Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 Дыккаг закъон 1:1–34:12
  • Дыккаг закъон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дыккаг закъон
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Дыккаг закъон

Дыккаг закъон

1 Ацы ныхӕстӕ Моисей загъта ӕгас Израилӕн Иорданы+ раз, ӕдзӕрӕг быдыры, Суфы раз цы быдыртӕ ис, уым, Фаран+, Тофел, Лаван, Асироф+ ӕмӕ Дизагавы ’хсӕн. 2 Хоривӕй Кадес-Варнимӕ+ у иуӕндӕс боны цыд, Сеиры хӕхбӕстӕм цы фӕндаг цӕуы, ууыл. 3 Цыппорӕм+ азы, иуӕндӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон Моисей Израилы фырттӕн загъта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста зӕгъын, уый. 4 Уый уыд, аморейты паддзах Сигоны+,– Есевоны чи царди, уый, ӕмӕ Васаны паддзах Огы+,– Астарофы+ чи царди, уый, Едрейы+ куы ныддӕрӕн кодта, уый фӕстӕ. 5 Моавы бӕстӕйы, Иорданы раз, Моисей ацы закъон+ ӕмбарын кӕнын райдыдта ӕмӕ загъта:

6 «Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын Хоривы+ загъта: „Ацы хӕхбӕсты бирӕ рӕстӕг фӕцардыстут+. 7 Ныр сыстут ӕмӕ ацӕут, аморейтӕ+ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхбӕстӕм ӕмӕ, сӕ фарсмӕ цы бӕстӕтӕ ис, уырдӕм: Аравӕмӕ+, хӕхбӕстӕм+, Шефелӕмӕ, Негевмӕ+ ӕмӕ денджызы былмӕ+. Ацӕут ханаайнӕгты+ бӕстӕм, стӕй суанг Ливанмӕ+ ӕмӕ стыр цӕугӕдонмӕ, Евфратмӕ+. 8 Ӕз ацы зӕхх дӕттын сымахӕн. Ацӕут, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн, Авраам, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+, цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн* ратдзынӕн+, зӕгъгӕ, уырдӕм ӕмӕ йӕ бацахсут“.

9 Уыцы рӕстӕг уын ӕз загътон: „Сымахӕн разамынд дӕттон – уыцы уаргъ мӕнӕн иунӕгӕй хӕссын мӕ бон нӕу+. 10 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ сбирӕ кодта, ӕмӕ уын ныр, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+. 11 Ӕмӕ ма уӕ Йегъовӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцау, цы стут, уымӕй мин хатты фылдӕр фӕкӕнӕд+ ӕмӕ уын раарфӕ кӕнӕд+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ+. 12 Куыд у мӕ бон иунӕгӕй ахӕм уӕззау уаргъ хӕссын, ӕмӕ сымахӕн разамынд дӕттон ӕмӕ ӕмӕ уӕ хылтӕн быхсон?+ 13 Уӕ мыггӕгтӕй равзарут зондджын, ӕмбаргӕ+ ӕмӕ фӕлтӕрд+ лӕгты, ӕмӕ сӕ ӕз уӕ сӕргъы сӕвӕрдзынӕн“+. 14 Ӕмӕ мын сымах загътат: „Цы нын зӕгъыс, уый хорз хъуыддаг у“. 15 Уӕд уын ӕз уӕ мыггӕгты хистӕрты, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрд лӕгты, уӕ сӕргъы сӕвӕрдтон: кӕй дзы мин адӕймаджы сӕргъы сӕвӕрдтон, кӕй – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй – дӕс адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дзы уӕ мыггӕгты разамонджытӕй сӕвӕрдтон+.

16 Уыцы рӕстӕг уӕ тӕрхонгӕнджытӕн загътон: „Уе ’фсымӕрты хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ, искӕмӕн йе ’фсымӕримӕ науӕд ӕрцӕуӕггагимӕ+ исты быцӕу куы уа, уӕд, хъуамӕ тӕрхон кӕнат рӕстӕй+. 17 Тӕрхон кӕнгӕйӕ макӕй хъулон кӕнут+. Байхъусут-иу хуымӕтӕг адӕймагмӕ дӕр ӕмӕ кадджын адӕймагмӕ дӕр+. Адӕмӕй ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау у+. Исты хъуыддаг уын-иу зын равзарӕн куы уа, уӕд-иу мӕнмӕ ӕрбацӕут, ӕмӕ йӕ ӕз равзардзынӕн“+. 18 Уыцы рӕстӕг уын радзырдтон, цы уӕ хъӕуы аразын, уыдон иууылдӕр.

19 Уый фӕстӕ рацыдыстӕм Хоривӕй ӕмӕ ацыдыстӕм, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл+,– уӕхӕдӕг ӕй федтат,– аморейтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхбӕстӕм цы фӕндаг цӕуы, ууыл+, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппынфӕстаг ӕрцыдыстӕм Кадес-Варнимӕ+. 20 Ӕмӕ уын ӕз загътон: „Сымах ӕрбацыдыстут, аморейтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхбӕстӕм, ӕмӕ йӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕтты махӕн+. 21 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы зӕхх радта сымахӕн+. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ йӕ бацахсут, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут+“.

22 Фӕлӕ мӕм сымах иууылдӕр ӕрбацыдыстут ӕмӕ мын загътат: „Нӕ разӕй искӕй арвитӕм, цӕмӕй уыцы зӕхх басгарой ӕмӕ нын бӕрӕг ӕрбахӕссой, цы фӕндагыл нӕ хъӕуы ацӕуын ӕмӕ цы горӕттӕм бацӕудзыстӕм, уымӕй“+. 23 Уыцы хъуыддаг мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнӕй равзӕрстон дыууадӕс лӕджы – фӕйнӕ лӕджы алы мыггагӕй дӕр+. 24 Уыдон ацыдысты ӕмӕ ссыдысты хӕхбӕстӕм+, стӕй схӕццӕ сты Ешколы+ дӕлвӕзмӕ ӕмӕ йӕ басгӕрстой. 25 Уырдыгӕй семӕ рахастой уыцы зӕххы дыргътӕй+ ӕмӕ нӕм сӕ ӕрбахастой. Ӕмӕ нын хабӕрттӕ ракодтой ӕмӕ загътой: „Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын цы зӕхх дӕтты, уый у хорз зӕхх“+. 26 Фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыд уырдӕм ацӕуын+ ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ рацыдыстут+. 27 Уӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Йегъовӕ нӕ йе сӕфт уыны+, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ракодта Египеты+ зӕххӕй, цӕмӕй нӕ аморейты къухтӕм ратта ӕмӕ нӕ ныццӕгъда+. 28 Кӕдӕм цӕуӕм? Не ’фсымӕртӕ нын нӕ зӕрдӕты тас бауагътой+. Афтӕ дзурынц: „Цы адӕм дзы цӕры, уыдон махӕй тыхджындӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр сты+. Сӕ горӕттӕ сты стыр, сӕ фидаргонд къултӕ ӕххӕссынц суанг арвы онг+. Стӕй дзы федтам енакимты+ дӕр“.

29 Уӕд уын ӕз загътон: „Ӕппындӕр сӕ ма тӕрсут+. 30 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уӕ разӕй. Уый йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй+, уӕ цӕстыты раз Египеты зӕххыл куыд кодта+, 31 стӕй ӕдзӕрӕг быдыры+ дӕр, афтӕ. Уым ӕнӕхъӕн фӕндагыл уыдтат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ йӕ къухтыл кӕй хаста+, фыд йӕ фырты куыд хӕсса, афтӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ“+. 32 Фӕлӕ сымах уӕддӕр не ’ууӕндыдыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл+, 33 уӕ разӕй чи цыди ӕмӕ, уӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтаиккат, ахӕм бынат-иу уын чи агуырдта+, ууыл. Цы фӕндагыл уӕ хъуыд цӕуын, уый цӕмӕй уыдтаиккат, уый тыххӕй уӕ Хуыцау ӕхсӕвы цыди арты, бонӕй та – мигъы+.

34 Йегъовӕ та уын уыцы рӕстӕг уӕ ныхӕстӕ иууылдӕр хъуыста. Ӕмӕ смӕсты ӕмӕ расомы кодта+: 35 „Уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы хорз зӕхх ацы адӕмӕй, ацы фыдзонд фӕлтӕрӕй, иу дӕр нӕ фендзӕн+. 36 Фендзӕн ӕй ӕрмӕстдӕр Йефоннийы фырт+ Халев. О, уый йӕ фендзӕн. Халевӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн ратдзынӕн, кӕуыл цыд, уыцы зӕхх, уымӕн ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр каст Йегъовӕйы коммӕ+. 37 Сымах тыххӕй ма Йегъовӕ мӕнмӕ дӕр смӕсты ӕмӕ загъта: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы зӕхмӕ+. 38 Навины фырт Йесо, дӕ лӕггадгӕнӕг, бацӕудзӕн уырдӕм“+. Хуыцау Йесойы бафидар кодта+, уымӕн ӕмӕ Йесо бакӕндзӕн Израилы уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой. 39 Уырдӕм бацӕудзысты уӕ сывӕллӕттӕ, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, сӕхицӕн сӕ акӕндзысты+, зӕгъгӕ,– хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый чи нӕма зоны, уыцы фырттӕ. Ӕз уыцы зӕхх уыдонӕн ратдзынӕн ӕмӕ йӕ уыдон бацахсдзысты. 40 Ныр та иннӕрдӕм фӕзилут ӕмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацӕут“+.

41 Уӕд мын сымах загътат: „Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтам+. Мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ схӕцдзыстӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ!“ Ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ йӕ астӕуыл ӕрбабаста. Афтӕ уӕм каст, ӕмӕ хохмӕ ссӕуын ӕнцон уыдзӕн+. 42 Фӕлӕ мын Йегъовӕ загъта: „Афтӕ сын зӕгъ: „Ма ссӕут хохмӕ ӕмӕ ма схӕцут, уымӕн ӕмӕ ӕз уемӕ нӕ дӕн+ ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ ныппырх кӕндзысты“+. 43 Ӕз уын уыцы ныхӕстӕ загътон, фӕлӕ сымах уӕддӕр нӕ байхъуыстат. Сымах Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ рацыдыстут+ ӕмӕ уӕ фырсӕрбӕрзондӕй бафӕлвӕрдтат хохмӕ ссӕуын+. 44 Ӕмӕ уыцы хохыл чи цард, уыцы аморейтӕ уӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ уӕ мыдыбындзытау фӕстейӕ асырдтой+ ӕмӕ уӕ дӕрӕн кодтой Сеиры ӕмӕ суанг Хормӕйы онг+. 45 Сымах раздӕхтыстут ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрдиаг кӕнын райдыдтат, фӕлӕ уӕм Йегъовӕ нӕ хъуыста+, хъуыды дӕр уӕ не ’ркодта+. 46 Ӕмӕ Кадесы фӕцардыстут бирӕ рӕстӕг+.

2 Уый фӕстӕ фӕзылдыстӕм ӕмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыдыстӕм, Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Ӕмӕ бирӕ рӕстӕг фӕрацу-бацу кодтам Сеиры хохы раз. 2 Ӕппынфӕстаг мын Йегъовӕ загъта: 3 „Ацы хохы раз бирӕ рӕстӕг фӕрацу-бацу кодтат+. Ныр фӕзилут цӕгатырдӕм. 4 Ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ: „Сымах ныр фӕцӕут уе ’фсымӕрты+, Исавы+ фыртты, арӕнты рӕзты, Сеиры+ чи цӕры, уыдоны рӕзты. Уыдон уӕ тӕрсдзысты+, фӕлӕ кӕсут, 5 семӕ ма схӕцут. Ӕз уын сӕ зӕххӕй къахы быны йас дӕр нӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Сеиры хох Исавӕн радтон+. 6 Ӕлхӕнгӕ сӕ цы хӕринаг бакӕнат, уый-иу хӕрут, ӕмӕ сӕ ӕхцайыл цы дон райсат, уый-иу нуазут+. 7 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сымахӕн алы хъуыддаджы дӕр раарфӕ кодта+. Уый хорз зоны, ацы стыр ӕдзӕрӕг быдыры куыд рацу-бацу кодтат, уый. Цыппор+ азы дӕргъы Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уыди уемӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ницы хъуаг ӕййӕфтат“+. 8 Уӕд мах дӕр не ’фсымӕрты, Исавы+ фыртты, Сеиры чи цӕры, уыдоны иувӕрсты ахызтыстӕм. Аравӕмӕ+, Елафмӕ ӕмӕ Ецион-Гавермӕ+ цы фӕндаг цӕуы, ууыл нӕ ацыдыстӕм.

Уый фӕстӕ фӕзылдыстӕм ӕмӕ ацыдыстӕм, Моавы+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл. 9 Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Моавӕгты ма бахъыгдар, семӕ ма схӕц. Ӕз дын сӕ зӕххӕй ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ар+ радтон Лоты+ фырттӕн. 10 Раздӕр дзы цардысты емимтӕ+, тыхджын адӕм, уыдысты бирӕ ӕмӕ енакимты+ хуызӕн бӕрзонд. 11 Рефаимтӕ+ дӕр уыдысты енакимты+ хуызӕн, ӕмӕ сӕ моавӕгтӕ хуыдтой емимтӕ. 12 Сеиры та раздӕр цардысты хоррейтӕ+. Исавы+ фырттӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ фӕцагътой ӕмӕ сын сӕ бынаты ӕрцардысты+. Израил дӕр хъуамӕ афтӕ бакӕна йӕ зӕххӕн, Йегъовӕ йын ӕнӕмӕнг кӕй ратдзӕн, уымӕн. 13 Ныр сыстут ӕмӕ ахизут Зареды дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ“. Ӕмӕ мах дӕр Зареды+ дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ ахызтыстӕм. 14 Кадес-Варнийӕ куы рацыдыстӕм, уыцы бонӕй, Зареды дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ куы ахызтыстӕм, уыцы бонмӕ рацыд ӕртын аст азы. Уӕдмӕ адӕмы ’хсӕн, хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу дӕр нал баззад, Йегъовӕ сын куыд расомы кодта, афтӕ+. 15 Йегъовӕ сыл йӕ къух+ ӕруагъта ӕмӕ сӕ ӕнцад нӕ уагъта, цалынмӕ сӕ адӕмы ’хсӕнӕй нӕ фесӕфта, цалынмӕ иууылдӕр нӕ амардысты, уӕдмӕ+.

16 Ӕмӕ адӕмы ’хсӕн, хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу дӕр куы нал баззад+, 17 уӕд мын Йегъовӕ загъта: 18 „Абон цӕудзынӕ Моавы зӕххыл, ома Ары+ рӕзты, 19 ӕмӕ хӕстӕг бацӕудзынӕ Аммоны фырттӕм. Ма сӕ бахъыгдар, семӕ ма схӕц. Аммоны фыртты зӕххӕй дын ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз Лоты фырттӕн радтон+. 20 Уыцы зӕхх ма хуыдтой рефаимты+ зӕхх дӕр. Раздӕр дзы цардысты рефаимтӕ, ӕмӕ сӕ аммонӕгтӕ хуыдтой замзумимтӕ. 21 Уыдон уыдысты тыхджын адӕм, уыдысты бирӕ ӕмӕ енакимтау+ бӕрзонд. Йегъовӕ сӕ ныццагъта+, цӕмӕй сын аммонӕгтӕ сӕ зӕххытӕ бацахстаиккой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардаиккой. 22 Афтӕ бакодта Исавы фыртты тыххӕй дӕр, Сеиры+ чи цӕры, уыдоны тыххӕй. Хоррейты+ ныццагъта, цӕмӕй сын Исавы фырттӕ сӕ зӕххытӕ бацахстаиккой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардаиккой, ӕмӕ дзы цӕрынц абоны онг дӕр. 23 Газӕйы+ онг цы хъӕутӕ ис, уым цӕрӕг аввейты+ та ныццагътой, Кафторӕй+ чи ’рбацыд, уыцы кафторимтӕ+, цӕмӕй сӕ бынаты ӕрцардаиккой.

24 Сыстут ӕмӕ Арноны+ дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ ахизут. Ӕз уын уӕ къухмӕ радтон Есевоны паддзахы, аморейаг Сигоны+. Уӕдӕ ацӕут, цӕмӕй йын йӕ зӕхх бацахсат, ӕмӕ йемӕ схӕцут. 25 Ацы бонӕй фӕстӕмӕ ӕз афтӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ, арвы бын цы адӕмтӕ ис, уыдон иууылдӕр сымахӕй тӕрсдзысты, сӕ зӕрдӕты-иу стыр тас бацӕудзӕн, сымах тыххӕй-иу куы фехъусой, уӕд. Уӕ тӕссӕй-иу скатай уыдзысты ӕмӕ-иу арӕг сылгоймагау хъӕрздзысты“+.

26 Кедемофы+ ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ+, Есевоны паддзахмӕ, ахӕм ныхасимӕ*+: 27 „Бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын. Мах ацӕудзыстӕм сӕйраг фӕндагыл. Нӕдӕр галиуырдӕм фӕзилдзыстӕм, нӕдӕр – рахизырдӕм+. 28 Цы хӕринаг нын рауӕй кӕнай, уый хӕрдзыстӕм, ӕмӕ нын ӕхцайыл цы дон раттай, уый нуаздзыстӕм. Ӕрмӕст нӕ дӕ зӕххыл ахизын бауадз+, 29 Исавы фырттӕ, Сеиры+ чи цӕры, уыдон, ӕмӕ нӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ+ куыд бауагътой, афтӕ. Мах хъуамӕ ахизӕм Иорданы фаллаг фарсмӕ ӕмӕ бацӕуӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ“+. 30 Фӕлӕ нӕ Сигон, Есевоны паддзах, нӕ бауагъта йӕ зӕххыл ахизын, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ йӕхи ныцъцъаммар кодта+, йӕ зӕрдӕ ныддур кодта, цӕмӕй йӕ Хуыцау уӕ къухмӕ радтаид, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ’рцыд+.

31 Ӕмӕ мын уӕд Йегъовӕ загъта: „Сигоны ӕмӕ дын йӕ зӕхх дӕттын дӕ къухмӕ. Уӕдӕ ацу ӕмӕ йын йӕ зӕхх бацахс“+. 32 Ӕмӕ Сигон йӕ адӕмимӕ нӕ ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ Иаацӕйы+ немӕ куы схӕцыд, 33 уӕд ӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ къухмӕ радта+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр, йӕ фыртты дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ныддӕрӕн кодтам+. 34 Ӕмӕ йын йӕ горӕттӕ иууылдӕр бацахстам, ӕмӕ горӕттӕ дӕр ӕмӕ дзы чи уыди, уыдоны дӕр сӕфты хай бакодтам+: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй. Иу дӕр дзы нал ныууагътам. 35 Ӕрмӕст сын сӕ фос нӕхицӕн ратардтам ӕмӕ, цы горӕттӕ бацахстам, уым мулкӕй цы уыд, уый рахастам+. 36 Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ ӕмӕ, дӕлвӕзы чи ис, уыцы горӕтӕй суанг Галаады онг ахӕм горӕт нӕ уыд, нӕ бон басӕттын кӕй нӕ уыд+. Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын сӕ иууылдӕр нӕ къухмӕ радта. 37 Хӕстӕг нӕ бацыдыстут ӕрмӕстдӕр Аммоны+ фыртты зӕхмӕ, ома Иавокы+ дӕлвӕзмӕ, стӕй, хӕхбӕсты цы горӕттӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ нӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй тыххӕй бафӕдзӕхста, уыцы бынӕттӕй иумӕ дӕр.

3 Уый фӕстӕ иннӕрдӕм фӕзылдыстӕм ӕмӕ ацыдыстӕм Васаны фӕндагыл. Уӕд Васаны паддзах Ог+ ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр нӕ ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй Едрейы+ немӕ схӕцыдаиккой. 2 Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ма дзы тӕрс+, дӕ къухмӕ дын ратдзынӕн йӕхи дӕр, йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ йӕ зӕхх дӕр. Ӕмӕ аморейты паддзах Сигонӕн+, Есевоны чи цард, уымӕн куыд бакодтай, афтӕ бакӕн амӕн дӕр“. 3 Гъемӕ нын нӕ Хуыцау Йегъовӕ Огы, Васаны паддзахы, ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр нӕ къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ цӕгъдын байдыдтам ӕмӕ дзы иу дӕр нал ныууагътам+. 4 Ӕмӕ йын йӕ горӕттӕ иууылдӕр бацахстам. Кӕй сын нӕ байстам, иу ахӕм горӕт дӕр дзы нал баззад,– ӕдӕппӕтӕй ӕхсай горӕты+, Арговы+ зӕхх ӕгасӕй дӕр, паддзах Огы паддзахад Васаны+. 5 Уыцы горӕттӕ иууылдӕр уыдысты фидаргонд горӕттӕ бӕрзонд къултимӕ, дуӕрттимӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтимӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы уыди бирӕ гыццыл горӕттӕ дӕр. 6 Фӕлӕ сӕ мах сӕфты хай бакодтам+, Есевоны паддзах Сигоны горӕттӕн куыд бакодтам, афтӕ. О, горӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ дзы чи уыди, уыдоны дӕр сӕфты хай бакодтам: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй+. 7 Сӕ фос та сын иууылдӕр ратардтам ӕмӕ, горӕтты мулкӕй цы уыд, уый нӕхицӕн рахастам+.

8 Афтӕмӕй дыууӕ аморейаг+ паддзахӕн Иорданы раз сӕ зӕххытӕ байстам: Арноны+ дӕлвӕзӕй Ермоны+ хохы онг,– 9 сидойнӕгтӕ Ермон хуыдтой Сирион+, аморейтӕ та йӕ хуыдтой Сенир+,– 10 уӕлвӕзы цы горӕттӕ уыд, уыдон иууылдӕр, Галаад ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ ӕгас Васан Салхӕ+ ӕмӕ Едрейы+ онг – ацы горӕттӕ уыдысты Васаны, паддзах Огы паддзахады. 11 Васаны паддзах Ог уыд рефаимтӕй+ фӕстаг. Йӕ мард цы сынтыл уыд ӕвӕрд, уый уыди ӕфсӕйнагӕй*. Уӕртӕ ныр дӕр Раввӕйы+, Аммоны фыртты горӕты, нӕй? Йӕ дӕргъ у фараст ӕлмӕрины*, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. 12 Мах бацахстам уыцы зӕххытӕ: Арноны дӕлвӕзы раз чи ис, уыцы Ароерӕй+ Галаады хӕхбӕсты ӕмбисы онг. Йӕ горӕттӕ та йын радтон Рувимы мыггагӕн ӕмӕ Гады+ мыггагӕн. 13 Галаады+ иннӕ хай та, стӕй ӕгас Васан+, Огы паддзахад, радтон Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн. Арговы+ зӕхх иууылдӕр, ома ӕгас Васан, рефаимты+ зӕхх нӕ хуыйны?

14 Иаир+, Манассийы фырт, бацахста Арговы+ зӕхх иууылдӕр, гессурӕгты+ ӕмӕ маахӕйӕгты+ арӕнты онг, ӕмӕ Васаны хъӕутӕ схуыдта йӕхи номӕй, Хаввоф-Иаир+, зӕгъгӕ. Абоны онг дӕр афтӕ хуыйнынц. 15 Махирӕн+ та радтон Галаад+. 16 Рувимы+ мыггагӕн ӕмӕ Гады мыггагӕн радтон зӕххытӕ Галаадӕй+ Арноны дӕлвӕзы онг,– дӕлвӕзӕн йӕ астӕу у сӕ арӕн, стӕй Иавокы онг,– уыцы дӕлвӕз у Аммоны фыртты арӕн+, 17 ӕмӕ Аравӕйы онг, ома Иорданы цӕугӕдоны ӕмӕ йӕ былгӕрӕтты онг, Киннерефӕй+ Аравӕйы денджызы онг, ома Цӕхджын денджызы+ онг,– уый ис Фасгӕйы+ хохрӕбын скӕсӕнырдыгӕй.

18 Уыцы рӕстӕг уын ӕз загътон: „Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын ацы зӕхх радта, цӕмӕй йӕ бацахсат. Ӕмӕ сымах, хъӕбатыр лӕгтӕ иууылдӕр, хъуамӕ уе ’фсымӕрты разӕй, Израилы фыртты разӕй, гӕрзифтонгӕй ахизат цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ+. 19 Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос та,– ӕз ӕй зонын, фос уӕм бирӕ ис,– уыдзысты, кӕй уын радтон, уыцы горӕтты+, 20 цалынмӕ Йегъовӕ уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ӕнцойдзинад нӕ ратта ӕмӕ уыдон дӕр, уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын Иорданы фаллаг фарс кӕй дӕтты, уыцы зӕхх нӕ бацахсой, уӕдмӕ. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ алчидӕр раздӕхдзӕн йӕ зӕхмӕ, кӕй уын радтон, уыцы зӕхмӕ“+.

21 Уыцы рӕстӕг ӕз Йесойӕн+ загътон: „Дӕхи цӕстӕй федтай, нӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ Йегъовӕ раст афтӕ бакӕндзӕн, цы паддзахӕдтӕм цӕуыс, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 22 Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс“+.

23 Уыцы рӕстӕг ӕз Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодтон: 24 „О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ды дӕ цагъарӕн равдыстай дӕ кад+, дӕ хъомыс ӕмӕ дӕ цонджы стыр хъару+. Уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр кӕм ис ахӕм хуыцау, ды цы диссӕгтӕ, ды цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ аразыс, ахӕмтӕ чи аразы?+ 25 Курын дӕ, бар мын ратт, ӕмӕ иннӕ фарсмӕ ахизон ӕмӕ, Иорданы фаллаг фарс чи ис, уыцы хорз зӕхх фенон+ – уыцы рӕсугъд хӕхбӕстӕ+ ӕмӕ Ливан“+. 26 Фӕлӕ мӕм Йегъовӕ сымах тыххӕй+ нырма мӕсты уыд ӕмӕ мӕм хъусгӕ дӕр нӕ бакодта. Йегъовӕ мын загъта: „Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Уый кой мын макуыуал скӕн. 27 Ссу Фасгӕйы+ хохы сӕрмӕ ӕмӕ уырдыгӕй акӕс ныгуылӕнырдӕм, цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм ӕмӕ скӕсӕнырдӕм ӕмӕ уыцы зӕххыл дӕ цӕст ахӕсс, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕ+. 28 Йесойы разамонӕгӕй сӕвӕр+, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтау ӕмӕ йӕ бафидар кӕн, уымӕн ӕмӕ фаллаг фарсмӕ ацы адӕмы разӕй уый ахиздзӕн+ ӕмӕ сӕ уый бакӕндзӕн, кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой“+. 29 Ӕппӕт уыцы рӕстӕг мах цардыстӕм Беф-Фегоры раз дӕлвӕзы+.

4 Ӕмӕ ныр, Израилы адӕм, байхъусут, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ амонын, уыдонмӕ. Ӕххӕст сӕ кӕнут, цӕмӕй цӕрат+ ӕмӕ цӕмӕй бацӕуат, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат. 2 Цы ныхӕстӕ уын фӕдзӕхсын, уыдонмӕ мацы бафтаут ӕмӕ дзы мацы аппарут+. Фидар хӕцут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл, ӕз уын кӕй дзурын, уыдоныл.

3 Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ Фегоры раз куыд бакодта, уый: Фегоры Ваалы+ фӕдыл чидӕриддӕр ацыд, уыдоны уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе ’хсӕнӕй фесӕфта+. 4 Фӕлӕ сымах, уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕнувыд чи у*, уыдон+, уе ’ппӕт дӕр абон удӕгас стут. 5 Ӕз уын бацамыдтон йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ+, мӕ Хуыцау Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл. 6 Фидар сыл хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕд, ӕппӕт ацы уагӕвӕрдты тыххӕй-иу цы адӕмтӕ фехъусой, уыдон уындзысты уӕ зонд+ ӕмӕ уе ’мбаргӕдзинад+, ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы стыр адӕм ӕцӕгӕйдӕр сты зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕм“+. 7 Кӕцы стыр адӕммӕ+ сты йӕ хуыцӕуттӕ афтӕ хӕстӕг, нӕ Хуыцау Йегъовӕ махмӕ куыд хӕстӕг у, кӕдфӕнды йӕм ма кувӕм, уӕддӕр?+ 8 Стӕй кӕцы стыр адӕмӕн ис, ӕз уын абон кӕй дӕттын, уыцы закъоны хуызӕн раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ?+

9 Ӕрмӕст дӕхимӕ кӕс ӕмӕ дӕ уд хъахъхъӕн+, цӕмӕй ма ферох кӕнай, дӕхи цӕстӕй цы федтай+, уыдӕттӕ ӕмӕ цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдӕйы уой+. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ радзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн+. 10 Радзур сын, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз Хоривы+ куы лӕууыдтӕ, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй. Йегъовӕ мын уӕд загъта: „Адӕмы мӕ разы ӕрӕмбырд кӕн, цӕмӕй мын мӕ ныхӕстӕ фехъусой+, цӕмӕй мӕнӕй тӕрсын сахуыр уой+ ӕмӕ мӕ тӕрсой, цалынмӕ а зӕххыл цӕрой, уӕдмӕ, ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл сахуыр кӕной“+.

11 Ӕмӕ сымах дӕр ӕрбацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох та кодта судзгӕ, арт хӕццӕ кодта суанг арвмӕ*. Уым уыди саудалынг ӕмӕ сау мигъ+. 12 Ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ дзурын райдыдта арты астӕуӕй+. Сымах ныхас хъуыстат, фӕлӕ уынгӕ никӕй кодтат+. Хъуыстат ӕрмӕст хъӕлӕс+. 13 Ӕмӕ уын Хуыцау фехъусын кодта йӕ бадзырд+ – Дӕс дзырды*+, ӕмӕ уын бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат. Уый фӕстӕ сӕ ныффыста дыууӕ къӕйдурыл+. 14 Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йегъовӕ мӕнӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уын бацамыдтаин йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл+.

15 Йегъовӕ Хоривы уемӕ арты астӕуӕй куы дзырдта, уӕд уынгӕ никӕй фӕкодтат+. Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут+, 16 цӕмӕй сӕфты фӕндагыл ма ныллӕууат+ ӕмӕ уӕхицӕн гуымирытӕ ма саразат ӕмӕ мацӕй ныв скӕнат: нӕдӕр нӕлгоймаджы ныв, нӕдӕр сылгоймаджы ныв+; 17 зӕххыл чи цӕры, уыцы сырдтӕй+ ӕмӕ, уӕлӕрвты чи тӕхы, уыцы базырджын мӕргътӕй иуы ныв дӕр+; 18 зӕххыл цӕрӕгойӕ цы змӕлы, уыдонӕй ӕмӕ, зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы кӕсӕгтӕ+ ис, уыдонӕй иуы ныв дӕр. 19 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй, арвмӕ куы скӕсат ӕмӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ – арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон* – куы фенат, уӕд ма фӕрӕдийат ӕмӕ сын ма райдайат табу кӕнын ӕмӕ кувын+,– уӕ Хуыцау Йегъовӕ арвы бын ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй радта, уыдонӕн+. 20 Фӕлӕ сымах Йегъовӕ равзӕрста ӕмӕ уӕ ракодта ӕфсӕйнаг пецӕй+, Египетӕй, цӕмӕй суыдаиккат йӕ адӕм+, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ.

21 Сымах тыххӕй мӕм уӕд Йегъовӕ смӕсты+ ӕмӕ расомы кодта, ӕз кӕй нӕ ахиздзынӕн Иорданы фаллаг фарсмӕ ӕмӕ кӕй нӕ бацӕудзынӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы хорз зӕхмӕ+. 22 Ӕз амӕлдзынӕн ацы зӕххыл+, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕн. Фӕлӕ сымах ахиздзыстут фаллаг фарсмӕ ӕмӕ уыцы хорз зӕхх сымах бауыдзӕн. 23 Уӕхимӕ кӕсут, ма ферох кӕнут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ цы бадзырд скодта, уый+ ӕмӕ уӕхицӕн ма саразут нӕдӕр гуымирытӕ, нӕдӕр, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ кӕй тыххӕй бафӕдзӕхста, уыдонӕй иуы ныв дӕр+. 24 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+. Уый домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион+.

25 Уыцы зӕххыл уын цот ӕмӕ цоты цот куы рацӕуа ӕмӕ дзы бирӕ куы фӕцӕрат, фӕлӕ уый фӕстӕ сӕфты фӕндагыл куы ныллӕууат+ ӕмӕ куы саразат гуымирытӕ+ науӕд цӕйфӕнды ныв дӕр,– ахӕм фыддзинад куы саразат уӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы бафхӕрат,– 26 уӕд мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕн+: Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут. Бирӕ йыл нӕ фӕцӕрдзыстут, уымӕн ӕмӕ фӕцагъды уыдзыстут+. 27 Йегъовӕ уӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзӕн+ ӕмӕ уӕ Йегъовӕ цы адӕмтӕм фӕсурдзӕн, уыдоны ’хсӕн уӕ бирӕ нал баззайдзӕн+. 28 Ӕмӕ уым кувдзыстут, адӕймаджы къухӕй конд чи у, уыцы хуыцӕуттӕн+, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд+ хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, хъусгӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ тӕф дӕр чи не ’мбары+.

29 Уым уӕ Хуыцау Йегъовӕйы агурын куы райдайат, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг ссардзыстут+, уымӕн ӕмӕ йӕ агурдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+. 30 Фӕстагмӕ дыл ӕппӕт ацы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой ӕмӕ дыл уынгӕджы бон куы скӕна, уӕд раздӕхдзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+ ӕмӕ йӕм хъусдзынӕ+. 31 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн, нӕ дӕ фесафдзӕн ӕмӕ, дӕ фыдӕлтимӕ кӕй скодта ӕмӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы бадзырд+ нӕ ферох кӕндзӕн.

32 Ӕрхъуыды-ма кӕн, ды кӕй не ’рӕййӕфтай, уыцы рӕстӕджытӕ+, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы цы бон сфӕлдыста+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ цытӕ уыди. Ӕмӕ-ма акӕс арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Ахӕм стыр диссаг ма искуы ӕрцыд? Науӕд ма ахӕм хабар искуы исчи фехъуыста?+ 33 Кӕцы адӕмыл ма ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕс фехъусой, арты астӕуӕй куыд дзуры, уый, сымах ӕй куыд фехъуыстат, афтӕ, ӕмӕ удӕгасӕй баззайой?+ 34 Науӕд Хуыцау кӕцы адӕмы тыххӕй ацыд, цӕмӕй йӕ иннӕ адӕмы ’хсӕнӕй йӕхицӕн ракӕна фӕлварӕнты+, нысӕнтты+, диссӕгты+, хӕсты+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы+ фӕрцы ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгты+ фӕрцы? Кӕцы адӕмы тыххӕй сарӕзта уӕ Хуыцау Йегъовӕ, сымах тыххӕй Египеты уӕ цӕстыты раз кӕй сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ? 35 Ӕрмӕстдӕр дӕуӕн равдыста ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй йӕ зонай, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау+ ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+. 36 Уӕларвӕй дын йӕ хъӕлӕс фехъусын кодта, цӕмӕй дын зонд бацамыдтаид. Ӕмӕ дын зӕххыл фенын кодта йӕ пиллон арт, ӕмӕ йын арты астӕуӕй фехъуыстай йӕ ныхӕстӕ+.

37 Фӕлӕ ды удӕгасӕй баззадтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзта дӕ фыдӕлты, ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгты равзӕрста+, цӕмӕй суыдаиккой йӕ адӕм, ӕмӕ дӕ йӕхӕдӕг ракодта Египетӕй йе стыр тыхы фӕрцы+, 38 цӕмӕй дын дӕ разӕй фӕсура, дӕуӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уыцы адӕмты, сӕ зӕхмӕ дӕ бакӕна ӕмӕ дын ӕй бынӕн ратта, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+. 39 Ды йӕ хорз зоныс, ӕмӕ йӕ хъуамӕ дӕ зӕрдыл дӕр дарай, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау уӕлейӕ арвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл+. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. 40 Ӕххӕст ын кӕн йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕз дын абон кӕй дзурын, уыдон, цӕмӕй дӕуӕн+ дӕр ӕмӕ дӕ цотӕн дӕр алкӕддӕр уа хорз ӕмӕ цӕмӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай»+.

41 Уыцы рӕстӕг Моисей Иорданы ацы фарс, скӕсӕнырдыгӕй, рахицӕн кодта ӕртӕ горӕты+, 42 цӕмӕй-иу уырдӕм алидза марӕг, адӕймагӕй йе сӕфт чи нӕ уыдта+ ӕмӕ йӕ барӕй чи нӕ амардта+, уый. Хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ ӕмӕ уым цӕра+. 43 Моисей Рувимы мыггагӕн ӕдзӕрӕг быдыры, уӕлвӕзыл рахицӕн кодта Бецер+, Гады мыггагӕн Галаады рахицӕн кодта Рамоф+, Манассийы+ мыггагӕн та Васаны рахицӕн кодта Голан+.

44 Ай у, Моисей Израилы фырттӕн кӕй радта, уыцы закъон+. 45 Ацы амындтӕ+, уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ Моисей Израилы фырттӕн фехъусын кодта, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд, 46 Иорданы раз, Беф-Фегоры+ цур дӕлвӕзы, аморейты паддзах Сигоны зӕххыл. Сигон цард Есевоны+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр Моисей ӕмӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд+. 47 Уыдон бацахстой Сигоны зӕхх ӕмӕ Васаны паддзах Огы+ зӕхх, дыууӕ аморейаг паддзахы зӕххытӕ. Уыдон паддзӕхтӕ уыдысты, Иорданы раз скӕсӕнырдыгӕй цы зӕххытӕ уыди, уым. 48 Сӕ зӕххытӕ уыдысты, Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ суанг Сионы, ома Ермоны+, хохы онг, 49 стӕй, Иорданы раз скӕсӕнырдыгӕй чи ис, уыцы Аравӕ+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ суанг, Фасгӕйы+ хохрӕбын чи ис, уыцы Аравӕйы+ денджызы онг.

5 Моисей Израилы+ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Израилы адӕм, байхъусут, абон уын цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цы закъӕттӕ+ хъусын кӕнын, уыдонмӕ. Уӕ зӕрдыл сӕ бадарут ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+. 2 Нӕ Хуыцау Йегъовӕ немӕ Хоривы скодта бадзырд+. 3 Уыцы бадзырд Йегъовӕ нӕ фыдӕлтимӕ не скодта, фӕлӕ махимӕ, мӕнӕ абон ам чи ис, уыдонимӕ. 4 Хохыл Йегъовӕ уемӕ комкоммӕ ныхас кодта арты астӕуӕй+. 5 Уыцы рӕстӕг ӕз лӕууыдтӕн сымах ӕмӕ Йегъовӕйы ’хсӕн+, цӕмӕй уын дзырдтаин Йегъовӕйы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ сымах артӕй тарстыстут ӕмӕ хохмӕ не ссыдыстут+. Уый загъта:

6 „Ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Ӕз дӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй*+. 7 Мӕн йеддӕмӕ дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд+.

8 Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис ӕмӕ зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы ис, уыдонӕн сӕ гуымирытӕ+ ӕмӕ сӕ нывтӕ*+. 9 Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув+, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион*+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй ӕз бафхӕрын сӕ фыртты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг+. 10 Чи мӕ уарзы ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та хай кӕнын ме ’нувыд уарзтӕй суанг мин фӕлтӕрмӕ дӕр+.

11 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг ма кӕн*+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ном хынджылӕггаг чи кӕна, уый Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн+.

12 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕххӕст кӕн сабатбоны закъон, уый у Хуыцауы бон+. 13 Ӕхсӕз боны кус+ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕн. 14 Ӕвдӕм бон та у сабат дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадӕн+. Уыцы бон мацы кус+: нӕдӕр дӕхӕдӕг, нӕдӕр дӕ фырт ӕмӕ нӕдӕр дӕ чызг, нӕдӕр дӕ цагъар-нӕлгоймаг ӕмӕ нӕдӕр дӕ цагъар-сылгоймаг, нӕдӕр дӕ гал, нӕдӕр дӕ хӕрӕг, нӕдӕр дӕ иннӕ фосӕй искӕцы ӕмӕ нӕдӕр, дӕ горӕты ӕрцӕуӕггаг чи у, уый+, цӕмӕй дӕ цагъар-нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг дӕр баулӕфой, ды куыд улӕфыс, афтӕ+. 15 Дӕ зӕрдыл ӕй дар, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ+ ӕмӕ дӕ стӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕ уырдыгӕй йӕ фидар къухӕй ӕмӕ йӕ тыхджын цонгӕй кӕй ракодта+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕр дын уый тыххӕй бафӕдзӕхста сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын+.

16 Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай ӕмӕ дын уа хорз+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл.

17 Ма амар+.

18 Ма хӕт+.

19 Ма адав+.

20 Мӕнгӕвдисӕн макӕй ныхмӕ ныллӕуу+.

21 Ма бабӕлл искӕй усмӕ+. Фырзыдӕй ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, нӕдӕр йӕ зӕхмӕ, нӕдӕр йӕ цагъар-нӕлгоймагмӕ ӕмӕ нӕдӕр йӕ цагъар-сылгоймагмӕ, нӕдӕр йӕ галмӕ, нӕдӕр йӕ хӕрӕгмӕ, ӕмӕ ма йӕм цы ис, уыдонӕй ӕппындӕр мацӕмӕ бабӕлл“+.

22 Ацы Фӕдзӕхстытӕ* Йегъовӕ уе ’ппӕтӕн дӕр хъӕрӕй фехъусын кодта хохыл, арты астӕуӕй+, мигъӕй ӕмӕ саудалынгӕй, ӕмӕ сӕм ницыуал бафтыдта. Уый фӕстӕ сӕ ныффыста дыууӕ къӕйдурыл ӕмӕ сӕ мӕнмӕ радта+.

23 Сымах, талынгӕй чи дзырдта, уыцы хъӕлӕс куы фехъуыстат,– хох та кодта судзгӕ+,– уӕд мӕм ӕрбацыдыстут, уӕ мыггӕгты хистӕртӕ иууылдӕр ӕмӕ уӕ хистӕр лӕгтӕ, 24 ӕмӕ мын загътат: „Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын равдыста йӕ кад ӕмӕ йӕ хъомыс, ӕмӕ йын арты астӕуӕй йӕ хъӕлӕс фехъуыстам+. Абон ӕй мах федтам, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Хуыцау адӕймагимӕ ныхас кӕна ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй баззайа+. 25 Уӕдӕ уӕд цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм, ацы пиллон арт нӕ куы аныхъуырдзӕн?+ Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хъӕлӕс ма иу хатт куы фехъусӕм, уӕд удӕгасӕй нал баззайдзыстӕм+. 26 Адӕмӕй ма кӕуыл ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ удӕгас Хуыцауы хъӕлӕс фехъуса+, арты астӕуӕй куыд дзуры, уый, мах ӕй куыд фехъуыстам, афтӕ, ӕмӕ удӕгасӕй баззайа? 27 Ды дӕхӕдӕг ацу ӕмӕ байхъус, нӕ Хуыцау Йегъовӕ цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ дын нӕ Хуыцау Йегъовӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый нын радзурдзынӕ+. Мах уыцы ныхӕстӕм байхъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“.

28 Йегъовӕ фехъуыста, цы мын загътат, уый, ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ацы адӕм дын цы загътой, уый фехъуыстон, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты+. 29 Тӕхуды, ӕмӕ сӕ зӕрдӕ уымӕ куы саразиккой, цӕмӕй мӕ тӕрсой+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ алкӕддӕр ӕххӕст кӕной+, цӕмӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ цотӕн дӕр ӕнустӕм уа хорз!+ 30 Цу ӕмӕ сын зӕгъ: „Аздӕхут уӕ хӕдзӕрттӕм, уӕ цатыртӕм“. 31 Дӕхӕдӕг та ӕрбацу, ӕмӕ дын ӕз ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ фехъусын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ ды адӕмӕн бацамондзынӕ+. Уыдонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕрой, кӕй сын дӕттын ӕмӕ уыдоны чи бауыдзӕн, уыцы зӕххыл“. 32 Уӕдӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ кӕнут+. Мадӕр рахизырдӕм ахизут, мадӕр галиуырдӕм+. 33 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы фӕндаг бацамыдта, алкӕддӕр ууыл цӕут+, цӕмӕй цӕрат, цӕмӕй уын уа хорз+ ӕмӕ, сымах чи бауыдзӕн, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат.

6 Адон сты, уӕ Хуыцау Йегъовӕ мын сымахӕн бацамонын кӕй бафӕдзӕхста, уыцы фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. Хъуамӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм бацӕудзыстут ӕмӕ сымах чи бауыдзӕн, уыцы зӕххыл, 2 цӕмӕй уӕ царды ӕппӕт бонты дӕр тӕрсат+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын ӕххӕст кӕнат йе ’ппӕт закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй дзурын, уыдон,– уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот+ дӕр,– ӕмӕ цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат+. 3 Байхъусут, Израилы адӕм, ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+, цӕмӕй уын уа хорз+ ӕмӕ цӕмӕй, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххыл тынг сбирӕ уат, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+.

4 Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй+. 5 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ+, ӕппӕт удӕй+ ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ+. 6 Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы+. 7 Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны*+ зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай+ ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд. 8 Бабӕтт сӕ дӕ къухыл+, цыма дыл нысан ис, афтӕ, ӕмӕ дын уӕнт, цыма дӕ ныхыл баст сты, афтӕ+. 9 Ныффысс сӕ дӕ хӕдзары дуары тарвӕзтыл ӕмӕ дӕ кулдуарыл+.

10 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ бакӕндзӕн, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн, кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхмӕ,– уый сын расомы кодта, дӕуӕн ӕй кӕй ратдзӕн+. Уыцы зӕххыл уыдзӕн, ды кӕй нӕ сарӕзтай, ахӕм стыр ӕмӕ рӕсугъд горӕттӕ+, 11 алы диссӕгтӕй ды кӕй нӕ байдзаг кодтай, ахӕм хӕдзӕрттӕ, ды кӕй не скъахтай, ахӕм доны дзыхъхъытӕ, ды кӕй нӕ ныссагътай, ахӕм сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕстӕ. Ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай+, 12 уӕд-иу кӕс: ма-иу ферох кӕн+ Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй* дӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы. 13 Хъуамӕ тӕрсай дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай+ ӕмӕ уый номӕй сомы кӕнай+. 14 Ма ацӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, уӕ алыварс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕй иуы фӕдыл дӕр+,– 15 уе ’хсӕн чи ис, уыцы Хуыцау Йегъовӕ домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уат иузӕрдион+,– кӕннод уӕм уӕ Хуыцау Йегъовӕйы маст ссудздзӕн+ ӕмӕ уӕ зӕххы цъарӕй фесафдзӕн+.

16 Ма фӕлварут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, Массӕйы* йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ+. 17 Ӕнӕмӕнгӕй ӕххӕст кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ фӕдзӕхстытӕ+, йӕ амындтӕ+ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ+,– кӕй уын радта, уыдон+. 18 Йегъовӕйы цӕсты раст ӕмӕ хорз цы у, уый аразут, цӕмӕй уын уа хорз+ ӕмӕ цӕмӕй, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы хорз зӕхмӕ бацӕуат ӕмӕ сымах бауа+, 19 цӕмӕй уе знӕгты се ’ппӕты дӕр уӕ разӕй фӕсурат, Йегъовӕ уын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+.

20 Сомбон дӕ дӕ фырт куы бафӕрса+, нӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы амындтӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ радта, уыдон цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ, 21 уӕд-иу дӕ фыртӕн зӕгъ: „Мах Египеты уыдыстӕм цагъартӕ фараонӕн, фӕлӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фидар къухӕй Египетӕй ракодта+. 22 Мах нӕхи цӕстӕй федтам+, Йегъовӕ Египеты, фараоны ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронты раз, цы нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ+ равдыста, уыдон – стыр бӕллӕхтӕ сын бавзарын кодта. 23 Ӕмӕ нӕ уырдыгӕй ракодта, цӕмӕй нӕ ардӕм ӕрбакӕна ӕмӕ нын ратта, нӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхх+. 24 Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста ӕппӕт ацы уагӕвӕрдтӕ+ ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсӕм ӕмӕ нын алкӕддӕр уа хорз+ ӕмӕ удӕгас уӕм, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+. 25 Ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ацы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕнӕм, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ+, уӕд нымад ӕрцӕудзыстӕм рӕстгӕнджытыл“+.

7 Ӕппынфӕстаг уӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕхмӕ куы бакӕна+, уӕд уын уӕ разӕй фӕсурдзӕн стыр адӕмты+: хетты+, гергесейты+, аморейты+, ханаайнӕгты+, ферезейты+, евейты+ ӕмӕ йевусейты+ – авд адӕмыхатты. Уыдон сымахӕй фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты+. 2 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын сӕ уӕ къухмӕ ратдзӕн ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзыстут+. Хъуамӕ сӕ сӕфты хай бакӕнат+. Семӕ бадзырд ма скӕнут ӕмӕ сын тӕригъӕд дӕр ма фӕкӕнут+. 3 Стӕй сӕ хӕстӕгӕн дӕр ма агурут. Сӕ лӕппутӕн сын чызг ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут+. 4 Уыдон уын уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты+. Ӕмӕ уӕм уӕд Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ уайтагъд фесафдзӕн+.

5 Афтӕ сын бакӕнут: сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут+, сӕ кувӕн дуртӕ сын ныссӕттут+, сӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ сын афӕлдахут+ ӕмӕ сын сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ басудзут+. 6 Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм+. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ, зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+.

7 Йегъовӕйӕн зынаргъ уый тыххӕй нӕ уыдыстут ӕмӕ уӕ уый тыххӕй нӕ равзӕрста, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕй сымахӕй стырдӕр адӕм нӕ уыд+ – сымах се ’ппӕтӕй дӕр къаддӕр уыдыстут+. 8 Фӕлӕ уӕ Йегъовӕ уый тыххӕй равзӕрста, ӕмӕ уӕ уарзгӕ кӕны+, стӕй, уӕ фыдӕлтӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, уый ӕххӕст кӕны+. Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ уый тыххӕй ракодта йӕ фидар къухӕй+ ӕмӕ уӕ ссӕрибар кодта, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*+, фервӕзын уӕ кодта фараоны, Египеты паддзахы, къухӕй. 9 Сымах ӕй зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау+, иузӕрдион Хуыцау+. Чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй уый ӕххӕст кӕны йӕ бадзырд+ ӕмӕ сын хай кӕны йе ’нувыд уарзтӕй суанг мин фӕлтӕрмӕ дӕр+. 10 Йе сӕфт дзы чи уыны, уыдонӕн та бакӕны, цы сын ӕмбӕлы, уый – фесафы сӕ+. Уый ракӕ-бакӕ нӕ кӕндзӕн, йе сӕфт дзы чи уыны, уыимӕ, фӕлӕ йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзӕн. 11 Ӕз уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттыл фидар хӕцут, ӕххӕст сӕ кӕнут+.

12 Ацы закъӕттӕм куы хъусат, фидар сыл куы хӕцат ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кӕнат+, уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, ӕххӕст кӕндзӕн йӕ бадзырд+ ӕмӕ уын хай кӕндзӕн йе ’нувыд уарзтӕй, уӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ+. 13 Ӕмӕ уӕ уарздзӕн ӕмӕ уын арфӕ кӕндзӕн+ ӕмӕ уӕ сбирӕ кӕндзӕн+. Сымахӕн ӕй кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй уӕ фыдӕлтӕн кӕмӕй расомы кодта, уыцы зӕххыл уын раарфӕ кӕндзӕн+. Ахӕм арфӕ уын ракӕндзӕн, ӕмӕ уын уыдзӕн бирӕ зӕнӕг+ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад+ – хор, ног сӕн ӕмӕ сой,– стӕй бирӕ стурвос ӕмӕ лыстӕг фос+. 14 Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах хуызӕн арфӕгонд ничи уыдзӕн+. Нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр ӕнӕзӕнӕг нӕлгоймаг, нӕдӕр ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг, нӕ уӕм уыдзӕн хуыскъ фос дӕр+. 15 Йегъовӕ уӕм иу низ дӕр хӕстӕг не ’рбауадздзӕн. Египеты цы фыднизтӕ зыдтат, уыдонӕй уыл иу дӕр нӕ бафтаудзӕн+, фӕлӕ сӕ бафтаудзӕн, сымахӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уына, уыдоныл. 16 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, уыцы адӕмты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдут+. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут+. Ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма кувут+, уымӕн ӕмӕ уын уый суыдзӕн къӕппӕг+.

17 Чи зоны, уӕхинымӕр зӕгъат, ацы адӕмтӕ тынг бирӕ сты, ӕмӕ сӕ куыд фӕсурдзыстӕм, зӕгъгӕ+,– 18 фӕлӕ сӕ ма тӕрсут+. Макуы уӕ ферох уӕд, уӕ Хуыцау Йегъовӕ фараонӕн ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр цы бакодта, уый+. 19 Уӕхи цӕстӕй федтат стыр фӕлварӕнтӕ+, ӕмӕ уӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ уырдыгӕй ракодта+ нысӕнтты, диссӕгты+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы фӕрцы+. Афтӕ бакӕндзӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ, кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 20 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын сӕ ныфс асӕтдзӕн+ ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ, чи ма дзы баззайа+ ӕмӕ дзы сымахӕй чи бамбӕхса, уыдон иууылдӕр нӕ фесӕфой, уӕдмӕ. 21 Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ – адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр Хуыцау+ – ис уе ’хсӕн+.

22 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уыцы адӕмты гыццылгай уӕ разӕй фӕсурдзӕн+. Уайтагъд сӕ нӕ ныццӕгъддзыстут, науӕд дзы хъӕддаг сырдтӕ сбирӕ уыдзысты ӕмӕ уӕ ӕнцад нӕ уадздзысты. 23 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕ уӕ къухмӕ ратдзӕн, кӕрӕдзи мидӕг сӕ схӕццӕ кӕндзӕн ӕмӕ сӕ лидзӕг фӕкӕндзӕн, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уой+. 24 Сӕ паддзӕхты уын уӕ къухмӕ ратдзӕн+, ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ дӕр хъуамӕ фесафат зӕххы цъарӕй*+. Уӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзыстут+. 25 Сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ сын басудзут+. Ма бабӕллут, цы ӕвзист ӕмӕ сыл цы сызгъӕрин ис, уымӕ+ ӕмӕ йӕ ма райсут+, науӕд уын уый суыдзӕн къӕппӕг+. Уыдӕттӕ ӕлгъаг сты+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты. 26 Дӕ хӕдзармӕ, ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мацы бахӕсс, кӕннод дӕхӕдӕг дӕр уыйау сӕфты хай бауыдзынӕ. Дӕ удӕн ӕнад уӕд ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕн+, уымӕн ӕмӕ уый хъӕуы сӕфты хай бакӕнын+.

8 Абон уын кӕй дзурын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+, цӕмӕй цӕрат+, цӕмӕй сбирӕ уат ӕмӕ бацӕуат, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат+. 2 Уӕ зӕрдыл дарут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цыппор азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куыд кодта+, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр кодтаид+, цӕмӕй уӕ бафӕлвӕрдтаид+ ӕмӕ базыдтаид, уӕ зӕрдӕты цы ис, уый+ – йӕ фӕдзӕхстытӕ йын ӕххӕст кӕндзыстут ӕви нӕ. 3 Уый уӕ ахуыр кодта сӕрныллӕгдзинадыл, афтӕ-иу бакодта, ӕмӕ-иу ӕххормаг+ дӕр уыдыстут, ӕмӕ уын лӕвӕрдта маннӕ+, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтат, уыцы хӕринаг, цӕмӕй бамбӕрстаиккат: адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр+. 4 Цыппор азы дӕргъы уӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыд ӕмӕ-иу уӕ къӕхтӕ никуы срӕсыдысты+. 5 Уӕ зӕрдӕ йӕ зоны: фыд йӕ фыртӕн зонд куыд амона, афтӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ амыдта зонд+.

6 Ӕххӕст кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ – йӕ фӕндӕгтыл цӕут+ ӕмӕ дзы тӕрсут+. 7 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ кӕны хорз зӕхмӕ+. Уый у, дӕлвӕзты дон кӕм кӕлы, дӕлвӕзты+ ӕмӕ хӕхбӕсты суадӕттӕ ӕмӕ арф дӕттӕ кӕм ис, 8 мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сӕнӕфсир, легъуитӕ, гранаттӕ+, сой чи дӕтты, ахӕм оливӕбӕлӕстӕ кӕм зайы ӕмӕ мыд+ кӕм ис, ахӕм зӕхх. 9 Уыцы зӕххыл къӕбӕрцух нӕ уыдзыстут, ницы хъуаг ӕййафдзыстут. Уым дурты ис ӕфсӕйнаг ӕмӕ уым хӕхты къахдзыстут ӕрхуы.

10 Ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай+, уӕд-иу дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кӕн+, кӕй дын радта, уыцы хорз зӕххы тыххӕй+. 11 Кӕс-иу, ма-иу ферох кӕн+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдон, нал ӕххӕст кӕныс+. 12 Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай, хорз хӕдзӕрттӕ куы саразай ӕмӕ дзы куы цӕрай+, 13 де стурвос ӕмӕ дӕ лыстӕг фос куы сбирӕ уой, ӕвзист ӕмӕ дӕм сызгъӕрин бирӕ куы уа ӕмӕ дӕ рӕбынтӕ дзаг куы уой, 14 уӕд дӕ зӕрдӕ схъал уыдзӕн+ ӕмӕ ферох кӕндзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй* дӕ чи ракодта, уый+. 15 Кодта дӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл+ – маргджын кӕлмытӕ+ ӕмӕ скорпионтӕ кӕм ис, уыцы ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл. Фидар къӕдзӕхӕй* дын дон дӕр рауагъта+. 16 Ӕдзӕрӕг быдыры дын лӕвӕрдта маннӕ+, дӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хӕринаг, цӕмӕй дӕ сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр кӕна+ ӕмӕ дӕ бафӕлвара, цӕмӕй дын сомбон хорз уа+. 17 Ӕмӕ йӕ куы ферох кӕнай, уӕд ахъуыды кӕндзынӕ: „Мӕхи хъарутӕй самал кодтон ацы исбон, мӕхи къухты фӕллой у“+. 18 Дӕ зӕрдыл дар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ дын уый дӕтты хъарутӕ исбон амал кӕнынӕн+. Уый абоны онг дӕр ӕххӕст кӕны, дӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы бадзырд+.

19 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы ферох кӕнат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, куы сын куват ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат, уӕд та уын зӕгъын: сымах фесӕфдзыстут+. 20 Йегъовӕ уын уӕ разӕй кӕй суры ӕмӕ кӕй цӕгъды, уыцы адӕмтау фесӕфдзыстут, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыстат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+.

9 Байхъус, Израил, абон ды хизыс Иорданы+ фаллаг фарсмӕ, цӕмӕй бацӕуай, дӕуӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уыцы адӕмты зӕххытӕм ӕмӕ сӕ бацахсай+. Сӕ горӕттӕ сты стыр, сӕ фидаргонд къултӕ ӕххӕссынц суанг арвы онг+. 2 Уыцы адӕм сты енакимтӕ+, тыхджын ӕмӕ бӕрзонд адӕм. Дӕхӕдӕг дӕр ӕй зоныс ӕмӕ йӕ хъусгӕ дӕр фӕкодтай, афтӕ сӕ кӕй дзурынц: „Енакы фыртты ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн?“ 3 Ды йӕ зоныс, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ разӕй кӕй цӕуы+. Уый у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн+ ӕмӕ сӕ дӕ цӕстыты раз басӕтдзӕн. Сӕ зӕххытӕ сын бацахсдзынӕ ӕмӕ сӕ тагъд фесафдзынӕ, Йегъовӕ дын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

4 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын сӕ дӕ разӕй куы фӕсура, уӕд-иу афтӕ ма ахъуыды кӕн: „Мӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй мӕ ӕрбакодта Йегъовӕ ацы зӕхх бацахсынмӕ“+. Йегъовӕ ацы адӕмты сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй суры дӕ разӕй+. 5 Сӕ зӕхх бацахсынмӕ сын уый тыххӕй нӕ цӕуыс, ӕмӕ раст+ хъуыддӕгтӕ кӕныс кӕнӕ рӕстзӕрдӕ+ дӕ. Уыцы адӕмты дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ разӕй суры сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй+, стӕй цӕмӕй сӕххӕст кӕна, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+, цӕй тыххӕй расомы кодта, уый. 6 Зон ӕй: дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ацы хорз зӕхх дӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй нӕ дӕтты, уымӕн ӕмӕ сымах стут ӕнӕсӕттон адӕм+.

7 Дӕ зӕрдыл дар, рох дӕ ма уӕд, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтай, уый+. Египеты зӕххӕй цы бон рацыдыстут, уыцы бонӕй, ардӕм куы ӕрбахӕццӕ стут, уыцы бонмӕ сымах цыдыстут Йегъовӕйы ныхмӕ+. 8 Суанг Хоривы дӕр Йегъовӕйы смӕсты кодтат, ӕмӕ уӕм Йегъовӕйы маст афтӕ ссыгъд, ӕмӕ уӕ хъавыд фесафынмӕ+. 9 Хохмӕ къӕйдуртӕ+ райсынмӕ куы ссыдтӕн, Йегъовӕ уемӕ кӕй скодта, уыцы бадзырды къӕйдуртӕ+,– хохыл фӕдӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+, ӕмӕ уыцы рӕстӕг мӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схастон ӕмӕ доны хъӕстӕ дӕр нӕ фӕдӕн,– 10 уӕд мын Йегъовӕ радта дыууӕ къӕйдуры – уыцы къӕйдуртыл фыст уыди Хуыцауы къухӕй*+. Фыст сыл уыд, уе ’ппӕт дӕр хохы раз куы ӕрӕмбырд стут, уыцы бон уын Йегъовӕ хохыл арты астӕуӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр+. 11 Цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕстӕ мын Йегъовӕ радта дыууӕ къӕйдуры, бадзырды къӕйдуртӕ+, 12 ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Тагъддӕр дӕлӕмӕ ныххиз. Дӕ адӕм, Египетӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕм, сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты+. Цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй куыд тагъд адзӕгъӕл сты! Сӕхицӕн гуымиры скодтой“+. 13 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй+. 14 Бауадз мӕ, ӕз сӕ ныццӕгъдон+ ӕмӕ сын сӕ ном зӕххы цъарӕй* фесафон+ ӕмӕ стӕй дӕуӕй рауадзон адонӕй тыхджындӕр ӕмӕ стырдӕр адӕм“+.

15 Уӕд ӕз дӕр хохӕй ӕрхызтӕн,– хох та кодта судзгӕ+,– ӕмӕ мӕ къухты уыди бадзырды дыууӕ къӕйдуры+. 16 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: сымах Йегъовӕйы раз, уӕ Хуыцауы раз, сарӕзтат тӕригъӕд! Уӕхицӕн скодтат сызгъӕрин род+. Йегъовӕ уын цы фӕндагыл бафӕдзӕхста цӕуын, уымӕй куыд тагъд адзӕгъӕл стут!+ 17 Уӕд ӕз уыцы дыууӕ къӕйдуры райстон ӕмӕ сӕ зӕххыл ныццавтон, уӕ цӕстыты раз сӕ ныппырх кодтон+. 18 Ӕмӕ та Йегъовӕйы раз дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн, ӕмӕ та афтӕ уыдтӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы. Уыцы рӕстӕг мӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схастон ӕмӕ доны хъӕстӕ дӕр нӕ фӕдӕн+, цы тӕригъӕд ракодтат, уый тыххӕй – Йегъовӕйы цӕсты сарӕзтат фыддзинад ӕмӕ йӕ бафхӕрдтат+. 19 Ӕз тарстӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Йегъовӕйы маст афтӕ ссыгъд, ӕмӕ уӕ хъавыди фесафынмӕ+. Фӕлӕ та мӕм Йегъовӕ ацы хатт дӕр байхъуыста+.

20 Йегъовӕ тынг смӕсты Ааронмӕ дӕр ӕмӕ йӕ хъавыди фесафынмӕ+, фӕлӕ йын ӕз Аароны тыххӕй дӕр ныллӕгъстӕ кодтон+. 21 Ӕз райстон, кӕй сарӕзтат ӕмӕ тӕригъӕды кӕй тыххӕй бафтыдыстут, уыцы род+ ӕмӕ йӕ басыгътон, стӕй йӕ лыстӕг мур ныккодтон, рыг дзы рауайын кодтон. Уый фӕстӕ уыцы рыг ныккалдтон, хохӕй чи калд, уыцы цӕугӕдоны+.

22 Йегъовӕйы мӕсты кодтат+ Таверӕйы+ дӕр, Массӕйы+ дӕр ӕмӕ Киброт-Гаттаавӕйы+ дӕр. 23 Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ Кадес-Варнийӕ+ куы арвыста ӕмӕ уын куы загъта, ацӕут ӕмӕ уын кӕй дӕттын, уыцы зӕхх бацахсут, зӕгъгӕ, уӕд сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ рацыдыстут+, нӕ йыл баууӕндыдыстут+ ӕмӕ йӕм нӕ байхъуыстат+. 24 Куы уӕ базыдтон, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сымах цӕут Йегъовӕйы ныхмӕ+.

25 Гъемӕ Йегъовӕйы раз дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы афтӕ уыдтӕн+. Афтӕ та уымӕн бакодтон, ӕмӕ Йегъовӕ сымахӕй загъта, зӕгъгӕ сӕ фесафдзынӕн+. 26 Ӕз Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон+: „О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, дӕ адӕмы, дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕмы, ма фесаф+. Ды сӕ фервӕзын кодтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысы фӕрцы, Египетӕй+ сӕ ракодтай дӕ фидар къухӕй+. 27 Ӕрхъуыды кӕн дӕ лӕггадгӕнджыты Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы+. Ацы адӕмӕн сӕ хивӕнддзинад, сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ, цы тӕригъӕд сарӕзтой, уый дӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг ма ис+, 28 цӕмӕй нӕ, цы зӕххӕй нӕ ракодтай, уыцы зӕххы+ цӕрджытӕ афтӕ ма зӕгъой: „Йегъовӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕцагъта, уымӕн ӕмӕ сӕ йӕ бон не сси бакӕнын, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ, стӕй сӕ йе сӕфт уыдта“+. 29 Уыдон уӕддӕр дӕ адӕм сты, дӕхи кӕй бакодтай+, уыцы адӕм, ӕмӕ сӕ ды ракодтай де стыр тыхӕй ӕмӕ дӕ тыхджын цонгӕй“+.

10 Уыцы рӕстӕг мын Йегъовӕ загъта: „Райс дыууӕ дуры ӕмӕ сӕ слӕгъз кӕн, фыццаг дыууӕ къӕйдуры хуызӕн куыд уой, афтӕ+, ӕмӕ мӕм хохмӕ ссу. Стӕй-иу сараз хъӕдын чырын*+ дӕр. 2 Къӕйдуртыл ӕз ныффысдзынӕн, кӕй ныппырх кодтай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ уыди фыст, уыдон. Ӕмӕ-иу сӕ стӕй бадзырды чырыны сӕвӕр“. 3 Гъемӕ ӕз дӕр акъацийӕ чырын сарӕзтон. Слӕгъз кодтон дыууӕ дуры – уыдысты фыццаг къӕйдурты хуызӕн+, ӕмӕ хохмӕ ссыдтӕн, мемӕ ахастон уыцы дыууӕ къӕйдуры дӕр. 4 Ӕмӕ Хуыцау къӕйдуртыл ныффыста, фыццӕгтыл фыст чи уыди, уыцы ныхӕстӕ+ – Дӕс дзырды*+, уе ’ппӕт дӕр хохы раз куы ӕрӕмбырд стут+, уыцы бон уын Йегъовӕ хохыл арты астӕуӕй+ кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Уый фӕстӕ Йегъовӕ къӕйдуртӕ мӕнмӕ радта. 5 Ӕмӕ хохӕй куы ӕрхызтӕн+, уӕд къӕйдуртӕ сӕвӕрдтон, кӕй сарӕзтон, уыцы чырыны, цӕмӕй уым уой, Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

6 Израилы фырттӕ Беероф-Бене-Иаканӕй+ ацыдысты Мозермӕ. Уым Аарон амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой+. Ӕмӕ йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар+. 7 Уырдыгӕй ацыдысты Гудгодмӕ, Гудгодӕй та – Иотвафӕмӕ+, йӕ дӕлвӕзты дон кӕмӕн кӕлы, уыцы зӕхмӕ.

8 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ рахицӕн кодта Левийы+ мыггаг, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын хӕссой+, Йегъовӕйы раз лӕууой ӕмӕ йын лӕггад кӕной+, стӕй йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр+. 9 Левийы мыггагӕн уый тыххӕй нӕй хай ӕмӕ бынтӕ+ йе ’фсымӕртимӕ. Йегъовӕ у сӕ бынтӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 10 Ӕмӕ та хохыл раздӕрау фӕдӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+, ӕмӕ та мӕм Йегъовӕ ацы хатт дӕр байхъуыста+. Йегъовӕйы нӕ бафӕндыд уӕ фесафын+. 11 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: „Адӕмӕн сӕ разӕй ацу, цӕмӕй, сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуой ӕмӕ йӕ бацахсой“+.

12 О Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ Цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуай+, уарзай+ йӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай+, 13 ӕххӕст кӕнай Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ+, ӕз дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдон, цӕмӕй дын уа хорз – ӕндӕр ма дӕм истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ 14 Мӕнӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы сты уӕлӕрвтӕ+, суанг арвы кӕрӕттӕ дӕр, зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. 15 Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр дӕ фыдӕлтӕ систы зынаргъ, уыдоны бауарзта, ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгты+, ома сымах, равзӕрста ӕппӕт адӕмты ’хсӕнӕй, ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. 16 Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕн сунӕт скӕнут+ ӕмӕ хивӕнд мауал ут*+. 17 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у хуыцӕутты Хуыцау+ ӕмӕ хицӕутты Хицау+, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцау. Уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртам нӕ исы+, 18 рӕстӕй тӕрхон кӕны сидзӕрӕн* ӕмӕ идӕдзӕн+, уарзы ӕрцӕуӕггаджы+ ӕмӕ йын дӕтты дзул ӕмӕ уӕлӕдарӕс. 19 Ӕмӕ сымах дӕр хъуамӕ уарзат ӕрцӕуӕггаджы+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+.

20 Хъуамӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай+, хъуамӕ ууыл уай ӕнувыд*+ ӕмӕ уый номӕй сомы кӕнай+. 21 Уый хъуамӕ кадджын кӕнай+, уый у дӕ Хуыцау. Уый дӕу тыххӕй сарӕзта стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ды дӕхи цӕстӕй федтай+. 22 Дӕ фыдӕлтӕ Египетмӕ куы ’рцыдысты+, уӕд ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды, фӕлӕ уӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, сбирӕ кодта ӕмӕ уын ныр, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+.

11 Уарз дӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ алкӕддӕр ӕххӕст кӕн, йӕ разы дыл цы хӕстӕ ис, уыдон, йӕ уагӕвӕрдтӕ, йӕ закъӕттӕ+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ. 2 Сымах ӕй зонут, мӕ ныхас сымахмӕ кӕй у. Уӕ фырттӕм нӕу мӕ ныхас. Уыдон нӕ зонынц ӕмӕ нӕ федтой, уӕ Хуыцау Йегъовӕ зонд куыд амоны, уый+. Нӕ зонынц ӕмӕ йын нӕ федтой йӕ кад ӕмӕ йӕ хъомыс+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонг+, 3 Египеты зӕххыл фараоны раз, Египеты+ паддзахы раз, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы раз цы нысӕнттӕ равдыста ӕмӕ сын цы сарӕзта, уый. 4 Нӕ федтой, Египеты ӕфсӕдтӕн, йӕ бӕхтӕн ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕттӕн цытӕ бакодта, уый – фӕстейӕ уӕ куы расырдтой, уӕд сын Йегъовӕ сӕ размӕ Сырх денджызы дӕттӕ куыд рауагъта ӕмӕ сӕ куыд ныццагъта+, ӕмӕ ма абоны онг дӕр египетӕгтӕ сӕхимӕ нӕма ӕрцыдысты+. 5 Уыдон нӕ федтой, цалынмӕ ардӕм ӕрбахӕццӕ стут, уӕдмӕ уыл ӕдзӕрӕг быдыры куыд тыхсти; 6 нӕ федтой, Дафан ӕмӕ Авиронӕн+, Рувимы фырт Елиавы фырттӕн, цы бакодта, уый – зӕхх куыд фегом ӕмӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ хӕдзаронты дӕр, сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕм цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон дӕр куыд аныхъуырдта ӕгас Израилы цӕстыты раз+. 7 Фӕлӕ сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон иууылдӕр+.

8 Абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ+ иууылдӕр ӕххӕст кӕн, цӕмӕй сфидар уай ӕмӕ бацӕуай, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уырдӕм ӕмӕ йӕ бацахсай+ 9 ӕмӕ цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай+, Йегъовӕ дӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн+, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл, ӕхсыр ӕмӕ мыд+ кӕм кӕлы, уыцы зӕххыл.

10 Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уый, кӕцӕй рацыдыстут, уыцы Египеты зӕххы хуызӕн нӕу. Уым-иу уӕ хуымтӕ байтыдтат ӕмӕ уӕ хъуыди уӕззау куыст кӕнын, цӕмӕй-иу зӕхх донӕй бафсӕстаиккат*, цӕхӕрадон донӕй куыд ӕфсадай, афтӕ. 11 Фӕлӕ ды цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс, уый у, хӕхтӕ ӕмӕ дӕлвӕзтӕ+ кӕм ис, ахӕм зӕхх. Уый йӕхи ӕфсады уӕларвон къӕвдаты донӕй. 12 Уыцы зӕхмӕ зилы уӕ Хуыцау Йегъовӕ. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕм ӕдзухдӕр йӕ цӕст дары+ – афӕдзы райдайӕнӕй афӕдзы фӕудмӕ.

13 Уӕдӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕм+ куы хъусат, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы лӕггад кӕнат+, 14 уӕд уын уый* уӕ зӕххӕн дӕтдзӕн къӕвдатӕ сӕ афоныл+ – фӕззыгон къӕвдатӕ ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ+,– ӕмӕ-иу уӕ хорӕй тыллӕг сисдзыстут, уыдзӕн уӕм адджын сӕн ӕмӕ сой. 15 Уӕ быдырты-иу уӕ фосӕн ӕрзайын кӕндзӕн кӕрдӕг+. Сымах хӕрдзыстут ӕмӕ уыдзыстут ӕфсӕст+. 16 Фӕлӕ-иу уӕд уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма фӕсайды уой+ ӕмӕ ма адзӕгъӕл уат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын ма райдайат ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕууат+. 17 Кӕннод уӕм Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ арвы дуӕрттӕ сӕхгӕндзӕн ӕмӕ къӕвда нал уардзӕн+, ӕмӕ зӕхх тыллӕг нал дӕтдзӕн. Ӕмӕ уӕд, Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы хорз зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут+.

18 Мӕ ныхӕстӕ мын айсут ӕппӕт зӕрдӕйӕ+, ӕппӕт удӕй. Бабӕттут сӕ уӕ къухтыл, цыма уыл нысан ис, афтӕ, ӕмӕ уын уӕнт, цыма уӕ ныхтыл баст сты, афтӕ+. 19 Ӕмӕ сӕ амонут уӕ сывӕллӕттӕн* дӕр, дзурут сыл, хӕдзары куы бадат, фӕндагыл куы цӕуат, куы-иу схуыссат ӕмӕ-иу куы сыстат, уӕд+. 20 Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты дуӕртты тарвӕзтыл ӕмӕ уӕ кулдуӕрттыл+, 21 цӕмӕй, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр бирӕ фӕцӕрат+, арв зӕххы сӕрмӕ цас уыдзӕн, уыйбӕрц+.

22 Ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытыл+ се ’ппӕтыл дӕр фидар куы хӕцат ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кӕнат, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын куы цӕуат+ ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уат+, 23 уӕд Йегъовӕ ӕппӕт ацы адӕмты фӕсурдзӕн сымах тыххӕй+ ӕмӕ бацахсдзыстут, сымахӕй тыхджындӕр ӕмӕ стырдӕр чи у, уыцы адӕмты зӕххытӕ+. 24 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ бауыдзысты сымах+. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ливаны онг, Стыр цӕугӕдон Евфратӕй суанг ныгуылӕн денджызы онг+. 25 Уӕ ныхмӕ фӕлӕууын ничи бафӕраздзӕн+. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ-иу уӕ къах кӕм ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххы цӕрджытӕ уӕ иууылдӕр тӕрсдзысты+, сӕ зӕрдӕты-иу тас бацӕудзӕн,– зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ.

26 Мӕнӕ, абон уӕ разы ис арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст+. 27 Арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм+, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдонмӕ куы хъусат, уӕд. 28 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы нӕ хъусат+ ӕмӕ уын ӕз абон цы фӕндагыл фӕдзӕхсын цӕуын, уымӕй куы адзӕгъӕл уат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, кӕй нӕ зонут, уыцы хуыцӕутты фӕдыл, куы ацӕуат, уӕд та уӕ баййафдзӕн ӕлгъыст+.

29 Цы зӕхх бацахсынмӕ цӕуыс+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ уырдӕм куы бакӕна, уӕд-иу Гаризимы хохыл зӕгъ* арфӕйы ныхӕстӕ+, Гевалы хохыл та – ӕлгъыстытӕ+. 30 Уыцы хӕхтӕ уӕртӕ Иорданы фаллаг фарс, ныгуылӕнырдыгӕй, не сты? Аравӕйы+ чи цӕры, уыцы ханаайнӕгты зӕххыл, Галгалы+ раз, Морейы+ стыр бӕлӕсты цур не сты? 31 Сымах хизут Иорданы фаллаг фарсмӕ, цӕмӕй бацӕуат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат. Бацахсут ӕй ӕмӕ йыл ӕрцӕрут+. 32 Ӕмӕ уын абон кӕй фехъусын кодтон+, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+ иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут.

12 Цалынмӕ цӕрат, уӕдмӕ хъуамӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнат+ ацы уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ ацы закъӕттӕ+, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй ратдзӕн, уыцы зӕххыл+. 2 Кӕй зӕххытӕ бацахсдзыстут, уыцы адӕмтӕ бӕрзонд хӕхтыл, къуыбыртыл ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын сӕ хуыцӕуттӕн кӕм кувынц, уыцы бынӕттӕ+ иууылдӕр ныппырх кӕнут+. 3 Ныппырх сын кӕнут сӕ нывондхӕссӕнтӕ+, сӕ кувӕн дуртӕ сын ныссӕттут+, сӕ кувӕн цӕджындзтӕ сын басудзут+, сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ сын афӕлдахут+ ӕмӕ сын уыцы бынатӕй сӕ нӕмттӕ дӕр фесафут+.

4 Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн афтӕ ма кувут+. 5 Уӕ мыггӕгтӕн цы зӕхх уа лӕвӕрд, уым уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ номӕн равзардзӕн бынат, цӕмӕй йӕ ном уым уа, ӕмӕ-иу уыцы бынатмӕ ацӕут. Уырдӕм-иу ӕрбацӕут+ 6 ӕмӕ-иу уырдӕм ӕрбахӕссут уӕ судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ уӕ иннӕ нывӕндтӕ, уӕ дӕсӕм хӕйттӕ+, уӕ кувинӕгтӕ+ ӕмӕ уӕ нывӕндтӕ, Хуыцауӕн дзырд кӕй радтат, уый номыл+ кӕнӕ уӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссат, уыдон+, стӕй фыццагзад фос уе стуртӕй ӕмӕ уӕ лыстӕг фосӕй+. 7 Ӕмӕ-иу уым хӕрут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+ ӕмӕ-иу цин кӕнут уӕ алы хъуыддагыл дӕр+, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзаронтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ раарфӕ кодта.

8 Абон мах ам куыд кӕнӕм, афтӕ-иу ма кӕнут,– алчидӕр кӕны, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ+,– 9 уымӕн ӕмӕ сымах нырма нӕ бацыдыстут уӕ цӕрӕнбынатмӕ+, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы бынтӕм. 10 Сымах хъуамӕ ахизат Иорданы+ фаллаг фарсмӕ ӕмӕ ӕрцӕрат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл+. Уый уын ратдзӕн ӕнцойдзинад, фервӕзын уӕ кӕндзӕн, уӕ алыварс цы знӕгтӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ цӕрдзыстут ӕдасӕй+. 11 Ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара+, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уырдӕм-иу ӕрбахӕсдзыстут, цы уын загътон, уыдон иууылдӕр: уӕ судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ, уӕ дӕсӕм хӕйттӕ+, уӕ кувинӕгтӕ+ ӕмӕ, Йегъовӕйӕн дзырд кӕй радтат, уый номыл+ цыдӕриддӕр нывӕндтӕ сфӕнд кӕнат ӕрхӕссын, уыдон. 12 Цин кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+: уӕхӕдӕг дӕр, уӕ фырттӕ дӕр, уӕ чызджытӕ дӕр, уӕ цагъар-нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ, уӕ горӕты цы левиттӕ цӕры, уыдон дӕр,– левиттӕн уемӕ нӕдӕр хай ис, нӕдӕр бынтӕ+. 13 Кӕсут, уӕ судзинаг нывӕндтӕ-иу ӕндӕр бынаты, уӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕуа, ахӕм бынаты, ма хӕссут+. 14 Йегъовӕ уын уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл цы бынат равзара, ӕрмӕстдӕр уым хъуамӕ хӕссат уӕ судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы бынаты хъуамӕ аразат, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдӕттӕ+.

15 Фӕлӕ уӕ зӕрдӕ дзидза куы ’рцагура, уӕд уӕ бон фос аргӕвдын+ у кӕцыфӕнды горӕты дӕр. Дзидза хӕрут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цас ратта, уымӕ гӕсгӕ. Хӕрӕн дзы ис, сыгъдӕг чи нӕу+, уымӕн дӕр ӕмӕ, сыгъдӕг чи у, уымӕн дӕр,– джейраны ӕмӕ саджы фыд куыд хӕриккой, афтӕ+. 16 Ӕрмӕст туг ма хӕрут+. Дон куыд акалынц, афтӕ-иу ӕй зӕхмӕ акалут+. 17 Уӕ горӕты уын хӕрӕн нӕ уыдзӕн дӕсӕм хай уӕ хорӕй+, уӕ ног сӕнӕй, уӕ сойӕ, стӕй уе стурты ӕмӕ уӕ лыстӕг фосы фыццагзад фосы дзидзайӕ+, Хуыцауӕн дзырд кӕй радтат, уый номыл кӕнӕ уӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссат, уыцы нывӕндтӕй+ ӕмӕ уӕ кувинӕгтӕй+. 18 Уыдон хӕрдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты+: уӕхӕдӕг дӕр, уӕ фырттӕ дӕр, уӕ чызджытӕ дӕр, уӕ цагъар-нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ дӕр, стӕй, уӕ горӕты чи цӕры, уыцы левиттӕ дӕр. Ӕмӕ хъуамӕ цин кӕнат+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз уӕ алы хъуыддагыл дӕр. 19 Кӕсут, цалынмӕ уӕ зӕххыл цӕрат, уӕдмӕ левитты+ рохуаты ма ныууадзут.

20 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+ дын дӕ зӕххытӕ куы фестырдӕр кӕна+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дзидза куы ’рцагура ӕмӕ куы зӕгъай, дзидза куы бахӕрин, зӕгъгӕ, уӕд дӕ бон у дзидза бахӕрын, дӕ зӕрдӕ йӕ кӕдфӕнды ма ’рцагура, уӕд+. 21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ номӕн цы бынат равзара+, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынат дард куы уа, уӕд-иу, Йегъовӕ дын кӕй ратта, уыцы стуртӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй аргӕвд, куыддӕриддӕр дын загътон, афтӕ, ӕмӕ-иу дзы бахӕр дӕ горӕты, дӕ зӕрдӕ дзидза кӕдфӕнды ма ’рцагура, уӕд+. 22 Уыцы дзидза уӕ бон хӕрын у, джейраны ӕмӕ саджы фыд куыд фӕхӕрут, афтӕ+: ис дзы хӕрӕн, сыгъдӕг чи нӕу+, уымӕн дӕр ӕмӕ, сыгъдӕг чи у, уымӕн дӕр. 23 Ӕрмӕст фидар лӕуу ууыл, цӕмӕй туг ма хӕрай+, уымӕн ӕмӕ туг уд у+, ӕмӕ дзидза йӕ удимӕ ма хӕр. 24 Туг ма хӕр. Дон куыд акалынц, афтӕ-иу ӕй зӕхмӕ акал+. 25 Ма йӕ хӕр, цӕмӕй дӕхицӕн+ дӕр ӕмӕ дӕ цотӕн дӕр уа хорз, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй араздзынӕ, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый+. 26 Ӕрмӕст-иу дӕ сыгъдӕг кувинӕгтӕ+ ӕмӕ, Хуыцауӕн дзырд кӕй радтай, уый номыл кӕй хӕссай, уыцы нывӕндтӕ+ ӕрбахӕсс, Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынатмӕ+. 27 Ӕмӕ-иу дӕ судзинаг нывӕндтӕ+ – дзидза ӕмӕ туг+ – ӕрхӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы нывондхӕссӕныл. Дӕ нывӕндты туг-иу акал Йегъовӕйы нывондхӕссӕны раз+, сӕ дзидза та сын дӕ бон у бахӕрын.

28 Кӕс, ӕз дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕн+, цӕмӕй дӕхицӕн+ дӕр ӕмӕ дӕ цотӕн дӕр ӕнустӕм уа хорз, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй араздзынӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ раст цы у, уый+.

29 Кӕй зӕххытӕ бацахсынмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ разӕй куы фӕсура ӕмӕ сӕ куы ныццӕгъда, уӕд-иу сын сӕ зӕххытӕ бацахс+ ӕмӕ-иу уым ӕрцӕр+. 30 Дӕхимӕ кӕс, Хуыцау сӕ дӕ разӕй куы фӕсура ӕмӕ сӕ куы ныццӕгъда, уӕд ды дӕр сӕ фӕстӕ къӕппӕджы ма бахау+ ӕмӕ сӕ хуыцӕутты тыххӕй рафӕрс-бафӕрс кӕнын ма райдай: «Цымӕ ацы адӕмтӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд куывтой? Ӕз дӕр афтӕ кӕндзынӕн». 31 Ды дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн афтӕ ма кув+, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ хуыцӕутты номыл кӕнынц, Йегъовӕйӕн ӕнад цы у, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕ. Суанг ма сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр сӕ хуыцӕутты номыл арты басудзынц+. 32 Цыдӕриддӕр уын дзурын, уыдон иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+. Мацы сӕм бафтаут ӕмӕ дзы мацы аппарут+.

13 Уе ’хсӕн пехуымпар+ кӕнӕ фынтӕуынӕг+ куы фӕзына ӕмӕ дын исты нысан кӕнӕ исты диссаджы тыххӕй куы дзура+ 2 ӕмӕ дын куы зӕгъа, кӕй нӕ зоныс, уыцы хуыцӕутты фӕдыл ацӕуӕм ӕмӕ сын кувӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ цы нысан кӕнӕ цы диссаджы тыххӕй дзырдта, уый куы сӕххӕст уа+, 3 уӕд уыцы пехуымпары кӕнӕ фынтӕуынӕджы ныхӕстӕм ма байхъус+, уымӕн ӕмӕ уӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны+, цӕмӕй йӕ базона, уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй уарзут ӕви нӕ+. 4 Сымах хъуамӕ цӕуат уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдыл, хъуамӕ уымӕй тӕрсат, хъуамӕ уый фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнат, хъуамӕ уымӕ хъусат, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнат ӕмӕ хъуамӕ ууыл уат ӕнувыд+. 5 Уыцы пехуымпары+ кӕнӕ фынтӕуынӕджы та хъӕуы амарын+, уымӕн ӕмӕ уӕ кӕны уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхмӕ, Египеты зӕххӕй уӕ чи ракодта, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй* уӕ чи ссӕрибар кодта, уый ныхмӕ, цӕмӕй, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы фӕндагыл бафӕдзӕхста цӕуын, уыцы фӕндагӕй уӕ фӕиппӕрд кӕна+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.

6 Де ’фсымӕр, ома дӕ мадызӕнӕг, кӕнӕ дӕ фырт, кӕнӕ дӕ чызг, кӕнӕ дӕ уарзон бинойнаг, кӕнӕ дӕ, дӕ уды йас кӕй уарзыс, уыцы ӕмбал+ сусӕгӕй куы ардауа, ацӕуӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕм+, зӕгъгӕ,– уыцы хуыцӕутты та нӕдӕр уӕхӕдӕг зонут, нӕдӕр сӕ уӕ фыдӕлтӕ зыдтой; 7 уыдон сты, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны хуыцӕуттӕ – хӕстӕг уӕм чи у ӕмӕ уӕм дард чи у, зӕххы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕ,– 8 уӕд йӕ фӕндыл ма сразы у ӕмӕ йӕм ма байхъус+. Ма йын фӕтӕригъӕд кӕн, ма йыл бацауӕрд+ ӕмӕ йын йӕ фыдракӕнд ма басусӕг кӕн. 9 Хъуамӕ йӕ амарай+. Фыццаг ыл хъуамӕ ды ныццӕвай дур, стӕй йӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй фӕхойдзысты+. 10 Дуртӕй йӕ амарут. Хъуамӕ амӕла+, уымӕн ӕмӕ дӕ хъавыд дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ, Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй дӕ чи ракодта, уымӕй аздахынмӕ+. 11 Уӕд ӕгас Израил уыцы хабар фехъусдзӕн ӕмӕ адӕм фӕтӕрсдзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн ахӕм фыддзинад ничиуал сараздзӕн+.

12 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын цӕрынӕн цы горӕттӕ дӕтты, уыдонӕй иуы ахӕм ныхас куы фехъусай: 13 „Уе ’хсӕн фӕзынд ӕнаккаг адӕймӕгтӕ+ ӕмӕ хъавынц сӕ горӕты цӕрджыты Хуыцауӕй аздахынмӕ+, дзурынц сын, цомут ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕм, зӕгъгӕ, сымах кӕй нӕ зонут, уыцы хуыцӕуттӕн“,– 14 уӕд уыцы хъуыддаг сбӕрӕг кӕн, раиртас ӕй ӕмӕ йӕ бӕлвырд базон+. Ӕмӕ куы рабӕрӕг уа, уый ӕцӕг кӕй у, уе ’хсӕн ахӕм ӕлгъаг ми кӕй ӕрцыд, 15 уӕд уыцы горӕты цӕрджыты карды комӕй ныццӕгъд+. Горӕт, чидӕриддӕр дзы ис, уыдоны, стӕй сӕ фос дӕр карды комӕй сӕфты хай бакӕн+. 16 Мулкӕй дзы цыдӕриддӕр уа, уый иууылдӕр ӕрӕмбырд кӕн горӕты фӕзы астӕу, ӕмӕ горӕт+ йӕхи дӕр ӕмӕ уыцы мулк дӕр иууылдӕр басудз нывондӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн. Уыцы горӕт ӕнустӕм лӕудзӕн пырхӕй+. Никуыуал ӕй сараздзысты. 17 Сӕфты хай цы хъуамӕ бауа, уыдонӕй ӕппындӕр мацы райс+, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ маст баурома+ ӕмӕ дын фӕтӕригъӕд кӕна, цӕмӕй дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса+ ӕмӕ дӕ сбирӕ кӕна, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ+. 18 Дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъус, ӕххӕст ын кӕн йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ+, ӕз дын абон кӕй дзурын, уыдон, цӕмӕй аразай, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый+.

14 Сымах стут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фырттӕ+. Марды номыл уӕхи ма лыгтӕ кӕнут+ ӕмӕ уе ’рфгуытӕ ма дасут*+. 2 Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм+. Зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй Йегъовӕ сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+.

3 Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ӕппындӕр мацы хӕрут+. 4 Цӕрӕгойтӕй уӕ бон у хӕрын+ мӕнӕ адон: гал, фыс, сӕгъ, 5 саг, джейран, сӕгуыт+, дзӕбидыр*, антилопӕ, хъӕддаг фыс, сычъи, 6 стӕй, йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у ӕмӕ дзы зыхъхъыр кӕмӕн ис, сынӕр чи цӕгъды, уыцы цӕрӕгойты+. Адон уӕ бон у хӕрын. 7 Сынӕр чи цӕгъды кӕнӕ йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у, зыхъхъыр дзы кӕмӕн ис, уыдонӕй уын хӕрӕн нӕй ӕрмӕстдӕр мӕнӕ ацы цӕрӕгойты: теуа+, тӕрхъус+ ӕмӕ хӕххон зыгъарӕг*+, уымӕн ӕмӕ сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ сӕ сӕфтӕг дих нӕу. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ. 8 Хӕрӕн уын нӕй хуы+ дӕр: йӕ сӕфтӕг дих у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Уый сымахӕн у чъизи цӕрӕгой. Сӕ дзидза сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕм ма ӕвналут+.

9 Дӕтты цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй уын хӕрӕн ис, ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыдоны+. 10 Ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдоны та ма хӕрут+. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ.

11 Сыгъдӕг мӕргътӕй уӕ бон хӕрын у кӕцыфӕнды дӕр. 12 Фӕлӕ мӕнӕ адон ма хӕрут: цӕргӕс, кӕсагхор хъӕрццыгъа, сау лӕгуынсӕр хъӕрццыгъа*+, 13 сырх цъиусуры, сау цъиусуры ӕмӕ ӕндӕр цъиусурты+ алы мыггӕгтӕ, 14 халоны+ алы мыггӕгтӕ, 15 страус+, уыг, денджызы уари ӕмӕ уарийы алы мыггӕгтӕ, 16 сидахъхъ, хъусджын уыг+ ӕмӕ доныхъаз, 17 пеликан+, лӕгуынсӕр хъӕрццыгъа ӕмӕ баклан*, 18 къадз, кӕсагласы алы мыггӕгтӕ, дыгоппон ӕмӕ хӕлынбыттыр+. 19 Ӕмӕ базырджын лыстӕг цӕрӕгойтӕ дӕр иууылдӕр сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ+. Ма сӕ хӕрут. 20 Сыгъдӕг мӕргътӕй та уӕ бон у кӕцыфӕнды дӕр хӕрын.

21 Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут+. Уӕ бон ӕй у раттын, уӕ горӕты чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггагӕн, ӕмӕ дзы уымӕн йӕ бон у хӕрын. Науӕд та йӕ ауӕй кӕнӕн ис ӕндӕрбӕстагӕн. Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм.

Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц+.

22 Алы аз дӕр уӕ зӕххӕй цы тыллӕг исат, уымӕй, чи уӕм ӕрзайа, уыцы хорӕй, хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй дӕттат дӕсӕм хай+. 23 Ӕмӕ-иу уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, уый цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты, хӕрут дӕсӕм хай уӕ хорӕй+, уӕ ног сӕнӕй, уӕ сойӕ, стӕй уе стурты ӕмӕ уӕ лыстӕг фосы фыццагзад фосы дзидза+, цӕмӕй ахуыр кӕнат алкӕддӕр уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын+.

24 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа+, уый дард куы уа ӕмӕ дӕ уырдӕм бирӕ цӕуын куы хъӕуа+, ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй раарфӕ кодта+, уый тыххӕй дӕ лӕвар дӕ бон афӕразын куы нӕ уа, 25 уӕд-иу ӕй ӕхцайыл баив. Де ’хца-иу нывӕр ӕхцадоны, демӕ-иу сӕ рахӕсс ӕмӕ-иу ацу, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынатмӕ. 26 Уыцы ӕхцайӕ дӕ бон уыдзӕн, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый балхӕнын+: стуртӕ, фыстӕ, сӕгътӕ, сӕн, карз нозт+ – иудзырдӕй, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр ӕрцагура, уый. Ӕмӕ-иу уым дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз хӕр ӕмӕ цин кӕн+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр. 27 Рохуаты ма ныууадз, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левитты+ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн демӕ нӕдӕр хай ис, нӕдӕр бынтӕ+.

28 Алы ӕртӕ азы фӕстӕ дӕр-иу ӕрбахӕсс, уыцы аз цы тыллӕг сисай, уымӕн йӕ дӕсӕм хай ӕнӕхъӕнӕй дӕр+ ӕмӕ-иу ӕй дӕ горӕты сӕвӕр. 29 Ӕмӕ, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левиттӕ+,– уыдонӕн демӕ нӕдӕр хай ис, нӕдӕр бынтӕ,– ӕрцӕуӕггӕгтӕ+, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ+ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ хӕрдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕфсӕст. Ӕмӕ дын уӕд дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр, цыдӕриддӕр аразай+, уымӕн арфӕ кӕндзӕн+.

15 Алы ӕвдӕм азы кӕрон дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уыцы адӕймаджы йӕ хӕсӕй ссӕрибар кӕн. 2 Сӕрибар кӕнын хъӕудзӕн афтӕ+: ӕфстау чи радта, уый хъуамӕ йӕ хӕсӕй ссӕрибар кӕна, хӕс дзы чи райста, уыцы адӕймаджы. Уыцы адӕймагӕн кӕнӕ йе ’фсымӕрӕн хъуамӕ йӕ хӕс ма фидын кӕна+, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна Йегъовӕйы номыл+. 3 Ӕндӕрбӕстагӕн+ ис йӕ хӕс бафидын кӕнӕн. Фӕлӕ дӕ де ’фсымӕр цыфӕнды ма дара,– йӕ хӕсӕй йӕ ссӕрибар кӕн. 4 Уе ’хсӕн хъуамӕ мӕгуыртӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл+. 5 Фӕлӕ дын арфӕ ӕрмӕстдӕр уӕд кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг куы ’ххӕст кӕнай+. 6 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕмӕ ды ӕфстау дӕтдзынӕ+ бирӕ адӕмтӕн, дӕхӕдӕг та ӕфстау никӕмӕй исдзынӕ. Дӕ дӕлбар уыдзысты бирӕ адӕмтӕ, ды та нӕ уыдзынӕ сӕ дӕлбар+.

7 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл, уӕ горӕттӕй искӕцыйы де ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ-иу дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разын*+. 8 Дӕ рӕдау къух ын байгом кӕн+ ӕмӕ йын ӕфстау ратт, цы хъуаг у, уый – цас ӕй хъӕуы, уыйбӕрц. 9 Кӕс, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы мӕнгард хъуыды ма фӕзына+, зӕгъгӕ, ӕрбахӕццӕ кӕны ӕвдӕм аз, сӕрибардзинады аз+, ӕмӕ цӕмӕй дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разынай+ ӕмӕ йӕ ӕнӕ ницӕмӕй ма арвитай. Уӕд уый дӕуӕй Йегъовӕйӕн рахъаст кӕндзӕн+, ӕмӕ дын уыцы ми нымад ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдыл+. 10 Цы йӕ хъӕуы, уый йын ӕнӕмӕнгӕй ратт+, ӕмӕ йын ӕй куы дӕттай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕйы ӕвгъау ма кӕсӕд. Уый тыххӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн дӕ алы хъуыддаджы дӕр, цыфӕнды ма аразай, уымӕн+. 11 Уӕ зӕххыл мӕгуыртӕ алкӕддӕр уыдзӕн+. Ӕмӕ дын афтӕ дӕр уый тыххӕй зӕгъын: „Дӕ зӕххыл тыхст ӕмӕ мӕгуыр чи у, уымӕн, де ’фсымӕрӕн, дӕ рӕдау къух байгом кӕн“+.

12 Де ’фсымӕр, ома дын дзуттаг йӕхи куы рауӕй кӕна, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг+, ӕмӕ дын ӕхсӕз азы куы балӕггад кӕна, уӕд ӕй хъуамӕ ӕвдӕм аз ссӕрибар кӕнай ӕмӕ йӕ ауадзай+. 13 Ӕмӕ йӕ куы ссӕрибар кӕнай ӕмӕ йӕ куы ауадзай, уӕд ӕй афтидкъухӕй ма арвит+. 14 Йемӕ йын ӕнӕмӕнг ратт дӕ дзугӕй исты, хор дӕ найгӕнӕн мусӕй, сой дӕ сойлӕмарӕнӕй ӕмӕ сӕн дӕ сӕндуцӕнӕй. Ратт ын, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ+. 15 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ стӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ссӕрибар кодта+. Абон дын адӕттӕ дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхсын.

16 Фӕлӕ дын афтӕ куы зӕгъа: „Ӕз дӕуӕй нӕ ацӕудзынӕн!“ – дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бинонты дӕр кӕй уарзы, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йын дӕумӕ цӕргӕйӕ уыди хорз+, 17 уӕд-иу райс туас, йӕ хъус ын дуарыл сӕвӕрын кӕн ӕмӕ йын ӕй уыцы туасӕй ахуынкъ кӕн, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм суыдзӕн дӕ цагъар+. Афтӕ-иу бакӕн дӕ цагъар-сылгоймагӕн дӕр. 18 Йе ссӕрибар кӕнын ӕмӕ дӕм йӕ ауадзын та зын ма кӕсӕд+, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсӕз азы мидӕг цы бакуыста, уымӕн йӕ аргъ у, ӕххуырст кусӕг цы бакуса, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр+. Ӕмӕ цыфӕнды ма арӕзтаис, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын арфӕ кодта+.

19 Де стуртӕ ӕмӕ дӕ лыстӕг фосы фыццагзад нӕл фосӕй алкӕцы дӕр хъуамӕ снывонд кӕнай дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+. Фыццагзад галыл мацы кус ӕмӕ дӕ лыстӕг фосӕй фыццагзад фос ма ӕлвын+. 20 Уыцы фосы дзидза хӕрдзынӕ алы аз дӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр. 21 Уыцы фос сахъат куы уой, исты хъӕндзинад сӕм куы уа – къуылых кӕнӕ куырм куы уой,– уӕд сӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ма ’рхӕсс+. 22 Сӕ дзидза сын-иу бахӕр дӕ горӕты. Хӕрӕн дзы ис, сыгъдӕг чи нӕу, уымӕн дӕр ӕмӕ, сыгъдӕг чи у, уымӕн дӕр+,– джейраны ӕмӕ саджы фыд куыд фӕхӕрынц, афтӕ+. 23 Ӕрмӕст сын сӕ туг ма хӕр+. Дон куыд акалынц, афтӕ йӕ зӕхмӕ акал+.

16 Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй+. Бӕрӕг кӕн Куадзӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+, уымӕн ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ авивы мӕйы ӕхсӕвы ракодта Египетӕй+. 2 Дӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ де стуртӕй+ ӕрхӕсс Куадзӕны нывонд дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+, Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты+. 3 Уыцы нывондимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕр. Авд боны+ хъуамӕ хӕрай донгонд дзултӕ, удхайраг дзул, уымӕн ӕмӕ Египеты зӕххӕй куы цыдтӕ, уӕд тагъд кодтай+. Афтӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдыл дардзынӕ, Египеты зӕххӕй куы рацыдтӕ, уыцы бон+. 4 Кӕм цӕрай, уым дӕм авд боны ӕнхъизӕн хъуамӕ макуы уа+. Ӕмӕ фыццаг бон изӕрӕй цы нывонд ӕрхӕссай, уымӕн йӕ дзидзайӕ райсоммӕ мацы ныууадз+. 5 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы горӕттӕй дын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд хӕссӕн. 6 Фӕлӕ Куадзӕны нывонд хъуамӕ ӕрхӕссай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты+ изӕрӕй, хур куы аныгуыла, уӕд+, Египетӕй цы нысангонд рӕстӕгыл рацыдтӕ, уыцы рӕстӕг. 7 Ӕрцӕттӕ йӕ кӕн ӕмӕ йӕ бахӕр+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты+. Райсомӕй та аздӕхдзыстут уӕ цатыртӕм. 8 Ӕхсӕз боны хӕрдзынӕ донгонд дзултӕ, ӕвдӕм бон та дын уыдзӕн сӕрмагонд ӕмбырд дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+. Уыцы бон мацы кус.

9 Хъуамӕ анымайай авд къуырийы. Авд къуырийы анымайын хъӕудзӕн, кӕрдинаг хуымтыл ӕхсырф фыццаг хатт куы рауадзай, уыцы бонӕй+. 10 Уый фӕстӕ бӕрӕг кӕндзынӕ Къуыриты бӕрӕгбон дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл+, ӕрбахӕсдзынӕ-иу нывонд дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цас у, уыйбӕрц+. 11 Ӕмӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты-иу+ цин кӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар-нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг дӕр, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левит дӕр, стӕй уе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггаг+, сидзӕр+ ӕмӕ идӕдз+ дӕр. 12 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ+. Уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕн ацы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архай+.

13 Дӕ найгӕнӕн мусы тыллӕг ӕфснайыны куыстытӕ куы фӕуай, дӕ сойлӕмарӕны сой куы ныллӕмарай ӕмӕ дӕ сӕндуцӕны сӕн куы ’рдуцай, уӕд авд боны бӕрӕг кӕндзынӕ Халагъудты бӕрӕгбон+. 14 Ӕмӕ-иу бӕрӕгбоны рӕстӕг цин кӕн+: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар-нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ дӕ цагъар-сылгоймаг дӕр, стӕй, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдз дӕр. 15 Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты авд боны бӕрӕг кӕндзынӕ ацы бӕрӕгбон+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл, уымӕн ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕтдзӕн тыллӕджы бӕркад ӕмӕ арфӕ кӕндзӕн+, цыдӕриддӕр аразай, уымӕн. Ӕмӕ-иу цин кӕн+.

16 Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрбацӕуой дӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ+ – Донгонд дзулты бӕрӕгбоны+, Къуыриты бӕрӕгбоны+ ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕджы+. Йегъовӕйы размӕ-иу афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд+. 17 Алчидӕр йӕ къухы цы лӕвар ӕрбахӕсдзӕн, уый хъуамӕ уа, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кӕна, уымӕ гӕсгӕ+.

18 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ кӕй дӕтты, уыцы горӕттӕй алкӕцыйы дӕр сӕвӕр тӕрхонгӕнджытӕ+ ӕмӕ хицӕуттӕ+. Уыдон хъуамӕ адӕмӕн кӕной раст тӕрхон. 19 Рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. Макӕй хъулон кӕн+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны+ ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны. 20 Хъуамӕ архайай рӕстӕй, ӕрмӕстдӕр рӕстӕй+, цӕмӕй цӕрай ӕмӕ бацахсай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕхх+.

21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй сараздзынӕ, уыцы нывондхӕссӕны раз ма ныссадз, кӕмӕн кувай, ахӕм бӕлас+.

22 Ма сӕвӕр кувӕн дур дӕр+ – уый дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнад у+.

17 Галмӕ кӕнӕ фысмӕ исты хъӕндзинад куы уа кӕнӕ сахъат куы уа, уӕд ӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ма ’рхӕсс. Уый ӕлгъаг у дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты+.

2 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы горӕттӕй дӕм искӕцыйы ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг куы разына, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый чи аразы, йӕ бадзырды сӕрты йын чи ахызт+, 3 ӕмӕ куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы кува ӕмӕ сӕ разы, стӕй хур, мӕй ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз+ йӕ зонгуытыл куы лӕууа – ӕз та уый нӕ фӕдзӕхстон+,– 4 ӕмӕ дын уый тыххӕй куы зӕгъой, ӕмӕ йӕ куы фехъусай ӕмӕ йӕ куы сбӕрӕг кӕнай ӕмӕ уый ӕцӕг куы разына, куы рабӕрӕг уа+, Израилы ӕцӕгдӕр ахӕм ӕлгъаг ми кӕй ӕрцыд, 5 уӕд, уыцы ӕвзӕр хъуыддаг чи бакодта, уыцы нӕлгоймаджы кӕнӕ сылгоймаджы ракӕн кулдуары размӕ ӕмӕ йӕ дуртӕй амар. Ахӕм адӕймаг хъуамӕ амӕла+. 6 Амарӕн ӕй ис дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны+ ныхасмӕ гӕсгӕ. Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ марӕн нӕй+. 7 Фыццаг ыл хъуамӕ ӕвдисӕнтӕ ныццӕвой дуртӕ, уый фӕстӕ та йӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй фӕхойдзысты+. Уе ’хсӕнӕй ӕвзӕрдзинад фесафут+.

8 Дӕ горӕты исты хабар куы ’рцӕуа ӕмӕ дын уыцы хъуыддаг равзарын зын куы уа+, зӕгъӕм, чидӕр туг ныккалдта+, чидӕр кӕуылдӕр бахъаст кодта+, чидӕр цыдӕр фыдми бакодта кӕнӕ чидӕр кӕимӕдӕр фӕбыцӕу+, уӕд сыст ӕмӕ ацу, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынатмӕ+. 9 Бацу левит-сауджынтӕм+ ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхонгӕнӕг+ чи уыдзӕн, уымӕ ӕмӕ сын хъуыддаг радзур. Уыдон дын зӕгъдзысты, цы уынаффӕ рахастой, уый+. 10 Уый фӕстӕ хъуамӕ бакӕнай, Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты дын цы зӕгъой, уый. Куыддӕриддӕр дын зӕгъой, хъуамӕ афтӕ бакӕнай. 11 Хъуамӕ архайай, цы закъонмӕ дын бацамоной ӕмӕ цы уынаффӕ рахӕссой, уымӕ гӕсгӕ+. Цы дын зӕгъой, уымӕй мадӕр рахизырдӕм ахиз, мадӕр галиуырдӕм+. 12 Сӕрбӕрзонд чи разына ӕмӕ сауджынмӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз чи лӕууы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уымӕ кӕнӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ чи нӕ байхъуса+, уый та хъуамӕ амӕла+. Израилӕй ӕвзӕрдзинад фесаф+. 13 Уӕд адӕм иууылдӕр уыцы хабар фехъусдзысты ӕмӕ фӕтӕрсдзысты+, ӕмӕ сӕрбӕрзонд митӕ нал кӕндзысты.

14 Ӕппынфӕстаг, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуай, куы йӕ бацахсай ӕмӕ дзы куы ’рцӕрай+, ӕмӕ куы зӕгъай, цӕй, мӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдонау ӕз дӕр мӕхицӕн паддзах сӕвӕрон, зӕгъгӕ+, 15 уӕд-иу дӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕр, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы адӕймаджы+. Дӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕр де ’фсымӕртӕй искӕй. Ӕндӕрбӕстаджы, де ’фсымӕр чи нӕу, уый дын нӕй дӕхицӕн паддзахӕй ӕвӕрӕн. 16 Ӕрмӕст хъуамӕ ма архайа йӕ бӕхтӕ фӕфылдӕр кӕныныл+, стӕй йӕ бӕхтӕ фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй адӕмы фӕстӕмӕ Египетмӕ хъуамӕ ма арвита+. Йегъовӕ уын афтӕ загъта: „Адӕм фӕстӕмӕ Египетмӕ хъуамӕ макуыуал аздӕхой“. 17 Стӕй хъуамӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ дӕр ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ мӕнӕй ма аздӕха+. Ӕмӕ хъуамӕ ма архайа йе ’взист ӕмӕ йӕ сызгъӕрин сбирӕ кӕныныл+. 18 Йӕ паддзахады паддзахбадӕныл куы ’рбада, уӕд хъуамӕ йӕхицӕн рафысса ацы закъон, левит-сауджынтӕм чи ис, уый+.

19 Ӕмӕ ацы закъон хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕхимӕ уа ӕмӕ йӕ хъуамӕ кӕса йӕ царды ӕппӕт бонты дӕр+, цӕмӕй ахуыр кӕна йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ фидар хӕца, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл, стӕй ацы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕна+, 20 цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ма схъал уа ӕмӕ йӕхи йе ’фсымӕртӕй уӕлдӕр ма сӕвӕра+ ӕмӕ ацы фӕдзӕхстытӕй мадӕр рахизырдӕм ахиза, мадӕр галиуырдӕм+. Уӕд бирӕ азты дӕргъы уыдзӕн паддзах Израилӕн+ – йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр.

18 Сауджынтӕн, левиттӕн, Левийы ӕнӕхъӕн мыггагӕн, Израилимӕ нӕ уыдзӕн хай ӕмӕ бынтӕ+. Уыдон хъуамӕ хӕрой Йегъовӕйы хай – кӕй йын ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕ+. 2 Уӕдӕ Левийы мыггагӕн йе ’фсымӕрты ’хсӕн бынтӕ нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ у йӕ хай+, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ.

3 Адӕмӕй исчи нывондӕн гал кӕнӕ фыс куы хӕсса, уӕд мӕнӕ ай уыдзӕн сауджынты хай: нывондӕн йӕ уӕн, йе ’фсӕр ӕмӕ йӕ ахсӕн. Хъуамӕ сӕ ратта сауджынӕн. 4 Хъуамӕ йын раттай дӕ хоры фыццаг тыллӕг, дӕ ног сӕн ӕмӕ дӕ сой, стӕй дӕ дзуджы фыццаг къуымбил+. 5 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕппӕт мыггӕгтӕй уый равзӕрста, цӕмӕй алкӕддӕр лӕггад кӕна Йегъовӕйы номӕй,– йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр+.

6 Левит Израилы горӕттӕй искӕцыйы цасдӕр куы фӕцӕра ӕмӕ стӕй уырдыгӕй куы ацӕуа+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынатмӕ куы ’рбацӕуа+, 7 уӕд-иу лӕггад кӕнӕд йӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй, йе ’фсымӕртӕ, левиттӕ, уым Йегъовӕйы раз чи лӕууы, уыдон, куыд лӕггад кӕнынц, афтӕ+. 8 Йӕ фыдӕлты исбон куы ауӕй кӕна, уӕд дзы цы райса, уымӕй уӕлдай уымӕн дӕр хӕринагӕй йӕ хай хъуамӕ уа+, иннӕ левиттӕн сӕ хай цы у, уый.

9 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуай, уӕд, уым цӕрӕг адӕмтӕ цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл ма сахуыр у+. 10 Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты чи басыгъта*+, дӕсны чи фӕрсы+, кӕлӕнтӕ чи кӕны+, нысӕнттӕ чи халы+, 11 хинтӕ чи кӕны+ ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы+, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры+ кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы+. 12 Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты, ӕмӕ уыцы адӕмты дӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы ӕлгъаг миты тыххӕй суры дӕ разӕй+. 13 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз у ӕнаипп+.

14 Кӕй зӕххытӕ бацахсдзынӕ, уыцы адӕмтӕ хъусынц кӕлӕнгӕнджытӕм+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+. Фӕлӕ дӕу та дӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ уадзы афтӕ кӕнын+. 15 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын уӕхи ’хсӕнӕй, де ’фсымӕртӕй, ратдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусат+. 16 Дӕтгӕ та дын ӕй уый тыххӕй ракӕндзӕн, ӕмӕ Хоривы, уе ’ппӕт дӕр куы ӕрӕмбырд стут+, уыцы бон дӕхӕдӕг загътай дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, зӕгъгӕ мын мӕ Хуыцау Йегъовӕйы хъӕлӕс ногӕй мауал фехъусын кӕн ӕмӕ мын ацы пиллон арт мауал фенын кӕн, кӕннод амӕлдзынӕн+. 17 Ӕмӕ мын уӕд Йегъовӕ загъта: „Цы загътой, уый мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд+. 18 Ӕз сын се ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ратдзынӕн дӕу хуызӕн пехуымпары+. Ӕмӕ йын йе ’взагыл сӕвӕрдзынӕн мӕ ныхӕстӕ+, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр зӕгъон, уый сын дзурдзӕн+. 19 Мӕ ныхӕстӕм, мӕ номӕй кӕй дзура, уыдонмӕ, чи нӕ хъуса, уыцы адӕймагӕй та ӕз мӕхӕдӕг дзуапп ӕрдомдзынӕн+.

20 Фӕлӕ искӕцы пехуымпар йӕ ныфс куы бахӕсса мӕ номӕй, ӕз ын цы нӕ бафӕдзӕхстон, уый дзурын+ кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын+, уӕд уыцы пехуымпар хъуамӕ амӕла+. 21 Дӕхинымӕр куы зӕгъай, Йегъовӕ кӕй нӕ загъта, уыцы ныхӕстӕ куыд базонӕм, зӕгъгӕ+, 22 уӕд уый базондзыстут афтӕ: пехуымпар Йегъовӕйы номӕй куы дзура ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ куы нӕ сӕххӕст уой, мӕнг куы разыной, уӕд уыцы ныхӕстӕ Йегъовӕ нӕ загъта. Уыцы пехуымпар сӕ дзырдта, ӕгӕр ныфсхаст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ+. Ӕмӕ дзы ма тӕрс“+.

19 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты дӕ Хуыцау Йегъовӕ куы фесафа+ ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ куы бацахсай ӕмӕ сын сӕ горӕтты ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты куы ’рцӕрай+, 2 уӕд, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл рахицӕн кӕндзынӕ ӕртӕ горӕты+. 3 Уыцы горӕттӕм хъуамӕ скӕнай фӕндӕгтӕ. Ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ӕртӕ дихы акӕндзынӕ, ӕмӕ дзы алы хайы дӕр уыдзӕн иу горӕт. Уырдӕм-иу хъуамӕ алидза марӕг+.

4 Марӕгӕн уырдӕм алидзӕн ис, цӕмӕй удӕгасӕй баззайа, кӕд адӕймагӕй йе сӕфт нӕ уыдта ӕмӕ йӕ барӕй нӕ амардта, уӕд+. 5 Кӕнӕ, дыууӕ адӕймаджы хъӕдмӕ сугмӕ куы ацӕуой, ӕмӕ дзы иу йӕ фӕрӕт хӕрдмӕ куы сиса, цӕмӕй бӕлас акала, ӕмӕ фӕрӕтӕн йе ’фсӕйнаг йӕ хъӕдӕй куы фесхъиуа+ ӕмӕ иннӕйыл куы суайа ӕмӕ адӕймаг куы амӕла, уӕд марӕг хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайа+. 6 Науӕд ӕй тугисӕг+, йӕ маст йӕ зӕрдӕйы кӕй фыцы, уый тыххӕй фӕстейӕ куы асура, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ баййафа, горӕтмӕ фӕндаг дард кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ йӕ* амара+. Афтӕмӕй та йын мӕлӕты тӕрхон не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ дзы йе сӕфт нӕ уыдта. 7 Уый тыххӕй дын зӕгъын афтӕ дӕр: «Рахицӕн кӕн ӕртӕ горӕты»+.

8 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ зӕххытӕ куы фестырдӕр кӕна+ ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхх дын иууылдӕр куы ратта+,– 9 уымӕн ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытыл се ’ппӕтыл дӕр фидар хӕцдзынӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзынӕ, уарздзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ алкӕддӕр йӕ фӕндӕгтыл цӕудзынӕ+,– уӕд ма ацы ӕртӕ горӕтӕй уӕлдай рахицӕн кӕндзынӕ ноджыдӕр ӕртӕ горӕты+, 10 цӕмӕй дӕ зӕххыл, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл ӕнаххос туг ма ныккӕла+ ӕмӕ дыл цӕмӕй туг ма уа+.

11 Фӕлӕ исчи искӕмӕй йе сӕфт куы уына+, йӕ размӕ куы бабада ӕмӕ йӕ* куы амара+, ӕмӕ стӕй уыцы горӕттӕй иумӕ куы алидза, 12 уӕд хъуамӕ йӕ горӕты хистӕр лӕгтӕ йӕ фӕстӕ искӕй арвитой, уырдыгӕй йӕ ракӕной ӕмӕ йӕ тугисӕджы къухмӕ раттой, ӕмӕ хъуамӕ амӕла+. 13 Ма йын фӕтӕригъӕд кӕн+. Израил ӕнаххос тугӕй ссыгъдӕг кӕн+, цӕмӕй дын хорз уа.

14 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл бынӕн цы зӕхх райсай, уым дӕ фыдӕлтӕ арӕнтыл цы бӕрӕггӕнӕнтӕ скӕной, уыдоныл фалдӕр ма ахӕц, искӕй арӕнты бӕрӕггӕнӕнтӕм ма бавнал+.

15 Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ нӕй адӕймаджы фыдракӕнды кӕнӕ тӕригъӕды фӕаххосджын кӕнӕн+, цыфӕнды тӕригъӕд ма сараза, уӕддӕр. Хъуыддаг хъуамӕ сбӕлвырд уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ+. 16 Фыдвӕнд чи кӕны, ахӕм ӕвдисӕн искӕй ныхмӕ куы дзура ӕмӕ йӕ цавӕрдӕр фыдракӕнды куы аххосджын кӕна+, 17 уӕд уыцы дыууӕ адӕймаджы, чи фӕбыцӕу, уыдон, хъуамӕ ӕрлӕууой Йегъовӕйы раз, сауджынты раз ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхонгӕнджытӕ чи уыдзӕн, уыдоны раз+. 18 Тӕрхонгӕнджытӕ хъуамӕ хъуыддаг бӕстон равзарой+, ӕмӕ уыцы ӕвдисӕн мӕнгӕвдисӕн куы разына, йе ’фсымӕры мӕнгӕй куы аххосджын кӕна, 19 уӕд ын йӕхицӕн бакӕнут, йе ’фсымӕрӕн йӕ зӕрды цы бакӕнын уыд, уый+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+. 20 Уӕд иннӕтӕ уыцы хабар фехъусдзысты ӕмӕ фӕтӕрсдзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн ахӕм фыддзинад ничиуал сараздзӕн+. 21 Ма йын фӕтӕригъӕд кӕн+: уды тыххӕй – уд, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст+.

20 Де знӕгтимӕ схӕцынмӕ куы рацӕуай ӕмӕ сын куы фенай сӕ бӕхтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ+, стӕй сӕ адӕм дӕуӕй фылдӕр кӕй сты, уый, уӕд-иу сӕ ма фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ+, Египеты зӕххӕй дӕ чи ракодта, уыцы Хуыцау, демӕ ис+. 2 Ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ куы уат, уӕд хъуамӕ сауджын ӕрбацӕуа ӕмӕ адӕмӕн зӕгъа+: 3 „Байхъус, Израил! Сымах абон хӕцдзыстут уе знӕгтимӕ. Уӕ зӕрдӕты тас ма бацӕуӕд+. Ма тӕрсут, фыртӕссӕй лидзынмӕ ма фӕут ӕмӕ сӕ разы фыртӕссӕй ма ризут+, 4 уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уемӕ, цӕмӕй уӕ сӕрыл уе знӕгтимӕ тохы бацӕуа ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕна“+.

5 Хицӕуттӕ+ дӕр хъуамӕ адӕмӕн зӕгъой: „Ног хӕдзар уӕ чи сарӕзта ӕмӕ дзы чи нӕма ӕрцард*? Уый фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд ын йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи ӕрцӕрдзӕн+. 6 Кӕнӕ сӕнӕфсирдон чи скодта ӕмӕ дзы тыллӕг чи нӕма систа? Уый дӕр фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд дзы ӕндӕр исчи сисдзӕн тыллӕг+. 7 Кӕнӕ чызгимӕ фидыд чи у ӕмӕ йӕ чи нӕма ракуырдта? Уый дӕр сӕхимӕ аздӕхӕд+, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд ӕй ӕндӕр исчи ракурдзӕн“. 8 Уый фӕстӕ ма хицӕуттӕ адӕмӕн ноджыдӕр хъуамӕ зӕгъой: „Йӕ ныфс уӕ чи нӕ хӕссы ӕмӕ уӕ тӕппуд чи у?+ Уый фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, цӕмӕй йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бауадза“+. 9 Хицӕуттӕ адӕмимӕ ныхас куы фӕуой, уӕд хъуамӕ адӕмы сӕргъы сӕвӕрой ӕфсады хистӕрты.

10 Горӕтмӕ хӕстӕг куы бацӕуай, цӕмӕй йӕ басӕттай, уӕд горӕты адӕмӕн фехъусын кӕн, сӕ бон кӕй у демӕ фидыды бадзырд скӕнын+. 11 Ӕмӕ дын разыйы дзуапп куы раттой ӕмӕ дын горӕты кулдуар куы бакӕной, уӕд дзы цы адӕм уа, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр дӕхицӕн ӕххуырстытӕ скӕн, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзысты+. 12 Фӕлӕ демӕ фидыды бадзырд куы не скӕной+ ӕмӕ демӕ куы схӕцой, ӕмӕ ды горӕтыл куы ’ртыхсай, 13 уӕд дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыцы горӕт дӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ дзы цы нӕлгоймӕгтӕ уа, уыдоны се ’ппӕты дӕр карды комӕй ныццӕгъд+. 14 Ӕрмӕст сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты+ дӕхицӕн ракӕн, ратӕр сын сӕ фос+ ӕмӕ, горӕты цыдӕриддӕр уа, уый дӕхицӕн рахӕсс+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ къухмӕ кӕй ратта, уыцы знӕгтӕй цы рахӕссай, уый-иу хӕр+.

15 Афтӕ-иу бакӕн, тынг дард дӕм чи у, уыцы горӕттӕй алкӕцыйӕн дӕр, уӕ алыварс цӕрӕг адӕмты чи не сты, уыдонӕн. 16 Ацы адӕмты горӕтты та, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы горӕтты, удӕгасӕй макӕй ныууадз+, 17 уымӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг сӕфты хай бакӕнай: хетты, аморейты, ханаайнӕгты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+,– дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, 18 цӕмӕй уӕ ма сахуыр кӕной, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл, ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз тӕригъӕды ма бафтат+.

19 Цы горӕт басӕттынмӕ хъавыс, ууыл куы ’ртыхсай ӕмӕ уый бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса, уӕд-иу сын сӕ бӕлӕстӕ ма ныццӕгъд, фӕрӕт сӕм ма сис, уымӕн ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрдзынӕ. Ӕмӕ сӕ ма акал+. Быдыры цы бӕлас зайы, уый дын исты адӕймаг у, цӕмӕй йемӕ тох кӕнай? 20 Кӕд ӕй зоныс, ӕмӕ кӕцыдӕр бӕлӕстӕн сӕ дыргъ хӕрынӕн нӕ бӕззы, уӕд уыцы бӕлӕстӕ дӕ бон у акалын. Акал-иу сӕ ӕмӕ-иу дзы, демӕ чи хӕцы, уыцы горӕты алыварс къул сараз+ – хъуамӕ уыцы горӕт басӕттай.

21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл искуы быдыры адӕймаджы мард куы ссарай ӕмӕ йӕ чи амардта, уый бӕрӕг куы нӕ уа+, 2 уӕд хъуамӕ уӕ хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ уӕ тӕрхонгӕнджытӕ+ ӕрбацӕуой ӕмӕ сбарой, мард кӕм ссардтой, уыцы бынатӕй йӕ алыварс горӕттӕм цас у, уый 3 ӕмӕ сбӕрӕг кӕной, мард хӕстӕгдӕр кӕцы горӕтмӕ ис, уый. Уӕд уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕ хъуамӕ ракӕной, кӕуыл нӕма куыстой ӕмӕ ӕфсондз кӕуыл нӕма уыди, ахӕм дыгӕрдыг. 4 Ӕмӕ хъуамӕ уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕ дыгӕрдыджы акӕной, дон кӕм кӕлы, ахӕм дӕлвӕзмӕ, хуым кӕй нӕ кӕнынц ӕмӕ кӕм ницы тауынц, уырдӕм. Ӕмӕ уым дӕлвӕзы дыгӕрдыгӕн хъуамӕ йӕ бӕрзӕй асӕттой+.

5 Уырдӕм ӕрбацӕудзысты сауджынтӕ дӕр, Левийы фырттӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдоны равзӕрста, цӕмӕй йын лӕггад кӕной+ ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы номӕй арфӕ кӕной+, ӕмӕ хъуамӕ уыдоны ныхасмӕ гӕсгӕ цӕуой лыггонд фыдракӕндтимӕ баст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр+. 6 Уый фӕстӕ, мард хӕстӕгдӕр цы горӕтмӕ уа, уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ сӕ къухтӕ ныхсой+, дӕлвӕзы йӕ бӕрзӕй кӕмӕн асастой, уыцы дыгӕрдыджы сӕрмӕ 7 ӕмӕ зӕгъой: „Ацы туг нӕ къухӕй нӕ ныккалд, стӕй йӕ чи ныккалдта, уый дӕр нӕ федтам+. 8 О Йегъовӕ, ма йӕ банымай тӕригъӕдыл дӕ адӕмӕн, кӕй фервӕзын кодтай+, уыцы Израилы адӕмӕн. Ӕнаххос туг кӕй ныккалд+, уый дӕ адӕмы, Израилы адӕмы, аххос ма фӕкӕн“. Ӕмӕ уыцы тугныккалд уыдоны тӕригъӕдыл нымад не ’рцӕудзӕн. 9 Афтӕмӕй уӕхи ӕнаххос тугӕй ссыгъдӕг кӕндзыстут+, уымӕн ӕмӕ бакӕндзыстут, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый+.

10 Де знӕгтимӕ куы схӕцай ӕмӕ дын сӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ къухмӕ куы ратта+ ӕмӕ сӕ уацары куы акӕнай+ 11 ӕмӕ уацайрӕгты ’хсӕн рӕсугъд сылгоймаг куы фенай, дӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа+ ӕмӕ йӕ дӕхицӕн усӕн куы ракӕнай, 12 уӕд ӕй дӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕн. Сылгоймаг хъуамӕ йӕ сӕр адаса+, йӕ ныхтӕ ракӕна 13 ӕмӕ йӕ уацары цы уӕлӕдарӕсы ракодтой, уый раласа. Уый цӕрдзӕн дӕ хӕдзары ӕмӕ иу мӕй кӕудзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадыл+. Уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, ракур ӕй, ӕмӕ дӕ ус бауыдзӕн. 14 Фӕлӕ дӕ зӕрдӕмӕ куы нал цӕуа, уӕд ӕй арвит+, йӕхи кӕдӕм фӕнда, уырдӕм. Ӕрмӕст-иу ӕй уӕй ма акӕн. Ӕгъатыр митӕ йын ма кӕн+, уымӕн ӕмӕ дзы дӕхицӕн ус тыхӕй скодтай.

15 Зӕгъӕм, лӕгӕн ис дыууӕ усы, ӕмӕ дзы иуы уарзы, иннӕйы та нӕ уарзы*. Ӕмӕ йын сӕ дыууӕ дӕр, кӕй уарзы, уый дӕр ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уый дӕр, ныййардтой лӕппутӕ, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уый лӕппу у хистӕр+. 16 Ӕмӕ уыцы лӕг йӕ бынтӕ, цы йӕм ис, уый йӕ фырттыл куы уара, уӕд ын нӕй бар, цӕмӕй, кӕй уарзы, уыцы усы фырты хистӕрыл банымайа, афтӕмӕй та хистӕр у, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы фырт+. 17 Хъуамӕ хистӕрыл банымайа, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы фырты ӕмӕ йын ратта, цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дыууӕ хайы+, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ лӕджы хъаруйы райдиан+. Хистӕр фырты бартӕ уый сты+.

18 Искӕмӕн йӕ фырт хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон+ куы уа, йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ куы нӕ хъуса+, зонд ын куы амоной, фӕлӕ сын сӕ ныхас куы ницӕмӕ дара+, 19 уӕд ӕй йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад хъуамӕ ӕрбакӕной горӕты хистӕр лӕгтӕм, кулдуары размӕ+, 20 ӕмӕ сӕ горӕты хистӕр лӕгтӕн зӕгъой: „Нӕ фырт у хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон. Ӕппындӕр нӕм нӕ хъусы+. У гуыбындзӕл+ ӕмӕ расыггӕнаг+“. 21 Уӕд ӕй горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр дуртӕй фӕхойдзысты. Уый хъуамӕ амӕла. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут. Ӕмӕ ӕгас Израилы адӕм уыцы хабар фехъусдзысты ӕмӕ тӕрсдзысты+.

22 Исчи, мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕм тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ йӕ куы амарой+ ӕмӕ йӕ хъӕдыл куы ’рцауындзой+, 23 уӕд йӕ мард ӕхсӕвы хъӕдыл ма баззайӕд+. Тӕккӕ уыцы бон ӕй баныгӕн, уымӕн ӕмӕ, хъӕдыл кӕй ӕрцауындзой, уый Хуыцауӕй ӕлгъыст+ у. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ма фӕчъизи кӕн+.

22 Де ’фсымӕрӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ фыс куы фесӕфа ӕмӕ йӕ искуы куы фенай, уӕд ӕй уым ма ныууадз+. Йӕ галы кӕнӕ йын йӕ фысы ӕнӕмӕнг йӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕн+. 2 Де ’фсымӕр дӕм хӕстӕг куы нӕ цӕра ӕмӕ йӕ куы нӕ зонай, уӕд галы кӕнӕ фысы дӕхимӕ ӕрбакӕн, ӕмӕ уал дӕумӕ уӕд, цалынмӕ йӕ де ’фсымӕр агурын нӕ райдайа, уӕдмӕ. Ӕмӕ йын-иу ӕй уӕд ратт+. 3 Афтӕ-иу бакӕн йӕ хӕрӕгӕн дӕр, йӕ дарӕсӕн дӕр ӕмӕ-иу афтӕ бакӕн, де ’фсымӕрӕн цыфӕнды ма фесӕфа, уымӕн, куы йӕ ссарай, уӕд. Уый бар дын нӕй, цӕмӕй йӕ афтӕ ныууадзай.

4 Де ’фсымӕрӕн йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал фӕндагыл куы ’рхауа, уӕд ӕй афтӕ ма ныууадз. Де ’фсымӕрӕн ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕн, иумӕ-иу ыл схӕцут+.

5 Сылгоймаг йӕ уӕлӕ нӕлгоймаджы дарӕс ма скӕнӕд ӕмӕ нӕлгоймаг дӕр сылгоймаджы уӕлӕдарӕс ма дарӕд+. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты.

6 Фӕндагыл цӕугӕйӕ бӕласыл кӕнӕ зӕххыл ахстон куы фенай, ӕмӕ дзы цъиуы лӕппынтӕ+ кӕнӕ ӕйчытӕ куы уа, ӕмӕ уыцы цъиутыл кӕнӕ ӕйчытыл мад куы бада, уӕд-иу цъиуты сӕ мадимӕ ма рахӕсс+. 7 Мады-иу ӕнӕмӕнг ауадз, цъиуты та дӕ бон у рахӕссын. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын уыдзӕн хорз ӕмӕ бирӕ цӕрдзынӕ+.

8 Ног хӕдзар куы саразай, уӕд-иу дӕ хӕдзары сӕрӕн* йӕ кӕрӕтты ныллӕг къул самай+, цӕмӕй хӕдзары сӕрӕй мачи рахауа ӕмӕ дӕ хӕдзар тугныккалды ма фӕаххосджын уа.

9 Дӕ сӕнӕфсирдоны дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма байтау+, цӕмӕй, уыцы мыггӕгтӕй цы тыллӕг сисай, уый иууылдӕр ӕмӕ, дӕ сӕнӕфсирдонӕй цы ӕрӕмбырд кӕнай, уый дӕр кувӕн бынатӕн лӕвӕрд ма ’рцӕуа.

10 Куы хуым кӕнай, уӕд галы ӕмӕ хӕрӕджы иумӕ ма баифтындз+.

11 Дӕ уӕлӕ ма скӕн, къуымбил ӕндах дӕр ӕмӕ гӕнӕй конд ӕндах дӕр кӕм уа, ахӕм хъуымацӕй конд дарӕс+.

12 Дӕ уӕлӕ кӕй ӕрбакӕныс, уыцы пӕлӕзӕн йӕ цыппар кӕроныл скӕн коцоратӕ+.

13 Исчи ус куы ракура, йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, фӕлӕ дзы уый фӕстӕ йе сӕфт куы фена+ 14 ӕмӕ йӕ куы фӕаххосджын кӕна, худинаджы митӕ кодта, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф куы кала+ ӕмӕ куы зӕгъа: „Ацы сылгоймаджы ракуырдтон ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыдтӕн, фӕлӕ ӕнӕвнӕлд чызг нӕ разынд“+,– 15 уӕд чызгӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад хъуамӕ горӕты хистӕр лӕгтӕм, кулдуары размӕ, ӕрбахӕссой, сӕ чызг ӕнӕвнӕлд чызг кӕй уыд, уый ӕвдисӕн+. 16 Ӕмӕ чызджы фыд хистӕр лӕгтӕн зӕгъдзӕн: „Мӕ чызджы ацы лӕгӕн радтон, фӕлӕ дзы уый йе сӕфт федта+. 17 Ӕмӕ йӕ ныр аххосджын кӕны, зӕгъгӕ, худинаджы митӕ кодта+. Афтӕ зӕгъы: „Дӕ чызг ӕнӕвнӕлд чызг нӕ уыд“+. Фӕлӕ уын мӕнӕ, мӕ чызг ӕнӕвнӕлд чызг кӕй уыд, уый ӕвдисӕн“. Ӕмӕ горӕты хистӕр лӕгты раз айтындздзысты ӕмбӕрзӕн. 18 Уӕд горӕты хистӕр лӕгтӕ+ уыцы лӕджы бафхӕрдзысты+. 19 Ӕмӕ йӕ фӕивар кӕндзысты сӕдӕ ӕвзист сиклы* ӕмӕ сӕ ратдзысты чызджы фыдӕн, уымӕн ӕмӕ израилаг ӕнӕвнӕлд чызгӕн йӕ номыл цъыф фӕкалдта+. Ӕмӕ йӕ усӕй баззайдзӕн. Цӕрӕнбонты дӕр ын уый бар нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы ахицӕн уа.

20 Фӕлӕ уый ӕцӕг куы уа, чызг ӕнӕвнӕлд чызг куы нӕ разына+, 21 уӕд чызджы ӕрбакӕндзысты йӕ фыды хӕдзары бахизӕны размӕ ӕмӕ йӕ горӕты цӕрджытӕ дуртӕй фӕхойдзысты. Хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Израил йе ’нӕгъдау митӕй фӕхудинаг кодта+ – йӕ фыды хӕдзары ма куы уыд, уӕд хӕтыди+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.

22 Нӕлгоймаг искӕй усимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа+, уӕд дыууӕ дӕр хъуамӕ амӕлой: сылгоймагимӕ ӕмуат чи ’рцыд, уыцы нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.

23 Нӕлгоймаг, фидыд чи у, ахӕм чызгыл+ горӕты куы фембӕла ӕмӕ йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа+, 24 уӕд сӕ дыууӕйы дӕр ӕрбакӕнут горӕты кулдуары размӕ ӕмӕ сӕ дуртӕй фӕхойут. Хъуамӕ амӕлой: чызг, горӕты кӕй нӕ хъӕр кодта, уый тыххӕй, лӕг та, кӕйдӕр усы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.

25 Фӕлӕ нӕлгоймаг, фидыд чи у, ахӕм чызгыл быдыры куы фембӕла ӕмӕ йӕ куы рацахса ӕмӕ йын тыхми куы бакӕна, уӕд ын тыхми чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг хъуамӕ амӕла, 26 чызгӕн та мацы бакӕнут. Чызг, мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕм тӕригъӕд нӕ сарӕзта. Ацы хабар у, адӕймаг искӕмӕ йӕ къух куыд сиса ӕмӕ йӕ куыд амара+, йӕ цард ын куыд байса*, афтӕ. 27 Нӕлгоймаг ыл быдыры фембӕлд. Фидыд чи уыд, уыцы чызг хъӕр кодта, фӕлӕ йӕ чи фервӕзын кодтаид, уый нӕ уыд.

28 Нӕлгоймаг, фидыд чи нӕу, ахӕм чызджы куы рацахса ӕмӕ йын тыхми куы бакӕна+, ӕмӕ уыцы хабар куы рахъӕр уа+, 29 уӕд ын тыхми чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг чызджы фыдӕн ратдзӕн фӕндзай ӕвзист сиклы+, ӕмӕ чызг бауыдзӕн йӕ ус, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта. Цӕрӕнбонты дӕр ын уый бар нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы ахицӕн уа+.

30 Нӕлгоймаг йӕ фыды усы ма ракурӕд, цӕмӕй йӕ фыды ма фӕхудинаг кӕна*+.

23 Йӕ мӕхстӕттӕ*+ цъӕл кӕмӕн сты кӕнӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнг лыг кӕмӕн у, ахӕм сахъат нӕлгоймагӕн+ уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суа.

2 Дзӕгъӕлзад+ лӕппуйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суа. Йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр, суанг дӕсӕм фӕлтӕрмӕ дӕр, уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суа.

3 Нӕдӕр аммонагӕн, нӕдӕр моавагӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суой+. Сӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр, суанг дӕсӕм фӕлтӕрмӕ дӕр, ӕнустӕм дӕр, уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суой, 4 уымӕн ӕмӕ Египетӕй куы цыдыстут+, уӕд уын нӕ баххуыс кодтой+, дзул ӕмӕ уын дон нӕ радтой, стӕй баххуырстой Веоры фырт Валаамы, Пефоры, Месопотамийы, чи царди, уый, цӕмӕй уӕ ралгъыстаид+. 5 Фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы нӕ бафӕндыд Валааммӕ байхъусын+, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕлгъыст арфӕмӕ фӕивта+, уымӕн ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уарзгӕ кӕны+. 6 Сабыр ӕмӕ фӕрнджын цард кӕнынӕн сын ма ӕххуыс кӕнут, ӕмӕ афтӕ уӕд дӕ царды ӕппӕт бонты дӕр, ӕнустӕм+.

7 Едомагӕй де сӕфт ма уын, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр у+.

Египетагӕй де сӕфт ма уын, уымӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйы уыдтӕ ӕрцӕуӕггаг+. 8 Ӕртыккаг фӕлтӕры сын цы фырттӕ райгуыра, уыдонӕн уыдзӕн уый бар, цӕмӕй суой Йегъовӕйы ӕмбырды хай.

9 Де знӕгтимӕ схӕцынмӕ дӕхи куы сцӕттӕ кӕнай, уӕд хъуамӕ дӕхи хизай алы ӕвзӕрдзинадӕй дӕр+. 10 Уӕ нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕн ӕхсӕвы йӕ мыггаг куы ракӕла ӕмӕ куы фӕчъизи уа+, уӕд хъуамӕ ацӕуа цатырты ӕддӕмӕ. Цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм ын цӕуӕн нӕй+. 11 Изӕрӕй хъуамӕ йӕхи ныхса, ӕмӕ хур куы аныгуыла, уӕд йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын+. 12 Цатырты ӕдде уын хъуамӕ уа хибар бынат, ӕмӕ-иу уырдӕм ацу. 13 Дӕ хӕцӕнгӕрзтӕй уӕлдай ма демӕ хъуамӕ уа бел дӕр, ӕмӕ-иу цатырты ӕдде куы ’рбадай, уӕд-иу дзыхъхъ скъах ӕмӕ-иу дӕ чъизитӕ баныгӕн+. 14 Уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ рацу-бацу кӕны, уӕ цатыртӕ кӕм сты, уым, цӕмӕй уӕ ирвӕзын кӕна+ ӕмӕ-иу уын уе знӕгты уӕ къухмӕ ратта+. Уӕ цатыртӕ кӕм сты, уыцы бынат хъуамӕ уа сыгъдӕг+, цӕмӕй дзы ӕнаккагӕй мацы фена ӕмӕ уӕ ма ныууадза+.

15 Искӕмӕн йӕ цагъар дӕумӕ куы алидза, уӕд ӕй фӕстӕмӕ йӕ хицаумӕ ма арвит+. 16 Уадз ӕмӕ уе ’хсӕн цӕра, уӕ горӕттӕй иуы цы бынат равзара, кӕмдӕриддӕр ӕй фӕнда, уым+. Ӕмӕ-иу ӕй ма ’фхӕр+.

17 Израилы чызджытӕй иу дӕр хъуамӕ ма суа хӕтаг сылгоймаг*+, ӕмӕ Израилы фырттӕй дӕр иу дӕр хъуамӕ ма суа хӕтаг нӕлгоймаг*+. 18 Цӕйфӕнды тыххӕй ма расомы кӕнай,– дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ хӕтаг сылгоймаджы мызд+ кӕнӕ куыдзы* аргъ+ ма ӕрбахӕсс, уымӕн ӕмӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн у ӕнад.

19 Де ’фсымӕр дӕ ӕфстау исты куы райса, уӕд ын проценттӕ ма фидын кӕн+: ӕхцайӕ уа, хойрагӕй+ уа ӕви ӕндӕр истӕмӕй,– проценттӕ райсӕн цӕмӕйдӕриддӕр ис, уымӕй. 20 Ӕндӕрбӕстагӕн+ дӕ бон у проценттӕ бафидын кӕнын, фӕлӕ де ’фсымӕрӕн проценттӕ ма фидын кӕн+, цӕмӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕна, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл+.

21 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн дзырд куы раттай+, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уый ӕнӕмӕнгӕй ӕрдомдзӕн, ӕмӕ дыл уӕд уыдзӕн тӕригъӕд+. 22 Фӕлӕ дзырд куы нӕ раттай, уӕд та дыл тӕригъӕд нӕ уыдзӕн+. 23 Дӕ дзыхӕй цы ныхас рацыд, уый сӕххӕст кӕн+, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн дзырд ратгӕйӕ цы загътай, уый бакӕн. Цы дзырд радтай, уый у, дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссыс, уыцы нывонд+.

24 Искӕй сӕнӕфсирдонмӕ куы бацӕуай, уӕд сӕнӕфсирӕй бахӕр, дӕ зӕрдӕ цас зӕгъы, уыйбӕрц, фӕлӕ дзы дӕ чыргъӕдмӕ ма ӕрӕмбырд кӕн+.

25 Искӕй кӕрдинаг хуыммӕ куы бацӕуай, уӕд дӕ бон у цӕттӕ ӕфсиртӕ къухӕй тонын, фӕлӕ ӕфсиртыл ӕхсырф ма рауадз+.

24 Исчи ус куы ракура ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау куы суа, фӕлӕ усӕн йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уой ӕмӕ йӕ лӕгӕн куы фенад уа+, уӕд ын ныффыссӕд, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт+, йӕ къухмӕ йын ӕй раттӕд ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзарӕй арвитӕд+. 2 Ус уыцы хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна+, 3 ӕмӕ дзы уыцы лӕг дӕр йе сӕфт куы фена ӕмӕ йын куы ныффысса, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт, йӕ къухмӕ йын ӕй куы ратта ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзарӕй куы арвита, кӕнӕ йӕ чи ракуырдта, уыцы лӕг куы амӕла, 4 уӕд йӕ фыццаг сӕрыхицауӕн, чи йӕ арвыста, уымӕн, уый бар нӕй, цӕмӕй йӕ ногӕй ракура, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг фӕчъизи+. Уыцы хъуыддаг ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх тӕригъӕды ма бафтау.

5 Исчи ус куы ракура+, уӕд ӕфсадмӕ ма ацӕуӕд, стӕй йыл ӕндӕр хӕстӕ дӕр нӕй ӕвӕрӕн. Иу аз хъуамӕ уа алцӕмӕй дӕр сӕрибар, цӕра йӕ хӕдзары ӕмӕ йӕ усы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна+.

6 Ӕрмгуырой кӕнӕ куыройы уӕллаг дур цъынды мачи райсӕд+, уымӕн ӕмӕ уӕд цъынды исы уд*.

7 Исчи йе ’фсымӕртӕй, Израилы фырттӕй, искӕй* куы адава+, ахӕм ӕгъатыр ми йын куы бакӕна, ӕмӕ йӕ куы ауӕй кӕна+, уӕд, адӕймаджы чи адавта, уый хъуамӕ амӕла. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.

8 Хъотыр+ уӕм куы фӕзына, уӕд кӕсут, ӕнӕмӕнгӕй бакӕнут, левит-сауджынтӕ уын куыддӕриддӕр зӕгъой, афтӕ+. Куыддӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕнут+. 9 Рох дӕ ма уӕд, Египетӕй куы цыдыстут, уӕд дӕ Хуыцау Йегъовӕ Мариамӕн цы бакодта, уый+.

10 Искӕмӕн исты ӕфстау куы дӕттай+, уӕд ӕм, цъынды дын цы дӕтты, уый райсынмӕ хӕдзармӕ мидӕмӕ ма бацу+. 11 Ӕддейӕ-иу лӕуу ӕмӕ, ӕфстау кӕмӕн дӕттыс, уыцы адӕймаг дын цъынды цы дӕтты, уый йӕхӕдӕг ӕддӕмӕ рахӕсдзӕн. 12 Уыцы адӕймаг тыхст уавӕры куы уа, уӕд-иу, цалынмӕ йӕ дзаума дӕумӕ ис, уӕдмӕ ма схуысс+. 13 Цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йын йӕ дзаума фӕстӕмӕ ӕнӕмӕнг ратт+, цӕмӕй схуысса йӕхи дарӕсы+. Уӕд дын раарфӕ кӕндзӕн+, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз нымад уыдзынӕ рӕстгӕнӕгыл+.

14 Тыхст уавӕры чи ис ӕмӕ мӕгуыр чи у, ахӕм ӕххуырст кусӕджы ма фӕсай, фӕнды де ’фсымӕр уӕд, фӕнды дӕ зӕххыл, дӕ горӕты, цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг+. 15 Цалынмӕ хур нӕ аныгуыла, уӕдмӕ-иу ын йӕ бонӕн йӕ мызд бафид+, уымӕн ӕмӕ тыхст уавӕры ис ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ мыздыл дары. Науӕд Йегъовӕйӕн дӕуӕй рахъаст кӕндзӕн+, ӕмӕ дын уыцы ми нымад ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдыл+.

16 Фыды йӕ сывӕллоны тыххӕй нӕй марӕн ӕмӕ сывӕллоны дӕр йӕ фыды тыххӕй нӕй марӕн+. Алчидӕр хъуамӕ амӕла йӕхи тӕригъӕды тыххӕй+.

17 Ӕрцӕуӕггаджы+ кӕнӕ сидзӕры+ хъуыддаг куы ’взарай, уӕд хӕрам тӕрхон ма рахӕсс. Ӕмӕ идӕдзӕн йӕ дарӕс цъынды ма райс+. 18 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уырдыгӕй кӕй ссӕрибар кодта+. Адӕттӕ дӕр дын уый тыххӕй фӕдзӕхсын.

19 Дӕ хуым куы кӕрдай+ ӕмӕ дӕ дӕ хуымы куырис куы ферох уа, уӕд-иу фӕстӕмӕ йӕ рахӕссынмӕ ма аздӕх. Ныууадз ӕй ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн+, цӕмӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕна+.

20 Дӕ оливӕбӕлас куы ныццӕгъдай, уӕд ын уый фӕстӕ йӕ къалиутӕм мауал ракӕс-бакӕс кӕн, исты ма сыл баззад, зӕгъгӕ. Бӕласыл ма цы баззайа, уыдон ныууадз ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн+.

21 Дӕ сӕнӕфсир куы ӕмбырд кӕнай, уӕд ма дӕ сӕнӕфсирыл цы баззайа, уыдон мауал ӕртон. Ныууадз сӕ ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн. 22 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ+. Адӕттӕ дӕр дын уый тыххӕй фӕдзӕхсын+.

25 Дыууӕ адӕймаджы куы фӕбыцӕу уой+ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕм куы бацӕуой+, уӕд сын хъуамӕ тӕрхонгӕнджытӕ сӕ хъуыддаг равзарой ӕмӕ, раст чи у, уый хъуамӕ схоной раст, фыдгӕнӕг чи у, уый та – фыдгӕнӕг+. 2 Ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй над куы ’мбӕла+, уӕд тӕрхонгӕнӕг зӕгъдзӕн, цӕмӕй фыдгӕнӕджы йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхуыссын кӕной ӕмӕ йын йӕ фыдракӕндмӕ гӕсгӕ цал цӕфы ӕмбӕлы, уал цӕфы+ йӕ уисӕй фӕкӕной. 3 Йӕ бон у, ӕмӕ йӕ цыппор цӕфы фӕкӕнын кӕна. Фӕлӕ сӕ уымӕй фылдӕр хъуамӕ ма фӕкӕна, цӕмӕй де ’фсымӕрыл ӕгӕр бирӕ цӕфтӕ ма ’рхауа+ ӕмӕ дӕ цӕсты ма фегад уа.

4 Гал хор куы най кӕна, уӕд ын йӕ дзых бастӕй ма дар+.

5 Ӕфсымӕртӕ иу ран куы цӕрой, ӕмӕ дзы иу куы амӕла ӕмӕ йын лӕппу куы нӕ баззайа, уӕд йӕ идӕдз усӕн ӕцӕгӕлонмӕ мой кӕнӕн нӕй. Хъуамӕ йӕм йӕ тиу бацӕуа ӕмӕ йӕ ракура ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕна, тиуыл цы хӕс ис, уый+. 6 Ӕмӕ сылгоймагӕн фыццаг цы лӕппу райгуыра, уый хӕсдзӕн, чи амард, уыцы ӕфсымӕры ном+, цӕмӕй йӕ ном Израилы ’хсӕнӕй ма фесӕфа+.

7 Фӕлӕ ӕфсымӕры куы нӕ бафӕнда йе ’фсымӕры идӕдз усы ракурын, уӕд йе ’фсымӕры идӕдз ус хъуамӕ ацӕуа хистӕр лӕгтӕм+, горӕты кулдуары размӕ, ӕмӕ сын зӕгъа: „Мӕ сӕрыхицауы ’фсымӕры нӕ фӕнды, цӕмӕй йе ’фсымӕры ном Израилы ’хсӕн баззайа. Нӕ комы, цӕмӕй, тиуыл цы хӕс ис, уый сӕххӕст кӕна ӕмӕ мӕ ракура“. 8 Горӕты хистӕр лӕгтӕ нӕлгоймагмӕ фӕдзурдзысты ӕмӕ йемӕ аныхас кӕндзысты. Уый сӕ разы ӕрлӕудзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Нӕ йӕ курын, нӕ мӕ фӕнды“+. 9 Уӕд ӕм йе ’фсымӕры идӕдз ус хистӕр лӕгты раз бацӕудзӕн, йӕ дзабыр ын раласдзӕн+, йӕ цӕсгомыл ын бату кӕндзӕн+ ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Афтӕ бакӕнынц, йе ’фсымӕрӕн бындар рауадзын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн“+. 10 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронты Израилы хондзысты, йӕ дзабыр кӕмӕн раластой, уый хӕдзар, зӕгъгӕ.

11 Дыууӕ лӕджы куы хыл кӕной, ӕмӕ сӕ иуӕн йӕ ус куы бацӕуа, цӕмӕй йӕ лӕджы, чи йӕ нӕмы, уымӕй баиргъӕва, ӕмӕ йын йе ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕм куы фӕлӕбура+, 12 уӕд сылгоймагӕн йӕ къух ахауын кӕнут. Ма йын фӕтӕригъӕд кӕнут+.

13 Дӕ хызыны дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ ма уӕд+: стыр ӕмӕ гыццыл. 14 Дӕ хӕдзары дӕр хъуамӕ ма уа дыууӕ хуызы барӕн мигӕнӕнтӕ+: стыр ӕмӕ гыццыл. 15 Дӕ уӕзбарӕн хъуамӕ уа раст ӕмӕ ма сайа. Дӕ барӕн мигӕнӕн дӕр хъуамӕ уа раст ӕмӕ ма сайа, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл+. 16 Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, чидӕриддӕр сайы, уый ӕлгъаг у дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты+.

17 Рох уӕ ма уӕд, Египетӕй куы цыдыстут, уӕд уын амаликӕгтӕ куыд бакодтой, уый+. 18 Сымах уыдыстут фӕлмӕцыд, фӕллад, уыдон та уыл фӕстӕрдыгӕй сӕхи ныццавтой ӕмӕ, фӕстейӕ чи баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой. Хуыцауӕй дӕр нӕ фӕтарстысты+. 19 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕнцойдзинад куы ратта, куы уӕ фервӕзын кӕна, уӕ алыварс цы знӕгтӕ уа, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+, уӕд-иу амаликӕгтӕн афтӕ бакӕнут, ӕмӕ зӕххы цъарыл сӕ кой дӕр куыд нал уа+. Ма уӕ ферох уӕд!

26 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, ӕппынфӕстаг уыцы зӕхмӕ куы бацӕуай, куы йӕ бацахсай ӕмӕ дзы куы ’рцӕрай+, 2 уӕд дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕххӕй фыццаг тыллӕг+ цӕмӕйдӕриддӕр сисай, уымӕй чыргъӕды сӕвӕр ӕмӕ ацу, дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзардзӕн, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынатмӕ+. 3 Ӕмӕ хъуамӕ бацӕуай, уыцы бонты сауджын+ чи уыдзӕн, уымӕ ӕмӕ йын зӕгъай: „Абон мӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн фӕнды зӕгъын, ӕз кӕй ӕрбацыдтӕн, Йегъовӕ нӕ фыдӕлтӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, махӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ“+.

4 Сауджын дын дӕ чыргъӕд дӕ къухӕй райсдзӕн ӕмӕ йӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы нывондхӕссӕны раз ӕрӕвӕрдзӕн. 5 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз хъуамӕ зӕгъай: „Мӕ фыд уыд сириаг+, йӕ цардӕн уыд тӕссаг. Уый ӕрцыд Египетмӕ+ ӕмӕ дзы ӕрцӕуӕггагӕй цард, ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты+. Фӕлӕ дзы уым рацыд тыхджын ӕмӕ стыр адӕм+. 6 Египетӕгтӕ нӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уагътой, хъизӕмарӕй нӕ мардтой, тыхкуыст кӕнын нын кодтой+. 7 Ӕмӕ уӕд нӕ фыдӕлты+ Хуыцау Йегъовӕмӕ сдзынӕзтам, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ фехъуыста+ ӕмӕ ӕркаст, куыд хъизӕмар кӕнӕм, тухӕнӕй куыд мӕлӕм ӕмӕ цы ’фхӕрд ӕййафӕм, уымӕ+. 8 Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ Египетӕй ракодта йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы+ фӕрцы, тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгты+ фӕрцы, нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгты+ фӕрцы. 9 Ӕмӕ нӕ ӕрбакодта ацы бынатмӕ ӕмӕ нын радта ацы зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. 10 Ӕмӕ мӕнӕ ныр ӕрбахастон, Йегъовӕ мын кӕй радта, уыцы зӕххӕй мӕ фыццаг тыллӕг“+.

Ӕрӕвӕр дӕ чыргъӕд дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн бакув+. 11 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕн кӕй радта, ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтыл цин кӕн+ – цин кӕн дӕхӕдӕг дӕр, цин кӕнӕд левит дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр+.

12 Ӕртыккаг аз+, дӕсӕм хай+ фидыны аз, дӕ тыллӕгӕй дӕсӕм хай иууылдӕр куы рахицӕн кӕнай, уӕд ӕй ратт левиттӕн, сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн, цӕмӕй хӕрой дӕ горӕты ӕмӕ ӕфсӕст уой+. 13 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз зӕгъ: „Табуйаг цы у, уымӕй мӕ хӕдзары ницы ныууагътон, радтон ӕй левиттӕн, ӕрцӕуӕггӕгтӕн, сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн+. Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый бакодтон. Ӕз дын дӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ ахызтӕн ӕмӕ сӕ нӕ ферох кодтон+. 14 Мардыл куы хъыг кодтон, уӕд, табуйаг цы у, уымӕй мӕ дзыхмӕ хӕсгӕ дӕр не скодтон, сыгъдӕг куы нӕ уыдтӕн, уӕд ӕм ӕвналгӕ дӕр нӕ бакодтон, ницы дзы радтон марды номыл дӕр. Ӕз хъуыстон мӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ. Куыддӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, афтӕ кодтон. 15 Курын дӕ, ӕркӕс дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатӕй+, уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ раарфӕ кӕн дӕ адӕмӕн, Израилы адӕмӕн+, ӕмӕ, нӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтай ӕмӕ нын кӕй радтай, уыцы зӕххӕн+, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххӕн“+.

16 Абон уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕххӕст кӕнат ацы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. Уыдонмӕ гӕсгӕ архайут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+. 17 Сымах Йегъовӕйы сразӕнгард кодтат, цӕмӕй абон зӕгъа, йӕ фӕндӕгтыл ын куы цӕуат, йӕ уагӕвӕрдтӕ+, йӕ фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ+ куы ’ххӕст кӕнат ӕмӕ йӕм куы хъусат+, уӕд кӕй суыдзӕн уӕ Хуыцау. 18 Ӕмӕ Йегъовӕ та сымах сразӕнгард кодта, цӕмӕй абон зӕгъат, сымах кӕй уыдзыстут йӕ адӕм, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ+, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр кӕй ӕххӕст кӕндзыстут. 19 Уый уӕ сӕвӕрдзӕн, кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмтӕй се ’ппӕтӕй дӕр бӕрзонддӕр+, ӕмӕ уыдзыстут йӕ кад, йӕ намыс ӕмӕ йӕ фидыц, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн уыдзыстут сыгъдӕг адӕм+, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».

27 Моисей ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕ адӕмӕн загътой: «Абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут+. 2 Иорданы+ фаллаг фарсмӕ цы бон ахизай ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ цы бон бацӕуай, уыцы бон зӕххыл ӕрӕвӕр стыр дуртӕ ӕмӕ сӕ чъырӕй сцӕгъд. 3 Ӕмӕ-иу сыл ныффысс ацы закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр+, доны фаллаг фарсмӕ куы ахизай, уӕд+, цӕмӕй бацӕуай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ, мыд ӕмӕ ӕхсыр кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ, дӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ дын куыд загъта, афтӕ+. 4 Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат, уӕд-иу уыцы дуртӕ ӕрӕвӕрут Гевалы хохыл+, абон уын куыд дзурын, афтӕ, ӕмӕ-иу сӕ чъырӕй сцӕгъдут+. 5 Стӕй-иу дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн дуртӕй сараз нывондхӕссӕн дӕр. Дуртӕм ӕфсӕйнаг кусӕнгарзӕй ма бавнал+. 6 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн хъуамӕ саразай ӕнӕхъӕн дуртӕй, ӕмӕ-иу ыл хӕсс судзинаг нывӕндтӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+. 7 Ӕрхӕсс-иу фарны нывӕндтӕ+ дӕр ӕмӕ-иу сӕ уым хӕр+, ӕмӕ-иу цин кӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз+. 8 Уыцы дуртыл ацы закъоны ныхӕстӕ+ иууылдӕр афтӕ ныффысс, цӕмӕй сӕ алчидӕр ӕвзара»+.

9 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ левит-сауджынтӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕн загътой: «О Израилы адӕм, ӕнцад байхъусут. Абон сымах систут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы адӕм+. 10 Уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъусут ӕмӕ йын ӕххӕст кӕнут йӕ фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ+, абон уын кӕй дзурын, уыдон».

11 Уыцы бон Моисей адӕмӕн ноджыдӕр бафӕдзӕхста: 12 «Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат, уӕд Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар, Иосиф ӕмӕ Вениамин ӕрлӕудзысты Гаризимы хохыл+, цӕмӕй адӕмӕн раарфӕ кӕной. 13 Рувим, Гад, Асир, Завулон, Дан ӕмӕ Неффалим та ӕрлӕудзысты Гевалы хохыл+, цӕмӕй зӕгъой ӕлгъыстытӕ+. 14 Ӕмӕ левиттӕ хъуамӕ Израилы адӕмӕн хъӕрӕй дзурой+:

15 „Ӕлгъыст фӕуӕд, гуымиры+ кӕнӕ ӕфсӕйнаг хуыцау+ чи сараза,– Йегъовӕйӕн ӕнад цы у+, ӕрмдӕсныйы къухӕй конд цы у, уый+,– ӕмӕ йӕ сусӕг ран чи сӕвӕра“. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“+

16 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ницӕмӕ дары“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

17 „Ӕлгъыст фӕуӕд, иннӕмӕн йӕ арӕнтыл цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдоныл фалдӕр чи ахӕца“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

18 „Ӕлгъыст фӕуӕд, куырм адӕймаджы йӕ фӕндагӕй чи аздаха“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

19 „Ӕлгъыст фӕуӕд, ӕрцӕуӕггаджы+, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы+ хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ, хӕрам+ тӕрхон чи рахӕсса“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

20 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ фыды фӕхудинаг кодта*“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

21 „Ӕлгъыст фӕуӕд, фосимӕ чи схуысса“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

22 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ хоимӕ, йӕ фыды чызгимӕ кӕнӕ йӕ мады чызгимӕ, ӕмуат чи ’рцӕуа“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

23 „Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ усы мадимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

24 „Ӕлгъыст фӕуӕд, адӕймаджы размӕ чи бабада ӕмӕ йӕ чи амара“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

25 „Ӕлгъыст фӕуӕд, ӕхца уый тыххӕй чи райса, цӕмӕй адӕймаджы* амара, ӕнаххос туг ныккала“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

26 „Ӕлгъыст фӕуӕд, ацы закъон чи не ’ххӕст кӕна ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чи нӕ архайа“+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр зӕгъдзысты: „Аммен!“

28 Дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын абон кӕй дзурын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕнай+, уӕд дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕвӕрдзӕн, зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй бӕрзонддӕр+. 2 Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кӕй хъусдзынӕ, уый тыххӕй дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ уыдзысты дӕ хай+.

3 Арфӕгонд уыдзынӕ горӕты+ ӕмӕ арфӕгонд уыдзынӕ быдыры+.

4 Арфӕгонд уыдзынӕ ӕмӕ дын уыдзӕн бирӕ зӕнӕг+, тыллӕджы бӕркад ӕмӕ бирӕ фос+ – бирӕ стурвос ӕмӕ бирӕ лыстӕг фос+.

5 Арфӕгонд уыдзӕн дӕ чыргъӕд+ ӕмӕ дӕ арынг+.

6 Арфӕгонд уыдзынӕ, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай ӕмӕ цыфӕнды ма аразай+.

7 Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ ныхмӕ чи рацӕуа, уыцы знӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕ+. Дӕ ныхмӕ рацӕудзысты иу фӕндагыл, лидзгӕ та дӕ кӕндзысты авд фӕндагыл+. 8 Йегъовӕ ӕруадздзӕн арфӕдзинад дӕ хордӕттыл+ ӕмӕ дӕ алы хъуыддагыл дӕр+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, кӕй дын дӕтты, уыцы зӕххыл. 9 Йегъовӕ сымахӕй йӕхицӕн скӕндзӕн сыгъдӕг адӕм+, куыддӕриддӕр уын расомы кодта, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ фидар хӕцдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл+ ӕмӕ цӕудзыстут йӕ фӕндӕгтыл. 10 Ӕмӕ зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдон иууылдӕр фендзысты, сымах Йегъовӕйы ном кӕй хӕссут+, ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты+.

11 Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл+ уын Йегъовӕ ратдзӕн тынг бирӕ зӕнӕг+, тынг бирӕ фос ӕмӕ тыллӕджы бӕркад+. 12 Йегъовӕ уын байгом кӕндзӕн йӕ хъӕздыг къӕбиц – арв, цӕмӕй уӕ зӕххӕн ратта къӕвда йӕ афоныл+ ӕмӕ арфӕ кӕна уӕ алы хъуыддагӕн дӕр+. Ӕмӕ сымах ӕфстау дӕтдзыстут бирӕ адӕмтӕн, уӕхӕдӕг та ӕфстау никӕмӕй исдзыстут+. 13 Йегъовӕ уӕ сӕвӕрдзӕн разӕй, фӕстейӕ нӕ, фӕлӕ, ӕмӕ алкӕддӕр уыдзыстут уӕлейӕ+, бынӕй никуы уыдзыстут, уымӕн ӕмӕ хъусдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм+, абон уын кӕй тыххӕй дзурын, зӕгъгӕ сӕ ӕххӕст кӕнут ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайут, уыцы фӕдзӕхстытӕм. 14 Абон уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уымӕй мадӕр рахизырдӕм ахизут, мадӕр галиуырдӕм+, ма ацӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ӕмӕ сын ма кувут+.

15 Фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы нӕ хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы не ’ххӕст кӕнай, уӕд та дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы ӕлгъыстытӕ ӕмӕ дӕ баййафдзысты+.

16 Ӕлгъыст уыдзынӕ горӕты+ ӕмӕ ӕлгъыст уыдзынӕ быдыры+.

17 Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ чыргъӕд+ ӕмӕ дӕ арынг+.

18 Ӕлгъыст уыдзынӕ ӕмӕ дын нӕ уыдзӕн зӕнӕг+, тыллӕджы бӕркад+, стурвос ӕмӕ лыстӕг фос+.

19 Ӕлгъыст уыдзынӕ, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай ӕмӕ цыфӕнды ма аразай+.

20 Цыфӕнды аразынвӕнд ма кӕнат, Йегъовӕ уӕ фӕкӕндзӕн ӕлгъыст+, тыхстдзинад+ ӕмӕ ӕфхӕрды хай+, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат ӕмӕ уайтагъд нӕ фесӕфат уӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй – кӕй мӕ ныууагътат, уый тыххӕй+. 21 Йегъовӕ уыл ӕфтаудзӕн фыднизтӕ, цалынмӕ уӕ нӕ фесафа, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххӕй+. 22 Йегъовӕ уыл бафтаудзӕн рӕуджыты низ+, тӕфсӕг, судзаг рыст, тӕвдниз ӕмӕ хъама+, судзгӕ дымгӕ+ уыл рауадздзӕн, уӕ зайӕгойтыл уын низ бафтаудзӕн+, ӕмӕ уӕ уыдӕттӕ нӕ ныууадздзысты, цалынмӕ иууылдӕр нӕ фесӕфат, уӕдмӕ. 23 Уӕ сӕрмӕ арв суыдзӕн ӕрхуыйы хуызӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та – ӕфсӕйнаджы хуызӕн+. 24 Йегъовӕ уӕ зӕххӕн къӕвдайы бӕсты ратдзӕн змис ӕмӕ рыг. Арвӕй уыл уардзысты, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ. 25 Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ де знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Сӕ ныхмӕ иу фӕндагыл рацӕудзынӕ, лидзгӕ та сӕ авд фӕндагыл кӕндзынӕ. Ӕмӕ зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон, цы бӕллӕхтӕ дӕ баййӕфта, уый тыххӕй куы базоной, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн+. 26 Ӕмӕ уӕ мӕрдтӕ уыдзысты хӕринаг ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн, ӕмӕ сӕ сурӕг нӕ уыдзӕн+.

27 Йегъовӕ уыл бафтаудзӕн, египетӕгтӕ кӕмӕй хъизӕмар кодтой, ахӕм сынчъытӕ+, бафтаудзӕн уыл геморрой, уыдырны*, уӕ буар рафаддзӕн, ӕмӕ уыцы низтӕй никуы сдзӕбӕх уыдзыстут. 28 Йегъовӕ уын уӕ зонд фӕцӕуын кӕндзӕн+, уӕ цӕстырухс уын баталынг кӕндзӕн+, уӕ зӕрдӕ уын сдзӕгъӕлтӕ кӕндзӕн+. 29 Ӕмӕ боныгон цӕудзыстут уӕ развӕндаг сгаргӕ, куырм адӕймаг саудалынджы йӕ развӕндаг сгаргӕ куыд цӕуа, афтӕ+, ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ никуы фӕрӕстмӕ уыдзысты. Алкӕддӕр уӕ кӕндзысты сайгӕ ӕмӕ стигъгӕ, ӕмӕ уын чи баххуыс кӕна, уый нӕ уыдзӕн+. 30 Чызгимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ йын тыхми бакӕндзысты+. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ цӕрдзынӕ+. Сӕнӕфсирдон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг нӕ сисдзынӕ+. 31 Дӕ галы дын дӕ цӕстыты раз аргӕвддзысты, фӕлӕ йын йӕ дзидзайӕ нӕ бахӕрдзынӕ. Дӕ хӕрӕджы дын дӕ тӕккӕ разӕй адавдзысты, фӕлӕ дын ӕй фӕстӕмӕ нал ратдзысты. Дӕ фыс де знӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ дын чи баххуыс кӕна, уый нӕ уыдзӕн+. 32 Ды кӕсдзынӕ, дӕ фыртты ӕмӕ дын дӕ чызджыты ӕндӕр адӕмӕн куыд дӕттынц, уымӕ+, ӕмӕ сын уый фӕстӕ сӕ уындмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй бӕлдзынӕ, фӕлӕ дӕ бон ницы уыдзӕн бакӕнын+. 33 Дӕ зӕххӕй цы тыллӕг сисай ӕмӕ цӕуылдӕриддӕр фӕфыдӕбон кӕнай, уый хӕрдзысты, кӕй нӕ зоныс, уыцы адӕм+. Ӕдзухдӕр дӕ кӕндзысты сайгӕ ӕмӕ ӕфхӕргӕ+. 34 Ӕмӕ дӕ цӕстытӕ цытӕ уындзысты, уымӕй дӕ сӕрызонд фӕцӕудзӕн+.

35 Йегъовӕ дын дӕ дыууӕ уӕрагыл дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ къахыл дӕр бафтаудзӕн риссаг сынчъытӕ – бафтаудзӕн дыл сынчъытӕ сӕрӕй къӕхты бынмӕ,– ӕмӕ сӕ никуы сдзӕбӕх уыдзынӕ+. 36 Йегъовӕ дын дӕхи+ дӕр ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй сӕвӕрай, уыцы паддзахы+ дӕр акӕндзӕн, дӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтай ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕммӕ. Ӕмӕ уым кувдзынӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+. 37 Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ кӕмӕ акӕна, ӕппӕт уыцы адӕмтӕн диссагӕн дзуринаг суыдзынӕ+, суыдзынӕ сын ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг.

38 Дӕ зӕххы байтаудзынӕ бирӕ тауинаг, ӕмбырд та ӕркӕндзынӕ гыццыл+, уымӕн ӕмӕ сӕ мӕтыхтӕ бахӕрдзысты+. 39 Скӕндзынӕ сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сӕм зилдзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ ӕмӕ дзы ницы ӕрӕмбырд кӕндзынӕ+, уымӕн ӕмӕ сӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахӕрдзысты+. 40 Дӕ зӕххыл алы ран дӕр уыдзӕн оливӕбӕлӕстӕ, фӕлӕ дӕ буар сойӕ нӕ сӕрддзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ оливӕтӕ ӕрызгъӕлдзысты+. 41 Райгуырдзӕн дын лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, фӕлӕ дӕхи нал уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ уацары акӕндзысты+. 42 Дӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр ӕмӕ дӕ зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, уыдон сасчытӕй нал зындзысты. 43 Уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг кӕндзӕн уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр фӕуыдзӕн, ды та кӕндзынӕ дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр+. 44 Уый дын дӕтдзӕн ӕфстау, ды та йын ӕфстау нӕ дӕтдзынӕ+. Уый слӕудзӕн разӕй, ды та – фӕстейӕ+.

45 Ӕппӕт ацы ӕлгъыстытӕ+ уыл ӕрцӕудзысты, уӕ фӕдыл цӕудзысты ӕмӕ уӕ баййафдзысты, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыстат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ уын кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтыл фидар нӕ хӕцыдыстут+. 46 Ӕрцӕудзысты дӕхиуыл ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл ӕмӕ уыдзысты нысан ӕмӕ зондзонӕн ӕнустӕм+, 47 уымӕн ӕмӕ дын ӕппӕт дӕр уыди парахатӕй, фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ+ ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кодтай+. 48 Ды лӕггад кӕндзынӕ де знӕгтӕн+, Йегъовӕ дын дӕ ныхмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыдонӕн, уыдзынӕ ӕххормаг+, мӕлдзынӕ дойныйӕ, уыдзынӕ бӕгънӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафдзынӕ. Дӕ бӕрзӕйыл дын сӕвӕрдзӕн ӕфсӕйнаг ӕфсондз ӕмӕ дыл уыдзӕн, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъда, уӕдмӕ+.

49 Йегъовӕ дын дӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн адӕмы дардӕй, зӕххы кӕронӕй+, уыдон дыл сӕхи ныццӕвдзысты, цӕргӕс йӕхи йӕ амӕттагыл куыд ныццӕвы, афтӕ+. Уыцы адӕмӕн се ’взаг не ’мбардзынӕ+, 50 уыдзысты знӕт+, нӕдӕр зӕрондыл бацауӕрддзысты, нӕдӕр ӕрыгонӕн фӕтӕригъӕд кӕндзысты+. 51 Уыдон уын хӕрдзысты уӕ фосы цот ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+. Нӕ уын ныууадздзысты нӕдӕр хор, нӕдӕр ног сӕн, нӕдӕр сой, нӕдӕр стурвосы цот ӕмӕ нӕдӕр лыстӕг фосы цот, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъдой, уӕдмӕ+. 52 Ӕртыхсдзысты уын уе ’ппӕт горӕттыл дӕр, цалынмӕ уӕ зӕххыл, уӕ ныфс кӕуыл дарут, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар къултӕ иууылдӕр нӕ ныккӕлой. О, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл уын уе ’ппӕт горӕттыл дӕр ӕртыхсдзысты+. 53 Уе знаг уӕ алырдыгӕй афтӕ ӕрӕлхъивдзӕн ӕмӕ ахӕм уынгӕджы уыдзыстут, ӕмӕ хӕрдзыстут уӕ зӕнӕджы, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты+, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй радта, уыдоны.

54 Уӕздан ӕмӕ буцахуыр нӕлгоймаг знаджы цӕстӕй кӕсдзӕн+ йе ’фсымӕрмӕ, йӕ уарзон усмӕ ӕмӕ ма йӕ фырттӕй чи баззайа, уыдонмӕ, 55 ӕмӕ дзы иуӕн дӕр нӕ дӕтдзӕн, кӕй хӕрдзӕн, уыцы фыртты фыдӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕппындӕр ницыуал баззайдзӕн, уе знаг уӕ уе ’ппӕт горӕтты дӕр кӕй ӕрӕлхъивдзӕн ӕмӕ уынгӕджы кӕй уыдзыстут, уый тыххӕй+. 56 Уӕздан ӕмӕ буцахуыр сылгоймаг+, фырхъалӕй ӕмӕ фыруӕзданӕй йӕ къах зӕххыл дӕр чи никуы ӕрӕвӕрдта, уыцы сылгоймаг дӕр знаджы цӕстӕй кӕсдзӕн йӕ уарзон цардӕмбалмӕ, йӕ фыртмӕ ӕмӕ йӕ чызгмӕ, 57 уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй, кӕй ныййардта, уыцы сывӕллоны+ ӕмӕ ма уый фӕстӕ йӕ хуылфӕй цы рацӕудзӕн, уымӕй уыдонӕн исты ратта. Уый сӕ хӕрдзӕн сусӕгӕй, уымӕн ӕмӕ, цы бахӕра, уый йын нӕ уыдзӕн, уе знаг уӕ уе ’ппӕт горӕтты дӕр алырдыгӕй кӕй ӕрӕлхъивдзӕн ӕмӕ уынгӕджы кӕй уыдзыстут, уый тыххӕй+.

58 Ацы чиныджы фыст чи у, уыцы закъон иууылдӕр куы нӕ ӕххӕст кӕнай+ ӕмӕ ацы кадджын+ номӕй, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы номӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ номӕй, куы нӕ тӕрсай, 59 уӕд дын Йегъовӕ дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл дӕр ноджы фыддӕр бӕллӕхтӕ бафтаудзӕн, бирӕ рӕстӕг чи ахӕсдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ+, стӕй фыднизтӕ, уӕззау низтӕ+. 60 Бафтаудзӕн дыл, Египеты цы низтӕ ис ӕмӕ кӕмӕй тарстӕ, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нӕ фервӕздзынӕ+. 61 Йегъовӕ ма дыл бафтаудзӕн, ацы закъоны чиныджы фыст кӕй тыххӕй нӕй, ӕппӕт уыцы низтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ дӕр, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ. 62 Ӕмӕ уын кӕд, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+, уӕддӕр уӕ бирӕ нал баззайдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстат.

63 Йегъовӕ уын хорздзинӕдтӕ куы арӕзта ӕмӕ уӕ куы бирӕ кодта+, уӕд куыд цин кодта, афтӕ Йегъовӕ цин кӕндзӕн, куы уӕ сафа ӕмӕ уӕ куы цӕгъда, уӕд+. Ӕмӕ цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххӕй бындзарӕй тынд ӕрцӕудзыстут+.

64 Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ныххӕлиу кӕндзӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, зӕххӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ+, ӕмӕ уым кувдзыстут ӕндӕр хуыцӕуттӕн, уӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+. 65 Уыцы адӕмты ’хсӕн ӕнцой нӕ зондзыстут+, уӕ къӕхты фӕллад кӕм ссӕуа, ахӕм бынат уын дзы нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ уын уӕ зӕрдӕты тас бауадздзӕн+, уӕ цӕстырухс уын батайын кӕндзӕн+ ӕмӕ уын уӕ ныфс асӕтдзӕн. 66 Дӕ цард уыдзӕн тынг тӕссаг уавӕры ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй тӕрсдзынӕ, райсом ма удӕгас уыдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕр нӕ зондзынӕ+. 67 Райсомӕй-иу зӕгъдзынӕ: „Тӕхуды, ӕмӕ ныр изӕр куы уаид!“, изӕрӕй та-иу зӕгъдзынӕ: „Тӕхуды, ӕмӕ ныр бон куы уаид!“ – дӕ зӕрдӕйы цы тас уыдзӕн ӕмӕ дӕ цӕстытӕ цы уындзысты, уый тыххӕй+. 68 Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ наутыл арвитдзӕн, афтӕ уын кӕмӕй загътон, никуыуал ӕй фендзыстут+, зӕгъгӕ, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ уӕхи уӕй кӕндзыстут уе знӕгтӕн, цӕмӕй сын уат цагъар-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+, фӕлӕ уӕ ӕлхӕнӕг нӕ уыдзӕн».

29 Адон сты, Йегъовӕ Моисейы уылты Израилы фырттимӕ Моавы зӕххыл кӕй скодта, уыцы бадзырды ныхӕстӕ,– Хоривы хохыл семӕ кӕй скодта, уыцы бадзырдӕй уӕлдай+.

2 Моисей ӕрӕмбырд кодта Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ Египеты зӕххыл фараонӕн, йе ’ппӕт лӕггадгӕнджытӕн ӕмӕ йӕ зӕххӕн цы бакодта, уыдон иууылдӕр+. 3 Уӕхи цӕстӕй федтат+ стыр фӕлварӕнтӕ, стыр нысӕнттӕ+ ӕмӕ диссӕгтӕ+. 4 Фӕлӕ уын Йегъовӕ абоны онг дӕр нӕ радта ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй ӕмбарат, ахӕм цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, ӕмӕ ахӕм хъустӕ, цӕмӕй хъусат+. 5 „Цыппор азы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы кодтон+, уӕд уӕ дарӕс уӕ уӕлӕ нӕ ихсыд, нӕ ихсыдысты уӕ дзабыртӕ уӕ къӕхтыл+. 6 Сымах нӕ хордтат дзул+, нӕ нызтат сӕн ӕмӕ карз нозт. Ӕз уыл тыхстӕн, цӕмӕй йӕ зыдтаиккат, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ“. 7 Ӕппынфӕстаг ӕрбацыдыстут ацы бынатмӕ, ӕмӕ Есевоны+ паддзах Сигон ӕмӕ Васаны паддзах Ог+ нӕ ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй немӕ схӕцыдаиккой, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам+. 8 Уый фӕстӕ сын сӕ зӕхх бацахстам ӕмӕ йӕ бынӕн радтам Рувимы мыггагӕн, Гады мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн+. 9 Уӕдӕ ацы бадзырды ныхӕстыл фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй-иу уӕ алы хъуыддаг дӕр фӕрӕстмӕ уа+.

10 Абон сымах уе ’ппӕт дӕр лӕуут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз: уӕ мыггӕгты хистӕртӕ, уӕ хистӕр лӕгтӕ, уӕ хицӕуттӕ, Израилы иннӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+, 11 уӕ сывӕллӕттӕ, уӕ устытӕ+ ӕмӕ, уе ’хсӕн цы ’рцӕуӕггӕгтӕ+ ис, уыдон – суг уын чи сӕтты, уыдон дӕр ӕмӕ уын дон чи хӕссы, уыдон дӕр+,– 12 цӕмӕй уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ скӕна, сомыйӕ кӕй фидар кӕны, уыцы бадзырд+. Уыцы бадзырд уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ аразы абон+, 13 цӕмӕй уӕ абон скӕна йӕ адӕм+ ӕмӕ уа уӕ Хуыцау+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+ куыд расомы кодта, афтӕ.

14 Сомыйӕ кӕй сфидар кодтон, уыцы бадзырд ӕрмӕст сымахимӕ нӕ аразын+, 15 фӕлӕ абон ам немӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз чи лӕууы, уыдонимӕ дӕр ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртимӕ* дӕр+,– 16 уӕхӕдӕг ӕй хорз зонут, Египеты зӕххыл куыд цардыстӕм ӕмӕ иннӕ адӕмты ’хсӕнты куыд цыдыстӕм; ӕмӕ се ’хсӕнты куы фӕцӕйцыдыстут+, 17 уӕд сын федтат се ’лгъаг дзауматӕ ӕмӕ сӕ фаджыс-хуыцӕутты+, хъӕд ӕмӕ дурӕй, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй конд хуыцӕутты. 18 Уыцы бадзырд аразын, цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа ахӕм нӕлгоймаг, ахӕм сылгоймаг, ахӕм бинонтӕ кӕнӕ ахӕм мыггаг, абон йӕ зӕрдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ кӕмӕн аздӕха ӕмӕ чи ацӕуа ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи кува+. Ахӕм адӕймаг у, маргджын ӕмӕ маст дыргъ кӕуыл ӕрзайы, ахӕм зайӕгойы уидаджы хуызӕн+.

19 Ацы сомыйы ныхӕстӕ чи фехъуса+ ӕмӕ йӕхицӕй чи ӕппӕла, зӕгъгӕ, ӕз мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн+, фӕлӕ уыдзынӕн ӕнӕмаст+,– уый фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр бабын кӕна, донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ хурсыгъд зӕхх дӕр куыд фесафай, афтӕ,– 20 уымӕн ныххатыр кӕнын Йегъовӕйы нӕ бафӕнддзӕн+, фӕлӕ уыцы адӕймагмӕ+ Йегъовӕйы маст ссудздзӕн+, цӕхӕртӕ калдзӕн+, ӕмӕ, ацы чиныджы+ цы ӕлгъыстытӕ фыст ис, уыдон ыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ ном зӕххы цъарӕй фесафдзӕн. 21 Йегъовӕ йӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕнӕй дӕр рахицӕн кӕндзӕн+, цӕмӕй йӕ фыдбылызы хай бакӕна, ацы закъоны чиныджы цы бадзырд фыст ис ӕмӕ уыцы бадзырды цы ӕлгъыстытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.

22 Ӕмӕ фидӕны фӕлтӕр, уӕ фӕстӕ чи уа, уыцы фырттӕ, стӕй дард бӕстӕйӕ чи ’рбацӕуа, уыцы ӕндӕрбӕстаг, фендзысты, Йегъовӕ уыцы бӕстӕйыл цы бӕллӕхтӕ ӕмӕ низтӕ бафтыдта+, 23 сондон, цӕхх+ ӕмӕ йыл зынг+ куыд ныккалдта ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй ницы тауынц, ӕвзар ыл кӕй ницы суадзы ӕмӕ йыл кӕй ницы зайы, Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл+, Адмӕ+ ӕмӕ Севоимыл+ йӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕх куы ныккалдта ӕмӕ сӕ куы фесӕфта, уӕд куыд уыди, афтӕ+. 24 Ӕмӕ уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр зӕгъдзысты: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?+ Йе стыр маст цӕмӕн ссыгъд?“ 25 Ӕмӕ сын уӕд зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ сӕ къух систой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы бадзырдыл+, Египеты зӕххӕй сӕ куы ракодта, уӕд семӕ цы бадзырд скодта, ууыл+. 26 Уыдон ацыдысты ӕмӕ куывтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууыдысты – куывтой, кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, афтӕ сын кӕмӕй нӕ загъта, кувут сын, зӕгъгӕ, уыдонӕн+. 27 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы маст ссыгъд уыцы бӕстӕмӕ ӕмӕ йӕ, ацы чиныджы фыст чи ис, ӕппӕт уыцы ӕлгъыстыты хай бакодта+. 28 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ зӕххӕй бындзарӕй стыдта+ ӕмӕ сӕ ӕндӕр зӕхмӕ баппӕрста, ӕмӕ уым цӕрынц абоны онг дӕр“+.

29 Сусӕг+ цы у, уый у нӕ Хуыцау Йегъовӕйы бар, ӕргом+ цы у, уый та – мах бар ӕмӕ нӕ фыртты бар ӕнустӕм дӕр, цӕмӕй, ацы закъоны фыст цыдӕриддӕр ис, уый ӕххӕст кӕнӕм+.

30 Ӕппӕт ацы ныхӕстӕ уыл куы ’рцӕуой,– арфӕдзинӕдтӕ+ дӕр ӕмӕ ӕлгъыстытӕ+ дӕр, кӕй тыххӕй уын фехъусын кодтон, уыдон,– ӕмӕ уӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕхсӕн ныххӕлиу кодта+, уыцы адӕмты ’хсӕн цӕргӕйӕ уӕ зӕрдыл куы ’рлӕууой+ 2 ӕмӕ куы раздӕхат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+ ӕмӕ йӕм куы хъусат, абон уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы ’ххӕст кӕнат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фырттӕ дӕр+, 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+. 4 Арвы кӕрон дӕр куы уат – уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ уырдыгӕй дӕр ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ уӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. 5 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ кӕй бацахстой, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзыстут. Ӕмӕ уын араздзӕн хорздзинӕдтӕ ӕмӕ, уӕ фыдӕлтӕ цас уыдысты, уымӕй уӕ фылдӕр скӕндзӕн+. 6 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕхи зӕрдӕтӕн+ дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр сунӕт скӕндзӕн+, цӕмӕй уӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй ӕмӕ цӕрат+. 7 Ӕмӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, ӕппӕт ацы ӕлгъыстыты хай бакӕндзӕн уе знӕгты ӕмӕ уӕ йе сӕфт чи уыны, уӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны+.

8 Сымах та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхдзыстут ӕмӕ йӕм хъусдзыстут, ӕххӕст ын кӕндзыстут йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон+. 9 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын уӕ къухты фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн+, ратдзӕн уын бирӕ зӕнӕг, бирӕ фос+ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад+, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг цард кӕндзыстут+, уымӕн ӕмӕ та Йегъовӕ цин кӕндзӕн сымахӕн хорздзинад аразгӕйӕ, уӕ фыдӕлтӕн хорздзинад аразгӕйӕ куыд цин кодта, афтӕ+. 10 Афтӕ уымӕн уыдзӕн, ӕмӕ сымах хъусдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ йын ӕххӕст кӕндзыстут йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, ацы закъоны чиныджы фыст чи сты, уыдон+. Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕхдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+.

11 Абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхст уын зынӕххӕстгӕнӕн нӕу, стӕй уӕ дард дӕр нӕу+. 12 Уӕларвыл нӕй, цӕмӕй зӕгъат: „Чи ссӕудзӕн уӕларвмӕ ӕмӕ нын ӕй чи ӕрхӕсдзӕн, цӕмӕй йӕ фехъусӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм?“+ 13 Науӕд денджызы иннӕ фарс нӕй, цӕмӕй зӕгъат: „Чи ахиздзӕн денджызы иннӕ фарсмӕ ӕмӕ нын ӕй чи ӕрбахӕсдзӕн, цӕмӕй йӕ фехъусӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм?“ 14 Уыцы дзырд дӕм хӕстӕг у, ис де ’взагыл ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы+, цӕмӕй йӕ ӕххӕст кӕнай+.

15 Мӕнӕ, абон уӕ разы ис цард ӕмӕ хорздзинад, мӕлӕт ӕмӕ фыддзинад+. 16 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдонмӕ, куы хъусат ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы уарзат+, йӕ фӕндӕгтыл ын куы цӕуат, йӕ фӕдзӕхстытыл+, йӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ йын йӕ закъӕттыл+ фидар куы хӕцат, уӕд цӕрдзыстут+ ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзыстут. Ӕмӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххыл арфӕ кӕндзӕн+.

17 Фӕлӕ уӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй куы аздӕха ӕмӕ йӕм куы нӕ хъусат+, куы фӕрӕдийат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты раз уӕ зонгуытыл куы лӕууат ӕмӕ сын куы куват+, 18 уӕд та уын зӕгъын: сымах фесӕфдзыстут+. Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ цы зӕхмӕ бацӕудзыстут ӕмӕ цы зӕхх бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут. 19 Арв ӕмӕ мын зӕхх ӕвдисӕн+: абон уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт+, арфӕдзинад+ ӕмӕ ӕлгъыст+. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ+ дӕр. 20 Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут*+, уымӕн ӕмӕ уын уый дӕтты цард ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон+, цӕмӕй цӕрат, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл»+.

31 Моисей ацыд ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕн загъта ацы ныхӕстӕ. 2 Загъта сын афтӕ: «Мӕныл ныр цӕуы сӕдӕ дыууын азы+. Мӕнӕн бар нал ис, цӕмӕй уын разамынд дӕттон+, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕ+. 3 Уӕ разӕй фаллаг фарсмӕ ахиздзӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Уый ныццӕгъддзӕн уыцы адӕмты, ӕмӕ сӕ хъуамӕ фӕсурат+. Уӕ разӕй фаллаг фарсмӕ ахиздзӕн Йесо+, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 4 Йегъовӕ сын бакӕндзӕн, аморейты паддзӕхтӕ Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, стӕй сӕ зӕххӕн куыд бакодта, афтӕ – куы сӕ ныццагъта, уӕд+. 5 Йегъовӕ уын уыцы адӕмты уӕ къухмӕ радта+, ӕмӕ сын хъуамӕ бакӕнат, куыддӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, афтӕ+. 6 Ут хъӕбатыр ӕмӕ фидар+. Ӕппындӕр сӕ ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уемӕ. Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ никуы ферох кӕндзӕн»+.

7 Уый фӕстӕ Моисей фӕдзырдта Йесомӕ ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмы раз загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды бакӕндзынӕ, Йегъовӕ сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ сын уыцы зӕхх бынӕн ды ратдзынӕ+. 8 Дӕ разӕй цӕуы Йегъовӕ. Уый уыдзӕн демӕ+. Нӕ дӕ ныууадздзӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс»+.

9 Ӕмӕ Моисей ацы закъон ныффыста+ ӕмӕ йӕ радта сауджынтӕм, Левийы фырттӕм+, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыдонмӕ+, ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. 10 Ӕмӕ сын Моисей бафӕдзӕхста: «Алы ӕвдӕм азы кӕрон дӕр, сӕрибардзинады азы+ нысангонд рӕстӕгыл, Халагъудты бӕрӕгбоны+, 11 ӕгас Израил дӕр уӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ+, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ+, куы ’рбацӕуой, уӕд-иу ацы закъон бакӕсут Израилы ӕппӕт адӕмы раз дӕр, иууылдӕр ӕй куыд хъусой+. 12 Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы+ се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ, уӕ горӕтты чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты,– цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной+, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ тӕрсой уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+ ӕмӕ, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕной. 13 Хъуамӕ хъусой+ сӕ фырттӕ дӕр, уыдӕттӕ чи нӕ зоны, уыдон, ӕмӕ ахуыр кӕной уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын, цалынмӕ, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл цӕрат, уӕдмӕ»+.

14 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ мӕлӕты бон ӕрхӕццӕ кӕны+. Фӕдзур Йесомӕ ӕмӕ ӕрлӕуут ӕмбырды цатыры, цӕмӕй йӕ разамонӕгӕй сӕвӕрон»+. Гъемӕ Моисей ӕмӕ Йесо ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты ӕмбырды цатыры+. 15 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ фӕзынд цатыры раз мигъы хуызӕн цӕджындзы, ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындз ӕрлӕууыд цатыры бахизӕны раз+.

16 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ды тагъд баиу уыдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм+. Ацы адӕм та бавдӕлдзысты+ ӕмӕ хӕтын райдайдзысты ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ, кӕдӕм цӕуынц, уыцы бӕстӕйы хуыцӕуттимӕ+, ӕмӕ уыцы хуыцӕуттӕ уыдзысты се ’хсӕн. Уыдон мӕ ныууадздзысты+ ӕмӕ фехалдзысты мӕ бадзырд, семӕ кӕй скодтон, уыцы бадзырд+. 17 Ӕмӕ сӕм уыцы бон мӕ маст ссудздзӕн+, ӕмӕ сӕ ӕз ныууадздзынӕн+ ӕмӕ сӕ мӕ цӕсгом бамбӕхсдзынӕн+, ӕмӕ сӕфты хай бауыдзысты. Сӕ сӕр баййафдзӕн бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ+, ӕмӕ уыцы бон зӕгъдзысты: „Ацы фыдбылызтӕ ныл уый тыххӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ нӕ Хуыцау не ’хсӕн кӕй нӕй?“+ 18 Ӕз та сӕ уыцы бон мӕ цӕсгом бынтондӕр бамбӕхсдзынӕн се ’ппӕт фыдхъуыддӕгты тыххӕй, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кӕй аздӕхтысты, уый тыххӕй+.

19 Ӕмӕ ныр уӕхицӕн ныффыссут ацы зарӕг+ ӕмӕ йӕ бацамонут Израилы фырттӕн+. Уадз ӕмӕ йӕ сахуыр кӕной. Уый мын уыдзӕн ӕвдисӕн Израилы фыртты ныхмӕ+. 20 Ӕз сӕ бакӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон+, ӕхсыр ӕмӕ мыд+ кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ. Уыдон хӕрдзысты+, уыдзысты ӕфсӕст ӕмӕ бухъцард кӕндзысты+, ӕмӕ аздӕхдзысты ӕндӕр хуыцӕуттӕм+ ӕмӕ сын кувдзысты, мӕн та ницӕмӕ дардзысты ӕмӕ мын мӕ бадзырд фехалдзысты+. 21 Ӕмӕ сӕ сӕр бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ куы баййафа+, уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ уыдзӕн ӕвдисӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕй нӕ ферох уыдзӕн. Ӕз ӕй зонын, сӕ зӕрдӕ ныр дӕр кӕцырдӕм здӕхт у+, афтӕмӕй та, кӕй тыххӕй сын расомы кодтон, уыцы зӕхмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр нӕма бакодтон».

22 Гъемӕ уыцы бон Моисей ныффыста уыцы зарӕг, Израилы фырттӕн кӕй хъуамӕ бацамыдтаид, уый+.

23 Ӕмӕ Хуыцау Навины фырт Йесойы+ разамонӕгӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ фидар+, уымӕн ӕмӕ Израилы фыртты ды бакӕндзынӕ, кӕй тыххӕй сын расомы кодтон, уыцы зӕхмӕ+. Ӕз мӕхӕдӕг уыдзынӕн демӕ».

24 Моисей ацы закъон иууылдӕр чиныджы куы ныффыста+, 25 уӕд, Йегъовӕйы бадзырды чырын чи хаста, уыцы левиттӕн+ загъта: 26 «Райсут ацы закъоны чиныг+ ӕмӕ йӕ сӕвӕрут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы бадзырды чырыны раз+. Уый уыдзӕн ӕвдисӕн Израилы фыртты ныхмӕ+, 27 уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, сымах хивӕнд+ ӕмӕ ӕнӕсӕттон+ адӕм кӕй стут. Ӕз нырма ӕгас дӕн, нырма уе ’хсӕн дӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ кӕм цӕут+, уым, куы амӕлон, уӕд та цытӕ кӕндзыстут! 28 Фӕдзурут уӕ мыггӕгты хистӕртӕм+ ӕмӕ уӕ хицӕуттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, мӕ разы ӕрӕмбырд уӕнт, цӕмӕй сын ӕз ацы ныхӕстӕ зӕгъон. Арв ӕмӕ мын зӕхх уыдзысты ӕвдисӕн сӕ ныхмӕ+. 29 Ӕз ӕй зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ сымах ныллӕудзыстут сӕфты фӕндагыл+. Цы фӕндагыл уын бафӕдзӕхстон цӕуын, уыцы фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдзыстут. Ӕмӕ фӕстагмӕ фыдбылызы+ хай бауыдзыстут, уымӕн ӕмӕ араздзыстут, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый ӕмӕ йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй ӕфхӕрдзыстут»+.

30 Ӕмӕ Моисей ӕппӕт Израилы адӕмӕн кӕрӕй-кӕронмӕ ракодта ацы зарӕджы ныхӕстӕ+:

32 «Уӕлӕрвтӕ, уӕ хъус ӕрдарут, цы дзурдзынӕн, уымӕ.

Зӕхх, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус+.

  2 Мӕ зондамындтӕ уардзысты къӕвдайау+,

Мӕ ныхӕстӕ кӕлдзысты ӕртӕхау+.

Уыдзысты, кӕрдӕгыл фӕлмӕн къӕвдатӕ куыд рацӕуа+

Ӕмӕ зайӕгойтыл – тӕрккъӕвдатӕ, афтӕ+.

 3 Ӕз хъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном+.

Дзурут, куыд диссаджы Хуыцау у, уый тыххӕй!+

 4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,

Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.

Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.

Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+.

 5 Уыдон сӕхӕдӕг ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл+.

Уыдон йӕ сывӕллӕттӕ не сты, сӕ аипп сӕхи аххос у+.

Хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ адӕм!+

 6 Йегъовӕйӕн афтӕ цӕмӕн кӕнут+,

Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕмбаргӕ адӕм?+

Ау, уый уӕ Фыд нӕу, цард уын чи радта+,

Чи уӕ сфӕлдыста ӕмӕ уӕ къахыл фидар кӕй фӕрцы лӕууыдыстут?+

 7 Ӕрхъуыды-ма кӕн рагон замантӕ+,

Акӕс-ма фӕстӕмӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕм.

Бафӕрс дӕ фыды, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзӕн+,

Бафӕрс зӕрӕдты, ӕмӕ дын ӕй радзурдзысты+.

 8 Иунӕг Стыр Хуыцау адӕмтыл бынтӕ куы уӕрста+,

Адамы фыртты кӕрӕдзийӕ куы хицӕн кодта+,

Уӕд адӕмтӕн сӕ арӕнтӕ сбӕрӕг кодта+,

Израилы фырттӕ цас сты, уымӕ гӕсгӕ+.

 9 Йегъовӕйӕн йӕ хай сты йӕ адӕм+,

Иаков – йӕ бынтӕ+.

10 Уый йӕ ссардта хурсыгъд быдыры+,

Ӕдзӕрӕг быдыры+, алырдыгӕй хъӕддаг сырдты ниуын кӕм хъуысы, уым.

Уый йӕ алырдыгӕй хъахъхъӕдта+ ӕмӕ йыл тыхсти+,

Хъахъхъӕдта йӕ цӕстыгагуыйау+.

11 Цӕргӕс йӕ лӕппынты ахстонӕй куыд ратӕхын кӕны,

Сӕ сӕрмӕ куыд фӕратӕх-батӕх кӕны+,

Йӕ базыртӕ куыд айвазы, йӕ лӕппынты куыд сисы

Ӕмӕ сӕ йӕ базыртыл куыд фӕхӕссы+,

12 Афтӕ Йегъовӕ дӕр кодта Иаковы+,

Ӕмӕ йемӕ ӕцӕгӕлон хуыцау нӕ уыд+.

13 Кодта йӕ зӕххы бӕрзӕндтыл+,

Ӕмӕ уый хордта зӕххы бӕркӕдтӕ+.

Лӕвӕрдта йын мыд къӕдзӕхӕй+,

Сой – фидар къӕдзӕхӕй+.

14 Лӕвӕрдта йын стурты царв ӕмӕ лыстӕг фосы ӕхсыр+,

Хӕрзхастдӕр фырытӕ,

Васайнаг фырытӕ, стӕй сӕгътӕ+

Ӕмӕ мӕнӕуы хуыздӕр+.

Ӕмӕ уый нызта сӕн, сӕнӕфсиры туг+.

15 Йешурун*+ куы снард, уӕд схивӕнд+,–

О, ды снард дӕ, фӕйнӕрдӕм фӕцыдтӕ, фырӕфсӕст бадӕ+,–

Ӕмӕ ныууагъта йе скӕнӕг Хуыцауы+,

Йӕ къух систа йӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхыл+.

16 Уыдон ӕй мӕсты кодтой+, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уымӕй+,

Ӕфхӕрдтой йӕ се ’лгъагдзинӕдтӕй+.

17 Уыдон нывӕндтӕ Хуыцауӕн нӕ хастой, фӕлӕ хӕйрӕджытӕн+,

Кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн+,

Ног хуыцӕуттӕн, ӕрӕджы чи фӕзынди, уыдонӕн+,

Уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн.

18 Ды ферох кодтай дӕ Къӕдзӕхы, чи дӕ ныййардта, уый+,

Рох кӕнын райдыдтай Хуыцауы, стыр рыстытимӕ дӕ чи ныййардта, уыцы Хуыцауы+.

19 Ӕмӕ Йегъовӕ уый куы федта, уӕд ын фенад сты+,

Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ чызджытӕ цы маст ӕвзарын кодтой, уый тыххӕй.

20 Гъемӕ загъта: „Мӕ цӕсгом сӕ бамбӕхсдзынӕн+,

Ӕмӕ йӕ фендзыстӕм, сӕ фӕстаг цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый+.

Уыдон сты хӕлд адӕм*,

Иузӕрдион чи нӕу, уыцы фырттӕ+.

21 Уыдон мӕ мӕсты кодтой, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн кӕй куывтой, уымӕй+.

Сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕн кӕй табу кодтой, уымӕй мын маст ӕвзарын кодтой+.

Гъемӕ ӕз дӕр, мӕ адӕм чи не сты, уыдоны фӕрцы афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзысты+,

Бафхӕрдзынӕн сӕ ӕнӕзонд адӕмы фӕрцы+.

22 Мӕ масты азарӕй ссыгъд пиллон арт+

Ӕмӕ судздзӕн суанг ингӕны*, тӕккӕ арфы+.

Уый аныхъуырдзӕн зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр зайы, уыдон+,

Ссудздзӕн хӕхты бындуртӕ+.

23 Бӕллӕхтӕ сыл ныккалдзынӕн+,

Мӕ фаттӕ сыл иууылдӕр рауадздзынӕн+.

24 Фырӕххормагӕй батайдзысты+, тӕфсӕг сӕ бадомдзӕн+,

Сӕфты къахыл ныллӕудзысты+.

Ӕз сыл сардаудзынӕн тугдзых сырдты+,

Рауадздзынӕн сыл, зӕххыл чи быры, уыцы маргджын хилджыты+.

25 Сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ+,

Сӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ урссӕр зӕрӕдтӕ+

Ӕддейӕ цагъды кӕндзысты хъамайӕ+,

Мидӕгӕй та – фыртӕссӕй+.

26 Ӕз хъуамӕ загътаин: „Алырдӕмты сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн+.

Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн“+.

27 Фӕлӕ ӕз хъуыды кодтон, знӕгтӕ мӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй кӕндзысты+,

Сӕ фыдгултӕ уыцы хъуыддаг сӕхирдыгонау кӕй бамбардзысты, ууыл+.

Науӕд уыдон загътаиккой: „Нӕ къух тыхджындӕр разынд+,

Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Йегъовӕ нӕ бакодта“+.

28 Уыдон сты ахӕм адӕм, ӕмӕ хъуыды нӕ кӕнынц+,

Ӕмбаргӕдзинад сӕм нӕй+.

29 Тӕхуды, ӕмӕ зондджын куы уаиккой!+ Уӕд уыдӕттыл ахъуыды кӕниккой+.

Ахъуыды кӕниккой, сӕ фӕстаг цӕмӕ цӕуы, ууыл+.

30 Цымӕ иуӕн йӕ бон у мин адӕймаджы фӕсурын

Ӕмӕ дыууӕйӕн – дӕс мины лидзӕг фӕкӕнын?+

Нӕу! Сӕ Къӕдзӕх сӕ ма ныууадзӕд*+

Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ се знӕгты къухмӕ ма раттӕд, ӕндӕр

31 (Уымӕн ӕмӕ махӕн цы Къӕдзӕх ис, уыдоны къӕдзӕх ахӕм нӕу+,

Ӕмӕ ууыл не знӕгтӕ дӕр сӕттынц)+.

32 Сӕ сӕнӕфсирбӕлас у Содомы сӕнӕфсирӕй,

Гоморрӕйы быдыртӕй+.

Сӕ сӕнӕфсир у маргӕйдзаг,

Сӕ цупӕлттӕ – маст+.

33 Сӕ сӕн у стыр кӕлмыты марг,

Кобрӕты сау марг+.

34 Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕнмӕ ӕвӕрд не сты?

Ме ’вӕрӕнты не сты мыхуырӕвӕрдӕй?+

35 Мастисӕг ӕз дӕн, цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн+.

Афон куы ’рцӕуа, уӕд сӕ къах фӕцуддзӕн+,

Уымӕн ӕмӕ се сӕфты бон ӕрхӕстӕг+,

Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тагъд-тагъд ӕрбацӕуы“+.

36 Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн+

Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+,

Уымӕн ӕмӕ фендзӕн, хъару сӕм кӕй нал ис

Ӕмӕ ма сӕ чи баззад, уыдон кӕй сты ӕнӕбон ӕмӕ тӕригъӕддаг.

37 Ӕмӕ уый зӕгъдзӕн: „Кӕм сты сӕ хуыцӕуттӕ+,

Сӕ ныфс кӕуыл дардтой, уыцы къӕдзӕх+,–

38 Сӕ нывӕндты фиу сын чи хордта+

Ӕмӕ сын сӕ кувинаг нозт, сӕ сӕн, чи нызта, уыдон?+

Уыдон сыстӕнт ӕмӕ уын баххуыс кӕнӕнт+.

Уыдон уын суӕнт ӕмбӕхсӕн бынат+.

39 Ныр ӕй базонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау+,

Ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕ кӕй нӕй+.

Маргӕ дӕр ӕз кӕнын ӕмӕ удӕгас дӕр ӕз кӕнын+.

Ӕз уӕззау цӕф фӕкӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕ дзӕбӕх дӕр скӕндзынӕн+,

Ӕмӕ мӕ къухӕй ничи никӕй байсдзӕн+.

40 Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сомы кӕнын+:

„Ӕз, удӕгас Хуыцау ӕнустӕм, сомы кӕнын мӕхицӕй“+.

41 Мӕ цӕхӕркалгӕ хъама куы сцыргъ кӕнон+

Ӕмӕ мӕ къух тӕрхон кӕнынмӕ куы ӕрӕвнала+,

Уӕд ме знӕгтӕй мӕ маст райсдзынӕн+,

Йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕн, цы ’мбӕлы, уый бакӕндзынӕн+.

42 Мӕ фаттӕ срасыг кӕндзынӕн тугӕй+,

Мӕрдты ӕмӕ уацайрӕгты тугӕй.

Мӕ хъама хӕрдзӕни лӕджы фыд+,

Ме знӕгты разамонджыты сӕртӕ“+.

43 Адӕмтӕ, цин кӕнут йӕ адӕмимӕ+,

Уымӕн ӕмӕ уый райсдзӕн йӕ лӕггадгӕнджыты туг+,

Йе знӕгтӕй райсдзӕн йӕ маст+

Ӕмӕ йӕ адӕмы зӕхх тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн».

44 Моисей ӕрбацыд ӕмӕ адӕмӕн ракодта ацы зарӕджы ныхӕстӕ+, йӕхӕдӕг ӕмӕ Оси*, Навины фырт+. 45 Ӕмӕ Моисей уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр ӕгас Израилы адӕмӕн куы ракодта, 46 уӕд сын загъта: «Абон уӕ цӕмӕй фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр уӕ зӕрдӕмӕ айсут+, цӕмӕй уӕ фырттӕн дӕр бафӕдзӕхсат, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын+. 47 Уыдон сымахӕн афтид ныхӕстӕ не сты+ – уыдонӕй кӕнгӕ у уӕ цард+, ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕрцы бирӕ фӕцӕрдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл»+.

48 Ӕмӕ уыцы бон Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 49 «Ссу, Аваримы+ цы хох ис, уымӕ, Невойы+ хохмӕ, Моавы зӕххыл Иерихоны акомкоммӕ чи ис, уымӕ, ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс, Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы Ханааны зӕххыл+. 50 Уый фӕстӕ амӕлдзынӕ, цы хохмӕ ссӕудзынӕ, ууыл, ӕмӕ баиу уыдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм+, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард+ ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕм куыд баиу, афтӕ, 51 уымӕн ӕмӕ мӕм сымах нӕ байхъуыстат+ Израилы фыртты раз Меривӕйы+ дӕтты цур, Кадесы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры. Сымах мын мӕ ном Израилы фыртты раз не срухс кодтат+. 52 Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхх дардӕй фендзынӕ, фӕлӕ уырдӕм цӕугӕ нӕ бакӕндзынӕ»+.

33 Моисей, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+, йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кодта+ Израилы фырттӕн ӕмӕ сын загъта ацы ныхӕстӕ. 2 Уый загъта:

«Йегъовӕ ӕрцыд Синайӕ+,

Сеирӕй сӕ йӕ рухсӕй ныррухс кодта+.

Фараны хӕхбӕстӕй хурау ракаст+.

Йемӕ уыдысты ӕнӕнымӕц рухс зӕдтӕ+,

Йӕ рахиз фарс уыдысты ӕфсӕддонтӕ+.

 3 Йӕ адӕм ын уыдысты зынаргъ+.

Уыцы сыгъдӕг адӕм иууылдӕр сты дӕ къухы+,

Уыдон сӕхи ӕруагътой дӕ къӕхты цур+

Ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм хъуыстой+,–

 4 Моисей нын радта закъон+,

Уый у Иаковы ӕмбырды исбон+.

 5 Адӕмы хистӕртӕ куы ӕрӕмбырд сты+

Ӕмӕ Израилы мыггӕгтӕ иууылдӕр+,

Уӕд Хуыцау Йешуруны сси паддзах+.

 6 Рувим цӕрӕд, макуы амӕлӕд+,

Ӕмӕ йӕ адӕм макуы фӕкъаддӕр уӕнт»+.

7 Иудӕйӕн та афтӕ раарфӕ кодта+:

«Фехъус, о Йегъовӕ, Иудӕйы хъӕлӕс+,

Ӕрбакӕн ӕй йӕ адӕммӕ.

Уый йӕхи къухтӕй тох кӕны, йӕхи цы у, уый сӕрыл.

Ӕххуыс ын кӕн йе знӕгтимӕ тох кӕнынӕн»+.

8 Левийы тыххӕй та загъта+:

«О Хуыцау, дӕ туммим ӕмӕ дӕ урим*+ сты, иузӕрдион дыл чи у, уыцы адӕймаджы+,

Массӕйы кӕй фӕлвӕрдтай, уый+.

Ды йемӕ быцӕу кодтай Меривӕйы дӕтты раз+.

 9 Уый йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды тыххӕй загъта: „Нӕ сӕ зонын“.

Суанг ӕм йе ’фсымӕртӕ дӕр нымады нӕ уыдысты+,

Йӕ фыртты фарс дӕр нӕ уыд.

Уый фидар хӕцыд дӕ ныхасыл+,

Ӕххӕст кодта дӕ бадзырд+.

10 Уадз бацамонӕд Иаковӕн дӕ тӕрхӕттӕ+

Ӕмӕ Израилӕн – дӕ закъон+.

Уадз ӕмӕ дын судзӕд буд, йӕ тӕф дӕ фындзыл куыд ӕмбӕла+,

Дӕ нывондхӕссӕныл дын хӕссӕд судзинаг нывӕндтӕ+.

11 О Йегъовӕ, раарфӕ кӕн йӕ хъаруйӕн+,

Йӕ хъуыддӕгтӕ дын ӕхсызгон уӕнт+.

Сӕ синтӕ ныппырх кӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн+

Ӕмӕ дзы йе сӕфт чи уыны, уыцы адӕмӕн, сӕ къӕхтыл куыд нал слӕууой»+.

12 Вениаминӕй та загъта+:

«Йегъовӕйӕн уарзон чи у, уый+ йӕм ӕдас бынат ссарӕд+,

Ӕнӕхъӕн бон ӕй дарӕд йӕ дӕлбазыр+,

Ӕмӕ йе уӕхсчыты ’хсӕн цӕрӕд»+.

13 Иосифӕй та загъта+:

«Йегъовӕ йын йӕ зӕххӕн алкӕддӕр арфӕ кӕнӕд+,

Дӕттӕд ын ӕртӕх – зынаргъ лӕвар арвӕй+,

Ӕмӕ арф дӕттӕ зӕххы бынӕй+,

14 Хуры зынаргъ лӕвӕрттӕ+,

Алы мӕйы хъӕздыг лӕвӕрттӕ, сӕ тыллӕг+,

15 Скӕсӕйнаг хӕхты хуыздӕр лӕвӕрттӕ+

Ӕмӕ ӕнусон къуыбырты зынаргъ лӕвӕрттӕ,

16 Зӕххы зынаргъ лӕвӕрттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркӕдтӕ+,

Сындзы къутӕры Чи фӕзынд, уый хорзӕх ӕй уӕд+.

Хайджын сӕ уӕд Иосиф+,

Йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый+.

17 Уый у фыццагзад галау рӕсугъд+,

Йӕ сыкъатӕ – хъӕддаг галы сыкъатӕ+.

Уый йӕ сыкъатӕй адӕмтыл фӕстӕмӕ ахӕцдзӕн+,

Се ’ппӕтыл дӕр ахӕцдзӕн суанг зӕххы кӕрӕттӕм.

Йӕ сыкъатӕ – Ефремы дӕсгай минтӕ+,

Йӕ сыкъатӕ – Манассийы минтӕ».

18 Завулонӕй та загъта+:

«Цин кӕн, Завулон, куы рацӕуыс, уӕд+.

Цин кӕн, Иссахар, дӕ цатырты+.

19 Уыдон адӕмты хондзысты хӕхтӕм.

Уым хӕсдзысты рӕстдзинады нывӕндтӕ+.

Уыдон сӕхи ӕфсаддзысты денджызты ӕнӕкӕрон хъӕздыгдзинӕдтӕй+

Ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй».

20 Гадӕй та загъта+:

«Арфӕгонд у, Гады арӕнтӕ чи уӕрӕхдӕр кӕны, уый+.

Гад цӕрдзӕн, домбай куыд цӕры, афтӕ+,

Ныппырх-иу кӕндзӕн йӕ амӕттагӕн йӕ къух, суанг йӕ тыл дӕр+.

21 Йӕхицӕн равзардзӕн хуыздӕр зӕхх+.

Уым ис закъонӕвӕрӕджы хай+.

Адӕмӕн сӕ хистӕртӕ ӕрӕмбырд уыдзысты,

Ӕмӕ уый архайдзӕн Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ,

Ӕххӕст ын кӕндзӕн йӕ тӕрхӕттӕ Израилы тыххӕй».

22 Данӕй та загъта+:

«Дан у домбайы лӕппын+.

Уый рагӕпп кӕндзӕн Васанӕй»+.

23 Неффалимӕй та загъта+:

«Неффалим ӕфсӕст у Йегъовӕйы хорзӕхӕй,

Дзаг у йӕ арфӕдзинӕдтӕй.

Бацахс ныгуылӕн ӕмӕ хуссар»+.

24 Асирӕй та загъта+:

«Асир у арфӕгонд, ис ын бирӕ фырттӕ+.

Уадз ӕмӕ йе ’фсымӕрты хорзӕх ссарӕд+

Ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сойы тулӕд+.

25 Ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы – дӕ кулдуары ӕхгӕнӕнтӕ+,

Цӕрӕнбонты уыдзынӕ ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕт.

26 Ничи у Йешуруны+ ӕцӕг Хуыцауы хуызӕн+.

Арвыл дӕм фӕцӕуы ӕххуысмӕ+,

Фӕцӕуы йе стыр кадимӕ ӕрвон мигътыл+.

27 Раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау у де ’мбӕхсӕн+,

Уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй+.

Де знӕгты дын дӕ разӕй фӕсурдзӕн+

Ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“+

28 Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй+,

Иаковы суадон – хибарӕй+,

Хор ӕмӕ ног сӕн кӕм ис, уыцы зӕххыл+.

Ӕмӕ йын арв дӕтдзӕн ӕртӕх+.

29 Куыд амондджын дӕ, Израил!+

Чи у дӕу хуызӕн?+

Сымах стут, Йегъовӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕмӕн у, уыцы адӕм+,

Уый у уе ’ххуысы уарт+

Ӕмӕ уе ’мбисонды хъама+.

Де знӕгтӕ дӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+,

Ӕмӕ сын сӕ бӕрзӕндтыл балӕгӕрддзынӕ»+.

34 Уый фӕстӕ Моисей Моавы быдыртӕй ссыд Невойы+ хохмӕ, Фасгӕйы+ хохы сӕрмӕ, Иерихоны+ акомкоммӕ чи ис, уыцы хохмӕ. Ӕмӕ йын Йегъовӕ уыцы зӕхх иууылдӕр равдыста: Галаад суанг Даны онг+, 2 Неффалимы зӕхх иууылдӕр, Ефремы ӕмӕ Манассийы зӕхх, Иудӕйы зӕхх иууылдӕр суанг ныгуылӕн денджызы+ онг, 3 Негев+ ӕмӕ Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ+, пальмӕбӕлӕсты горӕт+ Иерихоны дӕлвӕз, суанг Сигоры+ онг.

4 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ай у, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, дӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх+. Ӕз дын ӕй уый тыххӕй равдыстон, цӕмӕй йӕ дӕхи цӕстӕй фенай, уымӕн ӕмӕ ды уырдӕм нӕ бацӕудзынӕ»+.

5 Уый фӕстӕ Моисей, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг+, амарди уым, Моавы зӕххыл, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ+. 6 Ӕмӕ йӕ баныгӕдта* Моавы зӕххыл дӕлвӕзы, Беф-Фегоры+ раз, ӕмӕ йӕ ингӕн кӕм ис, уый абоны онг дӕр ничи зоны+. 7 Моисей куы амард, уӕд ыл цыди сӕдӕ дыууын азы+. Йӕ цӕстырухс не ’рлӕмӕгъ+ ӕмӕ йӕ хъару нӕ фӕцудыдта+. 8 Ӕмӕ Израилы фырттӕ Моисейыл ӕртын боны фӕкуыдтой Моавы быдыры+, ӕмӕ стӕй фесты Моисейыл кӕуыны ӕмӕ хъыг кӕныны бонтӕ.

9 Навины фырт Йесо хайджын уыди зондӕй+, уымӕн ӕмӕ йыл Моисей ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ+. Ӕмӕ йӕм Израилы фырттӕ райдыдтой хъусын ӕмӕ кодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ+. 10 Фӕлӕ Моисейы хуызӕн пехуымпар Израилы никуы уыд+, Йегъовӕ йӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зыдта+. 11 Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Египеты зӕххыл фараоны раз, йе ’ппӕт лӕггадгӕнджыты раз ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмы раз уый цас нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыста, уыйас ничи+, 12 стӕй ӕгас Израилы цӕстыты раз уый йӕ фидар къухӕй цы стыр ӕмӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ равдыста, ахӕмтӕ ничи+.

[Фиппаинӕгтӕ]

Кӕнӕ «мыггагӕн».

Комк. «фарны ныхӕстимӕ».

Кӕнӕ «Йӕ чырын уыд сау базальтӕй». Араббӕгтӕ ныр дӕр ма базальт ӕфсӕйнаг хонынц.

Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.

Комк. «чи баныхӕст».

Комк. «арвы зӕрдӕмӕ».

Кӕс Рц 34:28, фип.

Комк. «уӕларвон ӕфсад иууылдӕр».

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».

Ома хъӕдӕй, дурӕй, ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй.

Кӕнӕ «нӕ быхсын, ӕндӕр хуыцӕуттӕ дын уа, уый».

Кӕнӕ «хъӕуа-нӕхъӕуа ма дзур».

Кӕнӕ «Дзырдтӕ». Кӕс Рц 34:28, фип.

Комк. «фыртты».

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».

Нысан кӕны «фӕлварӕн».

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».

Комк. «арвы бынӕй».

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».

Комк. «ӕхсондур къӕдзӕхӕй».

Комк. «ӕнгуылдзӕй».

Комк. «арвы бынӕй».

Кӕнӕ «асыкк». Кӕс Рц 16:34, фип.

Ома дӕс амынды, кӕнӕ Дӕс фӕдзӕхсты.

Комк. «уӕ бӕрзӕй мауал хъӕбӕр кӕнут».

Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйӕн».

Комк. «ууыл баныхӕсай».

Комк. «хъуыди уӕ къӕхтӕй дон кӕнын». Ома-иу къӕхтӕй зылдтой донисӕн цалх кӕнӕ-иу скъахтой ӕмӕ-иу байгом кодтой доны къанӕуттӕ.

Комк. «ӕз», амоны Хуыцаумӕ.

Комк. «фырттӕн».

Комк. «ратт».

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй». Кӕс 10 ст. дӕр.

Кӕнӕ «уӕ ныхтӕ ма дасут».

Кӕнӕ «хъӕддаг сӕгъ».

Кӕс Лв 11:5, фип.

Уырыс. «гриф».

Доны маргъ, у стыр, йӕ къӕхтӕ сты бабызы къӕхты хуызӕн, цуан кӕны кӕсӕгтыл.

Комк. «дӕ къух ма сӕхгӕн».

Комк. «ӕппӕт уӕларвон ӕфсады».

Комк. «артыл чи ахизын кодта».

Комк. «йӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «йӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Кӕнӕ «чи нӕма снывонд кодта».

Комк. «йе сӕфт уыны».

Уӕды заман хӕдзӕрттӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ сӕртӕ уыдысты тъӕпӕн. Уым-иу фысымтӕ бадтысты сӕ уазджытимӕ, кодтой-иу дзы тезгъо кӕнӕ фынӕй дӕр.

Иу сикл у 11,4 г.

Комк. «уд куы амара»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «йӕ фыды фӕдджийыл ма схӕца».

Кӕнӕ «хъӕппытӕ».

Комк. «кувӕндоны кӕимӕ хӕтынц, ахӕм сылгоймаг».

Комк. «нӕлгоймӕгтӕ кувӕндоны ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕуынц, ахӕм нӕлгоймаг».

Ам, ӕвӕц., ныхас цӕуы, гыццыл лӕппутимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, ахӕм нӕлгоймагыл.

Ома, адӕймаг цӕмӕй цӕры, уый.

Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «йӕ фыды фӕдджийыл схӕцыд».

Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Буарыл чи фӕзыны, ахӕм низ.

Комк. «ам немӕ чи нӕй, уыдонимӕ».

Комк. «баныхӕсут».

Нысан кӕны «рӕстзӕрдӕ». У Израилы буц ном.

Комк. «фӕлтӕр».

Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.

Комк. «ауӕй кӕна».

Нысан кӕны «ирвӕзындзинад». Йесойы фыццаг ном.

Кӕс Рц 28:30, фип.

Ӕвӕц., Хуыцау.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын