Йесо Навин
1 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей куы амард, уӕд Йегъовӕ загъта Навины фырт Йесойӕн+, Моисейы лӕггадгӕнӕгӕн+: 2 «Мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей амард+. Уӕдӕ ныр сыст ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмимӕ, Израилы фырттимӕ, ахиз Иорданыл, ӕз сын кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ+. 3 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ ратдзынӕн сымахӕн, Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ+. 4 Ӕдзӕрӕг быдырӕй ӕмӕ Ливанӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг цы зӕххытӕ ис, уыдон, ома хетты+ зӕххытӕ иууылдӕр, суанг Стыр денджызы онг, ныгуылӕнырдыгӕй, уыдзысты сымах+. 5 Де ’ппӕт царды бонты дӕр дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+. Моисеимӕ куыд уыдтӕн, афтӕ уыдзынӕн демӕ дӕр+. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн+. 6 У хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды акӕндзынӕ+, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй тыххӕй расомы кодтон, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой+.
7 Ӕрмӕст хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу, цӕмӕй ӕппӕт дӕр аразай, мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей дын цы закъон бафӕдзӕхста ӕххӕст кӕнын, уымӕ гӕсгӕ+. Уыцы закъонӕй мадӕр рахизырдӕм аздӕх, мадӕр галиуырдӕм+, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр зондджынӕй архайай+. 8 Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл+. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай+. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ+. 9 Ӕз дын загътон: „Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“+. Уӕдӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ»+.
10 Уӕд Йесо адӕмы хицӕуттӕн загъта: 11 «Цатыртыл ӕрзилут ӕмӕ адӕмӕн зӕгъут: „Уӕхицӕн фӕндагмӕ хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ ахиздзыстут Иорданыл, цӕмӕй уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕхх бынӕн райсат“»+.
12 Рувимы мыггагӕн, Гады мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн та Йесо загъта: 13 «Уӕ зӕрдыл дарут, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын цы бафӕдзӕхста, уый+, зӕгъгӕ, „уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын дӕтты ӕнцойдзинад. Уый уын радта ацы зӕхх. 14 Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос баззайдзысты, Моисей уын Иорданы ацы фарс цы зӕхх радта, уым+. Сымах та, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын нӕлгоймӕгтӕ+ иууылдӕр, ахиздзыстут иннӕ фарсмӕ ӕмӕ гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстут+ уе ’фсымӕрты разӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнат. 15 Ӕмӕ Йегъовӕ уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ӕнцойдзинад куы ратта ӕмӕ сын уӕ Хуыцау Йегъовӕ цы зӕхх дӕтты, уый куы бацахсой+, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстут уӕ зӕхмӕ+, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын Иорданы скӕсӕн фарс цы зӕхх радта, уымӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзыстут“»+.
16 Ӕмӕ уӕд уыдон Йесойӕн загътой: «Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхстай, уый бакӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ кӕдӕмдӕриддӕр арвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм+. 17 Моисеймӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд хъуыстам, афтӕ хъусдзыстӕм дӕумӕ дӕр. Ӕрмӕст дӕ Хуыцау Йегъовӕ демӕ уӕд+, Моисеимӕ куыд уыди, афтӕ+. 18 Дӕ ныхасы ныхмӕ чи рацӕуа+ ӕмӕ йын цы бафӕдзӕхсай, уымӕ чи нӕ байхъуса, уый та удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн+. Ӕрмӕст хъӕбатыр ӕмӕ фидар у»+.
2 Уый фӕстӕ Навины фырт Йесо Ситтимӕй+ дыууӕ лӕджы сусӕгӕй арвыста зӕхх сгарӕг ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, фенут уыцы зӕхх ӕмӕ Иерихон». Уыдон дӕр араст сты ӕмӕ бацыдысты иу хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ, йӕ ном Раав+, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы уым ӕрлӕууыдысты. 2 Иуцасдӕры фӕстӕ Иерихоны паддзахӕн фӕхабар кодтой: «Абон нӕм ӕхсӕвы Израилы фыртты ӕрвыст лӕгтӕ нӕ зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты». 3 Уӕд Иерихоны паддзах Раавмӕ арвыста, зӕгъгӕ, дӕ хӕдзармӕ чи бацыд, уыцы лӕгты ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты+.
4 Сылгоймаг та уыцы дыууӕ лӕджы бамбӕхста. Ӕмӕ загъта: «О, уыди мӕм чидӕртӕ, фӕлӕ кӕцӕй уыдысты, уый нӕ зыдтон. 5 Куы ’рталынг ӕмӕ кулдуар куы ’хгӕдтой+, уӕд ацыдысты. Кӕдӕм ацыдысты, уый та нӕ зонын. Тагъддӕр сӕ фӕстейӕ асурут, ӕмӕ сӕ баййафдзыстут». 6 Афтӕмӕй та сӕ йӕхӕдӕг йӕ хӕдзары сӕрмӕ скодта+. Уым ын гӕн калд уыди, ӕмӕ сӕ уый ӕхсӕн бамбӕхста. 7 Гъемӕ паддзахы ӕрвыст лӕгтӕ сӕ ных Иорданы тӕнджыты+ ’рдӕм сарӕзтой, баййафӕм сӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куыддӕр горӕты ӕдде фесты, афтӕ сын сӕ фӕстӕ кулдуар сӕхгӕдтой.
8 Дыууӕ сгарӕджы нӕма бафынӕй сты, афтӕ сӕм Раав хӕдзары сӕрмӕ схызт 9 ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ ацы зӕхх сымахӕн ратдзӕн+. Стыр тас нӕ бауагътат+, ӕмӕ уӕ тӕссӕй ацы зӕххы цӕрджытӕм ныфсы мур нал баззад+, 10 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта+, стӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты дыууӕ паддзахӕн, Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, цытӕ бакодтат, уый дӕр – сӕфты хай сӕ кӕй бакодтат+. 11 Уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстам, уӕд не уӕнгтӕ* адон сты+ ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ ныфс* асаст+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр+. 12 Ӕмӕ уӕ ныр курӕг дӕн, расомы мын кӕнут Йегъовӕйӕ+, ӕз уын хорздзинад куыд ракодтон*, афтӕ сымах дӕр мӕ фыды хӕдзаронтӕн хорздзинад кӕй ракӕндзыстут+. Ӕмӕ мын исты бӕлвырд нысан раттут+. 13 Бахъахъхъӕнут мын мӕ фыд+ ӕмӕ мӕ мады цард, стӕй ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ хоты цард ӕмӕ сӕм чидӕриддӕр ис, уыдоны цард дӕр. Нӕ удтӕ нын мӕлӕтӕй бахизут»+.
14 Уӕд ын уыцы дыууӕ лӕджы загътой: «Нӕ дзырд куы нӕ сӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау нӕхи цард байсӕд*+. Кӕд нӕ не схъӕр кӕндзыстут, уӕд уын мах дӕр хорздзинад ракӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, Йегъовӕ нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд»+. 15 Уый фӕстӕ сӕ Раав бӕндӕныл рудзынгӕй ӕруагъта, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уыди горӕты къулы мидӕг, ӕппӕты уӕлейӕ+. 16 Ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи хӕхтӕм айсут, цӕмӕй уыл, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдон ма сӕмбӕлой. Ӕртӕ боны уал уым ӕмбӕхсут, цалынмӕ, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕстӕмӕ нӕ раздӕхой, уӕдмӕ. Стӕй уӕд цӕут уӕ фӕндагыл».
17 Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы та йын загътой: «Мах сӕххӕст кӕндзыстӕм, цы дзырд нын раттын кодтай, уый, ӕмӕ дӕ разы аххосджын нӕ уыдзыстӕм+. 18 Ацы зӕхмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд мӕнӕ ацы сырх бӕттӕн хъуамӕ баст уа, кӕцӕй нӕ ӕруагътай, уыцы рудзынгыл. Дӕ фыды, дӕ мады, де ’фсымӕрты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзаронты та се ’ппӕты дӕр дӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кӕн+. 19 Дӕ хӕдзары къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ чи рахиза+, уымӕн йӕ туг уыдзӕн йӕхи сӕрыл, мах та аххосджын нӕ уыдзыстӕм. Демӕ хӕдзары мидӕг чи уа, уыдонӕй искӕмӕ куы бавналой, уӕд уый туг та уыдзӕн махыл. 20 Ӕмӕ нӕ куы схъӕр кӕнай+, уӕд дӕр аххосджын нӕ уыдзыстӕм, нӕ дзырд кӕй нӕ сӕххӕст кодтам, уый тыххӕй». 21 Ӕмӕ сын уӕд Раав загъта: «Гъемӕ, куыд загътат, афтӕ уӕд».
Уый фӕстӕ сӕ афӕндараст кодта, ӕмӕ сӕ фӕндагыл ацыдысты. Йӕхӕдӕг та рудзынгыл сырх бӕттӕн бабаста. 22 Уыдон ацыдысты хӕхтӕм ӕмӕ уым фесты ӕртӕ боны, цалынмӕ, сӕ фӕдыл чи зылд, уыцы адӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхтысты, уӕдмӕ. Сӕ фӕдыл чи зылд, уыдон сӕ алы фӕндагыл дӕр фӕцагуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой. 23 Ӕмӕ уӕд уыцы дыууӕ лӕджы хӕхтӕй фӕстӕмӕ ӕрцыдысты, донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ Навины фырт Йесомӕ ’рбацыдысты. Ӕмӕ сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон ын иууылдӕр радзырдтой. 24 Ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕ нын ацы зӕхх иууылдӕр нӕ къухмӕ радта+. Нӕ тӕссӕй ацы зӕххы цӕрджытӕм ныфсы мур нал баззад»+.
3 Уӕд Йесо ӕмӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр райсомӕй раджы сыстадысты, Ситтимӕй+ араст сты ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны цурмӕ ӕрцыдысты. Фӕлӕ доны иннӕ фарсмӕ ахизыны размӕ сфӕнд кодтой ӕхсӕв уым арвитын.
2 Ӕмӕ ӕртӕ боны куы рацыд+, уӕд адӕмы хицӕуттӕ+ цатыртыл азылдысты 3 ӕмӕ адӕмӕн загътой: «Куыддӕр фенат, ӕмӕ левит-сауджынтӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырын фӕхӕссынц+, афтӕ сыстут ӕмӕ йӕ фӕдыл араст ут. 4 Ӕрмӕст уе ’хсӕн ӕмӕ бадзырды чырыны ’хсӕн хъуамӕ уа дыууӕ мин ӕлмӕрины*+, хӕстӕг ӕм ма бацӕут. Афтӕмӕй зондзыстут, кӕуылты уӕ цӕуын хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ уыцы фӕндагыл никуыма цыдыстут».
5 Уый фӕстӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, уымӕн ӕмӕ райсом Йегъовӕ уе ’хсӕн сараздзӕн диссаджы хъуыддӕгтӕ»+.
6 Стӕй Йесо сауджынтӕн загъта: «Бадзырды чырын сисут+ ӕмӕ адӕмы разӕй ацӕут». Ӕмӕ уыдон дӕр систой бадзырды чырын ӕмӕ адӕмы разӕй араст сты.
7 Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ дӕ ӕз Израилы фыртты цӕсты кадджын кӕндзынӕн+, цӕмӕй йӕ зоной, Моисеимӕ куыд уыдтӕн+, афтӕ кӕй уыдзынӕн демӕ дӕр+. 8 Бадзырды чырын чи хӕссы, уыцы сауджынтӕн бафӕдзӕхс+: „Куыддӕр Иорданы былмӕ бахӕццӕ уат, афтӕ-иу доны бахизут ӕмӕ-иу уым ӕрлӕуут“»+.
9 Стӕй Йесо фӕдзырдта Израилы фырттӕм: «Рацӕут ӕмӕ байхъусут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ». 10 Уый фӕстӕ сын Йесо загъта: «Мӕнӕ куыд базондзыстут, уе ’хсӕн удӕгас Хуыцау кӕй ис+ ӕмӕ уын уый ханаайнӕгты, хетты, евейты, ферезейты, гергесейты, аморейты ӕмӕ йевусейты уӕ разӕй кӕй фӕтӕрдзӕн+. 11 Кӕсут, ӕгас зӕххы Бардарӕджы бадзырды чырын фӕцӕуы уӕ разӕй Иорданы цӕугӕдонмӕ. 12 Израилы мыггӕгтӕй уӕхицӕн равзарут дыууадӕс лӕджы, алы мыггагӕй дӕр иу лӕджы+. 13 Ӕгас зӕххы Бардарӕг Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хӕссы, уыцы сауджынтӕ куыддӕр сӕ къах Иорданы доны ӕрӕвӕрой, афтӕ, уӕлейӕ цы дӕттӕ цӕуы, уыдон ӕрлӕудзысты ӕмӕ донуромӕн къулау слӕудзысты»+.
14 Адӕм сӕ цатыртӕй куы рацыдысты, цӕмӕй Иорданыл ахызтаиккой, уӕд, бадзырды чырын+ чи хаста, уыцы сауджынтӕ ацыдысты адӕмы разӕй. 15 Ӕмӕ куыддӕр, чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы былмӕ бахӕццӕ сты ӕмӕ сӕ къӕхтӕ доныл андзӕвыдысты,– Иордан та хуымгӕрдӕн афон ӕдзухдӕр йӕ былтӕй фӕкӕлы+,– 16 афтӕ, уӕлейӕ цы дӕттӕ цыди, уыдон сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты. Уырдыгӕй тынг дард, Цартаны+ фарсмӕ горӕт Адамы раз, донуромӕн къулау слӕууыдысты+. Аравӕйы денджызы ’рдӕм, ома Цӕхджын денджызы+ ’рдӕм, цы дӕттӕ цыди, уыдон та бахус сты. Уыцы дӕттӕ бахус сты, ӕмӕ адӕм Иерихоны акомкоммӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтысты. 17 Цалынмӕ Израилы адӕм сур зӕххыл+ иннӕ фарсмӕ хызтысты, уӕдмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ та Иорданы астӕу сур зӕххыл+ ӕнӕзмӕлгӕйӕ лӕууыдысты. Афтӕ лӕууыдысты, цалынмӕ адӕм иууылдӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ нӕ ахызтысты, уӕдмӕ.
4 Адӕм иууылдӕр Иорданы иннӕ фарсмӕ куы ахызтысты+, уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: 2 «Адӕмӕй равзар дыууадӕс лӕджы, алы мыггагӕй дӕр иу лӕг+, 3 ӕмӕ сын зӕгъ: „Иорданы тӕккӕ астӕуӕй, сауджынтӕ ӕнӕзмӕлгӕйӕ кӕм лӕууыдысты, уырдыгӕй+, сисут дыууадӕс дуры+ ӕмӕ сӕ ахӕссут, ахсӕв кӕм ӕрлӕудзыстут, уырдӕм“»+.
4 Йесо дӕр фӕдзырдта, Израилы фырттӕй цы дыууадӕс лӕджы+ равзӕрста, уыдонмӕ,– алы мыггагӕй дӕр иу адӕймаг,– 5 ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут размӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырыны иувӕрсты, ӕмӕ уӕ алчидӕр Иорданы астӕуӕй йе уӕхскмӕ сисӕд фӕйнӕ дуры, Израилы фырттӕ цал мыггаджы сты, уал дуры. 6 Уыцы дуртӕ уын уыдзысты нысанӕн+. Фидӕны уӕ искуы уӕ фырттӕ куы бафӕрсой, ацы дуртӕ ам цӕмӕн сӕвӕрдтат, зӕгъгӕ+, 7 уӕд сын зӕгъдзыстут: „Иорданы дӕттӕ Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты+. Иорданыл ӕй куы фӕцӕйхастой, уӕд Иорданы дӕттӕ сӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ хъуамӕ ацы дуртӕ Израилы фырттӕн уый сӕ зӕрдыл лӕууын кӕной ӕнустӕм“»+.
8 Израилы фырттӕ бакодтой, Йесо сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Йегъовӕ Йесойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Иорданы астӕуӕй систой дыууадӕс дуры, Израилы фырттӕ цал мыггаджы сты, уал дуры+, рахастой сӕ, ӕхсӕвы кӕм хъуамӕ ӕрлӕууыдаиккой, уырдӕм+ ӕмӕ сӕ уым ӕрӕвӕрдтой.
9 Ноджы ма дыууадӕс дуры та Йесо сӕвӕрдта Иорданы тӕккӕ астӕу, бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым+. Уыцы дуртӕ уым сты абоны онг дӕр.
10 Бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ Иорданы астӕу лӕууыдысты+, цалынмӕ, Йегъовӕ Йесойы уылты адӕмӕн цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ иууылдӕр, ома Моисей Йесойӕн цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ, конд не ’рцыдысты, уӕдмӕ+. Адӕм та тагъд-тагъд+ хызтысты донӕн йӕ иннӕ фарсмӕ. 11 Ӕмӕ иууылдӕр куы ахызтысты, уӕд ахызтысты сауджынтӕ дӕр Йегъовӕйы бадзырды чырынимӕ+, ӕмӕ сӕм адӕм та кастысты. 12 Израилы фыртты раз цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ гӕрзифтонгӕй+ ахызтысты Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис дӕр+, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 13 Цыппор мины бӕрц гӕрзифтонг лӕджы ахызт Йегъовӕйы раз Иерихоны быдыртӕм.
14 Уыцы бон Йегъовӕ Йесойы ӕгас Израилы цӕсты скадджын кодта+, ӕмӕ дзы тӕрсын райдыдтой, йӕ рӕстӕджы Моисейӕ куыд тарстысты, афтӕ+.
15 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: 16 «Бадзырды* чырын+ чи хӕссы, уыцы сауджынтӕн зӕгъ, цӕмӕй Иорданы донӕй рахизой». 17 Йесо дӕр сауджынтӕн загъта: «Рахизут Иорданӕй». 18 Ӕмӕ куыддӕр, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста+, уыцы сауджынтӕ Иорданы астӕуӕй рацыдысты ӕмӕ сӕ къах+ сур зӕххыл ӕрӕвӕрдтой, афтӕ Иорданы дӕттӕ сӕ бынатмӕ раздӕхтысты ӕмӕ та раздӕрау йӕ былтӕй кӕлын райдыдтой+.
19 Адӕм Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Галгалы+, Иерихонӕн скӕсӕнырдыгӕй цы арӕн ис, уым.
20 Иорданӕй цы дыууадӕс дуры рахастой, уыдон дӕр Йесо сӕвӕрдта Галгалы+. 21 Ӕмӕ Израилы фырттӕн загъта: «Фидӕны уӕ фырттӕ сӕ фыдӕлты куы фӕрсой, ацы дуртӕ цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ+, 22 уӕд-иу уӕ фырттӕн зӕгъут: „Мӕнӕ ацы цӕугӕдоныл, Иорданыл, Израил ахызт сур зӕххыл цӕуӕгау+. 23 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын Иорданы дӕттӕ сӕ разы бахус кодта, ӕмӕ цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтысты – уӕ Хуыцау Йегъовӕ нын нӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта ӕмӕ йыл куыд ахызтыстӕм, афтӕ+, 24 цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр зоной, Йегъовӕйы цонг+ фидар+ кӕй у, ӕмӕ цӕмӕй сымах алкӕддӕр тӕрсат уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ“»+.
5 Иорданы ныгуылӕн фарс уыдысты аморейты+ паддзӕхтӕ, денджызмӕ хӕстӕг та – ханаайнӕгты+ паддзӕхтӕ. Ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ се ’ппӕт дӕр уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Йегъовӕ Израилы фыртты раз Иорданы дӕттӕ бахус кодта ӕмӕ йыл ахызтысты, уӕд се уӕнгтӕ* бадон сты+ ӕмӕ Израилы фыртты тӕссӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс* асаст+.
2 Раст уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Дӕхицӕн дурӕй* скӕн кӕрдтӕ ӕмӕ Израилы фырттӕн ногӕй, дыккаг хатт, сунӕт+ скӕн». 3 Йесо дӕр йӕхицӕн дурӕй кӕрдтӕ скодта ӕмӕ Израилы фырттӕн Гиваф-Гааралофы+ сунӕт скодта. 4 Сунӕт та сын уый тыххӕй скодта, ӕмӕ, Египетӕй чи рацыд, уыцы адӕм иууылдӕр, хӕцынхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ фӕндагыл ӕдзӕрӕг быдыры амардысты+. 5 Египетӕй чи рацыд, уыцы адӕм иууылдӕр сунӕтгонд уыдысты. Фӕлӕ, Египетӕй рацӕуыны фӕстӕ фӕндагыл ӕдзӕрӕг быдыры чи райгуырд, уыдон сунӕтгонд нӕ уыдысты. 6 Израилы фырттӕ цыппор азы+ дӕргъы рацу-бацу кодтой ӕдзӕрӕг быдыры, цалынмӕ, Египетӕй чи рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ чи нӕ хъуыста, уыцы адӕм, хӕцынхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, нӕ амардысты, уӕдмӕ. Йегъовӕ сын расомы кодта, цӕстӕй дӕр кӕй нӕ фендзысты+, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта+, мӕ адӕмӕн* ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх – ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. 7 Сӕ бӕсты сын уыцы зӕхмӕ бакодта сӕ фыртты+. Ӕмӕ Йесо сунӕт дӕр уыдонӕн скодта, уымӕн ӕмӕ сунӕтгонд нӕ уыдысты – фӕндагыл сын сунӕт не скодтой.
8 Адӕм иууылдӕр сунӕтгонд куы ’рцыдысты, уӕд иуцасдӕр, цалынмӕ не сдзӕбӕх сты, уӕдмӕ+, баззадысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уым.
9 Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Абон ӕз сымахӕй систон* Египеты фидис»+. Уыцы бынат Галгал*+ дӕр уый тыххӕй хуыйны абоны онг.
10 Израилы фырттӕ ма ноджыдӕр баззадысты Галгалы ӕмӕ мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон+, изӕрӕй, Иерихоны быдырты скодтой Куадзӕны бӕрӕгбон. 11 Куадзӕны фӕстӕ иннӕ бон та, растдӕр уыцы бон, райдыдтой хӕрын уыцы зӕххы тыллӕгӕй: донгонд дзултӕ+ ӕмӕ цӕкуытӕ. 12 Ӕмӕ уыцы зӕххы тыллӕгӕй цы бон райдыдтой хӕрын, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ маннӕ нал фӕзынд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы фырттӕн маннӕ нал уыди+, ӕмӕ уыцы аз хӕрын райдыдтой Ханааны зӕххы тыллӕг+.
13 Йесо Иерихонмӕ хӕстӕг куы уыди, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ разы лӕууы иу лӕг+, йӕ хъама йӕ къухы+, афтӕмӕй. Йесо йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Мах фарс дӕ ӕви не знӕгты фарс?» 14 Уый йын дзуапп радта: «Нӕ, ӕз дӕн Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг, ӕмӕ ныр ам дӕн»+. Уӕд Йесо йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта+ ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъдзӕн мӕ буц хицау йӕ цагъарӕн?» 15 Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг Йесойӕн загъта: «Дӕ дзабыртӕ дӕ къӕхтӕй ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уыцы бынат у сыгъдӕг бынат». Ӕмӕ Йесо уайтагъд афтӕ бакодта+.
6 Израилы фыртты тӕссӕй Иерихоны цӕрджытӕ сӕ горӕты кулдуӕрттӕ фидар сӕхгӕдтой, ӕддӕмӕ дӕр дзы ничи хызти, ӕмӕ мидӕмӕ дӕр ничи цыди+.
2 Ӕмӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ къухмӕ дын радтон Иерихон, йӕ паддзахы ӕмӕ йӕ хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгты+. 3 Уӕ хӕстонтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕрзилой горӕты алыварс – иу хатт хъуамӕ ӕрзилой йӕ алыварс. Афтӕ хъуамӕ кӕнат ӕхсӕз боны. 4 Авд сауджыны авд сыкъаимӕ, фыры сыкъатимӕ, хъуамӕ цӕуой бадзырды чырыны разӕй. Ӕвдӕм бон та горӕты алыварс хъуамӕ ӕрзилат авд хатты, ӕмӕ сауджынтӕ хъуамӕ уасой сыкъатӕй+. 5 Ӕмӕ сауджынтӕ фыры сыкъатӕй куы ныууасой ӕмӕ сыкъаты уасын куы фехъусат, уӕд хъуамӕ адӕм иууылдӕр хъӕлӕсыдзагӕй тохы хъӕр ныккӕной+. Ӕмӕ уӕд горӕты къул йӕ бындуры онг ныккӕлдзӕн+, ӕмӕ адӕм горӕтмӕ бабырсдзысты, алчидӕр сӕ кӕм уа, уырдыгӕй».
6 Уӕд Навины фырт Йесо сауджынтӕм фӕдзырдта+ ӕмӕ сын загъта: «Сисут бадзырды чырын+, ӕмӕ авд сауджыны авд сыкъаимӕ ацӕуӕнт Йегъовӕйы бадзырды чырыны+ разӕй». 7 Адӕмӕн та загъта: «Ацӕут ӕмӕ горӕты алыварс ӕрзилут. Гӕрзифтонг ӕфсад+ хъуамӕ цӕуа Йегъовӕйы бадзырды чырыны разӕй». 8 Ӕмӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йесо адӕмӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ: авд сауджыны авд сыкъаимӕ ацыдысты Йегъовӕйы разӕй ӕмӕ райдыдтой сыкъатӕй уасын, Йегъовӕйы бадзырды чырын та хастой сӕ фӕстӕ. 9 Сыкъатӕй чи уасыд, уыцы сауджынты разӕй цыди гӕрзифтонг ӕфсад, бадзырды чырыны фӕстӕ та цыдысты, фӕстейӕ сӕ чи хъахъхъӕдта, уыдон+. Ӕмӕ сауджынтӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ сыкъатӕй уасыдысты.
10 Стӕй Йесо адӕмы бафӕдзӕхста+: «Цалынмӕ уын афтӕ нӕ зӕгъон, ныхъхъӕр кӕнут, зӕгъгӕ, уӕдмӕ хъӕр ма кӕнут, уӕ хъӕлӕс дӕр ма хъуысӕд ӕмӕ иу ныхас дӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй. Куы уын зӕгъон, уӕд-иу ныхъхъӕр кӕнут»+. 11 Уыйадыл Йегъовӕйы бадзырды чырын горӕты алыварс иу хатт ӕрзилын кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ ӕхсӕв уым арвыстой.
12 Райсомӕй та раджы Йесо сыстад+, ӕмӕ та сауджынтӕ ахастой Йегъовӕйы бадзырды чырын+. 13 Авд сауджыны авд сыкъаимӕ цыдысты Йегъовӕйы бадзырды чырыны разӕй ӕмӕ сыкъатӕй уасыдысты. Сӕ разӕй цыди гӕрзифтонг ӕфсад, Йегъовӕйы бадзырды чырыны фӕстӕ та цыдысты, фӕстейӕ сӕ чи хъахъхъӕдта, уыдон. Ӕмӕ сауджынтӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ сыкъатӕй уасыдысты+. 14 Дыккаг бон дӕр та иу хатт ӕрзылдысты горӕты алыварс, стӕй уӕд ӕрбаздӕхтысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Ӕмӕ афтӕ кодтой ӕхсӕз боны+.
15 Ӕвдӕм бон та сыстадысты тынг раджы, куыддӕр бон ӕрбацъӕх, афтӕ, ӕмӕ та раст афтӕ горӕты алыварс авд хатты ӕрзылдысты. Горӕты алыварс авд хатты ӕрмӕстдӕр уыцы бон ӕрзылдысты+. 16 Ӕвдӕм хатт куы зылдысты ӕмӕ та сауджынтӕ сыкъатӕй куы ныууасыдысты, уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Ныхъхъӕр кӕнут!+ Йегъовӕ уын горӕт уӕ къухмӕ радта!+ 17 Горӕт сӕфты хай бакӕнут+. Ацы горӕт ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый у Йегъовӕйы. Удӕгасӕй ныууадзут ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Раавы+, йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзары йемӕ чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр, уымӕн ӕмӕ нын уый не ’рвыст лӕгты бамбӕхста+.18 Ӕрмӕст, сӕфты хай цы хъӕуы бакӕнын, уыдӕттӕй хӕстӕг мацӕмӕ бацӕут+, цӕмӕй сӕм ма бабӕллат+ ӕмӕ дзы мацы райсат+, ӕмӕ афтӕмӕй Израил сӕфты хай ма бакӕнат ӕмӕ йӕ фыдбылызы ма баппарат*+. 19 Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй дзы ӕрхуыйӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та сты табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы+. Уыдон бахӕссын хъӕуы Йегъовӕйы хӕзнадонмӕ»+.
20 Ӕмӕ сауджынтӕ сыкъатӕй куы ныууасыдысты, уӕд адӕм ныхъхъӕр кодтой+. Ӕмӕ куыддӕр адӕм сыкъаты уасын фехъусгӕйӕ хъӕлӕсыдзагӕй тохы хъӕр ныккодтой, афтӕ горӕты къул йӕ бындуры онг ныккалд+. Ӕмӕ уӕд адӕм горӕтмӕ бабырстой, алчидӕр сӕ кӕм уыди, уырдыгӕй, ӕмӕ горӕт байстой. 21 Ӕмӕ горӕты чидӕриддӕр ӕмӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, ӕрыгонӕй-зӕрондӕй, галӕй, фысӕй ӕмӕ хӕрӕгӕй – сӕфты хай бакодтой, карды комӕй сӕ ныццагътой+.
22 Зӕхх сгарӕг чи уыди, уыцы дыууӕ нӕлгоймагӕн та Йесо загъта: «Ацӕут уыцы хӕтаг сылгоймаджы хӕдзармӕ ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йын чидӕриддӕр ис, уыдоны дӕр уырдыгӕй ракӕнут, куыд ын расомы кодтат, афтӕ»+. 23 Гъемӕ, зӕхх сгарӕг чи уыд, уыцы дыууӕ лӕппуйы ацыдысты ӕмӕ ракодтой Раавы, йӕ фыды, йӕ мады, йе ’фсымӕрты ӕмӕ йын чидӕриддӕр уыди, уыдоны – йӕ хиуӕтты се ’ппӕты дӕр+. Ӕмӕ сын бынат радтой Израилы цатырты ӕддейӕ.
24 Горӕт ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр уыд, уый та арты хай бакодтой+. Ӕрмӕстдӕр ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй дзы ӕрхуыйӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй цы уыд, уыдон радтой Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадонмӕ+. 25 Хӕтаг сылгоймаг Раавы, йӕ фыды хӕдзаронты ӕмӕ йын чидӕриддӕр уыди, уыдоны Йесо ныууагъта удӕгасӕй+. Ӕмӕ Раав абоны онг дӕр цӕры Израилы ’хсӕн+, уымӕн ӕмӕ уый бамбӕхста, Йесо Иерихон сгарӕг кӕй арвыста, уыдоны+.
26 Уыцы рӕстӕг Йесо расомы кодта: «Йегъовӕйы раз ӕлгъыст фӕуӕд, ацы горӕт Иерихон саразынмӕ чи бавнала, уыцы адӕймаг. Бындур ын цы бон ӕрӕвӕра, уыцы бон йӕ хистӕр фырт амӕлӕд, йӕ кулдуӕрттӕ йын цы бон сӕвӕра, уыцы бон йӕ кӕстӕр фырты мард фенӕд»+.
27 Йегъовӕ уыди Йесоимӕ+, ӕмӕ йӕ кад айхъуыст ӕгас зӕххыл дӕр+.
7 Израилы фырттӕ тӕригъӕд сарӕзтой – нӕ байхъуыстой, сӕфты хай бакӕнын цы хъуыди, уый тыххӕй сын цы загъд уыд, уымӕ: Иудӕйы мыггагӕй Зарайы фырт Завдийӕн йӕ фырт Хармийы фырт Ахан*+ рахаста, сӕфты хай+ бакӕнын цы хъуыди, уыдонӕй цыдӕртӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Израилы фырттӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+.
2 Йесо та Иерихонӕй йӕ адӕмы арвыста Гаймӕ+,– Гай ис Беф-Авенмӕ+ хӕстӕг, Вефилӕй+ скӕсӕнырдӕм,– ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы зӕхх басгарут». Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ Гай басгӕрстой+. 3 Стӕй фӕстӕмӕ Йесомӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ йын загътой: «Адӕм се ’ппӕт ма ацӕуӕнт уырдӕм. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы ацӕуӕнт ӕмӕ Гай басӕттӕнт. Бирӕ не сты, ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты ма батыхсын кӕн».
4 Ӕмӕ ӕртӕ мин лӕджы бӕрц ацыдысты уырдӕм, фӕлӕ Гайы цӕрджытӕй лидзӕг фесты+. 5 Гайы цӕрджытӕ израилӕгтӕй амардтой ӕртын ӕхсӕз лӕджы. Горӕты кулдуарӕй сӕ суанг Севаримы онг фӕстейӕ сырдтой+, ӕмӕ сӕ къуыбырӕй дӕлӕмӕ куыд сырдтой, афтӕ сӕ цагътой. Уый тыххӕй адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыд ӕмӕ сӕ ныфс донау айсыст+.
6 Уӕд Йесо йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз зӕххыл ныддӕлгом+ ӕмӕ изӕрмӕ нӕ сыстад, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ сӕртыл рыг калдтой+. 7 Йесо загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, цӕмӕн рахизын кодтай ацы адӕмы Иорданыл? Цӕмӕй нӕ аморейты къухмӕ раттай, ӕмӕ нӕ фӕцӕгъдой? Фӕлтау Иорданы фаллаг фарс куы баззадаиккам ӕмӕ уым куы цардаиккам!+ 8 Ныххатыр мын кӕн, о Йегъовӕ, фӕлӕ ма цы зӕгъон, Израил йе знӕгтӕй лидзӕг куы фӕци, уӕд? 9 Ныр ханаайнӕгтӕ ӕмӕ ацы зӕххы цӕрджытӕ иууылдӕр уый тыххӕй фехъусдзысты, ӕмӕ нӕм алырдыгӕй ӕрбабырсдзысты ӕмӕ нын а зӕххӕй нӕ ном фесафдзысты+. Ӕмӕ уӕд де стыр номӕн цы кӕндзынӕ?»+
10 Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Сыст уӕлӕмӕ! Зӕххыл цӕмӕн ныддӕлгом дӕ? 11 Израил тӕригъӕд ракодта. Цы бадзырд+ сын радтон, цы сын бафӕдзӕхстон, уый сӕрты ахызтысты. Сӕфты хай+ бакӕнын цы хъуыд, уыдонӕй цыдӕртӕ райстой, адавтой+ сӕ ӕмӕ сӕ бамбӕхстой+, сӕ дзаумӕттимӕ сӕ сӕвӕрдтой+. 12 Израилы фырттӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. Се знӕгтӕй лидзӕг фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕфты хай кӕнинаг фесты. Уӕдӕ сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый уе ’хсӕнӕй куы нӕ фесафат, уӕд уӕ ӕз ныууадздзынӕн+. 13 Сыст! Адӕмы ссыгъдӕг кӕн+ ӕмӕ сын зӕгъ: „Райсом уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Израил! Де ’хсӕн ис, сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый+. Ӕмӕ цалынмӕ, сӕфты хай цы хъӕуы бакӕнын, уый уе ’хсӕнӕй нӕ фесафат, уӕдмӕ уе знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын уӕ бон нӕ бауыдзӕн. 14 Райсом уе ’ппӕт дӕр ӕрбацӕут, иу мыггаг иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ Йегъовӕ цы мыггагмӕ бацамона+, уыдон иу хӕдзарвӕндаг иннӕйы фӕдыл йӕ размӕ цӕудзысты. Йегъовӕ цы хӕдзарвӕндагмӕ бацамона, уыдон йӕ размӕ цӕудзысты иу хӕдзар иннӕйы фӕдыл. Йегъовӕ кӕмӕ бацамона, уыцы хӕдзар та йӕ размӕ цӕудзысты иу нӕлгоймаг иннӕйы фӕдыл. 15 Ӕмӕ кӕмӕ бацамона, сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый амӕ ис, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы арты басудздзыстут+, йӕхи дӕр ӕмӕ йын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы бадзырды сӕрты ахызти+ ӕмӕ Израилы ’хсӕн худинаджы ми бакодта“»+.
16 Йесо райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ Израилӕн загъта, цӕмӕй иу мыггаг иннӕйы фӕдыл Хуыцауы размӕ ӕрбацӕуой. Ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Иудӕйы мыггагмӕ. 17 Уӕд загъта Иудӕйы мыггагӕн, цӕмӕй иу хӕдзарвӕндаг иннӕйы фӕдыл ӕрбацӕуой, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Зарайы+ хӕдзарвӕндагмӕ. Уый фӕстӕ загъта Зарайы хӕдзарвӕндагӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕрбацӕуой иу хӕдзары хистӕр иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Завдимӕ. 18 Ӕппынфӕстаг загъта Завдийы хӕдзарӕн, цӕмӕй иу нӕлгоймаг иннӕйы фӕдыл ӕрбацӕуой, ӕмӕ Хуыцау бацамыдта+ Аханмӕ, Иудӕйы мыггагӕй Зарайы фырт Завдийӕн йӕ фырт Хармийы фыртмӕ. 19 Ӕмӕ уӕд Йесо Аханӕн загъта: «Мӕ фырт, дӕ хорзӕхӕй, скад кӕн Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+ ӕмӕ йын дӕ тӕригъӕд раргом кӕн+. Курын дӕ, зӕгъ мын+, цы сарӕзтай? Мацы мӕ басусӕг кӕн»+.
20 Уӕд Ахан Йесойӕн дзуапп радта: «Ӕцӕгдӕр Израилы Хуыцау Йегъовӕйы+ раз тӕригъӕд сарӕзтон. Ахӕм ми бакодтон: 21 знагӕй цы байстам, уыдоны ’хсӕн федтон+ Сеннаарӕй+ ласт зынаргъ, рӕсугъд уӕлӕдарӕс, дыууӕсӕдӕ сиклы* ӕвзист ӕмӕ, йӕ уӕз фӕндзай сиклы кӕмӕн у, ахӕм сызгъӕрины къӕртт, ӕмӕ сӕм мӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууыд+ ӕмӕ сӕ рахастон+. Уӕртӕ сӕ мӕ цатыры зӕххы бын бамбӕхстон, ӕхца та ис уӕлӕдарӕсы бын»+.
22 Уӕд Йесо йӕ адӕмы арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр Аханы цатырмӕ азгъордтой ӕмӕ дын кӕсынц, ӕмӕ мӕнӕ иууылдӕр сты йӕ цатыры ӕмбӕхст, ӕхца дӕр – уӕлӕдарӕсы бын. 23 Гъемӕ сӕ цатырӕй рахастой, Йесомӕ ӕмӕ сӕ Израилы фырттӕм ӕрбахастой ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕркалдтой. 24 Ӕмӕ уӕд Йесо ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр Зарайы фырт Аханы+ акодтой Ахоры дӕлвӕзмӕ+. Уырдӕм ахастой уыцы ӕвзист, зынаргъ дарӕс ӕмӕ сызгъӕрины къӕртт дӕр+. Йемӕ йын акодтой йӕ фыртты, йӕ чызджыты, йӕ галты, йӕ хӕрджыты ӕмӕ йӕ фысты, ахастой йын йӕ цатыр дӕр ӕмӕ йын цыдӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр. 25 Ӕмӕ Йесо загъта: «Фыдбылызы нӕ цӕмӕн баппӕрстай?+ Ныр дын Йегъовӕ дӕхи баппардзӕн фыдбылызы». Ӕмӕ сӕ уӕд израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр дуртӕй+ фӕхостой, уый фӕстӕ сӕ арты басыгътой+. Афтӕмӕй сӕ дуртӕй амардтой. 26 Уӕлейӕ та йыл* дуртӕ ныккалдтой. Уыцы дурты цӕнд абоны онг дӕр уым ис+. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы маст ссыд+. Уый тыххӕй уыцы бынат абоны онг дӕр хуыйны Ахоры* дӕлвӕз+.
8 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+. Демӕ акӕн хӕстонты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ ацу Гай басӕттынмӕ. Ӕз дын дӕ къухмӕ радтон Гайы паддзахы ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ горӕт ӕмӕ йӕ зӕхх+. 2 Иерихон ӕмӕ йӕ паддзахӕн куыд бакодтай, афтӕ бакӕн Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр+. Ӕрмӕст сын сӕ мулк уӕ бон у рахӕссын ӕмӕ сын сӕ фос уӕхицӕн ратӕрын+. Горӕты чъылдыммӕ ӕрӕмбӕхсут»+.
3 Ӕмӕ уӕд Йесо ӕмӕ хӕстон адӕм+ иууылдӕр сыстадысты, цӕмӕй Гай басӕттынмӕ ацӕуой. Йесо равзӕрста ӕртын мин лӕджы, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонты+, ӕмӕ сӕ ӕхсӕвы арвыста 4 ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Хъусут ардӕм. Горӕты чъылдыммӕ ӕрӕмбӕхсут+. Горӕтӕй тынг дард ма ацӕут ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр цӕттӕйӕ лӕуут. 5 Ӕз та, мемӕ цы адӕм ис, уыдонимӕ горӕтмӕ хӕстӕг бацӕудзынӕн ӕмӕ нӕм кӕд рацӕуой, фыццаг хатт куыд уыди+, афтӕ, уӕд сӕ лидзынмӕ фӕуыдзыстӕм. 6 Уыдон нӕ фӕстейӕ расурдзысты, нӕ разӕй та лидзӕг фесты+, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй горӕтӕй асайдзыстӕм. Иу ныхасӕй, лидзынмӕ сӕ фӕуыдзыстӕм. 7 Ӕмӕ уӕд сымах уе ’мбӕхсӕн бынатӕй рацӕудзыстут, ӕмӕ горӕт бацахсдзыстут. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын ӕй ӕнӕмӕнг ратдзӕн уӕ къухмӕ+. 8 Ӕмӕ куыддӕр горӕт бацахсат, афтӕ йыл арт бандзарут+. Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакӕнут. Уый уын мӕ фӕдзӕхст»+.
9 Уый фӕстӕ сӕ Йесо арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты, кӕм хъуамӕ ӕрӕмбӕхстаиккой, уырдӕм. Ӕрбынат кодтой Вефил ӕмӕ Гайы ’хсӕн, Гайӕн ныгуылӕнырдыгӕй. Йесо та уыцы ӕхсӕв арвыста адӕмы ’хсӕн.
10 Райсомӕй раджы Йесо сыстад+, йӕ адӕмыл ӕрзылд, федта сӕ ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтимӕ адӕмы разӕй Гай басӕттынмӕ ацыд. 11 Ӕмӕ йемӕ цы хӕстонтӕ+ уыд, уыдон иууылдӕр ацыдысты, бацыдысты Гаймӕ хӕстӕг ӕмӕ горӕтӕн цӕгатырдыгӕй ӕрбынат кодтой. Ӕрмӕстдӕр дӕлвӕз уыди се ’хсӕн. 12 Уӕдмӕ Йесо Вефил+ ӕмӕ Гайы ’хсӕн, горӕтӕн ныгуылӕнырдыгӕй фондз мин лӕджы ӕрӕмбӕхсын кодта+. 13 Адӕмӕн сӕ фылдӕр хай ӕрбынат кодтой горӕтӕн цӕгатырдыгӕй+, иннӕ хай та – горӕтӕн ныгуылӕнырдыгӕй+. Уыцы ӕхсӕв Йесо ӕрцыд дӕлвӕзы астӕумӕ.
14 Гайы паддзах уый куы федта, уӕд горӕты адӕм фӕфӕдис сты ӕмӕ райсомӕй раджы паддзах ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр Израилы размӕ рацыдысты, цӕмӕй нысангонд рӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры ’рдыгӕй йемӕ схӕцыдаиккой. Горӕты чъылдыммӕ йӕ размӕ кӕй бабадтысты, уый та нӕ зыдта+. 15 Уӕд Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕхи афтӕ равдыстой, цыма сӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕу+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм лидзынмӕ фесты+. 16 Ӕмӕ уӕд, горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕдисы рацыдысты, зӕгъгӕ сӕ фӕстейӕ асурӕм. Гъемӕ Йесойы фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ горӕтӕй адард сты+. 17 Гай ӕмӕ Вефилы иу адӕймаг дӕр нал баззад, иууылдӕр израилӕгты сурынмӕ фесты, ӕмӕ горӕт бынтон дзӕгъӕлӕй ныууагътой.
18 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ къухы цы арц ис, уый Гайы ’рдӕм адар+, уымӕн ӕмӕ дын ӕз уыцы горӕт дӕ къухмӕ ратдзынӕн»+. Йесо дӕр, йӕ къухы цы арц уыд, уый горӕты ’рдӕм адардта. 19 Ӕмӕ куыддӕр йӕ къух адардта, афтӕ, ӕмбӕхсгӕ чи кодта, уыдон сӕ бынатӕй рагӕпп кодтой, горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой+. Ӕмӕ йыл уайтагъд арт бандзӕрстой+.
20 Гайы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты, ӕмӕ уӕртӕ горӕтӕй хӕрдмӕ фӕздӕг цӕуы, гъемӕ сӕ бон нал дӕр иуырдӕм уыд алидзын, нал дӕр иннӕрдӕм. Ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм чи лыгъд, уыдон та фӕзылдысты ӕмӕ сӕ фӕстейӕ чи сырдта, уыдоныл ахӕцыдысты. 21 Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр федтой, ӕмбӕхсгӕ чи кодта+, уыдон горӕт кӕй бацахстой ӕмӕ горӕтӕн йӕ фӕздӕг кӕй цӕуы, уый. Ӕмӕ фӕзылдысты ӕмӕ Гайы адӕмы цӕгъдын райдыдтой. 22 Горӕт чи бацахста, уыдон та сӕ размӕ рацыдысты, ӕмӕ Гайы адӕм израилӕгты ’хсӕн фесты – сӕ иуырдыгӕй иутӕ уыдысты, сӕ иннӕрдыгӕй та иннӕтӕ. Ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ цӕгъдгӕ цыдысты, цалынмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ ныццагътой, уӕдмӕ – иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззад, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт+. 23 Гайы паддзахы+ та удӕгасӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодтой.
24 Израилӕгтӕ Гайы цӕрджыты цагътой быдыры, фӕстейӕ сӕ кӕм фӕцӕйсырдтой, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр карды комӕй фӕцагътой, иу дӕр сӕ нал баззад. Уый фӕстӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Гаймӕ раздӕхтысты ӕмӕ ма дзы чи уыд, уыдоны карды комӕй ныццагътой. 25 Уыцы бон фӕмард дыууадӕс мин нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы – Гайы цӕрджытӕ иууылдӕр. 26 Цалынмӕ Йесо Гайы цӕрджыты се ’ппӕты дӕр сӕфты хай+ нӕ бакодта, уӕдмӕ, йӕ къухы цы арц+ уыд, уый не ’руагъта. 27 Ӕрмӕст, уыцы горӕты цы фос уыд, уый израилӕгтӕ сӕхицӕн ратардтой ӕмӕ дзы мулкӕй цы уыд, уый дӕр рахастой, Йегъовӕ Йесойӕн куыд загъта, афтӕ+.
28 Уый фӕстӕ Йесо Гай басыгъта ӕмӕ йӕ ӕнустӕм хӕлддзӕгты обау фестын кодта+, ӕмӕ абоны онг дӕр афтӕ ӕдзӕрӕг у. 29 Гайӕн йӕ паддзахы та хъӕдыл ӕрцауыгъта+ ӕмӕ йӕ изӕрмӕ афтӕ ныууагъта+. Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд Йесо бардзырд радта, ӕмӕ йын йӕ мард хъӕдӕй ӕристой+ ӕмӕ йӕ горӕты бахизӕны, кулдуары раз ӕрӕппӕрстой, стӕй йын йӕ уӕлӕ дуртӕ ныккалдтой. Уыцы дурты цӕнд афтӕ лӕууы абоны онг дӕр.
30 Уӕд Йесо Гевалы хохыл Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн+ скодта нывондхӕссӕн+, 31 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей Израилы фырттӕн куыд бафӕдзӕхста, Моисейы закъоны чиныджы+ куыд фыст у, афтӕ: «Ӕнӕхъӕн дуртӕй, ӕфсӕйнаг мигӕнӕнӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдтой, ахӕм дуртӕй конд нывондхӕссӕн»+. Ӕмӕ йыл Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+.
32 Уый фӕстӕ Йесо уым дуртӕм рафыста+, Моисей Израилы фыртты раз кӕй ныффыста, уыцы закъон+. 33 Израилы адӕм иууылдӕр – израилӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ дӕр,– стӕй сӕ хистӕр лӕгтӕ+, хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ лӕууыдысты бадзырды чырыны фӕйнӕ фарс, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста+, уыцы левит-сауджынты+ раз. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста+, афтӕ сӕ иу ӕмбис слӕууыд Гаризимы+ хохрӕбын, сӕ иннӕ ’мбис та – Гевалы+ хохрӕбын, цӕмӕй уал фыццаг Израилы адӕмӕн раарфӕ+ кодтаиккой. 34 Уый фӕстӕ сын Йесо хъӕрӕй бакаст закъоны+ ныхӕстӕ иууылдӕр, арфӕйы+ ныхӕстӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ+,– закъоны чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыд, уый. 35 Моисей цы ныхӕстӕ бафӕдзӕхста, уыдонӕй Йесо иу дӕр нӕ ауагъта, иууылдӕр сӕ Израилы адӕмы раз хъӕрӕй бакаст+. Уым уыдысты сылгоймӕгтӕ+ дӕр, гыццыл сывӕллӕттӕ+ дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ дӕр.
9 Уыцы хабӕрттӕ фехъуыстой Иорданы ацы фарс цӕрӕг паддзӕхтӕ+ иууылдӕр: хӕхбӕсты, стӕй Шефелӕйы, Стыр денджызы+ былгӕрӕтты ӕмӕ Ливаны+ раз чи цард, уыдон – хеттӕ+, аморейтӕ, ханаайнӕгтӕ+, ферезейтӕ+, евейтӕ ӕмӕ йевусейтӕ+, 2 ӕмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй иумӕ схӕцой Йесо ӕмӕ Израилы ныхмӕ+.
3 Йесо Иерихонӕн+ ӕмӕ Гайӕн+ цы бакодта, уый тыххӕй фехъуыстой Гаваоны+ цӕрджытӕ дӕр. 4 Уыдон зондджын разындысты+, ӕмӕ мӕнӕ цы сарӕзтой: сӕхицӕн фӕндагмӕ хӕринаг райстой, сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой ихсыд голджытӕ ӕмӕ ихсыд, скъуыдтӕ ӕмӕ ӕмпъызтытӕ сӕны лалымтӕ+. 5 Сӕ уӕлӕ дӕр скодтой ихсыд, ӕмпъызтытӕ дзабыртӕ ӕмӕ бызгъуыртӕ дарӕс. Семӕ цы дзул рахастой, уый та уыди хус ӕмӕ згъӕлди. 6 Ӕмӕ ӕрбацыдысты Галгалмӕ+, израилӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм, ӕмӕ Йесойӕн ӕмӕ Израилы лӕгтӕн загътой: «Мах дард бӕстӕйӕ ӕрцыдыстӕм. Гъемӕ уӕ курӕг стӕм, немӕ бадзырд скӕнут»+. 7 Фӕлӕ Израилы лӕгтӕ евейтӕн+ загътой: «Уӕд та ма хӕстӕг искуы цӕрут. Уемӕ бадзырд куыд хъуамӕ скӕнӕм?»+ 8 Уӕд уыдон Йесойӕн загътой: «Мах стӕм дӕ цагъартӕ»+.
Йесо сӕ бафарста: «Чи стут ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдыстут?» 9 Уыдон ын дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕ тынг дард бӕстӕйӕ ӕрцыдысты+. Мах фехъуыстам дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадджын номы+ тыххӕй. Фехъуыстам, Египеты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй+, 10 стӕй, Иорданы фаллаг фарс дыууӕ аморейаг паддзахӕн цытӕ бакодта, уый тыххӕй дӕр, ома Есевоны паддзах Сигонӕн+ ӕмӕ Васаны паддзах Огӕн+, Астарофы+ чи цард, уымӕн. 11 Ӕмӕ нын нӕ хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр загътой+: „Уӕхицӕн фӕндагмӕ хӕринаг айсут, ацӕут сӕм ӕмӕ сын зӕгъут: „Мах стӕм уӕ цагъартӕ+. Ӕмӕ уӕ курӕг стӕм, немӕ бадзырд скӕнут“+. 12 Нӕ хӕдзӕрттӕй куы рацыдыстӕм, уӕд нӕ дзултӕ немӕ тӕвдӕй рахастам, ӕмӕ ныр та мӕнӕ ныххус сты ӕмӕ згъӕлынц+. 13 Ацы сӕны лалымтӕ дӕр куы дзаг кодтам, уӕд ног уыдысты, ныр та мӕнӕ ныскъуыдтӕ сты+. Афтӕ бирӕ фӕцыдыстӕм, ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ нӕ дзабыртӕ баихсыдысты».
14 Уӕд сын израилӕгтӕ сӕ хӕринӕгтӕй райстой, фенӕм сӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы та нӕ бафарстой+. 15 Ӕмӕ Йесо семӕ бафидыдта+ ӕмӕ бадзырд скодта семӕ, удӕгасӕй сӕ кӕй ныууадздзӕн, ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ+ расомы кодтой+, сӕ дзырд кӕй нӕ фӕсайдзысты.
16 Фӕлӕ, семӕ бадзырд куы скодтой, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ фехъуыстой, хӕстӕг сӕм кӕй цӕрынц, сыхаг адӕм кӕй сты. 17 Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ араст сты ӕмӕ ӕртыккаг бон сӕ горӕттӕм бахӕццӕ сты. Сӕ горӕттӕ та уыдысты Гаваон+, Кефирӕ+, Беероф+ ӕмӕ Кириаф-Иарим+. 18 Фӕлӕ сӕм Израилы фырттӕ нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ+ расомы кодтой+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ хистӕртыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+. 19 Уӕд хистӕртӕ адӕмӕн загътой: «Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕ сын расомы кодтам, ӕмӕ сӕм нӕ къух куыд хъуамӕ сисӕм?+ 20 Уӕдӕ сын кӕй расомы кодтам, уый тыххӕй сӕ удӕгасӕй ныууадздзыстӕм, цӕмӕй, нӕ сомы кӕй нӕ сӕххӕст кодтам, уый тыххӕй нӕм Хуыцауы маст ма ссудза»+. 21 Ӕмӕ хистӕртӕ адӕмӕн загътой: «Уадз ӕмӕ цӕрой, адӕмы хистӕртӕ сын зӕрдӕ куыд бавӕрдтой+, афтӕ. Ӕппӕт Израилы адӕмӕн суг сӕттӕнт ӕмӕ сын дон хӕссӕнт»+.
22 Уӕд сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Хинӕй ныл цӕмӕн рацыдыстут? Нӕ тӕккӕ фарсмӕ куы цӕрут+, уӕд нын афтӕ цӕмӕн загътат, сымахӕй тынг дард цӕрӕм, зӕгъгӕ?+ 23 Нырӕй фӕстӕмӕ сымах стут ӕлгъыст+ адӕм. Ӕнустӕм уыдзыстут цагъартӕ+, цӕрӕнбонты суг сӕтдзыстут ӕмӕ дон хӕсдзыстут мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн»+. 24 Уыдон Йесойӕн дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕн радзырдтой, дӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн ратта, ацы зӕххыл чи цӕры, уыдоны та бындзагъд фӕкӕна+. Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд нӕ удтӕн фӕтарстыстӕм+, ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй бакодтам+. 25 Ӕмӕ ныр дӕ къухы стӕм. Хуыздӕр ӕмӕ дӕм растдӕр куыд кӕсы, афтӕ нын бакӕн»+. 26 Ӕмӕ сын уый дӕр сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ бакодта: Израилы фыртты къухӕй сӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ сӕ нӕ амардтой+. 27 Уыцы бон сын Йесо бахӕс кодта+, цӕмӕй сугтӕ ӕмӕ дон хӕссой Израилы адӕмӕн+ ӕмӕ Йегъовӕйы нывондхӕссӕнӕн, цы бынат ын равзара, уырдӕм+. Ӕмӕ уыцы куыст кӕнынц абоны онг дӕр.
10 Иерусалимы паддзах Адониседек фехъуыста, Йесо Гай+ кӕй бацахста ӕмӕ йӕ сӕфты хай+ кӕй бакодта, Иерихонӕн+ ӕмӕ йын йӕ паддзахӕн+ куыд бакодта, афтӕ кӕй бакодта Гай ӕмӕ йӕ паддзахӕн+ дӕр. Стӕй ма фехъуыста, Гаваоны цӕрджытӕ Израилимӕ кӕй бафидыдтой+ ӕмӕ се ’хсӕн цӕргӕйӕ кӕй баззадысты. 2 Ӕмӕ тынг фӕтарст+, уымӕн ӕмӕ Гаваон стыр горӕт уыди, паддзӕхты горӕтты хуызӕн, ӕмӕ уыди Гайӕ+ стырдӕр, йӕ адӕм та иууылдӕр уыдысты тынг тыхджын. 3 Ӕмӕ Иерусалимы+ паддзах Адониседек Хевроны+ паддзах Гогаммӕ, Иармуфы+ паддзах Фираммӕ, Лахисы+ паддзах Иафимӕ ӕмӕ Еглоны+ паддзах Давирмӕ арвыста ахӕм ныхас: 4 «Ӕрцӕут ӕмӕ мын баххуыс кӕнут Гаваон басӕттынӕн, уымӕн ӕмӕ гаваойнӕгтӕ Йесоимӕ ӕмӕ Израилы фырттимӕ фидыды бадзырд скодтой»+. 5 Ӕмӕ уыцы фондз аморейаг+ паддзахы: Иерусалимы паддзах, Хевроны паддзах, Иармуфы паддзах, Лахисы паддзах ӕмӕ Еглоны паддзах,– ӕрӕмбырд сты ӕмӕ се ’фсӕдтимӕ ацыдысты ӕмӕ Гаваоны раз ӕрбынат кодтой, цӕмӕй йемӕ схӕцой.
6 Уӕд Гаваоны цӕрджытӕ арвыстой Йесомӕ Галгалмӕ+, израилӕгтӕ сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уырдӕм, ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъартыл дӕ къух ма сис+. Тагъддӕр нӕм ӕххуысмӕ фӕзын, фервӕзын нӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ, хӕхбӕсты цы аморейаг паддзӕхтӕ цӕры, уыдон иууылдӕр нӕ ныхмӕ рацыдысты». 7 Йесо дӕр Галгалӕй рацыд ӕмӕ йемӕ ракодта йе ’фсад иууылдӕр+, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонты се ’ппӕты дӕр+.
8 Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Ма сӕ тӕрс+, уымӕн ӕмӕ дын сӕ ӕз дӕ къухмӕ радтон+. Сӕ иу дӕр нӕ фӕлӕудзӕн дӕ ныхмӕ»+. 9 Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыди Галгалӕй, ӕмӕ сӕ разы ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбалӕууыд. 10 Уӕд сӕ Йегъовӕ кӕрӕдзи мидӕг скодта+, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ Гаваоны+ цӕгъдын райдыдтой, ӕмӕ сӕ бирӕты фӕцагътой. Беф-Оронмӕ хӕрдмӕ цы фӕндаг цӕуы, уыцы фӕндагыл сӕ фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ сӕ цӕгъдгӕ цыдысты суанг Азекӕ+ ӕмӕ Македы+ онг. 11 Ӕмӕ Беф-Оронӕй дӕлӕмӕ израилӕгтӕй куы лыгъдысты, уӕд сыл Йегъовӕ суанг Азекӕмӕ арвӕй калдта стыр дуртӕ+, ӕмӕ цагъды кодтой. Ӕмӕ уыцы ихӕй чи фӕцагъды, уыдон уыдысты, Израилы фырттӕ карды комӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй фылдӕр.
12 Йегъовӕ аморейты Израилы фыртты къухмӕ цы бон радта, уыцы бон Йесо Йегъовӕйӕн Израилы адӕмы раз загъта:
Мӕй, ды та – Аиалоны+ дӕлвӕзы сӕрмӕ!»
13 Гъемӕ хур лӕууыд йӕ бынаты, ӕмӕ мӕй дӕр не змӕлыд, цалынмӕ адӕм се знӕгтӕй сӕ маст нӕ райстой, уӕдмӕ+. Исты уый тыххӕй Йашары* чиныджы фыст нӕй?+ Хур лӕууыд арвы астӕу ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон нӕ тагъд кодта аныгуылынмӕ+. 14 Уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр нӕ уыд ӕндӕр ахӕм бон, ӕмӕ Йегъовӕ адӕймаджы ныхасмӕ афтӕ байхъуыстаид+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг тохы бацыд Израилы сӕрыл+.
15 Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр фӕстӕмӕ Галгалмӕ+ ӕрыздӕхтысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм.
16 Уыцы фондз паддзахы та алыгъдысты+ ӕмӕ Македы+ лӕгӕты бамбӕхстысты. 17 Уый фӕстӕ Йесойӕн фӕхабар кодтой: «Уыцы фондз паддзахы ссардтам. Македы+ лӕгӕты ӕмбӕхсынц». 18 Уӕд Йесо загъта: «Лӕгӕты бахизӕныл стыр дуртӕ бафӕлдахут ӕмӕ дзы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрут. 19 Сымах та ӕнцад ма лӕуут. Уе знӕгты фӕстейӕ сурут ӕмӕ сӕ цӕгъдут+. Ма сӕ бауадзут сӕ горӕттӕм бацӕуын, уымӕн ӕмӕ уын сӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ къухмӕ радта»+.
20 Йесо ӕмӕ сӕ Израилы фырттӕ цагътой+, цалынмӕ знаджы ӕфсад нӕ ныддӕрӕн кодтой, уӕдмӕ. Чи ма сӕ баззад, уыдон та алыгъдысты ӕмӕ фидаргонд горӕтты бамбӕхстысты+. 21 Ӕмӕ уӕд адӕм иууылдӕр фарнимӕ ӕрбаздӕхтысты Йесомӕ, Македмӕ, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Ӕмӕ Израилы фыртты ныхмӕ ныхас зӕгъын дӕр ничи бауӕндыд+. 22 Уӕд Йесо загъта: «Лӕгӕты бахизӕнӕй дуртӕ афӕлдахут ӕмӕ мӕм уыцы фондз паддзахы ракӕнут». 23 Уыдон дӕр афтӕ бакодтой ӕмӕ йӕм лӕгӕтӕй ракодтой уыцы фондз паддзахы: Иерусалимы+ паддзахы, Хевроны+ паддзахы, Иармуфы паддзахы, Лахисы+ паддзахы ӕмӕ Еглоны+ паддзахы. 24 Ӕмӕ йӕм сӕ куы ракодтой, уӕд Йесо фӕдзырдта Израилы лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ, йемӕ чи хӕцыд, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут размӕ ӕмӕ ацы паддзӕхтӕн сӕ бӕрзӕйтыл къахӕй ныллӕуут»+. Уыдон дӕр размӕ рацыдысты ӕмӕ сын сӕ бӕрзӕйтыл ныллӕууыдысты+. 25 Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут+. Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут, уымӕн ӕмӕ афтӕ бакӕндзӕн Йегъовӕ уе знӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, кӕимӕ хӕцут, уыдонӕн»+.
26 Уый фӕстӕ сӕ Йесо амардта, фондз хъӕдыл сӕ ’рцауыгъта, ӕмӕ афтӕ ауыгъдӕй лӕууыдысты изӕрмӕ+. 27 Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд Йесо бардзырд радта, ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ хъӕдтӕй ӕристой+ ӕмӕ, кӕм ӕмбӕхстысты, уыцы лӕгӕтмӕ сӕ баппӕрстой. Лӕгӕтмӕ бахизӕныл та стыр дуртӕ бафӕлдӕхтой, ӕмӕ афтӕ сты абоны онг дӕр.
28 Уыцы бон Йесо бацахста Макед+ ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагъта. Македы паддзахы ӕмӕ, горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдоны* сӕфты хай бакодта+. Удӕгасӕй дзы никӕй ныууагъта. Иерихоны паддзахӕн куыд бакодта, раст афтӕ бакодта Македы+ паддзахӕн дӕр.
29 Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Македӕй ацыдысты Ливнӕмӕ+ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 30 Ӕмӕ та Йегъовӕ уыцы горӕт ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр Израилы къухмӕ радта, ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой. Удӕгасӕй дзы никӕй ныууагътой. Иерихоны паддзахӕн куыд бакодтой, раст афтӕ бакодтой уыцы горӕты паддзахӕн дӕр+.
31 Ливнӕйӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр ацыдысты Лахисмӕ+, горӕты раз ӕрбынат кодтой ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 32 Ӕмӕ та Йегъовӕ Лахис дӕр Израилы къухмӕ радта, ӕмӕ йӕ дыккаг бон бацахстой. Ливнӕйӕн куыд бакодтой, раст афтӕ бакодтой уыцы горӕтӕн дӕр – чидӕриддӕр дзы уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой+.
33 Уӕд Газеры+ паддзах Горам ӕрцыд Лахисӕн баххуыс кӕнынмӕ. Фӕлӕ йын Йесо йӕхи дӕр амардта ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр ныццагъта, иуы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта+.
34 Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Лахисӕй ацыдысты Еглонмӕ+, горӕты раз ӕрбынат кодтой ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 35 Ӕмӕ йӕ раст уыцы бон бацахстой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой. Лахисӕн куыд бакодтой, афтӕ бакодтой уыцы горӕтӕн дӕр – чидӕриддӕр дзы уыди, уыдоны уыцы бон сӕфты хай бакодтой+.
36 Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр Еглонӕй ацыдысты Хевронмӕ+ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 37 Бацахстой йӕ, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕттӕ иууылдӕр ныппырх кодтой, амардтой йын йӕ паддзахы ӕмӕ, горӕты чидӕриддӕр уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой. Йесо Еглонӕн куыд бакодта, раст афтӕ бакодта Хевронӕн дӕр – удӕгасӕй дзы никӕй ныууагъта. Горӕт ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны сӕфты хай бакодта+.
38 Фӕстагмӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр раздӕхтысты, сӕ ных сарӕзтой Давирмӕ+ ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты. 39 Йесо басаста уыцы горӕт ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй йӕ дӕлбар горӕттӕ дӕр, ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны карды комӕй фӕцагътой ӕмӕ сӕ сӕфты хай бакодтой+. Иуы дӕр дзы Йесо удӕгасӕй нӕ ныууагъта+. Хевронӕн, стӕй Ливнӕ ӕмӕ йӕ паддзахӕн куыд бакодта, раст афтӕ бакодта Давир ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр+.
40 Йесо бацахста хӕхбӕстӕ+ иууылдӕр, Негев+, Шефелӕ+ ӕмӕ хӕхты фӕхстӕ+ дӕр ӕмӕ сын сӕ паддзӕхты се ’ппӕты дӕр фӕцагъта. Иу адӕймаджы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта, царды улӕфт+ кӕй мидӕг уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр сӕфты хай бакодта+, Израилы Хуыцау Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 41 Фӕцагъта сӕ Кадес-Варнийӕ+ суанг Газӕйы+ онг, бацахста Гесемы+ бӕстӕ иууылдӕр, суанг Гаваоны+ онг. 42 Йесо ӕппӕт уыцы паддзӕхты ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ басаста иу балцӕн+, уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы сӕрыл+. 43 Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрыздӕхтысты Галгалмӕ+, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм.
11 Асоры паддзах Иавин уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыста, уӕд арвыста Мадоны+ паддзах Иовавмӕ, Шимроны паддзахмӕ, Ахсафы+ паддзахмӕ 2 ӕмӕ, цӕгатырдыгӕй хӕхбӕсты, стӕй Киннерефӕй+ хуссарырдӕм ӕдзӕрӕг быдырты, Шефелӕйы+ ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй Доры+ хӕхтыл чи цард, уыцы паддзӕхтӕм. 3 Фӕдзырдта ма скӕсӕнырдыгӕй ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй цӕрӕг ханаайнӕгтӕм+, хӕхбӕсты цӕрӕг аморейтӕм+, хеттӕм+, ферезейтӕм+ ӕмӕ йевусейтӕм+, стӕй Массифӕйы+ зӕххыл Ермоны+ хохрӕбын цӕрӕг евейтӕм+ дӕр. 4 Ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ иууылдӕр се ’фсӕдтимӕ рацыдысты. Денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ бирӕ уыдысты+. Уыди сӕм тынг бирӕ бӕхтӕ+ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ. 5 Уыцы паддзӕхтӕ сӕмбӕлдысты, куыд баныхас кодтой, афтӕ, ӕмӕ Меромы дӕттӕм ӕрцыдысты ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой, цӕмӕй Израилимӕ схӕцыдаиккой+.
6 Уӕд Йегъовӕ Йесойӕн загъта: «Ма сӕ тӕрс+. Райсом ацафон ӕз се ’ппӕты дӕр ратдзынӕн Израилы къухмӕ, ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзыстут. Сӕ бӕхты нуӕрттӕ сын ныллыг кӕндзынӕ+, сӕ бӕхуӕрдӕттӕ та сын арты басудздзынӕ»+. 7 Уӕд Йесо ӕмӕ йе ’фсад Меромы дӕтты цур ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ разы ӕрбалӕууыдысты ӕмӕ сӕм бабырстой. 8 Гъемӕ сӕ Йегъовӕ Израилы къухмӕ радта+, ӕмӕ сӕ цӕгъдын райдыдтой ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдтой суанг стыр горӕт Сидоны+ онг, Мисрефоф-Маимы+ онг ӕмӕ скӕсӕнырдӕм Массифӕйы+ дӕлвӕзы онг. Цӕгъдгӕ сӕ цыдысты, цалынмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ ныццагътой, уӕдмӕ+. 9 Уый фӕстӕ Йесо бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ: сӕ бӕхты нуӕрттӕ сын ныллыг кодта+, сӕ бӕхуӕрдӕттӕ та сын арты басыгъта+.
10 Уыцы рӕстӕг Йесо аздӕхт+ ӕмӕ бацахста Асор+, йӕ паддзахы та йын амардта+, уымӕн ӕмӕ уӕды онг уыцы паддзахӕдты ’хсӕн Асор сӕйраг уыд. 11 Ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдоны* карды комӕй фӕцагътой, сӕфты хай сӕ бакодтой+. Иу цӕрӕг уд дӕр дзы нал баззад+. Ӕмӕ Йесо Асор арты хай бакодта. 12 Йесо басаста уыцы паддзӕхтӕн сӕ горӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕхи дӕр, ӕмӕ сӕ карды комӕй фӕцагъта+. Сӕфты хай сӕ бакодта+, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+. 13 Фӕлӕ, къуыппытыл цы горӕттӕ уыд, уыдонӕй израилӕгтӕ иу дӕр нӕ басыгътой, Йесо кӕй басыгъта, уыцы Асор йеддӕмӕ. 14 Уыцы горӕтты цы фос уыд, уый израилӕгтӕ сӕхицӕн ратардтой ӕмӕ дзы мулкӕй цы уыд, уый дӕр рахастой+. Адӕмы та се ’ппӕты дӕр карды комӕй фӕцагътой, бындзагъд сӕ фӕкодтой+. Иу цӕрӕг уд дӕр дзы нал ныууагътой+. 15 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый Моисей дӕр бафӕдзӕхста Йесойӕн+, ӕмӕ Йесо дӕр раст афтӕ бакодта. Йегъовӕ Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдонӕй иу ныхас дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ ныууагъта+.
16 Йесо байста уыцы зӕхх ӕгасӕй дӕр: хӕхбӕстӕ ӕмӕ Негев+ ӕнӕхъӕнӕй, Гесемы+ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр, Шефелӕ+ ӕмӕ Аравӕ+, Израилы хӕхбӕстӕ ӕмӕ йӕ дӕлвӕз+ – 17 Сеиры+ ’рдӕм чи кӕсы, уыцы хох Халакӕй+ суанг, Ермоны+ хохрӕбын Ливаны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ваал-Гады+ онг. Уым чи цард, уыцы паддзӕхты се ’ппӕты дӕр басаста ӕмӕ сӕ амардта+. 18 Бирӕ фӕхӕцыд Йесо ӕппӕт уыцы паддзӕхтимӕ. 19 Гаваоны+ цӕрӕг евейты+ йеддӕмӕ иу горӕт дӕр нӕ бафидыдта Израилы фырттимӕ. Иннӕ горӕттӕ иууылдӕр тыхӕй байстой+. 20 Йегъовӕ сӕ сӕхи бар ауагъта, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой+ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыдысты, цӕмӕй сӕ сӕфты хай бакодтаид, ма сын фӕтӕригъӕд кодтаид+, фӕлӕ сӕ ныццагътаид, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
21 Уыцы рӕстӕг Йесо ацыд ӕмӕ хӕхбӕсты, Хевроны, Давиры, Анавы+, Иудӕйы хӕхты ӕмӕ Израилы хӕхты чи цард+, уыцы енакимты+ се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Сӕ горӕттӕ ӕмӕ сын сӕхи дӕр сӕфты хай бакодта+. 22 Израилы фыртты зӕххыл енакимтӕй иу дӕр нал баззад. Ӕрмӕстдӕр ма Газӕйы+, Гефы+ ӕмӕ Азоты+ баззадысты+. 23 Афтӕ Йесо байста уыцы зӕхх иууылдӕр, Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+, ӕмӕ йӕ Израилӕн бынӕн радта – хай дзы бакодта алы мыггагӕн дӕр+. Ӕмӕ зӕхх хӕстӕй сулӕфыд+.
12 Израилы фырттӕ Иорданы фаллаг фарс, скӕсӕнырдыгӕй+, Арноны+ дӕлвӕзӕй суанг Ермоны+ хохы онг цы зӕххытӕ ис, уыдон, стӕй Аравӕйы+ дӕлвӕз ӕгасӕй дӕр бацахстой, сӕ паддзӕхты та сын ныддӕрӕн кодтой. Мӕнӕ уыцы паддзӕхтӕ: 2 аморейты паддзах Сигон+ – царди Есевоны+, йӕ дӕлбар та уыд Ароер+, Арноны+ дӕлвӕзы был чи ис, уыцы горӕт, стӕй ма дӕлвӕзы астӕу ӕмӕ Галаады ӕмбис, суанг Иавокы+ дӕлвӕзы онг. Иавок та уыд Аммоны фыртты зӕххы арӕн. 3 Йӕ дӕлбар ма уыд Аравӕ+ дӕр: скӕсӕнырдыгӕй – Киннерефы+ денджызы онг, скӕсӕнырдыгӕй Беф-Йешимофы+ ’рдӕм та – Аравӕйы денджызы онг, ома Цӕхджын денджызы+ онг, хуссарырдыгӕй та – Фасгӕйы+ хохрӕбыны онг.
4 Иннӕ паддзах та уыд Васаны паддзах Ог+, рефаимтӕй+ фӕстаг. Ог царди Астарофы+ ӕмӕ Едрейы+. 5 Йӕ дӕлбар уыд Ермоны+ хох, Салхӕ ӕмӕ ӕгас Васан+, суанг гессурӕгты+ ӕмӕ маахӕйӕгты+ зӕххыты арӕнты онг, ӕмӕ Галаады ӕмбис, Есевоны+ паддзах Сигоны+ зӕххыты онг.
6 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей ӕмӕ сӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уыцы зӕххытӕ радта Рувимы+ мыггагӕн, Гады+ мыггагӕн ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисӕн.
7 Иорданы ныгуылӕн фарс та Йесо ӕмӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой, Ливаны+ дӕлвӕзы Ваал-Гадӕй+ суанг, Сеиры+ ’рдӕм чи кӕсы, уыцы хох Халакы+ онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдоны. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесо Израилы мыггӕгтыл байуӕрста уыцы зӕхх+: 8 хӕхбӕстӕ, Шефелӕ, Аравӕ, хӕхты фӕхстӕ, ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Негев+,– хетты, аморейты+, ханаайнӕгты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+ зӕххытӕ. Мӕнӕ уыцы паддзӕхтӕ:
9 Иерихоны+ паддзах, Гайы+ паддзах – Гай уыд Вефилмӕ хӕстӕг,
10 Иерусалимы+ паддзах, Хевроны+ паддзах,
11 Иармуфы+ паддзах, Лахисы+ паддзах,
12 Еглоны+ паддзах, Газеры+ паддзах,
13 Давиры+ паддзах, Гадеры паддзах,
14 Хормӕйы паддзах, Арады паддзах,
15 Ливнӕйы+ паддзах, Одолламы паддзах,
16 Македы+ паддзах, Вефилы+ паддзах,
17 Таппуахы паддзах, Хеферы+ паддзах,
18 Афекы паддзах, Шароны паддзах,
19 Мадоны+ паддзах, Асоры+ паддзах,
20 Шимрон-Мероны паддзах, Ахсафы+ паддзах,
21 Фаанахы паддзах, Мегиддойы+ паддзах,
22 Кедесы паддзах, Иокнеамы+ паддзах Кармилы,
23 Доры паддзах Доры+ хӕхты, Гоимы паддзах Галгалы,
24 Фирцӕйы паддзах –
ӕдӕппӕтӕй ӕртын иу паддзахы+.
13 Йесо базӕронд, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ды базӕронд дӕ, азтӕ дыл сӕ уӕз ӕруагътой, байсын кӕй хъӕуы, уыцы зӕххытӕ та нырма бирӕ сты+. 2 Мӕнӕ ма дзы ацы зӕххытӕ баззад+: филистимӕгты+ ӕмӕ гессурӕгты+ зӕххытӕ иууылдӕр,– 3 Египеты раз Нилы къабазӕй цӕгатырдӕм Екроны арӕны онг цы зӕххытӕ ис+, уыдон нымад уыдысты ханаайнӕгты зӕххытыл+,– стӕй фондз филистимаг цӕдисон паддзахы+ зӕххытӕ: газӕйӕгты+, азотӕгты+, аскалойнӕгты+, гефӕгты+ ӕмӕ екройнӕгты+ зӕххытӕ, ӕмӕ ма аввейты+ зӕххытӕ дӕр. 4 Хуссарырдыгӕй – ханаайнӕгты зӕхх иууылдӕр, сидойнӕгты+ бӕстӕ Меарӕ, суанг Афекы онг, аморейты арӕны онг, 5 стӕй гевалӕгты+ зӕххытӕ ӕмӕ ӕгас Ливан скӕсӕнырдӕм, Ермоны хохрӕбын Ваал-Гадӕй+ суанг Хаматы+ арӕнты онг, 6 хӕхбӕсты цӕрджытӕ иууылдӕр, Ливанӕй+ Мисрефоф-Маимы+ онг, сидойнӕгтӕ+ иууылдӕр. Ӕз сӕ мӕхӕдӕг фӕсурдзынӕн Израилы фыртты разӕй+. Ӕрмӕст дын куыд загътон, афтӕ бакӕн – ацы зӕхх Израилӕн бынӕн ратт+. 7 Зӕхх адих кӕн ӕмӕ йӕ бынӕн ратт фараст мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн»+.
8 Манассийы мыггаджы иннӕ ’мбис, Рувимы мыггаг ӕмӕ Гады мыггаг та бынӕн райстой, Моисей сын Иорданы скӕсӕн фарс кӕй радта, уыцы зӕхх, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей сын ӕй куыд байуӕрста, уымӕ гӕсгӕ+: 9 Арноны+ дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ фалӕмӕ, стӕй, дӕлвӕзы астӕу цы горӕт ис, уый ӕмӕ Медевӕйы+ уӕлвӕз ӕгасӕй дӕр, суанг Дивоны+ онг, 10 Есевоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы аморейаг паддзах Сигоны горӕттӕ иууылдӕр, Аммоны фыртты зӕххыты арӕны онг+, 11 Галаад, гессурӕгты+ ӕмӕ маахӕйӕгты зӕххытӕ, Ермоны+ хох ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ ӕгас Васан+, суанг Салхӕйы+ онг, 12 Астарофы ӕмӕ Едрейы+ чи хицауиуӕг кодта, уыцы васайнаг паддзах Огы+ зӕххытӕ иууылдӕр – Ог уыди рефаимтӕй+ фӕстаг. Уыдоны се ’ппӕты дӕр Моисей басаста ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ байста+. 13 Фӕлӕ Израилы фырттӕ гессурӕгты ӕмӕ маахӕйӕгты нӕ басастой+, ӕмӕ Гессур+ ӕмӕ Маахӕ абоны онг дӕр цӕрынц Израилы адӕмы ’хсӕн.
14 Ӕрмӕстдӕр Левийы мыггагӕн нӕ радта бынтӕ+. Уыдонӕн сӕ бынтӕ+ сты, Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕ+, зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ+.
15 Стӕй Моисей бынтӕ радта Рувимы мыггагӕн, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 16 Сӕ зӕххытӕ уыдысты: Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ фалӕмӕ цы зӕххытӕ ис, уыдон, стӕй, дӕлвӕзы астӕу цы горӕт ис, уый ӕмӕ, Медевӕйы раз цы уӕлвӕз ис, уый ӕгасӕй дӕр+, 17 Есевон+ ӕмӕ йын уӕлвӕзыл цы горӕттӕ+ ис, уыдон иууылдӕр, Дивон+, Вамоф-Ваал+, Беф-Ваал-Меон+, 18 Иаацӕ+, Кедемоф+, Мефааф+, 19 Кириафаим+, Сивмӕ+ ӕмӕ Цереф-Шахар, дӕлвӕзы цур хохыл чи ис, уый, 20 Беф-Фегор, Фасгӕйы+ хохрӕбын ӕмӕ Беф-Йешимоф+, 21 уӕлвӕзы горӕттӕ иууылдӕр+ ӕмӕ, Есевоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы аморейаг паддзах Сигоны зӕххытӕ иууылдӕр+. Моисей басаста Сигоны+ ӕмӕ Мадиамы хистӕрты: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревӕйы+ – Сигоны кънйӕзты, уыцы зӕххыл чи цард, уыдоны. 22 Израилы фырттӕ карды комӕй кӕй фӕцагътой, уыдоны ’хсӕн уыди Веоры фырт Валаам+ дӕр, дӕсныфӕрсӕг+. 23 Рувимы фыртты арӕн уыд Иорданы цӕугӕдон. Уыцы зӕххытӕ, цы горӕттӕ ӕмӕ дзы цы хъӕутӕ уыди, уыдонимӕ уыдысты Рувимы фыртты бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
24 Уый фӕстӕ Моисей бынтӕ радта Гады мыггагӕн, Гады фырттӕн, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 25 Сӕ зӕххытӕ уыдысты: Иазер+, Галаады+ горӕттӕ иууылдӕр, Аммоны+ фыртты зӕххытӕн се ’мбис, суанг Ароеры+ онг – Ароер ис Раввӕйы+ акомкоммӕ,– 26 Есевонӕй+ Рамаф-Мицфӕмӕ ӕмӕ Ветониммӕ, стӕй Маханаимӕй+ Давиры+ арӕны онг, 27 стӕй ма дӕлвӕзы Беф-Гарам+, Беф-Нимрӕ+, Сокхоф+ ӕмӕ Цафон – Есевоны+ паддзах Сигоны зӕххытӕй ма чи баззад, уыдон. Сӕ арӕн уыд Иорданы цӕугӕдон – Киннерефы+ денджызы кӕроны онг, Иорданӕн скӕсӕнырдыгӕй. 28 Уыцы зӕххытӕ, цы горӕттӕ ӕмӕ дзы цы хъӕутӕ уыди, уыдонимӕ уыдысты Гады+ фыртты бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
29 Уый фӕстӕ та Моисей бынтӕ радта Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн, ӕмӕ уыцы зӕххытӕ баисты Манассийы мыггаджы ӕмбисы сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 30 Сӕ зӕххытӕ уыдысты: ӕгас Васан Маханаимӕй+ фалӕмӕ, Васаны паддзах Огы+ зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ Васаны бӕстӕйы Иаиры+ хъӕутӕ, адӕм цатырты кӕм цардысты, уыцы хъӕутӕ иууылдӕр – ӕдӕппӕтӕй ӕхсай горӕты. 31 Галаады ӕмбис, стӕй Васаны паддзах Огы горӕттӕ Астароф+ ӕмӕ Едрей+ баисты Манассийы фырт Махиры+ фыртты, Махиры фырттӕн се ’мбисы сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
32 Ацы зӕххытӕ сын Моисей бынӕн радта, Иорданы скӕсӕн фарс Моавы быдырты Иерихоны акомкоммӕ куы уыдысты, уӕд+.
33 Левийы мыггагӕн та Моисей бынтӕ нӕ радта+. Уыдонӕн сӕ хай у Израилы Хуыцау Йегъовӕ, зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ+.
14 Уыцы зӕххытӕ Израилы фырттӕ бынӕн райстой Ханааны зӕххыл+. Радтой сын сӕ сауджын Елеазар ӕмӕ Навины фырт Йесо ӕмӕ, Израилы мыггӕгтӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕртӕ+. 2 Фараст мыггагӕн ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбисӕн+ бынтӕ радтой хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 3 Иннӕ дыууӕ мыггагӕн ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбисӕн Моисей бынтӕ радта Иорданы фаллаг фарс+. Левиттӕн та адӕмы ’хсӕн бынтӕ нӕ радта+. 4 Иосифы фырттӕй рацыд дыууӕ мыггаджы+: Манассийы+ мыггаг ӕмӕ Ефремы+ мыггаг. Левиттӕн та уыцы зӕххыл хай нӕ радтой, радтой сын ӕрмӕстдӕр, кӕм цардаиккой, ахӕм горӕттӕ+, стӕй се стурвосӕн ӕмӕ сӕ лыстӕг фосӕн хизӕнтӕ+. 5 Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ, ӕмӕ зӕхх байуӕрстой.
6 Уый фӕстӕ Иудӕйы фырттӕ Йесомӕ Галгалмӕ+ ӕрбацыдысты, ӕмӕ йын кенезейаг*+ Йефоннийы фырт Халев+ загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Йегъовӕ Кадес-Варнийы+ мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕу тыххӕй ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг Моисейӕн+ цы загъта+, уый. 7 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей мӕ Кадес-Варнийӕ ацы зӕхх сгарӕг куы арвыста, уӕд мыл цыди цыппор азы+. Фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд ын ӕппӕт дӕр радзырдтон, мӕ зӕрдӕ мӕм куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ+. 8 Ме ’фсымӕртӕй мемӕ чи ацыд, уыдон адӕмы зӕрдӕты тас бауагътой+, фӕлӕ ӕз алы хъуыддаджы дӕр мӕ Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ кастӕн+. 9 Ӕмӕ мын уыцы бон Моисей расомы кодта: „Цы зӕххыл цыдтӕ+, уый ӕнустӕм дӕр уыдзӕн дӕу ӕмӕ дӕ фыртты, райсдзыстут ӕй бынӕн, уымӕн ӕмӕ ды алы хъуыддаджы дӕр мӕ Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ кастӕ“+. 10 Ӕмӕ мын Йегъовӕ ныр цыппор фондз азы дӕргъы хъахъхъӕны мӕ цард+, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдта+, афтӕ – Израил ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕдӕй нырмӕ+. Ӕмӕ мыл ныр цӕуы ӕстай фондз азы, 11 фӕлӕ ныр дӕр дӕн, Моисей мӕ куы арвыста, уӕд куыд фидар уыдтӕн, афтӕ фидар+. Уӕд мӕм цы хъарутӕ уыд, уыцы хъарутӕ мӕм ис ныр дӕр, цӕмӕй хӕцон – цӕмӕй цӕугӕ дӕр акӕнон ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр ӕрбаздӕхон+. 12 Уӕдӕ мын ратт, уыцы бон мын Йегъовӕ зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ+. Уыцы бон ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай, енакимтӕ+ дзы кӕй цӕры ӕмӕ дзы стыр, фидаргонд горӕттӕ+ кӕй ис. Ныфс мӕ ис, ӕмӕ Йегъовӕ уыдзӕн мемӕ+, ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ байсдзынӕн, Йегъовӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ»+.
13 Уӕд Йесо Йефоннийы фырт Халевӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йын Хеврон бынӕн радта+.14 Ӕмӕ Хеврон абоны онг дӕр у кенезейаг Йефоннийы фырт Халевы, уымӕн ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр Израилы Хуыцау Йегъовӕйы коммӕ каст+. 15 Хеврон раздӕр хуынди Кириаф-Арбӕ+ – Арбӕ+ уыд енакимты ’хсӕн ӕппӕты кадджындӕр адӕймаг. Ӕмӕ зӕхх хӕстӕй сулӕфыд+.
15 Иудӕйы мыггаджы хӕдзарвӕндӕгтӕм хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ+ цы зӕхх ӕрхауд, уый уыд Едомы+ арӕны онг, Цины+ ӕдзӕрӕг быдыр Негевы+ хуссар кӕроны онг. 2 Хуссарырдыгӕй сӕ арӕн цӕуы Цӕхджын денджызы+ кӕронӕй, ома йын хуссарырдыгӕй цы донбакӕлӕн ис, уырдыгӕй. 3 Дарддӕр цӕуы хуссарырдӕм, Акравимы+ къуылдыммӕ, уырдыгӕй Цинмӕ+, стӕй хуссарӕй хӕрдмӕ Кадес-Варнимӕ+, дарддӕр Есроммӕ, стӕй хӕрдмӕ Аддармӕ ӕмӕ уырдыгӕй фӕзылд Каркӕмӕ. 4 Дарддӕр цӕуы Ацмонмӕ+ ӕмӕ рахызт Египеты+ дӕлвӕзмӕ. Арӕнӕн йӕ кӕрон та у денджыз. Уый у сӕ арӕн хуссарырдыгӕй.
5 Скӕсӕнырдыгӕй сӕ арӕн у Цӕхджын денджыз, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уый онг. Цӕгатырдыгӕй та сӕ арӕн райдыдта денджызы донбакӕлӕнӕй, ома, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уырдыгӕй+. 6 Дарддӕр арӕн цӕуы хӕрдмӕ Беф-Хоглӕмӕ+, уырдыгӕй Беф-Аравӕйы+ цӕгатвӕрсты ӕмӕ стӕй хӕрдмӕ Рувимы фырт Боганы+ дурмӕ. 7 Уырдыгӕй арӕн цӕуы хӕрдмӕ, Ахоры+ дӕлвӕзы чи ис, уыцы Давирмӕ, стӕй фӕзылд цӕгатырдӕм Галгалмӕ+ – Галгал ис, дӕлвӕзы хуссарырдыгӕй чи ис, уыцы Адуммимы къуылдымы раз. Уырдыгӕй цӕуы Ен-Шемешы+ дӕттӕм ӕмӕ фӕвӕййы Ен-Рогелы+. 8 Дарддӕр арӕн цӕуы хӕрдмӕ Енномы+ фырты дӕлвӕзмӕ, йевусейты+ къуылдымы хуссар фарсмӕ, ома Иерусалиммӕ+, уырдыгӕй та – рефаимты+ дӕлвӕзы цӕгат кӕрон чи ис ӕмӕ Енномы дӕлвӕзы ныгуылӕн фарсмӕ чи кӕсы, уыцы хохы цъупмӕ. 9 Хохӕй арӕн цӕуы Нефтоахы+ суадонмӕ ӕмӕ дарддӕр, Ефроны хохыл цы горӕттӕ ис, уыдонмӕ. Уырдыгӕй та цӕуы Ваалмӕ+, ома Кириаф-Иариммӕ+. 10 Ваалӕй арӕн фӕзылд ныгуылӕнырдӕм Сеиры хохмӕ ӕмӕ цӕуы Йеаримы, ома Кесалоны, хохы цӕгат фарсмӕ. Уырдыгӕй цӕуы дӕлӕмӕ Вефсамисмӕ+ ӕмӕ дарддӕр Фимнӕмӕ+. 11 Стӕй арӕн цӕуы Екроны+ цӕгат фарсмӕ, уырдыгӕй Шикаронмӕ, дарддӕр ахызт Ваалы хохыл ӕмӕ рахызт Иавнеилмӕ. Арӕнӕн йӕ кӕрон та у денджыз.
12 Ныгуылӕн фарс та сӕ арӕн у Стыр денджызы+ былгӕрон. Уый у Иудӕйы фыртты хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ зӕххы арӕн кӕрӕй-кӕронмӕ.
13 Йефоннийы фырт Халевӕн+ Йесо хай радта Иудӕйы фыртты ’хсӕн, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Радта йын Кириаф-Арбӕ, ома Хеврон+. Арбӕ та уыд Енакы фыд. 14 Халев уырдыгӕй фӕсырдта Енакы+ ӕртӕ фырты: Шешайы+, Ахиманы ӕмӕ Фалмайы+ – Енакӕн чи райгуырд, уыдоны+. 15 Уый фӕстӕ уырдыгӕй ацыд ӕмӕ схӕцыд Давиры+ цӕрджытимӕ – Давир раздӕр хуынди Кириаф-Сефер+. 16 Халев загъта: «Кириаф-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсӕйы+ ратдзынӕн». 17 Ӕмӕ йӕ бацахста Гофониил+, Халевӕн йе ’фсымӕр Кеназы+ фырт. Ӕмӕ йын Халев йӕ чызг Ахсӕйы+ радта. 18 Ахсӕ йӕ лӕджы хӕдзармӕ куы цыд, уӕд Гофониилӕн дзурын райдыдта, цӕмӕй йын йӕ фыдӕй зӕхх ракура. Стӕй, хӕрӕгыл бадгӕйӕ, Ахсӕ йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта, мӕ фыд мӕм ракӕса, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд Халев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?»+ 19 Ахсӕ йын дзуапп радта: «Раарфӕ мын кӕн. Хуссары мын радтай зӕхх, фӕлӕ ма мын Гуллоф-Маим дӕр ратт». Ӕмӕ йын уый дӕр Уӕллаг Гуллоф ӕмӕ Дӕллаг Гуллоф радта+.
20 Адон сты Иудӕйы+ мыггаджы бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
21 Иудӕйы мыггаджы зӕххыл тӕккӕ хуссарырдыгӕй, Едомы+ арӕны ’рдыгӕй, уыди ахӕм горӕттӕ: Кавцеил+, Едер, Иагур, 22 Кинӕ, Димонӕ, Ададӕ, 23 Кедес, Асор, Ифнан, 24 Зиф, Телем+, Баалоф, 25 Гацор-Хадафӕ, Кириаф-Хецрон, ома Асор, 26 Амам, Шемӕ, Моладӕ+, 27 Хацар-Гаддӕ, Хешмон, Беф-Палет+, 28 Хацар-Шуал+, Вирсави+, Визиофей, 29 Ваал+, Иим, Ецем+, 30 Елтолад, Кесил, Хормӕ+, 31 Секелаг+, Мадманӕ, Сансанӕ, 32 Беф-Леваоф, Шелихим, Аин+ ӕмӕ Риммон+ – ӕдӕппӕтӕй дыууын фараст горӕты ӕд хъӕутӕ.
33 Шефелӕйы+: Естаол+, Цорӕ+, Ашнӕ, 34 Заноах+, Ен-Ганним, Таппуах, Гаенам, 35 Иармуф+, Одоллам+, Сохо+, Азекӕ+, 36 Шаарим+, Адифаим, Гедерӕ ӕмӕ Гедерофаим – цыппӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.
37 Ценан, Хадашӕ, Мигдал-Гад, 38 Дилеан, Массифӕ, Иокфеил, 39 Лахис+, Воцкаф+, Еглон+, 40 Хаббон, Лахмас, Хифлис, 41 Гедероф, Беф-Дагон, Наамӕ ӕмӕ Макед+ – ӕхсӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.
42 Ливнӕ+, Ефер+, Ашан, 43 Иффах, Ашнӕ, Нецив, 44 Кеил+, Ахзив+ ӕмӕ Марешӕ+ – фараст горӕты ӕд хъӕутӕ.
45 Екрон+ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ хъӕутимӕ. 46 Екронӕй ныгуылӕнырдӕм – Азотмӕ хӕстӕг цыдӕриддӕр горӕттӕ ис, уыдон ӕд хъӕутӕ.
47 Азот+ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ хъӕутимӕ, Газӕ+ йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ хъӕутимӕ, суанг Египеты дӕлвӕзы онг ӕмӕ Стыр денджызы былгӕрӕтты онг+.
48 Хӕхбӕсты: Шамир, Иаттир+, Сохо, 49 Даннӕ, Кириаф-Саннӕ, ома Давир, 50 Анав, Ештемо+, Аним, 51 Гесем+, Холон ӕмӕ Гило+ – иуӕндӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.
52 Арав, Думӕ, Ешан, 53 Ианум, Беф-Таппуах, Афек, 54 Хумтӕ, Кириаф-Арбӕ, ома Хеврон+, ӕмӕ Цигор – фараст горӕты ӕд хъӕутӕ.
55 Маон+, Кармил, Зиф+, Юттӕ, 56 Изреел, Иокдам, Заноах, 57 Каин, Гивӕ ӕмӕ Фимнӕ+ – дӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.
58 Халхул, Беф-Цур, Гедор, 59 Маараф, Беф-Аноф ӕмӕ Елтекон – ӕхсӕз горӕты ӕд хъӕутӕ.
60 Кириаф-Ваал+, ома Кириаф-Иарим+, ӕмӕ Раввӕ – дыууӕ горӕты ӕд хъӕутӕ.
61 Ӕдзӕрӕг быдыры: Беф-Аравӕ+, Миддин, Секахӕ, 62 Нившан, Цӕххы горӕт ӕмӕ Ен-Геди+ – ӕхсӕз горӕты ӕд хъӕутӕ.
63 Фӕлӕ Иудӕйы фырттӕн сӕ бон нӕ баци, Иерусалимы+ чи цард, уыцы йевусейты+ фӕсурын+, ӕмӕ йевусейтӕ абоны онг дӕр цӕрынц Иерусалимы, Иудӕйы фыртты ’хсӕн.
16 Иосифы фырттӕм+ хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ+ ӕрхауд мӕнӕ ацы зӕхх: Иорданы+ цӕугӕдон Иерихоны рӕзты кӕм цӕуы, уырдыгӕй Иерихоны дӕтты скӕсӕн фарсы онг, Иерихонӕй Вефилы+ хӕхбӕстӕм чи хӕццӕ кӕны, уыцы ӕдзӕрӕг быдыр. 2 Сӕ зӕххы арӕн цӕуы, Лузмӕ+ чи хауы, уыцы Вефилӕй Атарофы онг, ома архитӕгты+ зӕххы арӕны онг, 3 уырдыгӕй цӕуы дӕлӕмӕ ныгуылӕнырдӕм, иафлетӕгты зӕххы арӕнмӕ, суанг Дӕллаг Беф-Ороны+ арӕнты онг ӕмӕ Газеры+ онг, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+.
4 Ӕмӕ Иосифы фырттӕ+ – Манассийы мыггаг ӕмӕ Ефремы+ мыггаг – уыцы зӕхх сӕхи бакодтой+. 5 Ефремы мыггаджы хӕдзарвӕндӕгты зӕххы арӕн, бынӕн кӕй райстой, уыцы зӕххы арӕн скӕсӕнырдыгӕй у Атароф-Адар+ ӕмӕ уырдыгӕй цӕуы Уӕллаг Беф-Ороны+ онг. 6 Дарддӕр арӕн рахызти денджызмӕ. Цӕгатырдыгӕй сӕ арӕн у Михмефаф+, уырдыгӕй фӕзылд скӕсӕнырдӕм, Фаанаф-Силоммӕ ӕмӕ дарддӕр цӕуы Ианохмӕ, уый дӕр скӕсӕнырдӕм. 7 Ианохӕй цӕуы дӕлӕмӕ, Атарофмӕ ӕмӕ Наарӕмӕ, ӕрхӕццӕ Иерихонмӕ+ ӕмӕ рахызт Иорданы цӕугӕдонмӕ. 8 Таппуахӕй+ арӕн цӕуы ныгуылӕнырдӕм, Канӕйы+ дӕлвӕзмӕ, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+. Уыцы зӕххытӕ сты Ефремы мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 9 Ефремы фырттӕн ма, Манассийы фырттӕ кӕй райстой бынӕн, уыцы зӕххыл дӕр уыд горӕттӕ+ ӕмӕ хъӕутӕ.
10 Фӕлӕ Ефремы фырттӕ нӕ фӕсырдтой, Газеры+ чи цард, уыцы ханаайнӕгты+, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ абоны онг дӕр цӕрынц се ’хсӕн+ ӕмӕ сын ӕххуырстытӕ систы+.
17 Хал сӕппӕрстой+ Иосифы хистӕр фырт+ Манассийы+ мыггагӕн, Манассийы хистӕр фырт Махирӕн+, Галаады+ фыдӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди хъӕбатыр хӕстон+. Ӕмӕ йӕм Галаад+ ӕмӕ Васан ӕрхаудтой. 2 Хал сӕппӕрстой Манассийы иннӕ фырттӕн дӕр, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Авиезеры+ фырттӕн, Хелекы+ фырттӕн, Асриилы фырттӕн, Сихемы+ фырттӕн, Хеферы фырттӕн ӕмӕ Шемидӕйы+ фырттӕн. Уыдон сты Иосифы фырт Манассийы фырттӕ – нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 3 Фӕлӕ Салпаадӕн+, Манассийы фырт Махирӕн йӕ фырт Галаады фырт Хеферы фыртӕн, лӕппутӕ нӕ уыд, уыди йын ӕрмӕстдӕр чызджытӕ. Йӕ чызджыты нӕмттӕ уыдысты Махлӕ, Ноа, Хоглӕ, Милкӕ ӕмӕ Фирцӕ+. 4 Гъемӕ уыдон сауджын Елеазармӕ+, Навины фырт Йесомӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй нӕ мыггаджы ’хсӕн махӕн дӕр бынтӕ раттой»+. Ӕмӕ сын сӕ фыды ӕфсымӕрты ’хсӕн бынтӕ лӕвӕрд ӕрцыд, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ+.
5 Иорданы фаллаг фарс чи уыд, уыцы Галаад ӕмӕ Васанӕй дарддӕр ма Манассийы мыггагмӕ ӕрхауд дӕс зӕххы хайы+, 6 уымӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ’хсӕн бынтӕ райстой чызджытӕ дӕр. Галаады зӕхх та ӕрхауд Манассийы иннӕ фырттӕм.
7 Манассийы зӕххы арӕн цӕуы Асирӕй, Сихемы+ раз чи ис, уыцы Михмефафы+ онг, стӕй уырдыгӕй фӕзылд рахизырдӕм, Ен-Таппуахы адӕм кӕм цӕрынц, уырдӕм. 8 Таппуахы+ зӕхх ӕрхауд Манассийы мыггагмӕ, Таппуах йӕхӕдӕг та лӕууы Манассийы зӕххы арӕныл ӕмӕ у Ефремы фыртты. 9 Дарддӕр арӕн цӕуы дӕлӕмӕ хуссарырдӕм, Канӕйы дӕлвӕзмӕ. Дӕлвӕзы былыл лӕууынц Ефремы горӕттӕ+, сӕ алыварс та Манассийы горӕттӕ. Уырдыгӕй Манассийы зӕххы арӕн цӕуы дӕлвӕзы цӕгатвӕрсты, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+. 10 Хуссарырдыгӕй сты Ефремы зӕххытӕ, цӕгатырдыгӕй та – Манассийы зӕххытӕ, ӕмӕ денджыз у йӕ зӕххы арӕн+. Манассийы зӕххытӕн цӕгатырдыгӕй сты Асиры зӕххытӕ, скӕсӕнырдыгӕй та – Иссахары зӕххытӕ.
11 Иссахар ӕмӕ Асиры зӕххыл Манассимӕ+ ӕрхауд цалдӕр горӕты сӕ цӕрджытимӕ ӕмӕ сӕ дӕлбар горӕттимӕ: Беф-Сан+, Ивлеам+, Дор+, Аендор+, Фаанах+ ӕмӕ Мегиддо+. Уӕлвӕзтӕй ӕртӕ сты Манассийы мыггаджы.
12 Манассийы фырттӕн сӕ бон нӕ баци уыцы горӕттӕ бацахсын+, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ уыцы зӕххыл цӕргӕйӕ баззадысты+. 13 Израилы фырттӕ куы стыхджын сты+, уӕд ханаайнӕгтӕй сӕхицӕн ӕххуырстытӕ скодтой+, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ иууылдӕр нӕ байстой+.
14 Иосифы фырттӕ Йесойӕн загътой: «Йегъовӕ нын абоны онг дӕр арфӕ кӕны, ӕмӕ тынг сбирӕ стӕм. Ӕмӕ нын уӕд иу хал йеддӕмӕ цӕуылнӕ сӕппӕрстай+ ӕмӕ нын бынӕн иу хай йеддӕмӕ цӕуылнӕ радтай?»+ 15 Уӕд сын Йесо загъта: «Кӕд бирӕ стут ӕмӕ уын Ефремы хӕхбӕстӕ+ къуындӕг у, уӕд ацӕут ӕмӕ, ферезейты+ ӕмӕ рефаимты+ зӕххыл цы хъӕдтӕ ис, уым уӕхицӕн бынат ссыгъдӕг кӕнут». 16 Иосифы фырттӕ та йын загътой: «Хӕхбӕстӕ нын фаг нӕу, фӕлӕ дӕлвӕзы цӕрӕг ханаайнӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, Беф-Саны+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты чи цӕры, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, Изреелы+ дӕлвӕзы чи цӕры, уыдонмӕ дӕр ис, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ кӕмӕн ис, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ»+. 17 Ӕмӕ уӕд Йесо Иосифы фырттӕн, Ефремы мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггагӕн, загъта: «О, сымах бирӕ стут ӕмӕ уӕм стыр тых ис+. Иу хай уын фаг нӕу+. 18 Хӕхбӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сымах уыдзӕн+. Хъӕд у, фӕлӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзыстут, ӕмӕ уый уыдзӕн уӕ зӕххӕн йӕ кӕрон. Ӕмӕ кӕд ханаайнӕгтӕм, сӕ цӕлхытыл ӕфсӕйнаг кӕрдтӕ кӕмӕн ис, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ис ӕмӕ кӕд тыхджын сты, уӕддӕр сӕ фӕсурдзыстут»+.
18 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Силомы+ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ ӕмбырды цатыр уым сӕвӕрдтой+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх сӕхи баци+. 2 Фӕлӕ ма Израилы фыртты ’хсӕн уыди, бынтӕ уӕрст кӕмӕн нӕма ’рцыд, ахӕм мыггӕгтӕ – авд мыггаджы. 3 Ӕмӕ Йесо Израилы фырттӕн загъта: «Цас ма ракӕ-бакӕ кӕндзыстут? Кӕд ацӕудзыстут ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ цы зӕхх радта+, уый кӕд бацахсдзыстут?+ 4 Алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ ӕртӕ лӕджы равзарут, ӕмӕ сӕ ӕз арвитдзынӕн, цӕмӕй уыцы зӕххыл ӕрзилой ӕмӕ дзы кӕм цы ис, уый ныффыссой, ӕмӕ цӕмӕй бынтӕ уымӕ гӕсгӕ байуарӕм. Стӕй мӕнмӕ ӕрбацӕуӕнт+. 5 Зӕхх адих кӕндзысты авд хайыл+. Иудӕйы мыггаг баззайдзӕн хуссары – кӕм ис, уым+, ӕмӕ Иосифы фырттӕ дӕр баззайдзысты, кӕм сты, уым – цӕгаты+. 6 Сымах ацӕут, зӕххыл ӕрзилут, кӕм дзы цы ис, уый ныффыссут, стӕй йӕ авд хайыл адих кӕнут ӕмӕ йӕ мӕнмӕ ӕрбахӕссут, ӕмӕ уын ӕз ам нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз хӕлттӕ сӕппардзынӕн+. 7 Левиттӕн уе ’хсӕн хай нӕй+, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ хай у, Йегъовӕйӕн сауджынтӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый+. Гады мыггаг, Рувимы+ мыггаг ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбис та сӕ бынтӕ райстой Иорданы скӕсӕн фарс – Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей сын сӕ радта»+.
8 Уыцы лӕгтӕ дӕр сӕхи срӕвдз кодтой, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ, уыцы зӕххыл кӕм цы ис, уый ныффыссой, ӕмӕ сын Йесо бафӕдзӕхста+: «Ацӕут, уыцы зӕххыл ӕрзилут ӕмӕ дзы кӕм цы ис, уый ныффыссут, ӕмӕ мӕм стӕй ӕрбаздӕхут. Ӕмӕ уын ӕз ам, Силомы+, Йегъовӕйы раз хӕлттӕ сӕппардзынӕн»+. 9 Уыдон дӕр ацыдысты, зӕххыл ӕрзылдысты ӕмӕ йӕ авд хайыл адих кодтой. Стӕй чиныджы ныффыстой+, алы хайы дӕр дзы цы горӕттӕ уыд, уыдон. Уый фӕстӕ Йесомӕ Силоммӕ ӕрбаздӕхтысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. 10 Ӕмӕ сын Йесо Силомы Йегъовӕйы раз хӕлттӕ сӕппӕрста+. Афтӕмӕй Йесо Израилы фырттыл зӕхх байуӕрста, кӕмӕ дзы цы хай ӕрхауд, уымӕ гӕсгӕ+.
11 Фыццаг хал+ схауд Вениамины+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕм ӕрхауд, Иудӕйы+ ӕмӕ Иосифы+ фыртты ’хсӕн цы зӕхх уыди, уый. 12 Цӕгатырдыгӕй сӕ зӕххы арӕн райдыдта Иорданы цӕугӕдонӕй, дарддӕр цӕуы хӕрдмӕ, Иерихоны+ цӕгат фарсмӕ, уырдыгӕй ныгуылӕнырдӕм, хӕрдмӕ хохмӕ, ӕмӕ фӕвӕййы Беф-Авены+ ӕдзӕрӕг быдыры. 13 Уырдыгӕй арӕн цӕуы Лузы ’рдӕм, Лузы+ хуссар фарсмӕ, ома Вефилмӕ+, ӕмӕ дарддӕр дӕлӕмӕ, Атароф-Адармӕ+ – уый та лӕууы, Дӕллаг Беф-Оронӕй+ хуссарырдыгӕй чи ис, уыцы хохыл. 14 Уырдыгӕй арӕн фӕзылд хуссарырдӕм, сӕ зӕххы ныгуылӕн фӕрсты: цӕуы, Беф-Ороны хуссар фарсмӕ чи кӕсы, уыцы хохӕй ӕмӕ фӕвӕййы Кириаф-Ваалы, ома Кириаф-Иаримы+, Иудӕйы фыртты горӕты. Уый у сӕ арӕн ныгуылӕнырдыгӕй.
15 Хуссарырдыгӕй та сӕ арӕн райдыдта Кириаф-Иаримы кӕрон, дарддӕр цӕуы ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ рахызт Нефтоахы+ суадонмӕ. 16 Стӕй арӕн цӕуы дӕлӕмӕ, рефаимты+ дӕлвӕзы цӕгат кӕрон чи ис ӕмӕ Енномы+ фырты дӕлвӕзмӕ чи кӕсы, уыцы хохы рӕбынмӕ. Уырдыгӕй цӕуы Енномы дӕлвӕзмӕ, йевусейты+ горӕты хуссар фарсмӕ, ӕмӕ дарддӕр дӕлӕмӕ, Ен-Рогелмӕ+. 17 Дарддӕр цӕуы цӕгатырдӕм ӕмӕ рахызт Ен-Шемешмӕ, уырдыгӕй та, Адуммимы+ къуылдымы раз чи ис, уыцы Гелилофмӕ, ӕмӕ дарддӕр дӕлӕмӕ, Рувимы фырт Боганы+ дурмӕ+. 18 Уырдыгӕй цӕуы, Аравӕйы раз чи ис, уыцы хохы цӕгат фарсмӕ ӕмӕ стӕй дӕлӕмӕ, Аравӕмӕ. 19 Дарддӕр арӕн цӕуы Беф-Хоглӕйы+ цӕгат фарсмӕ ӕмӕ фӕвӕййы Цӕхджын денджызы+ цӕгат донбакӕлӕны, Иордан хуссарырдыгӕй денджызмӕ кӕм бакӕлы, уым. Уый у сӕ арӕн хуссарырдыгӕй. 20 Скӕсӕнырдыгӕй та сӕ арӕн у Иорданы цӕугӕдон. Адон сты, Вениамины фырттӕм сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ бынӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый арӕнтӕ.
21 Вениамины мыггагмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕрхауд мӕнӕ ацы горӕттӕ: Иерихон+, Беф-Хоглӕ, Емек-Кециц, 22 Беф-Аравӕ+, Цемараим, Вефил+, 23 Аввим, Фарӕ, Офрӕ+, 24 Кефар-Аммонай, Афни ӕмӕ Гевӕ+ – дыууадӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.
25 Гаваон+, Рамӕ, Беероф, 26 Массифӕ+, Кефирӕ+, Моцӕ, 27 Рекем, Ирфеил, Фаралӕ, 28 Целӕ+, йевусейты горӕт Елеф, ома Иерусалим+, Гивӕ+ ӕмӕ Кириаф – цыппӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ.
Адон сты Вениамины фыртты бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
19 Дыккаг хал+ схауд Симеонӕн, Симеоны+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Сӕ бынтӕ уыдысты, Иудӕйы фырттӕ бынӕн кӕй райстой, уыцы зӕххыл+. 2 Бынӕн сӕм ӕрхауд Вирсави+ Савӕимӕ, Моладӕ+, 3 Хацар-Шуал+, Валӕ, Ецем+, 4 Елтолад+, Вефул, Хормӕ, 5 Секелаг+, Беф-Маркавоф, Хацар-Сусӕ+, 6 Беф-Леваоф+, Шарухен – ӕртындӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 7 Аин+, Риммон+, Ефер ӕмӕ Ашан+ – цыппар горӕты ӕд хъӕутӕ, 8 ӕмӕ ма уыцы горӕтты алыварс цыдӕриддӕр хъӕутӕ уыди, уыдон дӕр, суанг Ваалаф-Беермӕ+, хуссар Рамӕмӕ+. Адон сты Симеоны мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 9 Симеоны фырттӕн зӕхх бынӕн рахицӕн кодтой, Иудӕйы фырттӕм цы зӕхх ӕрхауд, ууыл, уымӕн ӕмӕ Иудӕйы фырттӕн уыцы зӕхх ӕгӕр стыр уыди+. Гъемӕ Симеоны фырттӕ бынтӕ райстой уыдоны зӕххыл+.
10 Ӕртыккаг хал+ схауд Завулоны+ фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ зӕххы арӕн хӕццӕ кӕны Сариды онг. 11 Уырдыгӕй сӕ арӕн цӕуы хӕрдмӕ, ныгуылӕнырдӕм, Маралӕмӕ ӕмӕ хӕццӕ кӕны Дабешефы онг ӕмӕ, Иокнеамы+ раз чи ис, уыцы дӕлвӕзы онг. 12 Саридӕй цӕуы фӕстӕмӕ, скӕсӕнырдӕм, Кислоф-Фаворы арӕнмӕ, стӕй рахызт Даврафмӕ+ ӕмӕ цӕуы хӕрдмӕ, Иафимӕ. 13 Уырдыгӕй дарддӕр цӕуы скӕсӕнырдӕм, Гафхефермӕ+, Итта-Кацинмӕ, стӕй рахызт Риммонмӕ ӕмӕ цӕуы Нейӕмӕ. 14 Уыцы горӕтыл арӕн ӕрзылд цӕгатырдыгӕй, стӕй цӕуы Ханнафонмӕ ӕмӕ фӕвӕййы Ифтах-Елы дӕлвӕзы. 15 Завулоны фыртты ма сты Каттаф, Нагалал, Шимрон+, Идеалӕ ӕмӕ Вифлеем+ дӕр – ӕдӕппӕтӕй дыууадӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 16 Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Завулоны мыггаджы бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
17 Цыппӕрӕм хал схауд Иссахарӕн+, Иссахары фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 18 Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Изреелыл+, стӕй Кесуллоф, Сунем+, 19 Хафараим, Шион, Анахараф,20 Раввиф, Кишион, Авец, 21 Ремеф, Ен-Ганним+, Ен-Хаддӕ ӕмӕ Беф-Пацецыл. 22 Сӕ арӕн хӕццӕ кӕны Фавормӕ+, Шахациммӕ ӕмӕ Вефсамисмӕ ӕмӕ фӕвӕййы Иорданы цӕугӕдоны раз. Ӕдӕппӕтӕй ӕхсӕрдӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 23 Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Иссахары мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
24 Фӕндзӕм хал+ схауд Асиры+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 25 Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Хелкафыл+, стӕй Хали, Ветен, Ахсаф+, 26 Аламелех, Амад ӕмӕ Мишалыл+. Хурныгуылӕнырдыгӕй хӕццӕ кӕны Кармил+ ӕмӕ Шихор-Ливнафы онг. 27 Дарддӕр цӕуы фӕстӕмӕ, скӕсӕнырдӕм, Беф-Дагонмӕ, ӕмӕ хӕццӕ кӕны Завулоны+ онг, Ифтах-Елы дӕлвӕзы цӕгат фарсы онг, Беф-Емек ӕмӕ Нейелы онг, дарддӕр цӕуы Кавулы галиувӕрсты, 28 ӕмӕ дарддӕр Евронмӕ, Реховмӕ, Хаммонмӕ ӕмӕ Канӕмӕ, суанг стыр горӕт Сидоны+ онг. 29 Уырдыгӕй арӕн цӕуы фӕстӕмӕ, Рамӕйы ’рдӕм ӕмӕ хӕццӕ кӕны фидаргонд горӕт Тиры+ онг. Дарддӕр арӕн цӕуы фӕстӕмӕ, Хосӕмӕ ӕмӕ фӕвӕййы денджызы былгӕрон, Ахзив+ кӕм ис, уым. 30 Асиры мыггаджы ма сты Уммӕ, Афек+ ӕмӕ Рехов+ дӕр – ӕдӕппӕтӕй дыууын дыууӕ горӕты ӕд хъӕутӕ. 31 Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Асиры мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
32 Ӕхсӕзӕм хал+ схауд Неффалимӕн+, Неффалимы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 33 Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Хелефӕй, Цананнимы+ цы стыр бӕлас ис, уырдыгӕй. Стӕй цӕуы Адами-Некев ӕмӕ Иавнеилыл, хӕццӕ кӕны Лаккуммӕ ӕмӕ фӕвӕййы Иорданы цӕугӕдоны раз. 34 Уырдыгӕй арӕн цӕуы фӕстӕмӕ, ныгуылӕнырдӕм, Азноф-Фавормӕ, уырдыгӕй рахызт Хуккокмӕ ӕмӕ хуссарырдыгӕй хӕццӕ кӕны Завулоны+ арӕны онг, ныгуылӕнырдыгӕй – Асиры+ арӕны онг ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны цур, хур кӕм скӕсы, уым та – Иудӕйы*+ арӕны онг. 35 Сӕ фидаргонд горӕттӕ уыдысты Циддим, Цер, Хамаф+, Раккаф, Киннереф+, 36 Адамӕ, Рамӕ, Асор+, 37 Кедес+, Едрей, Ен-Гацор, 38 Иреон, Мигдал-Ел, Хорем, Беф-Анаф ӕмӕ Вефсамис+ – нудӕс горӕты ӕд хъӕутӕ. 39 Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Неффалимы мыггаджы+ бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
40 Ӕвдӕм хал+ та схауд Даны+ мыггагӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 41 Сӕ зӕххы арӕн цӕуы Цорӕйыл+, стӕй Естаол, Ир-Шемеш, 42 Шаалаввин+, Аиалон+, Ифлӕ, 43 Елон, Фимнӕ+, Екрон+, 44 Елтеке, Гавафон+, Ваалаф+, 45 Игуд, Бене-Верак, Гаф-Риммон+, 46 Ме-Иаркон ӕмӕ Раконыл, стӕй Иоппийы+ рӕзты. 47 Фӕлӕ Даны фырттӕн сӕ зӕххытӕ ӕгӕр къуындӕг+ уыдысты. Гъемӕ Даны фырттӕ ацыдысты ӕмӕ Ласемимӕ+ схӕцыдысты. Бацахстой уыцы горӕт ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой. Ӕмӕ уыцы горӕт сӕхи баци, ӕмӕ дзы ӕрцардысты. Йӕ ном Ласем ын раивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой Дан, сӕ фыдӕл Даны номӕй+. 48 Ацы горӕттӕ ӕд хъӕутӕ сты Даны мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
49 Уыйадыл зӕхх хӕйттыл дихгонд фесты. Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ Навины фырт Йесойӕн дӕр се ’хсӕн бынтӕ радтой. 50 Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын радтой, цы горӕт куырдта, уый+ – Фамнаф-Сараи+, Ефремы хӕхбӕсты. Гъемӕ Йесо уыцы горӕт сарӕзта ӕмӕ дзы ӕрцард.
51 Адон сты, сауджын Елеазар, Навины фырт Йесо ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕ Силомы+ Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз+, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ кӕй байуӕрстой, уыцы бынтӕ+. Уыйадыл зӕхх уӕрст фӕци.
20 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Уӕхицӕн рахицӕн кӕнут, Моисейы уылты уын кӕй тыххӕй дзырдтон, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ+, 3 цӕмӕй-иу уырдӕм алидза, адӕймаджы* барӕй чи нӕ амара+, уый. Уыцы горӕттӕ уын уыдзысты тугисджытӕй бамбӕхсынӕн+. 4 Адӕймаг кӕй къухӕй амӕла, уый хъуамӕ алидза+ уыцы горӕттӕй иумӕ, горӕты кулдуары+ раз слӕууа ӕмӕ, цы ’рцыди, уый горӕты хистӕр лӕгтӕн+ радзура. Уыдон ӕй горӕтмӕ мидӕмӕ бауадздзысты ӕмӕ йын цӕрӕнбынат ратдзысты, ӕмӕ уым цӕрдзӕн. 5 Тугисӕг йӕ фӕдыл куы ’рхӕццӕ уа ӕмӕ йӕ куы ’рцагура, уӕд ын ӕй хъуамӕ йӕ къухмӕ ма раттой+, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы барӕй нӕ амардта, йе сӕфт дзы нӕ уыдта+. 6 Ӕмӕ уыцы горӕты цӕрдзӕн, цалынмӕ адӕмы раз тӕрхоны+ не ’рлӕууа, уӕдмӕ. Аххосджын кӕй нӕу, уый куы сбӕлвырд кӕной, уӕд уыцы горӕты хъуамӕ цӕра, цалынмӕ, йӕ рӕстӕджы хистӕр сауджын+ чи уа, уый нӕ амӕла, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн, цы горӕтӕй алыгъд, уырдӕм, йӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхын“»+.
7 Ӕмӕ Израилы фырттӕ уыцы хъуыддагӕн Галилейӕйы, Неффалимы хӕхбӕсты рахицӕн кодтой* Кедес+, Ефремы хӕхбӕсты – Сихем+ ӕмӕ Иудӕйы хӕхбӕсты – Кириаф-Арбӕ+, ома Хеврон. 8 Иорданы скӕсӕнырдыгӕй, Иерихонмӕ хӕстӕг та Рувимы+ мыггаджы номӕй радтой, ӕдзӕрӕг быдыры, уӕлвӕзыл чи ис, уыцы Бецер+, Гады мыггаджы номӕй – Галаады чи ис, уыцы Рамоф+, Манассийы мыггаджы номӕй та – Васаны чи ис, уыцы Голан+.
9 Уыцы горӕттӕ рахицӕн кодтой ӕппӕт Израилы фырттӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр, цӕмӕй-иу, адӕймаджы* барӕй чи нӕ амара, уый уырдӕм алидза+ ӕмӕ цалынмӕ адӕмы раз не ’рлӕууа, уӕдмӕ тугисӕджы къухӕй ма амӕла+.
21 Левитты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕрбацыдысты сауджын Елеазармӕ+, Навины фырт Йесомӕ+ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм 2 ӕмӕ Силомы+, Ханааны зӕххыл, семӕ ныхас кодтой ӕмӕ сын загътой: «Йегъовӕ Моисейы уылты бафӕдзӕхста, цӕмӕй нын цӕрынӕн горӕттӕ раттой, стӕй нӕ фосӕн та – хизӕнтӕ»+. 3 Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Израилы фырттӕ сӕ бынтӕй левиттӕн+ радтой горӕттӕ ӕмӕ, уыцы горӕтты алыварс цы фосхизӕнтӕ уыди, уыдон+.
4 Фыццаг хал схауд, Каафӕй+ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдонӕн. Ӕмӕ уыцы левиттӕм, сауджын Аароны фырттӕм, ӕрхауд ӕртындӕс горӕты Иудӕйы+ мыггагӕй, Симеоны+ мыггагӕй ӕмӕ Вениамины+ мыггагӕй.
5 Каафы+ иннӕ фырттӕм та ӕрхауд дӕс горӕты Ефремы+ мыггаджы хӕдзарвӕндӕгтӕй, Даны+ мыггагӕй ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисӕй.
6 Гирсоны+ фырттӕм ӕрхауд ӕртындӕс горӕты Иссахары+ мыггаджы хӕдзарвӕндӕгтӕй, Асиры+ мыггагӕй, Неффалимы+ мыггагӕй ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕй, Васаны+ чи ис, уымӕй.
7 Мерарийы+ фырттӕм сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕрхауд дыууадӕс горӕты Рувимы+ мыггагӕй, Гады+ мыггагӕй ӕмӕ Завулоны+ мыггагӕй.
8 Ацы горӕттӕ ӕмӕ хизӕнтӕ+ Израилы фырттӕ, хӕлттӕ+ сӕппаргӕйӕ, радтой левиттӕн, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд загъта, афтӕ+.
9 Иудӕйы мыггаг ӕмӕ сын Симеоны мыггаг цы горӕттӕ радтой, уыдон нымад сты номгай+, 10 ӕмӕ уыцы горӕттӕ баисты, Каафы хӕдзарвӕндагӕй чи рацыд, уыцы левитты, Аароны фыртты, уымӕн ӕмӕ фыццаг хал уыдонӕн схауд+. 11 Иудӕйы+ хӕхбӕсты сын радтой Кириаф-Арбӕ+, ома Хеврон+ (Арбӕ уыд Енакы фыд)+, ӕмӕ йӕ алыварс цы фосхизӕнтӕ уыд, уыдон. 12 Горӕты алыварс цы быдыртӕ ӕмӕ цы хъӕутӕ уыд, уыдон та радтой Йефоннийы фырт Халевӕн+.
13 Сауджын Аароны фырттӕн радтой, марджытӕн+ кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт+ Хеврон+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Ливнӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 14 Иаттир+ ӕд хизӕнтӕ, Ештемоа+ ӕд хизӕнтӕ, 15 Холон*+ ӕд хизӕнтӕ, Давир+ ӕд хизӕнтӕ, 16 Аин*+ ӕд хизӕнтӕ, Юттӕ+ ӕд хизӕнтӕ, Вефсамис+ ӕд хизӕнтӕ – уыцы дыууӕ мыггаджы сын радтой фараст горӕты.
17 Вениамины мыггаг сын радта Гаваон+ ӕд хизӕнтӕ, Гевӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 18 Анафоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Алмон*+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
19 Аароны+ фырттӕн, сауджынтӕн, ӕдӕппӕтӕй радтой ӕртындӕс горӕты ӕд хизӕнтӕ+.
20 Каафӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдонмӕ, ома Каафы иннӕ фырттӕм, левиттӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауд горӕттӕ Ефремы мыггагӕй+. 21 Ефремы хӕхбӕсты сын радтой, марджытӕн+ кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт+ Сихем+ ӕд хизӕнтӕ+, стӕй Газер+ ӕд хизӕнтӕ, 22 Кивцаим*+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Беф-Орон+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
23 Даны мыггаг сын радта Елтеке ӕд хизӕнтӕ, Гавафон+ ӕд хизӕнтӕ, 24 Аиалон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Гаф-Риммон+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
25 Манассийы мыггаджы ӕмбис сын радта Фаанах+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Гаф-Риммон ӕд хизӕнтӕ – дыууӕ горӕты.
26 Каафӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕй иннӕтӕн ӕдӕппӕтӕй радтой дӕс горӕты ӕд хизӕнтӕ.
27 Левитты хӕдзарвӕндӕгтӕй Гирсоны+ фырттӕн та Манассийы+ мыггаджы ӕмбис радта, марджытӕн кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт – Васаны чи ис, уыцы Голан+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Беештерӕ*+ ӕд хизӕнтӕ – дыууӕ горӕты.
28 Иссахары+ мыггаг сын радта Кишион+ ӕд хизӕнтӕ, Давраф+ ӕд хизӕнтӕ, 29 Иармуф*+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Ен-Ганним+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
30 Асиры+ мыггаг сын радта Мишал+ ӕд хизӕнтӕ, Авдон+ ӕд хизӕнтӕ, 31 Хелкаф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Рехов+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
32 Неффалимы+ мыггаг сын радта, марджытӕн+ кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт+ – Галилейӕйы чи ис, уыцы Кедес+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Хамоф-Дор+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Карфан* ӕд хизӕнтӕ – ӕртӕ горӕты.
33 Гирсоны фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй радтой ӕртындӕс горӕты ӕд хизӕнтӕ.
34 Иннӕ левиттӕн та, Мерарийӕ+ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕн, Завулоны+ мыггаг радта Иокнеам+ ӕд хизӕнтӕ, Карфӕ ӕд хизӕнтӕ, 35 Димнӕ*+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Нагалал+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
36 Рувимы+ мыггаг сын радта Бецер+ ӕд хизӕнтӕ, Иаацӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 37 Кедемоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Мефааф+ ӕд хизӕнтӕ – цыппар горӕты.
38 Гады+ мыггаг сын радта, марджытӕн кӕй рахицӕн кодтой, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕт – Галаады+ чи ис, уыцы Рамоф ӕд хизӕнтӕ, стӕй Маханаим+ ӕд хизӕнтӕ, 39 Есевон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Иазер+ ӕд хизӕнтӕ – ӕдӕппӕтӕй цыппар горӕты.
40 Мерарийы+ фырттӕм, левитты иннӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕрхауд дыууадӕс горӕты.
41 Израилы фыртты ’хсӕн левиттӕн цы горӕттӕ радтой, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор аст горӕты+ ӕд хизӕнтӕ+. 42 Уыцы горӕттӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ алыварс уыди хизӕнтӕ+.
43 Афтӕ Йегъовӕ Израилӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй+, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх иууылдӕр, ӕмӕ йӕ бацахстой+ ӕмӕ йыл ӕрцардысты. 44 Уымӕй уӕлдай ма сын Йегъовӕ радта ӕнцойдзинад+ алырдыгӕй, куыддӕриддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн расомы кодта+, афтӕ, ӕмӕ се знӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд сӕ ныхмӕ фӕлӕууын+. Се знӕгты сын се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ сӕ къухмӕ радта+. 45 Йегъовӕ Израилы адӕмӕн цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты!+
22 Уыцы рӕстӕг Йесо фӕдзырдта Рувимы мыггагмӕ, Гады мыггагмӕ ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисмӕ 2 ӕмӕ сын загъта: «Сымах сӕххӕст кодтат, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста+, уый, ӕмӕ мын мӕ ныхасмӕ хъуыстат – цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уый бакодтат+. 3 Уыйбӕрц рӕстӕг+, суанг абоны онг, уе ’фсымӕрты фарсмӕ уыдыстут, ӕмӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уый сӕххӕст кодтат+. 4 Ӕмӕ ныр уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе ’фсымӕртӕн радта ӕнцойдзинад, зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ+. Уӕдӕ аздӕхут фӕстӕмӕ уӕ цатыртӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уын Иорданы фаллаг фарс бынӕн кӕй радта, уыцы зӕххытӕм+. 5 Ӕрмӕст уын Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей цы Закъон ӕмӕ цы фӕдзӕхстытӕ+ радта, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут: уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕут+, йӕ фӕдзӕхстытыл ын фидар хӕцут+, ӕнувыд ыл ут*+ ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+ лӕггад кӕнут»+.
6 Уыйадыл сын Йесо раарфӕ кодта+ ӕмӕ сӕ арвыста. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ цатыртӕм ацыдысты. 7 Манассийы мыггаджы иу ӕмбисӕн Моисей бынтӕ радта Васаны+, иннӕ ӕмбисӕн та Йесо бынтӕ радта се ’фсымӕрты ’хсӕн Иорданы ныгуылӕн фарс+. Гъемӕ Йесо уыдонӕн дӕр раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ сӕ цатыртӕм арвыста. 8 Загъта сын: «Уӕ цатыртӕм аздӕхут стыр мулк ӕмӕ бирӕ фосимӕ, ахӕссут ӕвзист, сызгъӕрин, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг, стӕй тынг бирӕ уӕлӕдарӕс+. Ахӕссут, уе знӕгтӕй цы байстат, уый+ ӕмӕ дзы уе ’фсымӕртӕн дӕр фӕхай кӕнут».
9 Уый фӕстӕ Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис иннӕ израилӕгты ныууагътой ӕмӕ Силомӕй, Ханааны зӕххӕй, фӕстӕмӕ аздӕхтысты Галаады зӕхмӕ+, Йегъовӕ сын Моисейы уылты бынӕн кӕй радта ӕмӕ кӕм ӕрцардысты, уыцы зӕхмӕ+. 10 Ӕмӕ Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис Ханааны зӕххыл Иорданы цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым Иорданы раз стыр нывондхӕссӕн сарӕзтой+. 11 Цасдӕры фӕстӕ иннӕ израилӕгтӕ фехъуыстой+, зӕгъгӕ, дам, Ханааны зӕххы арӕныл, Иорданмӕ хӕстӕг, Израилы фыртты чи у, уыцы фарсы ’рдыгӕй Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис нывондхӕссӕн сарӕзтой. 12 Израилы+ фырттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд иууылдӕр Силомы+ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ семӕ схӕцой+.
13 Ӕмӕ Израилы фырттӕ сауджын Елеазары фырт Финеесы+ арвыстой+ Рувимы фырттӕм, Гады фырттӕм ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ. 14 Йемӕ ма йын арвыстой дӕс хистӕры – Израилы алы мыггагӕй дӕр иу хистӕр. Израилы минты ’хсӕн сӕ алкӕцыдӕр уыди хӕдзарвӕндаджы хистӕр+. 15 Ӕмӕ Рувимы фырттӕм, Гады фырттӕм ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ сын загътой+:
16 «Йегъовӕйы+ адӕм се ’ппӕт дӕр зӕгъынц: „Израилы Хуыцауыл уӕ зӕрдӕ цӕмӕн сивтат?+ Цӕуылнӕуал кӕсут Йегъовӕйы коммӕ?+ Уӕхицӕн нывондхӕссӕн+ цӕмӕн сарӕзтат ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ цӕмӕн рацыдыстут? 17 Фегоры+ раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый нын фаг нӕ уыд? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм, кӕд Йегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд баййӕфтой, уӕддӕр?+ 18 Ныр та сымах нал фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын! Абон сымах Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацӕуат, уӕд райсом йӕ маст ссудздзӕн ӕппӕт Израилы адӕммӕ+. 19 Кӕд уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ бынӕн цы зӕхх райстат, уый сыгъдӕг нӕу+, уӕд ацӕут Йегъовӕйы зӕхмӕ+, Йегъовӕйы цатыр кӕм ис, уырдӕм+, ӕмӕ уым не ’хсӕн цӕрут. Ӕрмӕст, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн цы нывондхӕссӕн ис, уымӕй уӕлдай уӕхицӕн ӕндӕр нывондхӕссӕн ма саразут, Йегъовӕйы ныхмӕ ма рацӕут ӕмӕ йӕ нӕ ныхмӕ дӕр ма скӕнут+. 20 Исты Зарайы фырт Ахан+ нӕ сарӕзта тӕригъӕд, сӕфты хай цы хъуыди бакӕнын, уый куы адавта, уӕд? Ӕмӕ Хуыцауы маст та ӕгас Израилы адӕммӕ дӕр не ссыгъд?+ Йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ бабын“»+.
21 Уӕд Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис Израилы минты хистӕртӕн+ загътой+: 22 «Хъомысджын+ Хуыцау+ Йегъовӕ, Хъомысджын Хуыцау Йегъовӕ+ йӕ зоны+, ӕмӕ йӕ Израил дӕр базондзӕн+. О Йегъовӕ, кӕд дӕ ныхмӕ рацыдыстӕм+, кӕд дыл нӕ зӕрдӕ сивтам+, уӕд нӕ абон ма фервӕзын кӕн. 23 Кӕд нывондхӕссӕн уый тыххӕй сарӕзтам, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нал фӕнды ӕмӕ йыл кӕд судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ хӕссинаг уыдыстӕм, уӕд нӕ Йегъовӕйы фыдӕх баййафӕд+. 24 Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй нӕ сарӕзтам. Мах ууыл мӕт кодтам, ӕмӕ, мыййаг, фидӕны уӕ фырттӕ нӕ фырттӕн куы зӕгъой: „Сымахӕн та Израилы Хуыцау Йегъовӕимӕ иумӕйагӕй цы ис? 25 Рувимы ӕмӕ Гады фырттӕ! Йегъовӕ мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн скодта арӕн – Иордан. Сымахӕн Йегъовӕмӕ хай нӕй“+. Ӕмӕ уӕ фыртты тыххӕй нӕ фырттӕ Йегъовӕйӕ нал тӕрсдзысты+.
26 Гъемӕ загътам: „Цӕй ӕмӕ нӕхицӕн нывондхӕссӕн саразӕм, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ, фӕлӕ 27 цӕмӕй ӕвдисӕн уа мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн+ ӕмӕ нӕ байзӕддӕгты ’хсӕн, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ уымӕн кӕй хӕсдзыстӕм нӕ судзинаг нывӕндтӕ, фарны нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр+, ӕмӕ цӕмӕй фидӕны уӕ фырттӕ нӕ фырттӕн ма зӕгъой: „Сымахӕн Йегъовӕмӕ хай нӕй“. 28 Ӕмӕ загътам: „Искуы нӕхицӕн кӕнӕ нӕ байзӕддӕгтӕн афтӕ куы зӕгъой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Мӕнӕ уынут, махӕн дӕр ис Йегъовӕйы нывондхӕссӕны хуызӕн нывондхӕссӕн, нӕ фыдӕлтӕ нын ӕй скодтой. Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ йӕ ӕндӕр нывӕндтӕ хӕссынӕн не скодтой, фӕлӕ цӕмӕй ӕвдисӕн уа мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн“. 29 Махӕн уый нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыди, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм ӕмӕ+, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ цатыры раз чи ис, уыцы нывондхӕссӕнӕй уӕлдай ӕндӕр нывондхӕссӕн саразӕм судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ хӕссынӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ мауал кӕсӕм!»+
30 Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы фырттӕ цы загътой, уый сауджын Финеес+ ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы хистӕртӕ+ ӕмӕ Израилы минты хистӕртӕ куы фехъуыстой, уӕд уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди. 31 Ӕмӕ сауджын Елеазары фырт Финеес Рувимы фырттӕн, Гады фырттӕн ӕмӕ Манассийы фырттӕн загъта: «Ныр ӕй зонӕм, Йегъовӕ не ’хсӕн кӕй ис+, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйыл уӕ зӕрдӕ нӕ сивтат. Абон сымах Израилы фыртты Йегъовӕйы фыдӕхӕй бахызтат»+.
32 Уый фӕстӕ сауджын Елеазары фырт Финеес ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ныууагътой Рувимы фыртты ӕмӕ Гады фыртты, ӕмӕ Галаады зӕххӕй ӕрыздӕхтысты+ Ханааны зӕхмӕ, Израилы иннӕ фырттӕм, ӕмӕ сын алцыдӕр радзырдтой+. 33 Израилы фырттӕн уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодтой+ ӕмӕ нал дзырдтой, зӕгъгӕ, ацӕуӕм, Рувимы ӕмӕ Гады фырттимӕ схӕцӕм ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнӕм.
34 Ӕмӕ Рувимы фырттӕ ӕмӕ Гады фырттӕ уыцы нывондхӕссӕнӕн радтой ном, уымӕн ӕмӕ «уый у ӕвдисӕн не ’ппӕтӕн дӕр, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у»+.
23 Йегъовӕ Израилӕн ӕнцойдзинад+ куы радта, куы йӕ фервӕзын кодта, йӕ алыварс цы знӕгтӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр, уымӕй рацыд дзӕвгар рӕстӕг. Йесо базӕронд, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой+. 2 Ӕмӕ уӕд Йесо фӕдзырдта ӕппӕт Израилмӕ+, сӕ хистӕр лӕгтӕм, сӕ мыггӕгты хистӕртӕм, сӕ тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ сӕ хицӕуттӕм+ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз базӕронд дӕн, азтӕ мыл сӕ уӕз ӕруагътой. 3 Сымах федтат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ сымах тыххӕй ӕппӕт ацы адӕмтӕн цы бакодта, уый+. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ хӕцыд уӕ сӕрыл+. 4 Ӕз та уын уӕ мыггӕгтыл, йӕ хал+ кӕмӕн куыд схауд, уымӕ гӕсгӕ байуӕрстон, ацы адӕмтӕй ма чи баззад, уыдоны зӕххытӕ+ ӕмӕ, Иорданӕй ныгуылӕнырдӕм суанг Стыр денджызы онг кӕй фӕцагътон, уыцы адӕмты зӕххытӕ дӕр, ӕмӕ уын сӕ бынӕн радтон+. 5 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг фӕсырдта уӕ разӕй+, байста сын сӕ зӕххытӕ ӕмӕ сӕ сымахӕн радта. Ӕмӕ сӕ зӕххытӕ сымах баисты, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+.
6 Сымах хъуамӕ уат хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, цӕмӕй, Моисейы закъоны чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл фидар хӕцат ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнат+. Макуы дзы аздӕхут нӕдӕр рахизырдӕм, нӕдӕр галиуырдӕм+ 7 ӕмӕ ма хӕццӕ кӕнут, уе ’хсӕн ма чи баззад, уыцы адӕмтимӕ+. Сӕ хуыцӕутты нӕмтӕ сын ма дзурут+ ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕй сомы дӕр ма кӕнут+, ма сын кувут ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕуут+. 8 Фӕлӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕнувыд ут*+, абоны онг ыл куыд ӕнувыд уыдыстут, афтӕ. 9 Ӕмӕ Йегъовӕ уӕ разӕй фӕсурдзӕн стыр ӕмӕ тыхджын адӕмты+ – ныронг дӕр уӕ ныхмӕ ничи фӕлӕууыд+. 10 Сымахӕй иу сурдзӕн мины+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ хӕцы уӕ сӕрыл+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ+. 11 Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ афтӕмӕй уӕ удтӕ хъахъхъӕнут+.
12 Фӕлӕ Хуыцауы куы ныууадзат+ ӕмӕ ма ацы адӕмтӕй уе ’хсӕн чи ис, уыдонимӕ куы баиу уат+, уӕхицӕн сӕ хӕстӕгӕн куы агурат+, ӕмӕ сымах уыдонимӕ куы хӕццӕ кӕнат, уыдон та – сымахимӕ, 13 уӕд ӕй зонут: уӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы адӕмтӕн сӕ зӕххытӕ нал исдзӕн ӕмӕ сӕ сымахӕн нал дӕтдзӕн+, ӕмӕ уын уыдон къӕппӕг ӕмӕ хызӕй уӕлдай нӕ уыдзысты+, уӕ фӕрстӕн уыдзысты ехс, уӕ цӕстытӕн – сындзытӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй радта, уыцы хорз зӕххӕй цалынмӕ нӕ фесӕфат, уӕдмӕ+.
14 Ныр ӕз цӕуын, зӕххыл алы адӕймагӕн дӕр цы фӕндагыл цӕугӕ у, ууыл+, ӕмӕ йӕ сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг+. 15 Фӕлӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдон уыл се ’ппӕт дӕр куыд ӕрцыдысты+, афтӕ уыл ӕрцӕудзысты Йегъовӕйы ӕлгъыстытӕ дӕр, ӕмӕ уӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ фесафдзӕн, кӕй уын радта, уыцы хорз зӕххӕй+. 16 Афтӕ уын бакӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы бадзырд радта, цы уын бафӕдзӕхста, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ куы ацӕуат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы куват ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат, уӕд+. Йегъовӕйы маст уӕм ссудздзӕн+, ӕмӕ уайтагъд фесӕфдзыстут, кӕй уын радта, уыцы хорз зӕххӕй»+.
24 Йесо Израилы мыггӕгты се ’ппӕты дӕр Сихеммӕ+ ӕрӕмбырд кодта, фӕдзырдта Израилы хистӕр лӕгтӕм+, мыггӕгты хистӕртӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хицӕуттӕм, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы раз ӕрлӕууыдысты+. 2 Ӕмӕ уӕд Йесо ӕппӕт адӕмӕн дӕр загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕ+, сӕ иу – Фаррӕ, Авраамы ӕмӕ Нахоры+ фыд, цардысты Стыр цӕугӕдоны*+ фаллаг фарс ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куывтой.
3 Фӕлӕ уын ӕз уӕ фыдӕл Авраамы+ Стыр цӕугӕдоны+ фаллаг фарсӕй ракодтон, ӕгас Ханааны зӕххыл ӕй ӕрзилын кодтон ӕмӕ йын йӕ байзӕддӕгты сбирӕ кодтон+. Ӕз ын радтон Исахъы+. 4 Исахъӕн та радтон Иаков ӕмӕ Исавы+. Фӕстӕдӕр Исавӕн бынӕн радтон Сеиры хох+, Иаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та ацыдысты Египетмӕ+. 5 Стӕй уӕм арвыстон Моисей ӕмӕ Аароны+, ӕмӕ Египетыл бӕллӕхтӕ ӕруагътон+ ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ уырдыгӕй ракодтон+. 6 Уӕ фыдӕлты уын Египетӕй куы кодтон+ ӕмӕ денджызы цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд египетӕгтӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджын ӕфсадимӕ уӕ фыдӕлты фӕстейӕ расырдтой+ ӕмӕ сӕ фӕдыл цыдысты Сырх денджызы онг. 7 Ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сдзынӕзтой+. Уӕд ӕз сымах ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн тар мигъ февзӕрын кодтон+, ӕмӕ сӕ денджызы дӕтты бын фӕкодтон+. Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, ӕз Египеты цытӕ бакодтон, уый+. Уый фӕстӕ дзӕвгар рӕстӕг цардыстут ӕдзӕрӕг быдыры+.
8 Ӕппынфӕстаг уӕ бакодтон, Иорданы фаллаг фарс чи цард, уыцы аморейты зӕхмӕ. Уыдон уемӕ схӕцыдысты+, фӕлӕ уын сӕ ӕз уӕ къухмӕ радтон, цӕмӕй сын сӕ зӕхх уӕхи бакодтаиккат, ӕмӕ сӕ фӕцагътон+. 9 Уый фӕстӕ Израилимӕ схӕцыд+ Сепфоры+ фырт Валак, Моавы паддзах. Уый арвыста Веоры фырт Валааммӕ, цӕмӕй уӕ ралгъыстаид+. 10 Фӕлӕ мӕн Валааммӕ+ хъусын нӕ бафӕндыд. Ӕз афтӕ бакодтон, ӕмӕ уын цалдӕр хатты раарфӕ кодта+. Гъемӕ уӕ йӕ къухӕй фервӕзын кодтон+.
11 Уый фӕстӕ Иорданыл+ ахызтыстут ӕмӕ Иерихоны+ цурмӕ ӕрцыдыстут. Иерихоны цӕрджытӕ, стӕй аморейтӕ, ферезейтӕ, ханаайнӕгтӕ, хеттӕ, гергесейтӕ, евейтӕ ӕмӕ йевусейтӕ уемӕ схӕцыдысты, фӕлӕ уын сӕ ӕз уӕ къухмӕ радтон+. 12 Цалынмӕ сӕм нӕ бахӕццӕ стут, уӕдмӕ сын ӕз сӕ ныфс асастон, ӕмӕ, аморейты дыууӕ паддзахау, уӕ разӕй лидзӕг фесты+. Уый уӕ хъама ӕмӕ уе ’рдыны фӕрцы нӕ бафтыд уӕ къухы+. 13 Афтӕмӕй уын ӕз радтон, кӕуыл нӕ фыдӕбон кодтат, уыцы зӕхх ӕмӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат, уыцы горӕттӕ+, ӕмӕ дзы ӕрцардыстут. Цы сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ не скодтат, уыдоны дыргътӕ хӕрут“+.
14 Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут+ ӕмӕ йын ӕнаиппӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут+. Уӕ фыдӕлтӕ Стыр цӕугӕдоны фаллаг фарс ӕмӕ Египеты+ кӕмӕн куывтой, уыцы хуыцӕутты фесафут ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут. 15 Кӕд уӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ фӕнды, уӕд та равзарут абон, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут+: уӕ фыдӕлтӕ доны фаллаг фарс цы хуыцӕуттӕн куывтой, уыдонӕн+ ӕви, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморейты хуыцӕуттӕн+. Фӕлӕ ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн»+.
16 Уӕд ын адӕм загътой: «Нӕ! Уый никуы уыдзӕн, ӕмӕ мах Йегъовӕйы ныууадзӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕм. 17 Нӕ Хуыцау Йегъовӕ мах ӕмӕ нӕ фыдӕлты ракодта Египеты зӕххӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстӕм, уырдыгӕй*+, нӕ цӕстыты раз стыр диссӕгтӕ сарӕзта+ ӕмӕ нӕ хъахъхъӕдта, цы фӕндагыл цыдыстӕм, ууыл, хъахъхъӕдта нӕ, кӕй зӕххытыл цыдыстӕм, уыцы адӕмтӕй+. 18 Йегъовӕ нӕ разӕй фӕсырдта ӕппӕт ацы адӕмты+, ацы зӕххыл чи цард, уыцы аморейты се ’ппӕты дӕр. Уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ Хуыцау»+.
19 Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Уӕ бон нӕ бауыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый у сыгъдӕг Хуыцау+. Уый домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уат иузӕрдион+. Нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ хивӕнд митӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ+. 20 Йегъовӕйы куы ныууадзат+ ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куы куват+, уӕд уый дӕр уӕ ныхмӕ суыдзӕн, ӕмӕ уын кӕд раздӕр хорздзинад арӕзта, уӕд уын ныр та араздзӕн ӕвзӕрдзинад, ӕмӕ уӕ фӕцӕгъддзӕн»+.
21 Фӕлӕ та адӕм Йесойӕн дзуапп радтой: «Нӕ, мах лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн!»+ 22 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ стут ӕвдисӕн+ – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уӕхи бафӕндыд»+. Ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты: «О, мах стӕм ӕвдисӕн».
23 «Уӕдӕ уӕм цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдоны фесафут+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ саразут Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ». 24 Ӕмӕ адӕм Йесойӕн загътой: «Мах лӕггад кӕндзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ хъусдзыстӕм!»+
25 Ӕмӕ уыцы бон Йесо адӕмимӕ бадзырд скодта ӕмӕ сын уым, Сихемы, радта уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. 26 Уый фӕстӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ Хуыцауы закъоны+ чиныджы ныффыста, стӕй райста стыр дур+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта, Йегъовӕйы кувӕн бынаты раз цы стыр бӕлас ис, уый бын+.
27 Ӕмӕ Йесо ӕппӕт адӕмӕн дӕр загъта: «Ацы дур уыдзӕн ӕвдисӕн нӕ ныхмӕ+, уымӕн ӕмӕ уый фехъуыста, Йегъовӕ нын цы ныхӕстӕ загъта, уыдон иууылдӕр. Уый уыдзӕн ӕвдисӕн уӕ ныхмӕ, уӕ Хуыцауы куы ныууадзат, уӕд». 28 Уый фӕстӕ Йесо адӕмы ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕхи зӕхмӕ ацыд+.
29 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Навины фырт Йесо, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, амард. Цыди йыл сӕдӕ дӕс азы+. 30 Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, бынӕн кӕй райста, уыцы зӕххыл – Фамнаф-Сараийы+. Уый ис Ефремы хӕхбӕсты, Гаашы хохӕй цӕгатырдӕм. 31 Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Израилы адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Лӕггад ын кодтой, Йесойы фӕстӕ дӕр ма чи цард ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи зыдта+, уыцы хистӕр лӕгты рӕстӕджы дӕр+.
32 Иосифы стджытӕ+ та, Израилы фырттӕ Египетӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, бавӕрдтой Сихемы – Иаков Сихемы фыд Емморы+ фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ+ цы зӕхх балхӕдта ӕмӕ уый фӕстӕ Иосифы фырттӕн бынӕн чи баззад+, уым.
33 Амард Аароны+ фырт Елеазар дӕр. Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фырт+ Финеесы къуыбырыл, Ефремы хӕхбӕсты йын цы къуыбыр лӕвӕрд ӕрцыд, ууыл.
[Фиппаинӕгтӕ]
Комк. «зӕрдӕтӕ».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «ӕз уӕм куыд равдыстон ӕнувыд уарзт».
Комк. «нӕ удтӕ амӕлӕнт».
890 м бӕрц. Абар Хъд 1:12, фип. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «зӕрдӕтӕ».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «ӕхсондурӕй».
Комк. «махӕн».
Комк. «иуварс атылдтон».
Нысан кӕны «иуварс атулын».
Кӕнӕ «хъоды ма бакӕнын кӕнат».
1Аз 2:7 у «Ахар», нысан кӕны «Фыдбылызы ӕппарӕг».
Иу сикл у 11,4 г.
Ома Аханы мардыл.
Нысан кӕны «Фыдбылыз».
Кӕнӕ «Рӕстгӕнӕджы».
«Чидӕриддӕр уыди, уыдоны» – ам ӕмӕ ацы сӕры иннӕ стихты комк. у «алы уды дӕр»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «алы уды дӕр»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «Кеназы байзӕддаг». Кӕс 14 ст. дӕр.
Ацы ран, ӕвӕц., Иудӕйы мыггаджы кой нӕ цӕуы, фӕлӕ, Иудӕйы мыггагӕй чи уыд, ахӕм лӕджы зӕххы кой.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ссыгъдӕг кодтой».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
1Аз 6:58 у «Хилен».
ЙсН 15:42; 19:7; 1Аз 6:59 у «Ашан».
1Аз 6:60 у «Алемеф».
1Аз 6:68 у «Иокмеам».
1Аз 6:71 у «Астароф».
1Аз 6:76 у «Кириафаим».
1Аз 6:77 у «Риммон».
Комк. «баныхӕсут ыл».
Комк. «баныхӕсут».
Ома Евфраты.
Кӕс Рц 13:3, фип.