногӕй ӕрӕмбырд кодта Израилы хуыздӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр+, ӕртын мин адӕймаджы. 2 Стӕй Давид ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр ацыдысты Ваале-Иудӕмӕ+, цӕмӕй уырдыгӕй рахастаиккой ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ – уыцы чырын хӕссы ӕфсӕдты хицау+ Йегъовӕйы ном+, херувимтыл чи бады+, уыцы Хуыцауы ном. 3 Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын сӕвӕрдтой ног уӕрдоныл+ ӕмӕ йӕ раластой, къуыппыл чи цард, уыцы Аминадавы хӕдзарӕй+. Уӕрдоны разӕй цыдысты Аминадавы фырттӕ Озӕ ӕмӕ Ахио+.
4 Гъемӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Аминадавы хӕдзарӕй, къуыппӕй, раластой. Ахио та цыди бадзырды чырыны разӕй. 5 Давид ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цин кодтой Йегъовӕйы раз, цагътой ӕхсӕлыбӕласӕй конд алыхуызон цӕгъдӕнтӕй, дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй+, хъисфӕндыртӕй+, далатӕй+, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕрхуы тӕбӕгътӕй+. 6 Нахоны найгӕнӕн мусмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Озӕ+ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыныл йӕ къухӕй фӕхӕцыд+, уымӕн ӕмӕ йӕ галтӕ фӕцӕйфӕлдӕхтой. 7 Уӕд Йегъовӕйы маст+ Озӕмӕ ссыгъд ӕмӕ йӕ ӕцӕг Хуыцау ӕрцавта+ йӕ къӕйных мийы тыххӕй, ӕмӕ Озӕ уыцы ран, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны раз, дзыхъмард фӕци+. 8 Давид смӕсты, Йегъовӕ Озӕйыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдта, уый тыххӕй, ӕмӕ уыцы бынат абоны онг дӕр хуыйны Фарес-Озӕ*+. 9 Уыцы бон Давид Йегъовӕйӕ фӕтарст+ ӕмӕ загъта: «Куыд ма мӕм бахӕсдзысты Йегъовӕйы бадзырды чырын?»+ 10 Гъемӕ йӕ нал бафӕндыд Йегъовӕйы бадзырды чырын йӕхимӕ, Давиды горӕтмӕ, бахӕссын+. Ӕмӕ йӕ гефаг+ Овед-Едомы+ хӕдзармӕ ахӕссын кодта.
11 Йегъовӕйы бадзырды чырын гефаг Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Йегъовӕ Овед-Едомӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+ арфӕ кодта+. 12 Паддзах Давидӕн фӕхабар кодтой, зӕгъгӕ, Йегъовӕ Овед-Едомы хӕдзарӕн ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕн арфӕ кӕны, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын уыдонмӕ кӕй ис, уый тыххӕй. Уӕд Давид ацыд ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй цингӕнгӕ рахаста Давиды горӕтмӕ+. 13 Ӕмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыдон+ ӕхсӕз къахдзӕфы куы акодтой, уӕд Давид нывондӕн ӕрхаста гал ӕмӕ хӕрзхаст род+.
14 Давид Йегъовӕйы раз кафыд, зӕххыл нал лӕууыд. Йӕ уӕлӕ та уыд кӕттаг ефод, йӕ астӕуыл ӕй ронӕй ӕрбабаста+. 15 Ӕмӕ Давид ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цины хъӕр кӕнгӕйӕ+ ӕмӕ сыкъайӕ уасгӕйӕ+ фӕцӕйхастой Йегъовӕйы бадзырды чырын+. 16 Йегъовӕйы бадзырды чырын Давиды горӕтмӕ куы бахастой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ+ рудзынгӕй каст. Ӕмӕ паддзах Давиды Йегъовӕйы раз кафгӕ ӕмӕ гӕппытӕгӕнгӕ куы федта, уӕд йӕ цӕсты фегад+. 17 Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой йӕ бынаты, Давид ын цы цатыр сӕвӕрдта, уый мидӕг+. Стӕй Давид Йегъовӕйӕн ӕрхаста судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+. 18 Давид судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ хаст куы фӕци, уӕд адӕмӕн ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы номӕй+ раарфӕ кодта+. 19 Ӕмӕ Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр, утӕппӕт адӕмӕй алкӕмӕн дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, радта+ фӕйнӕ дзулы, стӕй фӕйнӕ гуылы финикӕй ӕмӕ фӕйнӕ гуылы та чисмисӕй+. Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты.
20 Давид ӕрбаздӕхт, цӕмӕй йӕ хӕдзаронтӕн+ раарфӕ кодтаид. Ӕмӕ Мелхолӕ+, Саулы чызг, йӕ размӕ рацыд ӕмӕ загъта: «Куыд скадджын, ӕвӕдза, абон Израилы паддзах!+ Ӕдылыйау йӕхи ныббӕгънӕг кодта йӕ лӕггадгӕнджыты цагъар-сылгоймӕгты раз!»+ 21 Давид Мелхолӕйӕн загъта: «Ӕз цы арӕзтон, уый арӕзтон Йегъовӕйы раз, дӕ фыды бӕсты ӕмӕ йӕ хӕдзаронты се ’ппӕты бӕсты дӕр мӕн чи равзӕрста+ ӕмӕ мӕ Йегъовӕйы адӕмӕн, Израилӕн, разамонӕгӕй чи сӕвӕрдта, уый раз. Ӕмӕ ноджыдӕр цин кӕндзынӕн Йегъовӕйы раз+, 22 мӕхи ноджы ныллӕгдӕр ӕруадздзынӕн+ ӕмӕ мӕхи цӕсты ноджы ницӕйагдӕр суыдзынӕн. Кӕй кой кодтай, уыцы цагъар-сылгоймӕгты цӕсты та бӕгуыдӕр скадджын уыдзынӕн»+. 23 Ӕмӕ Мелхолӕ+, Саулы чызг, йӕ мӕлӕты онг уыд ӕнӕзӕнӕг.
7 Паддзах йӕхи хӕдзары куы райдыдта цӕрын+ ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕнцойдзинад куы радта+, йӕ алыварс цы знӕгтӕ уыди, уыдонӕй йӕ се ’ппӕтӕй дӕр куы фервӕзын кодта, 2 уӕд паддзах пехуымпар Нафанӕн+ загъта: «Ӕз кедрӕй+ арӕзт хӕдзары цӕрын, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын та цатыры ис»+. 3 Ӕмӕ уӕд Нафан паддзахӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый кӕн+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ демӕ ис».
4 Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ Нафанӕн загъта+: 5 «Ацу ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн зӕгъ: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ды мын хъуамӕ саразай хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрон?+ 6 Израилы фыртты Египетӕй куы ракодтон, уӕдӕй абоны онг ӕз хӕдзары нӕ цардтӕн+, фӕлӕ цатыры+ цыдтӕн иу ранӕй иннӕ ранмӕ+. 7 Израилы фырттимӕ цы рӕстӕг цыдтӕн+, уыцы рӕстӕг-иу мӕ адӕм Израилӕн фыййауӕй кӕцы мыггаг равзӕрстон, уыдонӕй искуы искӕмӕн загътон+, кедрӕй мын хӕдзар цӕуылнӕ сарӕзтат, зӕгъгӕ?“ 8 Уӕдӕ ныр мӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн зӕгъ: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕ ракодтон хизӕнтӕй, фысты фӕдыл кӕм цыдтӕ, уырдыгӕй+, цӕмӕй мӕ адӕм Израилӕн разамонӕг+ суыдаис. 9 Ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай,– ӕз уыдзынӕн демӕ+. Де знӕгты дын се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй фӕсурдзынӕн+ ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн ӕмӕ дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн+ – дӕ ном уыдзӕн зӕххыл ӕппӕты кадджындӕр адӕмы нӕмтты ’хсӕн. 10 Ӕз мӕ адӕм Израилӕн ратдзынӕн бынат+ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кӕндзынӕн*+. Уым цӕрдзысты, ӕмӕ сӕ ничиуал хъыгдардзӕн. Фыдадӕм сӕ раздӕрау нал ӕфхӕрдзысты+, 11 мӕ адӕм Израилӕн тӕрхонгӕнджытӕ+ куы сӕвӕрдтон, уӕдӕй абоны онг куыд уыд, афтӕ. Ӕмӕ дын ӕз ӕнцойдзинад ратдзынӕн, фервӕзын дӕ кӕндзынӕн де знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр+.
Йегъовӕ дын загъта, дӕ хӕдзарвӕндаг+ дын Йегъовӕ паддзӕхты хӕдзарвӕндаг кӕй скӕндзӕн. 12 Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой+ ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕм куы баиу уай+, уӕд ӕз дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕуӕй чи рацӕуа, уый, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн+. 13 Гъе уый сараздзӕн хӕдзар мӕ номы кадӕн+, ӕмӕ йын ӕз йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм+. 14 Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд+, уый та суыдзӕн мӕ фырт+. Ӕвзӕрдзинад куы араза, уӕд ӕй бафхӕрдзынӕн адӕймаджы лӕдзӕгӕй+ ӕмӕ Адамы фыртты цӕфтӕй. 15 Фӕлӕ йӕ ме ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзынӕн, дӕу тыххӕй мӕ къух кӕуыл систон, уыцы Саулы+ куыд фӕкодтон ӕнӕхай, афтӕ. 16 Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, дӕ паддзахбадӕн фидар лӕудзӕн ӕнустӕм“»+.
17 Ӕмӕ Нафан Давидӕн радзырдта, Хуыцау ын цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ цӕстылуайӕны цыдӕриддӕр федта, уый+.
18 Уӕд паддзах Давид ӕрбацыд, Йегъовӕйы раз ӕрбадт ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, чи дӕн ӕз+ ӕмӕ цы у мӕ хӕдзар, ӕмӕ мын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ саразай? 19 Ӕмӕ дӕм цыма уый дӕр гыццыл фӕкаст, уыйау ды, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, дзурыс, дӕ цагъары хӕдзарвӕндагмӕ бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ уый адӕмӕй ничи аивдзӕн*+, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+. 20 Цы ма зӕгъа Давид, дӕ цагъары дӕхӕдӕг хорз куы зоныс+, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ? 21 Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ+ сарӕзтай ӕппӕт ацы стыр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ дӕ цагъарӕн раргом кодтай+. 22 Уый тыххӕй ды кадджын+ дӕ, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дӕуӕн ӕмбал нӕй+. Бирӕ хуыцӕутты тыххӕй фехъуыстам, фӕлӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. 23 Кӕцы адӕм сты дӕ адӕм Израилы хуызӕн?+ О Хуыцау, ды ’рцыдтӕ, цӕмӕй сӕ дӕхицӕн балхӕдтаис+, цӕмӕй дӕхицӕн ном скодтаис+ ӕмӕ сӕ разы сарӕзтаис стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+ – цӕмӕй дӕ адӕмы тыххӕй, Египетӕй дӕхицӕн кӕй ракодтай+, уыдоны тыххӕй, фӕсырдтаис иннӕ адӕмты ӕмӕ сӕ хуыцӕутты. 24 Ды Израилы адӕмы+ ӕнустӕм скодтай дӕ адӕм, ӕмӕ ды сдӕ сӕ Хуыцау, о Йегъовӕ+.
25 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ Хуыцау, дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ӕнустӕм сфидар кӕн ӕмӕ куыд загътай, афтӕ бакӕн+. 26 Дӕ ном сбӕрзонд уӕд ӕнустӕм+, цӕмӕй адӕм дзурой: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ у Израилы Хуыцау+“, ӕмӕ дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг ӕрфидар уӕд дӕ разы+. 27 О ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, ды дӕ цагъарӕн раргом кодтай, дӕ хӕдзарвӕндаг дын скӕндзынӕн паддзӕхты хӕдзарвӕндаг, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ дӕ цагъар уый тыххӕй бахаста йӕ ныфс, цӕмӕй дӕм афтӕ кува+. 28 О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ды дӕ ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ дӕ ныхӕстӕ ӕрцӕуӕнт+, уымӕн ӕмӕ ды дӕ цагъарӕн зӕрдӕ бавӕрдтай ацы хорздзинадӕй+. 29 Уӕдӕ раарфӕ кӕн+ дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн, цӕмӕй дӕ разы уа ӕнустӕм+, уымӕн ӕмӕ ды дӕхӕдӕг бавӕрдтай уымӕй зӕрдӕ, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. Ӕмӕ дӕ цагъары хӕдзарвӕндаг ӕнустӕм хайджын уӕд дӕ арфӕйӕ»+.
8 Уый фӕстӕ Давид филистимӕгты+ ныппырх кодта ӕмӕ сӕ басаста+. Давид филистимӕгтӕй байста Мефег-Гааммӕ.
2 Моавӕгты+ дӕр ныппырх кодта, стӕй сӕ зӕххыл схуыссын кодта ӕмӕ сӕ бӕндӕнӕй абарста: дыууӕ бӕндӕны дзы абарста амарынӕн, иу бӕндӕн та – удӕгасӕй ныууадзынӕн+. Ӕмӕ моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты+ ӕмӕ йын хъалон фыстой+.
3 Давид ныппырх кодта Сувӕйы+ паддзах Реховы фырт Адраазары+ ӕмӕ йӕ адӕмы. Уыцы рӕстӕг Адраазар фӕцӕйцыд Евфраты+ цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй уыцы бӕстӕ фӕстӕмӕ йӕ дӕлбар бакодтаид. 4 Давид ын йӕ барджытӕй ӕрцахста иу мин авдсӕдӕ адӕймаджы, йӕ фистӕг ӕфсадӕй та – дыууын мины+. Бӕхуӕрдӕтты ифтыгъд бӕхтӕн+ та сӕ нуӕрттӕ ныллыг кодта+, ӕрмӕстдӕр ма дзы сӕдӕ бӕхы ныууагъта.
5 Сувӕйы паддзах Адраазармӕ сириӕгтӕ Дамаскӕй+ ӕххуысмӕ куы ’рцыдысты, уӕд Давид сириӕгтӕй ныццагъта дыууын дыууӕ мин адӕймаджы+. 6 Уый фӕстӕ Давид сириаг Дамаскы сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ+. Гъемӕ сириӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фыстой+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+. 7 Стӕй, Адраазары лӕггадгӕнджытӕм цы тымбыл сызгъӕрин уартытӕ+ уыди, уыдон Давид ӕрбахаста Иерусалиммӕ. 8 Адраазары горӕттӕ Бефӕ ӕмӕ Берофӕй та паддзах Давид рахаста тынг бирӕ ӕрхуы+.
9 Давид Адраазары ӕфсад+ иууылдӕр кӕй ныппырх кодта, уый Хаматы+ паддзах Фой куы фехъуыста, 10 уӕд йӕ фырт Иорамы арвыста паддзах Давидмӕ, цӕмӕй йӕ, куыд у, уымӕй бафарстаид+ ӕмӕ йын раарфӕ кодтаид, Адраазаримӕ кӕй хӕцыд ӕмӕ йыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Адраазар Фоимӕ ӕдзухдӕр хӕцгӕ кодта. Иорам йемӕ ӕрбахаста ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй ӕмӕ ӕрхуыйӕ конд дзауматӕ+. 11 Ӕмӕ уыдон дӕр паддзах Давид Йегъовӕйӕн снывонд кодта. Снывонд ма йын кодта, кӕй басаста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй цы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин рахаста, уый дӕр+, 12 ома Сирийӕ, Моавӕй+, Аммоны фырттӕй, филистимӕгтӕ+ ӕмӕ амаликӕгтӕй+ цы рахаста, уый, стӕй ма Сувӕйы+ паддзах Адраазарӕй, Реховы фыртӕй, цы байста, уый дӕр. 13 Давид Цӕххы дӕлвӕзы+ едомӕгтӕй ӕстдӕс мины+ куы ныццагъта ӕмӕ уӕлахиздзауӕй куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ ном скадджын. 14 Ӕмӕ Давид Едомы+ зӕххыл сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ. Сӕвӕрдта сӕ ӕгас Едомы зӕххыл, ӕмӕ едомӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йӕ дӕлбар баисты+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+.
15 Давид паддзах уыд ӕнӕхъӕн Израилӕн+ ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр+ рӕстӕй тӕрхон кодта+. 16 Саруйӕйы фырт Иоав+ уыд ӕфсады сӕргълӕууӕг, Ахилуды фырт Иосафат+ та уыд азфыссӕг. 17 Ахитувы фырт Садок+ ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех+ уыдысты сауджынтӕ, Серайӕ та – писыр. 18 Иодайы фырт Ванейӕ+ уыд хелефейты+ ӕмӕ фелефейты+ сӕргъы. Давиды фырттӕ та систы хицӕуттӕ*+.
9 Давид бафарста: «Саулы хӕдзарӕй ма исчи баззад? Ӕз ын Ионафаны+ тыххӕй ме ’нувыд уарзтӕй+ бахай кӕнин». 2 Саулы хӕдзары уыд иу лӕггадгӕнӕг, Сивӕ+, зӕгъгӕ. Гъемӕ йӕм Давидмӕ фӕдзырдтой, ӕмӕ йӕ паддзах бафарста: «Ды дӕ Сивӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О, ӕз, дӕ цагъар». 3 Паддзах ӕй бафарста: «Саулы хӕдзарӕй ничиуал баззад? Хуыцау цы ӕнувыд уарзтӕй хай кӕны, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй йын бахай кӕнин»+. Сивӕ паддзахӕн загъта: «Ионафаны фырт ма дзы ис, йӕ дыууӕ къахӕй дӕр у къуылых»+. 4 «Ӕмӕ кӕм ис?» – бафарста йӕ паддзах. «Амиилы фырт Махиры+ хӕдзары, Лодевары»+,– дзуапп ын радта Сивӕ.
5 Паддзах Давид ӕм уайтагъд арвыста ӕмӕ йӕ Амиилы фырт Махиры хӕдзарӕй, Лодеварӕй, ракодта. 6 Саулӕн йӕ фырт Ионафаны фырт Мемфивосфей Давидмӕ куы бацыд, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта+. Давид ӕм бадзырдта: «Мемфивосфей!» «Мӕнӕ ис дӕ цагъар»,– дзуапп радта уый. 7 Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионафаны+ тыххӕй дӕ ӕз ӕнувыд уарзтӕй+ уарздзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ+ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ ды алкӕддӕр мемӕ иу фынгыл баддзынӕ»+.
8 Уӕд ын уый йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта ӕмӕ загъта: «Чи у дӕ цагъар, ӕмӕ мӕн хуызӕн мард куыдзы+ ӕрхъуыды кӕнай?» 9 Паддзах фӕдзырдта Саулы лӕггадгӕнӕг Сивӕмӕ ӕмӕ йын загъта: «Саулӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн цыдӕриддӕр уыди, уый дӕттын+ дӕ хицауы фырты фыртӕн. 10 Ды та йын дӕ фырттимӕ ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытимӕ кусдзынӕ йӕ зӕххытӕ ӕмӕ йын сӕ тыллӕг ӕфснайдзынӕ, цӕмӕй дӕ хицауы фырты фырты бинонтӕн, цы хӕрой, уый уа. Дӕ хицауы фырты фырт Мемфивосфей йӕхӕдӕг та алкӕддӕр мемӕ иу фынгыл баддзӕн»+.
Сивӕйӕн уыд фынддӕс фырты ӕмӕ дыууын лӕггадгӕнӕджы+. 11 Ӕмӕ Сивӕ паддзахӕн загъта: «Мӕ буц хицау паддзах куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзӕн дӕ цагъар. Фӕлӕ, Мемфивосфей+ мӕнмӕ цы фынгыл фӕбады, уый дӕр паддзахы фыртты фынгӕй уӕлдай нӕу». 12 Мемфивосфейӕн уыд гыццыл лӕппу, Миха+, зӕгъгӕ. Сивӕйы хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты Мемфивосфейы лӕггадгӕнджытӕ. 13 Мемфивосфей та цард Иерусалимы, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр паддзахимӕ иу фынгӕй хордта+. Мемфивосфей йӕ дыууӕ къахӕй дӕр уыди къуылых+.
10 Уый фӕстӕ Аммоны+ фыртты паддзах амард, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Аннон+. 2 Уӕд Давид загъта: «Наасы фырт Анноны ме ’нувыд уарзтӕй барӕвдауон, йӕ фыд мӕ куыд барӕвдыдта йе ’нувыд уарзтӕй, афтӕ»+. Ӕмӕ Аннон йӕ фыды зианыл куы хъыг кодта, уӕд ӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста+, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууыдаиккой. Ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Аммоны фыртты зӕхмӕ ӕрцыдысты. 3 Фӕлӕ Аммоны фыртты кънйӕзтӕ сӕ хицау Аннонӕн загътой: «Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ дӕм Давид дӕ фыды ӕфсӕрмӕй ӕрбарвыста ныфсӕвӕрджыты? Мыййаг дӕм Давид йӕ лӕггадгӕнджыты уый тыххӕй не ’рбарвыста, цӕмӕй горӕт басгарой, кӕм дзы цы ис, уый базоной+ ӕмӕ йӕ стӕй ныппырх кӕной?»+ 4 Уӕд Аннон Давиды лӕггадгӕнджыты ӕрцахста, сӕ боцъотӕ сын иуырдыгӕй адаста+, сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕ сын суанг сӕ ӕгъдты онг ралыг кодта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕстӕмӕ арвыста+. 5 Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сын сӕ размӕ адӕмы арвыста, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг ныххудинаг кодтой. Паддзах сын загъта: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ нӕ разайой, уӕдмӕ уал Иерихоны+ ут. Стӕй уӕд ӕрыздӕхдзыстут».
6 Аммоны фырттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ Давид йе сӕфт федта+, уӕд минӕвӕрттӕ арвыстой ӕмӕ баххуырстой дыууын мин фистӕг хӕстоны сириӕгтӕй Беф-Реховӕй+ ӕмӕ Сувӕйӕ+, стӕй Маахӕйы+ паддзахы ӕмӕ йемӕ иу мин адӕймаджы, ӕмӕ дыууадӕс мин адӕймаджы та – Истовӕй. 7 Давид уый куы фехъуыста, уӕд Иоавы ӕнӕхъӕн ӕфсадимӕ ӕмӕ тыхджын лӕгтимӕ арвыста+. 8 Аммоны фырттӕ рацыдысты ӕмӕ горӕтмӕ бахизӕны гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Сувӕйаг ӕмӕ реховаг+ сириӕгтӕ та, стӕй, Истовӕй чи уыд, уыдон ӕмӕ Маахӕ слӕууыдысты хицӕнӕй быдыры+.
9 Иоав уый куы федта, ӕмӕ йӕм разӕй дӕр ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр бырсынц, уӕд Израилы хуыздӕр хӕстонтӕй цасдӕр равзӕрста+ ӕмӕ сӕ сириӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 10 Иннӕ адӕмы та йе ’фсымӕр Авессӕйы+ бар бакодта, цӕмӕй сӕ уый та Аммоны+ фыртты ныхмӕ ӕрлӕууын кодтаид. 11 Иоав загъта: «Кӕд мыл сириӕгтӕ тых кӕнын райдайой, уӕд мӕм ды ӕрбацӕудзынӕ ӕххуысмӕ. Кӕд дӕуыл Аммоны фырттӕ райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз ацӕудзынӕн ӕххуысмӕ+. 12 Фидар у, ӕмӕ лӕгдзинад+ равдисӕм – схӕцӕм нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы горӕтты тыххӕй+. Йегъовӕ та бакӕндзӕн, хуыздӕр ӕм куыд кӕсы, афтӕ»+.
13 Гъемӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм сириӕгтимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ сириӕгтӕ сӕ разӕй лидзӕг фесты+. 14 Аммоны фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сириӕгтӕ лидзынц, уӕд уыдон дӕр Авессӕйӕ лидзӕг фесты ӕмӕ горӕтмӕ балыгъдысты+. Аммоны фырттимӕ тохы фӕстӕ Иоав Иерусалиммӕ ӕрыздӕхт+.
15 Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз, уӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты. 16 Ӕмӕ Адраазар+ арвыста, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм, ӕмӕ уыдон дӕр Еламмӕ ӕрцыдысты, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак+ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.
17 Давидӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд уайтагъд ӕгас Израил ӕрӕмбырд кодта, Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт ӕмӕ Еламмӕ ӕрцыд. Сириӕгтӕ дӕр гӕрзифтонгӕй рацыдысты Давиды ныхмӕ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты+. 18 Фӕлӕ сириӕгтӕ Израилы разӕй лидзӕг фесты+. Давид сириӕгтӕй амардта авдсӕдӕ бӕхтӕрӕджы+ ӕмӕ цыппор мин барӕджы. Амардта сын се ’фсады хистӕр Совакы дӕр+. 19 Адраазары дӕлбар чи уыд, уыцы паддзӕхтӕ+ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд се ’ппӕт дӕр Израилимӕ фидыды бадзырд скодтой ӕмӕ сӕ дӕлбар баисты+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сириӕгтӕ Аммоны фырттӕн ӕххуыс кӕнын нал уӕндыдысты+.
11 Афӕдзы райдианы+, паддзӕхтӕ хӕстмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд+, Давид арвыста Иоавы йӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕмӕ израилӕгты се ’ппӕты дӕр, цӕмӕй Аммоны фыртты ныццагътаиккой+ ӕмӕ Раввӕйыл+ ӕртыхстаиккой. Давид йӕхӕдӕг та Иерусалимы баззад.
2 Иу изӕр Давид йӕ хуыссӕнӕй сыстад ӕмӕ паддзахы хӕдзары сӕр+ рацу-бацу кодта. Ӕмӕ хӕдзары сӕрӕй федта+ иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ. Сылгоймаг та уыди тынг рӕсугъд+. 3 Давид арвыста, уыцы сылгоймаг чи у, уый базонынмӕ+, ӕмӕ йын загътой: «Уый Вирсави+ у, Елиамы+ чызг, хеттаг+ Урийы+ ус». 4 Уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта+. Уый дӕр ӕм ӕрбацыд+, ӕмӕ Давид йемӕ ӕмуат ӕрцыд+. Сылгоймагӕн та уӕд уыди, йӕхи йӕ чъизийӕ куы сыгъдӕг кодта, уыцы рӕстӕг+. Уый фӕстӕ сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ ацыд.
5 Сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ Давидӕн фӕхабар кодта, мӕхи бар нӕ дӕн, зӕгъгӕ. 6 Уӕд Давид Иоавмӕ арвыста, хеттаг Урийы мӕм рарвит, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Иоав Урийы Давидмӕ арвыста. 7 Ури Давидмӕ куы ’рбацыд, уӕд ӕй Давид бафарста, Иоав куыд у, куыд сты адӕм ӕмӕ хӕст куыд цӕуы, уыдӕттӕй. 8 Стӕй Давид Урийӕн загъта: «Ацу уӕхимӕ ӕмӕ дӕ фӕллад суадз*»+. Ури паддзахы хӕдзарӕй рацыд, йӕ фӕдыл та йын ахастой паддзахы лӕвар. 9 Ури сӕхимӕ нӕ ацыд, фӕлӕ йӕ хицауы иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ паддзахы хӕдзары бахизӕны схуыссыд. 10 Ӕмӕ Давидӕн фӕхабар кодтой, Ури сӕхимӕ нӕ ацыд, зӕгъгӕ. Уӕд Давид Урийӕн загъта: «Фӕндагыл нӕ уыдтӕ? Цӕуылнӕ ацыдтӕ уӕхимӕ?» 11 Ури Давидӕн дзуапп радта: «Бадзырды чырын+, стӕй Израилы ӕмӕ Иудӕйы адӕм халагъудты цӕрынц, мӕ хицау Иоав ӕмӕ мӕ буц хицауы+ лӕггадгӕнджытӕ быдыры цатырты сты, ӕмӕ ӕз та хӕдзармӕ ацӕуон, хӕрон ӕмӕ нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ фынӕй кӕнон?+ Дӕ разы сомы кӕнын+, ӕз афтӕ нӕ бакӕндзынӕн!»
12 Уӕд Давид Урийӕн загъта: «Абон дӕр ма ам баззай, ӕмӕ дӕ райсом арвитдзынӕн». Ури дӕр ма иу бон баззад Иерусалимы. 13 Давид ӕм фӕдзырдта, цӕмӕй йемӕ бахордтаид ӕмӕ банызтаид, ӕмӕ йӕ фӕрасыг кодта+. Фӕлӕ та изӕры Ури ацыд ӕмӕ йӕ хицауы лӕггадгӕнджытимӕ схуыссыд, хӕдзармӕ нӕ ацыд. 14 Райсомӕй Давид Иоавмӕ фыстӕг+ ныффыста ӕмӕ йын ӕй Уриимӕ арвыста. 15 Фыстӕджы та ныффыста+: «Карздӕр тох+ кӕм цӕуа, уым-иу разӕй сӕвӕрут Урийы, сымах та-иу фӕстӕмӕ алӕуут ӕмӕ йӕ иунӕгӕй фӕуадзут, цӕмӕй йӕ амарой»+.
16 Ӕмӕ Иоав горӕтыл куы ӕртыхст, уӕд Урийы сӕвӕрдта, хъӕбатыр хӕстонтӕ+ кӕм лӕууыдысты, уым. 17 Горӕты адӕм куы рацыдысты ӕмӕ Иоавимӕ куы схӕцыдысты, уӕд адӕмӕй, Давиды лӕггадгӕнджытӕй, чидӕртӕ фӕмард сты. Фӕмард хеттаг Ури дӕр+. 18 Иоав Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын хӕсты хабӕрттӕ иууылдӕр бӕстон радзырдтаиккой. 19 Ӕмӕ кӕй ӕрвыста, уымӕн бафӕдзӕхста: «Паддзахӕн хӕсты хабӕрттӕ иууылдӕр бӕстон радзур, 20 ӕмӕ паддзах куы смӕсты уа ӕмӕ дын афтӕ куы зӕгъа: „Горӕтмӕ афтӕ хӕстӕг цӕмӕн бацыдыстут? Нӕ йӕ зыдтат, горӕты къулы сӕрӕй уыл кӕй ныккалдзысты? 21 Йеровбешефы*+ фырт Авимелехы+ чи амардта? Сылгоймаг ыл къулы сӕрӕй куыройыдур нӕ ӕрӕппӕрста+ ӕмӕ афтӕмӕй нӕ амард Тевецы?+ Цӕмӕн бацыдыстут къулмӕ афтӕ хӕстӕг?“ – уӕд-иу ын зӕгъ: „Дӕ лӕггадгӕнӕг хеттаг Ури дӕр фӕмард“»+.
22 Иоавы ӕрвыст лӕг ӕрцыд Давидмӕ ӕмӕ йын радзырдта, Иоав ын цы ныхӕстӕ загъта, уыдон иууылдӕр. 23 Ӕмӕ Давидӕн загъта: «Уыцы адӕм махӕй тыхджындӕр разындысты ӕмӕ нӕ ныхмӕ быдырмӕ рацыдысты. Фӕлӕ сыл мах суанг горӕты кулдуармӕ ахӕцыдыстӕм. 24 Ӕмӕ уӕд дӕ лӕггадгӕнджыты къулы сӕрӕй+ фаттӕ ӕхсын райдыдтой, ӕмӕ паддзахы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ фӕмард сты. Дӕ лӕггадгӕнӕг хеттаг Ури дӕр фӕмард»+. 25 Уӕд ын Давид загъта: «Иоавӕн-иу афтӕ зӕгъ: „Ууыл ма маст кӕн. Хъама, кӕй амара, уый не ’взары+. Фӕкарздӕр кӕн тох ӕмӕ ныппырх кӕн уыцы горӕт“+. Афтӕ-иу фӕфидар кӕн Иоавы».
26 Урийы ус уый куы фехъуыста, ӕмӕ йӕ лӕг амард, уӕд йӕ сӕрыхицауыл+ кӕуын+ райдыдта. 27 Мардыл хъыг кӕныны бонтӕ куы фесты+, уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодта. Ӕмӕ Давиды ус сси+. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ йын фырт ныййардта. Фӕлӕ, Давид цы сарӕзта, уый Йегъовӕйы цӕсты+ уыд стыр тӕригъӕд+.
12 Йегъовӕ Давидмӕ Нафаны+ барвыста. Нафан ӕм бацыд+ ӕмӕ йын загъта: «Иу горӕты цард дыууӕ лӕджы, сӕ иу уыди хъӕздыг, иннӕ та – мӕгуыр. 2 Хъӕздыг лӕгмӕ уыди тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ стурвос+. 3 Мӕгуыр лӕгмӕ та иу гыццыл сыл уӕрыкк йеддӕмӕ ницы уыди, ӕмӕ уый дӕр ӕлхӕнгӕ бакодта+. Лӕг зылди йӕ уӕрыкмӕ, ӕмӕ уӕрыкк хъомыл кодта йӕ разы, йӕ фырттимӕ иумӕ. Йӕ комдзагӕй йӕ хаста, йӕхи къусӕй йын дардта ӕмӕ-иу уӕрыкк хуысгӕ дӕр йӕ хъӕбысы кодта – чызджы хуызӕн ын уыди. 4 Иу бон хъӕздыг лӕгмӕ ӕрбацыд фӕндаггон. Фӕлӕ, уазӕгӕн йӕхи фыстӕй ӕмӕ йӕхи стурвосӕй аргӕвстаид, уый йӕ цӕст нӕ бауарзта. Гъемӕ уыцы мӕгуыр лӕджы уӕрыччы аргӕвста ӕмӕ йӕ уазӕгӕн ӕрцӕттӕ кодта»+.
5 Давидӕн уыцы лӕгмӕ йӕ маст рафыхт+ ӕмӕ Нафанӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, афтӕ чи бакодта, уыцы адӕймаг маринаг у+. 6 Ахӕм ӕгъатыр ми кӕй бакодта+, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыцы уӕрыччы тыххӕй цыппар+ ахӕмӕй бафида»+.
7 Уӕд Нафан Давидӕн загъта: «Ды дӕ уыцы адӕймаг! Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сойӕ байсӕрстон+, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай, ӕмӕ дӕ Саулы къухӕй фервӕзын кодтон+. 8 Ӕз дын радтон дӕ хицауы хӕдзар+ ӕмӕ дӕ хицауы устыты*+, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы адӕмы дӕр+. Ӕмӕ дын кӕд уый фаг нӕ уыд, уӕд дын ноджы фылдӕр радтаин+. 9 Цӕмӕн ахызтӕ Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ӕмӕ йӕ разы стыр тӕригъӕд+ цӕмӕн ракодтай? Хеттаг Урийы хъамайӕ амардтай+. Йӕ усы йын дӕхи бакодтай+, йӕхи та йын Аммоны фыртты къухӕй амардтай. 10 Кӕй мӕ ницӕмӕ ӕрдардтай, ӕмӕ хеттаг Урийы усы дӕхи кӕй бакодтай, уый тыххӕй-иу дӕ байзӕддӕгтӕ карды комӕй ссардзысты сӕ мӕлӕт+, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн ӕнустӕм“+. 11 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕхи хӕдзарӕй рацӕудзӕн дӕ ныхмӕ фыдбылыз+. Дӕ устыты дын дӕ тӕккӕ раз ракӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ӕндӕрӕн ратдзынӕн+, ӕмӕ уый ӕппӕт адӕмы раз семӕ ӕмуат ӕрцӕудзӕн+. 12 Ды уыцы ми бакодтай сусӕгӕй+, ӕз та йӕ сараздзынӕн ӕргомӕй+, ӕгас Израилы раз“»+.
13 Давид Нафанӕн загъта+: «Тӕригъӕд ракодтон Йегъовӕйы раз»+. Уӕд ын Нафан загъта: «Йегъовӕ дын хатыр кӕны дӕ тӕригъӕд*+. Нӕ амӕлдзынӕ+. 14 Фӕлӕ афтӕ кӕй сарӕзтай, уымӕй Йегъовӕйы ницӕмӕ ӕрдардтай+, ӕмӕ уый тыххӕй, цы фырт дын райгуырд, уый амӕлдзӕн»+.
15 Уый фӕстӕ Нафан йӕ хӕдзармӕ ацыд.
Йегъовӕ ӕрцавта+, Давидӕн Урийы ус кӕй ныййардта, уыцы сывӕллоны, ӕмӕ сывӕллон ӕрбарынчын. 16 Давид лӕппуйы тыххӕй ӕцӕг Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, ницыуал хордта+, бацыд йӕ уатмӕ, зӕххыл ныххауд ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв афтӕмӕй арвыста+. 17 Йӕ хӕдзары хистӕр лӕгтӕ йӕм бацыдысты, цӕмӕй йӕ зӕххӕй сыстын кодтаиккой, фӕлӕ уый нӕ бакуымдта ӕмӕ семӕ къӕбӕр+ дӕр нӕ бахордта. 18 Ӕвдӕм бон сывӕллон амард. Фӕлӕ Давидӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ, сывӕллон кӕй амард, уый зӕгъын нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ дзырдтой: «Сывӕллон ма ӕгас куы уыд, уӕд ӕм дзырдтам, ӕмӕ нӕм нӕ хъуыста. Ӕмӕ йын ныр куыд хъуамӕ зӕгъӕм, сывӕллон амард, зӕгъгӕ? Йӕхицӕн исты бакӕндзӕн».
19 Давид уый куы федта, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзиимӕ сусу-бусу кӕнынц, уӕд бамбӕрста, сывӕллон кӕй амард. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бафарста: «Сывӕллон амард?» «О, амард»,– дзуапп ын радтой уыдон. 20 Уӕд Давид зӕххӕй сыстад, йӕхи ныхсадта, стӕй йӕхи сойӕ байсӕрста+, йӕ дзаумӕттӕ аивта ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд+ ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывта+. Стӕй фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта, хӕринаг мын рахӕссут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уайтагъд йӕ разы хӕринаг ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ бахордта. 21 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ бамбарӕм? Сывӕллон цалынмӕ ӕгас уыди, уӕдмӕ ком дардтай ӕмӕ кӕугӕ кодтай, куы амард, уӕд та сыстадтӕ ӕмӕ фынгыл ӕрбадтӕ». 22 Давид сын загъта: «Сывӕллон ма ӕгас куы уыд, уӕд ком дардтон+ ӕмӕ куыдтон+, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, чи зоны мын Йегъовӕ батӕригъӕд кӕна, ӕмӕ сывӕллон цӕра+. 23 Ныр, куы амард, уӕд та ма цӕмӕн дарон ком? Фӕстӕмӕ ма йӕ раздахдзынӕн?+ Ӕз ӕм ацӕудзынӕн ингӕнмӕ+, фӕлӕ мӕм уый нӕ раздӕхдзӕн»+.
24 Давид йӕ ус Вирсавийы ӕрсабыр кодта+. Стӕй йӕм бацыд ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Вирсави ныййардта фырт+, ӕмӕ йӕ схуыдтой Соломон*+. Йегъовӕ йӕ уарзта+. 25 Ӕмӕ пехуымпар Нафаны+ арвыста, ӕмӕ сывӕллоны схуыдта Йедидиа*, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ уарзта.
26 Уӕдмӕ Иоав+ та хӕцыд Аммоны фыртты горӕт Раввӕйы+ ныхмӕ ӕмӕ сын сӕ паддзахады сӕйраг горӕт бацахста. 27 Ӕмӕ Иоав Давидмӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йын загътаиккой: «Раввӕйы+ ныхмӕ хӕцыдтӕн ӕмӕ доны горӕт* бацахстон. 28 Уӕдӕ ныр иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ горӕты ныхмӕ схӕц, ӕмӕ йӕ ды бацахс, цӕмӕй йӕ ӕз ма бацахсон ӕмӕ йӕ мӕ номӕй ма схоной».
29 Давид адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта, ацыд Раввӕмӕ, йӕ ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. 30 Ӕмӕ Давид Малхамӕн* йӕ сӕрӕй йӕ кадыхуд+ систа. Уыцы кадыхуд уыд зынаргъ дуртӕй фӕлыст, уыди дзы иу талант* сызгъӕрин. Ӕмӕ йӕ Давиды сӕрыл ӕркодтой. Давид горӕтӕй рахаста тынг бирӕ фӕллӕйттӕ+. 31 Горӕты цӕрджыты та ракодта ӕмӕ сӕ бафтыдта дур фадыныл, стӕй цыргъ ӕфсӕйнаг мигӕнӕнтӕй+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг фӕрӕттӕй кусыныл ӕмӕ самандуртӕ аразыныл. Афтӕ бакодта Аммоны фыртты ӕппӕт горӕттӕн дӕр. Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты.
13 Уый фӕстӕ Давиды фырт Амнон+ бауарзта+ Фамары+, Давиды фырт Авессаломы+ рӕсугъд хойы. 2 Амнон фыруарзтӕй ӕнцой нал зыдта, ӕмӕ фӕрынчын+. Йӕ хо Фамар ӕнӕвнӕлд чызг уыд, ӕмӕ Амнон, йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кӕна, уый нӕ зыдта+. 3 Амнонӕн уыд ӕмбал, Ионадав*+, зӕгъгӕ, Давиды ӕфсымӕр Шимӕйы+ фырт. Ионадав тынг хин адӕймаг уыди. 4 Ӕмӕ Амноны бафарста: «Паддзахы фырт, алы райсом афтӕ ӕнкъард цӕмӕн вӕййыс? Нӕ мын ӕй зӕгъдзынӕ?»+ Амнон ын загъта: «Ме ’фсымӕр Авессаломӕн йӕ хо+ Фамары уарзын»+. 5 Уӕд ын Ионадав загъта: «Дӕ хуыссӕны схуысс ӕмӕ дӕхи рынчын ӕфсон скӕн+. Ӕмӕ дӕм дӕ фыд рынчынфӕрсӕг куы ’рбацӕуа, уӕд-иу ын зӕгъ: „Мӕ хо Фамар мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мын, рынчын кӕй дӕн, уый тыххӕй хӕринаг раттӕд. Мӕ разы мын скӕнӕд хӕринаг, куыд ӕй уынон, афтӕ, ӕмӕ уый къухӕй бахӕрдзынӕн“»+.
6 Амнон дӕр схуыссыд ӕмӕ йӕхи рынчын ӕфсон скодта+. Паддзах ӕм куы ’рбацыд, уӕд ын загъта: «Курын дӕ, мӕ хо Фамар-ма мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мын мӕ разы дыууӕ гуылы* ракӕнӕд, ӕмӕ йӕ къухӕй бахӕрон, рынчын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ». 7 Уӕд Давид Фамармӕ хӕдзармӕ арвыста, зӕгъгӕ, де ’фсымӕр Амнон рынчын у, ӕмӕ-ма йӕм ацу ӕмӕ йын хӕринаг скӕн, цӕмӕй фӕфидар уа. 8 Фамар ацыд йе ’фсымӕр Амноны+ хӕдзармӕ, Амнон та хуыссӕны хуыссыд. Ӕмӕ Фамар ссад райста, хыссӕ скодта, йӕ разы йын дзы гуылтӕ акодта ӕмӕ сӕ сфыхта. 9 Стӕй къуырф тебӕ райста ӕмӕ гуылтӕ Амноны раз ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый нӕ бакуымдта хӕрын ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр ӕддӕмӕ ацӕут!»+ Ӕмӕ иууылдӕр ацыдысты.
10 Амнон Фамарӕн загъта: «Дзул мын мидӕггаг уатмӕ бахӕсс, цӕмӕй дӕ къухӕй бахӕрон, уымӕн ӕмӕ рынчын дӕн». Ӕмӕ Фамар, цы гуылтӕ скодта, уыдон йе ’фсымӕр Амнонӕн мидӕггаг уатмӕ бахаста. 11 Йӕ размӕ куы бацыд, хӕринаг ын раттон, зӕгъгӕ, уӕд ыл уый фӕхӕцыд+ ӕмӕ йын загъта: «Рауай, мӕ хо+, схуысс мемӕ»+. 12 Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ме ’фсымӕр! Ма мӕ фӕхудинаг кӕн+. Израилы афтӕ нӕ кӕнынц+. Ма бакӕн ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми+. 13 Мӕ худинаг куы ныхъхъӕр уа, уӕд ма цы фӕуыдзынӕн? Ӕмӕ дӕу дӕр ӕнӕзонд адӕймагыл нымайдзысты Израилы. Лӕгъстӕ дын кӕнын, паддзахимӕ аныхас кӕн, ӕмӕ мӕ ратдзӕн дӕуӕн, „нӕ“ дын нӕ зӕгъдзӕн». 14 Фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста, тыхӕй йыл ныххӕцыд, йемӕ ӕмуат ӕрцыд+ ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта+. 15 Уый фӕстӕ дзы Амнон йе сӕфт федта. Афтӕ тынг дзы федта йе сӕфт, ӕмӕ уыцы ӕнкъарӕн йӕ уарзтӕй дӕр тыхджындӕр уыд. Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ фесӕф ардыгӕй!» 16 Уӕд ын уый загъта: «Нӕ, ме ’фсымӕр! Куы мӕ арвитай, уӕд уый, цы мын бакодтай, уымӕй ноджы стырдӕр тӕригъӕд уыдзӕн!» Фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста.
17 Ӕмӕ Амнон йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ай-ма феддӕдуар кӕн ӕмӕ йын йӕ фӕстӕ дуар сӕхгӕн». 18 Фамары уӕлӕ та уыд хъулон+ уӕлӕдарӕс,– паддзахы чызджытӕй чындзыцыд чи нӕ уыд, уыдон ахӕм ӕнӕдыс къабатӕ дардтой. Лӕггадгӕнӕг дӕр ӕй ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын йӕ фӕстӕ дуар сӕхгӕдта. 19 Уӕд Фамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста+, йӕ уӕлӕ цы хъулон дарӕс уыд, уый ӕрыскъуыдта ӕмӕ, йӕ сӕрыл ныххӕцыд+, афтӕмӕй ацыд. Ӕмӕ цыди ӕмӕ ӕрдиаг кодта.
20 Йе ’фсымӕр Авессалом+ ӕй бафарста: «Уыцы ми дын де ’фсымӕр Амнон+ бакодта? Макӕмӕн мацы зӕгъ, мӕ хо. Де ’фсымӕр у+. Ма маст кӕн, цы ’рцыд, ууыл». Ӕмӕ Фамар уӕдӕй фӕстӕмӕ царди хибарӕй йе ’фсымӕр Авессаломы хӕдзары. 21 Паддзах Давид уыдӕтты тыххӕй куы фехъуыста+, уӕд тынг смӕсты+. 22 Авессалом та Амнонӕн ницы дзырдта, нӕдӕр ӕвзӕрӕй, нӕдӕр хорзӕй, уымӕн ӕмӕ дзы йе сӕфт федта+, йӕ хо Фамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.
23 Дыууӕ азы куы рацыд, уӕд Авессалом Ваал-Гацоры, Ефреммӕ+ хӕстӕг, фыстӕ ӕлвыдта+. Ӕмӕ паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр фӕхуыдта+. 24 Авессалом паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ цагъар фыстӕ ӕлвыны ӕмӕ, дӕ хорзӕхӕй, паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр дӕ цагъаримӕ рацӕуӕнт». 25 Фӕлӕ паддзах Авессаломӕн загъта: «Нӕ, мӕ фырт! Не ’ппӕт дӕр куы ацӕуӕм, уӕд дӕ ӕгӕр батыхсын кӕндзыстӕм». Ӕмӕ йын кӕд Авессалом лӕгъстӕ кодта+, уӕддӕр не сразы, фӕлӕ йын арфӕ ракодта+. 26 Фӕстагмӕ йын Авессалом загъта: «Кӕд дӕхӕдӕг нӕ цӕуыс, уӕд та ме ’фсымӕр Амнон рацӕуӕд немӕ»+. Паддзах ӕй бафарста: «Уый та цӕмӕн кӕныс демӕ?» 27 Фӕлӕ йын Авессалом уӕддӕр лӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ йын уый дӕр Амноны ӕмӕ паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр йемӕ ауагъта.
28 Уӕд Авессалом йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Кӕсут, Амноны зӕрдӕ сӕнӕй куы бахъӕлдзӕг уа+ ӕмӕ уын афтӕ куы зӕгъон, Амноны амарут, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут+. Ӕз уын дӕттын ахӕм бардзырд. Фидар ӕмӕ хъӕбатыр ут». 29 Авессаломы лӕггадгӕнджытӕ дӕр, куыд сын загъта, афтӕ бакодтой Амнонӕн+. Паддзахы иннӕ фырттӕ уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр фӕгӕппытӕ кодтой, сӕ хӕргӕфстыл абадтысты ӕмӕ лидзӕг фесты. 30 Ӕмӕ нырма фӕндагыл уыдысты, афтӕ Давидӕн фӕхабар кодтой: «Авессалом паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр ныццагъта, иу дӕр сӕ удӕгасӕй нал баззад». 31 Уӕд паддзах сыстад, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом+, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, афтӕмӕй лӕууыдысты йӕ разы.
32 Фӕлӕ Ионадав+, Давидӕн йе ’фсымӕр Шимӕйы+ фырт, загъта: «Афтӕ ма хъуыды кӕнӕд мӕ буц хицау, ӕмӕ лӕппуты, паддзахы фыртты, се ’ппӕты дӕр амардтой. Ӕрмӕстдӕр Амнон амард+. Авессалом ӕй амарын кодта. Амнон ын йӕ хо Фамары+ куы фӕхудинаг кодта+, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъавыд+ уыцы хъуыддаг бакӕнынмӕ. 33 Уӕдӕ мӕ буц хицау паддзах йӕ зӕрдӕмӕ ма исӕд уыцы ныхӕстӕ, паддзахы фырттӕ се ’ппӕт дӕр амардысты, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Амнон амард».
34 Уӕдмӕ Авессалом та алыгъд+. Иуцасдӕры фӕстӕ, горӕт чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕрыгон лӕппу+ акаст ӕмӕ дын уартӕ, йӕ фӕстӕ цы фӕндаг уыд, ууыл хохӕй дӕлӕмӕ бирӕ адӕм ӕрцӕуы. 35 Уӕд Ионадав+ паддзахӕн загъта: «Уыныс, паддзахы фырттӕ ӕрбацӕуынц. Дӕ цагъар куыд загъта, афтӕ рауад хабар»+. 36 Ӕмӕ куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ паддзахы фырттӕ ӕрбахызтысты ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдтой. Паддзах дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр нырдиаг кодтой. 37 Авессалом та алыгъд Гессуры+ паддзах Амиуды фырт Фалмаймӕ+. Давид та ӕнӕрынцойӕ хъыг кодта+ йӕ фыртыл. 38 Авессалом алыгъд Гессурмӕ+ ӕмӕ уым фӕци ӕртӕ азы.
39 Ӕппынфӕстаг паддзах Давидӕн йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр, Амноны мӕлӕтыл афтӕ тынг нал хъыг кодта. Ӕмӕ Авессаломы мысын райдыдта.
14 Саруйӕйы+ фырт Иоав+ базыдта, паддзахӕн Авессаломмӕ+ йӕ зӕрдӕ кӕй фӕфӕлмӕн. 2 Ӕмӕ Иоав Фекойӕйӕ+ иу зондджын+ сылгоймаджы ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕхи афтӕ равдис, цыма дын чидӕр амард ӕмӕ йыл хъыг кӕныс. Дӕ уӕлӕ скӕн зианджыны дарӕс ӕмӕ дӕхи сойӕ ма байсӕрд+. Ахӕм хуыз скӕн, цыма бирӕ рӕстӕг мардыл хъыг кӕныс+. 3 Ӕмӕ бацу паддзахмӕ ӕмӕ йын афтӕ ӕмӕ афтӕ зӕгъ». Ӕмӕ йын Иоав бацамыдта, цы хъуамӕ загътаид, уый+.
4 Уыцы фекойаг сылгоймаг дӕр паддзахмӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта+ ӕмӕ загъта: «О паддзах, баххуыс мын кӕн!»+ 5 Паддзах ӕй бафарста: «Цы хабар дыл ӕрцыд?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн идӕдз сылгоймаг+, мӕ сӕрыхицау амард. 6 Дӕ цагъар-сылгоймагӕн уыди дыууӕ фырты. Иу бон быдыры+ фӕхыл сты, иргъӕвӕг+ та сӕ нӕ уыд. Ӕмӕ сӕ иу иннӕйы ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. 7 Ныр ӕгас бинонтӕ дӕ цагъар-сылгоймаджы ныхмӕ систы ӕмӕ мын дзурынц: „Ратт нын, йе ’фсымӕры чи амардта, уый, ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры+ туг райсӕм+. Кӕд дӕ иунӕг бындар у, уӕддӕр ӕй амардзыстӕм!“ Уыдон мын афтӕмӕй мӕ къонайы фӕстаг зынг ахуыссын кӕндзысты, ӕмӕ мӕ сӕрыхицауӕн йӕ ном зӕххӕй фесӕфдзӕн, йӕ фӕстӕ ничиуал баззайдзӕн»+.
8 Паддзах сылгоймагӕн загъта: «Ацу уӕхимӕ, уыцы хъуыддаг та мӕ бар уадз»+. 9 Уӕд фекойаг сылгоймаг паддзахӕн загъта: «Мӕ буц хицау, мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл уӕд тӕригъӕд+, паддзах ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг та сыгъдӕг уыдзысты». 10 Паддзах ын загъта: «Исчи дӕм исты куы сдзура, уӕд-иу ӕй мӕнмӕ ӕрбакӕн, ӕмӕ дӕ нал бафхӕрдзӕн». 11 Фӕлӕ уый загъта: «Паддзах, курын дӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дар+, цӕмӕй тугисӕг+ ноджы фылдӕр фыдбылызтӕ ма ракӕна, ӕмӕ мын мӕ фырты ма амарой». Паддзах загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, дӕ фырты сӕрӕй иу хъуын дӕр+ зӕхмӕ не ’рхаудзӕн». 12 Уӕд сылгоймаг загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъар-сылгоймагӕн+ бар ратт, ӕмӕ мӕ буц хицауӕн иу ныхас зӕгъон»+. «Дзур!»+ – бар ын радта паддзах.
13 Сылгоймаг загъта: «Ӕмӕ уӕд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ+ ахӕм фыдвӕнд цӕмӕн скодтай?+ Паддзах афтӕ кӕй дзуры, уымӕй йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕны+, уымӕн ӕмӕ паддзах, йӕхицӕй кӕй фӕсырдта, уый фӕстӕмӕ не ’ркӕны+. 14 Мах не ’ппӕт дӕр амӕлдзыстӕм+ ӕмӕ уыдзыстӕм, зӕххыл кӕй акалдтой ӕмӕ сӕмбырд кӕнӕн кӕмӕн нал ис, уыцы доны хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцау никӕй цард*+ исы – уый дзӕбӕх ахъуыды кодта, хауӕггаг чи фӕци, уый дзы ӕнустӕм цӕуылнӕ хъуамӕ уа хауӕггаг, ууыл. 15 Ӕмӕ мӕнӕ ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй паддзахӕн, мӕ буц хицауӕн, зӕгъон ацы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕм стӕрсын кодтой. Ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг ахъуыды кодта: „Цӕуон ӕмӕ паддзахимӕ аныхас кӕнон. Кӕд паддзах йӕ цагъар-сылгоймаджы ныхасмӕ байхъусид. 16 Паддзах байхъусдзӕн йӕ цагъар-сылгоймагмӕ, ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕн ӕмӕ мӕ иунӕг фырты Хуыцауы лӕвӕрд бынтӕй бынтондӕр ӕнӕхай фӕкӕнынмӕ чи хъавы, уыцы адӕймаджы къухӕй“+. 17 Ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг йӕхицӕн загъта: „Уадз ӕмӕ мын мӕ буц хицауы ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕной“. Уымӕн ӕмӕ паддзах, мӕ буц хицау, ӕцӕг Хуыцауы зӕдӕй+ уӕлдай нӕу – уый зоны, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ демӕ уӕд».
18 Уӕд паддзах сылгоймагӕн загъта: «Иу хъуыддагӕй дӕ бафӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын ӕй, дӕ хорзӕхӕй, ма басусӕг кӕн»+. Сылгоймаг ын загъта: «Табуафси, зӕгъ ӕй, мӕ буц хицау». 19 Ӕмӕ йӕ паддзах бафарста: «Мыййаг, Иоавы+ дзыхӕй нӕ дзурыс адӕттӕ?»+ Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Сомы дын кӕнын+, мӕ буц хицау, раст зӕгъыс. Дӕ цагъар Иоав мӕ ӕрбарвыста ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймагӕн ӕппӕт ацы ныхӕстӕ дӕр уый бацамыдта+. 20 Дӕ цагъар Иоав афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсай. Фӕлӕ мӕ буц хицау ӕцӕг Хуыцауы зӕдау+ зондджын у ӕмӕ зоны, зӕххыл цыдӕриддӕр цӕуы, уый».
21 Уӕд паддзах Иоавӕн загъта: «Афтӕ фӕуӕд, сараздзынӕн уыцы хъуыддаг+. Ацу ӕмӕ ӕркӕн уыцы лӕппуйы, Авессаломы»+. 22 Иоав паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта ӕмӕ йын раарфӕ кодта+. Иоав загъта: «Мӕ буц хицау, ныр ӕй дӕ цагъар зоны, дӕ хорзӕх дын кӕй ссардта+, уымӕн ӕмӕ паддзах байхъуыста йӕ цагъары ныхасмӕ». 23 Уый фӕстӕ Иоав сыстад, Гессурмӕ+ ацыд ӕмӕ Авессаломы Иерусалиммӕ ӕркодта+. 24 Фӕлӕ паддзах загъта: «Ацӕуӕд йӕ хӕдзармӕ, мӕнӕн та йӕхи ма равдисӕд»+. Авессалом дӕр йӕ хӕдзармӕ ацыд ӕмӕ паддзахӕн йӕхи нӕ равдыста.
25 Ӕгас Израилы Авессаломы хуызӕн рӕсугъд нӕлгоймаг нӕ уыди+. Къахӕй сӕрмӕ йӕм иу хъӕндзинад дӕр нӕ уыд ссарӕн. 26 Йӕ сӕрыхъуынтӕ-иу куы алвыдта,– ӕлвынгӕ та сӕ кодта алы афӕдзы кӕрон дӕр, уымӕн ӕмӕ йыл уӕз кодтой+,– уӕд-иу сӕ сбарста ӕмӕ-иу сӕ уӕз уыди дыууӕсӕдӕ сиклы*, паддзахы барӕн дурӕй баргӕйӕ. 27 Авессаломӕн райгуырд ӕртӕ лӕппуйы+ ӕмӕ иу чызг, Фамар, зӕгъгӕ. Фамар уыди тынг рӕсугъд чызг+.
28 Авессалом Иерусалимы фӕци дыууӕ азы, фӕлӕ паддзахы нӕ федта+. 29 Уый фӕстӕ Авессалом Иоавмӕ фӕдзырдта, цӕмӕй йӕ паддзахмӕ арвыстаид, фӕлӕ йӕм Иоав не ’рбацыд. Дыккаг хатт дӕр та йӕм арвыста, фӕлӕ йӕм уый уӕддӕр не ’рбацыд. 30 Ӕмӕ уӕд Авессалом йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕ хуымы фарсмӕ Иоавы хуым уынут? Хъӕбӕрхор ын дзы ис тыд. Ацӕут ӕмӕ уыцы хуымыл арт бандзарут»+. Авессаломы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ уыцы хуымыл арт бандзӕрстой+. 31 Уӕд Иоав Авессаломмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕ мын мӕ хуымыл арт цӕмӕн бандзӕрстой?» 32 Ӕмӕ Авессалом Иоавӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджыты дӕм цалдӕр хатты арвыстон, зӕгъгӕ мӕм ӕрцу, ӕмӕ дӕ паддзахмӕ арвитон, цӕмӕй йын зӕгъай: „Гессурӕй цӕмӕн ӕрцыдтӕн?+ Фӕлтау уым куы баззадаин. Паддзах мын бар раттӕд, цӕмӕй йӕ фенон. Кӕд исты тӕригъӕд ракодтон+, уӕд та мӕ амарӕд“».
33 Иоав паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын Авессаломы ныхӕстӕ радзырдта. Уӕд паддзах Авессаломмӕ фӕдзырдта. Ӕмӕ йӕм куы бацыд, уӕд паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта, ӕмӕ йын паддзах апъа кодта+.
15 Уый фӕстӕ Авессалом йӕхицӕн самал кодта бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй ма фӕндзай адӕймаджы дӕр, йӕ разӕй чи згъордтаид, ахӕмтӕ+. 2 Авессалом-иу райсомӕй раджы сыстад+ ӕмӕ-иу горӕты кулдуары раз фӕндаггӕрон слӕууыд+. Ӕмӕ-иу исчи паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарынмӕ куы ’рбацыд+, уӕд-иу ӕм фӕдзырдта ӕмӕ-иу ӕй бафарста: «Кӕцы горӕтӕй дӕ?» Уый-иу ын дзуапп радта: «Израилы уыцы ӕмӕ уыцы мыггагӕй у дӕ цагъар». 3 Уӕд-иу ын Авессалом загъта: «Ды хорз ӕмӕ раст хъуыддагимӕ ӕрбацыдтӕ, фӕлӕ паддзахмӕ, дӕумӕ чи байхъуса, ахӕм ничи ис»+. 4 Уый фӕстӕ-иу Авессалом йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ мӕн куы сӕвӕриккой тӕрхонгӕнӕгӕй ацы бӕстӕйы+, уӕд-иу, исты хъуыддаг ӕвзаринаг кӕмӕ ис, уыдон мӕнмӕ цӕуиккой, ӕмӕ сын ӕз сӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй ӕвзарин»+.
5 Адӕймаг-иу ӕм куы бацыд, цӕмӕй йын йӕ сӕрӕй акуывтаид, уӕд-иу ӕм Авессалом йӕ къух бадардта, ныхъхъӕбыс-иу ын кодта+ ӕмӕ-иу ын апъа кодта. 6 Авессалом афтӕ кодта, израилӕгтӕй-иу паддзахмӕ йӕ хъуыддаг ӕвзарынмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй израилӕгты зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм кодта*+.
7 Цыппор азы* куы рацыд, уӕд Авессалом паддзахӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Хевронмӕ-ма+ мӕ ауадз, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтон, уый сӕххӕст кӕнон+. 8 Дӕ цагъар Сирийы зӕххыл, Гессуры+ куы цард, уӕд дзырд радта+: „Кӕд мӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркӕна, уӕд Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕсдзынӕн“»+. 9 Паддзах ын загъта: «Фарнимӕ цу»+. Ӕмӕ Авессалом сыстад ӕмӕ Хевронмӕ ацыд.
10 Авессалом Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕм дӕр сусӕгӕй адӕмы арвыста+ ӕмӕ сын фехъусын кодта: «Куыддӕр сыкъайы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом паддзах+ сси Хевроны!“»+ 11 Авессаломимӕ Иерусалимӕй рацыд дыууӕсӕдӕ лӕджы, йемӕ кӕй ахуыдта, уыдон. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр ницы уыди+, хабӕрттӕн ӕппындӕр ницы зыдтой. 12 Авессалом нывонд куы хаста, уӕд арвыста гилойнаг+ Ахитофелмӕ+, Давиды уынаффӕгӕнӕгмӕ+, цы горӕты цард, уырдӕм – Гиломӕ+. Сусӕгвӕнд+ стынг, ӕмӕ Авессаломмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр адӕм ӕмбырд кодта+.
13 Цасдӕры фӕстӕ Давидӕн фӕхабар кодтой: «Израилӕгты зӕрдӕтӕ+ Авессаломы ’рдӕм фесты». 14 Уӕд Давид йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Иерусалимы йемӕ чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн, загъта: «Сыстут, лидзын хъӕуы+, уымӕн ӕмӕ Авессаломы къухӕй удӕгасӕй нӕ аирвӕздзыстӕм! Фӕтагъд кӕнут, кӕннод нӕ ӕрбаййафдзӕн ӕмӕ нӕ уӕд ӕнӕфыдбылызӕй нӕ ныууадздзӕн, стӕй горӕты цӕрджыты се ’ппӕты дӕр карды комӕй ныццӕгъддзӕн!»+ 15 Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Нӕ буц хицау куыддӕриддӕр зӕгъа, афтӕ бакӕндзысты дӕ цагъартӕ»+. 16 Ӕмӕ паддзах, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыди, уыдоны йемӕ акодта ӕмӕ ацыд+. Ӕрмӕстдӕр дӕс сылгоймаджы, йӕ номылустыты+, ныууагъта хӕдзаргӕс. 17 Паддзах ӕмӕ йӕ адӕм та Беф-Мерхатмӕ ацыдысты ӕмӕ уым ӕрлӕууыдысты.
18 Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр йӕ рӕзты цыдысты. Хелефейтӕ, фелефейтӕ+ ӕмӕ гефӕгтӕ+ – Гефӕй+ йӕ* фӕдыл чи рацыд, уыцы ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы,– се ’ппӕт дӕр паддзахы рӕзты ацыдысты. 19 Ӕмӕ паддзах гефаг Иттайӕн+ загъта: «Ды та цӕмӕн цӕуыс немӕ? Аздӕх фӕстӕмӕ+ ӕмӕ паддзахимӕ цӕр. Ды ӕндӕрбӕстаг дӕ, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр дӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕдӕ. 20 Нырма знон ӕрцыдтӕ, ӕмӕ дын абон та ӕз афтӕ зӕгъон, немӕ рахау-бахау кӕн+, зӕгъгӕ? Мӕхӕдӕг дӕр ӕй куы нӕ зонын, кӕцырдӕм цӕуон? Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты дӕр демӕ акӕн. Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт+ ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй барӕвдауӕд!»+ 21 Фӕлӕ Иттай паддзахӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ мӕ буц хицауы раз сомы кӕнын+: мӕ буц хицау кӕдӕм цӕуа, уырдӕм ацӕудзӕн дӕ цагъар дӕр. Ӕз демӕ амӕлынмӕ дӕр цӕттӕ дӕн!»+ 22 Уӕд Давид Иттайӕн+ загъта: «Уӕдӕ уӕд цом». Ӕмӕ гефаг Иттай йӕ адӕмимӕ ӕмӕ, йемӕ цы сывӕллӕттӕ уыд, уыдонимӕ дӕлвӕзыл ахызт.
23 Адӕм дӕлвӕзыл куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр хъӕрӕй куыдтой+. Паддзах лӕууыд Кедроны дӕлвӕзы+, адӕм та иууылдӕр йӕ рӕзты цыдысты, ӕдзӕрӕг быдырмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. 24 Уым уыдысты Садок+ ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ чи хаста+, уыцы левиттӕ+ се ’ппӕт дӕр. Уыдон ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Авиафары+ фарсмӕ ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ, цалынмӕ адӕм иууылдӕр горӕтӕй нӕ рацыдысты ӕмӕ дӕлвӕзыл нӕ ахызтысты, уӕдмӕ афтӕ лӕууыдысты. 25 Фӕлӕ паддзах Садокӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ фӕстӕмӕ горӕтмӕ ахӕсс+. Кӕд Йегъовӕйы хорзӕх ссарон, уӕд мӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ мын уый фадат ратдзӕн, цӕмӕй фенон бадзырды чырын ӕмӕ, кӕм ис, уыцы бынат+. 26 Фӕлӕ кӕд зӕгъа, мӕ зӕрдӕ дӕ нӕ райы, зӕгъгӕ, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: цы мын кӕна, уый мын бакӕнӕд»+. 27 Стӕй паддзах сауджын Садокӕн загъта: «Цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ нӕ дӕ? Ды ӕмӕ Авиафар аздӕхут горӕтмӕ, уемӕ акӕнут дӕ фырт Ахимаасы ӕмӕ Авиафары фырт Ионафаны+ дӕр. Фарнимӕ цӕут. 28 Ӕз та уал ӕдзӕрӕг быдыры, цӕугӕдонӕн йӕ ахизӕнты раз афӕстиат уыдзынӕн, цалынмӕ уӕ бӕрӕг нӕ базонон, уӕдмӕ»+. 29 Садок ӕмӕ Авиафар дӕр ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрхастой ӕмӕ уым уыдысты.
30 Давид та араст Оливӕбӕлӕсты къуылдыммӕ+. Цыди бӕгъӕввадӕй ӕмӕ куыдта. Цыди, йӕ сӕр бамбӕрзта+, афтӕмӕй. Йемӕ цы адӕм уыд, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр сӕ сӕртӕ бамбӕрзтой, афтӕмӕй цыдысты ӕмӕ куыдтой+. 31 Уӕдмӕ Давидӕн фӕхабар кодтой, Ахитофел дӕр, дам, Авессаломӕн ӕххуыс кӕны+. Ӕмӕ уӕд Давид скуывта+: «О Йегъовӕ+, курын дӕ, афтӕ бакӕн, ӕмӕ Ахитофелы уынаффӕ ӕнӕзонды уынаффӕйыл банымайой!»+
32 Давид схӕццӕ, адӕм-иу Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы хохы сӕрмӕ, ӕмӕ уӕд йӕ размӕ рацыд архитаг+ Хуси+, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыл сыджыт байзӕрста, афтӕмӕй+. 33 Фӕлӕ йын Давид загъта: «Мемӕ куы ацӕуай, уӕд мын уаргъӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕ+. 34 Фӕлтау фӕстӕмӕ горӕтмӕ аздӕх ӕмӕ Авессаломӕн зӕгъ: „Паддзах, ӕз дӕн дӕ цагъар. Дӕ фыдӕн куыд лӕггад кодтон, афтӕ ныр та дӕуӕн лӕггад кӕндзынӕн“+. Ӕмӕ уӕд Ахитофелы фӕнд фехалдзынӕ+. 35 Уым сауджынтӕ Садок ӕмӕ Авиафар дӕр демӕ уыдзысты+. Ӕмӕ паддзахы хӕдзарӕй цыдӕриддӕр фехъусай, уый-иу уыдонӕн фӕхабар кӕн+. 36 Уым семӕ сты сӕ дыууӕ фырты дӕр: Садокы фырт Ахимаас+ ӕмӕ Авиафары фырт Ионафан+. Цыдӕриддӕр фехъусат, уый мӕм-иу уыдонимӕ фӕхӕццӕ кӕнут». 37 Ӕмӕ Хуси, Давиды ӕрдхорд+, ӕрцыд Иерусалиммӕ. Уыцы рӕстӕг Авессалом+ дӕр горӕтмӕ фӕцӕйцыд.
16 Давид хохы сӕрӕй иу гыццыл дӕлӕмӕ куы ’рцыд+, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ размӕ рацӕуы Сивӕ+, Мемфивосфейы+ лӕггадгӕнӕг, дыууӕ хӕрӕджы+ ӕд сӕргътӕ ракӕны, афтӕмӕй. Хӕрджытыл ӕвӕрд уыди дыууӕсӕдӕ дзулы+, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй+, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы сӕрдыгон дыргътӕй+ ӕмӕ стыр сӕны дурын+. 2 Паддзах Сивӕйы бафарста: «Уыдон та дын цы сты?»+ Сивӕ йын загъта: «Хӕрджытӕ – цӕмӕй сыл паддзахы хӕдзаронтӕ цӕуой, дзул ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕй тъӕпӕн гуылтӕ – лӕппутӕн+ хӕрынӕн, сӕн та – ӕдзӕрӕг быдыры+ чи бафӕллайа+, уымӕн йӕ ком ахуылыдз кӕнынӕн». 3 Уӕд ӕй паддзах бафарста: «Ӕмӕ дӕ хицауы фырт та кӕм ис?»+ Сивӕ йын дзуапп радта: «Иерусалимы ис. Афтӕ загъта: „Ныр мын Израилы адӕм мӕ фыды паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ ратдзысты“»+. 4 Ӕмӕ уӕд паддзах Сивӕйӕн загъта: «Мемфивосфейы исбон иууылдӕр у дӕу!»+ Ӕмӕ Сивӕ загъта: «Ныллӕг дын кувын+, мӕ буц хицау. Амӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕ дӕ хорзӕх уӕд, о паддзах».
5 Паддзах Давид Бахуриммӕ+ куы бахӕццӕ, уӕд уырдыгӕй рацӕйцыд иу лӕг, Шимей+, зӕгъгӕ, Герӕйы фырт, Саулы хӕдзарвӕндагӕй. Ӕмӕ куыд цыди, афтӕ ӕлгъыста+. 6 Стӕй паддзах Давидыл ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл дуртӕ ӕхсын райдыдта. Адӕм та иууылдӕр ӕмӕ хъӕбатыр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр цыдысты паддзахӕн йӕ рахиз фӕрсты ӕмӕ йӕ галиу фӕрсты. 7 Шимей ӕлгъитгӕ цыди ӕмӕ хъӕр кодта: «Фесӕф, фесӕф ардыгӕй, лӕгмар+, ӕнаккаг!+ 8 Йегъовӕ дӕ исы, паддзахӕй кӕй бынаты сбадтӕ, уыцы Саулы хӕдзарвӕндаджы туг. Ӕмӕ Йегъовӕ паддзахы бартӕ дӕтты дӕ фырт Авессаломы къухмӕ. Лӕгмар дӕ, ӕмӕ дыл ахӕм бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыд!»+
9 Уӕд Саруйӕйы+ фырт Авессӕ паддзахӕн загъта: «Ацы мард куыдз+ мын мӕ буц хицауы куыд ӕлгъиты?+ Бар мын ратт, ӕмӕ йын йӕ сӕр акъуырон»+. 10 Фӕлӕ паддзах загъта: «Мах цы хъуыддаг ис уымӕ+, Саруйӕйы фырттӕ?+ Уадз ӕмӕ ӕлгъита+, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта+: „Ралгъит Давиды!“ Ӕмӕ йын чи зӕгъдзӕн, афтӕ цӕмӕн бакодтай, зӕгъгӕ?»+ 11 Стӕй Давид Авессӕйӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕхи фырт, мӕнӕй чи рацыд, уый мӕ марынмӕ куы хъавы+, уӕд ма Вениамины фыртӕй та цы домон?+ Ныууадзут ӕй, уадз ӕмӕ ӕлгъита, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта афтӕ! 12 Кӕд Йегъовӕ ӕркӕсид+ ӕмӕ мын кӕд Йегъовӕ хорздзинад ракӕнид, абон мӕ Шимей кӕй ӕлгъиты, уый тыххӕй»+. 13 Ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм дарддӕр цыдысты сӕ фӕндагыл. Шимей та сӕ фӕрсты къуылдымыл цыд ӕмӕ йӕ ӕлгъыста+. Цыди ӕмӕ йыл дуртӕ ӕхста ӕмӕ йыл сыджыт калдта+.
14 Ӕппынфӕстаг паддзах ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыд, уыдон бынатмӕ ӕрхӕццӕ сты. Тынг бафӕлладысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты, цӕмӕй баулӕфыдаиккой+.
15 Уӕдмӕ та Авессалом ӕмӕ адӕм иууылдӕр, израилӕгтӕ, бацыдысты Иерусалиммӕ+. Йемӕ уыд Ахитофел дӕр+. 16 Архитаг+ Хуси+, Давиды ӕрдхорд+, бацыд Авессаломмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!+ Ӕгас цӕуӕд паддзах!» 17 Авессалом Хусийӕн загъта: «Де ’рдхорды ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый уымӕй равдыстай? Цӕуылнӕ ацыдтӕ де ’рдхордимӕ?»+ 18 Хуси Авессаломӕн дзуапп радта: «Цытӕ дзурыс! Ӕз, Йегъовӕ кӕй равзӕрста, ӕмӕ ацы адӕм ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй равзӕрстой, уый бар кӕнын мӕхи ӕмӕ уыимӕ уыдзынӕн. 19 Ноджыдӕр ма йӕ зӕгъын: кӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнон? Йӕ фыртӕн хъуамӕ ма лӕггад кӕнон? Дӕ фыдӕн куыд лӕггад кодтон, афтӕ лӕггад кӕндзынӕн дӕуӕн дӕр»+.
20 Уый фӕстӕ Авессалом Ахитофелӕн загъта: «Исты-ма нын бауынаффӕ кӕн+. Куыд бакӕнӕм?» 21 Уӕд Ахитофел Авессаломӕн загъта: «Дӕ фыды номылустытимӕ+, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта+, уыдонимӕ, ӕмуат ӕрцу. Ӕмӕ дӕ дӕ фыд+ йе сӕфт кӕй федта+, уый ӕгас Израилы адӕм куы фехъусой, уӕд, демӕ чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕныфсджын+ уыдзысты». 22 Ӕмӕ Авессаломӕн хӕдзары сӕр+ цатыр сӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу уым ӕгас Израилы раз+ йӕ фыды номылустытимӕ+ ӕмуат ӕрцыд.
23 Уыцы рӕстӕг Ахитофелы+ алы уынаффӕ+ дӕр нымадтой, раст цыма ӕцӕг Хуыцауы ныхас уыд, афтӕ. Ахӕм цӕстӕй кастысты йӕ уынаффӕтӕм Давид дӕр ӕмӕ Авессалом дӕр.
17 Ахитофел Авессаломӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ адӕмӕй дыууадӕс мины равзарон. Ахсӕв Давиды фӕстейӕ асурдзынӕн+, 2 ӕмӕ куы ныффӕллайа ӕмӕ йӕ ныфс куы асӕтта, уӕд ыл нӕхи ныццӕвдзыстӕм+. Ӕз ын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ фыртӕссӕй риздзӕн. Йӕ адӕм иууылдӕр лидзӕг фӕуыдзысты, ӕмӕ паддзах иунӕгӕй куы аззайа, уӕд ӕй амардзынӕн+. 3 Ауадз мӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы дӕр фӕстӕмӕ дӕумӕ раздахон. Кӕй агурыс, уый куы нал уа, уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр дӕумӕ раздӕхдзысты, ӕмӕ иууылдӕр ӕрсабыр уыдзысты». 4 Уыцы ныхӕстӕ Авессаломӕн+ ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты.
5 Фӕлӕ Авессалом загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, архитаг Хусимӕ+ дӕр-ма фӕдзурут. Байхъусӕм, уый та цы зӕгъдзӕн». 6 Хуси Авессаломмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын Авессалом загъта: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта Ахитофел. Куыд зӕгъы, афтӕ бакӕнӕм? Кӕд нӕ, уӕд та нын ды зӕгъ исты». 7 Ӕмӕ Хуси Авессаломӕн загъта: «Ацы хатт Ахитофелы уынаффӕ нӕ бӕззы!»+
8 Хуси загъта: «Хорз куы зоныс дӕ фыды ӕмӕ йӕ адӕмы – тыхджын адӕм сты+. Стӕй мӕсты сты+, быдыры йӕ лӕппынты кӕмӕн ахастой, ахӕм сыл арсау+. Дӕ фыд хӕстон лӕг у+, ӕмӕ ахсӕв адӕмимӕ нӕ баззайдзӕн. 9 Уый афонмӕ искӕцы лӕгӕты йе та ӕндӕр ран ӕмбӕхсы+. Ӕмӕ дӕуӕй куы фӕраздӕр уа ӕмӕ дӕ адӕмимӕ куы схӕца, уӕд, уый тыххӕй чи фехъуса, уый зӕгъдзӕн: „Авессаломы фӕдыл чи ацыд, уыдоны ныппырх кодтой!“ 10 Ӕмӕ уӕд цыфӕнды хъӕбатыр лӕгӕн дӕр, йӕ зӕрдӕ домбайы+ зӕрдӕйау фидар кӕмӕн у, уымӕн дӕр йе уӕнгтӕ фыртӕссӕй адон уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ ӕгас Израил дӕр зоны, дӕ фыд куыд фидар лӕг у+, стӕй, йемӕ чи ис, уыцы хъӕбатыр адӕм дӕр куыд фидар сты, уый+. 11 Ӕз дын ахӕм уынаффӕ ратдзынӕн: израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн, Данӕй суанг Вирсавийы+ онг,– денджызы был змисау бирӕ адӕмы+,– ӕмӕ тохы дӕхӕдӕг ацу сӕ разӕй+. 12 Кӕм ӕмбӕхсы, уырдӕм ӕм бацӕудзыстӕм ӕмӕ йыл нӕхи ныццӕвдзыстӕм+, зӕххыл ӕртӕх+ куыд ӕрхауы, афтӕ, ӕмӕ сӕ удӕгасӕй никӕй ныууадздзыстӕм: нӕдӕр йӕхи, нӕдӕр йӕ адӕмы. 13 Кӕд йӕхи искӕцы горӕтмӕ айса, уӕд та ӕгас Израил уыцы горӕтмӕ бӕндӕнтӕ ӕрбахӕсдзӕн, ӕмӕ горӕт дӕлвӕзмӕ рахӕр-хӕр кӕндзыстӕм, иу лыстӕг дур дӕр дзы нал ныууадздзыстӕм»+.
14 Уӕд Авессалом ӕмӕ Израилы лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр загътой: «Уӕллӕй, архитаг Хусийы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр+ у!» Йегъовӕ афтӕ бакодта+, ӕмӕ Ахитофелы уынаффӕмӕ нӕ байхъуыстой+,– кӕд йӕ уынаффӕ хуыздӕр+ уыд, уӕддӕр,– цӕмӕй Йегъовӕ Авессаломы бӕллӕхы баппӕрстаид+.
15 Уый фӕстӕ Хуси сауджынтӕн, Садокӕн+ ӕмӕ Авиафарӕн, загъта: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм уынаффӕ радта Ахитофел Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕн, ӕз та сын афтӕ ӕмӕ афтӕ бауынаффӕ кодтон. 16 Уӕдӕ ӕвӕстиатӕй арвитут Давидмӕ+, фӕхабар ын кӕнут ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахсӕв ӕдзӕрӕг быдыры хус рӕтты ма баззай – доны иннӕ фарсмӕ ахиз+, науӕд паддзах ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр сӕфынц“»+.
17 Уыцы рӕстӕг Ионафан+ ӕмӕ Ахимаас+ уыдысты Ен-Рогелы+. Уырдӕм сӕм лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг ӕрцыд ӕмӕ сын уыцы ныхӕстӕ загъта. Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты, цӕмӕй хабар паддзах Давидмӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой. Горӕтмӕ та нӕ бацыдысты, исчи нӕ куы фена, зӕгъгӕ. 18 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр иу ӕрыгон лӕппу федта, ӕмӕ йӕ Авессаломӕн загъта. Уӕд уыдон уайтагъд сӕхи айстой ӕмӕ Бахуримы+ иу лӕджы хӕдзармӕ бацыдысты. Уыцы лӕгӕн йӕ кӕрты уыд цъай, ӕмӕ уырдӕм ныххызтысты. 19 Лӕгӕн йӕ ус та райста ӕмбӕрзӕн, цъайы сӕрыл ӕй айтыдта ӕмӕ йыл уӕлейӕ цъӕл мӕнӕу ныккалдта+, куыд ничи ницы бафиппайдтаид, афтӕ. 20 Авессаломы лӕггадгӕнджытӕ сылгоймагмӕ хӕдзармӕ ’рбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕм сты Ахимаас ӕмӕ Ионафан?» Сылгоймаг сын загъта: «Ардыгӕй цӕугӕдонмӕ ацыдысты»+. Уыдон сӕ фӕцагуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой+, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты.
21 Куы ацыдысты, уӕд лӕппутӕ цъайӕ сбырыдысты ӕмӕ Давидмӕ ацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Сыстут ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕдоныл ахизут, уымӕн ӕмӕ Ахитофел уӕ ныхмӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ бауынаффӕ кодта»+. 22 Давид ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр уайтагъд сыстадысты ӕмӕ боныцъӕхтӕм хызтысты Иорданы иннӕ фарсмӕ+, цалынмӕ се ’ппӕт дӕр нӕ ахызтысты, уӕдмӕ.
23 Ахитофел та уый куы федта, ӕмӕ йын йӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъуыстой+, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ ацыд хӕдзармӕ, йӕхи горӕтмӕ+. Йӕ хӕдзаронтӕн фӕстаг уынаффӕтӕ радта+ ӕмӕ стӕй йӕхи ӕрцауыгъта+, ӕмӕ амард+. Ӕмӕ йӕ баныгӕдтой+, йӕ фыдӕлтӕ кӕм ныгӕд уыдысты, уым.
24 Давид ӕрцыд Маханаиммӕ+. Авессалом та Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызт, израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр йемӕ, афтӕмӕй. 25 Авессалом Иоавы+ бӕсты ӕфсады сӕргъы сӕвӕрдта Амессайы+. Амессай уыд израилаг лӕг Йеферы+ фырт – Наасы чызг Авигейӕимӕ+, ома Иоавы мад Саруйӕйы хоимӕ, ӕмуат чи ӕрцыд*, уый фырт. 26 Израилӕгтӕ ӕмӕ Авессалом ӕрбынат кодтой Галаады зӕххыл+.
27 Давид Маханаиммӕ куы ’рцыд, уӕд ӕм ӕрбацыдысты Наасы фырт Сови, Аммоны+ фыртты горӕт Раввӕйӕ+, Аммиилы+ фырт Махир+, Лодеварӕй, ӕмӕ галаадаг Верзели+, Роглимӕй+, 28 ӕмӕ семӕ ӕрбахастой хуыссӕнтӕ, тастӕ ӕмӕ ӕлыг мигӕнӕнтӕ. Ӕрбахастой ма мӕнӕу, хъӕбӕрхор, ссад+, цӕкуытӕ+, хъӕдур+, тъӕпӕн хъӕдур+, стӕй хъӕдуры цӕкуытӕ, 29 мыд+, царв+, фӕлмӕн цыхт ӕмӕ фыстӕ, цӕмӕй, Давид ӕмӕ йӕ адӕм цы хордтаиккой, уый сын уыдаид+, уымӕн ӕмӕ загътой, адӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕххормаг, фӕллад сты ӕмӕ сын дойны у, зӕгъгӕ+.
18 Давид йӕ адӕмы банымадта ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта хистӕртӕ: кӕй – мин адӕймаджы сӕргъы, кӕй та – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы+. 2 Стӕй Давид адӕмӕн се ’ртыккаг хай арвыста+ Иоавимӕ+, иннӕ ӕртыккаг хай – Саруйӕйы фырт Авессӕимӕ+, Иоавы ӕфсымӕримӕ+, ӕмӕ иннӕ ӕртыккаг хай та – гефаг Иттаимӕ+. Паддзах адӕмӕн загъта: «Мӕхӕдӕг дӕр уемӕ цӕуын хӕцынмӕ». 3 Фӕлӕ йын адӕм загътой: «Ма рацу+. Мах не ’ппӕт дӕр сӕ разӕй лидзӕг куы фӕуӕм, уӕд нӕ ницӕмӕ ӕрдардзысты+. Ӕмӕ не ’мбис куы фӕцагъды уа, уӕд сӕм уый дӕр нымады нӕ уыдзӕн. Ды та мах хуызӕттӕй дӕс мины аргъ дӕ+. Хуыздӕр уыдзӕн, горӕтӕй нын куы ӕххуыс кӕнай»+. 4 Уӕд сын паддзах загъта: «Куыд зӕгъат, афтӕ бакӕндзынӕн»+. Ӕмӕ паддзах лӕууыд кулдуары раз+, адӕм та иууылдӕр сӕдӕгӕйттӕй ӕмӕ мингӕйттӕй цыдысты горӕтӕй+. 5 Паддзах Иоавы, Авессӕйы ӕмӕ Иттайы бафӕдзӕхста: «Лӕппуйӕн, Авессаломӕн, мӕ хатырӕй ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут»+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр фехъуыстой, паддзах Авессаломы тыххӕй хистӕрты се ’ппӕты дӕр куыд бафӕдзӕхста, уый.
6 Адӕм израилӕгты ныхмӕ быдырмӕ рацыдысты ӕмӕ Ефремы хъӕды семӕ схӕцыдысты+. 7 Давиды лӕггадгӕнджытӕ израилӕгты+ ныппырх кодтой+ ӕмӕ дзы тынг бирӕ фӕцагътой: дыууын мин адӕймаджы фӕмард уыцы бон. 8 Ӕгас зӕхх дӕр, цӕст кӕй онг ӕххӕссыд, уый онг, тохы быдыр фестад. Ӕниу, уыцы бон хъамайӕ уыйбӕрц адӕм нӕ фӕцагъды, хъӕды дзы цас фӕмард.
9 Авессалом йӕ хӕргӕфсыл фӕцӕйуад ӕмӕ хӕрхӕмбӕлд фӕци Давиды лӕггадгӕнджытыл. Хӕргӕфс ӕй бахаста стыр пӕлӕхсар бӕласы бынмӕ, ӕмӕ Авессаломӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ бӕласы къалиутыл стыхстысты, ӕмӕ ӕрцауындзӕг+. Цы хӕргӕфсыл бадт, уый та алыгъд. 10 Иу чидӕр ӕй федта ӕмӕ Иоавӕн+ загъта: «Авессаломы федтон, иу стыр бӕласыл ӕрцауындзӕг». 11 Уӕд ын Иоав загъта: «Ӕмӕ йӕ кӕд федтай, уӕд ӕй тӕккӕ уыцы ран цӕуылнӕ амардтай? Ӕз дын уый тыххӕй дӕс ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ рон радтаин»+. 12 Фӕлӕ уый Иоавӕн дзуапп радта: «Иу мин ӕвзист ӕхцайы мын куы сбарстаиккой, уӕд дӕр ӕз паддзахы фыртмӕ мӕ къух нӕ систаин. Нӕхи хъустӕй йӕ фехъуыстам, паддзах дӕуӕн, Авессӕйӕн ӕмӕ Иттайӕн куыд загъта, лӕппуйы, Авессаломы, бахъахъхъӕнут, зӕгъгӕ+. 13 Йӕ ныхасмӕ йын куы нӕ байхъуыстаин ӕмӕ йын йӕ фырты куы амардтаин, уӕд паддзахыл гадзрахатӕй рацыдаин. Уыцы хъуыддаг паддзах ӕнӕмӕнг базыдтаид+, ды та дӕхи бамбӕхстаис». 14 Уӕд Иоав загъта: «Дӕ разы лӕууынмӕ мӕ не ’вдӕлы!» Ӕмӕ ӕртӕ стыр фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта+. Авессалом та нырма удӕгас уыди+, бӕласыл куыд ӕрцауындзӕг, афтӕмӕй лӕууыд. 15 Стӕй Иоавы хӕцӕнгарзхӕсджытӕ дӕсӕй Авессаломы алыварс алӕууыдысты ӕмӕ ма йӕ уыдон дӕр фӕцӕфтӕ кодтой, ӕмӕ амарди+. 16 Уӕд Иоав сыкъайӕ ныууасыд+, цӕмӕй адӕм израилӕгты фӕстейӕ мауал сырдтаиккой. Ӕмӕ Иоав адӕмы фӕстӕмӕ раздӕхта. 17 Уый фӕстӕ Авессаломы хъӕды стыр дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл уӕлейӕ дуртӕ ныккалдтой, стыр цӕнд дзы скодтой+. Израилӕгтӕ та иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты.
18 Авессалом та, ӕгас ма куы уыд, уӕд Паддзахы дӕлвӕзы+ йӕхӕдӕг йӕхи номыл цӕджындз сӕвӕрдта+, фырт мын нӕй, ӕмӕ мӕ ном ферох уыдзӕн+, зӕгъгӕ. Гъемӕ уыцы цӕджындз схуыдта йӕ номӕй+, ӕмӕ йӕ абоны онг дӕр хонынц Авессаломы кады цырт.
19 Садокы фырт Ахимаас+ та загъта: «Ауадз мӕ, адугъ кӕнон ӕмӕ паддзахмӕ хабар фӕхӕццӕ кӕнон, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта йе знӕгты къухӕй»+. 20 Фӕлӕ йын Иоав загъта: «Абон хабархӕссӕг ды нӕ уыдзынӕ. Ӕндӕр хатт уыдзынӕ, фӕлӕ абон нӕ, уымӕн ӕмӕ паддзахы фырт амард»+. 21 Стӕй Иоав ефиопаг лӕгӕн*+ загъта: «Ацу ӕмӕ паддзахӕн радзур, цы федтай, уый». Ефиопаг лӕг Иоавӕн йӕ сӕрӕй акуывта ӕмӕ адугъ кодта. 22 Садокы фырт Ахимаас та ногӕй ныллӕгъстӕ кодта Иоавӕн: «Цы уа, уый уӕд, ауадз мӕ, ӕмӕ ӕз дӕр ефиопаджы фӕдыл азгъорон». Фӕлӕ йын Иоав загъта: «Цӕмӕн, мӕ лӕппу? Цавӕр хабар фехъусын кӕндзынӕ?» 23 Уый йын уӕддӕр афтӕ: «Цы уа, уый уӕд, ауадз мӕ, ӕмӕ азгъорон». Уӕд ын Иоав загъта: «Омӕ хорз, азгъор!» Ахимаас дӕр азгъордта, Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйыл+ цы фӕндаг цӕуы, ууыл, ӕмӕ ефиопаджы разӕй фӕци.
24 Уыцы рӕстӕг Давид бадт дыууӕ кулдуары ’хсӕн+. Хъахъхъӕнӕг+ схызт къулмӕ, кулдуары сӕрмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй акаст. Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ чидӕр ӕрбазгъоры. 25 Хъахъхъӕнӕг ныхъхъӕр кодта ӕмӕ паддзахӕн загъта, цы федта, уый. Уӕд паддзах загъта: «Кӕд иунӕгӕй у, уӕд цыдӕр хабар ӕрбахӕссы». Уый та хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. 26 Уӕдмӕ хъахъхъӕнӕг федта, ноджыдӕр ма иу чидӕр кӕй ӕрбазгъоры. Ӕмӕ дуаргӕсмӕ ныхъхъӕр кодта: «Кӕс-ма, иу чидӕр ма ӕрбазгъоры!» Паддзах загъта: «Уый дӕр хабархӕссӕг у». 27 Хъахъхъӕнӕг загъта: «Фыццаг чи ӕрбазгъоры, уый мӕм Садокы фырт Ахимаасы+ хуызӕн кӕсы, уый хуызӕн згъоры+». Уӕд паддзах загъта: «Уый хорз лӕг у+, ӕмӕ хъуамӕ хорз хабар+ ӕрбахӕсса». 28 Уӕдмӕ Ахимаас ныхъхъӕр кодта: «Алцыдӕр хорз у!» Ӕмӕ паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывта. Стӕй загъта: «Табу+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, мӕ буц хицауы ныхмӕ чи рацыд, уыдоны дын дӕ къухмӕ чи радта!»+
29 Фӕлӕ йӕ паддзах бафарста: «Авессалом дзӕбӕх у?» Ахимаас ын дзуапп радта: «Иоав паддзахы лӕггадгӕнӕджы ӕмӕ дӕ цагъары куы ’рвыста, уӕд федтон, адӕм кӕрӕдзи мидӕг кӕй систы, фӕлӕ цы уыд, уымӕн ницы базыдтон»+. 30 Паддзах ын загъта: «Иуварс алӕуу, мӕнӕ ам ӕрлӕуу». Уый дӕр иуварс алӕууыд ӕмӕ афтӕ лӕууыд.
31 Уӕдмӕ ефиопаг+ лӕг дӕр ӕрбахӕццӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ буц хицауӕн хабар ӕрбахастон: абон дын Йегъовӕ дӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста ӕмӕ дӕ фервӕзын кодта, дӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр»+. 32 Фӕлӕ йӕ паддзах бафарста: «Авессалом дзӕбӕх у?» Ефиопаг лӕг дзуапп радта: «Уыйау фӕуӕнт+ мӕ буц хицауы, паддзахы знӕгтӕ ӕмӕ, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр рацыд, уыдон».
33 Уӕд паддзах арвы цӕфау фӕци. Ӕмӕ, кулдуары сӕр цы уат уыд, уырдӕм ссыд+ ӕмӕ ныббогъ-богъ кодта. Дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта ӕмӕ хъарӕг кодта: «Уӕ мӕ хъӕбул Авессалом! Мӕ хъӕбул, мӕ хъӕбул+ Авессалом! Фӕлтау ӕз куы амардаин дӕ бӕсты, мӕ хъӕбул Авессалом, мӕ хъӕбул!»+
19 Уый фӕстӕ Иоавӕн загътой: «Паддзах Авессаломыл кӕуы ӕмӕ хъыг кӕны»+. 2 Ӕмӕ уыцы бон адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ирвӕзындзинады бон нӕ, фӕлӕ масты бон фестад, уымӕн ӕмӕ адӕм фехъуыстой, паддзах йӕ фыртыл кӕй хъыг кӕны. 3 Ӕмӕ адӕм горӕтмӕ хъуызгӕ цыдысты+, тохы быдырӕй чи алыгъд, уыдон сӕ худинаг ӕмбӕхсгӕйӕ хъуызгӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ. 4 Паддзах та йӕ цӕсгом бамбӕрзта ӕмӕ хъӕрӕй куыдта ӕмӕ хъарӕг кодта: «Уӕ мӕ хъӕбул Авессалом! Авессалом, мӕ хъӕбул, мӕ хъӕбул!»+
5 Уӕд Иоав паддзахмӕ хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕу тыххӕй абон дӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр – дӕхи+ ӕмӕ дын дӕ фыртты+ ӕмӕ дӕ чызджыты+, дӕ устыты+ ӕмӕ дӕ номылустыты+ чи фервӕзын кодта, уыдон,– фырӕфсӕрмӕй сӕхи цы фӕкӕной, уый нал зонынц, 6 уымӕн ӕмӕ ды уарзыс, йе сӕфт дӕ чи уыны, уыдоны, ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдонӕй та де сӕфт уыныс. Абон ды равдыстай, хистӕртӕ ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕ цӕсты кӕй ницы сты. Ныр ӕй ӕз зонын: Авессалом удӕгасӕй куы баззадаид, мах та не ’ппӕт дӕр куы амардаиккам, уӕд дӕм уый хуыздӕр фӕкастаид. 7 Ныр сыст, рацу дӕ лӕггадгӕнджыты размӕ ӕмӕ сӕ ныфс бауадз+. Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын: куы нӕ сӕм рацӕуай, уӕд ахсӕв демӕ иу адӕймаг дӕр нал баззайдзӕн+, ӕмӕ дын уый уыдзӕн, де ’рыгон бонтӕй дыл абоны онг цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр бӕллӕх». 8 Уӕд паддзах сыстад ӕмӕ кулдуары раз ӕрбадт+, ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, паддзах кулдуары раз бады. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр паддзахы размӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой.
Израилӕгтӕ та иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты+. 9 Ӕмӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты дӕр адӕм быцӕу кӕнын райдыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Не знӕгты къухӕй+ ӕмӕ нӕ филистимӕгты къухӕй паддзах фервӕзын кодта, ӕмӕ ныр та Авессаломы тыххӕй ардыгӕй лидзинаг фӕци+. 10 Нӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтам*+, уыцы Авессалом та тохы быдыры фӕмард+. Уӕдӕ ныр цӕуылнӕ исты аразут, цӕмӕй паддзахы фӕстӕмӕ ӕркӕнат?»+
11 Паддзах Давид та сауджынтӕм, Садокмӕ+ ӕмӕ Авиафармӕ+, арвыста ахӕм ныхас: «Иудӕйы хистӕр лӕгтимӕ+ аныхас кӕнут ӕмӕ сын зӕгъут: „Паддзахы фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ чи кӕны, уыдонӕй фӕстаг сымах цӕмӕн хъуамӕ уат? Ӕнӕхъӕн Израилы цы дзурынц, уый паддзахы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ. 12 Ме ’фсымӕртӕ куы стут, мӕ туг ӕмӕ ме стӕг*+, уӕд сымах фӕстӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ уат уыцы хъуыддаджы?“ 13 Амессайӕн та зӕгъут+: „Мӕ туг ӕмӕ ме стӕг нӕ дӕ? Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, амӕй фӕстӕмӕ мын ды Иоавы бӕсты ӕфсады хистӕр куы нӕ уай, уӕд“»+.
14 Ӕмӕ паддзах Иудӕйы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм раздӕхта+, ӕмӕ йӕм уыдон дӕр арвыстой, зӕгъгӕ, ӕрцу фӕстӕмӕ, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр.
15 Ӕмӕ паддзах фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ араст ӕмӕ Иорданмӕ бахӕццӕ. Иудӕйы адӕм та Галгалмӕ+ ӕрцыдысты, цӕмӕй паддзахы размӕ ацыдаиккой ӕмӕ йӕ Иорданыл рахизын кодтаиккой. 16 Уӕд бахуримаг+ Шимей+ дӕр, Герӕйы+ фырт, Вениамины байзӕддаг, Иудӕйы адӕмимӕ паддзах Давиды размӕ атагъд кодта. 17 Шимеимӕ уыди Вениамины мыггагӕй иу мин адӕймаджы. Йемӕ ма рацыд, Саулы хӕдзары лӕггадгӕнӕг чи уыд, уыцы Сивӕ+ дӕр йӕ фынддӕс фыртимӕ+ ӕмӕ дыууын лӕггадгӕнӕгимӕ. Ӕмӕ паддзахӕй раздӕр ӕрбахӕццӕ сты Иорданмӕ. 18 Сивӕ доныл ахызт+, цӕмӕй паддзахы хӕдзаронты рахизын кодтаид ӕмӕ паддзахы зӕрдӕ балхӕдтаид. Ӕмӕ паддзах Иорданыл ахизынмӕ куы хъавыд, уӕд Герӕйы фырт Шимей йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ 19 ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау мӕ аххосджыныл ма банымайӕд ӕмӕ ма ӕрхъуыды кӕнӕд, мӕ буц хицау, паддзах Иерусалимӕй куы рацӕйцыд, уӕд дӕ цагъар цы ӕвзӕрдзинад ракодта, уый+. Паддзах уыцы хабар йӕ зӕрдӕйы ма хӕссӕд+. 20 Дӕ цагъар ӕй йӕхӕдӕг дӕр зоны, тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Ӕмӕ абон Иосифы фырттӕй+ ӕз се ’ппӕтӕй фыццаг уымӕн рацыдтӕн мӕ буц хицауы, паддзахы размӕ».
21 Уӕд Саруйӕйы+ фырт Авессӕ+ загъта: «Шимей Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы кӕй ӕлгъыста, уый тыххӕй йӕ амарын нӕ хъӕуы?»+ 22 Фӕлӕ Давид загъта: «Мах цы хъуыддаг ис+, Саруйӕйы фырттӕ? Мӕ ныхмӕ цӕмӕн цӕут абон?+ Ау, абон уыцы бон у, ӕмӕ Израилы искӕй амарой?+ Ӕви йӕ мӕхӕдӕг нӕ зонын, ныр Израилы паддзах ӕз кӕй дӕн, уый?» 23 Стӕй паддзах Шимейӕн загъта, нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын расомы кодта+.
24 Паддзахы размӕ рацыд Саулы фырты фырт Мемфивосфей+ дӕр. Паддзах куы ацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Мемфивосфей йӕ къӕхтӕ не ’хсадта+, йӕ рихитӕ не ’лвыдта+ ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ дӕр не ’хсадта, цалынмӕ паддзах фӕстӕмӕ фарнимӕ не ’рыздӕхт, уӕдмӕ. 25 Ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыд, цӕмӕй паддзахыл сӕмбӕлдаид, уӕд ӕй паддзах бафарста: «Мемфивосфей, ды мемӕ цӕуылнӕ рацыдтӕ?» 26 Уый йын загъта: «Мӕ буц хицау, мӕ лӕггадгӕнӕг+ мыл сайдӕй рацыд. Дӕ цагъар ын загъта, хӕрӕгыл-ма мын саргъ сӕвӕр, цӕмӕй йыл сбадон ӕмӕ паддзахимӕ ацӕуон, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъар къуылых у+. 27 Уый та мӕ буц хицауы раз дӕ цагъары фыдкой фӕкодта+. Фӕлӕ мӕ буц хицау ӕцӕг Хуыцауы зӕдӕй+ уӕлдай нӕу. Гъемӕ дӕм хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ бакӕн. 28 Мӕ буц хицауы раз мӕ фыды хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр мӕлӕт йеддӕмӕ ницы аккаг сты, ды та дӕ цагъары, дӕ фынгӕй чи хӕры, уыдоны ’хсӕн ӕрбадын кодтай+. Ӕмӕ ма уӕд паддзахӕн куыд хъуамӕ рахъаст кӕнон?»+
29 Фӕлӕ йын паддзах загъта: «Уый тыххӕй ма цы дзурыс? Ӕз мӕ ныхас загътон: ды ӕмӕ Сивӕ зӕххытӕ уӕ кӕрӕдзийыл адих кӕндзыстут»+. 30 Мемфивосфей паддзахӕн дзуапп радта: «Иууылдӕр дӕр уый уӕнт+, уӕлдайдӕр та ныр – мӕ буц хицау, паддзах йӕ хӕдзармӕ фарнимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд».
31 Паддзахмӕ Роглимӕй ӕрцыд галаадаг Верзели+ дӕр, цӕмӕй паддзахимӕ ацыдаид ӕмӕ йӕ Иорданы онг ахизын кодтаид. 32 Верзели уыди тынг зӕронд, цыди йыл ӕстай азы+. Паддзах Маханаимы+ куы уыд, уӕд ын уырдӕм хӕринаг ӕрвыста, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг лӕг уыд+. 33 Ӕмӕ паддзах Верзелийӕн загъта: «Цом мемӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ Иерусалимы мемӕ иу фынгыл баддзынӕ»+. 34 Фӕлӕ Верзели паддзахӕн загъта: «Цал азы ма фӕцӕрдзынӕн, цӕй номыл ма цӕуын паддзахимӕ Иерусалиммӕ? 35 Ныр мыл ӕстай азы цӕуы+. Ӕмӕ ма хорз ӕвзӕрӕй иртасын? Науӕд, цы хӕрын ӕмӕ цы нуазын+, уымӕн ма йӕ ад ӕмбарын кӕнӕ ма зарӕггӕнджыты хъӕлӕс ӕвзарын?+ Уӕдӕ мӕ буц хицауӕн, паддзахӕн дӕ цагъар уаргъ+ цӕмӕн хъуамӕ уа? 36 Дӕ цагъар паддзахимӕ Иорданы онг иу гыццыл йеддӕмӕ куы нӕ рацыд, уӕд мын паддзах ахӕм хорзӕх цӕй тыххӕй хъуамӕ ракӕна?+ 37 Ауадз дӕ цагъары, ӕмӕ фӕстӕмӕ ацӕуон ӕмӕ мӕхи горӕты амӕлон+, мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад кӕм ныгӕд сты, уым+. Фӕлӕ мӕнӕ дӕ цагъар Кимгам+. Уадз ӕмӕ уый ацӕуӕд мӕ буц хицауимӕ, паддзахимӕ. Ӕмӕ дӕ хорзӕй цы фӕнды, уый уымӕн ракӕн».
38 Паддзах загъта: «Хорз, Кимгам мемӕ рацӕуӕд, ӕмӕ дӕ цы фӕнды, уый йын сараздзынӕн. Стӕй дӕуӕн дӕр сараздзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый». 39 Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ паддзах дӕр цӕугӕдоныл ахызт. Паддзах Верзелийӕн апъа кодта+ ӕмӕ йын раарфӕ кодта+, ӕмӕ Верзели сӕхимӕ аздӕхт. 40 Паддзах цӕугӕдоныл куы ахызт, цӕмӕй Галгалмӕ+ ацыдаид, уӕд йемӕ ахызт Кимгам дӕр. Паддзахимӕ цыдысты Иудӕйы адӕм иууылдӕр, стӕй Израилы адӕмӕн се ’мбис.
41 Уӕд Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Мах сусӕгӕй дӕ цӕмӕн+ акодтой не ’фсымӕртӕ, Иудӕйы адӕм? Паддзахы, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ Давидӕн йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр Иорданыл уыдон цӕмӕн ахизын кодтой?»+ 42 Уӕд Иудӕйы адӕм Израилы адӕмӕн загътой: «Уымӕн ӕмӕ паддзах нӕ хион у+. Цӕуыл смӕсты стут? Мыййаг, паддзахы хардзӕй исты бахордтам кӕнӕ нын лӕвӕрттӕ ӕрбахастой?»
43 Фӕлӕ Израилы адӕм Иудӕйы адӕмӕн загътой: «Махӕн дӕс хайы ис паддзахады+, ӕмӕ нын Давидмӕ дӕр фылдӕр бартӕ ис. Ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕм цӕмӕн ракастыстут ӕмӕ нӕ цӕуылнӕ бауагътат, цӕмӕй паддзахы фыццаг+ мах ӕркодтаиккам?» Фӕлӕ Иудӕйы адӕмы ныхас Израилы адӕмы ныхасӕй карздӕр уыд.
20 Уым уыд иу ӕнаккаг адӕймаг+, Бихрийы фырт Савӕ+, Вениамины байзӕддаг. Уый сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ загъта: «Махӕн Давидмӕ хай нӕй, нӕй нын бынтӕ Йессейы фыртмӕ+. Израилӕгтӕ, фӕстӕмӕ уӕ хуыцӕуттӕм!»+ 2 Уӕд Израилы адӕм Давиды ныууагътой ӕмӕ Бихрийы+ фырт Савӕйы фӕдыл ацыдысты. Фӕлӕ Иудӕйы адӕм нӕ ныууагътой сӕ паддзахы, йемӕ цыдысты Иорданӕй суанг Иерусалиммӕ+.
3 Давид Иерусалиммӕ йӕ хӕдзармӕ куы ’рцыд+, уӕд йӕ дӕс номылусы+, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, уыдоны, хицӕн хӕдзары бакодта ӕмӕ сын хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдта. Хӕринагӕй сӕ цух нӕ уагъта, фӕлӕ семӕ ӕмуат нал ӕрцыд+. Афтӕ дуарӕхгӕдӕй цардысты сӕ мӕлӕты бонмӕ, ӕмӕ ис лӕгӕй идӕдзӕй ӕрвыстой сӕ бонтӕ.
4 Паддзах Амессайӕн+ загъта: «Ӕртӕ бонмӕ мӕм Иудӕйы адӕмы ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ стӕй дӕхӕдӕг дӕр ам куыд уай». 5 Амессай дӕр ацыд, цӕмӕй Иудӕйы адӕммӕ фӕсидтаид, фӕлӕ йын паддзах кӕдмӕ загъта, уӕдмӕ не ’рбацыд, ныффӕстиат. 6 Ӕмӕ уӕд Давид Авессӕйӕн+ загъта: «Ныр нын Бихрийы фырт Савӕ+ Авессаломӕй+ дӕр фылдӕр фыдбылызтӕ ракӕндзӕн. Демӕ акӕн дӕ хицауы лӕггадгӕнджыты+ ӕмӕ йӕ фӕстейӕ асур, науӕд фидаргонд горӕттӕм куы бафта, уӕд нын аирвӕздзӕн». 7 Иоавы адӕм+, стӕй хелефейтӕ+ ӕмӕ фелефейтӕ+ ӕмӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ иууылдӕр йӕ фӕдыл ацыдысты. Уыдон Иерусалимӕй рацыдысты ӕмӕ Бихрийы фырт Савӕйы фӕстейӕ асырдтой. 8 Гаваоны+ стыр дуры цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сыл Амессай+ дӕр амбӕлд. Иоавӕн йӕ уӕлӕ уыд хӕстон дарӕс, йӕ астӕуыл та – рон, ӕмӕ йӕ фарсыл кӕрддзӕмы тъыст уыд хъама. Ӕмӕ размӕ куы акъахдзӕф кодта, уӕд ын ӕрхауд.
9 Иоав Амессайы бафарста: «Дзӕбӕх дӕ, ме ’фсымӕр?»+ Стӕй йӕ рахиз къухӕй Амессайӕн йӕ боцъойыл фӕхӕцыд, апъа дын кӕнон, зӕгъгӕ+. 10 Амессай Иоавы къухы хъама федта, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ницӕмӕ фехсайдта. Ӕмӕ йын Иоав хъама йӕ гуыбыны атъыста+, ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракалдысты. Ӕмӕ Иоавы дыккаг цӕф кӕнын нал бахъуыд – Амессай амард. Стӕй Иоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авессӕ фӕстейӕ асырдтой Бихрийы фырт Савӕйы.
11 Иоавы лӕппутӕй иу Амессайы раз слӕууыд ӕмӕ загъта: «Иоавы чи уарзы ӕмӕ Давиды фарс чи у+,– уе ’ппӕт дӕр Иоавы фӕдыл!» 12 Амессай та стыр фӕндаджы астӕу йӕ туджы мӕцыд+. Лӕппу уый куы федта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Амессайы раз ӕрлӕууынц, уӕд ӕй фӕндагӕй быдырмӕ аласта ӕмӕ йыл уӕлейӕ уӕлӕдарӕс ӕрӕппӕрста, уымӕн ӕмӕ уыдта, йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уый-иу кӕй ӕрлӕууыд+. 13 Куыддӕр ӕй фӕндагӕй иуварс аласта, афтӕ иууылдӕр араст сты Иоавы фӕдыл ӕмӕ Бихрийы фырт Савӕйы+ фӕстейӕ асырдтой.
14 Савӕ та ӕрзылд ӕппӕт Израилы мыггӕгтыл суанг Авел-Беф-Маахӕйы онг+. Бихрийы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ уыдон дӕр Савӕйы фӕдыл горӕтмӕ бацыдысты.
15 Иоав ӕмӕ йӕ адӕм Авел-Беф-Маахӕйыл, Савӕ кӕм уыди, уыцы горӕтыл, ӕртыхстысты. Горӕтӕн йӕ алыварс уыди сыджытӕй конд быру. Ӕмӕ йын йӕ алыварс сыджытӕй обау скодтой+. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр къулы бынмӕ къахын райдыдтой, цӕмӕй йӕ ныппырх кодтаиккой. 16 Уӕд сӕм горӕты къулӕй иу куырыхон сылгоймаг+ рахъӕр кодта: «Райхъусут-ма, хорз адӕм! Райхъусут! Уӕ хорзӕхӕй, Иоавӕн-ма зӕгъут, ардӕм-ма ӕрбацу, демӕ мӕ ныхасаг ис, зӕгъгӕ». 17 Иоав дӕр хӕстӕгдӕр бацыд, ӕмӕ йӕ сылгоймаг бафарста: «Иоав ды дӕ?» «О, ӕз дӕн»,– дзуапп ын радта уый. Уӕд ын сылгоймаг загъта: «Байхъус, дӕ цагъар-сылгоймаг+ дын цы зӕгъдзӕн, уымӕ». «Хъусын дӕм»,– загъта йын Иоав. 18 Ӕмӕ сылгоймаг загъта: «Раджы заманты-иу афтӕ дзырдтой: „Авелӕй искӕй бафӕрсӕнт, ӕмӕ афтӕмӕй алыг кӕнӕнт хъуыддаг“. 19 Ӕз дзурын, Израилы цы сабыр+ ӕмӕ иузӕрдион+ адӕм ис, уыдоны номӕй. Ды хъавыс, Израилы мидӕг мады хуызӕн чи у, уыцы горӕт фесафынмӕ+. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы бынтӕ+ бабын кӕнын?»+ 20 Уӕд Иоав загъта: «Мӕнӕн мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд бабын кӕнын кӕнӕ фесафын. 21 Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Ефремы хӕхбӕстӕй+ иу адӕймаг, Бихрийы фырт Савӕ+, паддзах Давиды ныхмӕ рацыд+. Раттут нын уыцы адӕймаджы+, ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ ацӕудзынӕн»+. Ӕмӕ сылгоймаг Иоавӕн загъта: «Хорз, къулы сӕрӕй дын йӕ сӕр+ раппардзыстӕм!»
22 Уыцы куырыхон сылгоймаг+ уайтагъд ацыд, ӕппӕт адӕмимӕ дӕр аныхас кодта, ӕмӕ уыдон Бихрийы фырт Савӕйӕн йӕ сӕр ралыг кодтой ӕмӕ йӕ Иоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Иоав сыкъайӕ ныууасыд+, ӕмӕ йӕ адӕм горӕтмӕ нал бабырстой, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хӕдзармӕ ацыд. Иоав та фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ паддзахмӕ ӕрыздӕхт.
23 Иоав уыд Израилы ӕгас ӕфсады сӕргълӕууӕг+. Иодайы+ фырт Ванейӕ+ та уыди хелефейты+ ӕмӕ фелефейты+ сӕргъы. 24 Адорам+ лӕууыд кусджыты сӕргъы. Ахилуды фырт Иосафат+ та уыд азфыссӕг. 25 Шевӕ+ уыд писыр+, Садок+ ӕмӕ Авиафар+ та – сауджынтӕ. 26 Иаритаг Ира дӕр лӕггад кодта сауджынӕй*+ Давиды дӕлбар.
21 Давиды рӕстӕджы фӕд-фӕдыл ӕртӕ азы дӕргъы уыди ӕххормаг заман+. Давид уыцы хабары тыххӕй Йегъовӕйы бафарста, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Саул ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг аххосджын сты тугныккалды, уымӕн ӕмӕ Саул гаваойнӕгты цагъта»+. 2 Уӕд паддзах гаваойнӕгтӕм+ фӕдзырдта ӕмӕ семӕ аныхас кодта. Гаваойнӕгтӕ та Израилы фырттӕй нӕ уыдысты, фӕлӕ ма аморейтӕй+ чи баззад, уыдонӕй. Израилы фырттӕ сын сомы ракодтой+, нӕ уӕ ныццӕгъддзыстӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ уӕддӕр Саул фесафынмӕ хъавыд+, уымӕн ӕмӕ мӕсты кодта+, Израилы ӕмӕ Иудӕйы фыртты ’хсӕн кӕй цардысты, ууыл. 3 Ӕмӕ Давид гаваойнӕгтӕн загъта: «Цавӕр хорздзинад уын саразон ӕмӕ куыд ссыгъдӕг кӕнон уыцы тӕригъӕд+, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн+ раарфӕ кӕнат?» 4 Гаваойнӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Саулӕй ӕмӕ нӕ йӕ хӕдзаронтӕй нӕдӕр ӕвзист хъӕуы, нӕдӕр сызгъӕрин+, Израилы искӕй амарын дӕр нӕ бар нӕу». Уӕд сын Давид загъта: «Цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй». 5 Уыдон паддзахӕн загътой: «Чи нӕ цагъта+ ӕмӕ нӕ Израилы зӕххӕй фесафынмӕ чи хъавыд+, 6 уый сӕрмӕ нын раттут йӕ фырттӕй авд адӕймаджы+, ӕмӕ сӕ мах Йегъовӕйы раз Гивӕйы+ ӕрцауындздзыстӕм+, Йегъовӕйы ӕвзӕрст паддзах Саулы горӕты»+. Ӕмӕ сын паддзах загъта: «Хорз, ратдзынӕн уын сӕ».
7 Фӕлӕ паддзахӕн йӕ цӕст нӕ бауарзта Саулы фырт Ионафанӕн йӕ фырт Мемфивосфейы+ раттын, Давид ӕмӕ Саулы фырт Ионафан Йегъовӕйы раз кӕй расомы кодтой+, уый тыххӕй. 8 Ӕмӕ паддзах ракодта, Саулӕн Айӕйы чызг Рицпӕ+ кӕй ныййардта, уыцы дыууӕ фырты, Армон ӕмӕ Мемфивосфейы, ӕмӕ Саулы чызг Мелхолӕйы+ фондз фырты*, мехолӕйаг Верзелийы фырт Адриелӕн+ кӕй ныййардта, уыдоны. 9 Гаваойнӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сын уыдон сӕ мӕрдтӕ Йегъовӕйы раз хохыл ӕрцауыгътой+. Афтӕ авдӕй иумӕ ссардтой сӕ мӕлӕт. Амардтой сӕ хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхор кӕрдын куы райдайынц, уӕд+. 10 Айӕйы+ чызг Рицпӕ та йемӕ хъисын+ ахаста, йӕхицӕн ӕй къӕдзӕхыл айтыдта, ӕмӕ уым уыди хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, къӕвда куы ’руарыд, уыцы боны онг+. Бонӕй сыл уӕларвон мӕргъты+ нӕ уагъта абадын, ӕхсӕв та сӕм хъӕддаг сырдты+ нӕ уагъта хӕстӕг.
11 Цасдӕры фӕстӕ Давидӕн радзырдтой+, Айӕйы чызг Рицпӕ, Саулы номылус, цы сарӕзта, уый. 12 Уӕд Давид ацыд Иавис-Галаады+ цӕрджытӕм ӕмӕ Саулы стджытӕ+ ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны стджытӕ рахаста, уымӕн ӕмӕ филистимӕгтӕ Саулы Гелвуйы хохыл+ цы бон амардтой, уыцы бон сӕ Беф-Саны фӕзы+ ӕрцауыгътой+, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ Иавис-Галаады цӕрджытӕ уырдыгӕй радавтой. 13 Гъемӕ Давид Саулы стджытӕ ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны стджытӕ уырдыгӕй рахаста. Кӕй ӕрцауыгътой, уыдоны стджытӕ дӕр ӕрӕмбырд кодтой+. 14 Стӕй Саулы ӕмӕ йӕ фырт Ионафаны стджытӕ баныгӕдтой Вениамины зӕххыл, Целӕйы+, йӕ фыд Кис+ кӕм ныгӕд уыд, уым. Ӕмӕ, паддзах цыдӕриддӕр загъта, уый сарӕзтой. Уый фӕстӕ сын Хуыцау фехъуыста сӕ лӕгъстӕтӕ сӕ зӕххы тыххӕй+.
15 Филистимӕгтӕ+ та ногӕй схӕцыдысты Израилимӕ. Давид ӕмӕ сӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕрцыдысты ӕмӕ семӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Давид тынг бафӕллад. 16 Ӕмӕ рефаимты*+ байзӕддӕгтӕй сӕ иу, Йесви, зӕгъгӕ, бахъавыд Давиды амарынмӕ. Йӕ ӕрхуы арцы+ уӕз уыд ӕртӕсӕдӕ сиклы*, йӕ астӕуыл та уыди ног хъама. 17 Фӕлӕ Саруйӕйы фырт Авессӕ+ Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыд+ ӕмӕ уыцы филистимаджы амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Немӕ хӕстмӕ нал рацӕудзынӕ+, науӕд Израилы цырагъ+ ахуыссын кӕндзынӕ!»+
18 Уый фӕстӕ та филистимӕгтимӕ Гобы раз бацайдагъ хӕст. Ӕмӕ хушаг+ Сивхай+ амардта Сафуты, рефаимты+ байзӕддӕгтӕй иуы.
19 Ӕмӕ та ногӕй Гобы раз филистимӕгтимӕ хӕст бацайдагъ, ӕмӕ вифлеемаг Йагаре-Оргимы фырт Елханан+ амардта гефаг Голиафы. Уыцы гефагӕн йӕ арцы хъӕд уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн+.
20 Уый фӕстӕ та хӕст бацайдагъ Гефы+. Уым уыд иу ӕнахуыр стыр лӕг, йӕ алы къухыл дӕр ӕмӕ йӕ алы къахыл дӕр уыди ӕхсӕз ӕнгуылдзы – ӕдӕппӕтӕй дыууын цыппар ӕнгуылдзы. Уый дӕр уыди рефаимты+ байзӕддаг. 21 Уыцы адӕймаг Израилӕй хынджылӕг кодта+, ӕмӕ йӕ Давидӕн йе ’фсымӕр Шимейы+ фырт Ионафан+ амардта.
22 Уыцы цыппар лӕджы рефаимтӕн райгуырдысты Гефы+. Ӕмӕ сӕ цыппар дӕр сӕ мӕлӕт ссардтой Давид ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты къухӕй+.
22 Йегъовӕ Давиды йе ’ппӕт знӕгты къухӕй+ ӕмӕ Саулы къухӕй+ куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Йегъовӕмӕ скуывта ацы зарӕджы ныхӕстӕй+ 2 ӕмӕ загъта:
«Йегъовӕ у мӕ айнӕг къӕдзӕх+, мӕ фидар мӕсыг+ ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг+.
3 Мӕ Хуыцау у мӕ къӕдзӕх+. Ӕз мӕхи йе уазӕг бакӕндзынӕн.
Уый у мӕ уарт+, мӕ ирвӕзындзинады сыкъа+ ӕмӕ мӕ бӕрзонд хох+.
Ме ’мбӕхсӕн+ ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг+. Ды мӕ фервӕзын кӕндзынӕ тыхмийӕ+.
7 Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ+,
Ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй+.
Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс+,
Фехъуыст ӕм мӕ дзыназын+.
9 Йӕ фындзыхуынчъытӕй цыд фӕздӕг, йӕ дзыхӕй – пиллон арт, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ныхъуырдта+.
Алырдӕм дзы калд судзгӕ цӕхӕртӕ+.
13 Йӕ разы арв ӕрттывта ӕмӕ судзгӕ цӕхӕртӕ калдысты+.
15 Уый ӕхста фаттӕ, цӕмӕй сӕ алырдӕмты ныххӕлиу кодтаид+,
Калдта арвы цӕхӕртӕ, цӕмӕй сдзӕгъӕлтӕ уыдаиккой+.
16 Ӕмӕ разынди денджызы бын+,
Сзындысты зӕххы бындуртӕ+
Йегъовӕйы карз уайдзӕфӕй, йӕ фындзыхуынчъыты тыхджын улӕфтӕй+.
18 Ирвӕзын мӕ кодта тыхджын знагӕй+,
Йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр уыдысты+.
21 Йегъовӕ мын арфӕ кӕны мӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+,
Мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ мын хорздзинадӕй фиды+.
22 Уымӕн ӕмӕ ӕз фидар лӕууыдтӕн Йегъовӕйы фӕндӕгтыл+,
Ӕмӕ мӕ Хуыцауы нӕ ныууагътон – ахӕм фыдхъуыддаг нӕ бакодтон+.
26 Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион+,
Ӕнаипп адӕймагимӕ уыдзынӕ ӕнаипп+.
27 Сыгъдӕг адӕймаг фендзӕн, сыгъдӕг кӕй дӕ, уый+,
Мӕнгард чи у, ууыл та хинӕй рацӕудзынӕ+.
28 Сӕрныллӕг адӕмы фервӕзын кӕндзынӕ+,
Сӕрбӕрзонд чи у, уыдонӕн та ды сӕ ныхмӕ дӕ, ӕгады бынатмӕ сӕ ӕрӕппардзынӕ+.
31 Ӕцӕг Хуыцауы фӕндаг у ӕххӕст+.
Йегъовӕйы ныхӕстӕ сты сыгъдӕг+.
Уый у уарт, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдонӕн+.
33 Ӕцӕг Хуыцау у мӕ фидар мӕсыг+,
Уый мын слӕгъз кӕндзӕн мӕ фӕндаг+.
34 Мӕ къӕхтӕ мын фестын кӕны саджы къӕхтӕ+,
Ӕмӕ мӕ слӕууын кӕны бӕрзонд рӕтты+.
38 Ӕз ме знӕгты фӕстейӕ асурдзынӕн, цӕмӕй сӕ бындзагъд фӕкӕнон,
Ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхдзынӕн, цалынмӕ сӕ нӕ ныццӕгъдон, уӕдмӕ+.
39 Ныццӕгъддзынӕн сӕ, афтӕ сӕ ныппырх кӕндзынӕн+, ӕмӕ сӕ бон сыстын нал суыдзӕн+,
Ӕмӕ мӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты+.
40 Ды мын тохы бонмӕ мӕ астӕу хъаруйӕ ӕрбалвасдзынӕ+.
Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны мын мӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппардзынӕ+.
41 Ме знӕгты мын мӕ разӕй лидзӕг фӕкӕндзынӕ*+,
Ӕмӕ мӕ йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уыдзысты+.
42 Уыдон ӕххуысмӕ дзыназынц, фӕлӕ сӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй+,
Дзыназынц Йегъовӕмӕ, фӕлӕ сын дзуапп нӕ дӕтты+.
44 Ды мӕ фервӕзын кӕндзынӕ мӕ адӕмы уайдзӕфтӕй+.
Ды мӕ бахъахъхъӕндзынӕ, цӕмӕй адӕмты сӕргъы слӕууон+.
Цы адӕмы нӕ зыдтон, уыдон мын лӕггад кӕндзысты+.
46 Ӕндӕрбӕстӕгтӕм хъару нал уыдзӕн,
Ӕмӕ зырзыргӕнгӕ рацӕудзысты сӕ фидӕрттӕй+.
47 Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау+. Арфӕгонд уӕд мӕ айнӕг къӕдзӕх!+
Кад уӕд Хуыцауӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг къӕдзӕхӕн!+
48 Ӕцӕг Хуыцау у мӕ Мастисӕг+,
Ӕмӕ мын адӕмты кӕны мӕ дӕлбар+.
49 Ирвӕзын мӕ кӕны ме знӕгтӕй+.
Ды мӕ сисдзынӕ, мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр+,
Фервӕзын мӕ кӕндзынӕ тыхгӕнӕгӕй+.
51 Уый йӕ паддзахы ирвӕзын кӕнгӕйӕ аразы стыр хъуыддӕгтӕ+
Ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы+,
Давиды, ӕмӕ йӕ байзӕддаджы – ӕнустӕм»+.
23 Адон сты Давиды фӕстаг ныхӕстӕ+:
«Йессейы+ фырт Давиды ныхӕстӕ,
Бӕрзонд ӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы адӕймаджы+,
Иаковы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕджы+,
3 Израилы Хуыцау дзырдта,
Израилы Къӕдзӕх мын загъта+:
„Адӕмӕн сӕ хицау рӕстгӕнӕг+ куы уа,
Хуыцауӕй куы тӕрса+ ӕмӕ сын разамынд афтӕмӕй куы дӕтта,
4 Уӕд уый у, райсомӕй хуры рухс куыд ӕрбакӕсы, уый хуызӕн+,
Райдзаст райсомы хуызӕн.
Хуры рухс ӕмӕ къӕвдайы фӕрцы зӕххӕй кӕрдӕг сзайы“+.
5 Ӕмӕ исты ахӕм нӕу мӕ хӕдзар Хуыцауы цӕсты?+
Уый мемӕ скодта ӕнусон бадзырд+,
Алцӕмӕй дӕр – уаг ӕмӕ ӕгъдауыл конд ӕмӕ ӕнӕивгӕ+,
Уый мидӕг ис мӕ ирвӕзындзинад+ ӕмӕ ме стыр цин.
Ау, ӕмӕ уӕд уыцы бадзырд куыннӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕна?+
6 Ӕнаккаг адӕймӕгтӕ+ та се ’ппӕт дӕр сты, кӕй аппарынц+ ӕмӕ къухӕй кӕмӕ нӕй бавналӕн,
Ахӕм сындзкъутӕрты+ хуызӕн.
8 Адон сты Давиды тыхджын+ хӕстонтӕ: ахаманитаг Исбосеф+, ӕртӕйы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы иу хаттӕн амардта астсӕдӕ адӕймаджы. 9 Йӕ фӕстӕ цӕуы Елеазар+, Ахохийы фырт Додойы+ лӕппу. Иухатт филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй израилӕгтимӕ схӕцыдаиккой, ӕмӕ уӕд, Давид ӕмӕ йемӕ цы ӕртӕ тыхджын хӕстоны уыд, уыдон филистимӕгтӕй хынджылӕг кодтой. Елеазар уыд уыцы ӕртӕйӕ сӕ иу. Уыцы тохы израилӕгтӕ фӕстӕмӕ алӕууыдысты+. 10 Фӕлӕ Елеазар сыстад ӕмӕ филистимӕгты цӕгъдын райдыдта. Цагъта сӕ, цалынмӕ йӕ къух нӕ ныууӕззау ӕмӕ йӕ хъамайыл нӕ баныхӕст+, уӕдмӕ. Ӕмӕ сын уыцы бон Йегъовӕ стыр ирвӕзындзинад радта+. Адӕм та Елеазары фӕстӕ рацыдысты ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй, кӕй ныццагъта, уыдонӕн сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сӕхицӕн рахастаиккой+.
11 Елеазары фӕстӕ цӕуы Шаммӕ, гарараг+ Агейы фырт. Филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Лехийы, тъӕпӕн хъӕдур+ кӕм уыди сагъд, уыцы быдыры, ӕмӕ адӕм филистимӕгтӕй лидзӕг фесты. 12 Фӕлӕ уый быдыры астӕу слӕууыд ӕмӕ быдыр бахъахъхъӕдта. Шаммӕ филистимӕгты ныццагъта, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн стыр ирвӕзындзинад радта+.
13 Хуымгӕрдӕны рӕстӕг ӕртын разамонӕгӕй+ ӕртӕйӕ ӕрцыдысты Давидмӕ Одолламы+ лӕгӕтмӕ. Филистимӕгты цатыртӕ та лӕууыдысты рефаимты дӕлвӕзы+. 14 Уӕд Давид уыди, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм ран+, филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд+ та лӕууыд Вифлеемы. 15 Иуафон Давид сдойны ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ, Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уый донӕй иу хуыпп уӕддӕр акӕн!»+ 16 Уӕд уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстоны, филистимӕгты ӕфсад кӕм уыди, уырдӕм бабырстой, Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уырдыгӕй дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрбахастой+. Фӕлӕ дзы Давид нуазын нӕ бакуымдта, Йегъовӕйы раз ӕй акалдта+. 17 Давид загъта: «Нӕ, Йегъовӕ, куыд дзы хъуамӕ бануазон!+ Йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ чи ӕппӕрста, уыдоны туг+ бануазон?» Ӕмӕ дзы нуазын нӕ бакуымдта.
Афтӕ фесгуыхтысты уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстоны.
18 Иоавы ӕфсымӕр Авессӕ+, Саруйӕйы+ фырт, уыди ӕртын адӕймаджы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардта. Уыцы ӕртӕйау уымӕн дӕр йӕ кад айхъуыст+. 19 Ӕмӕ кӕд иннӕ ӕртын хӕстонӕй зындгонддӕр уыд ӕмӕ кӕд сӕ хистӕр дӕр уыди, уӕддӕр фыццаг ӕртӕйы не ’ййӕфта+.
20 Иодайы+ фырт Ванейӕ+, хъӕбатыр лӕджы фырт, Кавцеилы+ тынг фесгуыхт. Уый амардта моаваг Ариилы дыууӕ фырты. Стӕй ма, мит куы уарыд+, уыцы бон доны дзыхъмӕ ныххызт ӕмӕ дзы домбайы+ амардта. 21 Уый ма амардта ӕнахуыр стыр египетаг лӕджы дӕр+. Уыцы египетаджы къухы уыди арц, Ванейӕ та йӕ ныхмӕ рацыд хъилимӕ. Египетагӕн йӕ арц йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта+. 22 Афтӕ фесгуыхт Иодайы фырт Ванейӕ+. Уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстонау уымӕн дӕр йӕ кад айхъуыст+. 23 Кӕд ӕртын хӕстонӕй зындгонддӕр уыд, уӕддӕр уыцы ӕртӕйы не ’ййӕфта. Фӕлӕ йӕ Давид сӕвӕрдта йӕхицӕн хъахъхъӕнӕгӕй+.
24 Ӕртын тыхджын хӕстонӕй сӕ иу уыд Иоавы ӕфсымӕр Асаил+. Тыхджын хӕстонтӕй ма уыдысты: вифлеемаг Додойы фырт Елханан+, 25 хародаг Шаммӕ+ ӕмӕ хародаг Еликӕ, 26 палетаг Хелец+, фекойаг Иккешы+ фырт Ира+, 27 анафофаг+ Авиезер+, хушаг+ Мебуннай, 28 ахохаг+ Селмон, нетофафаг Магарай+, 29 нетофафаг Ваанӕйы фырт Хелев+, Вениамины фыртты горӕт Гивӕйӕ Рибайы фырт Иттай+, 30 пирафойнаг Ванейӕ+, Иддай – уый уыд, Гаашы+ раз цы дӕлвӕзтӕ ис, уырдыгӕй, 31 арбаттаг Ави-Албон, бархумаг Азмавеф+, 32 шаалбойнаг Елиахбӕ, Йашены фырттӕ, Ионафан+, 33 гарараг Шаммӕ, гарараг Шарары фырт Ахиам+, 34 Елифелет, маахӕйаг лӕджы фырт Ахасбайы фырт, гилойнаг Ахитофелы+ фырт Елиам, 35 кармилаг Хецрой+, арбитаг Паарай, 36 сувӕйаг Нафаны+ фырт Игал, Гады мыггагӕй Вани, 37 аммонаг Целек+ ӕмӕ беерофаг Нахарай, Саруйӕйы фырт Иоавы хӕцӕнгарзхӕсджытӕ, 38 ифриаг+ Ира, ифриаг Гареб+ 39 ӕмӕ хеттаг Ури+ – ӕдӕппӕтӕй ӕртын авд адӕймаджы.
24 Йегъовӕйы маст та ногӕй+ ссыгъд израилӕгтӕм, чидӕр* Давиды сӕ ныхмӕ куы скодта, ацу ӕмӕ Израилы ӕмӕ Иудӕйы адӕмы банымай+, зӕгъгӕ, уӕд. 2 Паддзахимӕ уыд йе ’фсады хистӕр Иоав+, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Израилы мыггӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕрзил, Данӕй суанг Вирсавийы онг+, ӕмӕ адӕмы ныффыссут+, цӕмӕй, цас сты, уый зонон»+. 3 Фӕлӕ Иоав паддзахӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ адӕмы, цы сты, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр фӕкӕнӕд, ӕмӕ мӕ буц хицау уый йӕхи цӕстӕй фенӕд. Цӕмӕн фӕнды мӕ буц хицауы уыцы хъуыддаг бакӕнын?»+
4 Фӕлӕ уӕддӕр паддзахы ныхас Иоавы ӕмӕ ӕфсады хистӕрты ныхасыл фӕтых+. Ӕмӕ Иоав ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ паддзахӕй рацыдысты ӕмӕ араст сты Израилы адӕмы ныффыссынмӕ+. 5 Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ароеры+ раз, дӕлвӕзы астӕу цы горӕт ис, уымӕн рахизырдыгӕй. Стӕй уырдыгӕй ацыдысты Гады+ зӕхмӕ ӕмӕ Иазермӕ+. 6 Уый фӕстӕ ӕрцыдысты Галаадмӕ+ ӕмӕ Тахтим-Ходшийы бӕстӕмӕ, стӕй Дан-Иаанмӕ ӕмӕ уырдыгӕй фӕзылдысты Сидонмӕ+. 7 Дарддӕр ацыдысты Тиры+ фидар мӕсыгмӕ, ӕрзылдысты евейты+ ӕмӕ ханаайнӕгты горӕттыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ ӕппынфӕстаг бахӕццӕ сты Вирсавимӕ+, уый ис Негевы+, Иудӕйы зӕххыл. 8 Афтӕ фараст мӕйы ӕмӕ дыууын бонмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты. 9 Ӕмӕ Иоав паддзахмӕ бахаста, кӕй ныффыстой+, уыцы адӕмы нымӕц: Израилы – астсӕдӕ мин хъӕбатыр хӕстоны, Иудӕйы та – фондзсӕдӕ мин нӕлгоймаджы+.
10 Давид адӕмы куы банымадта, уӕд уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт+. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Ацы хъуыддаг кӕй бакодтон, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтон+. Курӕг дӕ дӕн, Йегъовӕ, дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн+, уымӕн ӕмӕ тынг ӕнӕзонд ми бакодтон»+. 11 Райсомӕй Давид куы сыстад, уӕд Йегъовӕ пехуымпар Гадӕн+, Давидӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ чи уыд, уымӕн, загъта: 12 «Ацу ӕмӕ Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Мӕнӕ дын ӕртӕ ӕфхӕрды+. Кӕцы дӕ фӕнды, уый дзы равзар, ӕмӕ дӕ афтӕ бафхӕрдзынӕн“»+. 13 Гад ӕрбацыд Давидмӕ ӕмӕ йын загъта+: «Равзар: авд азы дӕ бӕстӕйы ӕххормаг заман уа+, ӕртӕ мӕйы де знӕгтӕ дӕ фӕдыл зилой+ ӕмӕ сӕ ды лидзай, ӕви ӕртӕ боны дӕ зӕххыл фыдниз уа+. Дзӕбӕх ахъуыды кӕн ӕмӕ зӕгъ, цы дзуапп раттон, чи мӕ рарвыста, уымӕн». 14 Давид Гадӕн загъта: «Тынг зын мын у! Фӕлӕ цӕйнӕфӕлтау адӕмы къухтӕм бахауон+, фӕлтау Йегъовӕйы къухмӕ бахауӕм+, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ стыр у».
15 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Израилыл фыдниз+ бафтыдта, ӕмӕ райсомӕй суанг нысангонд рӕстӕджы онг цагъды кодтой. Ӕмӕ Данӕй суанг Вирсавийы+ онг адӕмӕй фӕцагъды ӕвдай мины+. 16 Зӕд+ йӕ къух Иерусалиммӕ куы систа, цӕмӕй адӕмы фӕцагътаид, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрыст*+, уыцы бӕллӕх сыл кӕй ӕруагъта, ууыл. Ӕмӕ, адӕмы чи цагъта, уыцы зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕд уыд йевусаг+ Аравнӕйы*+ найгӕнӕн мусы цур.
17 Адӕмы чи цагъта, уыцы зӕды фенгӕйӕ, Давид Йегъовӕйӕн загъта: «Уый ӕз ракодтон тӕригъӕд ӕмӕ ӕз сарӕзтон фыдхъуыддаг, ацы фыстӕ+ та цы ракодтой? Курын дӕ, фӕлтау мӕн+ ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар ӕрцӕв».
18 Фӕстӕдӕр уыцы бон Гад Давидмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ Йегъовӕйӕн йевусаг Аравнӕйы найгӕнӕн мусы нывондхӕссӕн сараз»+. 19 Давид дӕр ацыд, Йегъовӕ йын Гады уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 20 Аравнӕ уый куы федта, ӕмӕ йӕм паддзах йӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕрбацӕуы, уӕд рацыд, паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта+. 21 Стӕй Аравнӕ загъта: «Цӕй фӕдыл ӕрбацыд мӕ буц хицау йӕ цагъармӕ?» Давид загъта: «Фӕнды мӕ дӕ найгӕнӕн мус балхӕнын+, цӕмӕй дзы Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн саразон, ӕмӕ адӕм мауал цагъды кӕной»+. 22 Фӕлӕ Аравнӕ Давидӕн загъта: «Афтӕ йӕ айсӕд+ мӕ буц хицау ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йыл ӕрхӕссӕд нывондӕн. Мӕнӕ дын стуртӕ судзинаг нывондӕн, найгӕнӕн дзоныгъ ӕмӕ стурты ӕфсондз та – сугӕн+. 23 Адӕттӕ иууылдӕр Аравнӕ дӕтты паддзахӕн». Стӕй ма Аравнӕ паддзахӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хорзӕх цы ссарай, уыцы арфӕ дӕ уӕд»+.
24 Фӕлӕ паддзах Аравнӕйӕн загъта: «Нӕ, ӕлхӕнгӕ сӕ кӕнын, бафиддзынӕн дын+. Ӕз мӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн, лӕвар мӕм цы ’рхауд, уый не ’рхӕсдзынӕн»+. Ӕмӕ Давид найгӕнӕн мус ӕмӕ стуртӕн фӕндзай сиклы ӕвзист бафыста+. 25 Стӕй Давид уым Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн+ сарӕзта ӕмӕ йыл судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ ӕрхаста. Ӕмӕ сын уӕд Йегъовӕ фехъуыста сӕ лӕгъстӕтӕ+ сӕ зӕххы тыххӕй, ӕмӕ Израилы адӕм нал цагъды кодтой.
[Фиппаинӕгтӕ]
Нысан кӕны «ӕхсондурӕй конд кӕрдты быдыр».
Комк. «джейран».
Комк. «байсӕрстой».
Комк. «де стӕг ӕмӕ дӕ буар».
Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
Комк. «байсӕрстой».
Нысан кӕны «Алцы чи атоны, уыцы хицау».
«Бака» – дзут. дзырд. Бӕлвырдӕй цы у, уый бӕрӕг нӕу.
Нысан кӕны «Озӕйы баййӕфта фыдӕх».
Комк. «ныссадздзынӕн».
Комк. «уый у закъон адӕмӕн».
Комк. «сауджынтӕ».
Ома Евфратмӕ.
Комк. «дӕ къӕхтӕ ныхс».
Комк. «ӕмӕ дын дӕ хицауы устыты радтон дӕ риумӕ».
Кӕнӕ «дӕ тӕригъӕды рӕзты ацыд».
Ацы ном цы дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «фарн».
Нысан кӕны «Йагъ кӕй уарзы, уый».
Ӕвӕц., дзырд цӕуы, горӕтмӕ дон кӕцӕй цыд, уыцы бынӕттыл.
Ӕвӕц., уый уыди аммонӕгты хуыцау, хуыдтой ма йӕ Молох кӕнӕ Милхом дӕр.
34,2 кг бӕрц.
Дзут. тексты ӕмбӕлы ацы номы ӕнӕхъӕн формӕ дӕр, ома «Йегъонадав».
Комк. «зӕрдӕйы хуызӕн гуылтӕ».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
2,3 кг бӕрц. Иу сикл у 11,4 г.
Комк. «зӕрдӕтӕ давта».
Ӕвӕц., Давиды сойӕ куы байсӕрстой ӕмӕ паддзах куы сси, уӕдӕй. Кӕс 1См 16:13.
Ома «Иттайы», йӕ кой цӕуы 19 ст.
Ӕвӕц., Йефер Авигейӕйӕн йӕ лӕг уыд.
Комк. «Кушы бӕстагӕн».
Комк. «байсӕрстам».
Кӕс Рд 29:14, фип.
Кӕнӕ «уыди хицау».
Таргумты у афтӕ: «Меровӕ кӕй ныййардта, уыцы фондз фырты (Саулы чызг Мелхолӕ кӕй схъомыл кодта, уыдоны)». Кӕс 2См 6:23.
Комк. «Рафӕйы». Сӕ фыды номӕй хуыдтой уӕйгуыты ӕгас мыггаг.
3,42 кг бӕрц.
Комк. «Шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Кӕнӕ «дымгӕйы базыртыл».
Кӕнӕ «Афтӕ бакӕндзынӕ, ӕмӕ ме знӕгтӕн сӕ къӕбут уындзынӕн».
Кӕнӕ «Израилы адӕмӕн уарзон зарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «уый». Кӕс 1Аз 21:1.
Комк. «Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта».
Кӕнӕ «Орнӕйы». Кӕс 1Аз 21:15.