Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 1 Самуилы 1:1–31:13
  • 1 Самуилы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 1 Самуилы
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Самуилы

Самуилы фыццаг чиныг

кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАДДЗАХӔДТЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ

1 Ефремы+ хӕхбӕсты, Рамафаим-Цофимы+ цард иу адӕймаг, Елхъан+, зӕгъгӕ. Елхъан уыд Йерохамы фырт, Йерохам – Елиуйы фырт, Елиуй – Тохуйы фырт, Тоху та – Цуфы+ фырт. Елхъан уыд ефремаг. 2 Уыди йын дыууӕ усы. Иу дзы хуынди Аннӕ, иннӕ та – Феннанӕ. Феннанӕйӕн уыди сывӕллӕттӕ, Аннӕйӕн та нӕ уыди+. 3 Уыцы адӕймаг-иу алы аз дӕр йӕ горӕтӕй Силоммӕ ацыд, цӕмӕй-иу ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн бакуывтаид+ ӕмӕ йын-иу нывӕндтӕ ӕрхастаид+. Уым Йегъовӕйӕн сауджынтӕй+ лӕггад кодтой Илийы дыууӕ фырты, Офни ӕмӕ Финеес+.

4 Елхъан-иу нывонд куы ’рхаста, уӕд-иу йӕ ус Феннанӕйӕн ӕмӕ Феннанӕйы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕй алкӕмӕн дӕр радта хӕйттӕ+. 5 Аннӕйӕн та-иу радта иу хай. Ӕнӕуи та Аннӕйы тынг уарзта+, фӕлӕ йын Йегъовӕ зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта+. 6 Елхъаны иннӕ ус ӕй йе ’лхыскъ ныхӕстӕй+ уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста, Йегъовӕ йын зӕнӕг кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй. 7 Афтӕ йын кодта, алы аз+ дӕр-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд+. Йӕ хъуырмӕ-иу ӕй скодта, ӕмӕ-иу Аннӕ цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта. 8 Йӕ лӕг Елхъан та-иу ын дзырдта: «Аннӕ, цӕмӕн кӕуыс ӕмӕ цӕуылнӕ хӕрыс? Цӕуыл ӕнкъард кӕны дӕ зӕрдӕ?+ Ӕз дын дӕс фыртӕй дӕр хуыздӕр нӕ дӕн?»+

9 Иухатт та Силомы куы уыдысты ӕмӕ куы ахордтой ӕмӕ куы анызтой, уӕд Аннӕ сыстад – уыцы рӕстӕг сауджын Илий та Йегъовӕйы кувӕндоны+ бахизӕны бандоныл бадти – 10 ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ маст сыгъта+, афтӕмӕй Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+, ӕмӕ судзгӕ цӕссыг калдта+. 11 Уӕд Аннӕ Хуыцауӕн дзырд радта+: «О ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, кӕд дӕ цагъары хъизӕмармӕ ӕркӕсай+ ӕмӕ мӕ ӕрхъуыды кӕнай+, кӕд нӕ ферох кӕнай дӕ цагъары ӕмӕ йын лӕппу радтай, уӕд ӕй ӕз йӕ цард-цӕрӕнбонтӕм ратдзынӕн Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн нӕ андзӕвдзӕн»+.

12 Цалынмӕ Аннӕ афтӕ бирӕ рӕстӕг Йегъовӕмӕ куывта+, уӕдмӕ йӕм Илий та кӕсгӕ кодта. 13 Аннӕ куывта йӕхинымӕр+: ӕрмӕстдӕр йӕ былтӕ змӕлыдысты, йӕ ныхас та нӕ хъуысти. Гъемӕ Илий афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ расыг у+. 14 Ӕмӕ йын загъта: «Кӕдмӕ уыдзынӕ расыг?+ Ацу ӕмӕ уал ӕрӕрвонг у». 15 Фӕлӕ йын Аннӕ загъта: «Цытӕ дзурыс, мӕ буц хицау! Дӕ разы цы сылгоймаг лӕууы, уымӕн йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг у. Ӕз нӕдӕр сӕн банызтон, нӕдӕр карз нозт. Мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурын Йегъовӕйӕн+. 16 Дӕ цагъар-сылгоймаджы ницӕйаг+ сылгоймагыл ма банымай. Мӕ судзгӕ сагъӕсӕй ӕмӕ мӕ маствӕллад зӕрдӕйӕ куывтон уыйбӕрц рӕстӕг»+. 17 Ӕмӕ йын уӕд Илий загъта: «Фарнимӕ цу+ ӕмӕ дын Израилы Хуыцау раттӕд, цы дзы куырдтай, уый»+. 18 Аннӕ уый куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ цагъары дӕ хорзӕх уӕд»+. Ӕмӕ рацыд уырдыгӕй. Ӕмӕ уӕд хӕргӕ дӕр бакодта+, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд+.

19 Стӕй райсомӕй раджы сыстадысты, Йегъовӕйӕн бакуывтой ӕмӕ сӕхимӕ Рамӕмӕ+ аздӕхтысты. Елхъан йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыд+, ӕмӕ Аннӕ Йегъовӕйы зӕрдыл ӕрлӕууыд+. 20 Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ Аннӕ басывӕрджын ӕмӕ лӕппу ныййардта. Схуыдта+ йӕ Самуил*, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз ӕй Йегъовӕйӕ ракуырдтон»+.

21 Цасдӕры фӕстӕ та Елхъан йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ ацыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕрхастаид ӕрвылазон нывонд+, стӕй ма, дзырд кӕй радта, уый номыл нывонд+ дӕр. 22 Фӕлӕ Аннӕ семӕ нӕ ацыд+. Йӕ лӕгӕн загъта: «Лӕппуйы дзидзийӕ куы фӕхицӕн кӕнон+, уӕд ӕй акӕндзынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы раз ӕрлӕууа ӕмӕ цӕрӕнбонты уым уа»+. 23 Уӕд ын йӕ лӕг+, Елхъан, загъта: «Гъемӕ хорз, хуыздӕр дӕм куыд кӕсы, афтӕ бакӕн+. Баззай хӕдзары, цалынмӕ сывӕллоны дзидзийӕ нӕ фӕхицӕн кӕнай, уӕдмӕ. Ӕмӕ уадз Йегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕнӕд»+. Сылгоймаг дӕр хӕдзары баззад ӕмӕ йӕ фырты хъомыл кодта, цалынмӕ йӕ дзидзийӕ нӕ фӕхицӕн кодта, уӕдмӕ+.

24 Ӕмӕ йӕ дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй йемӕ акодта ӕмӕ ацыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ, Силоммӕ+. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, стӕй ахаста иу ефӕ* ссад ӕмӕ стыр дурыны сӕн+. Лӕппу дӕр уыди йемӕ. 25 Уым галы аргӕвстой ӕмӕ лӕппуйы Илиймӕ+ бакодтой. 26 Ӕмӕ йын Аннӕ загъта: «Ныххатыр мын кӕн, мӕ буц хицау! Сомы дын кӕнын+, мӕ буц хицау, ам дӕ разы чи лӕууыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ+ чи куывта, ӕз уыцы сылгоймаг дӕн. 27 Мӕнӕ ацы лӕппуйы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта+, цы дзы куырдтон, уый+. 28 Ӕмӕ йӕ ныр ӕз дӕттын* Йегъовӕйӕн+. Цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы».

Ӕмӕ уым Елхъан Йегъовӕйӕн бакуывта+.

2 Аннӕ та скуывта+ Хуыцаумӕ:

«Йегъовӕ у мӕ зӕрдӕйы стыр цин+,

Йегъовӕ мын бӕрзонд систа мӕ сыкъа*+.

Ныфсджынӕй дзурын ме знӕгты ныхмӕ,

Цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл+.

 2 Ничи у Йегъовӕйы хуызӕн сыгъдӕг. Ничи у дӕу хуызӕн+.

Нӕй нӕ Хуыцауы хуызӕн фидар къӕдзӕх+.

 3 Стыр дзыхӕй мауал дзурут,

Схъӕл ныхас ма сирвӕзӕд уӕ дзыхӕй+,

Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у ӕппӕтзонӕг Хуыцау+,

Уый хъуыддӕгтӕ раст барӕнӕй бары+.

 4 Дӕсны фатӕхсджыты тас бацыд+,

Лӕмӕгъ чи у, уыдон та сӕ астӕу хъаруйӕ ӕрбалвӕстой+.

 5 Алцӕмӕй ӕфсӕст чи уыд, уыдон къӕбӕрыл кусынц+,

Ӕххормаг чи уыд, уыдон та ӕххормаг нал ӕййафынц+.

Зӕнӕг кӕмӕн нӕ цыд, уый дӕр авд фырты ныййардта+,

Бирӕ лӕппутӕ кӕмӕн уыд, уый та бахус+.

 6 Йегъовӕйӕн йӕ бон у амарын дӕр ӕмӕ цард бахъахъхъӕнын дӕр+,

Ингӕнмӕ+ барвитын дӕр ӕмӕ ингӕнӕй ракӕнын дӕр+.

 7 Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕймаджы смӕгуыр кӕнын+ дӕр ӕмӕ йӕ схъӕздыг кӕнын+ дӕр,

Адӕймаджы ӕрныллӕг кӕнын дӕр ӕмӕ йӕ сбӕрзонд кӕнын+ дӕр.

 8 Фӕкӕсӕг кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймаджы зӕххӕй сисы+,

Мӕгуыры сисы фӕныкӕй+,

Кадджынтимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, бынӕн+ сын ратты кады паддзахбадӕн+.

Йегъовӕйы къухы сты, зӕхх кӕуыл ӕнцайы, уыцы быцӕутӕ+,

Уыдоныл ӕй сӕвӕрдта.

 9 Уый хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны къах+,

Фыдгӕнджытӕ та сау ингӕны ӕнустӕм бамыр уыдзысты+,

Уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхи тыхы фӕрцы нӕ уӕлахиз кӕны+.

10 Йегъовӕ тасы бафтаудзӕн, йемӕ чи тох кӕны, уыдоны+,

Йӕ маст сыл куы ныккала, уӕд арв гыбар-гыбур кӕндзӕн+.

Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн ӕгас зӕххӕн дӕр+,

Цӕмӕй йӕ паддзахӕн бартӕ ратта+

Ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы сыкъа бӕрзонд сиса»+.

11 Уый фӕстӕ Елхъан сӕхимӕ Рамӕмӕ ацыд, лӕппу та сси Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг+, ӕмӕ йын сауджын Илий уыд уынаффӕгӕнӕг.

12 Илийы фырттӕ уыдысты ӕнаккаг адӕм+, Йегъовӕ сӕм нымады дӕр нӕ уыд+. 13 Сауджынтӕм адӕмӕй цы ’мбӕлд, уымӕн-иу афтӕ бакодтой+: исчи-иу нывонд куы ’рхаста, уӕд-иу сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕртӕдӕндаг фыдисӕнимӕ ӕрбацыд, дзидза-иу доны куы фыхти, раст уӕд+, 14 ӕмӕ-иу ӕй ӕгтӕй искӕцыйы фӕтъыста. Фыдисӕн-иу цӕуылдӕриддӕр фӕхӕст, уый-иу сауджын йӕхицӕн ахаста. Афтӕ кодтой, Силоммӕ-иу чи ’рцыд, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 15 Стӕй-иу фиу нӕма басыгътой+, афтӕ-иу сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕрбацыд, ӕмӕ-иу, нывонд чи хаста, уымӕн загъта: «Ӕри-ма дзидза сауджынӕн физонӕгӕн. Фых дзидза йӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр хом»+. 16 Уыцы адӕймаг-иу ын афтӕ куы загъта, фыццаг уал фиу басудзой+, ӕмӕ стӕй, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый ахӕсс+, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын уый загъта: «Нӕ, ныртӕккӕ йӕ ӕри, кӕннод ӕй тыхӕй байсдзынӕн!»+ 17 Уымӕй лӕггадгӕнджытӕ стыр тӕригъӕд арӕзтой Йегъовӕйы раз+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы кувинӕгтӕ хынджылӕггаг кодтой+.

18 Гыццыл Самуил та лӕггад кодта+ Йегъовӕйӕн ӕмӕ дардта кӕттаг ефод+. 19 Стӕй ма-иу ын йӕ мад бахуыдта гыццыл ӕнӕдыс къаба дӕр ӕмӕ-иу алы аз дӕр йӕ лӕгимӕ ӕрвылазон нывонд хӕссынмӕ+ куы ’рцыд, уӕд-иу ын ӕй ӕрбахаста.20 Илий раарфӕ кодта+ Елхъан ӕмӕ йӕ усӕн ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ дын ацы усӕй цот раттӕд, Йегъовӕйӕн кӕй радтат, уый бӕсты»+. Ӕмӕ сӕхимӕ аздӕхтысты. 21 Гъемӕ Йегъовӕ ӕркаст Аннӕмӕ+, ӕмӕ Аннӕ басывӕрджын ӕмӕ ныййардта ӕртӕ лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы+. Гыццыл Самуил та стыр кодта Йегъовӕйы раз+.

22 Илий уыди тынг зӕронд. Уый хъуыста+, йӕ фырттӕ Израилы адӕмӕн цы митӕ кодтой, уыдӕтты тыххӕй+ ӕмӕ, ӕмбырды цатыры+ бахизӕны чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтимӕ-иу ӕмуат кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй дӕр+. 23 Ӕмӕ-иу сын зӕгъгӕ дӕр кодта+: «Ахӕм митӕ цӕмӕн кӕнут?+ Адӕм иууылдӕр уе ’взӕры кой куы кӕнынц+. 24 Афтӕ хорз нӕу+, мӕ лӕппутӕ. Куыд хъусын, афтӕмӕй уӕ Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн хорзӕй ницы дзурынц+. 25 Иу адӕймаг иннӕйы раз куы фӕрӕдийа+, уӕд Хуыцау рахӕцдзӕн йӕ сӕрыл+, фӕлӕ адӕймаг Йегъовӕйы раз куы ракӕна тӕригъӕд+, уӕд та чи скувдзӕн уый тыххӕй?»+ Фӕлӕ уыдон сӕ фыдмӕ нӕ хъуыстой+, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фесафынвӕнд скодта+. 26 Гыццыл Самуил та рӕзыд, ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр+.

27 Илиймӕ ӕрцыд Хуыцауы ӕрвыст лӕг+ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дӕ фыдӕлы хӕдзарвӕндагӕн мӕхи раргом кодтон, Египеты фараоны хӕдзары цагъартӕ куы уыдысты, уӕд+. 28 Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй йӕ мӕхицӕн равзӕрстон+, цӕмӕй мын уыдаид сауджын, цӕмӕй-иу мӕ нывондхӕссӕнмӕ схызтаид+ ӕмӕ-иу судзинаг нывӕндты фӕздӕг суагътаид, ӕмӕ цӕмӕй мӕ разы ефоды цыдаид. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕз уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн радтон, Израилы фырттӕ артыл кӕй судзынц, уыцы кувинӕгтӕ иууылдӕр+. 29 Уӕдӕ мын уӕд, мӕ цӕрӕнбынаты цы нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕ бафӕдзӕхстон хӕссын+, уыдон уӕ къахӕй цӕмӕн къуырут?+ Дӕ фыртты мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрыс? Мӕ адӕм, Израил, цы кувинӕгтӕ ӕрбахӕссынц, уыдоны хуыздӕр хӕйттӕй+ уӕхи куы схастат?!+

30 Раст уый тыххӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕ зӕгъы: „О, ӕз загътон, дӕ хӕдзар ӕмӕ мын дӕ фыдӕлы хӕдзарвӕндаг ӕнустӕм кӕй лӕггад кӕндзысты“+. Фӕлӕ ныр та Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕз кад кӕндзынӕн+, мӕнӕн чи кад кӕны+, уыдонӕн. Нымады кӕмӕ нӕ дӕн, уыдон та уыдзысты ӕгады бынаты“+. 31 Зон ӕй, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дын ӕз дӕ цонджы хъару ӕмӕ дӕ фыдӕлы хӕдзарвӕндаджы цонджы хъару асӕтдзынӕн, ӕмӕ дӕ хӕдзары зӕронды бонтӕм ничиуал фӕцӕрдзӕн+. 32 Израил хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн, ды та мӕ цӕрӕнбынаты ӕрмӕстдӕр знаджы уындзынӕ+, ӕмӕ дӕ хӕдзары зӕронды бонтӕм ничиуал фӕцӕрдзӕн. 33 Фӕлӕ дын иу адӕймаджы ныууадздзынӕн мӕ нывондхӕссӕны раз, дӕ цӕстырухс куыд батайа ӕмӕ дӕ уд куыд ныллӕмӕгъ уа, афтӕ. Дӕ хӕдзары сӕ фылдӕр та карды комӕй фӕцагъды уыдзысты+. 34 Нысанӕн дын уыдзӕн, дӕ дыууӕ фыртыл, Офни ӕмӕ Финеесыл+, цы ’рцӕудзӕн, уый: сӕ дыууӕ дӕр иу бон амӕлдзысты+. 35 Ӕз та мӕхицӕн сӕвӕрдзынӕн иузӕрдион сауджыны+. Уый араздзӕн, мӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ мӕ удӕн ӕхсызгон цы у, уый. Ӕз ын йӕ хӕдзар ӕрфидар кӕндзынӕн, ӕмӕ уый алкӕддӕр цӕудзӕн мӕ сӕрст+ лӕггадгӕнӕджы раз. 36 Ӕмӕ ма дӕ хӕдзарӕй чи баззайа+, уый йӕм бацӕудзӕн ӕмӕ йын бакувдзӕн, ӕмӕ дзы курдзӕн куыст ӕмӕ дзул. Зӕгъдзӕн ын: „Лӕгъстӕ дын кӕнын, сауджыны куыст мын ратт, цӕмӕй мын къӕбӕр бахӕрынӕн уа“»+.

3 Ӕрыгон Самуил та лӕггад кодта+ Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын Илий уыд уынаффӕгӕнӕг. Уыцы бонты Йегъовӕйы ныхас+ арӕх нал уыд+, цӕстылуайӕнӕн+ йӕ кой дӕр нал уыди.

2 Иухатт Илий йӕ уаты хуыссыд. Йӕ цӕстырухс тынг ӕрлӕмӕгъ+, ӕмӕ нал уыдта. 3 Хуыцауы цырагъ нырма судзгӕ кодта. Самуил та хуыссыд Йегъовӕйы кувӕндоны+, Хуыцауы бадзырды чырын кӕм уыди, уым. 4 Ӕмӕ Йегъовӕ Самуилмӕ фӕдзырдта. Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн»+. 5 Стӕй Илиймӕ балыгъд ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн. Дзырдтай мӕм?» Илий йын загъта: «Нӕ, нӕ дӕм дзырдтон. Ацу ӕмӕ схуысс». Самуил дӕр ацыд ӕмӕ схуыссыд. 6 Йегъовӕ та йӕм ногӕй фӕдзырдта: «Самуил!»+ Самуил та фестад, Илиймӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн. Нӕ мӕм дзырдтай?» Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ дӕм дзырдтон, мӕ лӕппу+. Ацу ӕмӕ схуысс». 7 Самуил та Йегъовӕйы нӕма зыдта, ӕмӕ йын Йегъовӕйы ныхас никуыма раргом+. 8 Гъемӕ та йӕм Йегъовӕ ӕртыккаг хатт дӕр фӕдзырдта: «Самуил!» Самуил та фестад, Илиймӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн. Куы мӕм дзырдтай».

Уӕд Илий бамбӕрста, лӕппумӕ Йегъовӕ кӕй дзуры. 9 Ӕмӕ йын загъта: «Ацу, схуысс, ӕмӕ ма дӕм куы фӕдзура, уӕд-иу ын зӕгъ: „Дзур, Йегъовӕ, дӕ цагъар дӕм хъусы“». Самуил дӕр йӕ уатмӕ ацыд ӕмӕ схуыссыд.

10 Ӕмӕ та йӕм Йегъовӕ ногӕй фӕдзырдта: «Самуил, Самуил!» Ӕмӕ йын Самуил дзуапп радта: «Дзур, дӕ цагъар дӕм хъусы»+. 11 Уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Зон ӕй, ӕз Израилы ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн+, ӕмӕ, уый тыххӕй чи фехъуса, уый арвы цӕфау фӕуыдзӕн*+. 12 Уыцы бон ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Илийы хӕдзары тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уый – райдианӕй кӕронмӕ+. 13 Зӕгъ ын, йӕ хӕдзар ын ӕнустӕм кӕй бафхӕрдзынӕн+, йӕхӕдӕг дӕр кӕй зоны, уыцы фыдракӕнды тыххӕй+: йӕ фырттӕ Хуыцауы ӕлгъитынц+, фӕлӕ сын сӕ ных нӕ бакъуыры+. 14 Ӕмӕ уый тыххӕй ӕз Илийы хӕдзарӕн сомы кӕнын: Илийы хӕдзар, йӕ фыдракӕнды тыххӕй йӕм цы ’фхӕрд ӕмбӕлы, уымӕй ӕнустӕм дӕр не ссӕрибар уыдзӕн, нӕдӕр нывӕндты фӕрцы, нӕдӕр кувинӕгты фӕрцы+.

15 Самуил райсоммӕ хуыссыд, стӕй уӕд Йегъовӕйы хӕдзары дуӕрттӕ байгом кодта+. Ӕмӕ Илийӕн цӕстылуайӕны тыххӕй радзурын нӕ уӕндыд+. 16 Фӕлӕ йӕм Илий йӕхӕдӕг фӕдзырдта: «Самуил, мӕ лӕппу!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 17 Уӕд ын Илий загъта: «Цы дын загъта? Дӕ хорзӕхӕй, мацы мӕ басусӕг кӕн+. Хуыцауы фыдӕх дӕ баййафӕд+, цы дын загъта, уымӕй мӕ иу ныхас дӕр куы басусӕг кӕнай». 18 Ӕмӕ йын Самуил алцыдӕр радзырдта, ницы дзы басусӕг кодта. Уӕд Илий загъта: «Уый Йегъовӕйы фӕндон у. Уадз ӕмӕ бакӕнӕд, раст ӕм куыд кӕсы, афтӕ»+.

19 Самуил та рӕзыд, ӕмӕ Йегъовӕ уыди йемӕ+ ӕмӕ ӕххӕст кодта, Самуил цыдӕриддӕр дзырдта, уый*+. 20 Ӕмӕ ӕнӕхъӕн Израил, Данӕй суанг Вирсавийы+ онг, базыдта, Самуил Йегъовӕйы пехуымпарӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый+. 21 Ӕмӕ та-иу Йегъовӕ ногӕй+ Силомы фӕзынд, уымӕн ӕмӕ-иу Йегъовӕ Самуилӕн уым раргом кодта йӕхи. Уый-иу уыди Йегъовӕйы ныхасы уылты+.

4 Ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас Самуилы уылты дзырдта ӕгас Израилӕн.

Иуафон Израилы адӕм филистимӕгтимӕ схӕцынмӕ рацыдысты, ӕмӕ Авен-Езеры+ раз ӕрбынат кодтой, филистимӕгтӕ та ӕрбынат кодтой Афекы+. 2 Филистимӕгтӕ дӕр Израилы ныхмӕ гӕрзифтонгӕй рацыдысты+, ӕмӕ карз тох бацайдагъ. Ӕмӕ филистимӕгтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой+, тохы быдыры дзы цыппар мин адӕймаджы бӕрц ныццагътой. 3 Адӕм сӕ цатыртӕм куы ’рбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ загътой: «Цӕмӕн бауагъта Йегъовӕ, цӕмӕй ныл абон филистимӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой?+ Цом, ӕмӕ Силомӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын рахӕссӕм+, цӕмӕй не ’хсӕн уа ӕмӕ нӕ не знӕгты къухӕй ирвӕзын кӕна». 4 Гъемӕ Силоммӕ арвыстой ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бадзырды чырын, херувимтыл+ чи бады, уыцы Хуыцауы бадзырды чырын уырдыгӕй рахастой. Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынимӕ та рацыдысты Илийы дыууӕ фырты, Офни ӕмӕ Финеес+.

5 Куыддӕр Йегъовӕйы бадзырды чырын, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм ӕрбахӕццӕ, афтӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ахӕм хъӕр систой+, ӕмӕ сӕ хъӕрӕй зӕхх ӕнкъуысыд. 6 Уыцы хъӕр филистимӕгтӕ дӕр фехъуыстой ӕмӕ загътой: «Уый цӕй хъӕр+ хъуысы дзуттӕгтӕй?» Ӕмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын кӕй ӕрхастой, уый куы базыдтой, 7 уӕд старстысты. Загътой: «Хуыцау ӕрцыд дзуттӕгты ’хсӕнмӕ!+ Сӕфӕм, ахӕм хабар никуыма уыд! 8 Фесӕфтыстӕм! Чи нӕ фервӕзын кӕндзӕн ацы хъомысджын Хуыцауы къухӕй? Уый у, египетӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры алы бӕллӕхтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ сӕ чи фӕцагъта, уыцы Хуыцау+. 9 Филистимӕгтӕ, хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ лӕгдзинад равдисут! Науӕд дзуттӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут, уыдон уын куыд лӕггад кодтой, афтӕ+. Равдисут уӕ лӕгдзинад, схӕцут!» 10 Гъемӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилимӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой+, ӕмӕ израилӕгтӕй алчи йӕ цатырмӕ фӕлыгъди+. Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди+ – ӕртын мин фистӕг хӕстоны+. 11 Хуыцауы бадзырды чырын дӕр байстой+, Илийы дыууӕ фырты Офни ӕмӕ Финеес та фӕмард сты+.

12 Вениамины мыггагӕй иу адӕймаг тохы быдырӕй алыгъд ӕмӕ уыцы бон ӕрхӕццӕ Силоммӕ, йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ йӕ сӕрыл сыджыт байзӕрста, афтӕмӕй+. 13 Куы ’рбахӕццӕ, уӕд Илий фӕндаггӕрон бандоныл бадт ӕмӕ каст, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынӕн тарсти+. Уыцы адӕймаг горӕтмӕ бацыд ӕмӕ хабар радзырдта, ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕты адӕм ӕрдиаг кӕнын райдыдтой. 14 Илий фехъуыста адӕмы хъӕр ӕмӕ загъта: «Уый цӕй хъӕлӕба у?»+ Уыцы адӕймаг та Илиймӕ тагъд кодта, цӕмӕй йын алцыдӕр радзырдтаид. 15 Ныр Илийыл нӕуӕдз аст азы цыди, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ нал змӕлыдысты, ӕмӕ нал уыдта+. 16 Ӕмӕ уыцы адӕймаг Илийӕн загъта: «Тохы быдырӕй ӕрхӕццӕ дӕн, абон алыгътӕн уырдыгӕй». Илий йӕ бафарста: «Цы ’рцыди, мӕ лӕппу?» 17 Хабархӕссӕг дзуапп радта: «Израил лидзӕг фӕци филистимӕгтӕй, ӕмӕ адӕмӕй тынг бирӕ фӕмард+. Амардысты дӕ дыууӕ фырты Офни ӕмӕ Финеес+ дӕр, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын та байстой»+.

18 Ӕмӕ куыддӕр ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырыны кой скодта, афтӕ Илий кулдуары раз бандонӕй фӕстӕмӕ ахауд, йӕ бӕрзӕй асаст ӕмӕ амард, уымӕн ӕмӕ тынг зӕронд ӕмӕ уӕззау уыди. Илий Израилӕн тӕрхон кодта цыппор азы. 19 Йӕ чындз, Финеесы ус та уыди сывӕрджын ӕмӕ хъуамӕ мӕнӕ-мӕнӕ ныййардтаид. Гъемӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын кӕй байстой ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уый куы фехъуыста, уӕд ныкъкъӕдзтӕ ис, уымӕн ӕмӕ йын ӕвиппайды рыстытӕ райдыдтой, ӕмӕ арын райдыдта+. 20 Ӕмӕ куы марди, уӕд ын, йӕ уӕлхъус чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕ загътой: «Ма тӕрс, лӕппу ныййардтай»+. Фӕлӕ сын уый дзуапп нӕ радта, уыцы ныхӕстӕ йын йӕ зӕрдӕ нӕ барухс кодтой. 21 Лӕппуйы та схуыдта Ихавод*+, ома «Израилы кад уацары ацыд»+, уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын кӕй байстой ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, ууыл хъуыды кодта+. 22 Гъемӕ загъта: «Израилы кад уацары ацыд+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын байстой»+.

5 Филистимӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын систой+ ӕмӕ йӕ Авен-Езерӕй Азотмӕ+ ахастой. 2 Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын бахастой Дагоны кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ уым Дагоны+ фарсмӕ сӕвӕрдтой. 3 Дыккаг бон азотӕгтӕ райсомӕй раджы куы сыстадысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Дагон Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссы+. Уӕд Дагоны систой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой+. 4 Иннӕ бон дӕр та райсомӕй раджы сыстадысты, ӕмӕ та Дагон Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыд, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ къухы та уыдысты къуырд ӕмӕ къӕсӕрыл ӕппӕрст уыдысты+. Баззади ма дзы, кӕсагхуыз* чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыцы хай. 5 Гъе уый тыххӕй Дагоны дзуарылӕгтӕ ӕмӕ, Азоты чидӕриддӕр Дагоны кувӕндонмӕ фӕцӕуы, уыдон абоны онг дӕр Дагоны къӕсӕрыл сӕ къах не ’рӕвӕрынц.

6 Йегъовӕйы къух+ тынг уӕз кодта азотӕгтыл. Тас сӕ бауагъта ӕмӕ, Азоты ӕмӕ йӕ зӕххыты чидӕриддӕр уыди, уыдоныл геморрой+ бафтыдта. 7 Азоты цӕрджытӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Израилы Хуыцауы бадзырды чырынӕн не ’хсӕн нӕй ныууадзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къух уӕз кӕны нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ хуыцау Дагоныл дӕр»+. 8 Ӕмӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсидтысты ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы кӕнӕм Израилы Хуыцауы бадзырды чырынӕн?» Ӕмӕ уыдон загътой: «Гефмӕ+ ацӕуӕд Израилы Хуыцауы бадзырды чырын». Гъемӕ Израилы Хуыцауы бадзырды чырын уырдӕм арвыстой.

9 Уырдӕм ӕй куы ’рхастой, уӕд Йегъовӕ йӕ къух+ ӕруагъта уыцы горӕтыл, ӕмӕ адӕм иууылдӕр скатай сты. Гыццылӕй-стырӕй сыл йӕ фыдӕх ныккалдта, ӕмӕ сыл геморройы+ къуызыртӕ рацыд. 10 Ӕмӕ уӕд ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Екронмӕ+ арвыстой. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Екронмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд Екроны цӕрджытӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Израилы Хуыцауы бадзырды чырын махмӕ рарвыстой, цӕмӕй нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕна!»+ 11 Гъемӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсидтысты ӕмӕ сын загътой: «Ахӕссут ардыгӕй Израилы Хуыцауы бадзырды чырын. Кӕм уыди, уырдӕм аздӕхӕд фӕстӕмӕ, кӕннод нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕндзӕн». Ӕнӕхъӕн горӕты адӕм фыртӕссӕй зӕрдӕхъӕрмттӕ кодтой+. Ӕцӕг Хуыцауы къух сыл тынг уӕз кодта+, 12 ӕмӕ сӕ мӕлгӕ чи нӕ акодта, уыдон та геморройӕ+ удхар кодтой. Горӕты цӕрджытӕ ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕр+ уӕларвмӕ хӕццӕ кодта.

6 Йегъовӕйы бадзырды чырын+ филистимӕгты зӕххыл фӕци авд мӕйы. 2 Уӕд филистимӕгтӕ дзуарылӕгтӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+ фӕдзырдтой ӕмӕ сын загътой: «Куыд кӕнӕм Йегъовӕйы бадзырды чырынӕн? Зӕгъут нын, фӕстӕмӕ йӕ цӕимӕ арвитӕм?» 3 Уыдон сын загътой: «Израилы Хуыцауы бадзырды чырын куы ӕрвитат, уӕд ӕй ӕнӕ кувинагӕй ма арвитут. Уӕ аххосы тыххӕй кувинаг+ ӕрхӕссут Израилы Хуыцауӕн. Уӕд сдзӕбӕх уыдзыстут ӕмӕ йӕ базондзыстут, цӕмӕн уӕ ӕфхӕры, уый». 4 Филистимӕгтӕ сӕ бафарстой: «Цы йын раттӕм кувинагӕн?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Фондз сызгъӕрин къуызыры ӕмӕ фондз сызгъӕрин уырыйы*, филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ цал сты, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕмӕ уӕ цӕдисон паддзӕхты дӕр иу бӕллӕх баййӕфта. 5 Уӕдӕ скӕнут геморройы къуызырты хуызӕн къуызыртӕ ӕмӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы уырыты хуызӕн уырытӕ+, ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн скад кӕнут+. Кӕд уӕ йӕ къух айсид ӕмӕ афтӕ нал уӕз кӕнид уӕхиуыл дӕр, уӕ хуыцауыл дӕр ӕмӕ уӕ зӕххыл дӕр+. 6 Цӕмӕн хъуамӕ ныддур кӕнат уӕ зӕрдӕтӕ, египетӕгтӕ ӕмӕ фараон куыд ныддур кодтой сӕ зӕрдӕтӕ, афтӕ?+ Цалынмӕ сӕ карзӕй нӕ бафхӕрдта+, уӕдмӕ израилӕгты нӕ ауагътой, ӕмӕ уӕд ацыдысты сӕ фӕндагыл+. 7 Уӕдӕ скӕнут ног уӕрдон+, ракӕнут, ӕфсондз+ кӕуыл нӕ уыд, дыууӕ ахӕм дуцгӕ хъуджы ӕмӕ сӕ уӕрдоны баифтындзут, сӕ родты та сын фӕстӕмӕ акӕнут, цӕмӕй сӕ фӕдыл ма цӕуой. 8 Стӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын сисут ӕмӕ йӕ уӕрдоныл сӕвӕрут. Уӕ аххосы тыххӕй+ йын кувинагӕн кӕй дӕттут, уыцы сызгъӕрин дзауматӕ+ та йын йӕ фарсмӕ къоппы сӕвӕрут. Арвитут ӕй, ӕмӕ уадз ӕмӕ ацӕуа. 9 Уӕхӕдӕг та кӕсут йӕ фӕдыл: кӕд йӕхи зӕхмӕ, Вефсамисы+ ’рдӕм, ацӕуа, уӕд нын ацы стыр бӕллӕхтӕ уый ракодта, кӕд уыцырдӕм нӕ ацӕуа, уӕд та йӕ зондзыстӕм, йӕ къух нӕ кӕй не ’рцавта, фӕлӕ ныл уыцы бӕллӕх ӕнӕуи кӕй ӕрцыд»+.

10 Адӕм дӕр афтӕ бакодтой: ракодтой дыууӕ дуцгӕ хъуджы ӕмӕ сӕ уӕрдоны баифтыгътой, сӕ родты та сын скъӕты бакодтой. 11 Стӕй уӕрдоныл сӕвӕрдтой Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕмӕ, сызгъӕрин уырытӕ ӕмӕ геморройы къуызыртӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп дӕр. 12 Ӕмӕ хъуццытӕ комкоммӕ араст сты, Вефсамисмӕ+ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Цыдысты стыр фӕндагыл ӕмӕ уасыдысты, ӕмӕ фӕндагӕй нӕдӕр рахизырдӕм фӕзылдысты, нӕдӕр галиуырдӕм. Филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ та суанг Вефсамисы арӕны онг сӕ фӕдыл цыдысты. 13 Вефсамисы цӕрджытӕ уыцы рӕстӕг быдыры мӕнӕу карстой+. Ӕмӕ куы акастысты ӕмӕ бадзырды чырын куы федтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди. 14 Уӕрдон бацыд вефсамисаг Йесойы хуыммӕ ӕмӕ уым стыр дуры раз ӕрлӕууыд. Адӕм уӕрдон сугӕн ныссастой, хъуццыты+ та Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхастой+.

15 Левиттӕ+ ӕристой Йегъовӕйы бадзырды чырын, стӕй, сызгъӕрин дзауматӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп дӕр, ӕмӕ йӕ уыцы стыр дурыл сӕвӕрдтой. Вефсамисы+ цӕрджытӕ та уыцы бон Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр.

16 Фондз филистимаг цӕдисон+ паддзахы уый федтой ӕмӕ уыцы бон фӕстӕмӕ Екронмӕ ацыдысты. 17 Филистимӕгтӕ Йегъовӕйӕн сӕ аххосы тыххӕй кувинагӕн цы сызгъӕрин къуызыртӕ радтой, уыдон уыдысты+: иу – Азоты+ тыххӕй, иу – Газӕйы+ тыххӕй, иу – Аскалоны+ тыххӕй, иу – Гефы+ тыххӕй, иу та – Екроны+ тыххӕй. 18 Сызгъӕрин уырытӕ дӕр радтой, филистимаг горӕттӕ, фондз цӕдисон паддзахы горӕттӕ, цал уыдысты, уал – радтой сӕ ӕппӕт фидаргонд горӕтты ӕмӕ быдыры хъӕуты тыххӕй.

Уымӕн абоны онг дӕр ӕвдисӕн у, Йегъовӕйы бадзырды чырын вефсамисаг Йесойы хуымы цы стыр дурыл сӕвӕрдтой, уый. 19 Ӕмӕ Хуыцау Вефсамисы+ цӕрджыты цӕгъдын райдыдта, Йегъовӕйы бадзырды чырынмӕ кӕй кастысты, уый тыххӕй. Фӕцагъта сӕ ӕвдай адӕймаджы – фӕндзай мин адӕймаджы*,– ӕмӕ адӕм ӕрдиаг кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фӕцагъта+. 20 Уӕд Вефсамисы цӕрджытӕ загътой: «Кӕмӕн бауыдзӕн йӕ бон Йегъовӕйы раз, ахӕм сыгъдӕг Хуыцауы+ раз, ӕрлӕууын? Куы нӕ ныууадзид ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕ куы ацӕуид!»+ 21 Гъемӕ Кириаф-Иаримы+ цӕрджытӕм минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхасимӕ: «Филистимӕгтӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын фӕстӕмӕ рарвыстой. Ӕрцӕут ӕмӕ йӕ уӕхимӕ ахӕссут»+.

7 Кириаф-Иаримы+ цӕрджытӕ ӕрцыдысты, ахастой Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕмӕ йӕ бахастой, къуыппыл чи цард, уыцы Аминадавы+ хӕдзармӕ. Йӕ фырт Елеазары та йын ссыгъдӕг кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын хъахъхъӕдтаид.

2 Бадзырды чырын Кириаф-Иариммӕ куы ’рхастой, уӕдӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, дыууын азы, ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, кӕугӕйӕ, се ’ргом раздӕхтой Йегъовӕмӕ+. 3 Уӕд Самуил Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Кӕд уӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды Йегъовӕмӕ раздӕхын+, уӕд фесафут, цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон+, стӕй Астартӕйы нывтӕ дӕр+, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ раздахут Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнут+. Ӕмӕ уӕ уый фервӕзын кӕндзӕн филистимӕгты къухӕй»+. 4 Уӕд Израилы фырттӕ Ваалты+ ӕмӕ Астартӕты+ фесӕфтой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн райдыдтой лӕггад кӕнын.

5 Уӕд Самуил загъта: «Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр+ Массифӕмӕ+ ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕмӕ сымах тыххӕй скувон»+. 6 Гъемӕ уыдон дӕр Массифӕйы ӕрӕмбырд сты, райдыдтой дон исын ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз калын. Ӕмӕ уыцы бон ком дардтой+ӕмӕ дзырдтой: «Мах Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтам»+. Ӕмӕ Самуил Израилы фырттӕн Массифӕйы тӕрхон кӕнын+ райдыдта.

7 Филистимӕгтӕ фехъуыстой, Израилы фырттӕ Массифӕйы кӕй ӕрӕмбырд сты, уый, ӕмӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ Израилы ныхмӕ рацыдысты. Израилы фырттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты+. 8 Ӕмӕ Самуилӕн загътой: «Хъусӕй ма лӕуу, кув нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс кур+, цӕмӕй нӕ филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна». 9 Уӕд Самуил ракодта дӕйгӕ уӕрыкк ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхаста+. Самуил Йегъовӕмӕ скуывта, Израилӕн баххуыс кӕн, зӕгъгӕ+, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста+. 10 Самуил судзинаг нывонд куы хаста, уӕд филистимӕгтӕ израилӕгтӕм хӕстӕг бацыдысты, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. Фӕлӕ уыцы бон Йегъовӕ арв тынг ныггыбар-гыбур кӕнын кодта+, ӕмӕ филистимӕгтӕ кӕрӕдзи мидӕг ауадысты+, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныппырх кодтой+. 11 Уӕд израилӕгтӕ Массифӕйӕ рацыдысты, филистимӕгты фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ сӕ суанг Вефхоры хуссары онг цӕгъдгӕ цыдысты. 12 Уӕд Самуил Массифӕ ӕмӕ Йешанӕйы ’хсӕн сӕвӕрдта дур+ ӕмӕ йӕ схуыдта Авен-Езер. Ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ нын ныр дӕр раздӕрау баххуыс кодта»+. 13 Афтӕ филистимӕгты басастой, ӕмӕ филистимӕгтӕ Израилы зӕххытӕм никуыуал бабырстой+. Йегъовӕйы къух сӕ ныхмӕ уыди, цалынмӕ Самуил удӕгас уыд, уӕдмӕ+. 14 Филистимӕгтӕ Израилӕй цы горӕттӕ байстой, Екронӕй Гефы онг, уыдон Израил фӕстӕмӕ йӕхи бакодта. Ӕмӕ уыцы горӕтты алыварс цы зӕххытӕ уыд, уыдон дӕр Израил филистимӕгты къухӕй ссӕрибар кодта.

Сабырдзинад скодта Израил ӕмӕ аморейты ’хсӕн дӕр+.

15 Самуил Израилы адӕмӕн тӕрхон кодта йе ’ппӕт царды бонты+. 16 Афӕдзӕй-афӕдзмӕ зылди Вефил+, Галгал+ ӕмӕ Массифӕйыл+ ӕмӕ уыцы горӕтты Израилы+ адӕмӕн тӕрхон кодта. 17 Стӕй-иу ӕрыздӕхт Рамӕмӕ+, йӕ хӕдзар кӕм уыд, уырдӕм, ӕмӕ уым дӕр тӕрхон кодта Израилы адӕмӕн. Уым Самуил Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+.

8 Самуил куы базӕронд, уӕд Израилӕн тӕрхонгӕнджытӕй сӕвӕрдта+ йӕ фыртты. 2 Йӕ фыццаг фырт хуынди Иоил+, йӕ дыккаг фырт та – Ави+. Уыдон тӕрхон кодтой Вирсавийы. 3 Фӕлӕ йӕ фырттӕ йӕ фӕндӕгтыл нӕ цыдысты+, уыдон сӕхи пайда агуырдтой+, гӕртӕмттӕ истой+ ӕмӕ раст тӕрхон нӕ кодтой+.

4 Иуафон Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр+ ӕрӕмбырд сты, Самуилмӕ Рамӕмӕ ӕрцыдысты 5 ӕмӕ йын загътой: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндӕгтыл нӕ цӕуынц. Уӕдӕ нын паддзах сӕвӕр+, цӕмӕй нын уый тӕрхон кӕна, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ». 6 Фӕлӕ Самуилмӕ хорз нӕ фӕкаст, афтӕ кӕй загътой, паддзах нын ратт, цӕмӕй нын уый тӕрхон кӕна, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+. 7 Уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта+: «Байхъус адӕммӕ ӕмӕ дын куыддӕриддӕр зӕгъынц, афтӕ бакӕн+, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕуыл нӕ систой сӕ къух, фӕлӕ мӕныл, цӕмӕй сын ӕз паддзах+ ма уон. 8 Египетӕй сӕ куы ракодтон+, уӕдӕй абоны онг мӕнӕн куыд кӕнынц – куыд мӕ ныууадзынц+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куыд фӕкувынц+,– афтӕ кӕнынц дӕуӕн дӕр. 9 Байхъус сӕм. Ӕрмӕст сӕ бафӕдзӕхс ӕмӕ сын радзур, сӕ паддзахӕн цы бартӕ уыдзӕн, уый тыххӕй»+.

10 Гъемӕ Самуил Йегъовӕйы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта, паддзах дзы чи куырдта, уыцы адӕммӕ. 11 Загъта сын: «Паддзах уын чи суа, уымӕн уыдзӕн ахӕм бартӕ+: уӕ фыртты уын акӕндзӕн+ ӕмӕ дзы иуты йӕхицӕн бӕхтӕрджытӕ+ ӕмӕ барджытӕ скӕндзӕн+, иннӕты та йӕ бӕхуӕрдӕтты разӕй лидзын кӕндзӕн+. 12 Кӕй дзы мин адӕймаджы сӕргъы сӕвӕрдзӕн+, кӕй та – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы+. Иннӕтӕ та йын хуым кӕндзысты+ ӕмӕ йын йӕ тыллӕг ӕфснайдзысты+, араздзысты йын хӕцӕнгарз+ ӕмӕ, йӕ бӕхуӕрдӕттӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый+. 13 Акӕндзӕн уын уӕ чызджыты дӕр, цӕмӕй хӕрздӕф сойтӕ аразой, хӕринӕгтӕ кӕной ӕмӕ дзул фыцой+. 14 Уӕ хуымты, уӕ сӕнӕфсирдӕтты+ ӕмӕ уын уӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕтты+ хуыздӕртӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ратдзӕн. 15 Уӕ хоры тыллӕгӕй ӕмӕ уын уӕ сӕнӕфсиры тыллӕгӕй дӕсӕм хай райсдзӕн+ ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ фӕсдзӕуинтӕн+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн. 16 Акӕндзӕн уын уӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты, стӕй уе стурты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ хӕрджыты, ӕмӕ уымӕн кусдзысты+. 17 Уӕ дзугты+ дӕсӕм хай дӕр уын йӕхи бакӕндзӕн, ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр суыдзыстут йӕ лӕггадгӕнджытӕ. 18 Ӕмӕ уыцы бон ӕрдиаг кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзахы+ равзарат, уый тыххӕй, фӕлӕ уӕ Йегъовӕ нӕ фехъусдзӕн»+.

19 Фӕлӕ адӕм Самуилмӕ нӕ байхъуыстой+ ӕмӕ загътой: «Нӕ! Уадз ӕмӕ нын уа паддзах. 20 Уӕд мах дӕр уыдзыстӕм иннӕ адӕмты хуызӕн+. Нӕ паддзах нын тӕрхон кӕндзӕн, разамынд нын дӕтдзӕн ӕмӕ не знӕгтимӕ хӕцдзӕн». 21 Самуил байхъуыста, адӕм цыдӕриддӕр загътой, уымӕ ӕмӕ сын стӕй сӕ ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдта+. 22 Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Байхъус сӕм ӕмӕ сын паддзах сӕвӕр»+. Ӕмӕ уӕд Самуил израилӕгтӕн загъта: «Аздӕхут уӕ горӕттӕм».

9 Вениамины+ мыггаджы уыди иу лӕг, Кис+, зӕгъгӕ. Уый уыд Авиилы фырт, Авиил уыд Цероны фырт, Церон – Бехорафы фырт, Бехораф та – Афийы фырт. Кис уыд тынг хъӕздыг адӕймаг+. 2 Уыцы лӕгӕн уыди фырт, Саул+, зӕгъгӕ, ӕрыгон ӕмӕ хӕрзконд лӕппу. Израилы фырттӕй уый хуызӕн хӕрзконд ничи уыд. Афтӕ бӕрзонд уыд, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕрты каст+.

3 Иухатт Саулы фыд Кисӕн йӕ хӕрджытӕ+ фесӕфтысты. Ӕмӕ Кис йӕ фырт Саулӕн загъта: «Цу-ма, лӕггадгӕнджытӕй иуы демӕ акӕн ӕмӕ хӕрджыты бацагур». 4 Уый дӕр ацыд, Ефремы хӕхбӕстыл+ ӕмӕ Шалишӕйы+ бӕстыл ӕрзылд, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Стӕй ӕрзылдысты Шаалимы бӕстыл, фӕлӕ уым дӕр нӕ разындысты. Уӕд ӕрзылд Вениамины мыггаджы зӕххытыл дӕр, фӕлӕ сӕ уым дӕр не ссардтой.

5 Цуфы бӕстӕм куы ’рцыдысты, уӕд Саул, йемӕ цы лӕггадгӕнӕг уыди, уымӕн загъта: «Цом, фӕстӕмӕ ацӕуӕм, кӕннод мӕ фыды йӕ хӕрджытӕ ферох уыдзысты ӕмӕ махыл тыхсын райдайдзӕн»+. 6 Фӕлӕ йын уый загъта: «Зоныс, ацы горӕты ис Хуыцауы адӕймаг+, иууылдӕр ын кад кӕнынц. Цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы+. Цом, уымӕ ацӕуӕм. Кӕд нын зӕгъид, кӕцырдӕм нӕ цӕуын хъӕуы, уый». 7 Уӕд Саул йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Ӕмӕ уыцы адӕймагмӕ куы ацӕуӕм, уӕд ын цы бахӕсдзыстӕм?+ Нӕ хызынты дзул дӕр нал ис. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн цы балӕвар кӕнӕм+, ахӕмӕй дӕр нӕм ницы ис. Цы йын ратдзыстӕм?» 8 Уӕд лӕггадгӕнӕг Саулӕн загъта: «Мӕнӕ мӕнмӕ сиклы*+ цыппӕрӕм хай ӕвзист ис ӕмӕ уый ратдзынӕн ӕцӕг Хуыцауы адӕймагӕн, ӕмӕ нын зӕгъдзӕн, кӕдӕм цӕугӕ нын у, уый». 9 Раджы заманты-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕрсынмӕ куы цыди, уӕд-иу афтӕ загъта: «Цом, цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уымӕ»+. Уымӕн ӕмӕ, абон пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр хуыдтой цӕстылуайӕнтӕ уынӕг. 10 Гъемӕ Саул йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Уый хорз хъуыды загътай+. Цом, ацӕуӕм ӕм». Ӕмӕ ацыдысты, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг кӕм уыд, уыцы горӕтмӕ.

11 Горӕтмӕ куы сцӕйцыдысты, уӕд сыл амбӕлд, донмӕ+ чи фӕцӕйцыд, ахӕм чызджытӕ. Ӕмӕ сӕ бафарстой: «Ам цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ ис?» 12 Уыдон сын дзуапп радтой: «О, ис. Уӕртӕ уӕ тӕккӕ разӕй фӕцӕуы. Фӕтагъд кӕнут. Абон ӕрцыд горӕтмӕ, уымӕн ӕмӕ абон адӕм кувӕн бынаты*+ нывонд хӕсдзысты+. 13 Куыддӕр горӕтмӕ бацӕуат, афтӕ йыл сӕмбӕлдзыстут, уымӕн ӕмӕ кувӕн бынатмӕ цӕудзӕн нывонды фынгӕй хӕрынмӕ. Адӕм хӕрыныл не ’рбаддзысты, цалынмӕ уый не ’рбацӕуа ӕмӕ нывондӕн нӕ раарфӕ кӕна, уӕдмӕ+. Хуынд адӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райдайдзысты хӕрын. Фӕтагъд кӕнут, ӕмӕ йӕ баййафдзыстут». 14 Уыдон дӕр горӕтмӕ ссыдысты. Ӕмӕ горӕтмӕ мидӕмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Самуил сӕ размӕ ’рбацӕуы – кувӕн бынатмӕ фӕцӕйцыд.

15 Саул цы бон ӕрбацыд, уый размӕ бон та Йегъовӕ Самуилӕн раргом кодта+: 16 «Райсом дӕм иу-ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу адӕймаджы Вениамины+ зӕххӕй, ӕмӕ йӕ ды сойӕ байсӕрддзынӕ+, цӕмӕй мӕ адӕм Израилӕн уа разамонӕг. Уый мын мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз мӕ адӕмы хъизӕмар федтон ӕмӕ сын сӕ дзыназын фехъуыстон»+. 17 Ӕмӕ Самуил Саулы куы федта, уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Ацы адӕймагӕй дын дзырдтон, зӕгъын мын уый мӕ адӕмӕн сӕ рохтыл хӕцдзӕн»+.

18 Саул кулдуарыл куы фӕцӕйхызт, уӕд Самуилмӕ бацыд ӕмӕ йын афтӕ: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма мын, цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уый хӕдзар кӕм ис?» 19 Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Уый ӕз мӕхӕдӕг дӕн. Цом, мӕ разӕй цу кувӕн бынатмӕ. Абон сымах мемӕ хӕрдзыстут+. Райсом та дӕ ауадздзынӕн ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды базонын, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн+. 20 Ӕртӕ боны размӕ дын чи фесӕфт+, уыцы хӕрджытӕм та дӕ зӕрдӕ ма ’хсайӕд+ – ссардтой сӕ. Уӕвгӕ, Израилы хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон кӕй сты?+ Дӕу ӕмӕ дӕ фыды хӕдзарвӕндаджы не сты?» 21 Уӕд ын Саул загъта: «Ӕз Вениамины мыггагӕй, Израилы ӕппӕты гыццылдӕр+ мыггагӕй+ нӕ дӕн? Стӕй мӕ хӕдзарвӕндаг дӕр Вениамины мыггаджы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны+, уӕд мын ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн кӕныс?»+

22 Самуил Саулы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы йемӕ акодта, бакодта сӕ, фынг кӕм ӕвӕрд уыд, уырдӕм ӕмӕ сӕ хуынд адӕмы ’хсӕн ӕппӕты кадджындӕр бынӕтты сбадын кодта+. Хуынд адӕм та уыдысты ӕртын адӕймаджы бӕрц. 23 Уый фӕстӕ Самуил хӕринаггӕнӕгӕн загъта: «Цы хай дӕм радтон ӕмӕ дын афтӕ кӕмӕй загътон, сӕвӕр мын ӕй, зӕгъгӕ, уый-ма рахӕсс». 24 Уӕд хӕринаггӕнӕг рахаста агъд ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ Самуил загъта: «Ацы хай ӕвӕрд уыди. Айс ӕй ӕмӕ хӕр, уымӕн ӕмӕ ацы хабарӕн ӕвӕрд уыд – цӕмӕй йӕ ды хуынд адӕмимӕ бахӕрай». Гъемӕ уыцы бон Саул хордта Самуилимӕ. 25 Уый фӕстӕ кувӕн бынатӕй+ горӕтмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ Самуил Саулимӕ хӕдзары сӕр+ йӕ ныхас адарддӕр кодта. 26 Райсомӕй сыстадысты тынг раджы, бон куыддӕр ӕрбацъӕх, афтӕ. Ӕмӕ Самуил фӕдзырдта Саулмӕ,– уый та уыд хӕдзары сӕр,– ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи срӕвдз кӕн, ӕмӕ дӕ ахизын кӕнон». Саул дӕр йӕхи срӕвдз кодта, ӕмӕ Самуилимӕ иумӕ хӕдзарӕй рацыдысты. 27 Горӕтӕй куы рахызтысты, уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъ+, цӕмӕй размӕ ацӕуа». Ӕмӕ уый дӕр ацыд. Йӕхицӕн та йын загъта: «Ды та ам ӕрлӕуу, Хуыцауы ныхас дын фехъусын кӕнон».

10 Самуил райста сойы дурын+, Саулы сӕрыл сой рауагъта, апъа+ йын кодта ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ дӕ сойӕ байсӕрста, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн+ разамонӕг уай+. 2 Абон мӕнӕй куы ацӕуай, уӕд дыл Вениамины зӕххыл, Целцахы, Рахилы+ зӕппадзмӕ хӕстӕг фембӕлдзӕн дыууӕ лӕджы. Уыдон дын зӕгъдзысты: „Цы хӕрджытӕ агурӕг рацыдтӕ, уыдон ссардтой. Ӕмӕ ныр дӕ фыды хӕрджыты+ мӕт нал ис, фӕлӕ сымахыл тыхсы, мӕ фырт цы фӕци, зӕгъгӕ“+. 3 Уырдыгӕй дарддӕр ацӕудзынӕ ӕмӕ, Фаворы стыр бӕласы цурмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд дыл сӕмбӕлдзӕн ӕртӕ лӕджы. Уыдон фӕцӕйцӕудзысты Вефилмӕ+, ӕцӕг Хуыцауӕн бакувынмӕ. Сӕ иумӕ уыдзӕн ӕртӕ сӕныччы+, иннӕмӕ – ӕртӕ дзулы+, ӕртыккагмӕ та – стыр сӕны дурын+. 4 Бафӕрсдзысты дӕ, куыдтӕ дӕ+, зӕгъгӕ, стӕй дын дыууӕ дзулы ратдзысты, ӕмӕ сӕ ды сӕ къухӕй райсдзынӕ. 5 Уый фӕстӕ ссӕудзынӕ ӕцӕг Хуыцауы+ къуыбырмӕ, филистимӕгты ӕфсады къорд кӕм лӕууы+, уырдӕм. Горӕтмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кӕнай, уӕд фембӕлдзынӕ пехуымпартыл+. Уыдон ӕрцӕйцӕудзысты кувӕн бынатӕй+ ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты, сӕ разӕй та цӕудзысты адӕм, хъисфӕндыр+, дала+, уадындз+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй+ цӕгъдгӕйӕ. 6 Уӕд дыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын+ райдайдзынӕ ӕмӕ бынтон ӕндӕр адӕймаг фестдзынӕ. 7 Уыцы хабӕрттӕ+ дыл куы ’рцӕуой, уӕд, дӕ бон цы у, уый араз+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис+. 8 Уый фӕстӕ мӕ разӕй ацӕудзынӕ Галгалмӕ+, ӕмӕ дӕм ӕз уырдӕм ныццӕудзынӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны+ нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. Авд+ боны-иу ӕнхъӕлмӕ кӕс, цалынмӕ дӕм не ’рцӕуон, уӕдмӕ, ӕмӕ дын уӕд зӕгъдзынӕн, цы кӕнын дӕ хъӕуы, уый».

9 Саул куы фӕзылд ӕмӕ Самуилӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Хуыцау ӕндӕр зӕрдӕ радта+. Ӕмӕ йыл ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ+ раст уыцы бон ӕрцыдысты. 10 Уырдыгӕй ацыдысты къуыбырмӕ, ӕмӕ сыл фӕндагыл пехуымпартӕ фембӕлдысты. Ӕвиппайды Саулыл Хуыцауы тых ӕрцыд+, ӕмӕ уый дӕр се ’хсӕн пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта+. 11 Чи йӕ зыдта, уыдон уый куы федтой, ӕмӕ Саул дӕр пехуымпартимӕ пехуымпариуӕг кӕны, уӕд кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Уый цы ’рцыди Кисы фыртыл? Саул дӕр пехуымпар у?»+ 12 Уӕд сын иу уырдыгон адӕймаг загъта: «Ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕ та? Чи сты сӕ фыдӕлтӕ?» Гъемӕ афтӕ ӕмбисондӕн+ баззадысты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «Саул дӕр пехуымпар у?».

13 Уӕдмӕ Саул пехуымпары ӕвзагӕй нал дзырдта ӕмӕ кувӕн бынатмӕ ссыд. 14 Фӕстӕдӕр Саулы фыдыфсымӕр бафарста Саулы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы: «Кӕм уыдыстут?» Саул ын дзуапп радта: «Хӕрджытӕ+ агурӕг. Фӕцагуырдтам сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардтам, ӕмӕ уӕд Самуилмӕ ацыдыстӕм». 15 Уӕд ын йӕ фыдыфсымӕр загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма мын, цы уын загъта Самуил?» 16 Саул ын дзуапп радта: «Загъта нын, хӕрджыты, дам, ссардтой». Самуил ын афтӕ кӕй загъта, паддзах уыдзынӕ, зӕгъгӕ, уый та йын не схъӕр кодта+.

17 Самуил адӕмы Массифӕмӕ+ Йегъовӕйы размӕ ӕрӕмбырд кодта 18 ӕмӕ Израилы фырттӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ+: „Ӕз Израилы Египетӕй ракодтон, фервӕзын уӕ кодтон египетӕгты къухӕй+ ӕмӕ уӕ чи ссӕста, ӕппӕт уыцы паддзахӕдты къухӕй+. 19 Фӕлӕ абон сымах уӕ къух систат уӕ Хуыцауыл+, уе ’ппӕт бӕллӕхтӕ ӕмӕ уӕ уе ’ппӕт зындзинӕдтӕй чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцауыл. Сымах загътат: „Нӕ! Паддзах нын сӕвӕр“. Гъемӕ уӕдӕ ныр Йегъовӕйы раз ӕрлӕуут уӕ мыггӕгтӕм+ гӕсгӕ ӕмӕ уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ*“».

20 Уый фӕстӕ Самуил Израилы мыггӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй йӕм иугай цыдаиккой+, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Вениамины мыггагмӕ+. 21 Уӕд та загъта, цӕмӕй йӕм Вениамины мыггаг цыдаиккой иу хӕдзарвӕндаг иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Матрийы хӕдзарвӕндагмӕ+. Ӕппынфӕстаг бацамыдта Кисы фырт Саулмӕ+. Ацагуырдтой йӕ, фӕлӕ йӕ не ссардтой. 22 Уӕд та Йегъовӕйы бафарстой+: «Уыцы адӕймаг ардӕм ӕрбацыд?» Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Ам ис, уӕртӕ хӕссинӕгты ’хсӕн ӕмбӕхсы»+. 23 Гъемӕ азгъордтой ӕмӕ йӕ ракодтой уырдыгӕй. Ӕмӕ адӕмы ’хсӕн куы ӕрлӕууыд, уӕд алкӕмӕй бӕрзонддӕр разынд, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕрты каст+. 24 Уӕд Самуил адӕмӕн загъта: «Уынут, кӕй равзӕрста Йегъовӕ?+ Ӕгас адӕмы ’хсӕн уый хуызӕн нӕй». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»+

25 Стӕй Самуил адӕмӕн радзырдта, паддзахӕн цы бартӕ уыдзӕн, уый тыххӕй+, чиныджы сӕ ныффыста ӕмӕ уыцы чиныг Йегъовӕйы раз сӕвӕрдта. Уый фӕстӕ адӕмы ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд. 26 Саул дӕр ацыд йӕ хӕдзармӕ, Гивӕмӕ+. Йемӕ ацыдысты, Хуыцау кӕй зӕрдӕ баразӕнгард кодта, уыцы хъӕбатыр лӕгтӕ дӕр+. 27 Ӕнаккаг адӕм+ та загътой: «Ай нӕ куыд хъуамӕ фервӕзын кӕна?»+ Ӕмӕ йыл сӕ былтӕ акъуырдтой+ ӕмӕ йын лӕварӕн ницы радтой+. Фӕлӕ уый ӕппындӕр ницы загъта+.

11 Аммонаг+ Наас рацыд ӕмӕ йе ’фсадимӕ Галаады, Иависы+ раз ӕрбынат кодта. Уӕд Иависы цӕрджытӕ иууылдӕр Наасӕн загътой: «Немӕ бадзырд скӕн, ӕмӕ дӕ цагъартӕ уыдзыстӕм»+. 2 Аммонаг Наас сын загъта: «Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ рахиз цӕст куы скъахон+ ӕмӕ уымӕй ӕгас Израил куы ныххудинаг кӕнон, ӕрмӕстдӕр уӕд скӕндзынӕн уемӕ бадзырд»+. 3 Уӕд ын Иависы хистӕр лӕгтӕ загътой: «Авд боны нын ратт, цӕмӕй Израилы алы рӕттӕм фидиуджытӕ арвитӕм, ӕмӕ нӕ кӕд ирвӕзынгӕнӕг+ нӕ уа, уӕд дӕм рацӕудзыстӕм». 4 Цасдӕры фӕстӕ фидиуджытӕ бахӕццӕ сты Гивӕмӕ+, Саул кӕм цард, уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ адӕмӕн ӕппӕт дӕр рахабар кодтой. Уӕд адӕм иууылдӕр ӕрдиаг кӕнын райдыдтой+.

5 Уыцы рӕстӕг Саул быдырӕй ӕрбацыд, фос ӕрбатардта. Ӕмӕ загъта: «Цы ’рцыди, адӕм цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын радзырдтой, Иависы цӕрджытӕ цы загътой, уый. 6 Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ тынг смӕсты+. 7 Дыууӕ галы ракодта, ныууӕнгтӕ сӕ кодта ӕмӕ сӕ фидиуджытӕн Израилы алы рӕттӕм арвыста+ ахӕм ныхӕстимӕ: «Ахӕм бон акӕндзӕн, Саул ӕмӕ Самуилы фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уый фосыл!»+ Ӕмӕ Йегъовӕ+ адӕмы ахӕм тас бауагъта+, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр рацыдысты+. 8 Саул сӕ Везекы банымадта+, ӕмӕ Израилы фырттӕ уыдысты ӕртӕсӕдӕ мины, Иудӕйы адӕм та – ӕртын мины. 9 Гъемӕ сӕм цы фидиуджытӕ ӕрцыд, уыдонӕн загътой: «Галаады Иависы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъут: „Райсом, хур куы ӕрӕндава, уӕд фендзыстут уӕ ирвӕзындзинад“»+. Фидиуджытӕ фӕстӕмӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ Иависы цӕрджытӕн радзырдтой. Гъемӕ уыдон дӕр бацин кодтой. 10 Ӕмӕ уӕд Иависы цӕрджытӕ аммонӕгтӕн загътой: «Райсом уӕм рацӕудзыстӕм, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нын кӕнут»+.

11 Дыккаг бон Саул+ адӕмы ӕртӕ къордыл адих кодта+ ӕмӕ боныцъӕхтыл*+ бабырстой, аммонӕгтӕ+ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм ӕмӕ сӕ цагътой, цалынмӕ хур не ’рӕндӕвта, уӕдмӕ. Удӕгасӕй сӕ чи баззад, уыдон та алырдӕмты лидзӕг фесты, ӕмӕ сӕ дыууӕ адӕймаджы иумӕ нал баззад+. 12 Уӕд адӕм Самуилӕн загътой: «Чи дзырдта, чи, Саул та нын цӕй паддзах уыдзӕн, зӕгъгӕ?+ Ракӕнут-ма уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ мах амарӕм»+. 13 Фӕлӕ Саул загъта: «Абон никӕй хъӕуы марын+, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕ Израилы фервӕзын кодта»+.

14 Уый фӕстӕ Самуил адӕмӕн загъта: «Цомут, Галгалмӕ+ ацӕуӕм, ӕмӕ уым ногӕй фехъусын кӕнӕм, Саул паддзах кӕй у»+. 15 Гъемӕ адӕм иууылдӕр Галгалмӕ ацыдысты ӕмӕ уым Йегъовӕйы раз Саулы паддзахӕй сӕвӕрдтой. Стӕй Йегъовӕйӕн фарны нывӕндтӕ ӕрхастой+, ӕмӕ Саул ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр тынг цин кодтой+.

12 Самуил Израилы ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ӕз уӕ ныхасмӕ байхъуыстон ӕмӕ мын куыд загътат, афтӕ бакодтон+ – паддзах уын сӕвӕрдтон, цӕмӕй уын разамынд дӕтта+. 2 Ӕмӕ мӕнӕ ныр паддзах цӕуы уӕ разы!+ Ӕз та базӕронд дӕн+ ӕмӕ мӕ сӕр сурс+, мӕ фырттӕ та уемӕ сты+. Мӕ гыццылӕй абоны онг ӕз цыдтӕн уӕ разы+. 3 Ӕмӕ ныр мӕнӕ дӕн, кӕд уӕм мӕ ныхмӕ исты зӕгъинаг ис, уӕд ӕй зӕгъут Йегъовӕйы раз ӕмӕ йӕ сӕрст+ лӕггадгӕнӕджы раз: кӕмӕн уӕ байстон йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг?+ Кӕй уӕ фӕсайдтон кӕнӕ уӕ кӕй бафхӕрдтон? Кӕй къухӕй уӕ райстон гӕртам, цӕмӕй мӕхи ницыуынӕг скодтаин?+ Зӕгъут ӕй, ӕмӕ уын ӕй бафиддзынӕн»+. 4 Уӕд ын уыдон загътой: «Никӕй нӕ асайдтай, никӕй дӕр нӕ ӕфхӕргӕ бакодтай, ӕмӕ нӕ исгӕ дӕр никӕмӕй ницы ракодтай»+. 5 Самуил сын загъта: «Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕ ныхмӕ, ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕг+ дӕр абон ӕвдисӕн, кӕй ницы аххос мӕм ссардтат»+. Ӕмӕ йын уыдон загътой: «О, уый у ӕвдисӕн».

6 Уӕд Самуил адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ ӕвдисӕн. Уый Моисейы ӕмӕ Аароны йӕхицӕн лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдта ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Египеты зӕххӕй ракодта+. 7 Уӕдӕ ныр слӕуут, ӕмӕ уын ӕз Йегъовӕйы раз тӕрхонгӕнӕг уыдзынӕн ӕмӕ уын радзурдзынӕн, Йегъовӕ сымах тыххӕй ӕмӕ уӕ фыдӕлты тыххӕй цы раст хъуыддӕгтӕ+ сарӕзта, уыдон.

8 Иаков Египетмӕ куы ’рцыд+ ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын+ куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕ арвыста Моисей+ ӕмӕ Аароны, цӕмӕй уын уӕ фыдӕлты Египетӕй ракодтаиккой ӕмӕ сӕ ам ӕрцӕрын кодтаиккой+. 9 Фӕлӕ уыдон сӕ Хуыцау Йегъовӕйы ферох кодтой+, ӕмӕ сӕ уый дӕр радта*+ Асоры ӕфсады хистӕр Сисарӕйы+ къухмӕ, филистимӕгты+ къухмӕ ӕмӕ Моавы+ паддзахы къухмӕ, ӕмӕ уыдон семӕ хӕцыдысты. 10 Ӕмӕ та Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+ ӕмӕ загътой: „Мах тӕригъӕд ракодтам+. Йегъовӕйы ныууагътам ӕмӕ Ваалтӕн+ ӕмӕ Астартӕтӕн+ куывтам. Курӕм дӕ, не знӕгты къухӕй нӕ фервӕзын кӕн+, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзыстӕм“. 11 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ арвыста Йероваалы+, Беданы, Йеффайы+ ӕмӕ Самуилы+ ӕмӕ уӕ фервӕзын кодта, уӕ алыварс цы знӕгтӕ уыди, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр, цӕмӕй ӕдасӕй цардаиккат+. 12 Фӕлӕ, Аммоны фыртты паддзах Наас+ уӕ ныхмӕ кӕй рацыд, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ нын уа паддзах!“+ Афтӕмӕй та уӕ Паддзах уӕ Хуыцау Йегъовӕ уыди+. 13 Ӕмӕ ныр мӕнӕ, кӕй равзӕрстат ӕмӕ кӕй ӕрдомдтат+, уыцы паддзах. Йегъовӕ уын уӕ сӕргъы сӕвӕрдта паддзах+. 14 Кӕд Йегъовӕйӕ тӕрсат+, лӕггад ын кӕнат+ ӕмӕ йӕм хъусат+, кӕд Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ нӕ рацӕуат+, сымах дӕр ӕмӕ уын паддзах чи уа, уый дӕр, уӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн уемӕ. 15 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы нӕ хъусат+ ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ куы рацӕуат+, уӕд Йегъовӕйы къух уыдзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ фыдӕлты ныхмӕ+. 16 Ныр та слӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ цӕстыты раз цы диссаг сараздзӕн, уымӕ. 17 Ныртӕккӕ хуымгӕрдӕн+ афон нӕу? Фӕлӕ ӕз Йегъовӕмӕ скувдзынӕн+, цӕмӕй арв ныннӕрын кӕна ӕмӕ къӕвда рауадза+, ӕмӕ уӕд базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах кӕй ӕрдомдтат, уымӕй Йегъовӕйы раз цы стыр фыддзинад ракодтат+, уый».

18 Гъемӕ Самуил Йегъовӕмӕ скуывта+, ӕмӕ Йегъовӕ раст уыцы бон арв ныннӕрын кодта ӕмӕ къӕвда рауагъта+, ӕмӕ адӕмы Йегъовӕйӕ ӕмӕ Самуилӕй стыр тас бацыд. 19 Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр Самуилӕн загътой: «Скув-ма+ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ дӕ цагъарты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ мӕлын нӕ фӕнды. Нӕхицӕн паддзах кӕй ӕрдомдтам, уымӕй ма нӕ тӕригъӕдтӕм ноджыдӕр иу фыдхъуыддаг бафтыдтам».

20 Уӕд Самуил адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут+. Ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтат, фӕлӕ ныр Йегъовӕйӕ ма аздӕхут+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнут+. 21 Ма аздӕхут, пайда кӕмӕй нӕй+ ӕмӕ ирвӕзын кӕнын кӕй бон нӕу, уыцы ницӕйаг+ мӕнгхуыцӕуттӕм, уымӕн ӕмӕ ницы сты. 22 Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн+ йе стыр номы+ тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхимӕ райста уыцы хӕс, цӕмӕй сымах йӕ адӕм скодтаид+. 23 Мӕнырдыгӕй та уый никуы уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы раз уыцы тӕригъӕд ракӕнон, ӕмӕ сымах тыххӕй мауал кувон+. Ӕз уӕ уӕддӕр араздзынӕн+ хорз+ ӕмӕ раст фӕндагыл. 24 Ӕрмӕст Йегъовӕйӕ тӕрсут+ ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут+. Уӕ зӕрдыл дарут, сымах тыххӕй цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон+. 25 Фӕлӕ куы нӕ басӕттат ӕмӕ уӕддӕр, ӕвзӕр цы у, уый куы аразат, уӕд фесӕфдзыстут+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр»+.

13 Саул паддзах+ куы сси, уӕд ыл цыд...* азы, ӕмӕ Израилы паддзах уыд дыууӕ азы. 2 Саул Израилы адӕмӕй йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Дыууӕ мины дзы уыдысты Саулимӕ Михмасы+ ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та – Ионафанимӕ+ Гивӕйы+, Вениамины мыггаджы горӕты. Иннӕ адӕмы та ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ цатырмӕ ацыд. 3 Уый фӕстӕ Ионафан ныддӕрӕн кодта, филистимӕгтӕн+ Гивӕйы+ цы ӕфсады къорд+ лӕууыд, уый, ӕмӕ уыцы хабар филистимӕгтӕ фехъуыстой. Саул та загъта, цӕмӕй ӕгас бӕстӕйы дӕр сыкъайӕ ныууасой+, зӕгъгӕ: «Уадз ӕмӕ дзуттӕгтӕ фехъусой!» 4 Ӕмӕ ӕнӕхъӕн Израилыл айхъуыстысты ацы ныхӕстӕ: «Саул филистимӕгты ӕфсады къорд ныппырх кодта, ӕмӕ ныр филистимӕгтӕ Израилӕй се сӕфт федтой»+. Гъемӕ адӕммӕ фӕсидтысты, цӕмӕй Саулы фӕдыл Галгалмӕ+ ацыдаиккой.

5 Филистимӕгтӕ та ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаиккой. Уыди сӕм ӕртын мин хӕстон бӕхуӕрдоны+, ӕхсӕз мин барӕджы, сӕ адӕм та уыдысты денджызы был змисау бирӕ+. Гъемӕ рацыдысты ӕмӕ ӕрбынат кодтой Михмасы, Беф-Авенӕн+ скӕсӕнырдыгӕй. 6 Израилӕгтӕ бамбӕрстой, бӕллӕхы кӕй бахаудысты+, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ се знаг сулӕфын нӕ уагъта. Ӕмӕ адӕм лӕгӕтты, хӕхты скъуыдты, къӕдзӕхты ’хсӕн+, ныккӕндты ӕмӕ донӕмбырдгӕнӕн дзыхъхъыты ӕмбӕхсын райдыдтой. 7 Дзуттӕгтӕ ахызтысты Иорданы+ иннӕ фарсмӕ дӕр, Гады+ зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та баззад Галгалы, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон иууылдӕр фыртӕссӕй рызтысты+. 8 Саул Галгалы ӕнхъӕлмӕ каст авд боны, Самуил кӕдмӕ загъта, уӕдмӕ+. Фӕлӕ Самуил куы никуыцӕй зынд, уӕд адӕм Саулӕй алырдӕмты лидзын райдыдтой. 9 Ӕмӕ Саул загъта: «Ӕрбахӕссут мӕм судзинаг нывонд ӕмӕ фарны нывӕндтӕ». Ӕмӕ судзинаг нывонд ӕрхаста+.

10 Куыддӕр судзинаг нывонд ӕрхаста, афтӕ кӕсы, ӕмӕ Самуил ӕрбацӕуы. Ӕмӕ Саул йӕ размӕ ацыд, цӕмӕй йын раарфӕ кодтаид+. 11 Самуил та йын загъта: «Уый цы бакодтай?»+ Уӕд ын Саул загъта: «Адӕм фӕйнӕрдӕм ныппырх сты+, ды та, кӕдмӕ загътай, уӕдмӕ нӕ фӕзындтӕ+. Стӕй ма филистимӕгтӕ дӕр Михмасы+ ӕрӕмбырд сты. 12 Ӕмӕ загътон+, зӕгъын, филистимӕгтӕ Галгалмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ мемӕ схӕцдзысты, ӕз та Йегъовӕйы зӕрдӕ не ’рфӕлмӕн кодтон. Гъемӕ мӕхи бахъуыди+ судзинаг нывонд ӕрхӕссын».

13 Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Ӕнӕзонд ми бакодтай+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста+, уый нӕ сӕххӕст кодтай+. Куы йӕ сӕххӕст кодтаис, уӕд дын Йегъовӕ Израилы дӕ паддзахы бартӕ ӕнустӕм ӕрфидар кодтаид. 14 Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн+. Йегъовӕ ссардзӕн, йӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у+, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамонӕгӕй+ уый сӕвӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ ды нӕ сӕххӕст кодтай, Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста, уый»+.

15 Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ Галгалӕй ацыд Гивӕмӕ, Вениамины мыггаджы горӕтмӕ. Саул та банымадта, йемӕ ма цы адӕм баззад, уыдоны, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц+. 16 Саул, йӕ фырт Ионафан ӕмӕ ма семӕ цы адӕм баззад, уыдон цардысты Гивӕйы+, Вениамины мыггаджы горӕты. Филистимӕгты ӕфсад та лӕууыд Михмасы+. 17 Ӕмӕ-иу филистимӕгты ӕфсадӕй тыхгӕнджытӕ ӕртӕ къордӕй+ рацыдысты, цӕмӕй-иу израилӕгты бастыгътаиккой. Иу къорд-иу ацыд, Офрӕмӕ+, Шуалы зӕхмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл, 18 иннӕ къорд-иу араст Беф-Ороны+ фӕндагыл, ӕртыккаг къорд та-иу араст, ӕдзӕрӕг быдырырдыгӕй Цевоимы дӕлвӕзы рӕзты чи цӕуы, уыцы арӕнмӕ кӕнӕг фӕндагыл.

19 Ӕнӕхъӕн Израилы зӕххыл та иу куырд дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ филистимӕгтӕ дзырдтой, израилӕгтӕ сӕхицӕн хъама кӕнӕ арц ма саразой, зӕгъгӕ+. 20 Ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр гутоны кард, къӕпи, фӕрӕт кӕнӕ ӕхсырф+ цыргъ кӕнынмӕ цыдысты филистимӕгтӕм. 21 Гутоны кард, къӕпи кӕнӕ ӕртӕдӕндаг сагой цыргъгӕнӕггаг ӕмӕ, галтӕ кӕмӕй фӕтӕрынц, уыцы цыргъ хъил+ аразӕггаг уыд иу пим*. 22 Гъемӕ тохы бон, Саул ӕмӕ Ионафанимӕ чи уыд, уыцы адӕмӕй никӕмӕ уыд нӕдӕр хъама+, нӕдӕр арц. Ӕрмӕстдӕр Саулмӕ+ ӕмӕ йӕ фырт Ионафанмӕ уыди хӕцӕнгарз.

23 Филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд-иу+ рацыд Михмасы+ комы нарӕгмӕ.

14 Иу бон Саулы фырт Ионафан+, йӕ хӕцӕнгарз ын чи хаста, уыцы лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Цом, ахизӕм иннӕ фарсмӕ, филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд кӕм ис, уырдӕм». Йӕ фыдӕн та ницы загъта+. 2 Саул ӕрбынат кодта Гивӕйы+, горӕтгӕрон, Мигроны цы гранатбӕлас ис, уый бын. Йемӕ цы адӕм уыд, уыдон уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц+. 3 Ахи та дардта ефод+ – Ахи уыд Силомы+ Йегъовӕйӕн сауджынӕй чи лӕггад кодта, уыцы Илийӕн+ йӕ фырт Финеесы+ фырт Ихаводӕн+ йе ’фсымӕр Ахитувы+ фырт. Ныр адӕм та нӕ зыдтой, Ионафан кӕй ацыди, уый. 4 Ионафан филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къордмӕ+ цы ахизӕнтыл хъавыд бацӕуынмӕ, уыдонӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди дӕндагау цыргъ къӕдзӕхтӕ. Иу дзы хуынди Боцец, иннӕ та – Сене. 5 Иу къӕдзӕх дзы уыд цӕгатырдыгӕй, цӕджындзау хӕрдмӕ фӕцыд ӕмӕ каст Михмасмӕ+, иннӕ та уыд хуссарырдыгӕй ӕмӕ каст Гевӕмӕ+.

6 Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн, йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн, загъта: «Цом, ахизӕм, уыцы ӕнӕсунӕтгӕндты+ хъахъхъӕнджыты къорд кӕм ис, уырдӕм. Кӕд нын Йегъовӕ ӕххуысгӕнӕг уаид, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн бирӕ адӕмы фӕрцы дӕр йӕ бон у фервӕзын кӕнын ӕмӕ гыццыл адӕмы фӕрцы дӕр»+. 7 Йӕ лӕггадгӕнӕг ын загъта: «Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый кӕн. Цу, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм. Кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай,– ӕз дӕр ацӕудзынӕн демӕ»+. 8 Ӕмӕ уӕд Ионафан загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ахизӕм уыцы адӕммӕ ӕмӕ нӕ куыд уыной, афтӕ слӕууӕм. 9 Кӕд нын афтӕ зӕгъой, уым лӕуут, цалынмӕ уӕм нӕ ныццӕуӕм, уӕдмӕ, зӕгъгӕ, уӕд нӕ бынаты лӕудзыстӕм ӕмӕ сӕм не ссӕудзыстӕм. 10 Афтӕ нын куы зӕгъой, рацӕут ардӕм, зӕгъгӕ, уӕд та сӕм ссӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын сӕ Йегъовӕ нӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ нын уый та уыдзӕн нысан»+.

11 Гъемӕ дыууӕйӕ дӕр, филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд сӕ куыд уына, афтӕ слӕууыдысты. Ӕмӕ филистимӕгтӕ загътой: «Акӕсут-ма, дзуттӕгтӕ, кӕм ӕмбӕхстысты+, уыцы хуыккӕмттӕй рабырынц». 12 Ӕмӕ Ионафанӕн ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загътой: «Рацӕут ардӕм, ӕмӕ уын мах фенын кӕндзыстӕм!»+ Уӕд Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цу, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ Израилы къухмӕ ратдзӕн»+. 13 Ӕмӕ Ионафан йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй хӕцгӕйӕ хӕрдмӕ бырыд+, йӕ лӕггадгӕнӕг та йӕ фӕстӕ. Ӕмӕ филистимӕгтӕ Ионафаны къухӕй цагъды кодтой+, йӕ фӕстӕ ма-иу дзы удӕгасӕй чи баззад, уыдоны та йӕ лӕггадгӕнӕг мардта+. 14 Фыццаг ныббырстӕн Ионафан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг гектары цыппӕрӕм хайыл* ныццагътой дыууын лӕджы бӕрц.

15 Филистимӕгтӕй быдыры чи ӕрбынат кодта, уыдоны, стӕй хъахъхъӕнджыты къорды чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр тас+ бацыд. Тас бацыд, израилӕгты чи стыгъта+, суанг уыцы тыхгӕнджыты дӕр. Зӕхх нынкъуысыд+, ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр тас бауагъта+. 16 Саулӕн Гивӕйы+, Вениамины мыггаджы горӕты, цы хъахъхъӕнджытӕ лӕууыд, уыдон федтой, филистимӕгты ӕфсад кӕрӕдзи мидӕг кӕй систы+.

17 Ӕмӕ Саул, йемӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн загъта: «Адӕмы-ма банымайут ӕмӕ фенут, ам нӕ чи нӕй». Куы сӕ банымадтой, уӕд федтой, Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг уым кӕй не сты. 18 Уӕд Саул Ахийӕн+ загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын-ма рахӕсс!»+ Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ уыцы бон ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Израилы фырттимӕ уыд+. 19 Саул цалынмӕ сауджынимӕ ныхас кодта+, уӕдмӕ филистимӕгты ’хсӕн хъӕлӕба тынгӕй-тынгдӕр кодта. Уӕд Саул сауджынӕн загъта: «Фӕлӕуу-ма». 20 Саул ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр ӕрӕмбырд сты+ ӕмӕ, тохы быдырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, филистимӕгтӕ сӕ кӕрӕдзи кӕй цӕгъдынц+. Сӕ сӕр сӕ кой сси ӕмӕ лидзӕг фесты. 21 Дзуттӕгтӕй уый размӕ филистимӕгты фарс чи слӕууыд+ ӕмӕ се ’фсадимӕ чи уыд, уыдон дӕр ӕрбаиу сты, Саул ӕмӕ Ионафанимӕ чи уыд, уыцы израилӕгтӕм. 22 Израилӕгтӕй Ефремы хӕхбӕсты чи ӕмбӕхст+, уыдон иууылдӕр фехъуыстой, филистимӕгтӕ лидзӕг кӕй фесты, уый, ӕмӕ уыдон дӕр тохы бацыдысты ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой. 23 Уыцы бон Йегъовӕ фервӕзын кодта+ Израилы адӕмы, ӕмӕ тох Беф-Авенӕй+ дарддӕр ахызт.

24 Уыцы бон израилӕгтӕ сау фӕллад баисты, фӕлӕ Саул адӕмы расомы кӕнын кодта+ ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ нӕ баизӕр уа ӕмӕ цалынмӕ ме знӕгтӕй мӕ маст нӕ райсон+, уӕдмӕ йӕ дзыхмӕ къӕбӕр чи схӕсса, уый ӕлгъыст фӕуӕд!» Ӕмӕ адӕмӕй къӕбӕр ничи бахордта+.

25 Уый фӕстӕ, ӕгас бӕстӕйӕ цы адӕм ӕрцыд, уыдон хъӕдмӕ бацыдысты. Хъӕды та уыди мыд+. 26 Ӕмӕ хъӕдмӕ куы бацыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ мыд тӕдзы+. Фӕлӕ дзы иу дӕр мыдӕй йӕ дзыхмӕ не схаста, уымӕн ӕмӕ сомыйӕ+ тарстысты. 27 Ионафан та нӕ фехъуыста, йӕ фыд адӕмы кӕй расомы кӕнын кодта+, уый. Гъемӕ, йӕ къухы цы хъил уыди, уымӕн йӕ кӕрон мыды фӕтъыста, стӕй дзы ахордта – ӕмӕ та йӕм хъарутӕ фӕзынд*+. 28 Уӕд ын адӕмӕй чидӕр загъта: «Дӕ фыд нӕ расомы кӕнын кодта, зӕгъгӕ, ӕлгъыст фӕуӕд, абон йӕ дзыхмӕ къӕбӕр чи схӕсса, уый!»+ Афтӕмӕй та адӕмӕн сӕ хъару сӕттын райдыдта+. 29 Фӕлӕ Ионафан загъта: «Мӕ фыд адӕмы бӕллӕхы баппӕрста+. Ракӕсут-ма, иу гыццыл мыд+ ахордтон, ӕмӕ та мӕм хъарутӕ фӕзынд. 30 Цас хуыздӕр уыдаид, ӕмӕ абон адӕм, се знӕгтӕй цы байстой+, уымӕй исты куы бахордтаиккой!+ Ныр та филистимӕгты кӕронмӕ нӕ ныццагътам»+.

31 Уыцы бон филистимӕгты цӕгъдгӕ цыдысты Михмасӕй+ Аиалоны+ онг, ӕмӕ адӕм тынг бафӕлладысты+. 32 Гъемӕ уӕд сӕхи зыдӕй ныццавтой, знӕгтӕй цы байстой+, уыдоныл, лӕбурдтой фыстӕм, стуртӕм ӕмӕ родтӕм, зӕххыл сӕ ’ргӕвстой ӕмӕ-иу сын сӕ туг+ нӕ рауагътой, афтӕмӕй сӕ хордтой. 33 Ӕмӕ Саулӕн загътой: «Акӕс-ма, адӕм Йегъовӕйы раз тӕригъӕд аразынц, дзидза тугимӕ хӕрынц»+. Уӕд Саул загъта: «Сымах стыр тӕригъӕд сарӕзтат. Ардӕм-ма мӕм стыр дур ӕрбатулут». 34 Стӕй загъта: «Адӕмыл ӕрзилут ӕмӕ сын зӕгъут: „Алчидӕр уӕ йӕ галы кӕнӕ йӕ фысы мӕнмӕ ӕрбакӕнӕд. Ацы ран сӕ ӕргӕвдут ӕмӕ хӕрут. Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ма аразут, тугимӕ ма хӕрут“»+. Гъемӕ сӕ алчидӕр уырдӕм кодта, уыцы ӕхсӕв ӕм стурвосӕй цы уыди, уый, ӕмӕ-иу ӕй уым аргӕвста. 35 Уӕд Саул Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн скодта+. Уый уыд, Йегъовӕйӕн цы нывондхӕссӕнтӕ скодта, уыдонӕй фыццаг+.

36 Уый фӕстӕ Саул загъта: «Цомут, ахсӕв филистимӕгты фӕдыл ныццӕуӕм, боныцъӕхтӕм+ сӕ бастигъӕм ӕмӕ дзы иуы дӕр удӕгасӕй мауал ныууадзӕм»+. Уыдон ын дзуапп радтой: «Хуыздӕр дӕм куыд кӕсы, афтӕ бакӕн». Фӕлӕ сауджын загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы уал бафӕрсӕм»+. 37 Ӕмӕ Саул Хуыцауы бафарста: «Филистимӕгты фӕстейӕ асурон?+ Ратдзынӕ сӕ Израилы къухмӕ?»+ Фӕлӕ йын Хуыцау уыцы бон дзуапп нӕ радта+. 38 Уӕд Саул загъта: «Адӕмы хистӕртӕ+, уе ’ппӕт дӕр ардӕм рацӕут+, ӕркӕсут ӕмӕ базонут, цавӕр тӕригъӕд арӕзт ӕрцыд абон. 39 Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы Ирвӕзынгӕнӕгӕй, сомы кӕнын: мӕ фырт Ионафан куы уа аххосджын, уӕд дӕр удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн»+. Фӕлӕ йын адӕмӕй дзуапп ничи лӕвӕрдта. 40 Ӕмӕ уӕд израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Сымах ӕрлӕудзыстут иуырдыгӕй, ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионафан та – иннӕрдыгӕй». Ӕмӕ йын адӕм загътой: «Куыддӕриддӕр дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн»+.

41 Саул Йегъовӕйӕн загъта: «О Израилы Хуыцау, туммимы*+ фӕрцы нын дзуапп ратт!» Ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Ионафанмӕ ӕмӕ Саулмӕ, адӕммӕ та нӕ+. 42 Уӕд Саул загъта: «Хӕлттӕ+ сӕппарут мӕныл ӕмӕ мӕ фыртыл». Ӕмӕ бацамыдта Ионафанмӕ. 43 Уӕд Саул Ионафанӕн загъта: «Зӕгъ ӕй, цы сарӕзтай?»+ Ӕмӕ йын Ионафан загъта: «Мӕ къухы цы хъил ис, уымӕн йӕ кӕронӕй иу гыццыл мыд систон ӕмӕ дзы ахордтон+. Ӕмӕ ныр мӕнӕ дӕн. Амар мӕ».

44 Уӕд Саул загъта: «Хуыцауы фыдӕх мӕ баййафӕд+, Ионафан, ды удӕгасӕй куы баззайай, уӕд»+. 45 Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Уый Ионафан хъуамӕ амӕла – Израилы адӕмы чи фервӕзын кодта+, уый? Уымӕн гӕнӕн нӕй!+ Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнӕм+: йӕ сӕрӕй иу хъуын+ дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ абон цы сарӕзта, уый Хуыцауимӕ арӕзта»+. Афтӕ адӕм Ионафаны фервӕзын кодтой+, ӕмӕ удӕгасӕй баззад.

46 Саул филистимӕгты фӕстейӕ нал сырдта, ӕмӕ филистимӕгтӕ сӕ зӕхмӕ аздӕхтысты+.

47 Саул Израилы йӕ паддзахы бартӕ ӕрфидар кодта+ ӕмӕ хӕцыд, йӕ алыварс цы знӕгтӕ уыди, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр: Моавимӕ+, Аммоны+ фырттимӕ, Едомимӕ+, Сувӕйы+ паддзӕхтимӕ ӕмӕ филистимӕгтимӕ+. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид – йе знӕгты-иу йӕ фыдӕх баййӕфта+. 48 Саул хъӕбатырӕй тох кодта+, амаликӕгты+ ныццагъта ӕмӕ Израилы адӕмы тыхгӕнӕджы къухӕй фервӕзын кодта.

49 Саулы фырттӕ уыдысты Ионафан+, Ишви ӕмӕ Малхисуа+. Йӕ дыууӕ чызгӕй та, фыццаг чи райгуырд, уый хуынди Меровӕ+, кӕстӕр та – Мелхолӕ+. 50 Саулӕн йӕ ус хуынди Ахиноамӕ, уыди Ахимаасы чызг. Йе ’фсады хицау уыди Ниры фырт Авенир+, Саулӕн йӕ фыдыфсымӕр. 51 Кис+ уыд Саулы фыд, Авениры фыд Нир+ та уыд Авиилы фырт.

52 Цалынмӕ Саул ӕгас уыд, уӕдмӕ филистимӕгтимӕ цыди карз хӕст+. Саул-иу тыхджын кӕнӕ хъӕбатыр адӕймаджы куы федта, уӕд-иу ӕй йӕхимӕ акодта+.

15 Уый фӕстӕ Самуил Саулӕн загъта: «Кӕддӕр Йегъовӕ мӕн арвыста, цӕмӕй дӕ сойӕ байсӕрстаин+ ӕмӕ дӕ йӕ адӕм Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтаин. Ӕмӕ ныр байхъус, Йегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ+. 2 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+: „Ӕз Амаликӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн+, Израил Египетӕй куы цыди, уӕд йӕ ныхмӕ кӕй ӕрлӕууыд, уый тыххӕй+. 3 Уӕдӕ ныр ацу, ныццӕгъд амаликӕгты+, сӕфты хай сын бакӕн+ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕр. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн, амар+ се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты+. Стурты, фысты, теуаты ӕмӕ хӕрджыты дӕр ныццӕгъд“»+. 4 Саул дӕр адӕмы Телаимы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ банымадта+. Уыдысты дыууӕсӕдӕ мин фистӕг хӕстоны ӕмӕ дӕс мин лӕджы та Иудӕйы мыггагӕй+.

5 Саул бахӕццӕ амаликӕгты горӕты онг ӕмӕ уым дӕлвӕзмӕ хӕстӕг йӕ адӕмы сӕ размӕ бабадын кодта. 6 Кенейтӕн+ та Саул загъта: «Рахицӕн ут+ амаликӕгтӕй ӕмӕ се ’хсӕнӕй рацӕут, цӕмӕй уӕ семӕ ма фесафон, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕ+ Египетӕй куы цыдысты+, уӕд сӕм сымах ӕнувыд уарзт равдыстат». Ӕмӕ кенейтӕ амаликӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты. 7 Уый фӕстӕ Саул амаликӕгты цӕгъдын байдыдта+ Хавилӕйӕ+ суанг, Египеты раз чи ис, уыцы Сурмӕ+. 8 Амаликӕгтӕн сӕ паддзах Агагы+ удӕгасӕй ӕрцахста, иннӕ адӕмы та се ’ппӕты дӕр сӕфты хай бакодта, карды комӕй сӕ ныццагъта+. 9 Фӕлӕ Саул ӕмӕ адӕм Агагӕн фӕтӕригъӕд кодтой. Стӕй ма лыстӕг фос ӕмӕ стурвосы+ хуыздӕртӕ, хӕрзхаст фос, фырытӕ ӕмӕ, амаликӕгтӕм хорзӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон фесафын дӕр сӕ цӕст нӕ бауарзта+. Цӕуыл нӕ барвӕссыдысты ӕмӕ сӕ цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ та сӕфты хай бакодтой.

10 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: 11 «Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл фӕсмон кӕнын+, уымӕн ӕмӕ мӕ коммӕ нал кӕсы+, мӕ ныхас мын нӕ сӕххӕст кодта»+. Уый Самуилӕн тынг зын уыди+, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Йегъовӕмӕ фӕкуывта+. 12 Дыккаг бон Самуил раджы сыстад, цӕмӕй Саулыл райсомӕй сӕмбӕлдаид. Фӕлӕ йын фӕхабар кодтой: «Саул Кармилмӕ+ ӕрцыд ӕмӕ уым йӕхицӕн кады цырт+ сӕвӕрдта. Стӕй уырдыгӕй аздӕхт ӕмӕ Галгалмӕ ныццыд». 13 Ӕппынфӕстаг, Самуил Саулмӕ куы ’рцыд, уӕд ын Саул загъта: «Йегъовӕйӕ арфӕгонд у+. Ӕз сӕххӕст кодтон Йегъовӕйы ныхас»+. 14 Фӕлӕ йын Самуил загъта: «Уӕдӕ мӕм уый цӕй фысты ӕмӕ стурты уасын хъуысы?»+ 15 Саул ын загъта: «Амаликӕгтӕй сӕ ратардтой. Адӕмӕн+ сӕ цӕст нӕ бауарзта фысты ӕмӕ стурты хуыздӕртӕ фесафын ӕмӕ сӕ ныууагътой, цӕмӕй сӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссой+. Ӕндӕр дзы цыдӕриддӕр уыди, уый сӕфты хай бакодтам». 16 Уӕд Самуил Саулӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у! Хъус, Йегъовӕ мын дысон цы загъта, уымӕ»+. Саул ын загъта: «Дзур».

17 Уӕд Самуил загъта: «Дӕхи цӕсты куы ницы уыдтӕ+, уӕд не ’рцыдтӕ ӕвӕрд Израилы мыггӕгты сӕргъы ӕмӕ дӕ Йегъовӕ уӕд нӕ байсӕрста сойӕ+, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай? 18 Уый фӕстӕ дын Йегъовӕ бахӕс кодта, зӕгъгӕ, ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынты+, амаликӕгты, сӕфты хай бакӕн ӕмӕ семӕ тох кӕн, цалынмӕ сӕ бындзагъд нӕ фӕкӕнай, уӕдмӕ+. 19 Уӕдӕ цӕуылнӕ байхъуыстай Йегъовӕйы ныхасмӕ, дӕхи сӕ исбоныл зыдӕй цӕмӕн ныццавтай+ ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый цӕмӕн бакодтай?»+

20 Фӕлӕ Саул Самуилӕн загъта: «Куыннӕ байхъуыстон+ Йегъовӕйы ныхасмӕ? Ацыдтӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ цы бахӕс кодта, уый сарӕзтон, амаликӕгтӕн сӕ паддзах Агагы ӕрбакодтон+, фӕлӕ сын сӕхи сӕфты хай бакодтон+. 21 Адӕм+ та сын сӕ фысты ӕмӕ се стурты хуыздӕртӕ, сӕфты хай бакӕнын кӕй хъӕуы, уыдон, ратардтой, цӕмӕй сӕ Галгалы+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн+ ӕрхӕссой».

22 Уӕд Самуил загъта: «Ӕмӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕхсызгондӕр сты ӕви, Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусай, уый? Коммӕ кӕсын+ нывондӕй+ хуыздӕр у, ӕмӕ хъусын – фырыты фиуӕй+. 23 Ныхмӕ цӕуын+ дӕсны фӕрсынау+ стыр тӕригъӕд у. Дӕхиуыл фервӕссай, уый та кӕлӕнтӕ кӕнынӕй ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн*+ кувынӕй уӕлдай нӕу. Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух кӕй систай+, уый тыххӕй дыл уый дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй паддзах мауал уай»+.

24 Уӕд Саул Самуилӕн загъта: «Тӕригъӕд ракодтон+. Йегъовӕйы ныхас нӕ сӕххӕст кодтон ӕмӕ мын цы загътай, уый нӕ бакодтон, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй фӕтарстӕн+ ӕмӕ сӕм байхъуыстон. 25 Курын дӕ, ныххатыр+ мын кӕн мӕ тӕригъӕд ӕмӕ фӕстӕмӕ мемӕ рацу, цӕмӕй Йегъовӕйӕн бакувон»+. 26 Фӕлӕ йын Самуил загъта: «Ӕз демӕ нӕ ацӕудзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух систай, ӕмӕ дыл ныр Йегъовӕ дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй Израилӕн паддзах мауал уай»+. 27 Самуил куы фӕзылд ӕмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Саул йӕ ӕнӕдыс къабайы фӕдджийыл фӕхӕцыд, фӕлӕ йӕ къухӕй феуӕгъд+. 28 Ӕмӕ йын уӕд Самуил загъта: «Абон дын Йегъовӕ дӕ къухӕй ратыдта+ Израилы паддзахы бартӕ. Ӕмӕ сӕ ратдзӕн ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕр чи у, уымӕн+. 29 Израилы Хуыцау, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау,+ нӕ фӕсайдзӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый зӕххон адӕймаг нӕу, цӕмӕй фӕсмон кӕна»+.

30 Уӕд Саул загъта: «Тӕригъӕд ракодтон. Курын дӕ, мӕ адӕмы хистӕр лӕгты цӕсты ӕмӕ мӕ Израилы цӕсты ма фегад кӕн+ ӕмӕ фӕстӕмӕ мемӕ рацу, цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн бакувон»+. 31 Гъемӕ Самуил дӕр Саулы фӕстӕ ацыд, ӕмӕ Саул Йегъовӕйӕн бакуывта. 32 Уый фӕстӕ Самуил загъта: «Ӕрбакӕнут мӕм амаликӕгты паддзах Агагы». Агаг ӕм тӕрсгӕ-ризгӕ бацыд, фӕлӕ стӕй йӕхицӕн загъта: «Нӕ, ныр мын мӕлӕтӕй тӕссаг нал у». 33 Фӕлӕ Самуил загъта: «Дӕ хъама-иу+ мадӕлты сӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай куыд фӕкодта, афтӕ дӕ мад+ дӕр йӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн»+. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд загъта, афтӕ Агагы ныкъкъуыхтӕ кодта Йегъовӕйы раз, Галгалы+.

34 Уый фӕстӕ Самуил ацыд Рамӕмӕ, Саул та ацыд йӕ хӕдзармӕ, Гивӕмӕ+, Саулы горӕтмӕ. 35 Самуил тынг маст кодта+ Саулыл, ӕмӕ йӕ уыцы бонӕй суанг йӕ мӕлӕты онг нал федта. Йегъовӕ фӕсмон кодта, Саулы Израилӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл+.

16 Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Цас ма маст кӕндзынӕ Саулыл?+ Ӕз ыл мӕ къух систон, уый Израилӕн паддзах нал уыдзӕн+. Дӕ сыкъа сойӕ+ байдзаг кӕн ӕмӕ ацу. Ӕз дӕ ӕрвитын вифлеемаг Йессеймӕ+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фырттӕй равзӕрстон паддзах»+. 2 Фӕлӕ Самуил загъта: «Куыд ацӕуон? Саул уый куы фехъуса, уӕд мӕ амардзӕн»+. Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Фосӕй демӕ акӕн иу дыгӕрдыг ӕмӕ-иу зӕгъ, Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ’рцыдтӕн, зӕгъгӕ+. 3 Нывонд хӕссынмӕ-иу фӕхон Йессейы, ӕмӕ дын ӕз зӕгъдзынӕн, цы кӕнын дӕ хъӕудзӕн, уый+. Кӕмӕ дын бацамонон, уый мын сойӕ байсӕрддзынӕ»+.

4 Самуил дӕр, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Вифлееммӕ+ куы ’рцыд ӕмӕ йӕ горӕты хистӕр лӕгтӕ куы федтой, уӕд фыртӕссӕй барызтысты+. Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Фарнимӕ нӕм ӕрцыдтӕ?»+ 5 «Фарнимӕ,– загъта сын уый.– Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ’рцыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+ ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Стӕй Йессейы ӕмӕ йӕ фыртты ссыгъдӕг кодта, ӕмӕ сӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕхуыдта. 6 Куы ’рбацыдысты ӕмӕ Самуил Елиавы+ куы федта, уӕд загъта: «Ӕнӕмӕнг, ай у Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг». 7 Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс+, уый нӕ равзӕрстон. Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы+. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ+, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ»+. 8 Уӕд Йессей фӕдзырдта Аминадавмӕ+ ӕмӕ йӕ Самуилы размӕ ракодта, фӕлӕ Самуил загъта: «Уый дӕр нӕ равзӕрста Йегъовӕ». 9 Уый фӕстӕ Йессей ракодта Шаммӕйы+, фӕлӕ та уымӕй дӕр загъта: «Уый дӕр нӕ равзӕрста Йегъовӕ». 10 Афтӕ Йессей Самуилы размӕ ракодта йӕ авд фырты, фӕлӕ йын Самуил загъта: «Адонӕй никӕй равзӕрста Йегъовӕ».

11 Уӕд Самуил Йессейы бафарста: «Адон йеддӕмӕ дын нӕй лӕппу?» Йессей йын загъта: «Ис, се ’ппӕты кӕстӕр, фӕлӕ ам нӕй+, фыстӕ хизы»+. Ӕмӕ уӕд Самуил Йессейӕн загъта: «Арвит ӕм, ӕмӕ йӕ ӕрбакӕной. Цалынмӕ уый не ’рбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не ’рбаддзыстӕм». 12 Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ уый дӕр ӕрбацыд. Уый уыди рӕсугъд, сырхуадул+ лӕппу, уыди йын рӕсугъд цӕстытӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Сыст ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд, ай у!»+ 13 Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд.

14 Йегъовӕ Саулӕй йӕ тых айста+, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Саулӕн йе ’взӕр хъуыдытӕ+ ӕнцой мауал лӕвӕрдтаиккой*. 15 Ӕмӕ Саулӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Хуыцау бауагъта, цӕмӕй дын ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма дӕттой. 16 Нӕ буц хицау, дӕ разы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн зӕгъ, цӕмӕй дын бацагурой, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй+ цӕгъдынмӕ дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы+. Ӕмӕ-иу Хуыцау куы бауадза, цӕмӕй дын ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма дӕттой, уӕд-иу дын цӕгъддзӕн, ӕмӕ-иу дӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг уыдзӕн». 17 Гъемӕ Саул йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, ссарут мын, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй хорз чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнут»+.

18 Уӕд ын йӕ лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу загъта: «Ӕз федтон, вифлеемаг Йессейы фырт дыууадӕстӕнон фӕндырӕй куыд хорз цӕгъды+, уый. Хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймаг у+, ӕцӕг тохы лӕг+, йӕ ныхас – ӕмбаргӕ+, бакӕс ӕм, уӕд – саджы фисынтыл амад+. Ӕмӕ Йегъовӕ йемӕ ис»+. 19 Уӕд Саул Йессеймӕ йӕ адӕмы арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Дӕ фырт Давиды мӕм рарвит, фыстӕ дын чи хизы, уыцы фырты»+. 20 Йессей дӕр хӕрӕг ракодта, сӕвӕрдта йыл дзул ӕмӕ сӕны лалым+, ракодта иу сӕныкк дӕр ӕмӕ сӕ йӕ фырт Давидимӕ Саулӕн арвыста+. 21 Гъемӕ Давид ӕрцыд Саулмӕ ӕмӕ йын лӕггад кодта+. Саул ӕй тынг бауарзта ӕмӕ йын бахӕс кодта йӕ хӕцӕнгарз хӕссын+. 22 Ӕппынфӕстаг Саул Йессеймӕ арвыста ахӕм ныхас: «Дӕ хорзӕхӕй, Давиды мӕнмӕ ныууадз, цӕмӕй мын лӕггад кӕна – тынг райгонд дзы дӕн». 23 Ӕмӕ-иу Хуыцау куы бауагъта, цӕмӕй Саулӕн ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма лӕвӕрдтаиккой, уӕд-иу Давид дыууадӕстӕнон фӕндыр райста ӕмӕ-иу ын цагъта. Ӕмӕ-иу Саулӕн фенцондӕр, йӕ зӕрдӕ-иу бахъӕлдзӕг, ӕмӕ-иу ӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ нал тыхсын кодтой+.

17 Филистимӕгтӕ+ се ’фсӕдтӕ хӕстмӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Ӕрӕмбырд сты Сохойы+, Иудӕйы зӕххыл, ӕмӕ Сохо ӕмӕ Азекӕйы+ ’хсӕн, Ефес-Даммимы+, ӕрбынат кодтой. 2 Уӕд Саул ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Илӕйы+ дӕлвӕзы ӕрбынат кодтой, ӕмӕ филистимӕгты ныхмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. 3 Филистимӕгтӕ лӕууыдысты иу хохыл, израилӕгтӕ та – иннӕ хохыл, се ’хсӕн та уыди дӕлвӕз.

4 Филистимӕгты ӕфсӕдты ’рдыгӕй рацыд богал, Голиаф+, зӕгъгӕ, Гефӕй+. Йӕ бӕрзӕнд уыд ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ уылынг*+. 5 Йӕ сӕрыл уыд ӕрхуыйӕ конд згъӕрхуд, йӕ уӕлӕ та – йӕ уӕз фондз мин сиклы* кӕмӕн уыд, ахӕм хӕрвцъар згъӕрхӕдон+. 6 Йӕ къӕхтыл уыд ӕрхуы зӕнгӕйттӕ, йе ’ккой та – гыццыл ӕрхуы арц+. 7 Йе стыр арцы хъӕд уыди, тынуафӕныл цы ӕндӕхты къӕбӕл вӕййы, уый стӕвдӕн+, йӕ арцы ӕфсӕйнаг бырынчъы уӕз та уыд ӕхсӕзсӕдӕ сиклы*. Йӕ разӕй цыди, йе стыр уарт ын чи хаста, уыцы хӕстон. 8 Богал ӕрлӕууыд ӕмӕ Израилы ӕфсадмӕ+ ныхъхъӕр кодта: «Гӕрзифтонгӕй цы ралӕууыдыстут? Ӕви ӕз филистимаг нӕ дӕн, ӕмӕ сымах та Саулы лӕггадгӕнджытӕ+ не стут? Равзарут уӕхицӕй иу адӕймаджы, ӕмӕ мӕ ныхмӕ рацӕуӕд. 9 Кӕд йӕ бон бауа мемӕ схӕцын ӕмӕ мӕ амара, уӕд мах уыдзыстӕм уӕ цагъартӕ. Кӕд ыл ӕз фӕтых уон ӕмӕ йӕ амарон, уӕд та сымах суыдзыстут нӕ цагъартӕ ӕмӕ нын кусдзыстут»+. 10 Уый фӕстӕ уыцы филистимаг загъта: «Абон ӕз Израилы ӕфсӕдтӕй ахынджылӕг кӕндзынӕн+. Ракӕнут мӕм искӕй, ӕмӕ нӕ тыхтӕ бавзарӕм!»+

11 Саул+ ӕмӕ израилӕгтӕ филистимаджы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд се ’ппӕтӕн дӕр сӕ быны дон бацыд, тынг фӕтарстысты+.

12 Давид уыди ефрафӕйаг+ Йессейы фырт. Йессей цард Иудӕйы зӕххыл, Вифлеемы, ӕмӕ йын уыди аст фырты+. Саул паддзах куы уыди, уӕд Йессей зӕронд лӕг уыд. 13 Йе ’ртӕ хистӕр фырты Саулы фӕдыл хӕстмӕ ацыдысты. Хӕстмӕ+ йын чи ацыд, уыцы ӕртӕ фырты хуындысты: хистӕр фырт – Елиав+, дыккаг – Аминадав+, ӕртыккаг – Шаммӕ+. 14 Давид та уыд се ’ппӕты кӕстӕр+. Йессейы ӕртӕ хистӕр фырты ацыдысты Саулы фӕдыл.

15 Давид-иу ацыд Саулмӕ ӕмӕ та-иу фӕстӕмӕ Вифлееммӕ ӕрбаздӕхт йӕ фыды фыстӕ хизынмӕ+. 16 Ныр-иу уыцы филистимаг та алы бон дӕр райсомӕй раджы ӕмӕ изӕрӕй рацыд ӕмӕ-иу йӕ бынаты ӕрлӕууыд. Ӕмӕ афтӕ кодта цыппор боны дӕргъы.

17 Йессей йӕ фырт Давидӕн загъта: «Марадз, мӕнӕ ацы ефӕ* цӕкуытӕ+ ӕмӕ ацы дӕс дзулы айс ӕмӕ сӕ де ’фсымӕртӕн ахӕсс, ӕфсад кӕм лӕууы, уырдӕм. 18 Мӕнӕ ацы дӕс цыхты* та ахӕсс, сӕ къорды сӕргъы чи лӕууы, уымӕн+. Стӕй-иу базон, де ’фсымӕртӕ дзӕбӕх сты ӕви нӕ+, ӕмӕ-иу мын исты бӕлвырдгӕнӕн ӕрбахӕсс, ӕгас кӕй сты, уымӕн». 19 Уыдон та уыцы рӕстӕг Саул ӕмӕ иннӕ израилӕгтимӕ Илӕйы+ дӕлвӕзы уыдысты, филистимӕгтимӕ+ хӕцыдысты.

20 Давид дӕр райсомӕй раджы сыстад, фыстӕ ныууагъта хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йын Йессей куыд загъта, афтӕ йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ ацыд+. Ӕфсад кӕм ӕрбынат кодтой+, уырдӕм куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕдтӕ рацӕйцыдысты тохы быдырмӕ+ ӕмӕ тохы хъӕр кодтой. 21 Ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгтӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. 22 Давид йӕ хӕссинӕгтӕ+ фӕуагъта уӕрдӕттӕ+ хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ тохы быдырмӕ азгъордта. Уырдӕм куы бахӕццӕ, уӕд йе ’фсымӕрты фӕрсын райдыдта, куыд сты, уымӕй+.

23 Семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ кӕсы, ӕмӕ филистимӕгты ӕфсадӕй рацӕуы филистимаг богал Голиаф+, Гефӕй+ чи уыд, уый. Ӕмӕ та, уымӕй размӕ цытӕ дзырдта, уыдӕттӕ райдыдта дзурын+, ӕмӕ Давид фехъуыста уыцы ныхӕстӕ. 24 Израилӕгтӕ та уыцы лӕджы куы федтой, уӕд дзы афтӕ тынг фӕтарстысты, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лидзынмӕ фесты+. 25 Израилӕгтӕ загътой: «Федтат уыцы адӕймаджы? Израилӕй хынджылӕг кӕнынмӕ+ рацӕуы. Чи йӕ амара, уымӕн паддзах ратдзӕн стыр хъӕздыгдзинӕдтӕ, йӕ чызджы та йын ратдзӕн усӕн+, ӕмӕ Израилы йӕ фыды хӕдзар хъалонтӕ фидынӕй сӕрибар уыдзӕн»+.

26 Давид, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдоны афарста: «Уыцы филистимаджы+ чи амара ӕмӕ Израилы худинагӕй чи фервӕзын кӕна, уымӕ цавӕр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ Чи у уыцы ӕнӕсунӕт+ филистимаг, ӕмӕ удӕгас Хуыцауы+ ӕфсадӕй хынджылӕг кӕна?»+ 27 Ӕмӕ та адӕм уымӕн дӕр загътой, ахӕм ӕмӕ ахӕм хорзӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, чи йӕ амара, уымӕ, зӕгъгӕ. 28 Давид лӕгтимӕ куыд ныхас кӕны, уый йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав+ куы айхъуыста, уӕд ӕм йӕ маст рафыхт+ ӕмӕ йын загъта: «Цӕмӕ ’рбацыдтӕ ардӕм? Уыцы цалдӕр фысы быдыры кӕмӕн ныууагътай?+ Ӕз ӕй зонын, куыд фыдзонд ӕмӕ куыд фыдзӕрдӕ+ дӕ, уый. Ды уый тыххӕй ӕрбацыдтӕ, цӕмӕй тохмӕ бакӕсай»+. 29 Давид та йын загъта: «Цы сарӕзтон ӕвзӕрӕй? Бафарстон сӕ, ӕндӕр ма дзы исты уыди?»+ 30 Ӕмӕ йе ’фсымӕры фӕуагъта ӕмӕ ӕндӕр кӕйдӕр райдыдта рафӕрс-бафӕрс кӕнын+, ӕмӕ та йын адӕм ногӕй ахӕм дзуапп радтой+.

31 Давиды ныхӕстӕ чидӕртӕ фехъуыстой ӕмӕ сӕ Саулӕн радзырдтой. Ӕмӕ йӕ Саул йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта. 32 Уӕд Давид Саулӕн загъта: «Макӕмӕн уӕ баризӕд йӕ зӕрдӕ+. Дӕ цагъар ацӕудзӕн ӕмӕ схӕцдзӕн уыцы филистимагимӕ»+. 33 Фӕлӕ Саул Давидӕн загъта: «Нӕ, дӕуӕн дӕ бон нӕ бауыдзӕн уыцы филистимагимӕ схӕцын+. Ды нырма сывӕллон+ дӕ, уый та йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ хӕцгӕ кӕны». 34 Фӕлӕ Давид Саулӕн загъта: «Дӕ цагъар йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ-иу куы домбай+ ӕрбацыд, куы арс, ӕмӕ-иу фыстӕй ахаста. 35 Ӕз-иу ӕй фӕстейӕ асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон+ ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй ратыдтон. Куы-иу мӕм фӕлӕбурдта, уӕд та-иу ын йӕ хурхыл ныххӕцыдтӕн ӕмӕ-иу ӕй амардтон. 36 Дӕ цагъар-иу домбайы дӕр амардта ӕмӕ арсы дӕр. Ӕмӕ ахӕм бон акӕндзӕн уыцы ӕнӕсунӕт филистимагыл+ дӕр, уымӕн ӕмӕ уый хынджылӕг кӕны+ удӕгас Хуыцауы+ ӕфсадӕй»+. 37 Стӕй Давид йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Домбай ӕмӕ мӕ арсы дзӕмбытӕй чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн ацы филистимаджы къухӕй дӕр»+. Ӕмӕ йын уӕд Саул загъта: «Ацу, ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд»+.

38 Саул Давидыл скодта йӕхи уӕлӕдарӕс, йӕ сӕрыл ын ӕркодта ӕрхуыйӕ конд згъӕрхуд, стӕй йыл скодта згъӕрхӕдон. 39 Давид йӕ уӕлӕдарӕсы ӕддейӕ хъама ӕрбабаста ӕмӕ арацу-бацу кӕнын афӕлвӕрдта, фӕлӕ йӕ бон нӕ баци, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты цӕуын ахуыр нӕ уыд. Гъемӕ Давид Саулӕн загъта: «Ацы дзаумӕтты цӕуын мӕ бон нӕу. Ахуыр нӕ дӕн». Ӕмӕ сӕ раласта+. 40 Стӕй йӕ лӕдзӕг йӕ къухмӕ райста, цӕугӕдоны дӕлвӕзы йӕхицӕн фондз лӕгъз дуры ссардта, йӕ фыййауы хызыны сӕ нывӕрдта ӕмӕ, йӕ дурӕхсӕн+ йӕ къухы, афтӕмӕй филистимагмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр цӕуын райдыдта.

41 Филистимаг дӕр хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр цыди Давидмӕ, йӕ разӕй та цыд, йӕ уарт ын чи хаста, уыцы хӕстон. 42 Филистимаг Давиды куы федта, уӕд ӕм уыцы ӕнӕрвӕссон каст бакодта+, уымӕн ӕмӕ Давид уыди бынтон ӕрыгон+, сырхуадул+ ӕмӕ рӕсугъд лӕппу+. 43 Гъемӕ филистимаг Давидӕн загъта: «Куыдз+ дын дӕн, лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ?» Ӕмӕ Давиды йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста+. 44 Стӕй Давидӕн загъта: «Рауай, рауай, ӕмӕ дын ӕз дӕ мард уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕнон»+.

45 Давид та филистимагӕн загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хъама ӕмӕ дыууӕ арцимӕ+ цӕуыс, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы номимӕ+, ды кӕмӕй хынджылӕг кӕныс+, уыцы Израилы ӕфсады Хуыцауы номимӕ. 46 Абон дӕ Йегъовӕ ратдзӕн мӕ къухмӕ+, ӕмӕ дӕ ныммардзынӕн ӕмӕ дын дӕ сӕр акъуырдзынӕн. Абон ӕз филистимӕгты мӕрдтӕ ратдзынӕн уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн+, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕм дӕр базондзысты, Израилы Хуыцау ӕцӕг Хуыцау кӕй у+. 47 Ӕмӕ ӕппӕт ацы дзыллӕтӕ базондзысты, Йегъовӕ хъамайӕ кӕнӕ арцӕй кӕй нӕ ирвӕзын кӕны+, уымӕн ӕмӕ ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у+, ӕмӕ уӕ уый ратдзӕн нӕ къухмӕ»+.

48 Филистимаг та Давидмӕ хӕстӕгдӕр цӕуын куы райдыдта, уӕд Давид азгъордта, рӕнхъӕй чи лӕууыд, уыцы хӕстонты ’рдӕм, филистимаджы размӕ+. 49 Стӕй йӕ къух йӕ хызыны фӕтъыста, дур дзы фелвӕста, дурӕхсӕнӕй йӕ ныззыввытт кодта, ӕмӕ дур филистимагӕн йӕ тӕккӕ ныхыл сӕмбӕлд+. Дур йӕ ныхы ныссагъд, ӕмӕ филистимаг зӕххыл дӕлгоммӕ афӕлдӕхт+. 50 Афтӕ дурӕхсӕн ӕмӕ иу дуримӕ Давид фӕуӕлахиз филистимагыл. Ӕнӕ хъамайӕ+ афӕлдӕхта уыцы филистимаджы ӕмӕ йӕ амардта. 51 Гъемӕ Давид азгъордта ӕмӕ филистимаджы уӕлхъус алӕууыд. Стӕй йын йӕ хъама+ систа, йӕ кӕрддзӕмӕй йӕ фелвӕста ӕмӕ йӕ ныммардта – йӕ сӕр ын акъуырдта+. Филистимӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ богал фӕмард, уӕд лидзынмӕ фесты+.

52 Уӕд Израил ӕмӕ Иудӕйы адӕм иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ хъӕргӕнгӕ филистимӕгты фӕстейӕ асырдтой+. Суанг дӕлвӕзы+ онг ӕмӕ Екроны кулдуӕртты+ онг цыдысты сӕ фӕдыл. Филистимӕгтӕй мӕлӕтдзаг цӕф кӕй фӕкодтой, уыдон хаудысты фӕндагыл, ӕмӕ афтӕ – Шааримӕй+ суанг Гефы онг ӕмӕ Екроны онг. 53 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ раздӕхтысты, филистимӕгты ӕфсад кӕм ӕрбынат кодта, уырдӕм ӕмӕ сын сӕ мулк фӕхастой+.

54 Давид уыцы филистимаджы сӕр+ систа ӕмӕ йӕ Иерусалиммӕ ахаста, йӕ хӕцӕнгарз та йын йӕхимӕ цатыры сӕвӕрдта+.

55 Давид филистимаджы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ӕй Саул федта ӕмӕ йе ’фсады хистӕр Авениры+ афарста: «Авенир, уыцы лӕппу+ кӕй+ фырт у?» Авенир ын дзуапп радта: «Сомы дын кӕнын, паддзах, нӕ йӕ зонын!» 56 Паддзах ын загъта: «Базон-ма йӕ, кӕй фырт у». 57 Гъемӕ Давид филистимаджы куы амардта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй Авенир Саулмӕ ӕрбакодта. Давидӕн та йӕ къухы уыд филистимаджы сӕр+. 58 Ӕмӕ йӕ Саул бафарста: «Кӕй фырт дӕ, мӕ лӕппу?» Давид ын дзуапп радта: «Дӕ цагъар вифлеемаг+ Йессейы+ фырт».

18 Давид Саулимӕ ныхас куы фӕци, уӕд Давид Ионафаны+ зӕрдӕйӕн афтӕ адджын+ сси, ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта+. 2 Уыцы бон ӕй Саул акодта ӕмӕ йӕ йӕ фыды хӕдзармӕ нал ауагъта+. 3 Ионафан та Давидимӕ скодта бадзырд+, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта+. 4 Стӕй Ионафан йӕ ӕнӕдыс халат раласта ӕмӕ йӕ Давидӕн радта, радта йын йӕ иннӕ уӕлӕдарӕс дӕр, стӕй йӕ хъама, йе ’рдын ӕмӕ йӕ рон дӕр. 5 Ӕмӕ Давид хӕстытӕм цӕуын райдыдта. Саул-иу ӕй кӕдӕмфӕнды ма арвыстаид,– Давид архайдта ӕмбаргӕйӕ+, ӕмӕ йӕ Саул йӕ хӕстонты сӕргъы сӕвӕрдта+. Ӕмӕ уый ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕмӕ Саулы лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд.

6 Иухатт та Давид филистимӕгты ныццагъта. Ӕмӕ хӕстӕй фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд Израилы ӕппӕт горӕттӕй сылгоймӕгтӕ цингӕнгӕйӕ+, заргӕ+ ӕмӕ кафгӕ рацыдысты паддзах Саулы размӕ, ӕмӕ далатӕй+ ӕмӕ ӕртӕтӕнон фӕндыртӕй* цагътой. 7 Уыцы хабарыл цин кӕнгӕйӕ-иу сылгоймӕгтӕ базарыдысты:

«Саул знӕгтӕй амардта минтӕ,

Давид та – дӕсгай минтӕ»+.

8 Саул тынг смӕсты+, йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ загъта: «Давидӕн дӕсгай минтӕ радтой, мӕнӕн та – минтӕ. Паддзахы бартӕ ма йын хъӕуы раттын, ӕндӕр ницыуал хъуаг у!»+ 9 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Саул Давидмӕ зулцӕстӕй кӕсын райдыдта+.

10 Дыккаг бон+ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй та Саулӕн йе ’взӕр хъуыдытӕ ӕнцой мауал лӕвӕрдтаиккой*+, ӕмӕ хӕдзары йӕхи пехуымпарау+ дарын райдыдта. Уыцы рӕстӕг та йын Давид, уымӕй размӕ бонты куыд уыд, афтӕ дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цагъта+. Саулы къухы та уыд арц+. 11 Ӕмӕ Саул йӕ арц фехста+ ӕмӕ загъта: «Давиды къулмӕ ныххуыйдзынӕн!»+ Фӕлӕ Давид йӕхи фӕиуырдӕм кодта, ӕмӕ афтӕ уыд дыууӕ хатты+. 12 Уӕд Саул Давидӕй тӕрсын райдыдта+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыд йемӕ+, Саулы та ныууагъта+. 13 Гъемӕ йӕ йӕхицӕй арвыста+ ӕмӕ йӕ мин хӕстоны сӕргъы сӕвӕрдта. Ӕмӕ Давид цыди адӕмы разӕй+. 14 Давид алы хъуыддаджы дӕр архайдта ӕмбаргӕйӕ+, ӕмӕ Йегъовӕ уыд йемӕ+. 15 Саул уыдта, Давид тынг ӕмбаргӕйӕ кӕй архайы+, уый, ӕмӕ дзы тарст. 16 Израилы ӕмӕ Иудӕйы адӕм та се ’ппӕт дӕр уарзтой Давиды, уымӕн ӕмӕ уый цыди сӕ разӕй.

17 Иухатт Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меровӕйы+ дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын хъӕбатырӕй лӕггад кӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕстыты хӕц»+. Йӕхӕдӕг та ахъуыды кодта: «Мӕ къухӕй мацы кӕнӕд, филистимӕгты къухӕй ссарӕд йӕ мӕлӕт»+. 18 Уӕд Давид Саулӕн загъта: «Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты Израилы мӕ хиуӕттӕ, мӕ фыды хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй паддзахы сиахс суон?»+ 19 Фӕлӕ Меровӕйы, Саулы чызджы, Давидӕн раттыны рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд рабӕрӕг, уӕдмӕ мехолӕйаг+ Адриелӕн+ лӕвӕрд кӕй уыд, уый.

20 Ныр Давиды та уарзта Саулӕн йӕ иннӕ чызг Мелхолӕ+. Уый тыххӕй радзырдтой Саулӕн, ӕмӕ уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. 21 Саул ахъуыды кодта: «Цӕй ӕмӕ йын ӕй раттон, ӕмӕ уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн+ ӕмӕ филистимӕгты къухӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн». Ӕмӕ Давидӕн загъта: «Мӕ дыккаг чызджы уылты бахӕстӕг уыдзыстӕм». 22 Йӕ лӕггадгӕнджытӕн та бафӕдзӕхста: «Давидимӕ хибарӕй аныхас кӕнут ӕмӕ йын зӕгъут, зӕгъгӕ дӕ паддзах тынг райгонд у ӕмӕ дӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр бауарзтой. Цӕй уӕдӕ паддзахимӕ хӕстӕджытӕ баут». 23 Саулы лӕггадгӕнджытӕ уыцы ныхӕстӕ Давидӕн радзырдтой, фӕлӕ сын уый загъта: «Ӕнхъӕлут, ӕмӕ афтӕ ӕнцон у, паддзахы хӕстӕг суай, уый? Ӕз мӕнӕ мӕгуыр+, хуымӕтӕг адӕймаг дӕн»+. 24 Ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ Саулӕн рахабар кодтой, Давид афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ.

25 Уӕд сын Саул загъта: «Афтӕ зӕгъут Давидӕн: „Паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы+. Сӕдӕ филистимаджы ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕроны+ йын ӕрбахӕсс, цӕмӕй паддзах йе знӕгтӕй йӕ маст райса“»+. Ӕцӕгӕй та Саулӕн йӕ зӕрды уыди Давиды филистимӕгты къухӕй фесафын. 26 Уыцы ныхӕстӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ Давидӕн радзырдтой, ӕмӕ уӕд Давиды бафӕндыд паддзахимӕ хӕстӕгдзинад скӕнын+. Ӕмӕ цалынмӕ ӕмгъуыды рӕстӕг нӕ фӕци, уӕдмӕ 27 Давид сыстад, йӕ адӕмимӕ ацыд ӕмӕ филистимӕгтӕй дыууӕсӕдӕ лӕджы амардта+, ӕрбахаста сын се ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрӕттӕ+ ӕмӕ сӕ паддзахӕн нымадӕй радта, цӕмӕй бафидыдтаиккой. Гъемӕ йын Саул йӕ чызг Мелхолӕйы радта+. 28 Ӕмӕ Саул федта ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ Давидимӕ кӕй уыд, уый+. Йӕ чызг Мелхолӕ та Давиды уарзта+. 29 Ӕмӕ Саул Давидӕй ноджы тынгдӕр райдыдта тӕрсын, ӕмӕ цӕрӕнбонты уыд йе знаг+.

30 Филистимӕгты кънйӕзтӕ-иу+ хӕстмӕ куы рацыдысты, уӕд-иу Давид алы хатт дӕр Саулы лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй ӕмбаргӕдӕр+ разынд. Ӕмӕ йӕ ном дардыл айхъуыст+.

19 Ӕппынфӕстаг Саул йӕ фырт Ионафанӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта, Давиды амарын хъӕуы, зӕгъгӕ+. 2 Саулы фырт Ионафан та Давиды тынг уарзта+. Ӕмӕ Давидӕн загъта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы. Дӕ хорзӕхӕй, райсом дзы дӕхи хъахъхъӕн, искуы-иу бамбӕхс ӕмӕ уым лӕуу+. 3 Ӕз та мӕ фыдимӕ быдырмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ, ды кӕм уай, уырдӕм хӕстӕг йемӕ ӕрлӕудзынӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй йемӕ аныхас кӕндзынӕн, ӕмӕ бакӕсдзынӕн, хабар куыд уыдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ дын стӕй алцыдӕр радзурдзынӕн»+.

4 Гъемӕ Ионафан йӕ фыд Саулӕн Давиды хорзы кой кӕнын райдыдта+ ӕмӕ йын загъта: «Паддзах йӕ цагъар Давиды тӕригъӕды ма бацӕуӕд+, уымӕн ӕмӕ дӕ разы ницы тӕригъӕд ракодта, хорз йеддӕмӕ дын ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта+. 5 Йӕ цардӕн тӕссаг уыд*+, афтӕмӕй амардта филистимаджы+, ӕмӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта+ ӕгас Израил дӕр. Ды уый куы федтай, уӕд цин кодтай. Ӕмӕ дын уӕдӕ Давид куы ницы кодта+, уӕд ӕй цӕмӕн марыс+ ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы тӕригъӕды цӕмӕн цӕуыс?» 6 Саул байхъуыста Ионафаны ныхасмӕ ӕмӕ расомы кодта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнын+, нӕ йӕ амардзынӕн». 7 Уый фӕстӕ Ионафан Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. Стӕй Давиды Саулмӕ бакодта, ӕмӕ та йын Давид раздӕрау лӕггад кодта+.

8 Цасдӕры фӕстӕ та ногӕй хӕст райдыдта. Ӕмӕ уӕд Давид ацыд, филистимӕгтимӕ схӕцыд ӕмӕ дзы тынг бирӕ ныццагъта+, ӕмӕ дзы филистимӕгтӕ лидзӕг фесты+.

9 Иухатт та Саул йӕ хӕдзары бадт, йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй, Давид та йын дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цагъта. Ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Саулӕн йе ’взӕр хъуыдытӕ+ ӕнцой мауал лӕвӕрдтаиккой*. 10 Ӕмӕ Саул Давидыл арц фехста, къулмӕ йӕ ныххуыйон+, зӕгъгӕ, фӕлӕ дзы Давид йӕхи фӕиуырдӕм кодта+, ӕмӕ арц къулы ныссагъд. Давид та алыгъд, ахсӕв мӕхи искуыдӕм айсон, зӕгъгӕ+. 11 Уӕд Саул йӕ адӕмы Давиды хӕдзармӕ арвыста+, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой ӕмӕ йӕ райсомӕй амардтаиккой+. Фӕлӕ Давидӕн йӕ ус Мелхолӕ загъта: «Ахсӕв дӕ сӕр куы нӕ бафснайай, уӕд дӕ райсом амардзысты». 12 Ӕмӕ Мелхолӕ Давиды рудзынгӕй ӕруагъта, цӕмӕй алыгъдаид ӕмӕ сӕ къухмӕ ма бахаудаид+. 13 Стӕй Мелхолӕ терафим*+ райста, хуыссӕныл ӕй ӕрӕвӕрдта, йӕ нывӕрзӕны та йын сӕвӕрдта сӕгъы хъуынӕй ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕсӕй ӕрӕмбӕрзта.

14 Саул йӕ адӕмы Давиды ӕрцахсынмӕ арвыста, фӕлӕ сын Мелхолӕ загъта: «Рынчын у»+. 15 Уӕд Саул йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй Давиды сӕхӕдӕг федтаиккой, ӕмӕ сын загъта: «Йӕ хуыссӕныл мӕм ӕй ӕрбахӕссут, ӕмӕ йӕ амарон»+. 16 Фӕлӕ куы бацыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ хуыссӕныл – терафим, нывӕрзӕны та – сӕгъы хъуынӕй ӕмбӕрзӕн. 17 Уӕд Саул Мелхолӕйӕн загъта: «Цӕмӕн мӕ асайдтай+, ме знаджы+ мын алидзын цӕмӕн бауагътай?» Мелхолӕ йын дзуапп радта: «Афтӕ мын загъта: „Ауадз мӕ, кӕннод дӕ амардзынӕн!“»

18 Давид та алыгъд ӕмӕ йӕхи айста+ Рамӕмӕ+, Самуилмӕ. Ӕмӕ йын радзырдта, Саул ын цытӕ бакодта, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ Самуил ацыдысты ӕмӕ Навафы+ ӕрлӕууыдысты. 19 Уӕдмӕ Саулӕн фӕхабар кодтой, Давид, дам, ис Навафы, Рамӕйы. 20 Саул уайтагъд йӕ адӕмы Давиды ӕрцахсынмӕ арвыста. Фӕлӕ хистӕр пехуымпарты пехуымпариуӕг кӕнгӕ куы федтой, Самуил дӕр сӕ разӕй, афтӕмӕй, уӕд Саулы адӕмыл дӕр Хуыцауы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи пехуымпартау+ дарын райдыдтой.

21 Саулӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд та уайтагъд ӕндӕр кӕйдӕрты арвыста, фӕлӕ та уыдон дӕр сӕхи пехуымпартау дарын райдыдтой. Уӕд та Саул ногӕй, ӕртыккаг хатт, арвыста адӕмы, ӕмӕ та уыдон дӕр сӕхи пехуымпартау дарын райдыдтой. 22 Гъемӕ уӕд Саул йӕхӕдӕг дӕр Рамӕмӕ ацыд. Сефӕйы цы стыр доны дзыхъхъ уыд, уый онг куы бахӕццӕ, уӕд адӕмы бафарста: «Самуил ӕмӕ Давид кӕм сты?» Ӕмӕ йын загътой: «Навафы+ сты, Рамӕйы». 23 Гъемӕ уырдыгӕй ацыд Навафмӕ, Рамӕмӕ. Ӕмӕ Саулӕн йӕхиуыл дӕр Хуыцауы тых+ ӕрцыд, ӕмӕ йӕхи пехуымпарау дарын райдыдта, ӕмӕ афтӕ цыди, цалынмӕ Навафмӕ, Рамӕмӕ нӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ. 24 Стӕй уый дӕр йӕ уӕлӕдарӕс раласта ӕмӕ Самуилы раз йӕхи пехуымпарау дардта. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв бӕгънӕгӕй* фӕхуыссыд+. Афтӕ дӕр уымӕн райдыдтой дзурын: «Саул дӕр пехуымпар у?»+

20 Давид алыгъд+ Навафӕй, Рамӕйӕ, ӕмӕ Ионафанмӕ ’рцыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы сарӕзтон ӕвзӕрӕй?+ Цы фӕрӕдыдтӕн ӕмӕ цавӕр тӕригъӕд ракодтон дӕ фыды раз, цӕмӕн мӕ хъавы марынмӕ?» 2 Ионафан ын загъта: «Уый цытӕ дзурыс!+ Ды нӕ амӕлдзынӕ. Мӕ фыд цыфӕнды хъуыддаг дӕр, стыр хъуыддаг уа ӕви гыццыл, нӕ сараздзӕн, цалынмӕ йӕ мӕнӕн нӕ зӕгъа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ мӕ ацы хъуыддаг дӕр цӕмӕн хъуамӕ басусӕг кӕна?+ Афтӕ никуыма уыд». 3 Фӕлӕ Давид расомы кодта+ ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд ӕй зоны, хорз цӕстӕй мӕм кӕй кӕсыс+, уый, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ Ионафан мацы зона, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ма фӕрисса. Фӕлӕ дын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дӕхи раз сомы кӕнын+: мӕлӕтмӕ мӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ нӕ хъӕуы!»+

4 Уӕд Ионафан Давидӕн загъта: «Цыфӕнды ма зӕгъай,– сараздзынӕн дын ӕй». 5 Ӕмӕ Давид Ионафанӕн загъта: «Райсом мӕй сног уыдзӕн+, ӕмӕ ӕз хъуамӕ паддзахимӕ фынгыл бадон. Фӕлӕ мӕ ды ауадз, ӕмӕ ӕз быдыры бамбӕхсдзынӕн+ ӕмӕ уым уыдзынӕн иннӕбон изӕрмӕ. 6 Кӕд ӕй дӕ фыд бафиппайа, уым кӕй нӕ дӕн, уӕд-иу ын зӕгъ: „Давид мӕ йӕхи ракуырдта, нӕхимӕ, дам, Вифлееммӕ+, ацӕуон, уымӕн ӕмӕ, дам, уым ӕгас бинонтӕй ӕрвылазон нывонд хӕссӕм“+. 7 Ӕмӕ кӕд зӕгъа, гъемӕ хорз, зӕгъгӕ, уӕд дӕ цагъарӕн тӕссаг ницӕмӕй у. Кӕд смӕсты уа, уӕд та йӕ зон, фыдвӕнд кӕй скодта+. 8 Ӕмӕ дӕ цагъары де ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъаримӕ Йегъовӕйы раз бадзырд скодтай+. Кӕд ӕвзӕрӕй исты ракодтон+, уӕд та мӕ дӕхӕдӕг амар – дӕ фыдмӕ ма мӕ цӕмӕн кӕныс?»

9 Уый фехъусгӕйӕ Ионафан загъта: «Афтӕ куыд ахъуыды кодтай?! Фӕлӕ уый куы базонон, ӕмӕ мӕ фыд дӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодта, уӕд дын ӕй, ау, нӕ зӕгъдзынӕн?»+ 10 Уӕд Давид Ионафанӕн загъта: «Дӕ фыд дын тызмӕгӕй куы ратта дзуапп, уӕд мын ӕй чи фӕхабар кӕндзӕн?» 11 Ионафан ын загъта: «Цом-ма, быдырмӕ ацӕуӕм». Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр быдырмӕ рацыдысты. 12 Ионафан Давидӕн загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ+ ӕвдисӕн+: райсом ацафон йе та иннӕбон ӕз мӕ фыдимӕ аныхас кӕндзынӕн. Ӕмӕ кӕд Давидмӕ хорз зӕрдӕ дары, уӕд дӕм ӕнӕмӕнг арвитдзынӕн ӕмӕ дын ӕй фехъусын кӕндзынӕн. 13 Уый куы базонон, ӕмӕ дӕ мӕ фыд фесафынвӕнд скодта, ӕмӕ дын ӕй куы нӕ зӕгъон ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы нӕ ауадзон, уӕд Ионафаны Йегъовӕйы фыдӕх баййафӕд+. Ӕмӕ Йегъовӕ демӕ уӕд+, мӕ фыдимӕ куыд уыди, афтӕ+. 14 Фӕлӕ мын ды дӕр, кӕд ма ӕгас уон+, уӕд бахай кӕн, Йегъовӕмӕ цы ӕнувыд уарзт ис, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй, цӕмӕй ма амӕлон+. 15 Ды мын мӕ бинонты де ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай никуы фӕкӕндзынӕ+. Ӕмӕ Йегъовӕ Давиды знӕгты куы фесафа, иу дӕр дзы куы нал ныууадза зӕххыл, 16 уӕд Ионафаны ном баззайдзӕн Давиды хӕдзары+. Давиды знӕгтӕй та Йегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн». 17 Ӕмӕ Ионафан Давидӕн ногӕй расомы кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта – уарзта йӕ йӕхи удау+.

18 Стӕй ма йын загъта: «Райсом мӕй сног уыдзӕн+, ӕмӕ уым кӕй нӕ дӕ, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕ бынат афтид уыдзӕн. 19 Иннӕбон та дӕ ӕнӕмӕнг фӕрсын райдайдзысты. Ды та бамбӕхс, уый размӕ бон* кӕм ӕмбӕхстӕ+, уыцы ран ӕмӕ уым дуры цур лӕуу. 20 Ӕз дуры иувӕрсты ӕртӕ фаты ауадздзынӕн, кӕдӕм ныхъхъавон, уырдӕм. 21 Стӕй мӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъдзынӕн, ацу ӕмӕ фаттӕ ссар, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын кӕд афтӕ зӕгъон: „Уӕртӕ дӕ цуры сты, сис сӕ“, уӕд-иу рацу, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ алцыдӕр хорз у ӕмӕ дын тӕссаг ницӕмӕй у. Уый дын зӕгъын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+. 22 Фӕлӕ лӕппуйӕн афтӕ куы зӕгъон: „Дарддӕр ацу, фалдӕр сты“, уӕд цӕугӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ауагъта. 23 Ӕз ӕмӕ ды цӕуыл баныхас кодтам+, уыцы хъуыддаджы та нын Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм»+.

24 Гъемӕ Давид быдыры бамбӕхст+. Мӕй куы сног, уӕд паддзах фынгыл ӕрбадт+. 25 Иннӕ хӕттыты куыд уыд, афтӕ ныр дӕр паддзах бадт къулрӕбын, Ионафан бадти Саулы акомкоммӕ, Авенир+ та – Саулӕн йӕ фарсмӕ. Давиды бынат та уыд афтид. 26 Саул ахъуыды кодта: «Ӕвӕццӕгӕн, истӕй тыххӕй фӕчъизи+ ӕмӕ йӕхи нӕма ссыгъдӕг кодта». Ӕмӕ уыцы бон ницы загъта. 27 Мӕй куы сног, уый фӕстӕ та дыккаг бон дӕр Давиды бынат уыдис афтид. Ӕмӕ уӕд Саул йӕ фырт Ионафаны бафарста: «Йессейы+ фырт знон дӕр ӕмӕ абон дӕр фынгмӕ цӕуылнӕ ӕрбацыд?» 28 Ионафан Саулӕн загъта: «Давид мын ныллӕгъстӕ кодта, Вифлееммӕ+, дам, мӕ ауадз. 29 Афтӕ мын загъта: „Дӕ хорзӕхӕй, ауадз мӕ. Нӕ бинонтӕ горӕты нывонд хӕсдзысты ӕмӕ мӕм ме ’фсымӕр фӕдзырдта, ӕрцу, дам. Гъемӕ дын кӕд дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, ауадз мӕ, цӕмӕй мӕ куыд ничи базона, афтӕ ацӕуон ӕмӕ ме ’фсымӕрты фенон“. Ӕмӕ паддзахы фынгмӕ дӕр уый тыххӕй не ’рбацыд». 30 Уӕд Саул Ионафанмӕ мӕстӕй рафыхт+ ӕмӕ йын загъта: «Гъӕ, налат сылгоймагӕй гуырд!+ Ӕнхъӕлыс, ӕмӕ йӕ нӕ зонын, Йессейы фыртимӕ ӕмвӕнд кӕй дӕ, ӕмӕ уымӕй дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ мады дӕр кӕй худинаг кӕныс?!+ 31 Цалынмӕ Йессейы фырт а зӕххыл цӕра, уӕдмӕ дӕ паддзахад фидар нӕ фӕлӕудзӕн+. Ныртӕккӕ йӕм арвит, ӕмӕ йӕ ӕрбакӕной, уымӕн ӕмӕ уый хъуамӕ амӕла»+.

32 Фӕлӕ Ионафан йӕ фыд Саулӕн загъта: «Цӕмӕн ӕй хъӕуы марын?+ Цы сарӕзта ахӕмӕй?»+ 33 Уӕд ыл Саул йӕ арц фехста, цӕмӕй йӕ амардтаид+. Ӕмӕ ма уӕд Ионафаны цы базонын хъуыд, йӕ фыд Давиды марынвӕнд кӕй скодта, уый+. 34 Уӕд Ионафан мӕстӕй судзгӕйӕ+ фестад фынгӕй. Ӕмӕ, мӕй куы сног, уый фӕстӕ дыккаг бон йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста, уымӕн ӕмӕ маст кодта Давиды+ тыххӕй ӕмӕ йӕ йӕ фыд кӕй фегад кодта, уый тыххӕй+.

35 Райсомӕй Ионафан лӕггадгӕнӕг-лӕппуимӕ ацыд быдырмӕ, Давид кӕм уыд, уырдӕм+. 36 Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, азгъор-ма ӕмӕ, цы фаттӕ фехсон, уыдон ссар»+. Лӕггадгӕнӕг азгъордта. Ионафан та фат афтӕ фехста, цӕмӕй лӕппуйӕ дарддӕр ӕрхаудаид. 37 Фат кӕм ӕрхауд, лӕггадгӕнӕг уый онг куы бахӕццӕ, уӕд ӕм Ионафан фӕстейӕ ныхъхъӕр кодта: «Дарддӕр ацу, фалдӕр ис фат»+. 38 Стӕй Ионафан ныхъхъӕр кодта: «Фӕтагъд кӕн! Рӕвдздӕр! Ма ’рлӕуу!» Ӕмӕ лӕггадгӕнӕг фаттӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ хицаумӕ ӕрбаздӕхт. 39 Лӕггадгӕнӕг ницы зыдта. Ӕрмӕстдӕр Ионафан ӕмӕ Давид зыдтой, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый. 40 Ионафан йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Цу, горӕтмӕ сӕ ахӕсс».

41 Лӕггадгӕнӕг куы ацыд, уӕд уым хӕстӕг ранӕй, хуссарырдыгӕй, рацыд Давид. Ӕмӕ йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ ӕртӕ хатты зӕххы онг ныллӕг акуывта+. Ӕмӕ Давид ӕмӕ Ионафан кӕрӕдзийӕн фӕпъатӕ кодтой+ ӕмӕ кӕрӕдзийыл фӕкуыдтой, фӕлӕ тынгдӕр Давид куыдта+. 42 Стӕй Ионафан Давидӕн загъта: «Фарнимӕ цу+, уымӕн ӕмӕ мах нӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы номӕй расомы кодтам+, зӕгъгӕ: „Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕмӕ мӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты ’хсӕн“»+.

Уый фӕстӕ Давид сыстад ӕмӕ ацыд, Ионафан та горӕтмӕ аздӕхт.

21 Уый фӕстӕ Давид ӕрцыд Номвӕмӕ+ сауджын Ахимелехмӕ. Ахимелех+ Давиды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ йӕ бафарста: «Иунӕгӕй цӕмӕн дӕ, демӕ цӕуылнӕ исчи ис?»+ 2 Давид сауджын Ахимелехӕн загъта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта+ ӕмӕ мын афтӕ загъта: „Цӕй фӕдыл дӕ ӕрвитын ӕмӕ дын цы хъуыддаг бахӕс кодтон, уый хъуамӕ мачи зона“. Ӕмӕ лӕппутимӕ баныхас кодтон, уым ӕмӕ уым фембӕлдзыстӕм, зӕгъгӕ. 3 Иу-фондз дзулы мын авӕр, кӕд дӕм ис, уӕд. Йе та дӕм цы ис, уый»+. 4 Фӕлӕ сауджын Давидӕн загъта: «Табуйаг дзултӕ+ йеддӕмӕ мӕм ӕнӕуи дзул нӕй. Кӕд лӕппутӕ сылгоймӕгтӕм хӕстӕг нӕ бацыдысты+, уӕд дын сӕ ратдзынӕн». 5 Давид сауджынӕн дзуапп радта: «Иннӕ хӕттыты-иу куы рацыдтӕн хӕстмӕ, уӕд-иу куыд нӕ бацыдыстӕм сылгоймӕгтӕм хӕстӕг, афтӕ сӕм ныр дӕр хӕстӕг нӕ бацыдыстӕм+. Исты хуымӕтӕг хъуыддаджы фӕдыл куы рацӕуӕм, уӕд дӕр лӕппутӕ сыгъдӕг вӕййынц, ӕмӕ ныр та куыннӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг!» 6 Ӕмӕ йын уӕд сауджын нывонд дзултӕ+ радта, уымӕн ӕмӕ дзы ӕндӕр дзул нӕ уыд. Уыцы дзултӕ ӕвӕрд уыдысты Йегъовӕйы раз+, фӕлӕ сӕ стӕй айстой, сӕ бынаты сын ногконд дзултӕ куы сӕвӕрдтой, уӕд.

7 Уыцы бон уым уыд Саулы лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу, Йегъовӕйы раз цатыры афӕстиат+. Уый уыд едомаг+ Доик+, Саулы фыййӕуттӕн сӕ хистӕр+.

8 Давид Ахимелехы бафарста: «Ам дӕм арц кӕнӕ хъама нӕй? Мӕ хъама мемӕ нӕй, ӕмӕ ӕндӕр хӕцӕнгарз дӕр нӕ рахастон мемӕ, уымӕн ӕмӕ мын паддзах цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕвӕстиатӕй бакӕнын хъуыди». 9 Сауджын ын загъта: «Илӕйы+ дӕлвӕзы кӕй амардтай, уыцы филистимаг Голиафы+ хъама дзы ис. Уӕртӕ ефоды+ фӕстӕ ис, пӕлӕзы тыхтӕй. Хъӕуы дӕ, уӕд ӕй ахӕсс, уымӕн ӕмӕ дзы ӕндӕр нӕй». Уӕд ын Давид загъта: «Уымӕн дзы ӕмбал куы нӕй! Ӕри-ма мын ӕй».

10 Уыцы бон Давид дарддӕр алыгъд+ Саулӕй ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ ӕрхӕццӕ Анхусмӕ, Гефы+ паддзахмӕ. 11 Анхусӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Ай Давид нӕу, уыцы зӕххы паддзах?+ Уымӕн-иу нӕ рацыдысты йӕ размӕ кафгӕ+ ӕмӕ-иу уымӕн нӕ зарыдысты:

„Саул знӕгтӕй амардта минтӕ,

Давид та – дӕсгай минтӕ“?»+

12 Давид уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ тынг фӕтарст+ Гефы паддзах Анхусӕй. 13 Ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сӕ разы+ йӕхи ӕррайы ӕфсон скодта+ ӕмӕ ӕррайы митӕ кӕнын райдыдта: кулдуарыл хӕххытӕ кодта ӕмӕ йӕ сӕт йӕ боцъотыл уагъта. 14 Уӕд Анхус йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Нӕ йӕ уынут, ай ӕрра куы у? Цы мӕм ӕй ӕрбакодтат? 15 Мӕхи ӕрратӕ мын фаг не сты? Ноджы ма мӕм ай дӕр ӕрбакодтат, цӕмӕй мӕ разы ӕрра митӕ кӕна? Ай мӕ хӕдзармӕ куыд хъуамӕ бацӕуа?»

22 Давид уырдыгӕй ацыд+ ӕмӕ Одолламы+ лӕгӕты+ бамбӕхст+. Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзар ӕгасӕй дӕр уый куы фехъуыстой, уӕд ӕм уырдӕм ныццыдысты. 2 Ӕмӕ цыдӕриддӕр ӕфхӕрд+ ӕмӕ мӕстджын+ адӕм уыди, стӕй, хӕс чи дардта+, уыдон иууылдӕр Давидмӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ сын уый сси хистӕр+. Йемӕ уыди цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц.

3 Уый фӕстӕ Давид уырдыгӕй ацыд Массифӕмӕ, Моавы зӕхмӕ, ӕмӕ Моавы паддзахӕн загъта+: «Курӕг дӕ дӕн, мӕ фыд ӕмӕ уал мӕ мад+ сымахмӕ ацӕрӕнт, цалынмӕ нӕ базонон, Хуыцау мын цы сараздзӕн, уый». 4 Гъемӕ сӕ Моавы паддзахы бар бакодта ӕмӕ уый зӕххыл цардысты, цалынмӕ Давид хӕхты ӕмбӕхст, уӕдмӕ+.

5 Иуцасдӕры фӕстӕ пехуымпар Гад+ Давидӕн загъта: «Фаг дын у ам ӕмбӕхсын. Сыст ӕмӕ Иудӕйы зӕхмӕ ацу»+. Давид дӕр уырдыгӕй ацыд ӕмӕ Хереты хъӕдмӕ ӕрцыд.

6 Саул фехъуыста, Давид ӕмӕ йӕ адӕм кӕм сты, уый кӕй рабӕрӕг. Уыцы рӕстӕг Саул уыд Гивӕйы, къуыбырыл тамариск+ бӕласы бын бадт. Йӕ къухы уыд йӕ арц+, йӕ разы та лӕууыдысты йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр. 7 Ӕмӕ сын Саул загъта: «Райхъусут-ма, Вениамины фырттӕ. Афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ уын Йессейы+ фырт дӕр уе ’ппӕтӕн дӕр зӕххытӕ ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ ратдзӕн?+ Ӕмӕ уын уе ’ппӕты дӕр минты+ ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы сӕвӕрдзӕн? 8 Сымах иууылдӕр мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтат. Мӕ фырт Йессейы фыртимӕ бадзырд+ куы скодта, уӕд уӕ иу ахӕм нӕ разынди, чи мын ӕй загътаид+. Уӕ иу дӕр мын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ мын нӕ загъта, мӕ фырт мыл мӕ лӕггадгӕнӕджы кӕй сардыдта, цӕмӕй уый мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скӕна. Ӕмӕ абон мӕ ныхмӕ цӕуы».

9 Уӕд ын едомаг Доик+, Саулы лӕггадгӕнджыты сӕргъы ’вӕрд чи уыд, уый, загъта: «Ӕз Йессейы фырты Номвӕйы федтон, Ахитувы+ фырт Ахимелехмӕ+ бацыд. 10 Ахимелех Давиды тыххӕй Йегъовӕйы фарста+, стӕй йын радта хӕринӕгтӕ+ ӕмӕ филистимаг Голиафы хъама+ дӕр». 11 Паддзах уайтагъд арвыста сауджын Ахимелехмӕ, Ахитувы фыртмӕ, ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарвӕндагмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр – Номвӕйы+ цы сауджынтӕ уыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ ӕрцыдысты.

12 Уӕд Саул загъта: «Ӕрбайхъус-ма, Ахитувы фырт». Уый йын дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ буц хицау». 13 Саул ын загъта: «Йессейы фыртимӕ мӕ ныхмӕ+ сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Дзул ӕмӕ йын хъама нӕ радтай ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы нӕ фарстай, цӕмӕй мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скӕна ӕмӕ абон мӕ ныхмӕ цӕуа?»+ 14 Уӕд ын Ахимелех загъта: «Ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕй Давиды хуызӕн куы ничи ис+. Иузӕрдион+ адӕймаг, паддзахы сиахс+, дӕ хъахъхъӕнджыты хистӕр, дӕ хӕдзары йын иууылдӕр кад кӕнынц+. 15 Ӕрмӕст ныр бафарстон+ Хуыцауы Давиды тыххӕй? Ӕз хъуыды дӕр никуы акодтон, цӕмӕй дӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скӕнон! Ма аххосджын кӕнӕд паддзах йӕ цагъары ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарвӕндаг, уымӕн ӕмӕ дӕ цагъар уый тыххӕй ницы зыдта, гыццыл хъуыддаг уыд ӕви стыр»+.

16 Фӕлӕ паддзах загъта: «Ахимелех, ды амӕлдзынӕ+, ды дӕр ӕмӕ дӕ фыды хӕдзарвӕндаг се ’ппӕт дӕр»+. 17 Паддзахы фарсмӕ лӕууыдысты, йӕ бӕхуӕрдоны разӕй-иу чи згъордта, уыцы лӕггадгӕнджытӕ+. Ӕмӕ сын паддзах загъта: «Амарут Йегъовӕйы сауджынты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр Давидимӕ ӕмвӕнд сты. Мӕнӕй кӕй ӕмбӕхсы, уый зыдтой, ӕмӕ мын ӕй нӕ загътой!»+ Фӕлӕ паддзахы лӕггадгӕнджыты нӕ фӕндыд Йегъовӕйы сауджынтӕм сӕ къух сисын ӕмӕ сӕ амарын+. 18 Уӕд паддзах Доикӕн+ загъта: «Ды сӕ амар!» Ӕмӕ едомаг+ Доик уайтагъд фӕзылд ӕмӕ сауджынты ныццагъта+. Уыцы бон амардта ӕстай фондз адӕймаджы, кӕттаг ефод+ чи дардта, уыдоны. 19 Карды комӕй ныццагъта, сауджынты горӕт Номвӕйы+ чи уыд, уыдоны дӕр: нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты. Стӕй стуртӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты дӕр ныццагъта.

20 Фӕлӕ Ахитувы фырт Ахимелехӕн йӕ фырттӕй иу, Авиафар+, зӕгъгӕ, аирвӕзт ӕмӕ Давидмӕ алыгъд. 21 Авиафар Давидӕн загъта: «Саул Йегъовӕйы сауджынты амардта». 22 Уӕд Давид Авиафарӕн загъта: «Ӕз ӕй зыдтон+, едомаг Доик Саулӕн алцыдӕр кӕй радзурдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уыцы бон уым уыди. Мӕ аххосӕй бабын сты, дӕ фыды хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр*. 23 Ам мемӕ у. Ма тӕрс. Мӕн марынмӕ чи хъавы, уый хъавы дӕу марынмӕ дӕр. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн»+.

23 Цасдӕры фӕстӕ Давидӕн фехъусын кодтой: «Филистимӕгтӕ Кеилы+ ныхмӕ хӕцынц ӕмӕ найгӕнӕн мустӕй хор хӕссынц»+. 2 Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Ацӕуон? Ныццӕгъддзынӕн уыцы филистимӕгты?» Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ацу, ныццӕгъддзынӕ сӕ ӕмӕ Кеилы цӕрджыты фервӕзын кӕндзынӕ». 3 Фӕлӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Ам мӕнӕ Иудӕйы+ зӕххы астӕу стӕм, ӕмӕ уӕддӕр тӕрсгӕ кӕнӕм. Ӕмӕ Кеилмӕ филистимӕгты+ ӕфсады ныхмӕ куы ацӕуӕм, уӕд та куыд кӕндзыстӕм?!» 4 Давид та Йегъовӕйы ногӕй бафарста+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Сыст ӕмӕ ныццу Кеилмӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕз филистимӕгты дӕ къухмӕ дӕттын»+. 5 Гъемӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм Кеилмӕ ацыдысты, филистимӕгтимӕ схӕцыдысты ӕмӕ дзы тынг бирӕ ныццагътой, сӕ фос та сын ратардтой. Афтӕ Давид Кеилы цӕрджыты фервӕзын кодта+.

6 Ахимелехы фырт Авиафар+ та Давидмӕ Кеилмӕ алыгъд. Йемӕ ӕрхаста ефод+. 7 Иуцасдӕры фӕстӕ Саулӕн фӕхабар кодтой, Давид Кеилмӕ+ ӕрцыд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухмӕ+ радта* – йӕхи къахӕй бацыд, йӕ кулдуӕрттӕ ӕхгӕд кӕмӕн сты, уыцы горӕтмӕ». 8 Саул адӕмы иууылдӕр хӕстмӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Кеилмӕ ныццыдаиккой ӕмӕ Давидыл ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕртыхстаиккой. 9 Давид базыдта, Саул йӕ ныхмӕ фыдвӕнд кӕй скодта+, уый. Ӕмӕ сауджын Авиафарӕн загъта: «Ефод-ма рахӕсс»+. 10 Стӕй Давид загъта: «О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+, дӕ цагъар фехъуыста, Саулӕн йӕ зӕрды кӕй ис Кеилмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мӕн тыххӕй ацы горӕт ныппырх кӕнын+. 11 Кеилы цӕрджытӕ мӕ Саулы къухмӕ ратдзысты? Ӕрцӕудзӕн Саул ардӕм, дӕ цагъар куыд фехъуыста, афтӕ? О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, курын дӕ, дӕ цагъарӕн дзуапп ратт». Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «О, ӕрцӕудзӕн»+. 12 Давид та йӕ бафарста: «Кеилы цӕрджытӕ мӕн ӕмӕ мӕ адӕмы Саулы къухмӕ ратдзысты?» Йегъовӕ йын загъта: «Ратдзысты»+.

13 Уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕм, ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы+ бӕрц, сыстадысты ӕмӕ Кеилӕй рацыдысты, ӕмӕ сын гӕнӕн кӕм уыди, уымыты рацу-бацу кодтой. Саулӕн фӕхабар кодтой, Давид Кеилӕй кӕй ацыд, ӕмӕ уый дӕр йе ’фсад нал ракодта. 14 Давид цард ӕдзӕрӕг быдыры, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм рӕтты, Зифы+ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕхты. Саул та ӕдзухдӕр йӕ фӕдыл зылди+, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухмӕ нӕ лӕвӕрдта+. 15 Давид тарст Саулӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Саул марынмӕ хъавыд. Уӕд Давид ӕмбӕхст Хорешы+, Зифы ӕдзӕрӕг быдыры.

16 Саулы фырт Ионафан сыстад ӕмӕ Давидмӕ Хорешмӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы ныфсӕй+ бафидар кодтаид+. 17 Ионафан Давидӕн загъта: «Ма тӕрс+, мӕ фыд Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ. Ды уыдзынӕ Израилы паддзах+, ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый мӕ фыд Саул дӕр зоны»+. 18 Стӕй Ионафан ӕмӕ Давид Йегъовӕйы раз бадзырд скодтой+. Ӕмӕ Давид баззад Хорешы, Ионафан та йӕ хӕдзармӕ ацыд.

19 Иуцасдӕр куы рацыд, уӕд Зифы+ цӕрджытӕ Саулмӕ Гивӕмӕ+ ссыдысты ӕмӕ йын загътой: «Давид ӕмбӕхсы+ махмӕ хӕстӕг, Хорешы+, зын бацӕуӕн кӕдӕм у, уыцы рӕтты, Гахилы+ къуыбырыл, Йесимонӕн+ рахизырдыгӕй. 20 Кӕд дӕ фӕнды+, о паддзах, уӕд ӕрцу, ӕмӕ дын ӕй мах дӕ къухмӕ ратдзыстӕм»+. 21 Уӕд Саул загъта: «Йегъовӕ уын раарфӕ кӕнӕд+, кӕй мын фӕтӕригъӕд кодтат, уый тыххӕй. 22 Уӕ хорзӕхӕй, ацӕут, ноджыдӕр ма йӕм уӕ цӕст фӕдарут, базонут, кӕмыты вӕййы ӕмӕ йӕ уым чи федта: афтӕ мын загътой, тынг хин, дам, у+. 23 Дзӕбӕх кӕсут ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, уыцы бынӕттӕ иууылдӕр, стӕй мӕм бӕрӕг ныхас ӕрхӕссут ӕмӕ уӕд уемӕ ацӕудзынӕн. Кӕд уыцы бӕстӕйы ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн*+ дӕр бацагурдзынӕн».

24 Уыдон дӕр сыстадысты ӕмӕ Саулы разӕй Зифмӕ+ ацыдысты. Давид ӕмӕ йӕ адӕм та уыдысты Аравӕйы+, Маоны+ ӕдзӕрӕг быдыры, Йесимонӕн хуссарырдыгӕй. 25 Саул йӕ адӕмимӕ йӕ агурӕг ацыд+. Давидӕн уый тыххӕй куы загътой, уӕд ацыд къӕдзӕхмӕ+ ӕмӕ Маоны ӕдзӕрӕг быдыры ӕмбӕхст. Саул уый куы базыдта, уӕд Маоны ӕдзӕрӕг быдырмӕ йӕ фӕдыл бахӕццӕ+. 26 Ӕппынфӕстаг Саул хохмӕ бацыд иуырдыгӕй, Давид ӕмӕ йӕ адӕм та уыдысты хохӕн иннӕрдыгӕй. Давид хъавыд Саулӕй йӕхи айсынмӕ+, фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн алырдыгӕй сӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕдтой, цӕмӕй сӕ ӕрцахстаиккой+. 27 Уалынмӕ Саулмӕ ӕрбахӕццӕ фидиуӕг ӕмӕ загъта: «Фӕтагъд кӕн, филистимӕгтӕ нын нӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой!» 28 Уӕд Саул Давиды ныууагъта+ ӕмӕ ацыд, цӕмӕй филистимӕгтимӕ схӕцыдаид. Уыцы бынат Фӕхицӕны къӕдзӕх дӕр уымӕн схуыдтой.

29 Давид та уырдыгӕй ацыд ӕмӕ ӕмбӕхст Ен-Гедийы+, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, уыцы рӕтты.

24 Саул филистимӕгты+ фӕстейӕ асырдта. Ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ын фӕхабар кодтой, Давид Ен-Гедийы+ ӕдзӕрӕг быдыры ис, зӕгъгӕ.

2 Саул ӕппӕт Израилӕй ракодта ӕртӕ мин хуыздӕр хӕстоны+ ӕмӕ ацыд, дзӕбидыртӕ кӕм вӕййынц, уыцы айнӕг къӕдзӕхты+ Давиды+ ӕмӕ йӕ адӕмы агурынмӕ. 3 Иуафон ӕрхӕццӕ, фӕндаггӕрон цы дурӕй конд фысдӕттӕ уыд, уырдӕм. Сӕ фарсмӕ та уыд лӕгӕт, ӕмӕ Саул уырдӕм йӕхи хъуыдыйы бацыд+. Уыцы рӕстӕг Давид ӕмӕ йӕ адӕм та лӕгӕты+ рӕбынӕй бадтысты. 4 Ӕмӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Кӕс, абон дын Йегъовӕ зӕгъы: „Де знаджы дын дӕ къухмӕ дӕттын+ ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын бакӕн“»+. Давид сыстад ӕмӕ сусӕгӕй Саулы ӕнӕдыс халаты кӕрон ралыг кодта. 5 Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт+, Саулӕн йӕ халаты кӕрон кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй. 6 Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн, мӕ хицаумӕ, Йегъовӕйы сӕрст+ лӕггадгӕнӕгмӕ, мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг у»+. 7 Гъемӕ Давид йӕ адӕмы ракодта ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта Саулмӕ сӕ къух сисын+. Саул та лӕгӕтӕй рахызт ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл ацыд.

8 Ӕмӕ уӕд Давид сыстад, лӕгӕтӕй рацыд ӕмӕ Саулмӕ фӕхъӕр кодта: «Мӕ буц хицау+, паддзах!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы+ онг ныллӕг акуывта. 9 Давид ын загъта: «Цӕмӕн хъусыс адӕмы ныхӕстӕм+, Давид дын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ? 10 Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, абон дӕ Йегъовӕ лӕгӕты мӕ къухмӕ кӕй радта. Афтӕ мын дзырдтой, амар+, дам, ӕй, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Ӕз мӕ буц хицаумӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы сӕрст+ лӕггадгӕнӕг у“. 11 Кӕс-ма, мӕ фыдыхай+, мӕ къухы цы ис – де ’нӕдыс халаты кӕрон. Куы йӕ лыг кодтон, уӕд дӕ мӕ бон уыди амарын дӕр, фӕлӕ дӕ нӕ амардтон. Ныр ӕй уыныс ӕмӕ зоныс, фыдӕх дӕм кӕй нӕ хӕссын+ ӕмӕ дын ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракодтон. Дӕ разы ницы тӕригъӕд сарӕзтон, ды та мӕ фӕдыл зилыс, цӕмӕй мын мӕ цард байсай+. 12 Нӕ дыууӕйӕ зылын чи у, уый Йегъовӕ равзарӕд+, ӕмӕ дӕ мӕ маст Йегъовӕ райсӕд+. Ӕз та дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн+. 13 Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы, фыдгӕнджытӕй цӕуы фыддзинад, зӕгъгӕ+. Фӕлӕ дӕм ӕз та мӕ къух нӕ сисдзынӕн. 14 Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл?+ Цыдӕр ӕхсӕнчъы фӕдыл?+ 15 Йегъовӕ нын уыдзӕн тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ равзардзӕн, нӕ дыууӕйӕ зылын чи у, уый. Уый мын ӕркӕсдзӕн мӕ хъуыддагмӕ+ ӕмӕ мӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, ӕмӕ мӕ дӕ къухӕй фервӕзын кӕндзӕн».

16 Давид Саулӕн уыдӕттӕ куы загъта, уӕд ӕй Саул бафарста: «Давид, уый дӕ хъӕлӕс у, мӕ лӕппу?»+ Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта+. 17 Стӕй йын загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ+. Ды мын хорздзинад аразыс+, ӕз та дын ӕвзӕрдзинад аразын. 18 Хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый абон равдыстай: Йегъовӕ мӕ дӕ къухмӕ радта+, фӕлӕ мӕ ды нӕ амардтай. 19 Искӕмӕн йе знаг йӕ къухмӕ куы бахауа, уӕд ӕй йӕ фӕндагыл сӕрӕгасӕй ауадздзӕн?+ Абон мын цы хорздзинад ракодтай, уый тыххӕй дын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн+. 20 Ӕз ӕй зонын, ды ӕнӕмӕнг суыдзынӕ паддзах+ ӕмӕ Израилы паддзахад дӕ къухы уыдзӕн ӕнустӕм. 21 Уӕдӕ мын ныр Йегъовӕйӕ расомы кӕн+, мӕ байзӕддӕгты мын кӕй нӕ ныццӕгъддзынӕ ӕмӕ мын мӕ фыды хӕдзарӕй мӕ ном кӕй нӕ фесафдзынӕ»+. 22 Ӕмӕ Давид Саулӕн расомы кодта. Уый фӕстӕ Саул йӕ хӕдзармӕ аздӕхт+, Давид ӕмӕ йӕ адӕм та ацыдысты, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм ранмӕ+.

25 Цасдӕры фӕстӕ амарди Самуил+. Израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрӕмбырд сты, фӕкуыдтой+ йыл ӕмӕ йӕ Рамӕйы+ йӕ хӕдзары фарсмӕ бавӕрдтой. Уый фӕстӕ Давид сыстад ӕмӕ Фараны ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕрцыд+.

2 Маоны+ цард иу лӕг, Кармилы+ та фос дардта. Уыцы лӕг уыди тынг хъӕздыг, ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыди, иу мин та – сӕгътӕ. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Кармилы йӕ фыстӕ ӕлвыдта+. 3 Йӕ ном уыди Навал+, йӕ усы ном та – Авигейӕ+. Авигейӕ уыди тынг ӕмбаргӕ+ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, лӕг та уыд тызмӕг адӕймаг, фыдлӕг+. Уыди Халевы+ байзӕддаг. 4 Давид ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд, уӕд фехъуыста, Навал йӕ фыстӕ кӕй ӕлвыны+, уый.5 Ӕмӕ Давид йӕ адӕмӕй дӕс лӕджы арвыста ӕмӕ сын загъта: «Ссӕут Кармилмӕ, уым Навалмӕ бацӕут ӕмӕ йӕ мӕ номӕй бафӕрсут, куыд у, цы у, уымӕй+. 6 Ӕмӕ-иу ме ’фсымӕрӕн афтӕ зӕгъут: „Фӕрнӕйдзаг у+ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр, ӕнӕфыдбылыз уӕд, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дӕр. 7 Афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ дӕ фыстӕ ӕлвыныс. Дӕ фыййӕуттӕ-иу немӕ уыдысты+, ӕмӕ сӕ мах никуы бахъыгдардтам+. Цалынмӕ Кармилы немӕ уыдысты, уӕдмӕ сӕ фосӕй ӕппындӕр ницы фесӕфт. 8 Бафӕрс дӕ адӕмы, ӕмӕ дын уыдон дӕр зӕгъдзысты. Гъемӕ мӕ адӕмы дӕ хорзӕх уӕд, уымӕн ӕмӕ дӕм цины бон ӕрбацыдыстӕм. Курӕг дӕ дӕн, дӕ къухы цы ис, уымӕй дӕ цагъартӕн ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн фӕхай кӕн“»+.

9 Уыдон дӕр Навалмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын Давиды номӕй уыцы ныхӕстӕ загътой ӕмӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. 10 Навал Давиды лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Чи у Давид+ та? Чи у Йессейы фырт? Йӕ хицауӕй чи алыгъд, ахӕм цагъартӕ цас ис, уый зонут!+ 11 Ӕмӕ ныр хъуамӕ мӕ дзул+, мӕ дон ӕмӕ, мӕ фысӕлвынджытӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтон, уыцы дзидза райсон ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнын, уыдонӕн сӕ раттон?»+

12 Давиды ӕрвыст адӕм дӕр разылдысты, фӕстӕмӕ Давидмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын Навалы ныхӕстӕ радзырдтой. 13 Уӕд Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ хъаматӕ уӕ астӕутыл ӕрбабӕттут!»+ Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ хъаматӕ сӕ астӕутыл ӕрбабастой, йӕ хъама ӕрбабаста Давид дӕр. Ӕмӕ иу-цыппарсӕдӕйӕ Давиды фӕдыл ацыдысты, дыууӕсӕдӕ лӕджы та баззадысты уӕрдӕтты раз+.

14 Уӕдмӕ Навалы ус Авигейӕйӕн лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу фӕхабар кодта: «Давид ӕдзӕрӕг быдырӕй йӕ адӕмы ӕрбарвыста нӕ хицауӕн раарфӕ кӕнынмӕ, фӕлӕ сын уый алывыдтӕ фӕкалдта+. 15 Афтӕмӕй нын уыцы адӕм та тынг хорз уыдысты, никуы нӕ бахъыгдардтой. Цалынмӕ быдыры нӕ фарсмӕ уыдысты, уӕдмӕ нӕ фосӕй нӕ фӕхъуыд+. 16 Нӕ дзугтимӕ сӕ фарсмӕ цы рӕстӕг уыдыстӕм, уыцы рӕстӕг нӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕдтой, нӕ алыварс къулау+ лӕууыдысты. 17 Уӕдӕ ӕркӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, ныр куыд бакӕнын хъӕуы, ууыл, уымӕн ӕмӕ нӕ хицаумӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фыдбылыз кӕсы+. Уыцы ницӕйаг адӕймагӕн+ та фӕнды дзур, фӕнды ма дзур».

18 Авигейӕ+ ауади, райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ стыр сӕны дурыны+, фондз фысы ӕргӕвстӕй+, фондз къусы* цӕкуытӕ+, сӕдӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй+ ӕмӕ дыууӕсӕдӕ тъӕпӕн гуылы та хус легъуитӕй+ ӕмӕ сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдта. 19 Стӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Сымах разӕй ацӕут+, ӕмӕ ӕз дӕр уӕ фӕдыл фӕцӕуын». Йӕ лӕгӕн та, Навалӕн, ницы загъта.

20 Ӕмӕ хӕрӕгыл+ бадгӕйӕ, куыд ничи йӕ федтаид, афтӕ хохӕй дӕлӕмӕ куы ’рцӕйцыд, уӕд йӕ размӕ фесты Давид ӕмӕ йӕ адӕм. Хӕрхӕмбӕлд фесты. 21 Давид та уый хӕдразмӕ афтӕ загъта: «Дзӕгъӕлы хъахъхъӕдтон уыцы адӕймаджы фӕллой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕппындӕр дзы ницы фесӕфт+, уый та мын мӕ хорз ӕвзӕрӕй фиды+. 22 Хуыцауы фыдӕх баййафӕд+ Давиды знӕгты, кӕд ын ардыгӕй райсоммӕ+ йӕ хӕдзары нӕлгоймаджы+ мыггагӕй иуы дӕр ныууадзон, уӕд».

23 Куыддӕр Авигейӕ Давиды ауыдта, афтӕ хӕрӕгӕй ӕрхызт, Давиды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг ныллӕг акуывта+. 24 Стӕй йӕ къӕхтӕм ӕрхауд+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау, уыцы тӕригъӕд мӕныл уӕд+. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъарӕн демӕ дзурыны бар ратт+ ӕмӕ байхъус, дӕ цагъар цы зӕгъдзӕн, уымӕ. 25 Мӕ буц хицау, курын дӕ, уыцы ницӕйаг+ адӕймаг Навалы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ йӕ ном йӕ уӕлӕ ис. Навал* хуыйны, ӕмӕ йе ’нӕзонддзинад дӕр йемӕ ис+. Дӕ цагъар та, мӕ буц хицау, де ’рвыст адӕмы нӕ федта. 26 Мӕ буц хицау, удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ дӕ разы сомы кӕнын+: Йегъовӕ дӕ нӕ бауагъта+, цӕмӕй туг ныккалдтаис+ ӕмӕ дӕ маст дӕхи къухӕй райстаис+. Де знӕгтӕ та ӕмӕ, мӕ буц хицауӕн фыддзинад ракӕнынмӕ чи хъавы, уыдон се ’ппӕт дӕр Навалы+ хуызӕн суӕнт. 27 Дӕ цагъар дын цы арфӕйы хуын+ ӕрхаста, уый та у, мӕ буц хицауы фӕдыл чи цӕуы+, уыцы адӕмӕн. 28 Дӕ хорзӕхӕй, ныххатыр кӕн дӕ цагъар-сылгоймаджы тӕригъӕд+. Йегъовӕ ӕнӕмӕнг сфидар кӕндзӕн мӕ буц хицауы хӕдзар+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕстыты хӕцы+. Дӕумӕ дӕ цӕрӕнбонты ӕвзӕрдзинадӕй ницы разындзӕн+. 29 Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд та дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ+ дӕ уд хъахъхъӕндзӕн, зынаргъ хӕзна дзӕкъулы ӕлхынцъбаст куыд бакӕнай, афтӕ+. Де знӕгты та дын, дурӕхсӕнӕй дур куыд фехсай, афтӕ фехсдзӕн+. 30 Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, мӕ буц хицауы тыххӕй хорзӕй цыдӕриддӕр загъта, уый, ӕмӕ дӕ Израилӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдзӕн+. 31 Мӕ буц хицау, дзӕгъӕлы туг ма ныккал+ ӕмӕ дӕ маст дӕхи къухӕй ма райс+, цӕмӕй стӕй дӕхи фӕсмонӕй ма хӕрай. Йегъовӕ мӕ буц хицауӕн хорздзинад ракӕндзӕн, ӕмӕ ды дӕ цагъар-сылгоймаджы ӕрхъуыды кӕндзынӕ»+.

32 Уӕд Давид Авигейӕйӕн загъта: «Табу Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+, абон дӕу мӕ размӕ чи рарвыста! 33 Де ’рхъуыдыдзинад+ домбай уӕд. Арфӕгонд у, абон мӕ туг ныккалын+ ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсын кӕй нӕ бауагътай+, уый тыххӕй. 34 Фӕлӕ дын Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз, мӕн дӕуӕн зиан ракӕнын чи нӕ бауагъта+, уыцы удӕгас Хуыцауы раз сомы кӕнын: мӕ размӕ куы нӕ ратагъд кодтаис+, уӕд ардыгӕй боныцъӕхтӕм Навалы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал баззадаид»+. 35 Уый фӕстӕ йын Давид йӕ къухӕй йӕ хуын райста ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу+ дӕ хӕдзармӕ. Дӕ ныхасмӕ дын байхъуыстон. Цы мӕ куырдтай, уый дын сараздзынӕн»+.

36 Авигейӕ Навалмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ хӕдзары ахӕм куывд уыд, ӕмӕ раст паддзахы+ куывды хуызӕн. Навалы зӕрдӕ хъӕлдзӕг уыд, ныррасыг+. Ӕмӕ йын Авигейӕ райсоммӕ ӕппындӕр ницы загъта. 37 Райсомӕй куы ӕрӕрвонг, уӕд ын йӕ ус алцыдӕр радзырдта. Ӕмӕ Навалӕн йӕ зӕрдӕ+ ныллӕууыд ӕмӕ цавддурау аззад. 38 Иу-дӕс боны куы рацыд, уӕд ӕй Йегъовӕ ӕрцавта+, ӕмӕ Навал амард.

39 Навал кӕй амард, уый Давид куы фехъуыста, уӕд загъта: «Табу Йегъовӕйӕн, мӕ хъуыддагмӕ мын чи ӕркаст+ ӕмӕ Навалӕн ме ’фхӕрд+ чи нӕ ныххатыр кодта! Йегъовӕ йӕ цагъары фыддзинадӕй бахызта+ ӕмӕ Навалӕн йӕ фыддзинад йӕхирдӕм фӕкодта!»+ Стӕй Давид Авигейӕмӕ арвыста, смой мӕ кӕн+, зӕгъгӕ. 40 Гъемӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Авигейӕмӕ Кармилмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Давид нӕ дӕумӕ рарвыста, смой, дам, мӕ кӕн». 41 Авигейӕ фестад, йӕ сӕрӕй зӕххы онг ныллӕг акуывта+ ӕмӕ загъта: «Дӕ цагъар дын ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ мӕ буц хицауы лӕггадгӕнджытӕн+ сӕ къӕхтӕ ӕхсдзӕн»+. 42 Гъемӕ Авигейӕ+ уайтагъд хӕрӕгыл абадт ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ дӕр фондзӕй йемӕ, афтӕмӕй ацыд+ Давиды ӕрвыст минӕвӕрттимӕ ӕмӕ Давиды ус сси.

43 Уымӕй размӕ ма Давид ракуырдта Ахиноамӕйы+, Изреелӕй+. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕйӕ дӕр йӕ устытӕ баисты+.

44 Саул та йӕ чызг Мелхолӕйы+, Давиды усы, радта галлимаг+ Лаисы фырт Фалтийӕн+.

26 Цасдӕры фӕстӕ Зифы+ цӕрджытӕ Саулмӕ Гивӕмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Давид ӕмбӕхсы Гахилы+ къуыбырыл, Йесимоны+ акомкоммӕ». 2 Ӕмӕ Саул сыстад+ ӕмӕ Давиды агурӕг Зифы ӕдзӕрӕг быдырмӕ ’рцыд, йемӕ ракодта ӕртӕ мин адӕймаджы+ Израилы хуыздӕр хӕстонтӕй. 3 Саул ӕмӕ йӕ адӕм Йесимоны акомкоммӕ Гахилы къуыбырыл фӕндаггӕрон ӕрбынат кодтой. Давид та ӕмбӕхст ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕмӕ Давид уый куы базыдта, ӕмӕ Саул йӕ фӕдыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕрцыд, 4 уӕд сгарджыты арвыста+, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой, Саул ӕцӕгдӕр ӕрцыд ӕви нӕ. 5 Уый фӕстӕ Давид ацыд, Саул йӕ адӕмимӕ кӕм ӕрбынат кодта, уырдӕм ӕмӕ федта, Саул ӕмӕ Ниры фырт Авенир+, Саулӕн йе ’фсады хицау, цы ран хуыссыдысты, уый. Саул хуыссыд астӕуӕй+, йӕ алыварс уыдысты иннӕ адӕм, ӕмӕ уыдоны алыварс та – ӕфсады уӕрдӕттӕ. 6 Давид бафарста хеттаг+ Ахимелехы ӕмӕ Иоавы ӕфсымӕр Авессӕйы+, Саруйӕйы+ фырты: «Чи ныццӕудзӕн мемӕ, Саул кӕм ис, уырдӕм?» Ӕмӕ йын Авессӕ загъта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ»+. 7 Ӕхсӕвы Давид ӕмӕ Авессӕ уыцы адӕммӕ ныццыдысты ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ Саул хуыссы тӕккӕ астӕуӕй ӕмӕ фынӕй кӕны, йӕ арц та – йӕ сӕрырдыгӕй зӕххы сагъд. Авенир ӕмӕ иннӕ адӕм та хуыссыдысты йӕ алыварс.

8 Уӕд Авессӕ Давидӕн загъта: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухмӕ радта+. Бауадз мӕ, ӕмӕ йӕ арцӕй иу цӕфӕн зӕхмӕ ныххуыйон, ӕмӕ мӕ дыккаг цӕф нал бахъӕудзӕн». 9 Фӕлӕ Давид Авессӕйӕн загъта: «Мацы йын бакӕн. Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ къух чи сиса+, уый ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн?»+ 10 Стӕй Давид загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз дын сомы кӕнын+: Йегъовӕ йӕ йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн+, кӕнӕ йӕ рӕстӕг ӕрцӕудзӕн+ ӕмӕ амӕлдзӕн, кӕнӕ та хӕстмӕ ацӕудзӕн+ ӕмӕ уым ссардзӕн йӕ мӕлӕт+. 11 Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы+, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн+, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ+ мӕ къух нӕ сисдзынӕн!+ Йӕ сӕрырдыгӕй цы арц ӕмӕ цы доны дурын ис, уыдон райс, ӕмӕ цом». 12 Давид Саулӕн йӕ сӕрырдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райста, ӕмӕ рацыдысты. Ӕмӕ сӕ ничи федта+, ничи сӕ бафиппайдта, ӕмӕ ӕппындӕр ничи райхъал. Иууылдӕр кодтой фынӕй, уымӕн ӕмӕ сыл Йегъовӕ тарф фынӕй бафтыдта+. 13 Давид иннӕ фарсмӕ ацыд ӕмӕ хохы сӕр, дард ран, слӕууыд. Тынг дард сӕ уыд.

14 Ӕмӕ уырдыгӕй Давид адӕммӕ ӕмӕ Авенирмӕ, Ниры фыртмӕ, ныхъхъӕр кодта: «Авенир! Хъусыс мӕ?» Авенир+ загъта: «Уый чи дзуры паддзахмӕ?» 15 Уӕд Давид Авенирӕн загъта: «Лӕг нӕ дӕ, ӕви? Израилы дӕу хуызӕн куы нӕй, уӕд дӕ буц хицауы, паддзахы, цӕуылнӕ хъахъхъӕдтай? Чидӕр уӕм бацыд ӕмӕ дын дӕ буц хицауы, паддзахы, марынмӕ хъавыд+. 16 Хорз нӕ бакодтай. Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз уын зӕгъын+, сымах мӕлӕты аккаг стут+, уымӕн ӕмӕ уӕ буц хицауы, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы+, нӕ хъахъхъӕдтат+. Фен-ма, кӕм сты паддзахы арц ӕмӕ дурын+, йӕ сӕрырдыгӕй чи уыд, уыдон».

17 Уӕд Саул Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ загъта: «Давид, уый дӕ хъӕлӕс у, мӕ лӕппу?»+ Давид загъта: «О, цытджын паддзах». 18 Стӕй ма загъта: «Цӕмӕн зилы мӕ буц хицау йӕ цагъары фӕдыл?+ Цы дын ракодтон? Цы сарӕзтон ӕвзӕрӕй?+ 19 Мӕ буц хицау, паддзах, курын дӕ, байхъус дӕ цагъары ныхӕстӕм. Кӕд дӕ Йегъовӕ скодта мӕ ныхмӕ, уӕд мын мӕ къухӕй хоры кувинаг айсӕд+. Фӕлӕ дӕ кӕд мӕ ныхмӕ адӕм скодтой+, уӕд та Йегъовӕйы раз ӕлгъыст фӕуӕнт+. Абон мӕ уыдон хауӕггаг фӕкодтой, дӕуӕн, дам, Йегъовӕйы бынтӕй хай нӕй+, ӕмӕ мын дзурынц: „Ацу, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кув!“+ 20 Уӕдӕ Йегъовӕйы раз мӕ туг зӕххыл ма ныккӕлӕд+. Израилы паддзах цыдӕр ӕнӕбары ӕхсӕнчъы+ фӕдыл зилы, хӕхты хуыргарк куыд фӕрасур-басур кӕнынц, афтӕ»+.

21 Уӕд ын Саул загъта: «Тӕригъӕд ракодтон+. Давид, мӕ лӕппу, раздӕх фӕстӕмӕ, ӕвзӕрӕй дын ницыуал ракӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон ды мӕ цард зынаргъыл+ банымадтай. Ӕнӕзонд ми бакодтон, тынг фӕрӕдыдтӕн». 22 Давид загъта: «Мӕнӕ паддзахы арц. Лӕппутӕй исчи рацӕуӕд ӕмӕ йӕ ахӕссӕд. 23 Йегъовӕ алкӕй дӕр схорзӕхджын кӕндзӕн йӕ рӕстдзинад+ ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй. Абон дӕ Йегъовӕ мӕ къухмӕ радта, фӕлӕ мӕн Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ мӕ къух сисын нӕ бафӕндыд+. 24 Абон дӕ цард куыд зынаргъ уыд мӕ цӕсты, афтӕ зынаргъ уӕд мӕ цард дӕр Йегъовӕйы цӕсты+, ӕмӕ мӕ ме ’ппӕт мӕстытӕй дӕр фервӕзын кӕнӕд»+. 25 Уӕд Саул Давидӕн загъта: «Давид, мӕ лӕппу, Хуыцау дын раарфӕ кӕнӕд. Дӕуӕн дӕ къухы стыр хъуыддӕгтӕ бафтдзӕн ӕмӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ»+. Ӕмӕ Давид ацыд йӕ фӕндагыл, Саул та сӕхимӕ аздӕхт+.

27 Фӕлӕ Давид йӕхицӕн загъта: «Саул мӕ уӕддӕр афтӕ нӕ ныууадздзӕн, иу бон мӕ амардзӕн. Гъемӕ фӕлтау мӕхи филистимӕгты+ зӕхмӕ айсон+. Уӕд Саулы мӕн ссарыны ныфс нал уыдзӕн ӕмӕ мӕ Израилы алы къуымты нал агурдзӕн+, ӕмӕ йӕ къухӕй фервӕздзынӕн». 2 Ӕмӕ Давид сыстад ӕмӕ, йемӕ цы ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы+ уыд, уыдонимӕ ӕрцыд Маохы фырт Анхусмӕ+, Гефы паддзахмӕ. 3 Давид Анхусмӕ Гефы ӕрцард, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр, алчидӕр сӕ – йӕ бинонтимӕ+. Давидӕн дӕр йемӕ уыдысты йӕ дыууӕ усы: изреелаг Ахиноамӕ+ ӕмӕ кармилаг Авигейӕ+, Навалы ус. 4 Цасдӕр рацыд, ӕмӕ Саулӕн фӕхабар кодтой, Давид Гефмӕ алыгъд, зӕгъгӕ. Гъемӕ йӕ фӕдыл нал зылди+.

5 Давид Анхусӕн загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд мын гыццыл горӕттӕй искӕцыйы бынат раттӕнт, ӕмӕ уым цӕрон. Цӕмӕн хъуамӕ цӕра дӕ цагъар демӕ паддзахы горӕты?» 6 Ӕмӕ йын уыцы бон Анхус Секелаг+ радта. Гъе уымӕн Секелаг абоны онг дӕр ис Иудӕйы паддзӕхты къухы.

7 Давид филистимӕгты зӕххыл фӕцард афӕдз ӕмӕ цыппар мӕйы+. 8 Ӕмӕ-иу йӕ адӕмимӕ рацыд, ӕмӕ-иу гессурӕгтӕм+, гирзӕгтӕм ӕмӕ амаликӕгтӕм+ бабырстой. Сӕ зӕххытӕ уыдысты Теламӕй+ суанг Сурмӕ+ ӕмӕ уым дӕлӕмӕ Египеты зӕххы онг. 9 Давид-иу бабырста уыцы зӕххытӕм ӕмӕ-иу дзы нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй удӕгасӕй никӕй ныууагъта+. Ратардта-иу сын сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, сӕ хӕрджытӕ ӕмӕ сӕ теуатӕ, рахаста-иу, уӕлӕдарӕсӕй дзы цы уыд, уый дӕр. Стӕй-иу фӕстӕмӕ раздӕхт ӕмӕ-иу Анхусмӕ ӕрцыд. 10 Анхус-иу ӕй бафарста: «Кӕй зӕхмӕ бабырстат абон?» Ӕмӕ-иу ын Давид загъта+: «Иудӕйы+, йерахмеилӕгты+ ӕмӕ кенейты+ хуссар зӕххытӕм». 11 Адӕмӕй та-иу нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй Давид удӕгасӕй никӕй ныууагъта ӕмӕ-иу сӕ Гефмӕ никӕй ӕркодта. Афтӕ дзырдта: «Банымудздзысты нӕ, Давид афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта, зӕгъгӕ»+. Давид афтӕ кодта ӕдзухдӕр, цалынмӕ филистимӕгты зӕххыл царди, уӕдмӕ. 12 Анхус Давидыл ӕууӕндыд+ ӕмӕ йӕхицӕн дзырдта: «Ныр йӕ адӕмӕн, израилӕгтӕн+, ӕнӕмӕнг се знаг фестад, ӕмӕ цӕрӕнбонты мӕнӕн лӕггад кӕндзӕн».

28 Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ се ’фсӕдтӕ ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаиккой+. Ӕмӕ Анхус Давидӕн загъта: «Куыннӕ йӕ зондзынӕ, мемӕ хӕстмӕ кӕй хъуамӕ ацӕуай, ды дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр»+. 2 Давид ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, цы аразгӕ у дӕ цагъарӕн». Ӕмӕ йын уӕд Анхус загъта: «Уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ ды уыдзынӕ мӕ сӕр хъахъхъӕнӕг»+.

3 Уӕдмӕ Самуил амард, ӕмӕ йыл израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фӕкуыдтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Рамӕйы, йӕ горӕты+. Саул та ӕгас бӕстӕйӕ дӕр фесӕфта, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта ӕмӕ дӕсны чи фарста, уыдоны+.

4 Филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, Сунеммӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой. Саул дӕр израилӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыдон та ӕрбынат кодтой Гелвуйы+. 5 Саул филистимӕгты ӕфсад куы федта, уӕд фыртӕссӕй йӕ зӕрдӕ барызт+. 6 Саул Йегъовӕйы фарста+, фӕлӕ йын Йегъовӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдта+ нӕдӕр фынты+, нӕдӕр уримы*+ фӕрцы, нӕдӕр пехуымпарты+ уылты. 7 Уӕд Саул йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны+, ахӕм сылгоймаджы мын ссарут. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ уый бафӕрсон». Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын загътой: «Аендоры+ ис, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм сылгоймаг».

8 Гъемӕ Саул йӕ уӕлӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ скодта, цӕмӕй йӕ мачи базыдтаид+. Стӕй йемӕ дыууӕ лӕджы акодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ацыд. Ӕрцыдысты йӕм ӕхсӕвы+, ӕмӕ йын Саул загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕсны-ма мын бафӕрс+, ӕмӕ дын кӕмӕй зӕгъон, уымӕ мын фӕдзур». 9 Фӕлӕ йын сылгоймаг загъта: «Ау, Саул цы сарӕзта, уый нӕ зоныс? Мӕрдтимӕ чи ныхас кодта ӕмӕ дӕсны чи фарста, уыдонӕй иу дӕр нал ныууагъта ацы зӕххыл+. Уӕдӕ мын мӕ уд фыдбылызы цӕмӕн ӕппарыс ӕмӕ мӕ цӕмӕн сафыс?»+ 10 Саул ын Йегъовӕйӕ расомы кодта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, ацы хъуыддаджы дыл тӕригъӕд нӕ уыдзӕн!» 11 Ӕмӕ йӕ уӕд сылгоймаг бафарста: «Кӕмӕ дын фӕдзурон?» Саул ын загъта: «Самуилмӕ мын фӕдзур»+. 12 Сылгоймаг «Самуилы»*+ куы федта, уӕд йӕ хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр кодта ӕмӕ Саулӕн загъта: «Цӕмӕн мӕ асайдтай? Ды дӕхӕдӕг куы дӕ Саул!» 13 Паддзах ын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн. Зӕгъ мын, цы федтай?» Сылгоймаг Саулӕн загъта: «Ӕз федтон хуыцауы+. Уӕртӕ зӕххӕй рацӕуы». 14 Саул ӕй афарста: «Цыхуызӕн у?» Уый йын дзуапп радта: «Уӕртӕ рацӕуы зӕронд лӕг, йӕ уӕлӕ ӕнӕдыс къаба»+. Уӕд ӕй Саул бамбӕрста, уый «Самуил»+ кӕй уыд, ӕмӕ йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ зӕххы онг йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта.

15 «Самуил» Саулӕн загъта: «Цӕуылнӕ мӕ ӕруадзыс иу ран? Цӕмӕн мӕм фӕдзырдтай?»+ Саул ын загъта: «Тынг тыхст уавӕры дӕн+. Филистимӕгтӕ мӕ ныхмӕ хӕцынц, Хуыцау та мӕ ныууагъта+ ӕмӕ мын дзуапп нал дӕтты нӕдӕр пехуымпарты уылты, нӕдӕр фыны мидӕг+. Ӕмӕ ӕз дӕр дӕумӕ фӕдзырдтон, цӕмӕй мын ды зӕгъай, цы кӕнгӕ мын у, уый»+.

16 «Самуил» ын загъта: «Ӕмӕ дӕ кӕд Йегъовӕ ныууагъта+ ӕмӕ де знаг сси, уӕд ма мӕн цӕмӕн фӕрсыс?+ 17 Йегъовӕ, мӕн уылты цы дзырдта, уый ӕнӕмӕнг сараздзӕн. Йегъовӕ дын паддзахад дӕ къухӕй ратондзӕн+ ӕмӕ йӕ ратдзӕн ӕндӕрӕн – Давидӕн+. 18 Йегъовӕйы ныхасмӕ кӕй нӕ байхъуыстай+ ӕмӕ йын амаликӕгтыл йӕ судзгӕ маст кӕй нӕ ныккалдтай+, уый тыххӕй дын кӕны Йегъовӕ абон афтӕ. 19 Йегъовӕ дӕу дӕр ӕмӕ Израилы дӕр филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн+, ӕмӕ райсом ды+ дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ+ дӕр уыдзыстут мемӕ. Йегъовӕ филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн Израилы ӕфсад иууылдӕр»+.

20 Саул Самуилы ныхӕстӕй афтӕ тынг фӕтарст, ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом. Стӕй йе уӕнгты дӕр хъару нал уыд, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста. 21 Сылгоймаг Саулмӕ бацыд ӕмӕ, куыд тынг фӕтарст, уый куы федта, уӕд ын загъта: «Дӕ цагъар дын дӕ ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ, кӕд мӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрстон+, уӕддӕр бакодтон, цы мын загътай, уый. 22 Лӕгъстӕ дын кӕнын, ды дӕр байхъус дӕ цагъары ныхасмӕ. Дӕ разы дын къӕбӕр авӕрон ӕмӕ ахӕр, цӕмӕй та дӕм хъару фӕзына, фӕндагыл цӕуын дӕ хъӕуы». 23 Фӕлӕ Саул нӕ бакуымдта ӕмӕ загъта: «Ницы бахӕрдзынӕн». Йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йын сылгоймаг уӕддӕр дзырдтой, бахӕр, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг байхъуыста, зӕххӕй сыстад ӕмӕ хуыссӕныл ӕрбадт. 24 Уыцы сылгоймагмӕ хӕдзары уыди хӕрзхаст род+, ӕмӕ йӕ уайтагъд акусарт кодта+. Стӕй райста ссад, хыссӕ дзы ракодта ӕмӕ дзы донгонд дзултӕ афыхта. 25 Саул ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджыты раз ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ бахордтой. Уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ уыцы ӕхсӕв+ уырдыгӕй ацыдысты.

29 Филистимӕгтӕ+ се ’фсад иууылдӕр Афекмӕ ӕрӕмбырд кодтой. Израилӕгтӕ та ӕрбынат кодтой, Изреелы+ цы суадон уыд, уый раз. 2 Филистимӕгты цӕдисон паддзӕхты+ ӕфсӕдтӕ цыдысты сӕдӕгӕйттӕй ӕмӕ мингӕйттӕй. Давид ӕмӕ йӕ адӕм та цыдысты Анхусы+ фӕдыл. 3 Филистимаг кънйӕзтӕ дзурын райдыдтой: «Ацы дзуттӕгты+ та ам цы хъӕуы?» Анхус сын загъта: «Уый мӕнӕ Давид у, Израилы паддзах Саулы лӕггадгӕнӕг. Ныр афӕдз ӕви дыууӕ азы бӕрц+ мемӕ ис, ӕмӕ мӕнмӕ куы ралыгъд, уӕдӕй абоны онг ӕм ӕз ӕвзӕрӕй ницы ссардтон»+. 4 Фӕлӕ йӕм филистимаг кънйӕзтӕ смӕсты сты ӕмӕ йын загътой: «Арвит ацы лӕджы фӕстӕмӕ+. Цы бынат ын радтай, уырдӕм аздӕхӕд. Нӕ йӕ хъӕуы немӕ хӕстмӕ уадзын, кӕннод тохы рӕстӕг нӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн+. Кӕд нын нӕ адӕмы сӕртӕй не ссара йӕ хицауы хорзӕх, уӕд ма цӕмӕй? 5 Ай уыцы Давид нӕу, йӕ размӕ-иу кафгӕ кӕмӕн рацыдысты ӕмӕ-иу афтӕ кӕмӕн зарыдысты: „Саул знӕгтӕй амардта минтӕ, Давид та – дӕсгай минтӕ“?»+

6 Ӕмӕ уӕд Анхус+ Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз дын сомы кӕнын+, ды ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг дӕ, ӕмӕ мӕн бӕргӕ фӕнды+, цӕмӕй мемӕ хӕстмӕ ацӕуай+, уымӕн ӕмӕ де ’рцыдӕй абоны онг ӕз дӕумӕ ӕвзӕрӕй ницы ссардтон+. Фӕлӕ цӕдисон паддзӕхтӕ+ дӕ ныхмӕ сты. 7 Уӕдӕ аздӕх ӕмӕ фарнимӕ цу, цӕмӕй филистимӕгты цӕдисон паддзӕхты цӕсты ӕвзӕрӕй мацы саразай». 8 Фӕлӕ Давид Анхусӕн загъта: «Цы кодтон?+ Цы бон дӕм ӕрцыдтӕн, уӕдӕй абонмӕ дӕ цагъармӕ ӕвзӕрӕй исты ссардтай?+ Цӕуылнӕ хъуамӕ ацӕуон ӕмӕ мӕ буц хицауы знӕгтимӕ, мӕ паддзахы знӕгтимӕ, цӕуылнӕ хъуамӕ схӕцон?» 9 Уӕд Анхус Давидӕн загъта: «Мӕнӕн хорз дӕ, раст Хуыцауы зӕды хуызӕн+. Фӕлӕ филистимаг кънйӕзтӕ загътой, ма, дам, рацӕуӕд немӕ хӕстмӕ. 10 Гъемӕ уӕдӕ райсом раджы сыст, ды дӕр ӕмӕ, дӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕй демӕ чи рацыд, уыдон дӕр. Сыстут райсомӕй раджы, куыддӕр ӕрбарухс уа, афтӕ, ӕмӕ ацӕут»+.

11 Гъемӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм райсомӕй раджы сыстадысты+ ӕмӕ фӕстӕмӕ филистимӕгты зӕхмӕ ацыдысты. Филистимӕгтӕ та араст сты Изреелмӕ+.

30 Давид ӕмӕ йӕ адӕм Секелагмӕ+ куы рацыдысты, уӕдӕй ӕртыккаг бон амаликӕгтӕ+ бабырстой хуссармӕ ӕмӕ Секелагмӕ. Амаликӕгтӕ Секелаг ныппырх кодтой ӕмӕ йӕ басыгътой, 2 сылгоймӕгты+ ӕмӕ ма горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдоны та гыццылӕй-стырӕй уацары акодтой. Никӕй дзы амардтой, фӕлӕ сӕ семӕ акодтой ӕмӕ ацыдысты. 3 Давид ӕмӕ йӕ адӕм горӕтмӕ куы ’рцыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ горӕт – сыгъд, сӕ устыты, сӕ фыртты ӕмӕ сын сӕ чызджыты та уацары акодтой. 4 Давид ӕмӕ йӕ адӕм ныббогъ кодтой, ӕмӕ куыдтой+, цалынмӕ сӕм хъару ӕппындӕр нал баззад, уӕдмӕ. 5 Уацары акодтой Давиды дыууӕ усы дӕр: изреелаг Ахиноамӕйы+ ӕмӕ, кармилаг Навалы ус чи уыди, уыцы Авигейӕйы+. 6 Давид тынг зын уавӕры уыд+, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм дуртӕй марынмӕ хъавыдысты+. Адӕм сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты тыххӕй маст кодтой+. Уӕд Давид йӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныфсӕй йӕхи фӕфидар кодта+.

7 Ӕмӕ Давид сауджын Авиафарӕн+, Ахимелехы фыртӕн, загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ефод-ма+ рахӕсс». Ӕмӕ Авиафар ефод Давидмӕ ӕрбахаста. 8 Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Уыцы абырджыты фӕстейӕ асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Ӕмӕ йын уый дзуапп радта+: «Асур сӕ. Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ, кӕй акодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр фервӕзын кӕндзынӕ»+.

9 Давид ӕмӕ, йемӕ цы ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы+ уыди, уыдон уайтагъд сӕ фӕдыл фӕфӕдис сты. Восоры дӕлвӕзмӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд адӕмӕй иу къорд уым ныууагътой. 10 Давид цыппарсӕдӕ адӕймагимӕ дарддӕр цыди фӕдисы+, дыууӕсӕдӕ адӕймаджы та дзы уым баззадысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ бафӕлладысты, ӕмӕ Восоры+ дӕлвӕзыл ахизын сӕ бон нал уыд.

11 Быдыры ссардтой иу египетаг+ лӕджы ӕмӕ йӕ Давидмӕ ӕрбакодтой. Радтой йын дзул ӕмӕ йын дон дӕр бадардтой. 12 Стӕй ма йын радтой хус легъуитӕй конд тъӕпӕн гуылы карст ӕмӕ дыууӕ тъӕпӕн гуылы чисмисӕй+. Ӕмӕ куы бахордта, уӕд та йӕм хъарутӕ+ фӕзынд. Уый размӕ та ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы нӕдӕр дзул бахордта, нӕдӕр дон банызта. 13 Давид ӕй бафарста: «Кӕй лӕггадгӕнӕг дӕ ӕмӕ кӕцӕй дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕн египетаг, амаликаг лӕджы цагъар, фӕлӕ ӕртӕ боны размӕ фӕрынчын дӕн, ӕмӕ мӕ мӕ хицау ныууагъта+. 14 Мах бабырстам хелефейты+ хуссар зӕххытӕм, Иудӕйы зӕхмӕ ӕмӕ Халевы+ хуссар зӕххытӕм, Секелаг та басыгътам». 15 Уӕд ын Давид загъта: «Уыцы абырджытӕм мӕ акӕндзынӕ?» Уый йын загъта: «Хуыцауӕй мын расомы кӕн+, кӕй мӕ нӕ амардзынӕ, стӕй мӕ мӕ хицауы къухмӕ кӕй нӕ ратдзынӕ+, ӕмӕ дӕ уӕд акӕндзынӕн уыцы абырджытӕм».

16 Ӕмӕ йӕ акодта, кӕм уыдысты, уырдӕм+. Уыдон та зӕххыл апырх сты ӕмӕ минас кодтой+ – филистимӕгты зӕххӕй ӕмӕ Иудӕйы зӕххӕй афтӕ бирӕ фӕллӕйттӕ кӕй рахастой, ууыл цин кодтой+. 17 Гъемӕ сӕ Давид боныцъӕхтӕй суанг изӕрмӕ цагъта. Ӕмӕ сӕ иууылдӕр ныццагъта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт+. Ӕрмӕстдӕр дзы цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты. 18 Давид фервӕзын кодта, амаликӕгтӕ кӕй акодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр+, ссӕрибар кодта йӕ дыууӕ усы дӕр. 19 Гыццылӕй-стырӕй, чызгӕй-лӕппуйӕ сӕ иу адӕймаг дӕр нӕ фӕхъуыд. Ницы фесӕфт, цы сӕ ахастой ӕмӕ сӕ цы байстой, уымӕй дӕр+. Давид ӕппӕт фӕллой дӕр фӕстӕмӕ байста. 20 Сӕ лыстӕг фос ӕмӕ сын се стурвос дӕр иууылдӕр байста, ӕмӕ сӕ йӕ адӕм сӕхи фосы раз атардтой. Ӕмӕ дзырдтой: «Адон Давид байста»+.

21 Стӕй Давид ӕрбаздӕхт, Восоры дӕлвӕзы раз кӕй ныууагътой, уыцы дыууӕсӕдӕ адӕймагмӕ+ – тынг чи бафӕллад ӕмӕ йемӕ ацӕуын кӕй бон нӕ баци, уыдонмӕ. Уыдон рацыдысты Давиды размӕ ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы адӕмы размӕ. Давид сӕм куы бахӕццӕ, уӕд сӕ фӕрсын райдыдта, куыд стут, зӕгъгӕ. 22 Фӕлӕ Давидимӕ чи ацыд, уыдоны ’хсӕн цы фыдзӕрдӕ ӕмӕ ӕнаккаг адӕймӕгтӕ+ уыд, уыдон загътой: «Немӕ кӕй нӕ рацыдысты, уый тыххӕй сын, цы байстам, уымӕй ницы ратдзыстӕм. Мӕнӕ сӕ устыты ӕмӕ сӕ фыртты акӕнӕнт ӕмӕ цӕуӕнт». 23 Фӕлӕ сын Давид загъта: «Ма бакӕнут афтӕ, ме ’фсымӕртӕ. Йегъовӕ нын сӕ радта+, уый нӕ хъахъхъӕдта+ ӕмӕ нын уый радта нӕ къухмӕ, чи нӕм бабырста, уыцы абырджыты+. 24 Чи байхъусдзӕн уӕ ныхӕстӕм? Хӕцгӕ чи кодта, уыдонӕн дӕр ӕмӕ уӕрдӕтты+ цур чи баззад, уыдонӕн дӕр сӕ хай уыдзӕн иу. Алчидӕр райсдзӕн хай»+. 25 Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ, Давид цы загъта, уый Израилӕн сси уагӕвӕрд ӕмӕ закъон+.

26 Давид Секелагмӕ куы ’рцыд, уӕд, цы байстой, уымӕй арвыста Иудӕйы хистӕр лӕгтӕн, йӕ хӕлӕрттӕн+, зӕгъгӕ: «Ацы лӕвар*+ сымахӕн, Йегъовӕйы знӕгтӕй цы байстам, уымӕй». 27 Давид лӕвар арвыста, Вефилы+ чи уыд, Рамофы+ хуссары чи уыд ӕмӕ Иаттиры+ чи уыд, уыдонӕн, 28 Ароеры чи уыд, Шифмофы чи уыд ӕмӕ Ештемоайы+ чи уыд, уыдонӕн, 29 Рахалы чи уыд, уыдонӕн, стӕй, йерахмеилӕгты+ горӕтты ӕмӕ кенейты+ горӕтты чи уыд, уыдонӕн, 30 Хормӕйы+ чи уыд, Хорашаны+ чи уыд ӕмӕ Атахы чи уыд, уыдонӕн, 31 Хевроны+ чи уыд, уыдонӕн ӕмӕ, Давид ӕмӕ-иу йӕ адӕм кӕмдӕриддӕр уыдысты, уыцы бынӕттӕй алкӕдӕм дӕр.

31 Филистимӕгтӕ Израилимӕ схӕцыдысты+, ӕмӕ израилӕгтӕ филистимӕгты разӕй лидзӕг фесты, ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ Гелвуйы+ хохыл цӕгъдгӕ цыдысты+. 2 Филистимӕгтӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты фӕдыл бафтыдысты ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардтой Саулы фыртты, Ионафаны+, Аминадавы+ ӕмӕ Малхисуайы+. 3 Саулы алыварс та карз тох бацайдагъ. Уӕд ӕй фатӕхсджытӕ фехстой, ӕмӕ уӕззау цӕф фӕци+. 4 Саул йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загъта: «Дӕ хъама+ слас ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ уыцы ӕнӕсунӕтгӕндтӕ+ ма амарой ӕмӕ мӕ ма фӕхынджылӕг кӕной». Фӕлӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг не сразы+, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарст. Ӕмӕ уӕд Саул йӕхӕдӕг райста хъама ӕмӕ йыл ӕрхауд+. 5 Саул кӕй амард+, уый йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг куы федта, уӕд уый дӕр йӕ хъамайыл ӕрхауд ӕмӕ йемӕ амард+. 6 Афтӕ Саул, йе ’ртӕ фырты, йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр уыцы бон фӕмард сты+. 7 Быдыры ӕмӕ Иорданмӕ хӕстӕг чи цард, уыцы израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ Израилы хӕстонтӕ лидзӕг фесты, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та амардысты, уӕд сӕ горӕттӕ ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты+. Уый фӕстӕ филистимӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ уыцы горӕтты ӕрцардысты+.

8 Иннӕ бон филистимӕгтӕ рацыдысты, цӕмӕй мӕрдтӕн сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сӕхицӕн рахастаиккой+, ӕмӕ Гелвуйы+ хохыл Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты мӕрдтӕ ссардтой. 9 Ӕмӕ Саулӕн йӕ сӕр+ акъуырдтой, йӕ хӕцӕнгарз ын раластой, стӕй арвыстой ӕгас филистимӕгты бӕстӕмӕ, цӕмӕй уый тыххӕй фехъусын кодтаиккой+ сӕ мӕнгхуыцӕутты+ кувӕндӕтты ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр. 10 Йӕ хӕцӕнгарз+ ын сӕвӕрдтой Астартӕйы+ кувӕндоны, йӕ мард та йын Беф-Саны+ къулыл ӕрцауыгътой. 11 Филистимӕгтӕ Саулӕн цытӕ бакодтой, уый Иавис-Галаады+ цӕрджытӕ куы фехъуыстой, 12 уӕд хъӕбатыр лӕгтӕ иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Беф-Санмӕ фӕцыдысты. Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ къулӕй ӕристой, фӕстӕмӕ Иависмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ уым басыгътой+. 13 Стӕй сын се стджытӕ+ райстой ӕмӕ сӕ Иависы тамариск+ бӕласы бын баныгӕдтой+. Уый фӕстӕ авд боны ком дардтой+.

[Фиппаинӕгтӕ]

Нысан кӕны «Хуыцауы номмӕ сидын».

22 л бӕрц.

Дзут. «ӕфстау дӕттын».

Библийы сыкъа арӕх февдисы тых, хъару, бартӕ.

Комк. «уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззӕлланг кӕндзӕн».

Комк. «йӕ ныхӕстӕй иу дӕр зӕхмӕ не ’рхауд».

Нысан кӕны «Кӕм ис кад?»

Уыцы мӕнгхуыцауӕн, ӕвӕц., йӕ иу ӕрдӕг адӕймаджы хуызӕн уыд, йӕ иннӕ ӕрдӕг та – кӕсаджы хуызӕн.

Кӕнӕ «зӕххы тӕрхъус»; уырыс. «тушканчик».

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ «фӕндзай мин адӕймаджы» текстмӕ бафтыдтой фӕстӕдӕр.

Иу сикл у 11,4 г.

Комк. «бӕрзонд бынаты».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «минтӕм гӕсгӕ».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Дзуттӕгтӕм уый уыди ӕртыккаг, фӕстаг хъахъхъӕнӕн афон, ӕхсӕвы 2 сахатӕй райсомы 6 сахатмӕ.

Комк. «ауӕй кодта».

Дзут. тексты нӕй фыст, цал азы йыл цыд, уый.

Рагон уӕзбарӕн; иу-аст граммы ӕвзист.

Кӕнӕ «дыууӕ галы-иу иу бонмӕ цы зӕхх бахуым кодтой, уымӕн йе ’рдӕгыл».

Комк. «йӕ цӕстытӕ сӕрттывтой».

Кӕс Рц 28:30, фип.

Комк. «терафимӕн». Терафим – бинонты хуыцау, къухӕйконд хуыцау.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «ӕмӕ йын Йегъовӕйӕ ӕвзӕр тых ӕнцой нӕ лӕвӕрдта».

«Ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ уылынг» – 2,9 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см. Уылынг у 22,2 см (кӕс Рц 28:16, фип.).

57 кг бӕрц.

6,84 кг бӕрц.

22 л бӕрц.

Комк. «ӕхсыры дӕс хайы». Ӕвӕц., дзырд цӕуы урсагӕй конд хӕринӕгтыл.

Кӕнӕ «лютнӕтыл».

Комк. «Саулыл Хуыцауӕй ӕвзӕр тых ӕрцыд».

Комк. «Йӕ уд йӕ къухы бакодта».

Комк. «ӕмӕ йыл Йегъовӕйӕ ӕвзӕр тых ӕрцыд».

Ома бинонты хуыцау, къухӕйконд хуыцау.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Кӕнӕ «афтид мидӕггӕгты».

Комк. «кусгӕ бон».

Комк. «уыдоны удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «ауӕй кодта».

Комк. «минты ’хсӕн».

Комк. «фондз сатӕйы». Иу сатӕ у 7,33 л.

Нысан кӕны «ӕнӕзонд».

Кӕс Рц 28:30, фип.

Ам хабӕрттӕ ӕвдыст цӕуынц, дӕсныфӕрсӕг сӕ куыд уыдта, афтӕ. Самуилы хуызы йӕм чи рацыд, уый ӕцӕгӕй та уыд дӕлимон.

Кӕнӕ «арфӕдзинад».

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын