Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 Тӕрхонгӕнджыты 1:1–21:25
  • Тӕрхонгӕнджыты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Тӕрхонгӕнджыты
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Тӕрхонгӕнджыты

Тӕрхонгӕнджыты чиныг

1 Йесойы мӕлӕты+ фӕстӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйы бафарстой+: «Фыццаг нӕ чи ацӕудзӕн ӕмӕ чи схӕцдзӕн ханаайнӕгтимӕ?» 2 Ӕмӕ сын Йегъовӕ загъта: «Иудӕйы мыггаг ацӕудзӕн+. Ӕз сын уыцы зӕхх сӕ къухмӕ ратдзынӕн». 3 Ӕмӕ уӕд Иудӕйы мыггаг загъта Симеоны мыггагӕн, се ’фсымӕртӕн: «Цомут немӕ, хӕлттӕм+ гӕсгӕ нӕм бынӕн цы зӕхх ӕрхауд, уырдӕм ӕмӕ ханаайнӕгтимӕ схӕцӕм. Мах та уемӕ ацӕудзыстӕм, цы зӕхх уӕм ӕрхауд, уырдӕм»+. Гъемӕ Симеоны мыггаг семӕ ацыд+.

4 Уыйадыл Иудӕйы мыггаг ацыд, ӕмӕ сын Йегъовӕ ханаайнӕгты ӕмӕ ферезейты сӕ къухмӕ радта+, ӕмӕ дзы Везекы дӕс мин адӕймаджы ныццагътой. 5 Везекы Адони-Везекы куы ссардтой, уӕд йемӕ схӕцыдысты ӕмӕ та ханаайнӕгты+ ӕмӕ ферезейты+ фӕцагътой. 6 Адони-Везек лидзӕг фӕци, фӕлӕ йӕ фӕстейӕ асырдтой, ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ къухты ӕмӕ йӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ акъуырдтой. 7 Уӕд Адони-Везек загъта: «Ӕвдай паддзахӕн сӕ къухты ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ акъуырдтон, ӕмӕ ме стъолы бын хӕринаджы муртӕ уыгътой. Ӕз уыдонӕн куыд бакодтон, раст афтӕ бакодта Хуыцау мӕнӕн дӕр»+. Уый фӕстӕ йӕ Иерусалиммӕ+ ӕркодтой, ӕмӕ уым амард.

8 Иудӕйы фырттӕ ма схӕцыдысты Иерусалимы+ ныхмӕ дӕр ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын карды комӕй фӕцагътой, горӕт та арты хай бакодтой. 9 Уый фӕстӕ Иудӕйы фырттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй, хӕхбӕсты, стӕй Негевы+ ӕмӕ Шефелӕйы+ чи цард, уыцы ханаайнӕгтимӕ схӕцыдаиккой. 10 Ӕмӕ Иудӕйы мыггаг схӕцыд Хевроны+ цӕрӕг ханаайнӕгтимӕ,– Хеврон раздӕр хуынди Кириаф-Арбӕ+,– ӕмӕ Шешай, Ахиман ӕмӕ Фалмайы+ амардтой.

11 Уырдыгӕй та ацыдысты ӕмӕ схӕцыдысты Давиры+ цӕрджытимӕ. Давир раздӕр хуынди Кириаф-Сефер+. 12 Уӕд Халев+ загъта: «Кириаф-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсӕйы+ ратдзынӕн»+. 13 Ӕмӕ йӕ бацахста Гофониил+, Халевӕн йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр+ Кеназы+ фырт. Ӕмӕ йын Халев йӕ чызг Ахсӕйы радта+. 14 Ахсӕ йӕ лӕджы хӕдзармӕ куы цыд, уӕд Гофониилӕн дзурын райдыдта, цӕмӕй йын йӕ фыдӕй зӕхх ракуырдтаид. Стӕй, хӕрӕгыл бадгӕйӕ, Ахсӕ йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта+, мӕ фыд мӕм ракӕса, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд Халев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» 15 Ахсӕ йын дзуапп радта: «Раарфӕ мын кӕн+. Зӕххӕн мын йӕ хуссар хай радтай, фӕлӕ ма мын Гуллоф-Маим дӕр ратт». Ӕмӕ йын Халев дӕр Уӕллаг Гуллоф+ ӕмӕ Дӕллаг Гуллоф радта.

16 Моисей кӕй сиахс+ уыди, уыцы кенейаджы+ фырттӕ Иудӕйы фырттимӕ пальмӕбӕлӕсты+ горӕтӕй рацыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, уый ис Арадӕй+ хуссарырдӕм, ӕмӕ уымы адӕмимӕ ӕрцардысты+. 17 Иудӕйы мыггаг та Симеоны мыггагимӕ, се ’фсымӕртимӕ, ацыдысты ӕмӕ схӕцыдысты Цефафы цӕрӕг ханаайнӕгтимӕ, ӕмӕ сын сӕ горӕт сӕфты хай бакодтой+. Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы горӕт схуыдтой Хормӕ*+. 18 Уый фӕстӕ Иудӕйы мыггаг бацахста Газӕ+ ӕмӕ йӕ зӕххытӕ, Аскалон+ ӕмӕ йӕ зӕххытӕ, Екрон+ ӕмӕ йӕ зӕххытӕ. 19 Йегъовӕ уыд Иудӕйы мыггагимӕ, ӕмӕ Иудӕйы мыггаг хӕхбӕстӕ йӕхи бакодта, фӕлӕ быдыры чи цард, уыдоны зӕххытӕ байсын сӕ бон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ+ кӕмӕн уыд, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ+. 20 Моисей куыд загъта, афтӕ Халевӕн Хеврон куы радтой+, уӕд уый Енакы+ ӕртӕ фырты уырдыгӕй фӕсырдта.

21 Вениамины фырттӕ та Иерусалимы цӕрӕг йевусейты нӕ фӕсырдтой+, ӕмӕ йевусейтӕ абоны онг дӕр Вениамины фырттимӕ Иерусалимы цӕрынц+.

22 Уыцы рӕстӕг Иосифы фырттӕ+ дӕр схӕцыдысты Вефилы+ ныхмӕ, ӕмӕ Йегъовӕ уыди семӕ+. 23 Ӕмӕ Иосифы фырттӕ Вефилмӕ сусӕгӕй сӕ хъус дарын райдыдтой+. Уыцы горӕт раздӕр хуынди Луз+. 24 Сгарджытӕ федтой, горӕтӕй чи рацӕйцыд, иу ахӕм лӕджы ӕмӕ йын загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, горӕтмӕ кӕуылты ис бацӕуӕн, уый-ма нын равдис, ӕмӕ дын мах дӕр хорздзинад сараздзыстӕм»+. 25 Гъемӕ сын уыцы лӕг равдыста, горӕтмӕ кӕуылты ис бацӕуӕн, уый. Ӕмӕ уӕд уыцы горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой+, уыцы лӕджы ӕмӕ йын йӕ бинонты та се ’ппӕты дӕр ауагътой+. 26 Уӕд уыцы лӕг хетты+ зӕхмӕ ацыд, уым горӕт сарӕзта ӕмӕ йӕ схуыдта Луз. Ӕмӕ абоны онг дӕр афтӕ хуыйны.

27 Манассийы+ мыггаг та нӕ байста Беф-Сан+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Фаанах+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Дор+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, Ивлеам+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ Мегиддо+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ уыцы зӕххыл цӕргӕйӕ баззадысты+. 28 Израилы фырттӕ куы стыхджын сты+, уӕд ханаайнӕгтӕй сӕхицӕн ӕххуырстытӕ скодтой+, фӕлӕ сӕ уӕддӕр иууылдӕр нӕ фӕсырдтой+.

29 Ефремы мыггаг дӕр нӕ фӕсырдта, Газеры чи цард, уыцы ханаайнӕгты, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ дарддӕр дӕр Газеры+ се ’хсӕн цардысты.

30 Уӕдӕ Завулоны+ мыггаг дӕр нӕ фӕсырдта Китроны цӕрджыты ӕмӕ Наглолы+ цӕрджыты, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ дарддӕр дӕр се ’хсӕн цардысты+ ӕмӕ сын ӕххуырстытӕ систы+.

31 Асиры+ мыггаг нӕ фӕсырдта Аккойы, Сидоны+, Ахлавы, Ахзивы+, Хелвӕйы, Афекы+ ӕмӕ Реховы+ цӕрджыты. 32 Ӕмӕ Асиры фырттӕ дарддӕр уыцы зӕххыл цӕрӕг ханаайнӕгты ’хсӕн цардысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕсырдтой+.

33 Неффалимы+ мыггаг нӕ фӕсырдта Вефсамисы цӕрджыты ӕмӕ Беф-Анафы+ цӕрджыты, ӕмӕ дарддӕр уыцы зӕххыл цӕрӕг ханаайнӕгты ’хсӕн цардысты+. Вефсамис ӕмӕ сын Беф-Анафы цӕрджытӕ та ӕххуырстытӕ систы+.

34 Аморейтӕ Даны+ фырттыл хӕхтырдӕм ахӕцыдысты, дӕлвӕзмӕ ’рцӕуын сӕ нӕ уагътой+. 35 Аморейтӕ Хересы хохыл, Аиалоны+ ӕмӕ Шаалбимы+ цӕргӕйӕ баззадысты. Фӕлӕ сыл Иосифы фыртты къух афтӕ тынг уӕз кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ цагъары куыст кӕнын бахъуыди+. 36 Аморейты зӕххытӕ уыдысты Акравимы+ къуылдымӕй фалӕмӕ, Селӕйӕ хӕрдмӕ.

2 Уӕд Йегъовӕйы зӕд+ Галгалӕй+ Бохиммӕ+ ӕрцыд ӕмӕ загъта: «Ӕз уӕ ракодтон Египетӕй ӕмӕ уӕ бакодтон, уӕ фыдӕлтӕн+ кӕй тыххӕй расомы кодтон, уыцы зӕхмӕ. Уымӕй уӕлдай, ӕз загътон: „Ӕз, уемӕ цы бадзырд скодтон, уый никуы фехалдзынӕн+.2 Уӕдӕ сымах та, ацы зӕххыл чи цӕры, уыдонимӕ бадзырд ма скӕнут+. Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут“+. Фӕлӕ мын мӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыстат+. Цӕмӕн бакодтат афтӕ?+ 3 Гъемӕ ӕз дӕр загътон: „Нӕ сӕ фӕсурдзынӕн уӕ разӕй, ӕмӕ уын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕ уыдзысты+, сӕ хуыцӕуттӕ уӕ сӕ фӕдыл сайдзысты“»+.

4 Куыддӕр Йегъовӕйы зӕд Израилы фырттӕн уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ адӕм ӕрдиаг кӕнын райдыдтой+. 5 Уый тыххӕй уыцы бынат схуыдтой Бохим*. Ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхастой.

6 Йесо адӕмы куы ауагъта, уӕд Израилы фырттӕй алчидӕр ацыд, бынӕн ӕм цы зӕхх ӕрхауд, уырдӕм, цӕмӕй йӕ бацахстаиккой+. 7 Адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой, цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ. Лӕггад ын кодтой, Йесойы фӕстӕ дӕр ма чи цард ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы тыххӕй цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи федта, уыцы хистӕр лӕгты рӕстӕджы дӕр+. 8 Уый фӕстӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, Навины фырт Йесо, амард. Цыди йыл сӕдӕ дӕс азы+. 9 Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, бынӕн кӕй райста, уыцы зӕххыл – Фамнаф-Сараийы+, Ефремы хӕхбӕсты, Гаашы хохӕй цӕгатырдӕм+. 10 Уыцы фӕлтӕрӕй ма чи уыд, уыдон дӕр иууылдӕр сӕ фыдӕлтӕм баиу сты+. Сӕ фӕстӕ цы фӕлтӕр уыд, уый та нӕ зыдта Йегъовӕйы ӕмӕ, Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон дӕр+.

11 Израилы фырттӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтыдысты+ ӕмӕ Ваалтӕн кувын райдыдтой+. 12 Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы ныууагътой+ ӕмӕ ацыдысты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл – сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл+, ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл хаудысты, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой+. 13 Гъемӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ Ваалӕн ӕмӕ Астартӕтӕн+ кувын райдыдтой. 14 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ абырджыты къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ стыгътой+. Радта* сӕ, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухмӕ+, ӕмӕ сӕ бон нал уыди се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. 15 Кӕдӕмфӕнды ма цыдаиккой,– алкӕмдӕр Йегъовӕ уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ сӕ бӕллӕхты хай кодта+, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр расомы кодта, афтӕ+. Ӕмӕ уынгӕг уавӕры бахаудысты+. 16 Ӕмӕ сын уӕд Йегъовӕ радта тӕрхонгӕнджытӕ+, ӕмӕ сӕ уыдон абырджыты къухӕй ирвӕзын кодтой+.

17 Фӕлӕ тӕрхонгӕнджытӕм дӕр нӕ хъуыстой, ӕндӕр хуыцӕуттимӕ+ хӕтыдысты+ ӕмӕ-иу сӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Уайтагъд адзӕгъӕл сты, сӕ фыдӕлтӕ цы фӕндагыл цыдысты, уыцы фӕндагӕй. Сӕ фыдӕлтӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъуыстой+, уыдон та нӕ. 18 Йегъовӕ-иу сын тӕрхонгӕнӕджы куы радта+, уӕд-иу Йегъовӕ уыди йемӕ. Ӕмӕ-иу цалынмӕ тӕрхонгӕнӕг ӕгас уыди, уӕдмӕ-иу сӕ ирвӕзын кодта се знӕгты къухӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ хъуыста, чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ алырдыгӕй чи ссӕста+, уыдоны ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уый ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта+.

19 Фӕлӕ-иу тӕрхонгӕнӕг куы амард, уӕд та-иу сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты ӕмӕ-иу сӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фесты, адзӕгъӕл-иу сты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, куывтой сын ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+. Нӕ ныууагътой сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хивӕнд митӕ+. 20 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+ ӕмӕ загъта: «Ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы бадзырд скодтон, уый сӕрты ахызтысты+ ӕмӕ мын мӕ ныхасмӕ нӕ хъусынц+. 21 Уӕдӕ ӕз дӕр, Йесойы мӕлӕты фӕстӕ ма дзы цы адӕмтӕ баззад, уыдонӕй иу дӕр сӕ разӕй нал фӕсурдзынӕн+, 22 цӕмӕй уыцы адӕмты уылты Израилы бафӕлварон+, кӕддӕра Йегъовӕйы фӕндагыл, сӕ фыдӕлтӕ йыл куыд цыдысты, афтӕ цӕудзысты ӕви нӕ». 23 Гъемӕ Йегъовӕ уыцы адӕмты уым ныууагъта – уайтагъд сӕ нӕ фӕсырдта+, ӕмӕ сӕ Йесойы къухмӕ нӕ радта.

3 Йегъовӕ кӕцыдӕр адӕмты+ ныууагъта уыцы зӕххыл, цӕмӕй уыдоны уылты фӕлвӕрдтаид+ израилӕгты, ома, ханаайнӕгтимӕ иу хатт дӕр чи нӕ хӕцыд, уыдоны+. 2 Афтӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй бакодта, цӕмӕй, Израилы байзӕддӕгтӕй уый размӕ хӕсты чи нӕ хӕцыд, уыдон, хӕст цы у, уый базыдтаиккой ӕмӕ хӕцын сахуыр уыдаиккой. 3 Цы адӕмты ныууагъта, уыдон сты фондз филистимаг+ цӕдисон паддзахы+ ӕмӕ ханаайнӕгтӕ+ иууылдӕр, стӕй сидойнӕгтӕ+ ӕмӕ евейтӕ+, Ливаны+ хӕхты Ваал-Ермоны+ хохӕй суанг Хаматы+ арӕнты онг чи цард, уыдон. 4 Ӕмӕ уыдоны руаджы Израил фӕлвӕрд цыд+, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕлтӕн Моисейы уылты цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдонмӕ хъусдзысты ӕви нӕ+. 5 Израилы фырттӕ цардысты ханаайнӕгты+, хетты, аморейты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+ ’хсӕн. 6 Ӕмӕ сын сӕ чызджыты сӕхицӕн устытӕн куырдтой+, стӕй сӕхи чызджыты дӕр лӕвӕрдтой уыдоны лӕппутӕн+, ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой+.

7 Израилы фырттӕ кодтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Ферох кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ кувын райдыдтой Ваалтӕн+ ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕн+. 8 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ Месопотамийы+ паддзах Хусарсафемы къухмӕ радта*+. Ӕмӕ Израилы фырттӕ Хусарсафемӕн лӕггад кодтой аст азы. 9 Израилы фырттӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+. Ӕмӕ сын уӕд Йегъовӕ ирвӕзынгӕнӕг радта+, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид. Уый уыд Гофониил+, Халевы+ кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы+ фырт. 10 Гофониилыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сси Израилы тӕрхонгӕнӕг. Сирийы паддзах Хусарсафемимӕ куы схӕцыд, уӕд ын ӕй Йегъовӕ йӕ къухмӕ радта, ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз+. 11 Уый фӕстӕ зӕххыл цыппор азы уыди сабырдзинад. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Кеназы фырт Гофониил амард.

12 Ӕмӕ та Израилы фырттӕ райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+. Уӕд Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Моавы+ паддзах Еглон Израилӕй тыхджындӕр суыдаид+, уымӕн ӕмӕ уыдон кодтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 13 Уымӕй уӕлдай ма сын Аммон+ ӕмӕ Амаликы+ фыртты дӕр сӕ ныхмӕ ракодта. Уыдон Израилимӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ басастой ӕмӕ пальмӕбӕлӕсты+ горӕт байстой. 14 Ӕмӕ Израилы фырттӕ Моавы паддзах Еглонӕн ӕстдӕс азы лӕггад кодтой+. 15 Уӕд та Израилы фырттӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+. Ӕмӕ сын Йегъовӕ радта ирвӕзынгӕнӕджы, Аоды+, Вениамины+ мыггагӕй Герӕйы фырты. Аод архайдта рахиз къухӕй нӕ, фӕлӕ галиуӕй+. Цасдӕры фӕстӕ Израилы фырттӕ Аодимӕ Моавы паддзах Еглонӕн хъалон арвыстой. 16 Аод йӕхицӕн скодта, йӕ дӕргъ иу ӕлмӕрин* кӕмӕн уыд, ахӕм дыууӕкомон хъама+. Ӕмӕ йӕ йӕ уӕлӕдарӕсы бын рахизфарсырдыгӕй йӕ роны атъыста+. 17 Аод Моавы+ паддзах Еглонмӕ куы ’рцыд, уӕд ын хъалон бахаста. Еглон та тынг нард лӕг уыди.

18 Ӕмӕ хъалон+ паддзахмӕ куы фӕхӕццӕ кодта, уӕд, хъалон чи ӕрбахаста, уыцы адӕмы уайтагъд фӕстӕмӕ арвыста. 19 Йӕхӕдӕг та, Галгалы+ цы дуркъахӕн бынӕттӕ уыди, уырдыгӕй фӕстӕмӕ раздӕхт ӕмӕ загъта: «Паддзах, сусӕг ныхас мӕм ис дӕумӕ». Паддзах загъта: «Сабыр!» Ӕмӕ уӕд, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон иууылдӕр йӕ разӕй ацыдысты+. 20 Аод паддзахмӕ куы бацыд, уӕд паддзах бадт йӕ уӕллаг сатӕг уаты. Аод ын загъта: «Хуыцауы ныхас мӕм ис дӕумӕ». Еглон уый куы фехъуыста, уӕд йӕ паддзахбадӕнӕй сыстад. 21 Аод йӕ галиу къух йӕ рахиз фарсы атъыста, йӕ хъама фелвӕста ӕмӕ йын ӕй йӕ тӕнты фӕтъыста. 22 Хъамайы комимӕ йӕ хӕцӕн дӕр тӕнты бафардӕг ӕмӕ ком фиуӕй нал зынди, уымӕн ӕмӕ йын хъама йӕ тӕнтӕй фӕстӕмӕ нал раласта, ӕмӕ йӕ чъизитӕ ӕддӕмӕ кӕлын райдыдтой. 23 Аод уаты дуӕрттӕ ӕрбахгӕдта ӕмӕ сӕ мидӕгырдыгӕй сӕхгӕдта, йӕхӕдӕг та уӕлдӕфсыгъдӕггӕнӕн стыр хуынкъӕй ахызт 24 ӕмӕ афардӕг+.

Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ куы ’рбацыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ уӕллаг уаты дуӕрттӕ ӕхгӕд. Ӕмӕ загътой: „Ӕвӕццӕгӕн, мидӕггаг сатӕг уатмӕ йӕхи хъуыдыйы бауад“+. 25 Иуцасдӕр анхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ уӕллаг уаты дуӕрттӕ куы ничи гом кодта, уӕд тыхсын райдыдтой. Гъемӕ дӕгъӕл рахастой, дуӕрттӕ бакодтой ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ сӕ хицау зӕххыл мардӕй хуыссы!

26 Цалынмӕ уыдон ракӕ-бакӕ кодтой, уӕдмӕ Аод алыгъд, дуркъахӕн бынӕтты+ рӕзты ауад ӕмӕ Сеирафмӕ алыгъд. 27 Уырдӕм куы бахӕццӕ, уӕд уым, Ефремы хӕхбӕсты+, сыкъайӕ ныууасыд+, ӕмӕ Израилы фырттӕ хӕхбӕстӕй дӕлӕмӕ цӕуын райдыдтой, Аод сӕ сӕргъы, афтӕмӕй. 28 Аод сын загъта: «Цомут мӕ фӕдыл+, уымӕн ӕмӕ уын Йегъовӕ уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта»+. Уыдон дӕр йӕ фӕдыл ацыдысты, Иорданы тӕнджытӕ бацахстой+ ӕмӕ моавӕгтӕн сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтой, никӕй уагътой ууылты ахизын. 29 Уыцы рӕстӕг моавӕгтӕй ныццагътой дӕс мины бӕрц+, се ’ппӕт дӕр уыдысты фидар+ ӕмӕ хъӕбатыр лӕгтӕ. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ аирвӕзт+. 30 Уыцы бон Моав Израилы дӕлбар баци, ӕмӕ ӕстай азы дӕргъы зӕххыл уыди сабырдзинад+.

31 Йӕ фӕстӕ та уыди Анафы фырт Самегар+. Уый цыргъ хъилӕй* ныццагъта ӕхсӕзсӕдӕ филистимаджы+. Ӕмӕ уый дӕр израилӕгты фервӕзын кодта+.

4 Аод куы амард, уӕд та Израилы фырттӕ ногӕй райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+. 2 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ханаайнаг паддзах Иавины къухмӕ радта*+. Иавин уыд Асоры+ паддзах. Йе ’фсады хистӕр та уыд Сисарӕ+, Харошеф-Гоимы+ чи цард, уый. 3 Израилы фырттӕ та Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+, уымӕн ӕмӕ уыцы паддзахмӕ уыди фарастсӕдӕ хӕстон бӕхуӕрдоны, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ+ кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ, ӕмӕ Израилы фыртты+ дыууын азы дӕргъы хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагъта.

4 Уыцы рӕстӕг Израилӕн тӕрхон кодта пехуымпар+ Деворӕ, Лапидофы ус. 5 Деворӕ царди Ефремы хӕхбӕсты, Рамӕ+ ӕмӕ Вефилы+ ’хсӕн, Деворӕйы пальмӕбӕласы бын. Ӕмӕ йӕм Израилы фырттӕ уырдӕм цыдысты, цӕмӕй сын Хуыцауы тӕрхӕттӕ ӕмбарын кодтаид. 6 Гъемӕ Деворӕ кӕйдӕрты Кедес-Неффалиммӕ+ Авиноамы фырт Варакмӕ+ арвыста ӕмӕ йын загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ дын бафӕдзӕхста: „Ацу ӕмӕ Фаворы+ хохыл ӕрбынат кӕн, демӕ акӕн дӕс мин лӕджы Неффалимы+ фырттӕй ӕмӕ Завулоны+ фырттӕй. 7 Ӕмӕ дӕм+ ӕз Иавины+ ӕфсады хистӕр Сисарӕйы+ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ Киссоны+ дӕлвӕзмӕ ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзынӕн“»+.

8 Варак ын загъта: «Кӕд ды рацӕудзынӕ мемӕ, уӕд ӕз дӕр цӕуын. Фӕлӕ ды куы нӕ рацӕуай, уӕд ӕз дӕр нӕ ацӕудзынӕн». 9 Уӕд ын Деворӕ загъта: «Ӕнӕмӕнг ацӕудзынӕн демӕ. Фӕлӕ цы фӕндагыл цӕуыс, ууыл не скадджын уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Сисарӕйы ратдзӕн* сылгоймаджы къухмӕ»+. Ӕмӕ Деворӕ сыстад ӕмӕ Варакимӕ Кедесмӕ+ ацыд. 10 Варак Завулоны+ мыггагмӕ ӕмӕ Неффалимы мыггагмӕ Кедесмӕ фӕсидт, ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд дӕс мин адӕймаджы+. Деворӕ дӕр йемӕ ацыди.

11 Кенейаг Хевер+ чи у, уый та ахицӕн кенейтӕй+, Моисейы каис Ховавы фырттӕй+, ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Кедесы раз, Цананнимы, стыр бӕласы цур.

12 Сисарӕйӕн фӕхабар кодтой, Авиноамы+ фырт Варак Фаворы+ хохмӕ кӕй ссыд. 13 Ӕмӕ уӕд Сисарӕ уайтагъд ракодта йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ иууылдӕр – фарастсӕдӕ хӕстон бӕхуӕрдоны, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ+ кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ. Фӕсидт йӕ адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр, ӕмӕ Харошеф-Гоимӕй Киссоны+ дӕлвӕзмӕ ’рцыд. 14 Уӕд Деворӕ Варакӕн загъта: «Сыст, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕ Сисарӕйы дӕ къухмӕ ратдзӕн. Йегъовӕ йӕхӕдӕг нӕ цӕуы дӕ разӕй?»+ Гъемӕ Варак ӕрцыд Фаворы хохӕй, йӕ фӕдыл дӕс мин лӕджы, афтӕмӕй. 15 Уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Сисарӕ, стӕй йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад иууылдӕр сдзӕгъӕлтӕ сты+ ӕмӕ Варакы карды комӕй фӕцагъды сты. Сисарӕ та бӕхуӕрдонӕй ӕргӕпп кодта ӕмӕ фистӕгӕй лидзынмӕ фӕци. 16 Варак хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ ӕфсад фӕстейӕ сырдта+ суанг Харошеф-Гоимы онг, ӕмӕ Сисарӕйы ӕфсад иууылдӕр карды комӕй фӕцагъды сты. Иу дӕр сӕ нал баззад+.

17 Сисарӕ+ та кенейаг+ Хеверы ус Иаилы+ цатырмӕ алыгъд, уымӕн ӕмӕ Асоры+ паддзах Иавин ӕмӕ кенейаг Хеверы хӕдзары ’хсӕн фидыды бадзырд уыд. 18 Иаил Сисарӕйы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Рахиз мидӕмӕ, мӕ буц хицау, рахиз мӕм мидӕмӕ. Ма тӕрс». Ӕмӕ Сисарӕ йӕ цатырмӕ бацыд. Стӕй йӕ Иаил хъӕццулӕй ӕрӕмбӕрзта. 19 Фӕстӕдӕр ын Сисарӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, иу гыццыл-ма мын дон авӕр, дойны мын у». Ӕмӕ Иаил ӕхсыры лалым+ бакодта ӕмӕ йын дзы радта+, стӕй Сисарӕйы фӕстӕмӕ бамбӕрзта. 20 Сисарӕ йын загъта: «Цатыры бахизӕны лӕуу, ӕмӕ исчи куы ’рбацӕуа ӕмӕ дӕ куы бафӕрса, исчи дӕм ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъ: „Ничи!“».

21 Сисарӕ фырфӕлладӕй ныффынӕй. Иаил та, Хеверы ус, райста цатыры къӕбӕл ӕмӕ дзӕбуг, хъавгӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын къӕбӕл йӕ къӕмисӕнты ныссагъта+ ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныкъкъуырдта. Ӕмӕ Сисарӕ амард+.

22 Уӕдмӕ та Варак Сисарӕйы фӕстейӕ сырдта. Иаил йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын фенын кӕнон, кӕй агурыс, уыцы лӕджы». Варак ӕм мидӕмӕ бацыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ дӕлӕ Сисарӕ мардӕй хуыссы, йӕ къӕмисӕнты къӕбӕл сагъд, афтӕмӕй.

23 Уыцы бон Хуыцау ханаайнаг паддзах Иавины Израилы фырттӕн сӕ дӕлбар бакодта+. 24 Ӕмӕ Израилы фыртты къух ханаайнаг паддзах Иавиныл тынгӕй-тынгдӕр уӕз кӕнын райдыдта+, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг амардтой+.

5 Уыцы бон Деворӕ+ ӕмӕ Авиноамы+ фырт Варак+ зарыдысты+:

 2 «Израилы адӕм хӕстмӕ барвӕндӕй кӕй рацыдысты

Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ дзырд кӕй сӕххӕст кодтой*+,

Уый тыххӕй арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!+

 3 Байхъусут, паддзӕхтӕ+, байхъусут, хицӕуттӕ:

Ӕз зардзынӕн Йегъовӕйӕн.

Цӕгъддзынӕн+ ӕмӕ зардзынӕн Йегъовӕйӕн, Израилы Хуыцауӕн+.

 4 Йегъовӕ, Сеирӕй+ куы рацӕйцыдтӕ,

Едомы+ зӕххӕй куы рараст дӕ,

Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд+, арв фемӕхст+,

Мигътӕй дон калд.

 5 Хӕхтӕ атадысты Йегъовӕйы раз+,

Синайы+ хох атад Израилы Хуыцау+ Йегъовӕйы раз+.

 6 Анафы фырт Самегары+ рӕстӕджы,

Иаилы+ рӕстӕджы къахвӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыди,

Ӕмӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг адӕм дӕрдтыл зылдысты+.

 7 Израилы хъӕуты цӕрӕг нал баззад, сафтид сты+,

Цалынмӕ ӕз, Деворӕ+, нӕ сыстадтӕн,

Цалынмӕ Израилӕн мадау ӕххуысмӕ нӕ сыстадтӕн, уӕдмӕ+.

 8 Ног хуыцӕуттӕ равзӕрстой сӕхицӕн+.

Ӕмӕ уӕд кулдуӕртты раз хӕст бацайдагъ+.

Израилы цыппор мин хӕстонмӕ

Нӕдӕр уарт уыд фенӕн, нӕдӕр – арц+.

 9 Мӕ зӕрдӕ ис Израилы ӕфсӕддон хицӕуттимӕ+,

Адӕмы ’хсӕнӕй хӕстмӕ барвӕндӕй чи рацыд, уыдонимӕ+.

Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн!+

10 Сымах, бур хӕрджытыл чи цӕуы+,

Сымах, зынаргъ гауызтыл чи бады

Ӕмӕ фӕндагыл чи цӕуы, уыдон,

Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут!+

11 Дон кӕм фӕисынц, уым хъуысы, дон чи дӕтты, уыдоны хъӕлӕс+,

Уыдон уым дзурын райдыдтой Йегъовӕйы раст хъуыддӕгтыл+,

Израилы хъӕуты йын чи цӕры, уыцы адӕмы раст хъуыддӕгтыл.

Уӕд Йегъовӕйы адӕм ӕрцыдысты кулдуӕрттӕм.

12 Райхъал у, о Деворӕ+, райхъал у.

Райхъал у, райхъал у, ӕмӕ ныззар!+

Сыст, Варак+, ӕмӕ акӕн дӕ уацайрӕгты, Авиноамы фырт!+

13 Уӕд чи аирвӕзт, уыдон ӕрцыдысты кадджынтӕм.

Йегъовӕйы адӕм мӕм ӕрцыдысты, цӕмӕй тыхджынты ныхмӕ рацӕуӕм.

14 Дӕлвӕзмӕ чи ’рцыд, уыдон сты Ефремӕй+,

Уыдон демӕ сты, Вениамин, дӕ адӕмы ’хсӕн.

Махирӕй+ рацыдысты ӕфсады хистӕртӕ,

Ӕмӕ Завулонӕй – сӕ къухы писыры фыссӕнгарз кӕмӕн ис, уыдон+.

15 Иссахары+ кънйӕзтӕ уыдысты Деворӕимӕ,

Иссахары мыггаг дӕр ӕмӕ Варак+ дӕр.

Уый фистӕгӕй ӕрцыд дӕлвӕзмӕ+.

Рувимы къордтӕ та уыдысты ӕнӕныфсхаст+.

16 Дыууӕ уаргъы ’хсӕн цы ӕрбадтӕ

Ӕмӕ, дзугтӕн уадындзӕй куыд цӕгъдынц, уымӕ цы хъусыс?+

Рувимы къордтӕ уыдысты ӕнӕныфсхаст+.

17 Галаад баззад Иорданы фаллаг фарс, нӕ фезмӕлыд йӕ бынатӕй+.

Дан та? Уыцы рӕстӕг наутыл цӕргӕйӕ цӕмӕн баззад?+

Асир йӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй бадти денджызы был,

Ӕмӕ йӕ наулӕууӕнты раз царди+.

18 Завулоны адӕм сӕхиуыл* нӕ ауӕрстой, цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр+,

Афтӕ Неффалим+ дӕр, быдыры къуыппытыл+.

19 Паддзӕхтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ хӕцыдысты.

Уӕд хӕцыдысты Ханааны паддзӕхтӕ+

Фаанахы+, Мегиддойы+ дӕтты раз.

Ӕвзист нӕ бафтыд сӕ къухы+.

20 Арвӕй стъалытӕ хӕцыдысты+,

Кӕм сты, уырдыгӕй хӕцыдысты Сисарӕйы ныхмӕ.

21 Киссоны цӕугӕдон сӕ фӕласта+,

Рагон цӕугӕдон, Киссоны цӕугӕдон+.

О мӕ уд, ды ныссӕстай тыхджынты+.

22 Уӕд бӕхтӕ сӕ цӕфхӕдтӕй зӕхх цавтой+,

Размӕ бырстой, сӕхи тыдтой йӕ бӕхтӕ.

23 „Ӕлгъитут+ Мерозы,– загъта Йегъовӕйы зӕд+,–

Ӕнӕрлӕугӕйӕ йын ӕлгъитут йӕ цӕрджыты,

Уымӕн ӕмӕ уыдон не ’рцыдысты Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ,

Не ’рцыдысты Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ тыхджынтимӕ иумӕ“.

24 Кенейаг+ Хеверы ус Иаил+ уыдзӕн сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй арфӕгонддӕр,

Цатырты цӕрӕг сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй арфӕгонддӕр+.

25 Дон дзы ракуырдта, уый та йын ӕхсыр радта,

Кадджын адӕм кӕмӕй фӕнуазынц, уыцы стыр къусы йын ӕхсырысӕртӕ бахаста+.

26 Стӕй йӕ къухмӕ райста цатыры къӕбӕл,

Йӕ рахиз къухмӕ райста кусджыты дзӕбуг+

Ӕмӕ дзы Сисарӕйы зӕхмӕ ныххуыдта, йӕ сӕр ын ныххуынкъ кодта+,

Афаста йын йӕ сӕр, йӕ къӕмисӕнтӕ йын батыдта.

27 Йӕ къӕхты раз ӕрхауд, афӕлдӕхт, ныддӕлгом,

Йӕ къӕхты раз ӕрхауд, афӕлдӕхт.

Кӕм ӕрхауд, уырдыгӕй нал сыстад+.

28 Сылгоймаг рудзынгӕй каст, ӕнхъӕлмӕ йӕм касти,

Сисарӕйы мад касти рудзынгӕй+:

„Цӕмӕн афтӕ ӕрӕгмӕ цӕуы йӕ бӕхуӕрдон?+

Нырмӕ куыннӕ райхъуыст йӕ бӕхуӕрдӕтты хъӕлӕба?“+

29 Уӕздан сылгоймӕгтӕй йын сӕ зондджындӕртӕ+ дзуапп радтой,

Ӕниу, йӕхӕдӕг дӕр йӕхицӕн загъта:

30 „Ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фӕллӕйттӕ байстой ӕмӕ сӕ сӕ кӕрӕдзийыл уарынц+.

Сылгоймаг, нӕ, дыууӕ сылгоймаджы – алы нӕлгоймагӕн дӕр+,

Хъулон хъуымац – Сисарӕйӕн, хъулон хъуымац,

Нывӕфтыд уӕлӕдарӕс, хъулон хъуымац, нывӕфтыд уӕлӕдарӕсӕй дыууӕ фӕлысты –

Кӕуыл сӕ уарынц, уыдоны уӕхсчытыл ӕрбакӕнынӕн“.

31 Афтӕ фесӕфӕнт де знӕгтӕ иууылдӕр+, о Йегъовӕ,

Чи дӕ уарзы+, уыдон та хурау ӕрттивӕнт!»+

Ӕмӕ зӕххыл цыппор азы уыди сабырдзинад+.

6 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ авд азмӕ мадиамӕгты къухмӕ радта+. 2 Ӕмӕ мадиамӕгты къух Израилыл тых кодта+. Мадиамӕгты тыххӕй Израилы фырттӕ сӕхицӕн хӕхты ӕрцӕттӕ кодтой уӕрмытӕ, стӕй лӕгӕттӕ ӕмӕ, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм бынӕттӕ+. 3 Израилӕгтӕ-иу исты куы байтыдтой+, уӕд-иу мадиамӕгтӕ, амаликӕгтӕ+ ӕмӕ Скӕсӕны цӕрӕг адӕм+ ӕрцыдысты ӕмӕ-иу сӕм бабырстой. 4 Се ’фсӕдтӕ-иу сӕ зӕххытыл ӕрбынат кодтой ӕмӕ-иу сын суанг Газӕйы онг сӕ быдырты тыллӕг фесӕфтой. Ӕмӕ-иу Израилы нӕдӕр хӕринаг ныууагътой, нӕдӕр фыстӕ, нӕдӕр галтӕ, нӕдӕр хӕрджытӕ+. 5 Ӕд фос ӕмӕ-иу ӕд цатыртӕ ’рбацыдысты. Уыдысты-иу мӕтыхау+ бирӕ, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ-иу сӕ теуатӕн дӕр банымайӕн нӕ уыд+. Сӕ зӕххытӕм-иу сын бабырстой ӕмӕ-иу дзы ницыуал ныууагътой+. 6 Ӕмӕ мадиамӕгты тыххӕй израилӕгтӕ бынтон смӕгуыр сты. Ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+.

7 Израилы фырттӕ мадиамӕгты тыххӕй Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ кӕй дзынӕзтой+, 8 уымӕ гӕсгӕ сӕм Йегъовӕ рарвыста иу лӕджы, пехуымпары+, ӕмӕ сын загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз уӕ ракодтон Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*+. 9 Фервӕзын уӕ кодтон Египеты къухӕй ӕмӕ уӕ чидӕриддӕр ӕфхӕрдта, уыдоны къухӕй. Уе знӕгты уын уӕ разӕй фӕсырдтон ӕмӕ уын сӕ зӕхх радтон+. 10 Стӕй ма уын афтӕ дӕр загътон: „Ӕз дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Ма тӕрсут, кӕй зӕххыл цӕрут+, уыцы аморейты хуыцӕуттӕй“+. Фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат“»+.

11 Уый фӕстӕ Йегъовӕйы зӕд ӕрцыд+ ӕмӕ Офрӕйы Авиезеры+ байзӕддаг Иоасы стыр бӕласы бын ӕрбадт. Иоасы фырт Гедеон+ та уыцы рӕстӕг сӕндуцӕны мӕнӕу хоста, цӕмӕй йӕ мадиамӕгтӕй тагъддӕр бамбӕхстаид. 12 Уӕд ӕм Йегъовӕйы зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Йегъовӕ демӕ ис+, мӕнӕ хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕг!» 13 Уӕд ын Гедеон загъта: «Ныххатыр мын кӕн, мӕ буц хицау, фӕлӕ кӕд Йегъовӕ немӕ ис, уӕд ныл ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?+ Кӕм сты йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ?+ Нӕ фыдӕлтӕ нын афтӕ нӕ дзырдтой+, Йегъовӕ нӕ Египетӕй ракодта, зӕгъгӕ?+ Ныр нӕ Йегъовӕ ныууагъта+, ӕмӕ нӕ мадиамӕгты къухмӕ радта». 14 Уӕд ӕм Йегъовӕ разылд ӕмӕ йын загъта: «Ацу, ныртӕккӕ дӕм цы хъару ис, уыцы хъаруимӕ+, ӕмӕ ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзынӕ Израил мадиамӕгты къухӕй+. Ӕз дӕ не ’рвитын, ӕви?»+ 15 Гедеон ын дзуапп радта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ. Фӕлӕ куыд хъуамӕ фервӕзын кӕнон ӕз Израил?+ Акӕс-ма, Манассийы мыггаджы ’хсӕн мӕ хӕдзарвӕндаг* зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн»+. 16 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ+, ӕмӕ мадиамӕгты+ ныццӕгъддзынӕ, цыма дӕ ныхмӕ иу адӕймаг рацыд, афтӕ».

17 Уӕд ын Гедеон загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон+, уӕд мын исты нысан ратт, цӕмӕй йӕ зонон, ды кӕй дзурыс мемӕ+. 18 Дӕ хорзӕхӕй, ма ацу ардыгӕй, цалынмӕ дӕм мӕ лӕваримӕ не ’рбаздӕхон+ ӕмӕ дын ӕй дӕ разы не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»+. Уый йын загъта: «Хорз, цалынмӕ не ’рбаздӕхай, уӕдмӕ ӕз ам баддзынӕн». 19 Гедеон ацыд ӕмӕ иу сӕныкк ацӕттӕ кодта+, иу ефӕ* ссадӕй та донгонд дзултӕ акодта+. Дзидза чыргъӕды нывӕрдта, бас та аджы ныккодта ӕмӕ йӕм сӕ стыр бӕласы бынмӕ ӕрбахаста ӕмӕ йын сӕ йӕ разы ӕрӕвӕрдта.

20 Ӕцӕг Хуыцауы зӕд ын загъта: «Дзидза ӕмӕ донгонд дзултӕ райс ӕмӕ сӕ уӕртӕ уыцы стыр дурыл ӕрӕвӕр+, стӕй дурыл бас рауадз». Ӕмӕ уый дӕр афтӕ бакодта. 21 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы зӕд, йӕ къухы цы лӕдзӕг уыди, уый кӕронӕй дзидза ӕмӕ донгонд дзултыл андзӕвыд, ӕмӕ дурӕй арт рацыд ӕмӕ дзидза ӕмӕ донгонд дзултӕ аныхъуырдта+. Йегъовӕйы зӕд та фӕцыдӕр ис. 22 Уӕд Гедеон бамбӕрста, уый Йегъовӕйы зӕд кӕй уыди+.

Ӕмӕ загъта: «Сӕфын, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Йегъовӕйы зӕды!»+ 23 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Фарнӕй хайджын у+. Ма тӕрс+. Нӕ амӕлдзынӕ»+. 24 Уӕд Гедеон уым Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн скодта+, ӕмӕ абоны онг дӕр хуыйны+ Йегъовӕ-Шалом*. Уыцы нывондхӕссӕн ныр дӕр ма ис Офрӕйы+, Авиезеры байзӕддӕгты зӕххыл.

25 Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Ракӕн дӕ фыды галы, авдаздзыд галы* ӕмӕ ацу, ӕмӕ Ваалы нывондхӕссӕн, дӕ фыды чи у, уыцы нывондхӕссӕн, ныппырх кӕн+, йӕ фарсмӕ цы кувӕн цӕджындз ис, уый та афӕлдах+. 26 Ӕмӕ ацы фидаргонд бынаты сӕрмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн самай, дуртӕ рӕгъ-рӕгъ ӕвӕр, афтӕмӕй. Стӕй райс уыцы галы* ӕмӕ йӕ судзинаг нывондӕн ӕрхӕсс. Сугӕн та дын ацӕудзӕн, кӕй афӕлдахай, уыцы кувӕн цӕджындз». 27 Гедеон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕй дӕс адӕймаджы йемӕ ракодта ӕмӕ йын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сарӕзта+. Ӕрмӕст, йӕ фыды хӕдзаронтӕй ӕмӕ горӕты цӕрджытӕй кӕй тарст, уый тыххӕй уыцы хъуыддаг боныгон нӕ бакодта, фӕлӕ ӕхсӕвы+.

28 Райсомӕй раджы горӕты цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Ваалы нывондхӕссӕн – пырх, йӕ фарсмӕ цы кувӕн цӕджындз+ уыди, уый та – фӕлдӕхт, ӕмӕ уым цы нывондхӕссӕн арӕзт ӕрцыд, ууыл та чидӕр галы* нывондӕн ӕрхаста. 29 Ӕмӕ кӕрӕдзи фӕрсын райдыдтой: «Чи бакодта адӕттӕ?» Ӕмӕ фӕрсын ӕмӕ агурыныл фесты. Ӕппынфӕстаг загътой: «Иоасы фырт Гедеон уыди!» 30 Уӕд горӕты цӕрджытӕ Иоасӕн загътой: «Дӕ фырты ардӕм ракӕн. Ваалы нывондхӕссӕн кӕй ныппырх кодта ӕмӕ йӕ фарсмӕ цы кувӕн цӕджындз уыди, уый кӕй афӕлдӕхта, уый тыххӕй хъуамӕ амӕла!»+ 31 Иоас+ уый куы фехъуыста, уӕд, йӕ ныхмӕ чи сӕмбырд, уыдонӕн загъта+: «Ваалы сӕрыл сымах хъуамӕ дзурат? Сымах ирвӕзын кӕнинаг фӕци? Йӕ сӕрыл чидӕриддӕр дзуры, уыдон тӕккӕ ацы райсом хъуамӕ мард ӕрцӕуой+. Кӕд Хуыцау у+, уӕд йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл+, уымӕн ӕмӕ йын чидӕр йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта». 32 Ӕмӕ уыцы бон Гедеоны схуыдта Йероваал*+ ӕмӕ загъта: «Уадз ӕмӕ Ваал йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл, уымӕн ӕмӕ йын чидӕр йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта»+.

33 Мадиамӕгтӕ+, амаликӕгтӕ+ ӕмӕ Скӕсӕны цӕрӕг адӕм+ се ’ппӕт дӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты+, цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ Изреелы+ дӕлвӕзы ӕрбынат кодтой. 34 Уӕд Гедеоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ Авиезеры+ байзӕддӕгтӕм фӕсидт, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой. 35 Ӕгас Манассийы мыггагмӕ фидиуджытӕ+ арвыста, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр фӕсидтысты, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой. Стӕй ма фидиуджытӕ арвыста Асир, Завулон ӕмӕ Неффалиммӕ дӕр, ӕмӕ йӕм ӕрцыдысты.

36 Ӕмӕ уӕд Гедеон ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Кӕд ӕцӕгдӕр мӕн уылты ирвӕзын кӕныс Израил, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ+, 37 уӕд мӕнӕ найгӕнӕн мусы къуымбил байтаудзынӕн, ӕмӕ кӕд ӕртӕх ӕрмӕстдӕр къуымбилыл уа, зӕхх та хус уа, уӕд ӕй зондзынӕн, Израил мӕн уылты кӕй фервӕзын кӕндзынӕ, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ». 38 Ӕмӕ раст афтӕ ӕрцыд. Иннӕ бон Гедеон райсомӕй раджы куы сыстад ӕмӕ къуымбил куы ныллӕмӕрста, уӕд дзы уыйбӕрц дон рацыд, ӕмӕ дзы стыр къус байдзаг уыдаид. 39 Фӕлӕ та Гедеон ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Ма мӕм смӕсты у, фӕлӕ ма иу хатт зӕгъон. Курын дӕ, бар мын ратт, ӕмӕ ма ноджыдӕр иу фӕлварӕн скӕнон къуымбилыл. Ныр та ӕрмӕстдӕр къуымбил уӕд хус, йӕ алыварс зӕххыл та уӕд ӕртӕх». 40 Гъемӕ Хуыцау уыцы ӕхсӕв раст афтӕ сарӕзта: къуымбил уыди хус, йӕ алыварс зӕххыл та уыд ӕртӕх.

7 Уӕд Йероваал+, ома Гедеон+, ӕмӕ йемӕ цы адӕм уыди, уыдон иууылдӕр райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ Хароды цъайы цур ӕрбынат кодтой. Мадиамӕгты ӕфсады цатыртӕ та уыдысты цӕгатырдыгӕй, Морейы къуыбыры раз, дӕлвӕзы. 2 Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Ӕгӕр бирӕ адӕм ис демӕ. Мадиамӕгты уыйбӕрц адӕмы къухмӕ нӕ ратдзынӕн+, цӕмӕй Израил йӕхицӕй ма ӕппӕла+ ӕмӕ мын ма дзура: „Мӕ цонджы хъару мӕ фервӕзын кодта“+. 3 Уӕдӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмӕн фехъусын кӕн: „Кӕд уӕ, мыййаг, исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы ӕмӕ фыртӕссӕй ризы, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд“»+. Гедеон дӕр сӕ уыцы ныхӕстӕй бафӕлвӕрдта. Ӕмӕ адӕмӕй дыууын дыууӕ мины фӕстӕмӕ аздӕхтысты, дӕс мины та баззадысты.

4 Фӕлӕ та Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Уӕддӕр ӕгӕр бирӕ сты дӕ адӕм+. Зӕгъ сын, цӕмӕй донмӕ ныццӕуой, ӕмӕ дын сӕ уым бафӕлвардзынӕн. Ӕмӕ дын афтӕ кӕмӕй зӕгъон, мӕнӕ ай ацӕудзӕн демӕ, зӕгъгӕ, уый ацӕудзӕнис демӕ. Афтӕ кӕмӕй зӕгъон, ай нӕ ацӕудзӕн демӕ, уый та нӕ ацӕудзӕн». 5 Ӕмӕ Гедеон адӕмӕн загъта, цӕмӕй донмӕ ныццӕуой+.

Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Куыдз йе ’взагӕй куыд фесдӕры дон, афтӕ чи нуаза, уыдоны-иу ӕрлӕууын кӕн хицӕнӕй, стӕй, йӕ зонгуытыл чи ’рлӕууа ӕмӕ афтӕмӕй чи нуаза дон, уыдоны дӕр»+. 6 Гъемӕ-иу дон йӕ дзыхмӕ йӕ къухы чи схаста ӕмӕ афтӕмӕй чи нызта, уыдон уыдысты ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы. Иннӕтӕ се ’ппӕт дӕр нызтой сӕ зонгуытыл лӕугӕйӕ.

7 Ӕмӕ Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Дон йӕ къухӕй чи нызта, уыцы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ дын мадиамӕгты дӕ къухмӕ ратдзынӕн+. Иннӕтӕн та се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хӕдзармӕ аздӕха». 8 Гедеон дӕр йемӕ ныууагъта ӕрмӕстдӕр уыцы ӕртӕсӕдӕ лӕджы. Иннӕ израилӕгтӕй та райстой, хӕринагӕй сӕм цы уыди, уый, райстой сын сӕ сыкъатӕ дӕр+, ӕмӕ сӕ стӕй Гедеон сӕ хӕдзӕрттӕм арвыста. Мадиамӕгты ӕфсады цатыртӕ та уыдысты сӕ дӕлейӕ, дӕлвӕзы+.

9 Уыцы ӕхсӕв+ ын Йегъовӕ загъта: «Сыст, ныццу, сӕ цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм ӕмӕ сӕм бабырс, уымӕн ӕмӕ дын сӕ ӕз дӕ къухмӕ радтон+. 10 Фӕлӕ сӕм кӕд нӕ уӕндыс бабырсын, уӕд уал сӕ цатыртӕм дӕ лӕггадгӕнӕг Фурӕимӕ ныццу+. 11 Байхъус-иу, цы дзурдзысты, уымӕ+, ӕмӕ дӕ уӕд ныфс бацӕудзӕн+. Ӕмӕ сӕм ныццӕудзынӕ ӕмӕ сӕм бабырсдзынӕ». Гедеон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Фурӕ ныццыдысты, мадиамӕгты цатырты хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм.

12 Дӕлвӕз йедзаг уыди мадиамӕгтӕ, амаликӕгтӕ ӕмӕ Скӕсӕны цӕрджытӕй+, раст мӕтыхау бирӕ уыдысты+. Сӕ теуатӕн+ банымайӕн дӕр нӕ уыд, денджызы был змисӕн куыд нӕй банымайӕн, афтӕ. 13 Гедеон сӕм ныццыд, ӕмӕ дын мӕнӕ иу адӕймаг иннӕмӕн йӕ фын дзуры: «Фыны федтон+, цыма хъӕбӕрхорӕй конд тымбыл дзул фӕцӕйтылд мадиамӕгты цатыртӕм. Цатыры онг батылд, сӕмбӕлди йыл, ӕмӕ цатыр ӕрхауд+ – сфӕлдӕхта йӕ, ӕмӕ цатыр ныппырх». 14 Уӕд ын йе ’мбал афтӕ+: «Уый ӕнӕмӕнг израилаг Гедеоны+, Иоасы фырты хъама у. Ӕцӕг Хуыцау+ ын мадиамӕгты ӕмӕ се ’фсад ӕгасӕй дӕр йӕ къухмӕ радта»+.

15 Гедеон уыцы фыны хабар куы фехъуыста, стӕй йӕ куыд бамбарын кодтой, уый дӕр+, уӕд Хуыцауӕн бакуывта+. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхт, израилӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм, ӕмӕ загъта: «Сыстут+, Йегъовӕ уын мадиамӕгты ӕфсад уӕ къухмӕ радта». 16 Стӕй уыцы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы ӕртӕ къордыл адих кодта ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ къухмӕ радта фӕйнӕ сыкъа+ ӕмӕ фӕйнӕ стыр афтид дурыны. Дурынты мидӕг та уыди цырӕгътӕ. 17 Ӕмӕ сын загъта: «Мӕнмӕ-иу кӕсут, ӕмӕ ӕз куыд кӕнон, афтӕ кӕнут. Сӕ цатырты цурмӕ куы бацӕуон, уӕд-иу, ӕз цы аразон, уый аразут сымах дӕр. 18 Сыкъайӕ куы ныууасон, ӕз ӕмӕ мемӕ чи ис, уыдон дӕр, уӕд-иу сымах дӕр, сӕ цатырты алыварс лӕугӕйӕ, сыкъатӕй ныууасут+ ӕмӕ-иу хъӕр кӕнут: «Йегъовӕйы+ хъама ӕмӕ Гедеоны хъама!»

19 Уый фӕстӕ, ӕхсӕвы дыккаг хъахъхъӕнӕн афон* Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы сӕдӕ адӕймаджы уыди, уыдон мадиамӕгты цатыртӕм хӕстӕг бацыдысты+. Уыдон та уӕд аивтой хъахъхъӕнджыты. Ӕмӕ сыкъатӕй ныууасыдысты+ ӕмӕ, сӕ къухты цы стыр доны дурынтӕ уыди, уыдон ныппырх кодтой+. 20 Уӕд ӕртӕ къорды дӕр сыкъатӕй ныууасыдысты+, сӕ дурынтӕ ныппырх кодтой, сӕ галиу къухтӕм цырӕгътӕ райстой, сӕ рахиз къухтӕм та – сыкъатӕ, ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Йегъовӕйы+ хъама ӕмӕ Гедеоны хъама!» 21 Уыцы рӕстӕг сӕ алчидӕр мадиамӕгты цатырты алыварс лӕууыд йӕхи бынаты. Уӕд мадиамӕгтӕ иууылдӕр ратӕх-батӕх кӕнын райдыдтой, хъӕр систой ӕмӕ лидзынмӕ фесты+. 22 Ӕртӕсӕдӕ+ хӕстоны та дарддӕр уасыдысты сыкъатӕй+, ӕмӕ Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр кӕрӕдзи ныхмӕ скодта, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи цӕгъдын райдыдтой+. Стӕй лидзынмӕ фесты ӕмӕ лыгъдысты суанг Бефшиттӕйы онг ӕмӕ дарддӕр Царерӕмӕ, суанг, Табафы раз чи ис, уыцы Авел-Мехолӕйы+ арӕнты онг.

23 Уӕдмӕ фӕсидтысты израилӕгтӕм Неффалимы+, Асиры+ ӕмӕ Манассийы+ ӕгас мыггагӕй, ӕмӕ мадиамӕгты фӕстейӕ асырдтой+. 24 Гедеон ма ӕгас Ефремы+ хӕхбӕстӕм дӕр арвыста фидиуджытӕ ахӕм ныхасимӕ: «Рацӕут мадиамӕгты размӕ, сӕ разӕй фӕут ӕмӕ бацахсут цӕугӕдӕттӕ суанг Бефварӕйы онг ӕмӕ Иордан». Ӕмӕ ефремӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бацахстой цӕугӕдӕттӕ+ суанг Бефварӕйы онг ӕмӕ Иордан. 25 Стӕй ма уыдон ӕрцахстой дыууӕ мадиамаг кънйазы дӕр, Оривы ӕмӕ Зивы+. Ӕмӕ Оривы амардтой Оривы+ къӕдзӕхыл, Зивы та – Зивы сӕндуцӕны раз. Ӕмӕ мадиамӕгты+ фӕстейӕ сырдтой. Орив ӕмӕ Зивы сӕртӕ та ӕрбахастой Гедеонмӕ Иорданы цурмӕ+.

8 Уӕд Ефремы фырттӕ Гедеонӕн загътой: «Уый цы бакуыстай? Цӕуылнӕ нӕм фӕдзырдтай, мадиамӕгтимӕ хӕцынмӕ куы цыдтӕ, уӕд?»+ Ӕмӕ ӕппӕт амӕлттӕй хыл къахтой+. 2 Фӕстагмӕ сын Гедеон загъта: «Сымахимӕ абаргӕйӕ ӕз цы сарӕзтон?+ Авиезер сӕнӕфсирӕй цы тыллӕг ӕрӕмбырд кодта+, уымӕй, Ефрем йӕ фӕстӕ цы иугай цупӕлттӕ ӕртыдта, уыдон хуыздӕр нӕ уыдысты?+ 3 Мадиамаг кънйӕзты, Оривы ӕмӕ Зивы+, Хуыцау сымах къухмӕ нӕ радта? Ӕз та цы сарӕзтон ахӕмӕй?» Ӕмӕ сын уый куы загъта, уӕд сӕ маст ссыди+.

4 Ӕппынфӕстаг Гедеон Иорданмӕ ӕрхӕццӕ ӕмӕ, йемӕ цы ӕртӕсӕдӕ лӕджы уыди, уыдонимӕ цӕугӕдоныл ахызт. Тынг бафӕлладысты, фӕлӕ уӕддӕр се знӕгты дарддӕр сырдтой. 5 Фӕстӕдӕр Гедеон Сокхофы+ цӕрджытӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, мӕ фӕдыл цы адӕм цӕуы, уыдонӕн-ма мын дзул раттут+ – фӕллад сты. Мадиамаг паддзӕхтӕ Зевей+ ӕмӕ Салманы+ сурын фӕстейӕ». 6 Фӕлӕ йын Сокхофы кънйӕзтӕ загътой: «Цыма Зевей ӕмӕ Салман ныридӕгӕн дӕ къухы сты, афтӕ нӕ дзурыс? Цӕмӕн дын хъуамӕ раттӕм де ’фсадӕн дзул?»+ 7 Уӕд Гедеон загъта: «Кӕд афтӕ у, уӕд мын уӕхимӕ кӕсут: Йегъовӕ Зевейы ӕмӕ Салманы мӕ къухмӕ куы радта, уӕд уӕ быдыры сындзытӕй ӕмӕ пыхсытӕй банай кӕндзынӕн»+. 8 Ӕмӕ уырдыгӕй йӕ фӕндаг адарддӕр кодта Пенуелы+ онг ӕмӕ та Пенуелы цӕрджытӕн дӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, фӕлӕ йын уыдон дӕр Сокхофы цӕрджыты дзуапп радтой. 9 Уӕд Пенуелы цӕрджытӕн загъта: «Фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сыздӕхон, уӕд ацы мӕсыгӕй дур дурыл нал ныууадздзынӕн»+.

10 Зевей ӕмӕ Салман+ се ’фсӕдтимӕ уыдысты Каркоры. Сӕ адӕм ма уыдысты фынддӕс мины бӕрц – уыйбӕрц ма баззад Скӕсӕны цӕрджыты+ ӕфсадӕй. Чи сӕ фӕмард, уыдон та уыдысты сӕдӕ дыууын мин хӕстоны+. 11 Гедеон та дарддӕр цыди Новах ӕмӕ Иогбегӕйӕ+ скӕсӕнырдӕм, цатырты чи цард, уыдоны фӕндагыл. Знӕгты ӕфсад ӕдзӕттӕйӕ баййӕфта, ӕмӕ сӕ цӕгъдын райдыдта+. 12 Зевей ӕмӕ Салман+ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ Гедеон уайтагъд фӕстейӕ асырдта, ӕмӕ ӕрцахста уыцы дыууӕ мадиамаг паддзахы. Ӕмӕ се ’фсадӕн йӕ быны дон бацыд.

13 Иоасы фырт Гедеон хӕстӕй фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд цыди, хӕрдмӕ Хересмӕ чи цӕуы, уыцы фӕндагыл. 14 Фӕндагыл ӕрцахста, Сокхофы+ чи цард, иу ахӕм ӕрыгон лӕппуйы, ӕмӕ йӕ бӕстон ӕрфӕрстытӕ кодта+. Гъемӕ йын уый дӕр ныффыста Сокхофы кънйӕзты+ ӕмӕ хистӕр лӕгты нӕмттӕ, ӕвдай авд лӕджы нӕмттӕ. 15 Уӕд Гедеон ацыд Сокхофы цӕрджытӕм ӕмӕ сын загъта: «Мӕнӕ сты Зевей ӕмӕ Салман, кӕй тыххӕй мыл худтыстут, зӕгъгӕ: „Зевей ӕмӕ Салман цыма ныридӕгӕн дӕ къухы сты, афтӕ нӕ дзурыс? Цӕмӕн дын хъуамӕ раттӕм дзул дӕ фӕллад адӕмӕн?“»+. 16 Стӕй ракодта горӕты хистӕр лӕгты, райста быдыры сындзытӕ ӕмӕ пыхсытӕ, ӕмӕ Сокхофы цӕрджытӕн сӕ бон базонын кодта+. 17 Пенуелы+ мӕсыг дӕр ныппырх кодта+, горӕты цӕрджыты та ныццагъта.

18 Уӕд Зевей ӕмӕ Салманы+ бафарста: «Фаворы хохыл кӕй амардтат, уыцы адӕм цыхуызӕн уыдысты?»+ Уыдон ын дзуапп радтой: «Раст де ’нгӕс уыдысты, се ’ппӕт дӕр – паддзахы фыртты хуызӕн». 19 Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Уыдон ме ’фсымӕртӕ уыдысты, мӕ мадызӕнӕг. Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ уын сомы кӕнын: удӕгасӕй сӕ куы ныууагътаиккат, уӕд уӕ нӕ амардтаин»+. 20 Ӕмӕ Йеферӕн, йӕ хистӕр фыртӕн, загъта: «Сыст ӕмӕ сӕ амар». Фӕлӕ лӕппу йӕ хъама не сласта – тарсти, уымӕн ӕмӕ нырма ӕрыгон уыд+. 21 Уӕд Зевей ӕмӕ Салман загътой: «Сыст ӕмӕ нӕ дӕхӕдӕг амар, уымӕн ӕмӕ лӕг йӕ хъаруйӕ лӕг у»+. Гедеон дӕр сыстад ӕмӕ Зевей ӕмӕ Салманы амардта+. Ӕмӕ сӕ теуаты хъуыртыл рӕсугъдӕн цы мӕйы нывтӕ уыди, уыдон рафтыдта.

22 Уый фӕстӕ Израилы адӕм Гедеонӕн загътой: «Ды нын у хицау+, ды ӕмӕ дӕ фырт ӕмӕ дӕ фырты фырт, уымӕн ӕмӕ нӕ ды фервӕзын кодтай мадиамӕгты къухӕй»+. 23 Фӕлӕ сын Гедеон загъта: «Ӕз уын нӕ уыдзынӕн хицау, нӕдӕр уын мӕ фырт уыдзӕн хицау+. Хицау уын уыдзӕн Йегъовӕ»+. 24 Стӕй сын загъта: «Иу цыдӕр уӕ курӕг дӕн: уе знӕгтӕй цы байстат, уымӕй мын алчидӕр фӕйнӕ фындзылдаргӕ цӕджы+ раттӕд». Израилӕгтӕ кӕй басастой, уыдонмӕ уыди фындзылдаргӕ цӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ измаилӕгтӕ уыдысты+. 25 Уыдон ын загътой: «Куыннӕ дын ратдзыстӕм». Ӕмӕ зӕххыл уӕлӕдарӕс айтыдтой ӕмӕ дзы алчидӕр ӕрӕппӕрста, се знӕгтӕй цы байстой, уымӕй фӕйнӕ фындзылдаргӕ цӕджы. 26 Цы сызгъӕрин фындзылдаргӕ цӕгтӕ сӕ ракуырдта, уыдонӕн сӕ уӕз уыди иу мин авдсӕдӕ сиклы* сызгъӕрин. Уымӕй уӕлдай ма дзы уыди хъусцӕджытӕ, мӕйы хуызӕн аивгӕнӕнтӕ+ ӕмӕ, мадиамаг паддзӕхтыл тарсырх къуымбил ӕндахӕй цы уӕлӕдарӕс+ уыди, уыдон, стӕй, теуаты хъуыртыл+ цы фӕрдгуытӕ уыди, уыдон дӕр.

27 Ӕмӕ дзы Гедеон скодта ефод+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ горӕты, Офрӕйы+. Ӕмӕ уым ӕнӕхъӕн Израил уыцы ефодӕн кувын райдыдта*+, ӕмӕ афтӕмӕй Гедеонӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн къӕппӕг сси+.

28 Уыйадыл мадиамӕгтӕ+ басастысты Израилы фырттӕн, ӕмӕ сӕ сӕрыл хӕрдмӕ нал схӕцыдысты. Ӕмӕ цыппор азы дӕргъы, цалынмӕ Гедеон ӕгас уыд, уӕдмӕ, зӕххыл уыди сабырдзинад+.

29 Ӕмӕ Иоасы фырт Йероваал*+ ацыд йӕ фӕндагыл ӕмӕ дарддӕр цард йӕ хӕдзары.

30 Гедеонӕн райгуырд ӕвдай фырты+, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди. 31 Сихемы йын цы номылус уыди, уый дӕр ын ныййардта лӕппу. Ӕмӕ йӕ Гедеон схуыдта Авимелех+. 32 Ӕппынфӕстаг Иоасы фырт Гедеон амард, зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, йӕ фыд Иоас кӕм уыд ныгӕд, уым, Авиезеры байзӕддӕгты зӕххыл, Офрӕйы+.

33 Куыддӕр Гедеон амард, афтӕ та Израилы фырттӕ Ваалтимӕ хӕтын райдыдтой+, ӕмӕ сӕхицӕн хуыцауӕн сӕвӕрдтой Ваал-Верифы+. 34 Израилы фырттӕ ферох кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухӕй сӕ чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцауы+. 35 Йероваал, ома Гедеон, Израилӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта+, уыдон дӕр ферох кодтой ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтӕм ӕнувыд уарзт нӕ равдыстой+.

9 Иуафон Йероваалы фырт Авимелех+ ацыд Сихеммӕ+ йӕ мады ’фсымӕртӕм, ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕмӕ йӕ мады ’рвадӕлтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: 2 «Курӕг уӕ дӕн, Сихемы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъут: „Цы уын у хуыздӕр, хицау уын ӕвдай адӕймаджы уой+, Йероваалы фырттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕви иу адӕймаг? Рох уӕ ма уӕд, ӕз уӕ туг, уе стӕг* кӕй дӕн, уый“»+.

3 Гъемӕ йын йӕ мады ’фсымӕртӕ йӕ ныхӕстӕ Сихемы цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр радзырдтой, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ Авимелехы+ ’рдӕм фесты, уымӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уый не ’фсымӕр у»+. 4 Ӕмӕ йын Ваал-Верифы+ хӕдзарӕй ӕвдай ӕвзист ӕхцайы радтой, ӕмӕ уыцы ӕхцатӕй Авимелех баххуырста, кӕм цы дзӕгъӕлдзу ӕмӕ ӕнаккаг адӕм уыди, уыдоны+, цӕмӕй йӕм ӕрбаиу уыдаиккой. 5 Стӕй ацыд йӕ фыды хӕдзармӕ, Офрӕмӕ+, ӕмӕ иу дурыл амардта йе ’фсымӕрты+, Йероваалы фыртты – ӕвдай лӕджы. Фӕлӕ Йероваалы кӕстӕр фырт Иофам аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ бамбӕхст.

6 Уый фӕстӕ Сихемы цӕрджытӕ ӕмӕ, Миллойы+ чи цард, уыдон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ ӕрцыдысты, Сихемы+ цы цӕджындз уыд, уый размӕ, стыр бӕласы+ размӕ. Ӕмӕ уым Авимелехы паддзахӕй сӕвӕрдтой+.

7 Иофамӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд ацыд, Гаризимы+ хохы сӕр слӕууыд ӕмӕ сӕм ныхъхъӕр кодта: «Сихемы цӕрджытӕ, байхъусут мӕм, ӕмӕ Хуыцау та сымахмӕ байхъусдзӕн:

8 Иухатт бӕлӕстӕ сфӕнд кодтой сӕхицӕн паддзах сӕвӕрын*. Ӕмӕ оливӕбӕласӕн+ загътой: „Паддзах-ма нын у“+. 9 Фӕлӕ сын оливӕбӕлас дзуапп радта: „Ныр хъуамӕ мӕ сой ныууадзон, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕмӕй кадджын кӕнынц+, уыцы сой, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ иннӕ бӕлӕсты сӕрмӕ ратас-батас кӕнон?“+ 10 Уӕд та бӕлӕстӕ загътой легъуибӕласӕн+: „Ды нын у паддзах“. 11 Фӕлӕ сын легъуибӕлас дӕр загъта: «Ныр хъуамӕ мӕ адджын ӕмӕ мӕ хорз дыргътӕ ныууадзон, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ иннӕ бӕлӕсты сӕрмӕ ратас-батас кӕнон?“+ 12 Уый фӕстӕ та бӕлӕстӕ загътой сӕнӕфсирӕн: „Ды нын у паддзах“. 13 Фӕлӕ та сын сӕнӕфсир дӕр дзуапп радта: „Ныр хъуамӕ мӕ ног сӕн ныууадзон, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр чи хъӕлдзӕг кӕны+, уыцы сӕн, ӕмӕ ацӕуон ӕмӕ иннӕ бӕлӕсты сӕрмӕ ратас-батас кӕнон?“ 14 Ӕппынфӕстаг бӕлӕстӕ иууылдӕр загътой сындзкъутӕрӕн+: „Ды нын у паддзах“. 15 Ӕмӕ сындзкъутӕр бӕлӕстӕн загъта: „Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр ӕвӕрут уӕхицӕн паддзахӕй, уӕд рацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут+. Кӕд нӕ, уӕд та сындзкъутӕрӕй арт+ рацӕуӕд ӕмӕ Ливаны+ кедртӕ+ аныхъуырӕд“.

16 Уӕдӕ Авимелехы паддзахӕй+ кӕй сӕвӕрдтат, уымӕй раст бакодтат ӕмӕ уӕм фау ӕрхӕссӕн нӕй? Йероваалӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн хорзы бацыдыстут ӕмӕ йын йӕ къухты фыдӕбонӕн аккаг аргъ скодтат? 17 Мӕ фыд тох кодта+ уӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ уд мӕлӕты дзыхмӕ лӕвӕрдта+, цӕмӕй уӕ мадиамӕгты+ къухӕй фервӕзын кодтаид, 18 сымах та мӕ фыды хӕдзаронты ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты+, ӕвдай лӕджы+, иу дурыл амардтат, ӕмӕ йын йӕ цагъар-сылгоймаджы+ фырт Авимелехы та Сихемы цӕрджытӕн паддзахӕй+ сӕвӕрдтат, уе ’фсымӕр кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. 19 Гъемӕ кӕд Йероваалӕн ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн раст бакодтат ӕмӕ уӕм уый тыххӕй фау ӕрхӕссӕн нӕй, уӕд цин кӕнут Авимелехыл, ӕмӕ уыл уый дӕр цин кӕнӕд+.20 Кӕд нӕ, уӕд та Авимелехӕй арт+ рацӕуӕд ӕмӕ Сихемы цӕрджыты ӕмӕ Миллойы+ цӕрджыты аныхъуырӕд+. Ӕмӕ арт рацӕуӕд Сихемы цӕрджытӕй ӕмӕ Миллойы цӕрджытӕй дӕр ӕмӕ Авимелехы аныхъуырӕд“+.

21 Уый фӕстӕ Иофам+ алыгъд, ӕрцыд Беермӕ ӕмӕ уым ӕрцард, уымӕн ӕмӕ йе ’фсымӕр Авимелехӕй ӕмбӕхсти.

22 Авимелех та Израилӕн йӕхи схицау кодта, ӕмӕ афтӕ уыди ӕртӕ азы дӕргъы+. 23 Уый фӕстӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй Авимелех ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕ кӕрӕдзи ныхмӕ суыдаиккой+. Ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕ Авимелехыл гадзрахатӕй рацыдысты+. 24 Афтӕ уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй, Йероваалы ӕвдай фырты фыдмард кӕй акодтой, уый афтӕмӕй ма баззадаид+, ӕмӕ цӕмӕй сӕ туг ист ӕрцыдаид се ’фсымӕр Авимелехӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уый амардта+, стӕй Сихемы цӕрджытӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ йын уыдон ӕххуыс кодтой+ йе ’фсымӕрты амарынӕн. 25 Ӕмӕ йын Сихемы цӕрджытӕ хӕхты йӕ размӕ адӕмы бабадын кодтой, ӕмӕ сӕ рӕзты чидӕриддӕр цыди, уыдоны стыгътой. Уый тыххӕй фӕхабар кодтой Авимелехӕн.

26 Уый фӕстӕ Сихеммӕ+ ӕрцыд Еведы фырт Гаал+ йе ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕ сӕ ныфс ууыл дарын райдыдтой+. 27 Иуафон, алы хатт-иу куыд кодтой, афтӕ быдырмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕтты сӕнӕфсир тыдтой ӕмӕ дзы сӕн дыгътой. Ӕмӕ сӕхицӕн цины бӕрӕгбон скодтой+. Стӕй ацыдысты сӕ хуыцауы кувӕндонмӕ+, уым хордтой ӕмӕ нызтой+ ӕмӕ Авимелехы ӕлгъыстой+. 28 Ӕмӕ сын Еведы фырт Гаал загъта: «Чи у Авимелех+, ӕмӕ чи у Сихем? Цӕмӕн ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? Йероваалы+ фырт нӕу, ӕмӕ Зевулы+ дӕр уый нӕ сӕвӕрдта хицауӕй? Лӕггад кӕнут Сихемы фыд Емморы+ адӕмӕн. Авимелехӕн та цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? 29 Ехх, ӕрмӕст ацы адӕм мӕ къухы куы уаиккой!+ Уӕд Авимелехы йӕ бынатӕй раппарин». Авимелехӕн та загъта: «Стыр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ рацу»+.

30 Горӕты кънйаз Зевул фехъуыста Еведы+ фырт Гаалы ныхӕстӕ, ӕмӕ йӕм йӕ маст ссыгъд. 31 Гъемӕ Гаалыл сайдӕй рацыд ӕмӕ Авимелехмӕ арвыста фидиуджытӕ ахӕм ныхасимӕ: «Еведы фырт Гаал ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Сихеммӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ горӕты цӕрджыты дӕ ныхмӕ аразынц. 32 Уӕдӕ ӕхсӕвы сыст+, ды дӕр ӕмӕ демӕ цы адӕм ис, уыдон дӕр, ӕмӕ быдыры йӕ размӕ бабадут+. 33 Ӕмӕ райсомӕй раджы, куыддӕр хур скӕса, афтӕ сыст ӕмӕ горӕтыл дӕхи ныццӕв. Ӕмӕ йӕ адӕмимӕ дӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд ын аккаг фӕу».

34 Гъемӕ Авимелех ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдон иууылдӕр ӕхсӕвы сыстадысты ӕмӕ цыппар къордӕй Сихеммӕ хӕстӕг ӕрӕмбӕхстысты, цӕмӕй йӕм бабырстаиккой. 35 Цасдӕры фӕстӕ Еведы фырт Гаал+ рацыд ӕмӕ горӕты кулдуары раз слӕууыд. Ӕмӕ уӕд Авимелех ӕмӕ йӕ адӕм се ’мбӕхсӕн бынӕттӕй рагӕппытӕ кодтой. 36 Гаал адӕмы куы ауыдта, уӕд Зевулӕн загъта: «Акӕс-ма, хӕхтӕй адӕм ӕрцӕуы». Зевул та йын загъта: «Уый дӕм хӕхты аууӕттӕ фӕкастысты адӕмы хуызӕн»+.

37 Фӕстӕдӕр та йын Гаал ногӕй загъта: «Акӕс-ма, уӕртӕ тӕккӕ астӕуӕй адӕм ӕрцӕуы. Иу къорд та дзы ӕрбацӕуы Меоннимы стыр бӕласы ’рдыгӕй». 38 Уӕд ын Зевул загъта: «Афтӕ нӕ дзырдтай+, чи у Авимелех, цӕмӕн ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ?+ Кӕй ныхмӕ дзырдтай, уыцы адӕм не сты?+ Гъемӕ, табуафси, ацу ӕмӕ семӕ схӕц».

39 Ӕмӕ Гаал Сихемы цӕрджыты ракодта, ӕмӕ Авимелехимӕ схӕцыд. 40 Авимелех ӕй фӕстейӕ асырдта ӕмӕ дзы Гаал лидзӕг фӕци, ӕмӕ йын йӕ адӕмы суанг горӕты кулдуары онг цагътой – тынг бирӕ дзы фӕцагъды ис.

41 Авимелех дарддӕр цард Арумӕйы. Зевул+ та Гаалы+ ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты Сихемӕй+ фӕсырдта. 42 Иннӕ бон адӕм райдыдтой быдырмӕ цӕуын. Ӕмӕ йӕ Авимелехӕн загътой+. 43 Уӕд уый йӕ адӕмы ракодта, ӕртӕ къордыл сӕ адих кодта+ ӕмӕ быдыры сӕ размӕ бабадт. Стӕй акаст, ӕмӕ уӕртӕ адӕм горӕтӕй рацӕуынц. Ӕмӕ уый дӕр сыстад ӕмӕ сӕ фӕцагъта. 44 Авимелех ӕмӕ, йемӕ цы къордтӕ уыди, уыдон сӕ ных сарӕзтой горӕты кулдуӕрттӕм, дыууӕ къорды та сӕхи ныццавтой, быдыры чи уыд, уыдоныл ӕмӕ сӕ фӕцагътой+. 45 Авимелех горӕты ныхмӕ хӕцыд ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ йӕ бацахста. Цы адӕм дзы уыди, уыдоны ныццагъта+, стӕй горӕт ныппырх кодта+ ӕмӕ йын йӕ зӕххыл цӕхх ныккалдта+.

46 Сихемы мӕсыджы цӕрджытӕ уый куы фехъуыстой, уӕд уайтагъд алыгъдысты, Ел-Верифы+ кувӕндоны цы ӕмбӕхсӕн бынат уыди, уырдӕм. 47 Авимелехӕн фӕхабар кодтой, Сихемы мӕсыджы цӕрджытӕ, дам, иууылдӕр иу ран ӕмбырдӕй сты. 48 Уӕд Авимелех ссыд Селмоны+ хохмӕ, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йемӕ цы адӕм уыди, уыдон дӕр. Фӕрӕт йӕ къухмӕ райста, бӕласы къалиу дзы ракодта, систа йӕ, йе уӕхскыл ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ, йемӕ цы адӕм уыди, уыдонӕн загъта: «Цы сарӕзтон, уый федтат? Рӕвдздӕр, сымах дӕр афтӕ бакӕнут!»+ 49 Ӕмӕ сӕ алчидӕр фӕйнӕ къалиуы ракодта ӕмӕ Авимелехы фӕдыл ацыдысты. Стӕй сӕ къалиутӕ ӕмбӕхсӕн бынаты бахизӕныл бафӕлдӕхтой ӕмӕ йыл арт бандзӕрстой. Ӕмӕ, Сихемы мӕсыджы цы адӕм уыд, уыдон иууылдӕр амардысты – уыдысты иу мины бӕрц, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ+.

50 Авимелех ацыд Тевецмӕ+, йӕ разы ӕрбынат кодта, схӕцыди семӕ ӕмӕ горӕт бацахста. 51 Горӕты астӕу та уыди фидар мӕсыг, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ, горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр уырдӕм балыгъдысты, бахизӕн сӕ фӕстӕ сӕхгӕдтой ӕмӕ мӕсыджы сӕрмӕ схызтысты. 52 Авимелех йӕ ных сарӕзта мӕсыгмӕ, размӕ абырста ӕмӕ мӕсыджы бахизӕнмӕ хӕстӕг бацыд, арт ыл бандзарон, зӕгъгӕ+. 53 Уӕд уырдыгӕй иу сылгоймаг Авимелехы сӕрыл куыройыдур ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын йӕ сӕр ныппырх кодта+. 54 Авимелех уайтагъд фӕдзырдта, йӕ хӕцӕнгарз ын чи хаста, уыцы лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хъама слас ӕмӕ мӕ амар+, кӕннод зӕгъдзысты, сылгоймаг ӕй амардта, зӕгъгӕ». Йӕ лӕггадгӕнӕг дӕр ӕй хъамайӕ ныррӕхуыста, ӕмӕ Авимелех амард+.

55 Израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ Авимелех амард, уӕд сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. 56 Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ Авимелехӕн йӕхи сӕрыл ӕрцыд, йӕ ӕвдай ӕфсымӕрмӕ йӕ къух сисгӕйӕ йӕ фыдӕн цы ӕвзӕрдзинад ракодта, уый+. 57 Ӕмӕ Сихемы цӕрджытӕн дӕр, цы ӕвзӕрдзинад ракодтой, уый сӕхи сӕрыл ӕрцыд. Хуыцау афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй сӕ Йероваалы+ фырт Иофамы+ ӕлгъыст+ баййӕфтаид+.

10 Авимелехы фӕстӕ Израил фервӕзын кӕнынмӕ+ сыстад Фолӕ, Иссахары мыггагӕй. Фолӕ уыд Додойӕн йӕ фырт Фуӕйы фырт. Уый цард Ефремы хӕхбӕсты+, Шамиры. 2 Фолӕ Израилӕн тӕрхон кодта дыууын ӕртӕ азы. Стӕй амард ӕмӕ йӕ Шамиры бавӕрдтой.

3 Уый фӕстӕ та тӕрхонгӕнӕг уыд Галаады+ цӕрӕг Иаир. Уый Израилӕн тӕрхон кодта дыууын дыууӕ азы. 4 Иаирӕн райгуырд ӕртын фырты, ӕмӕ-иу цыдысты ӕртын хӕрӕгыл+. Уыдис сын ӕртын горӕты, абоны онг дӕр сӕ хонынц Хаввоф-Иаир+. Уыцы горӕттӕ сты Галаады зӕххыл. 5 Уый фӕстӕ Иаир амард ӕмӕ йӕ Камоны бавӕрдтой.

6 Уӕд та Израилы фырттӕ райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+. Ваалтӕн+ ӕмӕ Астартӕтӕн+, стӕй Сирийы+, Сидоны+ ӕмӕ Моавы+ хуыцӕуттӕн, Аммоны+ фыртты ӕмӕ филистимӕгты+ хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Йегъовӕйы та ныууагътой ӕмӕ йын нал лӕггад кодтой+. 7 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ филистимӕгты+ ӕмӕ Аммоны+ фыртты къухмӕ радта*+. 8 Ӕмӕ уыцы аз Израилы фыртты ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ бынтондӕр хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой. Афтӕ кодтой ӕстдӕс азы, Израилы фырттӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты зӕххыл, ома Галаады, чи цард, уыдонӕн. 9 Аммоны фырттӕ-иу Иорданыл ахызтысты, цӕмӕй-иу Иудӕ, Вениамин ӕмӕ Ефремы мыггагимӕ схӕцыдаиккой. Иудзырдӕй, Израил тынг уынгӕг уавӕры уыд+. 10 Ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+, дзырдтой йын: «Нӕ Хуыцау, дӕ разы тӕригъӕд ракодтам+, уымӕн ӕмӕ дӕу ныууагътам ӕмӕ Ваалтӕн кувӕм»+.

11 Уӕд Йегъовӕ Израилы фырттӕн загъта: «Египетӕгтӕ+, аморейтӕ+, Аммоны+ фырттӕ, филистимӕгтӕ+, 12 сидойнӕгтӕ+, амаликӕгтӕ+ ӕмӕ-иу уӕ мадиамӕгтӕ+ куы ӕфхӕрдтой+ ӕмӕ-иу мӕм ӕххуысмӕ куы дзынӕзтат, уӕд-иу уӕ сӕ къухӕй нӕ фервӕзын кодтон? 13 Сымах та мӕ ныууагътат+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдтат+. Уый тыххӕй уӕ ӕз нал ирвӕзын кӕндзынӕн+. 14 Ацӕут ӕмӕ, цы хуыцӕутты равзӕрстат+, уыдонмӕ сидут ӕххуысмӕ+. Уыдон уӕ ирвӕзын кӕнӕнт уӕ тыхсты сахат». 15 Фӕлӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн загътой: «Мах тӕригъӕд ракодтам+. Цыдӕриддӕр дӕ фӕнды, уый нын бакӕн+. Ӕрмӕст дӕ курӕг стӕм, ацы бон нӕ фервӕзын кӕн»+. 16 Ӕмӕ райдыдтой, цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ сӕм уыди, уыдон сафын+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын+, ӕмӕ йӕ уд+ нал фӕрӕзта Израилы тӕригъӕдмӕ кӕсын+.

17 Цасдӕры фӕстӕ Аммоны+ фырттӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады+ ӕрбынат кодтой. Уӕд Израилы фырттӕ дӕр ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ уыдон та Массифӕйы+ ӕрбынат кодтой. 18 Галаады адӕм ӕмӕ кънйӕзтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Чи ацӕудзӕн нӕ разӕй, цӕмӕй Аммоны фырттимӕ схӕцӕм?+ Уый слӕууӕд ӕппӕт Галаады цӕрджыты сӕргъы»+.

11 Галаады+ цӕрӕг Йеффай+ уыди фидар ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг+. Уый уыд хӕтаг сылгоймаджы+ фырт. Йеффайӕн йӕ фыд та хуынди Галаад. 2 Галаадӕн йӕ ус ныййардта фырттӕ. Ӕмӕ йӕ усы фырттӕ куы сыстыр сты, уӕд Йеффайы атардтой ӕмӕ йын загътой: «Дӕуӕн нӕ фыды бынтӕй хай нӕй+, уымӕн ӕмӕ ды ӕндӕр сылгоймагӕй дӕ». 3 Йеффай йе ’фсымӕртӕй алыгъд ӕмӕ Товы зӕххыл+ ӕрцард. Ӕмӕ, куыст кӕмӕн нӕ уыд, уыдон Йеффаймӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ йемӕ балцы цыдысты+.

4 Иуцасдӕры фӕстӕ Аммоны фырттӕ Израилимӕ схӕцыдысты+. 5 Ӕмӕ Аммоны фырттӕ Израилимӕ куы схӕцыдысты+, уӕд Галаады хистӕр лӕгтӕ ӕвӕстиатӕй Йеффаймӕ Товы зӕхмӕ+ ӕрцыдысты. 6 Ӕмӕ йын загътой: «Рацу, не ’фсады сӕргъы слӕуу, ӕмӕ Аммоны фырттимӕ схӕцӕм». 7 Фӕлӕ Йеффай Галаады хистӕр лӕгтӕн+ загъта: «Сымах мӕ уе сӕфт нӕ уыдтат ӕмӕ мӕ сымах нӕ ратардтат мӕ фыды хӕдзарӕй?+ Ныр куы фӕтыхстыстут, уӕд мӕм цӕмӕн ӕрцыдыстут?»+ 8 Уӕд Галаады хистӕр лӕгтӕ Йеффайӕн загътой: «Цӕугӕ дӕр дӕм уый тыххӕй ӕркодтам+. Цом немӕ, Аммоны фырттимӕ схӕц, ӕмӕ нын ӕппӕт Галаады цӕрджытӕн уыдзынӕ хицау»+. 9 Ӕмӕ уӕд Йеффай Галаады хистӕр лӕгтӕн загъта: «Кӕд мӕ фӕстӕмӕ кӕнут, цӕмӕй Аммоны фырттимӕ схӕцон, ӕмӕ мын сӕ кӕд Йегъовӕ мӕ къухмӕ ратта+, уӕд уын ӕз уыдзынӕн хицау!» 10 Галаады хистӕр лӕгтӕ Йеффайӕн загътой: «Ацы ныхӕстӕ Йегъовӕмӕ фехъуысӕнт ӕмӕ нын тӕрхонгӕнӕг уӕд+, куыд загътай, афтӕ куы нӕ бакӕнӕм, уӕд»+. 11 Гъемӕ Йеффай Галаады хистӕр лӕгтимӕ ацыд, ӕмӕ йӕ адӕм сӕхицӕн хицауӕй ӕмӕ ӕфсады сӕргълӕууӕгӕй сӕвӕрдтой+. Ӕмӕ Йеффай йӕ зӕгъинӕгтӕ иууылдӕр загъта Йегъовӕйы+ раз, Массифӕйы+.

12 Уый фӕстӕ Йеффай Аммоны+ фырттӕм минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Цы хъуыддаг дӕ ис мӕнмӕ+, цӕмӕн бырсыс мӕ зӕхмӕ ӕмӕ мемӕ цӕмӕн хӕцыс?» 13 Аммоны фыртты паддзах Йеффайы минӕвӕрттӕн ахӕм дзуапп радта: «Ӕз демӕ уымӕн хӕцын, ӕмӕ Израил Египетӕй+ куы рацыд, уӕд мын байста мӕ зӕххытӕ Арнонӕй+ суанг Иавокы онг ӕмӕ Иорданы+ онг. Уӕдӕ мын сӕ ныр дзӕбӕхӕй фӕстӕмӕ ратт». 14 Фӕлӕ Йеффай Аммоны фыртты паддзахмӕ ногӕй минӕвӕрттӕ арвыста 15 ӕмӕ йын загъта:

«Йеффай афтӕ зӕгъы: „Израил нӕ байста Моавы+ зӕхх ӕмӕ Аммоны+ фыртты зӕхх. 16 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд рацу-бацу кодтой ӕдзӕрӕг быдыры, суанг Сырх денджызы+ онг, ӕмӕ Кадесмӕ+ ӕрцыдысты. 17 Уӕд израилӕгтӕ Едомы+ паддзахмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхасимӕ: „Курӕм дӕ, бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын“. Фӕлӕ сӕм Едомы паддзах нӕ байхъуыста. Арвыстой Моавы+ паддзахмӕ дӕр, фӕлӕ сын уый дӕр не сразы. Ӕмӕ уал израилӕгтӕ Кадесы+ цардысты. 18 Ӕдзӕрӕг быдырыл куы цыдысты, уӕд сӕ фӕндаг акодтой Едомы+ зӕхх ӕмӕ Моавы зӕххы рӕзты, ӕмӕ Моавы+ зӕххӕй скӕсӕнырдӕм ацыдысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ Арноны дӕлвӕзы ӕрӕвӕрдтой. Фӕлӕ Моавы+ арӕнтӕм нӕ бахызтысты, уымӕн ӕмӕ Арнон уыди Моавы+ арӕн.

19 Уый фӕстӕ израилӕгтӕ минӕвӕрттӕ арвыстой аморейты паддзах Сигонмӕ, Есевоны+ паддзахмӕ, ӕмӕ йын загътой: „Курӕм дӕ, кӕдӕм цӕуӕм, уырдӕм нӕ дӕ зӕххыл ахизын бауадз“+. 20 Фӕлӕ Сигон израилӕгтыл не ’ууӕндыд ӕмӕ сӕ йӕ зӕххыл ахизын нӕ бауагъта. Сигон йӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта, ӕрбынат кодта Иаацӕйы+ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыд+. 21 Уӕд Израилы Хуыцау Йегъовӕ Сигоны ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр Израилы къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой ӕмӕ, уыцы бӕстӕйы цы аморейтӕ цард, уыдоны зӕхх иууылдӕр сӕхи баци+. 22 Афтӕ уыдоны баисты аморейты зӕххытӕ иууылдӕр, Арнонӕй суанг Иавокы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Иорданы онг+.

23 Уӕдӕ уый Израилы Хуыцау Йегъовӕ фӕсырдта аморейты йӕ адӕм Израилы+ разӕй, ӕмӕ сын ныр ды та сӕхи фӕсурынмӕ хъавыс. 24 Уӕ хуыцау Хамос+ уын уӕ къухмӕ кӕй ратты, уыдоны зӕхх уӕхи нӕ бакӕнут? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ разӕй кӕйдӕриддӕр фӕсура, уыдоны зӕхх нӕхи бакӕндзыстӕм+. 25 Ды цӕмӕй хуыздӕр дӕ Сепфоры фырт Валакӕй, Моавы паддзахӕй?+ Уый искуы быцӕу кодта Израилимӕ, науӕд искуы йемӕ хӕцыди? 26 Израил ӕртӕсӕдӕ азы дӕргъы цард Есевоны ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты+, стӕй Ароеры+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы горӕтты. Ӕмӕ сӕ уыцы хуызӕнӕй уӕд цӕуылнӕ истат?+ 27 Ӕз дӕ разы тӕригъӕд нӕ ракодтон, фӕлӕ ды мемӕ кӕй хӕцыс, уымӕй хорз нӕ кӕныс. Йегъовӕ у Тӕрхонгӕнӕг+, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг равзарӕд, Израилы фырттӕй ӕмӕ Аммоны фырттӕй раст чи у, уый“».

28 Фӕлӕ Аммоны фыртты паддзах нӕ байхъуыста, Йеффай йӕм йӕ минӕвӕрттӕн цы ныхас арвыста, уымӕ+.

29 Уӕд Йеффайыл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ Галаад ӕмӕ Манассийы зӕххытыл ахызт, стӕй Галаады+ Массифӕйыл, ӕмӕ уырдыгӕй Аммоны фырттӕм ацыд.

30 Ӕмӕ Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта+: «Кӕд мын Аммоны фыртты мӕ къухмӕ раттай 31 ӕмӕ Аммоны фырттӕй фӕстӕмӕ фарнимӕ ӕрыздӕхон+, уӕд, мӕ хӕдзары дуарӕй мӕ размӕ чи рацӕуа, уый уыдзӕн Йегъовӕйы+, ӕмӕ йӕ ӕз судзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн»+.

32 Гъемӕ Йеффай Аммоны фырттӕм ацыд, цӕмӕй семӕ схӕцыдаид, ӕмӕ йын сӕ Йегъовӕ йӕ къухмӕ радта. 33 Цӕгъдгӕ сӕ цыди Ароерӕй суанг Миннифы+ онг ӕмӕ Авел-Керамимы онг, ӕмӕ сӕ тынг бирӕ фӕцагъта. Ӕдӕппӕтӕй сӕ байста дыууын горӕты. Афтӕ Аммоны фырттӕ Израилы фырттӕн басастысты.

34 Ӕппынфӕстаг Йеффай ӕрыздӕхт йӕ хӕдзармӕ, Массифӕмӕ+, ӕмӕ мӕнӕ, йӕ размӕ далайӕ цӕгъдгӕ ӕмӕ кафгӕ рацӕуы йӕ чызг!+ Уый уыд йӕ иунӕг хъӕбул. Уый йеддӕмӕ йын нӕдӕр лӕппу уыди, нӕдӕр чызг. 35 Йеффай йӕ чызджы куы федта, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ загъта: «Дӕдӕй, мӕ чызг! Мӕ зӕрдӕ мын барӕхуыстай. Мӕхӕдӕг дӕ хауӕггаг фӕкодтон. Ӕз Йегъовӕйӕн дзырд радтон, ӕмӕ йӕ мӕ бон фӕсайын нӕу»+.

36 Фӕлӕ йын йӕ чызг загъта: «Мӕ фыд, кӕд Йегъовӕйӕн дзырд радтай, уӕд, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй Йегъовӕ йӕ маст райста де знӕгтӕй, Аммоны фырттӕй». 37 Стӕй ма йӕ фыдӕн загъта: «Ӕрмӕст мын иу хъуыддаг сараз: дыууӕ мӕймӕ мӕ ауадз, цӕмӕй ме ’мбал чызджытимӕ хӕхтӕм ацӕуон ӕмӕ, чындзы кӕй никуы ацӕудзынӕн+, ууыл фӕкӕуон».

38 Йӕ фыд ын загъта: «Хорз, ацу». Ӕмӕ йӕ дыууӕ мӕймӕ ауагъта. Уый дӕр йе ’мбал чызджытимӕ хӕхтӕм ацыд ӕмӕ, чындзы кӕй никуы ацӕудзӕн, ууыл фӕкуыдта. 39 Дыууӕ мӕйы фӕстӕ йӕ фыдмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ Йеффай сӕххӕст кодта, йӕ чызджы тыххӕй цы дзырд радта, уый+. Йӕ чызг нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ’рцыд. Ӕмӕ Израилы ӕрфидар ахӕм ӕгъдау: 40 афӕдзӕй-афӕдзмӕ, афӕдз цыппар боны, Израилы чызджытӕ цыдысты Галаады цӕрӕг Йеффайы чызгмӕ, цӕмӕй-иу дзы феппӕлыдаиккой+.

12 Уӕд Ефремы мыггаджы адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ ных цӕгатырдӕм сарӕзтой, цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммоны фырттимӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?+ Дӕ хӕдзар дын арты хай бакӕндзыстӕм, дӕхӕдӕг дӕр йӕ мидӕг, афтӕмӕй»+. 2 Фӕлӕ сын Йеффай загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ адӕм Аммоны фырттимӕ карз тохы бацыдыстӕм+. Дзырдтон уӕм ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сымах нӕ фервӕзын кодтат сӕ къухӕй. 3 Нӕ мӕ ирвӕзын кӕнут, уый куы федтон, уӕд загътон, цӕрон ӕви мӕлон+, уӕддӕр хъуамӕ схӕцон Аммоны фырттимӕ+. Ӕмӕ мын сӕ Йегъовӕ мӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ ныр цӕмӕн рацыдыстут мӕ ныхмӕ?»

4 Гъемӕ Йеффай уайтагъд Галаады цӕрджыты амбырд кодта+ ӕмӕ Ефремы мыггагимӕ схӕцыди. Ӕмӕ галаадӕгтӕ Ефремы фыртты фӕцагътой, уымӕн ӕмӕ афтӕ дзырдтой: «Галаадӕгтӕ, сымах Ефрем ӕмӕ Манассийы зӕххыл цӕрут, фӕлӕ Ефремӕн ничи стут*». 5 Галаадӕгтӕ Иорданы тӕнджытӕ бацахстой+ ӕмӕ ефремӕгтӕн сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтой. Ӕмӕ-иу ефремӕгтӕй алидзынмӕ чи хъавыд, уый-иу сын куы загъта, ауадзут мӕ иннӕ фарсмӕ, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй галаадӕгтӕ бафарстой: «Ды Ефремӕй нӕ дӕ?» Ӕмӕ-иу куы загъта, нӕ дӕн, зӕгъгӕ, 6 уӕд-иу ын загътой: «Уӕдӕ-ма зӕгъ „шибболет“»+. Уый та-иу загъта „сибболет“, уымӕн ӕмӕ уыцы дзырд раст зӕгъын йӕ бон нӕ уыд. Уӕд-иу ӕй ӕрцахстой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы тӕнджыты раз амардтой. Уыцы рӕстӕг ефремӕгтӕй фӕмард цыппор дыууӕ мин адӕймаджы+.

7 Йеффай Израилӕн тӕрхон кодта ӕхсӕз азы. Стӕй галаадаг Йеффай амард ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ горӕты, Галаады.

8 Йеффайы фӕстӕ Израилӕн тӕрхон кодта+ вифлеемаг+ Есевон. 9 Уыдис ын ӕртын лӕппуйы ӕмӕ ӕртын чызджы. Есевон арвыста ӕмӕ йӕ фырттӕн ракуырдта ӕртын чызджы, йӕхи хӕдзарвӕндагӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕртӕй. Есевон Израилӕн тӕрхон кодта авд азы. 10 Стӕй амард ӕмӕ йӕ Вифлеемы бавӕрдтой.

11 Йӕ фӕстӕ Израилӕн тӕрхон кӕнын райдыдта завулойнаг+ Елон. Уый Израилӕн тӕрхон кодта дӕс азы. 12 Стӕй завулойнаг Елон амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Аиалоны, Завулоны зӕххыл.

13 Уый фӕстӕ та Израилӕн тӕрхон кӕнын райдыдта пирафойнаг+ Гиллелы фырт Авдон. 14 Уыдис ын цыппор фырты ӕмӕ ӕртын фырты фырты, ӕмӕ-иу цыдысты ӕвдай хӕрӕгыл+. Авдон Израилӕн тӕрхон кодта аст азы. 15 Стӕй пирафойнаг Гиллелы фырт Авдон амард ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Пирафоны, Ефремы зӕххыл, амаликӕгты+ хӕхбӕсты.

13 Израилы фырттӕ та ногӕй райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цыппор азмӕ филистимӕгты+ къухмӕ радта.

2 Уыцы рӕстӕг цард иу адӕймаг, Маной+, зӕгъгӕ. Уыди Цорӕйӕ+, Даны+ хӕдзарвӕндагӕй. Йӕ усӕн сывӕллон нӕ гуырд, ӕнӕзӕнӕг уыди+. 3 Иуафон сылгоймагмӕ Йегъовӕйы зӕд фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд ӕнӕзӕнӕг дӕ ӕмӕ дын сывӕллон нӕ гуыры, уӕддӕр басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу+. 4 Уӕдӕ, дӕ хорзӕхӕй, дӕхи хъахъхъӕн, ма нуаз нӕдӕр сӕн, нӕдӕр карз нозт+, стӕй, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕмӕй дӕр мацы хӕр+. 5 Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу. Йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+, уымӕн ӕмӕ, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй фӕстӕмӕ+ уыдзӕн Хуыцауы назорей*+. Уый райдайдзӕн Израил филистимӕгты къухӕй ирвӕзын кӕнын»+.

6 Уӕд сылгоймаг ацыд ӕмӕ йӕ лӕгӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг мӕм ӕрбацыд, раст ӕцӕг Хуыцауы зӕды хуызӕн уыди+, йӕ уындӕй адӕймагыл тас ӕфтыд+. Кӕцӕй уыд, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, ӕмӕ мын йӕ ном дӕр нӕ загъта+. 7 Фӕлӕ мын загъта: „Басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу+. Уӕдӕ ма нуаз нӕдӕр сӕн, нӕдӕр карз нозт, стӕй, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕмӕй дӕр мацы хӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллон, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй суанг йӕ мӕлӕты онг уыдзӕн Хуыцауы назорей“»+.

8 Уӕд Маной Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ+. Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаджы нӕм ӕрӕрвыстай, ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, иу хатт ма нӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ нын бацамонӕд+, цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый»+. 9 Ӕцӕг Хуыцау фехъуыста Манойы+, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы зӕд ногӕй ӕрцыд сылгоймагмӕ, быдыры куы уыд, уӕд. Йӕ лӕг Маной та йемӕ нӕ уыди. 10 Сылгоймаг уайтагъд азгъордта ӕмӕ йӕ лӕгӕн загъта+: «Цом, уый размӕ мӕм чи ӕрбацыд, уыцы адӕймаг та мӕм фӕзынд»+.

11 Маной сыстад, йӕ усимӕ уыцы адӕймагмӕ ацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды ныхас кодтай сылгоймагимӕ?»+ Уый йын дзуапп радта: «О, ӕз». 12 Уӕд ын Маной загъта: «Дӕ ныхӕстӕ ӕцӕг разынӕнт. Куыд хъӕудзӕн сывӕллоны хъомыл кӕнын, ӕмӕ цы араздзӕн?»+ 13 Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд Манойӕн загъта: «Сылгоймаг хъуамӕ йӕхи хъахъхъӕна, цӕй тыххӕй йын загътон, ӕппӕт уыдӕттӕй+. 14 Сӕнӕфсирӕй цы аразынц, уыдӕттӕй мацы хӕрӕд, мадӕр сӕн нуазӕд, мадӕр карз нозт+, стӕй, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕмӕй дӕр мацы хӕрӕд+. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уый кӕнӕд»+.

15 Маной та Йегъовӕйы зӕдӕн загъта: «Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ма дӕ иу гыццыл ныффӕстиат кӕнӕм, сӕныкк дын ацӕттӕ кӕнӕм»+. 16 Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕд Манойӕн загъта: «Куы мӕ бауромай, уӕд дӕр дын дӕ къӕбӕрӕй нӕ бахӕрдзынӕн. Фӕлӕ дӕ кӕд фӕнды Йегъовӕйӕн судзинаг нывонд ӕрхӕссын+, уӕд ӕй ӕрхӕсс». Ныр ӕй Маной та нӕ зыдта, уый Йегъовӕйы зӕд кӕй уыди. 17 Ӕмӕ Маной Йегъовӕйы зӕдӕн загъта: «Дӕ ном куыд у?+ Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд кӕмӕн скад кӕнӕм?» 18 Фӕлӕ йын Йегъовӕйы зӕд загъта: «Мӕ номӕй мӕ цы фӕрсыс? Уый диссаг у!»

19 Гъемӕ Маной райста сӕныкк ӕмӕ хоры кувинаг ӕмӕ сӕ дурыл Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхаста+. Ӕмӕ Хуыцау Маной ӕмӕ йӕ усы раз сарӕзта диссаг. 20 Нывондхӕссӕнӕй арт хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд Йегъовӕйы зӕд дӕр, нывондхӕссӕнӕй цы арт цыди, уый мидӕг уӕларвмӕ ссыд Маной ӕмӕ йӕ усы раз+. Уыдон та уайтагъд зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+. 21 Йегъовӕйы зӕд нал фӕзынд Маной ӕмӕ йӕ усмӕ. Ӕмӕ уӕд Маной бамбӕрста, уый Йегъовӕйы зӕд кӕй уыди+. 22 Гъемӕ Маной йӕ усӕн загъта: «Удӕгасӕй нӕ баззайдзыстӕм+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы федтам»+. 23 Фӕлӕ йын йӕ ус загъта: «Йегъовӕ нӕ маргӕ куы кодтаид, уӕд нын нӕ къухӕй судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинаг нӕ айстаид+, стӕй нын ацы диссӕгтӕ нӕ равдыстаид ӕмӕ, цытӕ фехъуыстам, уыдӕттӕ дӕр нын нӕ фехъусын кодтаид»+.

24 Уый фӕстӕ сылгоймаг ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Самсон+. Лӕппу рӕзыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта+. 25 Цасдӕры фӕстӕ, Самсон Цорӕ+ ӕмӕ Естаолы+ ’хсӕн Махане-Даны+ куы уыди, уӕд Йегъовӕйы тых*+ Самсоны разӕнгард кӕнын райдыдта.

14 Уӕд Самсон ацыд Фимнӕмӕ+ ӕмӕ дзы федта иу филистимаг сылгоймаджы. 2 Гъемӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Фимнӕйы иу филистимаг сылгоймаджы федтон, ӕмӕ мын ӕй ракурут»+. 3 Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, ӕмӕ уыцы ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй куы нӕ ракурай дӕхицӕн ус+, уӕд де ’фсымӕрты чызджыты ’хсӕн ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн иу чызг дӕр нал ис?»+ Самсон уӕддӕр йӕ фыдӕн загъта: «Уый мын ракур, уый цӕуы мӕ зӕрдӕмӕ». 4 Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад та нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйӕ кӕй уыди+, ӕмӕ фадат кӕй агуырдта, цӕмӕй филистимӕгтӕй йӕ маст райстаид, уымӕн ӕмӕ уыцы заман израилӕгтӕ филистимӕгты дӕлбар уыдысты+.

5 Гъемӕ Самсон йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадимӕ ацыд Фимнӕмӕ+. Фимнӕйы сӕнӕфсирдӕттӕм куы бахӕццӕ, уӕд дын домбай богътӕгӕнгӕ йӕ размӕ куы фӕуаид. 6 Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн. 7 Самсон ӕрцыд уыцы сылгоймагмӕ, йемӕ аныхас кодта, ӕмӕ бамбӕрста, ӕндӕр ӕй кӕй ничи хъӕуы+.

8 Цасдӕры фӕстӕ та йӕм ацыд, цӕмӕй йӕ йӕ хӕдзармӕ ракодтаид+. Фӕндагыл фӕсвӕд фездӕхт, домбайы мардмӕ бакӕсон, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕнӕ домбайы хуылфы дуне мыдыбындзытӕ ӕмӕ мыд+. 9 Самсон мыдӕй йӕ къухтӕм систа ӕмӕ йӕ фӕндагыл хӕргӕ цыди+. Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады куы баййӕфта, уӕд дзы уыдонӕн дӕр радта, ӕмӕ дзы бахордтой. Уыцы мыд мард домбайы хуылфӕй кӕй систа, уый та сын нӕ загъта.

10 Гъемӕ Самсон ӕмӕ йӕ фыд ӕрцыдысты уыцы сылгоймагмӕ, ӕмӕ Самсон уым куывд скодта+, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕмбӕлди сиахсӕн. 11 Куы йӕ федтой, уӕд ын радтой сиахсӕмбӕлттӕ – ӕртын лӕппуйы. 12 Уый фӕстӕ сын Самсон загъта: «Бар мын раттут, ӕмӕ уын иу базон-базон зӕгъон+. Кӕд ӕй авд бонмӕ+, цалынмӕ куывд нӕ фӕуа, уӕдмӕ базонат ӕмӕ мын ӕй зӕгъат, уӕд уын мӕнӕй ӕртын мидӕггаг хӕдоны ӕмӕ ӕртын фӕлысты уӕлӕдарӕс+. 13 Куы нӕ йӕ базонат, уӕд та мын сымах ратдзыстут ӕртын мидӕггаг хӕдоны ӕмӕ ӕртын фӕлысты уӕлӕдарӕс». Уыдон ын загътой: «Зӕгъ дӕ базон-базон, хъусӕм дӕм». 14 Ӕмӕ сын уӕд Самсон загъта:

«Чи хӕры+, уымӕй рацыд, хӕргӕ цы кӕнынц, ахӕм цыдӕр,

Ӕмӕ тыхджынӕй рацыд адджын цыдӕр»+.

Ӕмӕ йӕ ӕртӕ боны дӕргъы сӕ бон нӕ уыди базонын. 15 Цыппӕрӕм бон Самсоны усӕн загътой: «Дӕ лӕгыл хинӕй рацу, цӕмӕй нын базон-базонӕн йӕ дзуапп зӕгъа+, кӕннод дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар дӕр арты басудздзыстӕм+. Ардӕм нӕ уый тыххӕй ӕрбахуыдтат, цӕмӕй нӕ бастигъат?»+ 16 Уӕд Самсонӕн йӕ ус йӕ разы кӕуын райдыдта+ ӕмӕ йын дзырдта: «Ды мӕ нӕ уарзыс, ӕппындӕр мӕ нӕ уарзыс+. Мӕ адӕмы фырттӕн базон-базон радзырдтай+, мӕнӕн та нӕ загътай, йӕ дзуапп куыд у, уый». Самсон ын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ йӕ мӕ мадӕн куы нӕ загътон+, уӕд ӕй дӕуӕн хъуамӕ зӕгъон?» 17 Фӕлӕ ус йӕ разы куыдта авд боны дӕргъы, цалынмӕ куывд цыди, уӕдмӕ, ӕмӕ йын ӕй ӕппынфӕстаг ӕвдӕм бон загъта, уымӕн ӕмӕ дзы сфӕлмӕцыд+. Ус та дзуапп загъта йӕ адӕмы фырттӕн+. 18 Гъемӕ ӕвдӕм бон Самсон сылгоймаджы уатмӕ нӕма бахызт+, афтӕ йын горӕты адӕм загътой:

«Цы хъуамӕ уа мыдӕй адджындӕр

Ӕмӕ домбайӕ тыхджындӕр?»+

Самсон та сын дзуапп радта:

«Мӕ дыгӕрдыгыл мын куы нӕ хуым кодтаиккат+,

Уӕд мын бӕргӕ нӕ базыдтаиккат мӕ базон-базон»+.

19 Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд+, ӕмӕ ацыд Аскалонмӕ+ ӕмӕ сын уым сӕ адӕмӕй ӕртын лӕджы амардта, стӕй сын сӕ уӕлӕдарӕс раласта ӕмӕ сӕ радта, йӕ базон-базон ын чи базыдта, уыдонӕн+. Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ йӕ фыды хӕдзармӕ аздӕхт.

20 Самсоны ус+ та баззад, сиахсӕмбӕлттӕн+ ын кӕй радтой, уыдонӕй сӕ иуӕн.

15 Иуцасдӕры фӕстӕ, мӕнӕугӕрдӕн афон, Самсон ӕрцыд йӕ усы бӕрӕггӕнӕг, йемӕ ӕрхаста иу сӕныкк+. Ӕмӕ загъта: «Бацӕуон мӕ усмӕ йӕ уатмӕ»+. Фӕлӕ йӕ чызджы фыд нӕ бауагъта. 2 Загъта йын: «Ӕз загътон, зӕгъын дзы, ӕвӕццӕгӕн, де сӕфт федтай+, ӕмӕ йӕ дӕ сиахсӕмбалӕн радтон+. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр хо йӕхицӕй хуыздӕр нӕу? Йӕ бӕсты уый уӕд дӕ ус». 3 Фӕлӕ сын Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн исты фыдбылыз куы ракӕнон, уӕд аххосджын нӕ уыдзынӕн»+.

4 Гъемӕ Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ рувасы ӕрцахста+, стӕй райста цырӕгътӕ, рувӕсты дыгӕйттӕй сӕ къӕдзилтӕй кӕрӕдзимӕ бабаста ӕмӕ сын сӕ къӕдзилты ’хсӕн фӕйнӕ цырагъы нытътъыста. 5 Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты кӕрдинаг хуымты ауагъта. Ӕмӕ сын ницыуал ныууагъта, басыгъта сын сӕ куыристӕ дӕр ӕмӕ сӕ кӕрдинаг хуымтӕ дӕр, стӕй сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ дӕр+.

6 Филистимӕгтӕ кӕрӕдзи фӕрсын райдыдтой: «Уый чи бакодта?» Стӕй загътой: «Уый фимнӕйаджы сиахс Самсон уыди, уымӕн ӕмӕ йын йӕ усы йӕ сиахсӕмбалӕн радта»+. Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыды дӕр арты басыгътой+. 7 Самсон та сын загъта: «Кӕд афтӕ кӕнут, уӕд мын ӕндӕр цы гӕнгӕ у: мӕ маст уӕ исдзынӕн+. Ӕмӕ уӕд ӕрсабыр уыдзынӕн». 8 Гъемӕ сӕ цӕгъдын райдыдта ӕмӕ дзы тынг бирӕ фӕцагъта. Уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ Етамы къӕдзӕхты ’хсӕн ӕрцард+.

9 Уый фӕстӕ филистимӕгтӕ+ рацыдысты, Иудӕйы+ зӕххыл ӕрбынат кодтой ӕмӕ Лехимӕ+ бабырстой. 10 Иудӕйы цӕрджытӕ сын загътой: «Цӕмӕн рацыдыстут нӕ ныхмӕ?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах уый тыххӕй ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй Самсоны сбӕттӕм, ӕмӕ нын уый куыддӕриддӕр бакодта, мах дӕр ын афтӕ бакӕнӕм». 11 Уӕд Иудӕйы цӕрджытӕ, ӕртӕ мин лӕджы, ацыдысты Етамы+ къӕдзӕхмӕ ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Нӕ йӕ зоныс, филистимӕгты дӕлбар кӕй стӕм, уый?+ Уый нын цы бакуыстай?» Самсон сын дзуапп радта: «Уыдон мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ бакодтон»+. 12 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Уӕд сын Самсон загъта: «Расомы мын кӕнут, уӕхӕдӕг мӕ кӕй нӕ амардзыстут». 13 Ӕмӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Нӕ, мах дӕ ӕрмӕстдӕр сбӕтдзыстӕм ӕмӕ дӕ сӕ къухмӕ ратдзыстӕм. Маргӕ дӕ нӕ акӕндзыстӕм».

Гъемӕ йӕ дыууӕ ног бӕндӕнӕй+ сбастой ӕмӕ йӕ къӕдзӕхӕй ӕркодтой. 14 Самсон ӕрцыд Лехийы онг, ӕмӕ йӕ филистимӕгтӕ куы федтой, уӕд фырцинӕй хъӕр кӕнын райдыдтой+. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Самсоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ, йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон, гӕнӕй конд ӕндах артӕй куыд асудза+, афтӕ аисты ӕмӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой. 15 Уӕд Самсон ссардта, ӕрӕджы чи амард, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр, систа йӕ ӕмӕ дзы мин адӕймаджы ныццагъта+. 16 Ӕмӕ уӕд Самсон загъта:

«Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй сӕ кӕрӕдзи сӕртыл самадтон!

Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй амардтон мин адӕймаджы!»+

17 Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕфсӕр йӕ къухӕй аппӕрста ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Рамаф-Лехи*+. 18 Ныр Самсон тынг сдойны ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзта: «Дӕ цагъары къухмӕ ахӕм стыр ирвӕзындзинад радтай+, ӕмӕ ныр та хъуамӕ дойныйӕ амӕлон ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдоны къухмӕ бахауон?»+ 19 Уӕд Хуыцау фегом кодта, Лехийы цы дзыхъхъ* уыди, уый, ӕмӕ дзы дон+ ракалд. Самсон дзы нуазын райдыдта, ӕмӕ та дзы тых+ бацыд ӕмӕ йӕм хъарутӕ фӕзынд+. Уый тыххӕй уыцы суадон схуыдта Ен-Гаккоре*. Ӕмӕ абоны онг дӕр уыцы суадон ис Лехийы.

20 Самсон филистимӕгты рӕстӕджы Израилӕн тӕрхон кодта дыууын азы+.

16 Иухатт Самсон ӕрцыд Газӕмӕ+. Уым федта иу хӕтаг сылгоймаджы ӕмӕ йӕм бацыд+. 2 Газӕйы цӕрджытӕн фӕхабар кодтой, Самсон, дам, ардӕм ӕрцыд. Ӕмӕ уыцы бынатыл ӕртыхстысты+ ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв хъахъхъӕдтой горӕты кулдуары раз+. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ дзырдтой: «Куыддӕр ӕрбабон уа, афтӕ йӕ амардзыстӕм»+.

3 Самсон та хуыссыд ӕмбисӕхсӕвмӕ. Стӕй ӕмбисӕхсӕв сыстад, горӕты кулдуары фӕрстыл ныххӕцыд+, ратыдта сӕ се ’хгӕнӕн хъӕдимӕ ӕмӕ, дыууӕрдыгӕй кӕуыл хӕцыдысты, уыцы тарвӕзтимӕ, йе уӕхсчытыл сӕ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ ахаста+, Хевроны+ акомкоммӕ цы хох ис, уый цъупмӕ.

4 Цасдӕры фӕстӕ Самсон бауарзта иу сылгоймаджы, Далидӕ+, зӕгъгӕ. Уый цард Сорекы дӕлвӕзы. 5 Уӕд филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ+ Далидӕмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Хинӕй+ йыл рацу ӕмӕ нын базон, йе стыр тых цӕй мидӕг ис ӕмӕ йыл куыд фӕтых уӕм. Базон нын, цӕмӕй йӕ ис сбӕттӕн, цӕмӕй йӕ басӕттӕм. Махӕй та дын алчидӕр ратдзӕн иу мин сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы»+.

6 Уый фӕстӕ Далидӕ Самсонӕн загъта: «Курын дӕ, зӕгъ-ма мын, цӕй мидӕг ис де стыр тых ӕмӕ дӕ цӕмӕй хъуамӕ сбӕтта адӕймаг, цӕмӕй дӕ басӕтта?»+ 7 Самсон ын загъта: «Фосы хом нуӕрттӕй+, чи нӕма ныххус, авд ахӕм нуарӕй мӕ куы сбӕттой, уӕд ныллӕмӕгъ уыдзынӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн суыдзынӕн». 8 Гъемӕ филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ+ Далидӕйӕн ӕрбахастой, чи нӕма ныххус, ахӕм авд хом нуары, ӕмӕ йӕ уыдонӕй сбаста. 9 Иннӕ уаты та филистимӕгтӕ бамбӕхстысты+. Ӕмӕ йын Далидӕ загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ+ дӕм ӕрбацӕуынц!» Ӕмӕ уӕд Самсон нуӕрттӕ атыдта, арт кӕй асудзы, ахӕм здыхст ӕндах куыд атонай, афтӕ+. Ӕмӕ нӕ базыдтой, йӕ тых цӕй мидӕг ис, уый+.

10 Уӕд Далидӕ+ Самсонӕн загъта: «Ды мӕ хынджылӕг кодтай, фӕсайдтай мӕ+. Курын дӕ, зӕгъ мын, цӕмӕй дӕ ис сбӕттӕн». 11 Самсон ын загъта: «Ӕппындӕр кӕмӕй нӕма архайдтой, ахӕм ног бӕндӕнтӕй мӕ куы сбӕттой, уӕд ныллӕмӕгъ уыдзынӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн суыдзынӕн». 12 Далидӕ дӕр ног бӕндӕнтӕ райста, сбаста йӕ ӕмӕ йын загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацӕуынц!» Уыцы рӕстӕг та филистимӕгтӕ иннӕ уаты ӕмбӕхстысты+. Ӕмӕ та Самсон бӕндӕнтӕ ӕндӕхтау атыдта, ӕмӕ йӕ къухтӕй ӕрхаудтой+.

13 Уый фӕстӕ Далидӕ Самсонӕн загъта: «Ныры онг мӕ хынджылӕг кодтай, сайдтай мӕ+. Цӕй-ма, зӕгъ мын, цӕмӕй дӕ ис сбӕттӕн»+. Уӕд ын Самсон загъта: «Мӕ авд дзыккуйы мын тынуафӕны ӕндӕхтыл бабий»+. 14 Уый дӕр ын йӕ дзыккутӕ тынуафӕны фасӕнӕй ӕрылхъывта. Стӕй йын загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацӕуынц!»+ Самсон фехъал ӕмӕ тынуафӕны фасӕн ӕмӕ ӕндӕхтӕ рарӕдывта.

15 Уӕд ын Далидӕ загъта: «Дӕ зӕрдӕ мемӕ куы нӕй, уӕд мын цы цӕсгомӕй дзурыс, уарзын дӕ+, зӕгъгӕ? Ныр мӕ ӕртӕ хатты асайдтай, нӕ мын загътай, де стыр тых цӕй мидӕг ис, уый»+. 16 Гъемӕ йӕ нал ӕмӕ нал уагъта+, ӕдзух ын дзырдта уый тыххӕй ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ дзы Самсонӕн йӕ бон нал уыди, йӕхи* марыны онг дзы сси+. 17 Ӕмӕ йын ӕппынфӕстаг йӕ зӕрдӕ раргом кодта+ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ сӕрыл дасӕн никуы андзӕвыд+, уымӕн ӕмӕ ӕз мӕ мады гуыбынӕй Хуыцауы назорей+ дӕн. Мӕ сӕр ӕлвыд куы ’рцӕуа, уӕд мӕ тых дӕр фесӕфдзӕн, ӕмӕ ныллӕмӕгъ уыдзынӕн, иннӕ адӕмы хуызӕн суыдзынӕн»+.

18 Далидӕ йӕ куы бамбӕрста, Самсон ын йӕ зӕрдӕ кӕй раргом кодта, уӕд уайтагъд арвыста филистимаг цӕдисон+ паддзӕхтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныр рацӕут, уымӕн ӕмӕ мын йӕ зӕрдӕ раргом кодта»+. Ӕмӕ йӕм филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын ӕхца ӕрбахастой+. 19 Далидӕ Самсоны йӕ уӕрджытыл бафынӕй кодта. Стӕй иу адӕймагмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын уый йӕ авд дзыккуйы ралыг кодта. Ӕмӕ уӕд Далидӕ Самсоныл тых кӕнын райдыдта. Самсон та йӕ тых сафын байдыдта.20 Ӕмӕ уӕд Далидӕ загъта: «Самсон, филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацӕуынц!» Самсон фехъал ӕмӕ загъта: «Раздӕрау та сӕм рацӕудзынӕн+, ӕмӕ та аирвӕздзынӕн». Йегъовӕ йӕ кӕй ныууагъта, уый та нӕ зыдта+. 21 Гъемӕ йӕ филистимӕгтӕ ӕрцахстой, йӕ цӕстытӕ йын скъахтой+, ӕркодтой йӕ Газӕмӕ+ ӕмӕ йыл ӕрхуы хъадамантӕ+ бакодтой. Ӕмӕ уым ахӕстоны+ куыройыдур зылдта+. 22 Йӕ сӕрыхъуынтӕ та, куы йын сӕ алвыдтой, уый фӕстӕ уыцы бӕзджынӕй рӕзын райдыдтой+.

23 Филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ та ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сӕ хуыцау Дагонӕн+ стыр нывонд ӕрхастаиккой ӕмӕ сӕхи аирхӕфстаиккой. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын не знаг Самсоны нӕ къухмӕ радта!»+ 24 Куыддӕр адӕм Самсоны федтой, афтӕ сӕ хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой+: «Нӕ хуыцау нын нӕ къухмӕ радта не знаджы+, нӕ зӕхх нын чи фесӕфта+ ӕмӕ нын нӕ адӕмӕй бирӕты чи фӕцагъта, уый»+.

25 Сӕ зӕрдӕтӕ куы бахъӕлдзӕг сты+, уӕд загътой: «Самсоны ракӕнут, ӕмӕ нӕ аирхӕфса»+. Гъемӕ йӕ ахӕстонӕй ракодтой, цӕмӕй сӕ аирхӕфстаид+. Ӕмӕ йӕ дыууӕ цӕджындзы астӕу слӕууын кодтой. 26 Уӕд Самсон, йӕ къухыл ын чи хӕцыд, уыцы лӕппуйӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, хӕдзар кӕуыл лӕууы, уыцы цӕджындзтӕм-ма мӕ бакӕн, ӕмӕ сыл банцой кӕнон». 27 Хӕдзар та йедзаг уыди нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй, уым уыдысты филистимаг цӕдисон паддзӕхтӕ се ’ппӕт дӕр+. Ӕртӕ мин нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы бӕрц та уыдысты хӕдзары сӕр, Самсонмӕ кастысты ӕмӕ йыл худтысты+.

28 Самсон+ Йегъовӕмӕ сдзынӕзта+ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн+, ӕмӕ ма мын ацы хатт ратт хъарутӕ+, о иунӕг ӕцӕг Хуыцау. Ратт мын уый фадат, цӕмӕй филистимӕгтӕй мӕ маст райсон, мӕ дыууӕ цӕстӕй иуы тыххӕй уӕддӕр райсон мӕ маст»+.

29 Ӕмӕ уӕд Самсон слӕууыд, хӕдзар кӕуыл лӕууыд, уыцы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзы ’хсӕн, иуыл дзы рахиз къухӕй ныххӕцыд, иннӕуыл та – галиу къухӕй. 30 Ӕмӕ загъта: «Уадз ӕмӕ мӕ уд филистимӕгтимӕ фесӕфӕд»+. Стӕй цӕджындзтыл йӕ тых, йӕ бонӕй ахӕцыд, ӕмӕ хӕдзар ныккалд, ӕмӕ цӕдисон паддзӕхтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр адӕм уыди, уыдон йӕ быны фесты+. Самсон йемӕ мӕрдтӕм кӕй барвыста, уыдон, йӕ удӕгасӕй кӕй фӕцагъта, уыдонӕй фылдӕр уыдысты+.

31 Фӕстӕдӕр йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Цорӕ+ ӕмӕ Естаолы+ ’хсӕн, йӕ фыд Маной+ кӕм ныгӕд уыд, уым. Самсон Израилӕн тӕрхон кодта дыууын азы+.

17 Ефремы+ хӕхбӕсты царди иу лӕг, Миха, зӕгъгӕ. 2 Ӕмӕ иухатт йӕ мадӕн загъта: «Хъуыды ма кӕныс, иу мин сӕдӕ ӕвзист сиклы дӕ куы ахастой ӕмӕ сӕ чи ахаста, уый мӕ разы куы ралгъыстай?+ Уыцы ӕвзист ӕхца мӕнмӕ сты, ӕз сӕ райстон»+. Уӕд йӕ мад загъта: «Йегъовӕйӕ арфӕгонд уӕд мӕ фырт»+. 3 Гъемӕ Миха уыцы иу мин сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ радта+, ӕмӕ йӕ мад загъта: «Ацы ӕвзист ӕз мӕхи къухӕй нывонд кӕнын Йегъовӕйӕн мӕ фырты тыххӕй, цӕмӕй дзы гуымирытӕ+ саразой. Ӕмӕ дын сӕ мӕнӕ фӕстӕмӕ дӕттын».

4 Лӕппу ӕвзист фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ радта. Уый дзы дыууӕсӕдӕ ӕвзист ӕхцайы систа ӕмӕ сӕ ӕвзисты куыстгӕнӕгмӕ радта+. Уый дӕр сын дзы скодта дыууӕ гуымирыйы+. Ӕмӕ сӕ стӕй Михайы хӕдзары сӕвӕрдтой. 5 Уыцы адӕймагмӕ, Михамӕ, уыди хуыцӕутты кувӕндон+. Миха сарӕзта ефод+ ӕмӕ терафим*+, ӕмӕ йӕ фырттӕй иуы къухмӕ бартӕ радта+, цӕмӕй йын сауджынӕй лӕггад кодтаид+. 6 Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Алчидӕр арӕзта, йӕхимӕ раст цы каст, уый+.

7 Уыди иу ӕвзонг лӕппу, Иудӕйы чи ис, уыцы Вифлеемӕй+, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ уыд левит+. Иуцасдӕр уым царди, 8 стӕй рацыд, Иудӕйы чи ис, уыцы горӕт Вифлеемӕй, цӕмӕй ӕндӕр искуы ацардаид. Ӕппынфӕстаг ӕй йӕ фӕндаг ӕркодта Ефремы хӕхбӕстӕм, Михайы+ хӕдзармӕ. 9 Миха йын загъта: «Кӕцӕй цӕуыс?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕн левит, Иудӕйы чи ис, уыцы Вифлеемӕй. Мӕхицӕн загътон, зӕгъын, цӕуон, ӕндӕр искуы ацӕрон». 10 Ӕмӕ йын уӕд Миха загъта: «Мӕнмӕ цӕр ӕмӕ мын уынаффӕгӕнӕг*+ ӕмӕ сауджын+ у. Ӕз та дын алы аз дӕр дӕтдзынӕн дӕс ӕвзист ӕхцайы, стӕй дӕ уӕлӕдарӕсӕй ӕмӕ хӕринагӕй цы хъӕуа, уый дӕр». Ӕмӕ левит дӕр уымӕ ӕрлӕууыд. 11 Сразы уыцы лӕгмӕ цӕрыныл, ӕмӕ йын йӕхи фыртау адджын сси. 12 Уымӕй уӕлдай Миха левиты къухмӕ бартӕ радта+, цӕмӕй йын сауджынӕй+ лӕггад кодтаид ӕмӕ дарддӕр дӕр Михайы хӕдзары цардаид. 13 Ӕмӕ уӕд Миха загъта: «Ныр ӕй фидарӕй зонын, Йегъовӕ мын кӕй арфӕ кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ мын левит лӕггад кӕны сауджынӕй»+.

18 Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Ӕмӕ уӕд Даны+ мыггаг агуырдта йӕхицӕн зӕххытӕ цӕрынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм уӕды онг Израилы иннӕ мыггӕгты ’хсӕн фаг зӕхх нӕма ӕрхауд+.

2 Гъемӕ Даны фырттӕ сӕхицӕй, сӕ мыггагӕй, Цорӕйӕ+ ӕмӕ Естаолӕй+, арвыстой фондз лӕджы, хъӕбатыр адӕймӕгты, цӕмӕй зӕхх басгӕрстаиккой+ ӕмӕ йӕ федтаиккой. Загътой сын: «Ацӕут, зӕхх фенут». Цасдӕры фӕстӕ уыцы лӕгтӕ ӕрцыдысты Ефремы+ хӕхбӕстӕм, Михайы+ хӕдзармӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы уым ӕрлӕууыдысты. 3 Михайы хӕдзары цур куы уыдысты, уӕд ӕвзонг левиты йӕ хъӕлӕсӕй базыдтой, ӕмӕ уырдӕм базылдысты. Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Чи дӕ ӕркодта ардӕм? Цӕмӕн дӕ ам, цы дзы кусыс?» 4 Уый сын дзуапп радта: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ сарӕзта Миха, баххуырста мӕ+, цӕмӕй йын сауджынӕй+ лӕггад кӕнон». 5 Уӕд ын уыдон загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, бафӕрс-ма+ нын Хуыцауы+, цӕмӕй йӕ зонӕм, нӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ уыдзӕн ӕви нӕ». 6 Сауджын сын загъта: «Фарнимӕ цӕут. Йегъовӕ уын арфӕ кӕны уӕ фӕндагӕн».

7 Уыцы фондз лӕджы сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой, ӕрцыдысты Лаисмӕ+, ӕмӕ федтой, цы адӕм дзы цӕры, уыдон сӕ хъаруйӕ ныфсджын кӕй сты, сидойнӕгтау сӕхицӕн сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй кӕй цӕрынц+. Семӕ ничи хӕцыд, ничи сӕ ӕфхӕрдта, хъыгдарӕг сӕ нӕ уыд. Стӕй сидойнӕгтӕй+ дӕрддзӕфгомау цардысты ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ ницы хъуыддӕгтӕ уыди.

8 Фӕстагмӕ ӕрыздӕхтысты се ’фсымӕртӕм, Цорӕмӕ+ ӕмӕ Естаолмӕ+, ӕмӕ сӕ се ’фсымӕртӕ бафарстой: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут?» 9 Уыдон сын загътой: «Сыстут, ӕмӕ семӕ схӕцӕм. Мах федтам уыцы зӕхх, ӕмӕ тынг хорз зӕхх у+. Сымах та ракӕ-бакӕ кӕнут. Мауал фӕстиат кӕнут, ацӕут уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсут+. 10 Куы ’рцӕуат уырдӕм, уӕд фендзыстут, уыцы адӕм сӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй кӕй цӕрынц+, сӕ зӕххытыл та цӕст кӕй не ’ххӕссы. Хуыцау нын ӕй нӕ къухмӕ радта+. Уыцы зӕххыл цы нӕ ис, ахӕм нӕй»+.

11 Уӕд Даны+ мыггагӕй ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы сӕ хӕцӕнгарз сӕ астӕутыл ӕрбабастой ӕмӕ араст сты уырдыгӕй, ома Цорӕйӕ ӕмӕ Естаолӕй+. 12 Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕрбынат кодтой Иудӕйы зӕххыл, Кириаф-Иаримы+ раз. Уыцы бынат абоны онг Махане-Дан*+ дӕр уый тыххӕй хуыйны. Уый ис Кириаф-Иаримӕн ныгуылӕнырдыгӕй. 13 Уырдыгӕй ацыдысты Ефремы хӕхбӕстӕм ӕмӕ Михайы+ хӕдзармӕ ӕрцыдысты.

14 Лаисы+ зӕхх сгарӕг+ чи уыд, уыцы фондз лӕджы се ’фсымӕртӕн загътой: «Зонут ӕй, ацы хӕдзӕртты ефод, терафим+ ӕмӕ ӕндӕр гуымирытӕ+ кӕй ис? Уӕдӕ ахъуыды кӕнут, цы кӕнгӕ уын у ныр»+. 15 Гъемӕ сӕ фӕндагӕй фӕзылдысты ӕмӕ уыцы ӕвзонг левиты+ хӕдзармӕ бацыдысты,– йӕ хӕдзар уыди Михайы хӕдзары фарсмӕ,– ӕмӕ йӕ фӕрстытӕ кӕнын райдыдтой, куыдтӕ дӕ+, зӕгъгӕ. 16 Уыцы рӕстӕг, Даны+ фырттӕй чи уыд, уыцы ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы лӕууыдысты кулдуары раз, сӕ хӕцӕнгарз сӕ астӕутыл+, афтӕмӕй. 17 Зӕхх сгарӕг+ чи уыд, уыцы фондз адӕймаджы та хӕдзармӕ бацыдысты, цӕмӕй ефод+, терафим+ ӕмӕ гуымирытӕ+ рахастаиккой. Сауджын+ та ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг лӕгимӕ лӕууыд кулдуары раз. 18 Гъемӕ бацыдысты Михайы хӕдзармӕ ӕмӕ ефод, терафим ӕмӕ гуымирытӕ+ рахастой. Уӕд сӕ сауджын+ бафарста: «Уый цы кусут?» 19 Уыдон ын загътой: «Сабыр, дӕ дзыхыл хӕц. Цом немӕ ӕмӕ махӕн у уынаффӕгӕнӕг*+ ӕмӕ сауджын+. Цы дын хуыздӕр у: иу лӕджы хӕдзарӕн уай сауджын+ ӕви Израилы ӕнӕхъӕн мыггагӕн ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕн?»+ 20 Уый сауджыны зӕрдӕмӕ фӕцыд+. Ӕмӕ ефод, терафим ӕмӕ гуымирытӕ+ рахаста ӕмӕ уыцы адӕмимӕ ацыд.

21 Уӕд уыдон дӕр фӕзылдысты ӕмӕ сӕ фӕндагыл дарддӕр ацыдысты, сӕ разӕй скодтой сывӕллӕтты, фос ӕмӕ сӕм мулкӕй цы уыди, уый+. 22 Михайы хӕдзарӕй иудзӕвгар куы ауадысты, уӕд Михайӕн+ йӕ сыхӕгтӕ амбырд сты, Даны фыртты аййафӕм, зӕгъгӕ. 23 Ӕмӕ Даны фырттӕм фӕстейӕ куы хъӕр кодтой, уӕд сӕм уыдон разылдысты ӕмӕ Михайӕн загътой: «Цы ’рцыди+, цӕмӕн сӕмбырд кодтай уыцы адӕмы?» 24 Уый сын загъта: «Цы хуыцӕуттӕ+ скодтон+, уыдон мын ахастат, акодтат мын мӕ сауджыны+ дӕр ӕмӕ уӕ фӕндагыл араст стут, мӕнӕн та ма цы баззади?+ Ӕмӕ ма мӕ фӕрсгӕ дӕр кӕнут, цы ’рцыди, зӕгъгӕ?» 25 Уӕд ын Даны фырттӕ загътой: «Афтӕ бакӕн, ӕмӕ дын дӕ хъӕлӕс мауал хъусӕм, кӕннод уыл ацы мӕстджын адӕм+ нӕ бацауӕрддзысты, ӕмӕ дӕхи* дӕр бабын кӕндзынӕ, ӕмӕ дӕ хӕдзаронты дӕр». 26 Ӕмӕ Даны фырттӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Миха дӕр уый куы бамбӕрста, ӕмӕ уымӕй тыхджындӕр сты+, уӕд разылд ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.

27 Уыдон та ахастой, Миха цы скодта, уыдӕттӕ, йӕ сауджыны+ дӕр ын акодтой ӕмӕ ацыдысты Лаисмӕ+, сӕхицӕн сабыр ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй чи цард, уыцы адӕмимӕ схӕцынмӕ+. Ӕмӕ сӕ карды комӕй фӕцагътой+, сӕ горӕт та сын арты хай бакодтой+. 28 Чи сӕ фервӕзын кодтаид, уый нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Сидонӕй+ дӕрддзӕфгомау цардысты ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ ӕппындӕр ницы хъуыддӕгтӕ уыди. Уыцы хабар уыди дӕлвӕзы, Беф-Реховы+ раз. Стӕй уыцы горӕт ногӕй сарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты+. 29 Йӕ ном дӕр ын аивтой – схуыдтой йӕ Дан, сӕ фыд Даны+ номӕй. Дан уыд Израилы фырт+. Раздӕр та уыцы горӕт хуынди Лаис+. 30 Уый фӕстӕ Даны фырттӕ гуымирытӕй+ иу сӕхицӕн сӕвӕрдтой. Сауджынтӕ та сын систы Моисейӕн йӕ фырт Гирсоны+ фырт Ионафан+ ӕмӕ йӕ фырттӕ. Ӕмӕ сын сауджынтӕй уыдысты, цалынмӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ+. 31 Михайы конд гуымиры та сӕм лӕууыд, цалынмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар*+ Силомы+ уыд, уӕдмӕ.

19 Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Иу левит цасдӕр рӕстӕг цард Ефремы хӕхбӕсты+ ӕппӕты дарддӕр ран. Уыцы левит йӕхицӕн ӕркодта номылус+ Иудӕйы зӕххӕй, Вифлеемӕй+. 2 Ӕмӕ йӕ номылус хӕтын райдыдта+. Ӕппынфӕстаг дзы ацыд йӕ фыды хӕдзармӕ Иудӕйы зӕхмӕ, Вифлееммӕ, ӕмӕ уым фӕци цыппар мӕйы. 3 Уый фӕстӕ йӕ лӕг сыстад ӕмӕ йӕм ацыд, цӕмӕй йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодтаид ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ракодтаид. Йемӕ уыд йӕ лӕггадгӕнӕг+, стӕй дыууӕ хӕрӕджы. Куы ’рхӕццӕ, уӕд ӕй йӕ номылус йӕ фыды хӕдзармӕ бакодта. Чызджы фыд ӕй куы федта, уӕд ыл фӕцинтӕ кодта. 4 Йӕ каис, ома чызджы фыд, ныллӕууыд, иу гыццыл нӕм баззай, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕм ӕртӕ боны фӕци. Бахордтой-иу, банызтой-иу, ӕмӕ та-иу ӕхсӕв уым баззад+.

5 Цыппӕрӕм бон та райсомӕй раджы куы сыстадысты, уӕд лӕг цӕуыны къахыл ныллӕууыд, фӕлӕ чызджы фыд йӕ сиахсӕн загъта: «Къӕбӕр уал ахӕр, ӕмӕ дӕм хъарутӕ фӕзына+, стӕй уӕд ацӕудзыстут». 6 Гъемӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрбадтысты, ӕмӕ хӕрын ӕмӕ нуазын райдыдтой. Уый фӕстӕ чызджы фыд лӕгӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ахсӕв ам баззай+, ӕмӕ дӕ рӕстӕг дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн арвит»+. 7 Лӕг куы сыстад, ацӕуон, зӕгъгӕ, уӕд ӕм йӕ каис хатын райдыдта, ӕмӕ та уыцы ӕхсӕв дӕр уым баззад+.

8 Фӕндзӕм бон та райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ цӕуыны къахыл ныллӕууыд, фӕлӕ та йын чызджы фыд загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, исты ахӕр»+. Ӕмӕ та афтӕ фӕбадтысты, цалынмӕ не ’ризӕр, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр минас кодтой. 9 Уӕд лӕг+ сыстад, цӕмӕй йӕ номылус+ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ+ ацыдаиккой, фӕлӕ та йын йӕ каис, чызджы фыд, загъта: «Акӕс-ма, бон изӕрырдӕм акъул. Дӕ хорзӕхӕй, ахсӕв ныллӕуут+. Бонӕй бирӕ нал баззад. Ахсӕв ам ӕрлӕуу, ӕмӕ дӕ рӕстӕг дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн арвит+. Райсом та раджы сыстдзыстут ӕмӕ уӕ фӕндаджы кой кӕндзыстут, ӕмӕ дӕ цатырмӕ ацӕудзынӕ». 10 Фӕлӕ лӕг нал бакуымдта ӕхсӕв ныллӕууын. Сыстад, араст йӕ фӕндагыл ӕмӕ ӕрцыд Йевусы+ онг, ома Иерусалимы+ онг. Йемӕ уыди дыууӕ хӕрӕджы саргъӕвӕрдӕй, йӕ номылус ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг.

11 Йевусмӕ куы баввахс сты, уӕдмӕ дзӕбӕх ӕризӕр+, ӕмӕ лӕггадгӕнӕг йӕ хицауӕн загъта: «Цом, мӕнӕ йевусейты+ горӕтмӕ баздӕхӕм ӕмӕ ахсӕв уым ӕрлӕууӕм». 12 Фӕлӕ йын йӕ хицау загъта: «Нӕ, ма бацӕуӕм ӕцӕгӕлӕтты+ горӕтмӕ – уыдон Израилы фырттӕй не сты. Дарддӕр ацӕуӕм, Гивӕйы+ онг». 13 Стӕй ма йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Цом уӕртӕ уыцы горӕттӕй искӕцымӕ ӕмӕ ахсӕв кӕнӕ Гивӕйы ӕрлӕууӕм, кӕнӕ Рамӕйы»+. 14 Гъемӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой ӕмӕ сӕ хурныгуылд ӕрӕййӕфта, Вениамины мыггаджы чи уыд, уыцы горӕт Гивӕйы цур.

15 Ӕмӕ уырдӕм фӕзылдысты, ахсӕв Гивӕйы ӕрлӕууӕм, зӕгъгӕ. Бацыдысты горӕтмӕ ӕмӕ горӕты фӕзы ӕрбадтысты, фӕлӕ сӕ йӕ хӕдзармӕ бахсӕвиуат кӕнынмӕ ничи хуыдта+. 16 Уыцы рӕстӕг иу зӕронд лӕг быдыры куыст фӕци ӕмӕ ӕрбацӕйцыд+. Уыцы лӕг уыди Ефремы хӕхбӕстӕй+ ӕмӕ ныр иуцасдӕр цард Гивӕйы. Уымы адӕм та уыдысты Вениамины+ мыггагӕй. 17 Зӕронд лӕг акаст ӕмӕ горӕты фӕзы фӕндаггон лӕджы куы федта, уӕд ӕй бафарста: «Кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕцон дӕ?»+ 18 Уый йын дзуапп радта: «Мах цӕуӕм Вифлеемӕй, Иудӕйы зӕххӕй, ӕмӕ нӕ фӕндаг у Ефремы хӕхбӕсты+ ӕппӕты дарддӕр ранмӕ. Мӕхӕдӕг уырдыгон дӕн, фӕлӕ Вифлеемы уыдтӕн, Иудӕйы зӕххыл+. Ныр нӕхимӕ здӕхын, фӕлӕ мын „фысым бакӕн“ зӕгъӕг дӕр нӕй+. 19 Дӕ цагъармӕ ис хъӕмп ӕмӕ холлаг+ нӕ хӕрджытӕн, стӕй дзул+ ӕмӕ сӕн мӕхицӕн дӕр, дӕ цагъар-сылгоймагӕн+ дӕр ӕмӕ лӕггадгӕнӕгӕн+ дӕр. Ницы цух стӕм». 20 Фӕлӕ йын зӕронд лӕг загъта: «Фарнӕй хайджын у!+ Цы хъуаг дӕ, уый мӕ бар уадз+. Ӕрмӕст ахсӕв ам горӕты фӕзы ма баззай». 21 Гъемӕ йӕ акодта йӕ хӕдзармӕ+ ӕмӕ йын йӕ хӕрджытӕн холлаг радта+. Стӕй сӕ къӕхтӕ ныхсадтой+ ӕмӕ хӕрын ӕмӕ нуазын райдыдтой.

22 Цалынмӕ сӕ зӕрдӕтӕ хъӕлдзӕг кодтой+, уӕдмӕ горӕты цӕрджытӕ, ӕнаккаг адӕм+, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты+, дуар сӕттын райдыдтой ӕмӕ зӕронд лӕгӕн, хӕдзары хицауӕн, дзырдтой: «Дӕ хӕдзармӕ чи бацыд, уыцы лӕджы ардӕм ракӕн, нӕхи йыл аирхӕфсӕм*»+. 23 Уӕд сӕм хӕдзары хицау рацыд ӕмӕ сын загъта+: «Нӕ, ме ’фсымӕртӕ+. Уӕ хорзӕхӕй, ӕвзӕрӕй мацы саразут, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕймаг мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй ӕрбахызти. Ма бакӕнут ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми+. 24 Мӕнӕ уын мӕ чызг, ӕнӕвнӕлд чызг, ӕмӕ йӕ номылус, уыдоны уӕм ракӕндзынӕн, ӕмӕ фӕлтау уыдонӕн бакӕнут тыхми+, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут. Фӕлӕ ацы адӕймагӕн ма бакӕнут ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми».

25 Фӕлӕ йӕм уыдон хъусгӕ дӕр нӕ кодтой. Ӕмӕ сӕм уӕд уыцы лӕг йӕ номылусы+ ракодта, ӕмӕ йын уыдон тыхми бакодтой+ ӕмӕ дзы ӕнӕхъӕн ӕхсӕв суанг райсоммӕ фӕхынджылӕг кодтой+. Бон цъӕх кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕй ауагътой. 26 Куы ’рбабон, уӕд сылгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ, йӕ хицау кӕмӕ уыд, уыцы лӕджы хӕдзары бахизӕны ӕрхауд+ ӕмӕ уым фӕци, цалынмӕ не сбон, уӕдмӕ. 27 Райсомӕй йӕ хицау сыстад, хӕдзары дуӕрттӕ бакодта ӕмӕ ӕддӕмӕ рахызт, цӕмӕй йӕ фӕндагыл араст уыдаид, ӕмӕ дын кӕсы, ӕмӕ сылгоймаг, йӕ номылус+, хуыссы хӕдзары бахизӕны, йӕ къухтӕ та къӕсӕрыл! 28 Ӕмӕ йӕм дзуры: «Сыст, ацӕуӕм». Фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ уыд+. Уӕд ӕй лӕг хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ араст+.

29 Йӕ хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд стыр кард райста, йӕ номылусы дзы дыууадӕс хайыл ныууӕнгтӕ кодта+ ӕмӕ сӕ Израилы алы рӕттӕм арвыста+. 30 Ӕмӕ чидӕриддӕр уый федта, уый дзырдта: «Израилы фырттӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕдӕй суанг абоны онг ахӕм хабар никуыма ӕрцыд ӕмӕ ничи федта ахӕм хъуыддаг. Уӕдӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, бауынаффӕ кӕнут+ ӕмӕ уӕ ныхас зӕгъут».

20 Уӕд Израилы фырттӕ иууылдӕр+, Данӕй+ суанг Вирсавийы+ онг, стӕй Галаады зӕххӕй+ дӕр, рацыдысты ӕмӕ Массифӕйы+ Йегъовӕйы раз иумӕ ӕрӕмбырд сты+. 2 Адӕмы хистӕртӕ, Израилы ӕппӕт мыггӕгты хистӕртӕ иууылдӕр, ӕцӕг Хуыцауы+ адӕмы ӕмбырды сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты. Уыдысты цыппарсӕдӕ мин фистӕг хӕстоны+.

3 Вениамины фырттӕ фехъуыстой, Израилы фырттӕ Массифӕмӕ кӕй ӕрцыдысты, уый+.

Уӕд Израилы фырттӕ загътой: «Дзурут. Куыд ӕрцыд ахӕм ӕвирхъау хабар?»+ 4 Цы сылгоймаджы амардтой, уымӕн йӕ лӕг, ома левит+, загъта: «Хабар афтӕ уыди, ӕмӕ ӕз мӕ номылусимӕ+ ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн Гивӕмӕ+, Вениамины мыггаджы горӕтмӕ. 5 Гивӕйы цӕрджытӕ мӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ ӕхсӕвы, кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты. Мӕхи мын хъавыдысты марынмӕ, фӕлӕ мын стӕй мӕ номылусӕн тыхми бакодтой+, ӕмӕ амард+. 6 Гъемӕ ӕз дӕр мӕ номылусы рахастон, ныууӕнгтӕ йӕ кодтон ӕмӕ уыцы хӕйттӕ Израилы зӕххы алы рӕттӕм арвыстон+, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕм хӕлд хъуыддӕгтыл бафтыдысты+ ӕмӕ Израилы ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми бакодтой+. 7 Уӕдӕ ныр, Израилы фырттӕ, уе ’ппӕт дӕр зӕгъут уӕ ныхас, зӕгъут, куыд кӕнгӕ нын у»+.

8 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр+ сыстадысты ӕмӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Иу дӕр нӕ йӕ цатырмӕ нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ нӕ иу дӕр йӕ хӕдзармӕ нӕ аздӕхдзӕн+. 9 Мӕнӕ цы бакӕнӕм Гивӕйӕн: хӕлттӕ+ сӕппарӕм ӕмӕ семӕ схӕцӕм. 10 Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй дӕр сӕдӕ адӕймагӕй равзардзыстӕм дӕс, минӕй – сӕдӕ, дӕс минӕй – иу мин, цӕмӕй адӕммӕ хӕринагӕй фӕкӕсой, ӕмӕ уыдон та ацӕуой ӕмӕ Вениамины Гивӕйы ныхмӕ схӕцой, Израилы цы ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми бакодтой+, уый тыххӕй». 11 Гъемӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр иумӕ рацыдысты уыцы горӕты ныхмӕ.

12 Ӕмӕ Израилы мыггӕгтӕ Вениамины+ мыггаджы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр арвыстой ахӕм ныхас: «Уый цавӕр ӕвирхъау хабар ӕрцыд уе ’хсӕн?+ 13 Раттут нын+, Гивӕйы+ чи ис, уыцы ӕнаккаг адӕмы+, цӕмӕй сӕ амарӕм+ ӕмӕ Израилӕй ӕвзӕрдзинад фесафӕм»+. Фӕлӕ Вениамины фыртты нӕ фӕндыд се ’фсымӕртӕм, Израилы фырттӕм, байхъусын+.

14 Уӕд Вениамины фырттӕ алы горӕттӕй рацыдысты ӕмӕ Гивӕйы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилы фырттимӕ схӕцыдаиккой. 15 Гъемӕ уыцы бон Вениамины горӕттӕй дыууын ӕхсӕз мин хӕстонмӕ фӕсидтысты+. Уымӕй уӕлдай ма Гивӕйы цӕрджытӕй та фӕсидтысты авдсӕдӕ хуыздӕр хӕстонмӕ. 16 Ӕппӕт уыцы адӕмӕй авдсӕдӕ хӕстоны архайдтой рахиз къухӕй нӕ, фӕлӕ галиуӕй+. Уыдонӕй алчидӕр тынг дӕсны уыди дур ӕхсынмӕ+: йӕ дурӕхсӕнӕй-иу сӕрыхъуынмӕ куы ныхъхъавыдаид, уӕд дӕр-иу ӕй акъахтаид.

17 Израилӕгтӕй та, ӕнӕ Вениамины фырттӕй, ӕрӕмбырд цыппарсӕдӕ мин хӕстоны+. Се ’ппӕт дӕр уыдысты тохы лӕгтӕ. 18 Гъемӕ сыстадысты, Вефилмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой+. Израилы фырттӕ загътой: «Вениамины фырттимӕ схӕцынмӕ разӕй чи ацӕудзӕн?»+ Йегъовӕ сын загъта: «Иудӕйы мыггаг ацӕудзӕн разӕй»+.

19 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ райсомӕй сыстадысты ӕмӕ Гивӕйы раз ӕрбынат кодтой.

20 Израилӕгтӕ рацыдысты Вениамины фырттимӕ схӕцынмӕ ӕмӕ Гивӕйы раз сӕ ныхмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. 21 Гъемӕ Вениамины фырттӕ Гивӕйӕ+ рацыдысты ӕмӕ уыцы бон израилӕгтӕй ныццагътой дыууын дыууӕ мины+. 22 Фӕлӕ Израилы адӕм хъӕбатырдзинад равдыстой ӕмӕ та гӕрзифтонгӕй рацыдысты, фыццаг бон кӕм лӕууыдысты, уырдӕм. 23 Стӕй Израилы фырттӕ ацыдысты ӕмӕ суанг изӕрмӕ куыдтой+ Йегъовӕйы раз ӕмӕ Йегъовӕйы фарстой: «Ацӕуӕм ма ӕмӕ ма схӕцӕм не ’фсымӕр Вениамины фырттимӕ?»+ Йегъовӕ сын загъта: «Ацӕут, схӕцут семӕ».

24 Гъемӕ дыккаг бон Израилы фырттӕ хӕстӕг бацыдысты Вениамины фырттӕм+. 25 Дыккаг бон Вениамины фырттӕ дӕр Гивӕйӕ сӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ Израилы фырттӕй ноджыдӕр ӕстдӕс мин хӕстоны ныццагътой+. 26 Уӕд Израилы фырттӕ+ се ’ппӕт дӕр, адӕм иууылдӕр, ӕрцыдысты Вефилмӕ. Ӕмӕ уыцы бон суанг изӕрмӕ Йегъовӕйы раз бадтысты, куыдтой+ ӕмӕ ком дардтой+, ӕмӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ ӕрхастой. 27 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ бафарстой Йегъовӕйы+, уымӕн ӕмӕ уыцы заман ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ уым уыди. 28 Уыцы бонты бадзырды чырыны раз лӕууыд Финеес+, Ааронӕн+ йӕ фырт Елеазары фырт. Ӕмӕ Финеес загъта: «Ацӕуон ма ме ’фсымӕр Вениамины фырттимӕ хӕцынмӕ, ӕви мауал ацӕуон?»+ Йегъовӕ йын загъта: «Ацу, уымӕн ӕмӕ дын сӕ райсом ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн»+. 29 Уӕд израилӕгтӕ Гивӕйы алыварс адӕмы бабадын кодтой+.

30 Ӕртыккаг бон Израилы фырттӕ рацыдысты Вениамины фыртты ныхмӕ ӕмӕ та, уый размӕ куыд уыд, афтӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты Гивӕйы раз+. 31 Вениамины фырттӕ сӕ размӕ куы рацыдысты, уӕд сӕ горӕтӕй расайдтой+. Уыдон та, уый размӕ куыд уыд, афтӕ адӕмы цӕгъдын райдыдтой ӕмӕ сӕ кӕйдӕрты мӕлӕтдзаг цӕфтӕ фӕкодтой быдыры фӕндӕгтыл,– уыцы фӕндӕгтӕй иу кӕны Вефилмӕ+, иннӕ та Гивӕмӕ+. Ӕмӕ израилӕгтӕй ӕртын адӕймаджы бӕрц амардтой+. 32 Ӕмӕ Вениамины фырттӕ загътой: «Амӕй размӕ куыд уыд, афтӕ та ныр дӕр сӕ бон нӕу нӕ ныхмӕ фӕлӕууын»+. Израилы фырттӕ та загътой: «Лидзынмӕ фӕуӕм+, ӕмӕ сӕ горӕтӕй фӕндӕгтӕм расайӕм». 33 Уӕд израилӕгтӕ иууылдӕр рацыдысты ӕмӕ Ваал-Фамары гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Гивӕйы алыварс чи бабадт+, уыцы израилӕгтӕ дӕр сӕ бынӕттӕй рагӕппытӕ кодтой ӕмӕ сӕ ных горӕтмӕ сарӕзтой+. 34 Ӕмӕ израилӕгтӕй дӕс мин лӕджы, хуыздӕр хӕстонтӕ, бацыдысты Гивӕйы размӕ. Гъемӕ карз тох бацайдагъ. Вениамины фырттӕ та нӕ зыдтой, бӕллӕх+ сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

35 Йегъовӕ Вениамины+ фыртты басаста израилӕгты раз, ӕмӕ уыцы бон Израилы фырттӕ Вениамины фырттӕй ныццагътой дыууын фондз мин сӕдӕ хӕстоны+.

36 Фӕлӕ израилӕгтӕ, Гивӕйы алыварс кӕй бабадын кодтой, уыдоны ныфсӕй Вениамины фыртты раз фӕстӕмӕ куы алӕууыдысты+, уӕд Вениамины фырттӕ загътой, уӕлахиз та сыл кӕнӕм, зӕгъгӕ. 37 Горӕты алыварс чи бабадт+, уыдон та уайтагъд Гивӕмӕ бабырстой+. Стӕй апырх сты ӕмӕ горӕты цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой+.

38 Ныр, горӕты алыварс чи бабадт, уыдонимӕ та иннӕ израилӕгтӕ дзырд уыдысты, зӕгъгӕ, горӕтӕй хӕрдмӕ фӕздӕг куы ссӕуа, уӕд нын уый сымахӕй уыдзӕн нысан+.

39 Тохы рӕстӕджы Израилы фырттӕ фӕстӕмӕ куы фездӕхтысты, уӕд дзы Вениамины фырттӕ амардтой ӕртын адӕймаджы бӕрц, мӕлӕтдзаг цӕфтӕ сӕ фӕкодтой+. Ӕмӕ загътой: «Дзырд дӕр ыл нӕй, уӕлахиз та сыл кӕнӕм»+. 40 Уӕдмӕ фӕзынд нысан+: горӕтӕй хӕрдмӕ къуыбылӕйттӕй фӕздӕг цыди+. Ӕмӕ Вениамины фырттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты, ӕмӕ уӕртӕ ӕнӕхъӕн горӕтӕн йӕ фӕздӕг арвмӕ кӕлы+. 41 Уӕд сӕм израилӕгтӕ фӕстӕмӕ фӕзылдысты+, ӕмӕ Вениамины фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ бӕллӕх баййӕфта+, уӕд ма цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой+. 42 Гъемӕ израилӕгты разӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм фӕзылдысты, фӕлӕ сӕ уыдон фӕстейӕ сырдтой ӕмӕ сӕ уӕгъд нӕ уагътой. Горӕтӕй чи рацыд, уыдон дӕр сӕ ӕййӕфтой ӕмӕ сӕ цагътой. 43 Алырдыгӕй ӕртыхстысты Вениамины фырттыл+, ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдтой, ӕрулӕфын дӕр сӕ нӕ уагътой+. Ӕмӕ сӕ Гивӕйы+ тӕккӕ раз, скӕсӕнырдыгӕй, ныддӕрӕн кодтой. 44 Вениамины фырттӕй ӕдӕппӕтӕй фӕцагъды ӕстдӕс мины, се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр хӕстонтӕ+.

45 Вениамины фырттӕ фӕзылдысты ӕмӕ лидзӕг фесты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ+. Цы иугӕйттӕ ма сӕ баззад, уыдоны дӕр израилӕгтӕ цӕгъдгӕ* цыдысты ӕмӕ дзы фӕндӕгтыл фондз мин адӕймаджы фӕцагътой+. Сӕ фӕд-фӕд цыдысты суанг Гидомы онг ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр дыууӕ мины фӕцагътой. 46 Вениамины фырттӕй уыцы бон ӕдӕппӕтӕй фӕмард дыууын фондз мин лӕджы+, се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр хӕстонтӕ. 47 Фӕлӕ сӕ ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ, ӕмӕ уым Риммоны къӕдзӕхыл+ уыдысты цыппар мӕйы.

48 Израилӕгтӕ та раздӕхтысты Вениамины фырттимӕ хӕцынмӕ ӕмӕ ма горӕты чидӕриддӕр уыди, адӕмӕй, фосӕй, уыдоны се ’ппӕты дӕр карды комӕй фӕцагътой+. Уымӕй уӕлдай, сӕ фӕндагыл цыдӕриддӕр горӕттӕ уыд, уыдон дӕр арты хай бакодтой+.

21 Израилы фырттӕ Массифӕйы+ расомы кодтой: «Махӕй иу дӕр йӕ чызджы Вениамины фырттӕн нӕ ратдзӕн»+. 2 Гъемӕ адӕм Вефилмӕ+ ӕрцыдысты ӕмӕ суанг изӕрмӕ уым ӕцӕг Хуыцауы+ раз бадтысты, куыдтой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой+. 3 Ӕмӕ дзырдтой: «О Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, цӕмӕн ӕрцыд Израилы ахӕм хабар, абон Израилы мыггӕгтӕй иу куы фӕхъуыди?»+ 4 Дыккаг бон адӕм райсомӕй раджы сыстадысты, уым нывондхӕссӕн скодтой ӕмӕ йыл судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ ӕрхастой.

5 Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ загътой: «Йегъовӕйы размӕ куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй чи не ’рбацыд уырдӕм? Йегъовӕмӕ Массифӕмӕ чи не ’рбацӕуа, уый тыххӕй карзӕй расомы кодтам+, мард ӕрцӕудзӕн+, зӕгъгӕ». 6 Ӕмӕ Израилы фырттӕ се ’фсымӕр Вениаминӕн тӕригъӕд кӕнын райдыдтой. Уыдон загътой: «Абон Израилӕй иу мыггаг фӕхъуыд. 7 Ныр куыд кӕнӕм? Чи ма сӕ баззад, уыдонӕн устытӕ кӕцӕй ӕрхӕссӕм, Йегъовӕйӕ куы расомы кодтам+, нӕ чызджыты сын нӕ ратдзыстӕм, зӕгъгӕ?»+

8 Ӕмӕ загътой: «Израилы мыггӕгтӕй Йегъовӕмӕ Массифӕмӕ чи не ’рбацыд?»+ Ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй, кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм Иавис-Галаадӕй+ ничи ӕрбацыд. 9 Адӕмы куы банымадтой, уӕд се ’хсӕн Иавис-Галаады цӕрджытӕй иу дӕр нӕ разынд. 10 Ӕмӕ уӕд адӕм уырдӕм арвыстой дыууадӕс мин лӕджы, ӕппӕты хъӕбатырдӕр хӕстонты, ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ Иавис-Галаады цӕрджыты карды комӕй фӕцӕгъдут, ныццӕгъдут сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр+. 11 Афтӕ бакӕнут: амарут нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр. Удӕгасӕй ныууадзут ӕрмӕстдӕр чызджыты, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи не ’рцыд, уыдоны»+. 12 Фӕлӕ Иавис-Галаады+ цӕрджыты ’хсӕн разынд ӕрмӕстдӕр цыппарсӕдӕ ӕнӕвнӕлд чызджы+, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи не ’рцыд, ахӕм чызджытӕ. Ӕмӕ сӕ ’ркодтой, кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм, Силоммӕ+, Ханааны зӕхмӕ.

13 Гъемӕ адӕм арвыстой Вениамины фырттӕм, Риммоны+ къӕдзӕхыл чи уыди, уыдонмӕ, цӕмӕй семӕ аныхас кодтаиккой ӕмӕ сын загътаиккой, бафидауӕм, зӕгъгӕ. 14 Уӕд Вениамины фырттӕ раздӕхтысты, ӕмӕ сын радтой, Иавис-Галаады+ цӕрӕг сылгоймӕгтӕй удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыдоны. Фӕлӕ се ’ппӕты фаг нӕ уыдысты+. 15 Адӕм Вениамины мыггагӕн тӕригъӕд кодтой+, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Израилы иннӕ мыггӕгтӕй фӕхицӕн кодта. 16 Ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ загътой: «Иннӕтӕн та кӕцӕй ӕрхӕссӕм устытӕ, Вениамины мыггаджы сылгоймаг куы нал баззад?» 17 Стӕй загътой: «Вениамины мыггагӕй чи аирвӕзт+, уыдонӕн хъуамӕ уа сӕхи зӕхх, цӕмӕй Израилӕй иу мыггаг ма фесӕфа. 18 Фӕлӕ сын нӕ чызджыты нӕ бон нӕу раттын, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕ сомы ракодтой, Вениамины фырттӕн ус чи ратта, уый ӕлгъыст у, зӕгъгӕ»+.

19 Ӕппынфӕстаг загътой: «Афӕдзӕй-афӕдзмӕ Йегъовӕйӕн бӕрӕгбон вӕййы Силомы+, Вефилӕн цӕгатырдыгӕй, Вефилӕй Сихеммӕ+ ӕмӕ Левонӕй хуссарырдӕм цы стыр фӕндаг цӕуы, уымӕн скӕсӕнырдыгӕй чи ис, уыцы горӕты». 20 Гъемӕ Вениамины фырттӕн бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ сӕнӕфсирдӕтты ӕрӕмбӕхсут 21 ӕмӕ кӕсут: Силомы чызджытӕ симгӕ кафты куы бацӕуой+, уӕд сымах дӕр сӕнӕфсирдӕттӕй рацӕут, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕхицӕн Силомы чызджытӕй ус раскъӕфӕд. Стӕй Вениамины зӕхмӕ ацӕут. 22 Сӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ нӕм се ’фсымӕртӕ лӕбурӕг куы ’рбацӕуой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Курӕг уӕ стӕм, уыцы хорзы нын бацӕут, ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕнут, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн устытӕ хӕсты нӕ байстам+ ӕмӕ сын сымах дӕр нӕ радтат устытӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд аххосджын уыдаиккат“»+.

23 Вениамины фырттӕ дӕр раст афтӕ бакодтой. Цал уыдысты, уал чызджы ӕрцахстой+, симгӕ кафт чи кодта, уыдонӕй+ ӕмӕ сӕ семӕ акодтой. Ӕмӕ, бынӕн цы зӕхх райстой, уырдӕм аздӕхтысты, горӕттӕ сарӕзтой+ ӕмӕ дзы ӕрцардысты.

24 Уӕд Израилы фырттӕ уырдыгӕй апырх сты, сӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ сӕ бинонтӕм аздӕхтысты. Алчидӕр сӕ ацыд, бынӕн кӕй райста, уыцы зӕхмӕ+.

25 Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыд+. Алчидӕр арӕзта, йӕхимӕ раст цы каст, уый+.

[Фиппаинӕгтӕ]

Нысан кӕны «сӕфты хай бакӕнын».

Нысан кӕны «ӕрдиаггӕнджытӕ».

Комк. «Ауӕй кодта».

Комк. «ауӕй кодта».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый уыди цыбыр ӕлмӕрин, 38 см бӕрц, рӕмбыныкъӕдзӕй къухы ӕнгуылдзты хъулты онг.

Ома, фос кӕмӕй тардтой, ахӕм даргъ хъил.

Комк. «ауӕй кодта».

Комк. «ауӕй кӕндзӕн».

«Сӕ дзырд кӕй сӕххӕст кодтой» – дзут. «сӕ сӕрыхъуынтӕ уагъд кӕй сты», ома, дзырд кӕй радтой, уый нысанӕн.

Комк. «сӕ удтыл».

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».

Комк. «мӕ мин».

Иу ефӕ у 22 л.

Нысан кӕны «Йегъовӕ у фарн».

Комк. «дыккаг уӕныджы».

Комк. «дыккаг уӕныджы».

Комк. «дыккаг уӕныджы».

Нысан кӕны «Ваал йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл йӕ разы».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Дыккаг хъахъхъӕнӕн афон-иу уыди изӕры 10 сахатӕй ӕхсӕвы 2 сахатмӕ.

Иу сикл у 11,4 г.

Комк. «йемӕ хӕтын райдыдта».

Ома Гедеон. Кӕс Трх 6:32.

Кӕс Рд 29:14, фип.

Комк. «байсӕрдын».

Комк. «ауӕй кодта».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «сымах стут, Ефремӕй чи фӕлыгъд, уыцы адӕм».

Нысан кӕны «хибаргонд; нывондгонд; хицӕнгонд».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Нысан кӕны «ӕфсӕры къуыпп».

Комк. «фӕхты хуызӕн дзыхъхъ».

Нысан кӕны «ӕххуысмӕ дзыназӕджы суадон».

Комк. «йӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Ома бинонты хуыцау, къухӕйконд хуыцау.

Комк. «фыд».

Нысан кӕны «Даны ӕфсад».

Комк. «фыд».

Комк. «дӕхи уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Кӕнӕ «цатыр».

Ома «йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм».

Комк. «уидзгӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын