Нымӕцтӕ
1 Ӕмӕ Йегъовӕ дарддӕр Моисеимӕ ныхас кодта Синайы ӕдзӕрӕг быдыры+, ӕмбырды цатыры*+, Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй дыккӕгӕм азы, дыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон+, ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр банымайут+ сӕ бинонтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ ныффыссут номгай, иугай, 3 дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы+ ӕмӕ хӕцынхъом чи у, уыдонӕй алкӕй дӕр+. Ныффыссут сӕ се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ – ды ӕмӕ Аарон.
4 Уемӕ ма ноджыдӕр хъуамӕ уа фӕйнӕ лӕджы алы мыггагӕй дӕр, алкӕцыдӕр дзы – хӕдзарвӕндаджы хистӕр+. 5 Мӕнӕ, чи уын ӕххуыс кӕндзӕн, уыдоны нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй+ Елицур+, Шедеуры фырт; 6 Симеоны мыггагӕй+ Шелумиил+, Цуришаддайы фырт; 7 Иудӕйы мыггагӕй+ Наассон+, Аминадавы фырт; 8 Иссахары мыггагӕй+ Нафанаил+, Цуары фырт; 9 Завулоны мыггагӕй+ Елиав+, Хелоны фырт; 10 Иосифы фырттӕй+: Ефремы мыггагӕй+ Елишамӕ, Амиуды фырт; Манассийы мыггагӕй+ та – Гамалиил, Педацуры фырт; 11 Вениамины мыггагӕй+ Авидан+, Гидеонийы фырт; 12 Даны мыггагӕй+ Ахиезер+, Амишаддайы фырт; 13 Асиры мыггагӕй+ Пагиил+, Охраны фырт; 14 Гады мыггагӕй+ Елиасаф+, Деуилы фырт+; 15 Неффалимы мыггагӕй+ Ахирӕ+, Енаны фырт. 16 Ацы лӕгтӕ ӕвзӕрст сты адӕмы ’хсӕнӕй, сты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ+ – Израилы минты сӕргъы чи лӕууы, уыдон»+.
17 Моисей ӕмӕ Аарон семӕ ракодтой, Хуыцау номгай кӕй ранымадта, уыцы лӕгты, 18 ӕмӕ дыккаг мӕйӕн йӕ дыккаг бон ӕрӕмбырд кодтой адӕмы се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фыст ӕрцыдысты+ номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд+, уыдон се ’ппӕт дӕр иугай нымад ӕрцыдысты, 19 Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Моисей сӕ ныффыста+ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры.
20 Рувимы фырттӕ+, Израилӕн йӕ хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр иугай нымад ӕрцыдысты. 21 Ӕмӕ, Рувимы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
22 Симеоны фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр иугай нымад ӕрцыдысты. 23 Ӕмӕ, Симеоны мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ лӕджы+.
24 Гады фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 25 Ӕмӕ, Гады мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон+ ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай лӕджы+.
26 Иудӕйы фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 27 Ӕмӕ, Иудӕйы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы+.
28 Иссахары фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 29 Ӕмӕ, Иссахары мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
30 Завулоны фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 31 Ӕмӕ, Завулоны мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
32 Иосифы байзӕддӕгтӕ, Ефремӕй+ чи рацыд, уыдон, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 33 Ӕмӕ, Ефремы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон+ ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
34 Манассийы байзӕддӕгтӕ+ фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 35 Ӕмӕ, Манассийы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ лӕджы+.
36 Вениамины фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 37 Ӕмӕ, Вениамины мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
38 Даны фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 39 Ӕмӕ, Даны мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ лӕджы+.
40 Асиры фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 41 Ӕмӕ, Асиры мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор иу мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
42 Неффалимы фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты. 43 Ӕмӕ, Неффалимы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
44 Адон сты, Моисей Ааронимӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртимӕ кӕй ныффыста, уыцы адӕм. Мыггӕгты хистӕртӕ уыдысты дыууадӕс, алчидӕр сӕ уыди йӕ хӕдзарвӕндаджы номӕй. 45 Израилы фырттӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон 46 ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕджы+.
47 Левиттӕ+ та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ иннӕ мыггӕгтимӕ фыст не ’рцыдысты+. 48 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 49 «Ӕрмӕст Левийы мыггаг ма ныффысс ӕмӕ сӕ Израилы иннӕ фырттимӕ ма банымай+. 50 Левитты бар бакӕн бадзырды* цатыр+, цатыры мигӕнӕнтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон+. Левиттӕ хӕсдзысты цатыр ӕмӕ цатыры мигӕнӕнтӕ иууылдӕр+ ӕмӕ лӕггад кӕндзысты+ цатыры раз. Сӕ цатыртӕ-иу хъуамӕ ӕрӕвӕрой бадзырды цатыры алыварс+. 51 Цатыр ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы бахъӕуа, уӕд-иу ӕй хъуамӕ левиттӕ райхалой+, ӕмӕ-иу цатыр фӕстӕмӕ ӕвӕрын куы бахъӕуа, уӕд-иу ӕй хъуамӕ левиттӕ сӕвӕрой. Ӕндӕр исчи цатырмӕ хӕстӕг куы бацӕуа, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын+.
52 Израилы фырттӕй-иу алчидӕр йӕ цатыр хъуамӕ ӕрӕвӕра, йӕ мыггаджы цатыртӕ кӕм хъуамӕ уой, уым, се ’фсӕдты къордтӕм гӕсгӕ – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы+. 53 Левиттӕ та-иу сӕ цатыртӕ хъуамӕ ӕрӕвӕрой бадзырды цатыры алыварс, цӕмӕй Израилы фырттӕм Хуыцауы маст ма ссудза+. Левиттӕ хъуамӕ лӕггад кӕной бадзырды цатыры раз»+.
54 Ӕмӕ Израилы фырттӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодтой+.
2 Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕй-иу алчидӕр хъуамӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕра, йӕ къорд кӕм уа, уым – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы+, сӕ хӕдзарвӕндӕгты амонӕн нысӕнтты раз. Сӕ цатыртӕ-иу хъуамӕ ӕрӕвӕрой ӕмбырды цатыры алыварс.
3 Хурыскӕсӕнырдыгӕй уыдзысты Иудӕйы къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы мыггаджы хистӕр у Наассон+, Аминадавы фырт. 4 Йе ’фсады ис ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 5 Йӕ фарсмӕ уыдзысты Иссахары мыггаджы цатыртӕ+. Иссахары мыггаджы хистӕр у Нафанаил+, Цуары фырт. 6 Йе ’фсады ис фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 7 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзысты Завулоны мыггаджы цатыртӕ. Завулоны мыггаджы хистӕр у Елиав+, Хелоны фырт. 8 Йе ’фсады ис фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
9 Иудӕйы къордӕй се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ ӕстай ӕхсӕз мин цыппарсӕдӕ лӕджы. Израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд-иу фыццаг хъуамӕ Иудӕйы къорд араст уа+.
10 Рувимы+ къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты хуссарырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Рувимы мыггаджы хистӕр у Елицур+, Шедеуры фырт. 11 Йе ’фсады ис цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 12 Йӕ фарсмӕ уыдзысты Симеоны мыггаджы цатыртӕ. Симеоны мыггаджы хистӕр у Шелумиил+, Цуришаддайы фырт. 13 Йе ’фсады ис фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ лӕджы, нымад чи ’рцыд, уыдон+. 14 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзысты Гады мыггаджы цатыртӕ. Гады мыггаджы хистӕр у Елиасаф+, Рагуилы фырт. 15 Йе ’фсады ис цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
16 Рувимы къордӕй се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ фӕндзай иу мин цыппарсӕдӕ фӕндзай лӕджы. Израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд-иу Рувимы къорд уыдзӕн дыккаг+.
17 Ӕмбырды цатыр ӕндӕр ранмӕ куы хӕссой+, уӕд левиттӕ+ хъуамӕ уой иннӕ къордты астӕу.
Сӕ цатыртӕ ӕвӕрд куыд уой, цӕугӕ дӕр хъуамӕ афтӕ акӕной+, алкӕцыдӕр сӕ хъуамӕ уа йӕхи бынаты, сӕ къордтӕм гӕсгӕ – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы.
18 Ефремы+ къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты ныгуылӕнырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Ефремы мыггаджы хистӕр у Елишамӕ+, Амиуды фырт. 19 Йе ’фсады ис цыппор мин фондзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 20 Йӕ фарсмӕ уыдзӕн Манассийы мыггаг+. Манассийы мыггаджы хистӕр у Гамалиил+, Педацуры фырт. 21 Йе ’фсады ис ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 22 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзӕн Вениамины мыггаг+. Вениамины мыггаджы хистӕр у Авидан+, Гидеонийы фырт. 23 Йе ’фсады ис ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
24 Ефремы къордӕй се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ аст мин сӕдӕ лӕджы. Израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд-иу Ефремы къорд уыдзӕн ӕртыккаг+.
25 Даны къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты цӕгатырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Даны мыггаджы хистӕр у Ахиезер+, Амишаддайы фырт. 26 Йе ’фсады ис ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 27 Йӕ фарсмӕ уыдзӕн Асиры мыггаг. Асиры мыггаджы хистӕр у Пагиил+, Охраны фырт. 28 Йе ’фсады ис цыппор иу мин фондзсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+. 29 Йӕ фарсмӕ ма ноджыдӕр уыдзӕн Неффалимы мыггаг+. Неффалимы мыггаджы хистӕр у Ахирӕ+, Енаны фырт. 30 Йе ’фсады ис фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ лӕджы, фыст чи ’рцыд, уыдон+.
31 Даны къордӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй сты сӕдӕ фӕндзай авд мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы. Ӕртыгай мыггӕгтӕ кӕм ис, уыцы къордтӕй Даны къорд араст уыдзӕн фӕстагмӕ»+.
32 Адон сты, Израилы фырттӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон. Се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ алы къордӕй дӕр фыст чи ’рцыд+, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕджы. 33 Левиттӕ та иннӕ израилӕгтимӕ фыст не ’рцыдысты+, Йегъовӕ Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. 34 Ӕмӕ Израилы фырттӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Сӕ цатыртӕ-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ къордтӕм гӕсгӕ – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы+, ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл цӕугӕ дӕр афтӕ кодтой+, алчидӕр йӕ бинонтимӕ, йӕ хӕдзарвӕндагимӕ.
3 Йегъовӕ Моисеимӕ Синайы хохыл куы ныхас кодта, уыцы рӕстӕгмӕ Аарон ӕмӕ Моисейӕ чи рацыд, уыдон* уыдысты+: 2 Аароны фырттӕ – йӕ хистӕр фырт Надав, стӕй Авиуд+, Елеазар+ ӕмӕ Ифамар+. 3 Адон уыдысты Аароны фырттӕ, сӕрст сауджынтӕ. Уыдонӕн сӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыд бартӕ, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кӕной+. 4 Фӕлӕ Надав ӕмӕ Авиуд амардысты Йегъовӕйы раз, Синайы ӕдзӕрӕг быдыры Йегъовӕйы размӕ, чи не ’мбӕлд, ахӕм зынг кӕй бахастой, уый тыххӕй+. Фырттӕ та сын нӕ баззад. Елеазар+ ӕмӕ Ифамар+ та дарддӕр дӕр сӕ фыд Ааронимӕ лӕггад кодтой сауджынтӕй.
5 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 6 «Ӕрбакӕн Левийы мыггаг+ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны раз ӕрлӕууын кӕн, ӕмӕ йын уыдон лӕггад кӕндзысты+. 7 Уыдон лӕггад кӕндзысты ӕмбырды цатыры раз ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕндзысты, Аароны раз ӕмӕ сыл ӕппӕт адӕмы раз цы хӕстӕ ис, уыдон. 8 Сӕ бар уыдзысты, ӕмбырды цатыры цы мигӕнӕнтӕ ис, уыдон иууылдӕр+, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕндзысты, Израилы фыртты раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон – лӕггад кӕндзысты цатыры раз+. 9 Левитты ратт Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн. Уыдон сты лӕвӕрд*, лӕвӕрд ын сты Израилы фырттӕй+. 10 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сӕвӕр сауджынтӕй, ӕмӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной сӕ хӕстӕ+. Ӕндӕр исчи кувӕн бынатмӕ хӕстӕг куы бацӕуа, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын»+.
11 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 12 «Израилы фырттӕй ӕз мӕхицӕн исын левитты, Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты+. Ӕмӕ левиттӕ уыдзысты мӕн, 13 уымӕн ӕмӕ алы фыццаггуырд дӕр мӕн у+. Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр цы бон ныццагътон, уыцы бон ӕз загътон+, цӕмӕй Израилы алы фыццаггуырды дӕр – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр – снывонд кӕной мӕнӕн+. Уыдон хъуамӕ уой мӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ».
14 Йегъовӕ Моисеимӕ дарддӕр ныхас кодта Синайы ӕдзӕрӕг быдыры+ ӕмӕ йын загъта: 15 «Ныффысс Левийы фыртты сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Хъуамӕ ныффыссай, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыцы нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр»+. 16 Ӕмӕ сӕ Моисей дӕр ныффыста, Йегъовӕ йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 17 Адон сты Левийы фырттӕ+: Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари+.
18 Гирсоны фырттӕ уыдысты Ливни ӕмӕ Шимей+, ӕмӕ уыдонӕй рацыд хӕдзарвӕндӕгтӕ.
19 Каафы фырттӕ+ уыдысты Амрам, Ицгар+, Хеврон ӕмӕ Узиил, ӕмӕ уыдонӕй рацыд хӕдзарвӕндӕгтӕ.
20 Мерарийы фырттӕ+ уыдысты Махли+ ӕмӕ Муши+, ӕмӕ уыдонӕй рацыд хӕдзарвӕндӕгтӕ.
Адон иууылдӕр сты левитты хӕдзарвӕндӕгтӕ.
21 Гирсонӕй рацыд Ливнийы хӕдзарвӕндаг+ ӕмӕ Шимейы хӕдзарвӕндаг+. Адон сты, Гирсонӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕ. 22 Сӕ нӕлгоймӕгтӕ, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдон се ’ппӕт дӕр+ фыст ӕрцыдысты ӕмӕ уыдысты авд мин фондзсӕдӕ+.23 Гирсонӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕ уыдысты цатырӕн фӕстӕрдыгӕй+. Сӕ цатыртӕ ӕвӕрд уыдысты ныгуылӕнырдыгӕй. 24 Гирсоны хӕдзарвӕндаджы хистӕр уыд Елиасаф, Лаелы фырт. 25 Гирсоны фыртты+ бар уыди ӕмбырды цатыр+, йе ’мбӕрзӕнтӕ+, цатыры бахизӕны ӕмбӕрзӕн+, 26 цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс чи ис, уыцы кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ+, кӕрты бахизӕны ӕмбӕрзӕн+ ӕмӕ цатыры бӕттӕнтӕ+ – уыцы лӕггадимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уый.
27 Каафӕй рацыд Амрамы хӕдзарвӕндаг, Ицгары хӕдзарвӕндаг, Хевроны хӕдзарвӕндаг, Узиилы хӕдзарвӕндаг ӕмӕ Каафы хӕдзарвӕндаг. Адон сты, Каафӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕ+. 28 Иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ уыдысты аст мин ӕхсӕзсӕдӕ. Уыдонӕн сӕ бар уыд сыгъдӕг бынат+. 29 Каафӕй рацӕугӕ хӕдзарвӕндӕгты цатыртӕ уыдысты цатырӕн йӕ хуссарварс+. 30 Каафӕй рацӕугӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕр уыд Елицафан, Узиилы фырт+. 31 Сӕ бар уыд+ бадзырды чырын+, стъол+, цырагъдарӕн+, нывондхӕссӕнтӕ+, сыгъдӕг бынаты лӕггадгӕнгӕйӕ кӕмӕй архайдтой, уыцы мигӕнӕнтӕ+, ӕмӕ, цатыры мидӕгӕй цы ӕмбӕрзӕн+ уыд ауыгъд, уый – уыцы лӕггадимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уый.
32 Левитты хистӕрты хистӕр уыди Елеазар+, сауджын Аароны фырт. Елеазар уыди, сыгъдӕг бынат кӕй бар уыд, уыдоны цӕстдарӕг.
33 Мерарийӕ рацыд Махлийы хӕдзарвӕндаг+ ӕмӕ Мушийы хӕдзарвӕндаг+. Адон сты, Мерарийӕ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕ+. 34 Сӕ нӕлгоймӕгтӕ, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фыст ӕрцыдысты ӕмӕ уыдысты ӕхсӕз мин дыууӕсӕдӕ+. 35 Мерарийӕ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны хистӕр уыди Цуриил, Авихаилы фырт. Уыдонӕн сӕ цатыртӕ уыдысты цатырӕн йӕ цӕгатварс+. 36 Мерарийы фыртты бар уыдысты цатыры фӕлгӕттӕ+, йӕ хъилтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ+, йӕ бынӕвӕрӕнтӕ* ӕмӕ йӕ мигӕнӕнтӕ иууылдӕр+ – уыцы лӕггадимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уый+, 37 стӕй кӕрты цӕджындзтӕ+, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ+, сӕ къӕбӕлтӕ ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ.
38 Ӕмбырды цатыры бахизӕны акомкоммӕ та, скӕсӕнырдыгӕй, уыдысты Моисейы, Аароны ӕмӕ йӕ фыртты цатыртӕ. Уыдонӕн сӕ бар уыди кувӕн бынат+, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кодтой, Израилы фыртты раз сыл цы хӕстӕ уыди, уыдон. Ӕндӕр исчи кувӕн бынатмӕ хӕстӕг куы бацыдаид, уӕд уыцы адӕймаджы хъуыди амарын+.
39 Моисей ӕмӕ Аарон Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ левиттӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ кӕй ныффыстой, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын дыууӕ мины.
40 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ныффысс Израилы фыццаггуырдты, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыцы нӕлгоймӕгты+, ӕмӕ сӕ банымай. 41 Ӕмӕ левитты райс мӕнӕн, Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты+, стӕй левиттӕн сӕ фос дӕр – Израилы фыртты фыццагзад нӕл фосы бӕсты+. Ӕз дӕн Йегъовӕ». 42 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Израилы фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр ныффыста. 43 Фыст чи ’рцыд, уыцы фыццаггуырдтӕ, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ.
44 Йегъовӕ ма Моисейӕн загъта: 45 «Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты райс левитты, Израилы фырттӕн сӕ фосы бӕсты та – левитты фос. Ӕмӕ левиттӕ уыдзысты мӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 46 Израилы фыццаггуырдтӕ левиттӕй сты дыууӕсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ адӕймаджы фылдӕр+, ӕмӕ сӕ балхӕнынӕн+ 47 алы адӕймаджы тыххӕй дӕр хъуамӕ райсай фӕйнӕ фондз сиклы*+, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй. Сиклы ис дыууын герӕйы+. 48 Ӕмӕ уыцы ӕхца хъуамӕ раттай Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, Израилы фыццаггуырдтӕ цал адӕймаджы фылдӕр сты, уал адӕймаджы тыххӕй». 49 Гъемӕ Моисей ӕрӕмбырд кодта ӕхца, Израилы фыццаггуырдтӕ левиттӕй цал адӕймаджы фылдӕр уыдысты, уал адӕймаджы тыххӕй. 50 Израилы фыццаггуырдты тыххӕй райста иу мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй. 51 Уый фӕстӕ Моисей уыцы ӕхцатӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
4 Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 2 «Левийы фырттӕй банымайут Каафы фыртты+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, 3 ӕртын азӕй+ фӕндзай азы онг кӕуыл цӕуы+, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны се ’ппӕты дӕр+.
4 Ӕмбырды цатыры Каафы фыртты лӕггад+ баст у, уӕлдай табуйаг цы у, уыдӕттимӕ. 5 Израилы фырттӕ, кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдыгӕй ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд хъуамӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕрбацӕуой, бадзырды чырыны раз цы ӕмбӕрзӕн+ ис конд, уый рафтауой ӕмӕ дзы бадзырды чырын*+ бамбӕрзой. 6 Стӕй йыл ӕрӕмбӕрздзысты фӕлмӕн сӕракӕй*+ конд ӕмбӕрзӕн, уый ӕддейӕ та – ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ чырыны хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдзысты.
7 Уый фӕстӕ, нывонд дзултӕ ӕвӕрд кӕуыл сты, уыцы стъолыл+ ӕрӕмбӕрздзысты ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл сӕвӕрдзысты тӕбӕгътӕ+, нуазӕн къустӕ, стӕй къустӕ+ ӕмӕ дурынтӕ кувинаг нозтӕн. Стъолыл ӕдзух цы дзултӕ+ вӕййы, уыдон дӕр хъуамӕ афтӕ уадзой. 8 Стӕй сыл ӕрӕмбӕрздзысты сырх-сырхид ӕмбӕрзӕн+, уый ӕддейӕ та – фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн+, ӕмӕ стъолы хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдзысты. 9 Уый фӕстӕ райсдзысты ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы бамбӕрздзысты цырагъдарӕн+, йӕ цырӕгътӕ+, йӕ ӕртыскӕнтӕ+, йӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн+ ӕмӕ йын йӕ цырӕгъты сой цы мигӕнӕнтӕй+ фӕкӕнынц, уыдон иууылдӕр. 10 Ӕмӕ цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон батухдзысты фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕны+ ӕмӕ сӕ хӕссӕныл сӕвӕрдзысты. 11 Сызгъӕрин нывондхӕссӕныл+ ӕрӕмбӕрздзысты ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, уый ӕддейӕ та – фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн+, ӕмӕ нывондхӕссӕны хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдзысты. 12 Уыдон райсдзысты, сыгъдӕг бынаты кӕмӕй фӕархайынц, уыцы мигӕнӕнтӕ+ иууылдӕр, ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕны сӕ батухдзысты, фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕнӕй+ сӕ бамбӕрздзысты ӕмӕ сӕ хӕссӕныл сӕвӕрдзысты.
13 Стӕй нывондхӕссӕнӕй сойӕдзаг фӕнык+ ракалдзысты ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕмбӕрздзысты тарсырх къуымбил ӕндахӕй конд ӕмбӕрзӕн. 14 Ӕрӕвӕрдзысты йыл, йӕ разы лӕггадгӕнгӕйӕ ӕдзух кӕмӕй фӕархайынц, уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр: зынгхӕссӕнтӕ, фыдисӕнтӕ, белтӕ ӕмӕ къустӕ – йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон+. Уӕлейӕ йыл ӕрӕмбӕрздзысты фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны хъилтӕ+ сӕ бынаты бавӕрдзысты.
15 Израилы фырттӕ, кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдыгӕй ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, цатыры+ цы дзауматӕ ӕмӕ цы мигӕнӕнтӕ+ ис, уыдон иууылдӕр куы бамбӕрзой, уӕд Каафы фырттӕ ӕрбацӕудзысты, цӕмӕй сӕ ахӕссой+. Фӕлӕ сыгъдӕг бынаты дзауматыл хъуамӕ ма андзӕвой+, цӕмӕй ма амӕлой. Ӕмбырды цатыры ацы дзауматӕ уыдзысты Каафы фыртты бар, уыдон сӕ хӕсдзысты+.
16 Елеазарӕн, сауджын Аароны фыртӕн, йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ хъус дара+ цырагъдарӕны соймӕ+, хӕрздӕф будмӕ+, алы бон дӕр кӕй фӕхӕссынц, уыцы хоры кувинагмӕ+ ӕмӕ сӕрмагонд соймӕ+. Уый хъуамӕ йӕ хъус дара цатырмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уымӕ: сыгъдӕг бынатӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ мигӕнӕнтӕм дӕр».
17 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмӕ загъта: 18 «Ма бауадз, цӕмӕй Каафы мыггӕгтӕ+ левитты ’хсӕнӕй сӕфт ӕрцӕуой. 19 Цӕмӕй, уӕлдай табуйаг чи у, уыцы дзауматӕм хӕстӕг ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, уый тыххӕй афтӕ бакӕн+: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр зӕгъӕнт, цы аразын ӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ цы хӕссын хъӕуы, уый. 20 Фӕлӕ табуйаг дзауматӕм хӕстӕг ма бацӕуӕнт, иу каст сӕм уӕддӕр бакӕнон, зӕгъгӕ, науӕд амӕлдзысты»+.
21 Стӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 22 «Банымай Гирсоны фыртты+ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 23 Ныффысс, ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цӕуы+, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны се ’ппӕты дӕр. 24 Мӕнӕ цы хъӕудзӕн Гирсоны мыггӕгты аразын ӕмӕ сӕ мӕнӕ цы хъӕудзӕн хӕссын+. 25 Уыдон хӕсдзысты цатыры ӕмбӕрзӕнтӕ+: ӕмбырды цатыры+ ӕмбӕрзӕн+, фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн+ ӕмӕ йӕ быны цы ӕмбӕрзӕн вӕййы, уый, ӕмбырды цатыры бахизӕны ӕмбӕрзӕн+, 26 цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс цы кӕрт ис, уымӕн йе ’мбӕрзӕнтӕ+, кӕрты бахизӕны ӕмбӕрзӕн+. Хӕсдзысты сын сӕ бӕттӕнтӕ, стӕй, лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъӕуы, уыдон ӕмӕ, кӕмӕй фӕархайынц, уыцы дзауматӕ иууылдӕр. Уый уыдзӕн сӕ лӕггад. 27 Гирсоны фыртты лӕггадӕн+, цыдӕриддӕр хӕсдзысты ӕмӕ цыдӕриддӕр араздзысты, уымӕн разамынд дӕтдзысты Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ+. Сӕ бар сын бакӕнут, цы хъуамӕ хӕссой, уыдон иууылдӕр. 28 Уый уыдзӕн Гирсоны мыггӕгтӕн+ сӕ лӕггад ӕмбырды цатыры, ӕмӕ сын сӕ лӕггадӕн разамынд дӕтдзӕн Ифамар+, сауджын Аароны фырт.
29 Ныффысс Мерарийы фыртты+ дӕр сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 30 Ныффысс, ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цӕуы, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны се ’ппӕты дӕр+. 31 Уыдонӕн та ӕмбырды цатыры лӕггадгӕнгӕйӕ мӕнӕ цы уыдзӕн сӕ хӕс+. Уыдон хӕсдзысты цатыры фӕлгӕттӕ+, йӕ хъилтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ+ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ+, 32 цатыры алыварс цы кӕрт ис, уымӕн йӕ цӕджындзтӕ+, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ+, сӕ къӕбӕлтӕ+, сӕ бӕттӕнтӕ ӕмӕ ма семӕ цы ис, уыдон иууылдӕр, сӕ лӕггадимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдон. Алкӕмӕн дӕр дзы зӕгъут, чи цы хӕсдзӕн, уый+. 33 Уый уыдзӕн Мерарийы мыггӕгтӕн+ сӕ лӕггад ӕмбырды цатыры, ӕмӕ сын сӕ лӕггадӕн разамынд дӕтдзӕн Ифамар, сауджын Аароны фырт»+.
34 Моисей, Аарон ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ+ ныффыстой Каафы фыртты+ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, 35 ӕртын+ азӕй фӕндзай азы+ онг кӕуыл цыд, йӕ бон ӕмбырды цатыры+ лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр. 36 Ӕмӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон уыдысты дыууӕ мин авдсӕдӕ фӕндзай лӕджы+. 37 Адон сты, Каафы мыггӕгтӕй фыст чи ’рцыд+, ӕмбырды цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдон иууылдӕр. Моисей ӕмӕ сӕ Аарон ныффыстой, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
38 Гирсоны фырттӕй+ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, 39 ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цыд, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд+, 40 сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын лӕджы+. 41 Адон уыдысты, Гирсоны мыггӕгтӕй фыст чи ’рцыд, ӕмбырды цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдон иууылдӕр. Моисей ӕмӕ сӕ Аарон ныффыстой Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ+.
42 Мерарийы фырттӕй сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, 43 ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цыд, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд+, 44 сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртӕ мин дыууӕсӕдӕ лӕджы+. 45 Адон уыдысты, Мерарийы мыггӕгтӕй фыст чи ’рцыд, уыдон. Моисей ӕмӕ сӕ Аарон ныффыстой, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+.
46 Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ левитты номхыгъды сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ кӕй ныффыстой, 47 ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цыд+, ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнгӕйӕ, йӕ бон уӕззау куыст кӕнын ӕмӕ цатыры дзауматӕ хӕссын кӕмӕн уыд+, 48 уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты аст мин фондзсӕдӕ ӕстай лӕджы+. 49 Моисей сӕ ныффыста Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, алчидӕр сӕ цы куыст кодта ӕмӕ цы хаста, уымӕ гӕсгӕ. Фыст ӕрцыдысты, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
5 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй, хъотыр кӕуыл ис+, йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+ ӕмӕ мардмӕ* бавналгӕйӕ йӕхи чи фӕчъизи кодта+, уыдоны се ’ппӕты дӕр цатырты ӕддӕмӕ арвитой. 3 Нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг – се ’ппӕты дӕр арвитут. Арвитут сӕ цатырты ӕддӕмӕ+, цӕмӕй, ӕз кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы адӕмы цатыртӕ+ ма фӕчъизи кӕной»+. 4 Ӕмӕ Израилы фырттӕ дӕр афтӕ бакодтой: цатырты ӕддӕмӕ сӕ арвыстой. Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ.
5 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 6 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Исчи, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, адӕм цы тӕригъӕдтӕ аразынц, ахӕм исты тӕригъӕд куы ракӕна ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы раз тӕригъӕд куы сараза, уӕд уыцы адӕймаг* уыдзӕн аххосджын+. 7 Ахӕм адӕймаг хъуамӕ йӕ тӕригъӕдыл басӕтта+ ӕмӕ хъуамӕ йӕ аххосы тыххӕй, цы зиан ракодта, уый тыххӕй, цы ӕмбӕлы, уый бафида ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр уымӕн йӕ фӕндзӕм хай бафтауа+. Хъуамӕ сӕ ратта, зиан кӕмӕн ракодта, уымӕн. 8 Фӕлӕ, зиан кӕмӕн ракодта, уыцы адӕймаг куы амӕла ӕмӕ йын ӕввахс хӕстӕг куы нӕ уа, йӕ аххосы тыххӕй кӕмӕн бафида, ахӕм, уӕд, йӕ аххосы тыххӕй Йегъовӕйӕн цы ратта, уый уыдзӕн сауджыны, йӕ тӕригъӕдӕй йӕ кӕй фӕрцы ссыгъдӕг кӕндзӕн, уыцы фыр сауджыны куыд у, афтӕ+.
9 Израилы фырттӕ сауджынмӕ цы сыгъдӕг+ кувинӕгтӕ+ хӕссой, уыдон иууылдӕр уыдзысты сауджыны+. 10 Алкӕй сыгъдӕг кувинаг дӕр уыдзӕн сауджыны. Алчидӕр сӕ сауджынмӕ цы ратта, уый хъуамӕ уа сауджыны“».
11 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 12 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Гӕнӕн ис, ӕмӕ искӕмӕн йӕ ус тӕригъӕд ракӕна, йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацӕуа+, 13 ӕндӕр лӕг йемӕ ӕмуат ӕрцӕуа*+, ӕмӕ йӕ йӕ лӕг ма базона+ ӕмӕ ма рахъӕр уа. Ӕмӕ кӕд йӕхи фӕчъизи кодта, ӕмӕ йӕ ничи федта ӕмӕ йӕ ничи баййӕфта, 14 фӕлӕ йӕм кӕд йӕ лӕджы зӕрдӕ фехсайдта+ ӕмӕ йыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, ӕмӕ ӕцӕгдӕр йӕхи фӕчъизи кодта, кӕнӕ йӕм кӕд йӕ лӕджы зӕрдӕ фехсайдта ӕмӕ йыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, фӕлӕ йӕхи нӕ фӕчъизи кодта, 15 уӕд хъуамӕ уыцы лӕг йӕ усы ӕрбакӕна сауджынмӕ+ ӕмӕ йын йемӕ ӕрбахӕсса йӕ кувинаг – ефӕйы* дӕсӕм хай хъӕбӕрхоры ссад. Ссадыл хъуамӕ сой ма рауадза ӕмӕ йыл урс буд+ дӕр ма ’ркӕна, уымӕн ӕмӕ уый у, лӕгӕн йӕ усмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй фехсайдта, уый тыххӕй хоры кувинаг, тӕригъӕд зӕрдыл чи лӕууын кӕны, ахӕм хоры кувинаг.
16 Сауджын уыцы сылгоймаджы размӕ ракӕндзӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕндзӕн+. 17 Сауджын ӕлыг мигӕнӕны райсдзӕн сыгъдӕг дон, стӕй цатыры зӕхбын пъолӕй сисдзӕн сыджыт ӕмӕ йӕ доны ныккалдзӕн. 18 Ӕмӕ сылгоймаджы Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕндзӕн, йӕ сӕрыхъуынтӕ йын райхалдзӕн ӕмӕ йын йӕ къухтыл ӕрӕвӕрдзӕн, лӕгӕн йӕ усмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй фехсайдта, уый тыххӕй хоры кувинаг, тӕригъӕд зӕрдыл чи лӕууын кӕны, уыцы хоры кувинаг+. Сауджыны къухы та уыдзӕн маст дон, ӕлгъыст чи ’фтауы, уыцы дон+.
19 Сауджын уыцы сылгоймаджы расомы кӕнын кӕндзӕн ӕмӕ йын зӕгъдзӕн: „Кӕд ӕндӕр лӕгимӕ ӕмуат не ’рцыдтӕ ӕмӕ, моймӕдзыд уӕвгӕйӕ+, тӕригъӕд нӕ ракодтай – чъизи ми нӕ бакодтай, уӕд дын ацы маст дон, ӕлгъыст чи ’фтауы, уыцы дон, ницы зиан ракӕндзӕн. 20 Фӕлӕ кӕд, моймӕдзыд уӕвгӕйӕ+, тӕригъӕд ракодтай – дӕхи фӕчъизи кодтай ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат ӕрцыд, уӕд...“+ 21 Сауджын сылгоймаджы расомы кӕнын кӕндзӕн, кӕд ахӕм ми бакодтон, уӕд ӕлгъыст фӕуон, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ сылгоймагӕн зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ дӕ дӕ адӕмӕн се ’лгъыстыты ӕмӕ сӕ сомыты дзуринаг фӕкӕнӕд, Йегъовӕ дын афтӕ бакӕнӕд, ӕнӕзӕнӕг куыд суай*+ ӕмӕ дӕ гуыбын куыд ныррӕсийа. 22 Ацы дон, ӕлгъыст чи ’фтауы, уыцы дон, дӕ хуылфмӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ дӕ гуыбын ныррӕсидзӕн ӕмӕ суыдзынӕ ӕнӕзӕнӕг“. Ӕмӕ сылгоймаг зӕгъдзӕн: „Аммен! Аммен!“
23 Сауджын уыцы ӕлгъыстытӕ чиныджы ныффысдзӕн+ ӕмӕ сӕ маст донӕй ӕрӕхсдзӕн+. 24 Ӕмӕ, ӕлгъыст чи ’фтауы, уыцы маст дон хъуамӕ сылгоймагӕн бануазын кӕна+. Дон йӕ хуылфмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ йын рыст бавзарын кӕндзӕн. 25 Сауджын сылгоймаджы къухтӕй райсдзӕн, лӕгӕн йӕ усмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй фехсайдта, уый тыххӕй хоры кувинаг+ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн, стӕй йӕ нывондхӕссӕны размӕ ӕрбахӕсдзӕн. 26 Сауджын уыцы хоры кувинагӕй иуцасдӕр райсдзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый фӕстӕ сылгоймагӕн уыцы дон бануазын кӕндзӕн. 27 Ӕмӕ кӕд йӕхи фӕчъизи кодта – йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд+, уӕд, ӕлгъыст чи ’фтауы, уыцы дон ын рыст бавзарын кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ гуыбын ныррӕсидзӕн ӕмӕ суыдзӕн ӕнӕзӕнӕг. Ӕмӕ уыцы сылгоймаг йӕ адӕмӕн се ’лгъыстыты дзуринаг фӕуыдзӕн+. 28 Фӕлӕ кӕд йӕхи нӕ фӕчъизи кодта, кӕд сыгъдӕг у, уӕд ӕй уыцы ӕфхӕрд нӕ баййафдзӕн+, ӕмӕ йӕ лӕгӕй басывӕрджын уыдзӕн.
29 Уый у закъон, лӕгӕн йӕ усмӕ йӕ зӕрдӕ куы фехсайа, уый тыххӕй+: сылгоймаг, моймӕдзыд уӕвгӕйӕ+, тӕригъӕд куы ракӕна+ ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна, 30 кӕнӕ йӕм йӕ лӕджы зӕрдӕ куы фехсайа ӕмӕ йыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд хъуамӕ йӕ усы Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕна, ӕмӕ сауджын, закъон куыддӕриддӕр дзуры, афтӕ бакӕндзӕн. 31 Ӕмӕ лӕг аххосджын нӕ уыдзӕн, ус та йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн“».
6 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Исчи, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сӕрмагонд дзырд куы ратта, Йегъовӕйы раз уыдзынӕн назорей*+, зӕгъгӕ, 3 уӕд хъуамӕ йӕхи хиза сӕн ӕмӕ карз нозтӕй. Ма нуазӕд нӕдӕр сӕнӕй конд дзмари*, нӕдӕр карз нозтӕй конд дзмари, нӕдӕр, сӕнӕфсирӕй цы нуазинӕгтӕ кӕнынц, уыдон+. Ма хӕрӕд сӕнӕфсир, хус сӕнӕфсир дӕр. 4 Цалынмӕ назорей уа, уӕдмӕ йын, сӕнӕфсирӕй цы аразынц, уыдӕттӕй ницы ис хӕрӕн, фӕнды цъӕх сӕнӕфсир уӕд, фӕнды йӕ цъӕрттӕ.
5 Назорей йӕ дзырд куы ӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕг йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+. Йегъовӕйӕн хибаргонд цы рӕстӕгмӕ у, уыцы рӕстӕг цалынмӕ нӕ фӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ма ӕлвына+ ӕмӕ уымӕй ӕвдиса, Хуыцауы сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый. 6 Йегъовӕйӕн хибаргонд цы рӕстӕгмӕ у, уыцы рӕстӕг хъуамӕ мардмӕ* хӕстӕг ма цӕуа+. 7 Йӕ фыд амӕла ӕви йӕ мад, йе ’фсымӕр ӕви йӕ хо, уӕддӕр хъуамӕ йӕхи ма фӕчъизи кӕна+, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕрыл ис, Хуыцауы раз назорей кӕй у, уый нысан.
8 Цалынмӕ назорей уа, уӕдмӕ Йегъовӕйы цӕсты уыдзӕн сыгъдӕг. 9 Фӕлӕ йӕ разы исчи ӕвиппайды куы амӕла+, ӕмӕ, назорей уӕвгӕйӕ, йӕ сӕр куы фӕчъизи кӕна, уӕд хъуамӕ, цы бон ӕй сыгъдӕг кӕной, уыцы бон йӕ сӕр адаса+. Хъуамӕ йӕ адаса ӕвдӕм бон. 10 Ӕстӕм бон та ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ сауджынмӕ хъуамӕ ӕрбахӕсса дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны+. 11 Ӕмӕ дзы сауджын иуы ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, ӕмӕ уыцы адӕймаджы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, мардмӕ* кӕй бавнӕлдта, уый тыххӕй фӕаххосджын. Ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ йӕхи* ссыгъдӕг кӕна. 12 Ӕмӕ ногӕй суыдзӕн Йегъовӕйы раз назорей+, ӕмӕ аххосы тыххӕй нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм фыркъа+. Уый размӕ назорей цас уыд, уыцы рӕстӕг нымад нал цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ, назорей уӕвгӕйӕ, йӕхи фӕчъизи кодта.
13 Ай у закъон назорейы тыххӕй. Цы рӕстӕгӕй загъта, уыдзынӕн назорей, зӕгъгӕ, уыцы рӕстӕг цы бон фӕуа+, уыцы бон ӕй ӕрбакӕндзысты ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ. 14 Ӕмӕ Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса йӕ кувинаг: афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат фыркъа судзинаг нывондӕн+, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм сыл уӕрыкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ иу ӕнӕсахъат фыр фарны нывондӕн+, 15 стӕй чыргъӕд соимӕ конд+ донгонд гуылтимӕ*, ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй+, ӕмӕ сойӕ сӕрст донгонд лауызтимӕ+, семӕ ма хъуамӕ уа хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр+. 16 Сауджын сӕ сӕвӕрдзӕн Йегъовӕйы раз ӕмӕ нывондӕн ӕрхӕсдзӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ йӕ судзинаг нывонд+. 17 Уый фӕстӕ сауджын фыры ӕрхӕсдзӕн Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн+ донгонд гуылты чыргъӕдимӕ иумӕ. Стӕй ӕрхӕсдзӕн хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр.
18 Назорей ӕмбырды цатыры бахизӕны раз йӕ сӕр адасдзӕн+ ӕмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ – назорей кӕй уыд, уый нысан – фарны нывонды бынмӕ цы арт судзы, уым баппардзӕн. 19 Назорей йӕ сӕр куы адаса, уӕд сауджын райсдзӕн доныфых+ фыры уӕн, чыргъӕдӕй сисдзӕн донгонд гуыл ӕмӕ донгонд лауыз+ ӕмӕ йын сӕ йӕ къухтыл ӕрӕвӕрдзӕн. 20 Сауджын сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. Уыцы кувинаг у табуйаг ӕмӕ у сауджыны, дыууӕрдӕм кӕй атилынц, уыцы риуыгуыдыр+ ӕмӕ рахиз агъд куыд сты, афтӕ+. Уый фӕстӕ, назорей чи уыди, уымӕн йӕ бон уыдзӕн сӕн нуазын+.
21 Назорейӕн йӕ бон куы уа, закъонмӕ гӕсгӕ+ йӕ цы кувинӕгтӕ хъӕуы ӕрхӕссын, уыдонӕй уӕлдай Йегъовӕйӕн ӕндӕр кувинӕгтӕ ӕрхӕссын ӕмӕ уый тыххӕй дзырд куы ратта, уӕд хъуамӕ, цы загъта, уый бакӕна. Уый у закъон назорейы тыххӕй“».
22 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 23 «Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн зӕгъ: „Израилы фырттӕн-иу арфӕ кӕнут+ афтӕ:
24 „Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд+ ӕмӕ дӕ йӕ базыры бын бакӕнӕд+.
25 Йегъовӕйы цӕсгомы рухс дӕм кӕлӕд+ ӕмӕ дын йӕ хорзӕхӕй бахай кӕнӕд+.
26 Йегъовӕ дӕм йе ’ргом раздахӕд+ ӕмӕ дын раттӕд фарн*“+.
27 Израилы фырттӕн хъуамӕ арфӕ кӕной мӕ номӕй+, цӕмӕй сын ӕз арфӕ кӕнон»+.
7 Моисей цатыр ӕвӕрд куы фӕци+, уӕд ӕй уыцы бон сойӕ байсӕрста+ ӕмӕ ссыгъдӕг кодта цатырӕн йӕхи ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр уыд, уыдон, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ мигӕнӕнтӕ иууылдӕр. Байсӕрста сӕ сойӕ ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта+. 2 Уӕд Израилы мыггӕгты хистӕртӕ+, сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, адӕм фыст куы цыдысты, уӕд уымӕ йӕ хъус чи дардта, уыдон, ӕрбахастой лӕвар+. 3 Сӕ лӕвар ӕрбахастой Йегъовӕйы размӕ. Уыди дзы ӕхсӕз ӕхгӕд уӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс галы: иу уӕрдон – дыууӕ хистӕры номӕй ӕмӕ алы хистӕры номӕй – иу гал. Ӕрбакодтой сӕ цатыры размӕ. 4 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 5 «Айс сӕ, уыдон хъӕудзысты ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнынӕн. Ратдзынӕ сӕ левиттӕн, байуардзынӕ сӕ, алчидӕр сӕ цы куыст кӕны, уымӕ гӕсгӕ».
6 Моисей айста уӕрдӕттӕ ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕ радта левиттӕн. 7 Дыууӕ уӕрдоны ӕмӕ цыппар галы радта Гирсоны фырттӕн – цы куыст кодтой, уымӕ гӕсгӕ+. 8 Цыппар уӕрдоны ӕмӕ аст галы та радта Мерарийы фырттӕн – цы куыст кодтой, уымӕ гӕсгӕ+. Разамынд сын лӕвӕрдта Ифамар, сауджын Аароны фырт+. 9 Каафы фырттӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ хӕс уыди сыгъдӕг бынаты дзауматӕ хӕссын+, ӕмӕ сӕ хъуамӕ хастаиккой сӕ уӕхсчытыл+.
10 Нывондхӕссӕн Хуыцауӕн куы нывонд кодтой+, куы йӕ хъуамӕ байсӕрстаиккой, уӕд мыггӕгты хистӕртӕ ӕрбахастой лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны раз ӕрӕвӕрдтой. 11 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Нывондхӕссӕн снывонд кӕныны номыл сӕ лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссӕнт радгай: иу бон – иу хистӕр, иннӕ бон – иннӕ»+.
12 Фыццаг бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Наассон+, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй. 13 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй+; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 14 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй+; 15 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 16 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 17 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Аминадавы фырт Наассоны лӕвар+.
18 Дыккаг бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Нафанаил+, Цуары фырт, Иссахары мыггаджы хистӕр. 19 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 20 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 21 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 22 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 23 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Цуары фырт Нафанаилы лӕвар.
24 Ӕртыккаг бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Завулоны мыггаджы хистӕр Елиав+, Хелоны фырт. 25 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн; 26 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 27 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 28 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 29 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Хелоны фырт Елиавы лӕвар+.
30 Цыппӕрӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Рувимы мыггаджы хистӕр Елицур+, Шедеуры фырт. 31 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 32 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 33 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 34 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 35 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Шедеуры фырт Елицуры лӕвар+.
36 Фӕндзӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Симеоны мыггаджы хистӕр Шелумиил+, Цуришаддайы фырт. 37 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 38 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 39 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 40 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 41 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Цуришаддайы фырт Шелумиилы лӕвар+.
42 Ӕхсӕзӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Гады мыггаджы хистӕр Елиасаф+, Деуилы фырт. 43 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 44 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй+; 45 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 46 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 47 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Деуилы фырт Елиасафы лӕвар+.
48 Ӕвдӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Ефремы мыггаджы хистӕр Елишамӕ+, Амиуды фырт. 49 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 50 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 51 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 52 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 53 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Амиуды фырт Елишамӕйы лӕвар+.
54 Ӕстӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Манассийы мыггаджы хистӕр Гамалиил+, Педацуры фырт. 55 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 56 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй+; 57 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 58 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 59 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Педацуры фырт Гамалиилы лӕвар+.
60 Фарӕстӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Вениамины мыггаджы хистӕр+ Авидан+, Гидеонийы фырт. 61 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 62 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 63 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 64 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 65 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Гидеонийы фырт Авиданы лӕвар+.
66 Дӕсӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Даны мыггаджы хистӕр Ахиезер+, Амишаддайы фырт. 67 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 68 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй; 69 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 70 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 71 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Амишаддайы фырт Ахиезеры лӕвар+.
72 Иуӕндӕсӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Асиры мыггаджы хистӕр Пагиил+, Охраны фырт. 73 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 74 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй+; 75 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+ 76 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 77 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Охраны фырт Пагиилы лӕвар+.
78 Дыууадӕсӕм бон йӕ лӕвар ӕрбахаста Неффалимы мыггаджы хистӕр Ахирӕ+, Енаны фырт. 79 Йӕ лӕвар уыд: иу ӕвзист тӕбӕгъ, йӕ уӕз сӕдӕ ӕртын сиклы, иу ӕвзист къус, йӕ уӕз ӕвдай сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; сӕ дыууӕ дӕр йедзаг уыдысты соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, хоры кувинагӕн+; 80 йӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыд, иу ахӕм гыццыл сызгъӕрин къус, йедзаг уыди будӕй+; 81 иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цыд, иу ахӕм нӕл уӕрыкк судзинаг нывондӕн+; 82 иу сӕныкк тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, 83 стӕй фарны+ нывондӕн дыууӕ галы, фондз фыры, фондз нӕл сӕгъы ӕмӕ фондз афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый уыди Енаны фырт Ахирӕйы лӕвар+.
84 Нывондхӕссӕн Хуыцауӕн куы нывонд кодтой, куы йӕ хъуамӕ байсӕрстаиккой, уӕд Израилы мыггӕгты хистӕртӕ+ ӕрбахастой ацы лӕвар+: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист къусы+, дыууадӕс гыццыл сызгъӕрин къусы. 85 Алы ӕвзист тӕбӕгъӕн дӕр йӕ уӕз уыди сӕдӕ ӕртын сиклы, алы ӕвзист къусӕн – ӕвдай сиклы; уыцы ӕвзист мигӕнӕнты уӕз ӕдӕппӕтӕй уыди дыууӕ мин цыппарсӕдӕ сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй+. 86 Буд цы дыууадӕс сызгъӕрин къусы+ уыди, уыдонӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ уӕз уыди дӕс сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй; уыцы сызгъӕрин къусты уӕз ӕдӕппӕтӕй уыди сӕдӕ дыууын сиклы. 87 Судзинаг нывондӕн+ ӕрбакодтой дыууадӕс уӕныджы, дыууадӕс фыры, дыууадӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы, семӕ уыди хоры+ кувинӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дыууадӕс сӕныччы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+. 88 Фарны+ нывондӕн ӕрбакодтой дыууын цыппар галы, ӕхсай фыры, ӕхсай нӕл сӕгъы ӕмӕ ӕхсай афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Ай уыди, нывондхӕссӕн Хуыцауӕн куы снывонд кодтой+, куы йӕ байсӕрстой+, уӕд кӕй ӕрхастой, уыцы лӕвар.
89 Моисей-иу ӕмбырды цатырмӕ Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ куы бацыд+, уӕд-иу хъуыста хъӕлӕс, уыцы хъӕлӕс-иу йемӕ ныхас кодта бадзырды чырыны* сӕрӕй+, дыууӕ херувимы ’хсӕнӕй+. Афтӕ Хуыцау ныхас кодта йемӕ.
8 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Цырагъдарӕны авд цырагъы-иу куы судзай, уӕд-иу сӕ афтӕ сӕвӕр, цӕмӕй цырагъдарӕны раз рухс уа“»+. 3 Ӕмӕ Аарон дӕр афтӕ кодта. Ссыгъта-иу цырӕгътӕ, цӕмӕй, цырагъдарӕн+ кӕм уыд, уыцы бынаты рухс уыдаид, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 4 Цырагъдарӕн конд уыди афтӕ: йӕ зӕнгӕй йӕ дидинджыты онг конд уыд куырды къухӕй+, конд уыди сызгъӕринӕй. Моисей цырагъдарӕн скодта, Йегъовӕ йын ӕй цӕстылуайӕны куыд равдыста, афтӕ+.
5 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 6 «Левитты ракӕн Израилы фыртты ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн+. 7 Ӕмӕ сӕ цӕмӕй ссыгъдӕг кӕнай, уый тыххӕй афтӕ бакӕн: бапырх сыл кӕн, тӕригъӕдӕй чи сыгъдӕг кӕны, уыцы дон+, ӕмӕ хъуамӕ сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныддасой+, сӕ уӕлӕдарӕс ныхсой+ ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной+. 8 Стӕй райсӕнт уӕныг+ ӕмӕ йемӕ хоры кувинаг+ – соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссад. Ды та райсдзынӕ ӕндӕр уӕныджы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+. 9 Ӕмӕ левитты ӕрлӕууын кӕн ӕмбырды цатыры раз ӕмӕ Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн+. 10 Левитты ӕрлӕууын кӕн Йегъовӕйы раз, ӕмӕ сыл+ Израилы фырттӕ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдзысты+. 11 Ӕмӕ Аарон левиттӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый у, кӕй батилынц+, ахӕм нывонд Израилы фырттӕй. Ӕмӕ уыдон лӕггад кӕндзысты Йегъовӕйӕн+.
12 Уый фӕстӕ левиттӕ сӕ къухтӕ уӕнгуыты сӕртыл ӕрӕвӕрдзысты+. Ӕмӕ уӕнгуытӕй иуы Йегъовӕйӕн ӕрхӕсдзынӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн, цӕмӕй левитты сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнай+. 13 Стӕй левитты ӕрлӕууын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый уыдзӕн, кӕй батилынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн. 14 Левитты Израилы фырттӕй рахицӕн кӕн, ӕмӕ левиттӕ уыдзысты мӕн+. 15 Уый фӕстӕ левиттӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ лӕггад кӕндзысты ӕмбырды цатыры+. Уӕдӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый уыдзӕн, кӕй батилынц, ахӕм нывонд+. 16 Уыдон сты лӕвӕрд, лӕвӕрд сты мӕнӕн Израилы фырттӕй+. Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты+ ӕз мӕхицӕн исын левитты, 17 уымӕн ӕмӕ Израилы алы фыццаггуырд дӕр мӕн у – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр+. Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр цы бон ныццагътон, уыцы бон ӕз загътон+, цӕмӕй Израилы алы фыццаггуырды дӕр снывонд кӕной мӕнӕн+. 18 Ӕмӕ ӕз левитты мӕхицӕн исын, Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты+. 19 Ӕз Израилы фырттӕй равзӕрстон левитты ӕмӕ сӕ дӕттын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. Уыдон лӕггад кӕндзысты ӕмбырды цатыры Израилы фыртты бӕсты+ ӕмӕ-иу сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзысты, цӕмӕй Израилы фырттӕ сыгъдӕг бынатмӕ хӕстӕг ма цӕуой ӕмӕ сыл бӕллӕх ма ’рцӕуа»+.
20 Ӕмӕ Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр левиттӕн афтӕ бакодтой. Йегъовӕ Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. 21 Левиттӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+ ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕс ныхсадтой. Уый фӕстӕ сын Аарон загъта, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый уыд, кӕй батилынц, ахӕм нывонд+. Стӕй сӕ Аарон сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодта+. 22 Ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ӕрбацыдысты левиттӕ, цӕмӕй ӕмбырды цатыры Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз лӕггад кӕной+. Йегъовӕ Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой адӕм.
23 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 24 «Мӕнӕ ай у уагӕвӕрд левитты тыххӕй: левит цатыры лӕггад кӕнын райдайдзӕн дыууын фондзаздзыдӕй. 25 Фӕндзай азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕд та йӕ лӕггад фӕуыдзӕн ӕмӕ нал лӕггад кӕндзӕн. 26 Йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд ӕмбырды цатыры сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг ма лӕггад кӕнӕд. Уӕдӕ кӕс, цӕмӕй левиттӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕной»+.
9 Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй дыккӕгӕм азы, фыццаг мӕйы+ Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фырттӕ ӕрцӕттӕ кӕнӕнт Куадзӕны+ нывонд йӕ нысангонд рӕстӕг+. 3 Хъуамӕ йӕ ӕрцӕттӕ кӕнат йӕ нысангонд рӕстӕг – ацы мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕ изӕры астӕу*+. Ӕрцӕттӕ йӕ кӕнут, Куадзӕны тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ, цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уыдонмӕ гӕсгӕ»+.
4 Ӕмӕ Моисей Израилы фырттӕн загъта, цӕмӕй Куадзӕны нывонд ӕрцӕттӕ кодтаиккой. 5 Ӕмӕ уыдон дӕр Куадзӕны нывонд ӕрцӕттӕ кодтой фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕ изӕры астӕу, Синайы ӕдзӕрӕг быдыры. Израилы фырттӕ бакодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
6 Ныр афтӕ рауад, ӕмӕ адӕмӕй чидӕртӕ мардмӕ*+ бавналгӕйӕ фӕчъизи сты, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди уыцы бон Куадзӕны нывонд ӕрцӕттӕ кӕнын. Гъемӕ уыцы бон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕрбацыдысты+ 7 ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Мардмӕ бавнӕлдтам, ӕмӕ фӕчъизи стӕм. Фӕлӕ ныр хъуамӕ афтӕ баззайӕм ӕмӕ нысангонд рӕстӕг Израилы фырттимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн нывонд ма ’рхӕссӕм?»+ 8 Уӕд сын Моисей загъта: «Ам фӕлӕуут. Ӕз ӕй базонон, Йегъовӕ мын сымах тыххӕй цы зӕгъдзӕн»+.
9 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 10 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Сымахӕй кӕнӕ уӕ байзӕддӕгтӕй исчи мардмӕ бавналгӕйӕ куы фӕчъизи уа+ кӕнӕ дард фӕндагыл куы уа, уӕд дӕр хъуамӕ ӕрцӕттӕ кӕна Куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн. 11 Хъуамӕ йӕ ӕрцӕттӕ кӕной дыккаг мӕйы+ цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕ изӕры астӕу. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ бахӕрой донгонд дзултимӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ+. 12 Райсоммӕ дзы мацы ныууадзӕнт+ ӕмӕ йын йе стджытӕй иу дӕр ма асӕттӕнт+. Хъуамӕ йӕ ӕрцӕттӕ кӕной, Куадзӕны тыххӕй цыдӕриддӕр уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ+. 13 Фӕлӕ кӕд адӕймаг сыгъдӕг уыди, кӕд фӕндагыл дӕр нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд не ’рцӕттӕ кодта, уӕд ӕй* фесафын хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн нысангонд рӕстӕг нывонд не ’рхаста. Уыцы адӕймаг дзуапп ратдзӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй+.
14 Уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг куы цӕра, уӕд уый дӕр хъуамӕ ӕрцӕттӕ кӕна куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн+. Хъуамӕ йӕ ӕрцӕттӕ кӕна, Куадзӕны тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ, цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уыдонмӕ гӕсгӕ+. Ӕрцӕуӕггагӕн дӕр ӕмӕ уын израилагӕн дӕр хъуамӕ уа иу закъон“»+.
15 Бадзырды* цатыр ӕвӕрд цы бон ӕрцыд+, уыцы бон цатыр ӕрӕмбӕрзта мигъ+, ӕхсӕвы та, суанг райсоммӕ, цатыры сӕрмӕ сыгъди арт+. 16 Ӕмӕ афтӕ уыди ӕдзухдӕр: бонӕй йӕ ӕмбӕрзта мигъ, ӕхсӕвы та йӕ сӕрмӕ сыгъди арт+. 17 Куыддӕр-иу мигъ цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд, афтӕ-иу Израилы фырттӕ араст сты сӕ фӕндагыл+, ӕмӕ-иу мигъ кӕм ӕрлӕууыд, уым-иу Израилы фырттӕ ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ+. 18 Израилы фырттӕ-иу сӕ фӕндагыл араст сты Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ-иу сӕ цатыртӕ дӕр ӕрӕвӕрдтой Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+. Мигъ-иу цатыры сӕрмӕ цал боны уыд, уал боны-иу нӕ систой сӕ цатыртӕ. 19 Мигъ-иу цатыры сӕрмӕ бирӕ бонты куы уыди, уӕд дӕр-иу Израилы фырттӕ хъуыстой Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ-иу дарддӕр нӕ ацыдысты+. 20 Иуӕй-иу хатт мигъ цатыры сӕрмӕ лӕууыд цалдӕр боны. Ӕмӕ-иу, сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уым лӕууыдысты Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ+, ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл дӕр араст сты Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ. 21 Иуӕй-иу хатт та мигъ+ лӕууыд изӕрӕй райсоммӕ. Райсомӕй та-иу хӕрдмӕ ссыд, ӕмӕ-иу адӕм сӕ фӕндагыл араст сты. Мигъ райсомӕй ссыдаид хӕрдмӕ ӕви ӕхсӕвы – адӕм-иу сӕ фӕндагыл араст сты+. 22 Мигъ цатыры сӕрмӕ цасфӕнды ма лӕууыдаид – дыууӕ боны, мӕй ӕви уымӕй дӕр фылдӕр,– Израилы фырттӕ-иу лӕууыдысты, сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уым ӕмӕ дарддӕр нӕ цыдысты. Фӕлӕ-иу мигъ хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд-иу сӕ фӕндагыл араст сты+. 23 Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ-иу лӕууыдысты, сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уым, ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл дӕр араст сты Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ. Уыдон хъуыстой Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ+ ӕмӕ сын Йегъовӕ Моисейы уылты цы дзырдта, уый арӕзтой+.
10 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 2 «Дӕхицӕн ӕвзистӕй скӕн дыууӕ уадындзы+. Хъуамӕ уой куырды къухӕй конд. Уыцы уадындзтӕ дын уыдзысты, цӕмӕй-иу сӕ уастӕй адӕмӕн фехъусын кӕнай+, иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕрӕмбырд уой кӕнӕ сӕ цатыртӕ кӕй хъуамӕ сисой. 3 Дыууӕ уадындзӕй дӕр-иу куы ныууасой, уӕд-иу дӕм адӕм иууылдӕр хъуамӕ ӕрӕмбырд уой ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ+. 4 Иуӕй куы ныууасой, уӕд та-иу дӕм хъуамӕ ӕрбамбырд уой Израилы адӕмы хистӕртӕ, минты сӕргъы чи лӕууы, уыдон+.
5 Уадындзтӕй-иу цалдӕр цыбыр уасты куы ныккӕнат, уӕд-иу, скӕсӕнырдыгӕй кӕй цатыртӕ сты+, уыдон хъуамӕ сӕ фӕндагыл араст уой. 6 Уадындзтӕй-иу дыккаг хатт цалдӕр цыбыр уасты куы ныккӕнат, уӕд-иу сӕ фӕндагыл хъуамӕ араст уой, хуссарырдыгӕй кӕй цатыртӕ сты, уыдон+. Алы къорды дӕр-иу йӕ фӕндагыл дарддӕр цӕуын куы хъӕуа, уӕд-иу алы хатт дӕр хъӕудзӕн уадындзтӕй цалдӕр цыбыр уасты ныккӕнын.
7 Адӕмы куы ӕмбырд кӕнат, уӕд дӕр-иу хъуамӕ уадындзтӕй ныууасат+, ӕрмӕст-иу цалдӕр цыбыр уасты ма ныккӕнут. 8 Уадындзтӕй+ хъуамӕ уасой Аароны фырттӕ, сауджынтӕ. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.
9 Уӕ зӕххыл-иу, чи уӕ ӕфхӕра, уыцы тыхгӕнӕгимӕ куы схӕцат+, уӕд-иу уадындзтӕй тохмӕ фӕсидут+, ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдыл ӕрлӕудзыстут ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн+.
10 Уӕ цины бонты+, уӕ бӕрӕгбӕтты+ ӕмӕ алы мӕйы райдайӕны+ дӕр хъуамӕ уадындзтӕй уасат уӕ судзинаг нывӕндты+ ӕмӕ уӕ фарны нывӕндты раз+. Уый фӕрцы-иу ӕрлӕудзыстут уӕ Хуыцауы зӕрдыл. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау»+.
11 Дыккӕгӕм азы, дыккаг мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууынӕм бон+, мигъ бадзырды* цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд+. 12 Ӕмӕ Израилы фырттӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй сӕ фӕндагыл араст сты, цы фӕтк сын уыди конд, уымӕ гӕсгӕ+, ӕмӕ цыдысты, цалынмӕ мигъ Фараны ӕдзӕрӕг быдыры не ’рлӕууыд, уӕдмӕ+. 13 Уӕд фӕндагыл араст сты фыццаг хатт, Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, Моисейы уылты сын куыд загъта, афтӕ+.
14 Фӕндагыл фыццаг араст Иудӕйы къорд, ӕртӕ мыггаджы се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. Иудӕйы ӕфсады сӕргъы уыд Наассон+, Аминадавы фырт. 15 Иссахары мыггаджы ӕфсады сӕргъы уыд Нафанаил+, Цуары фырт. 16 Завулоны мыггаджы ӕфсады сӕргъы уыд Елиав, Хелоны фырт+.
17 Цатыр куы райхӕлдтой+, уӕд араст сты Гирсоны фырттӕ+ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ+, цатыр чи хаста, уыдон.
18 Стӕй араст Рувимы къорд, ӕртӕ мыггаджы се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. Рувимы ӕфсады сӕргъы уыд Елицур+, Шедеуры фырт. 19 Симеоны мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Шелумиил+, Цуришаддайы фырт. 20 Гады мыггаджы ӕфсады сӕргъы уыд Елиасаф+, Деуилы фырт.
21 Уый фӕстӕ араст сты Каафы фырттӕ, кувӕн бынаты табуйаг дзауматӕ+ чи хаста, уыдон, уымӕн ӕмӕ се ’рцыдмӕ цатыр хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцыдаид.
22 Стӕй араст Ефремы къорд, ӕртӕ мыггаджы се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. Ефремы ӕфсады сӕргъы уыд Елишамӕ+, Амиуды фырт. 23 Манассийы мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Гамалиил+, Педацуры фырт. 24 Вениамины мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Авидан+, Гидеонийы фырт.
25 Уый фӕстӕ араст Даны къорд, ӕртӕ мыггаджы+. Уыдон фӕстӕрдыгӕй хъахъхъӕдтой+ мыггӕгты иууылдӕр. Даны ӕфсады сӕргъы уыд Ахиезер+, Амишаддайы фырт. 26 Асиры мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Пагиил+, Охраны фырт. 27 Неффалимы мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Ахирӕ+, Енаны фырт. 28 Афтӕ-иу араст сты Израилы фырттӕ се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+.
29 Уӕд Моисей йӕ каисы фырт Ховавӕн, мадиамаг Рагуилы фыртӕн+, загъта: «Мах цӕуӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕмӕй загъта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ+. Немӕ рацу, ӕмӕ дын хорзы цӕудзыстӕм+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ загъта, Израилӕн хорздзинӕдтӕй кӕй хай кӕндзӕн»+. 30 Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, уемӕ нӕ ацӕудзынӕн. Ӕз хъуамӕ ацӕуон мӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ+, мӕ хиуӕттӕм». 31 Уӕд ын Моисей загъта: «Курын дӕ, ма нӕ ныууадз. Ды йӕ зоныс, ӕдзӕрӕг быдыры цатыртӕ ӕрӕвӕрӕн кӕм ис, уый. Ды нын уыдзынӕ цӕстыты бӕсты. 32 Немӕ куы ацӕуай+, уӕд, Йегъовӕ махӕн хорздзинад куыд араздзӕн, афтӕ мах дӕр дӕуӕн араздзыстӕм хорздзинад».
33 Гъемӕ араст сты, Йегъовӕйы хох кӕм уыди, уырдыгӕй+ ӕмӕ фӕндагыл уыдысты ӕртӕ боны, ӕмӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕртӕ боны цыд сӕ разӕй ӕмӕ агуырдта, кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат+. 34 Кӕм-иу ӕрлӕууыдысты, уыцы бынатӕй-иу куы цыдысты, уӕд-иу бонӕй Йегъовӕйы мигъ+ уыди сӕ сӕрмӕ.
35 Бадзырды чырын-иу куы систой, уӕд-иу Моисей загъта: «Сыст, о Йегъовӕ, ӕмӕ де знӕгтӕ алырдӕмты ныппырх уӕнт+, йе сӕфт дӕ чи уыны, уыдон дӕ разӕй лидзӕг фӕуӕнт»+. 36 Бадзырды чырын-иу куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд та-иу загъта: «Раздӕх, о Йегъовӕ, Израилы мин-минтӕм»+.
11 Иуафон адӕм Йегъовӕйы раз сӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдтой+. Йегъовӕ уый куы фехъуыста, уӕд сӕм йӕ маст ссыгъд. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, кӕройнаг цатырты раз чи уыд, уыцы адӕмы ныхъуырын райдыдта+. 2 Уӕд адӕм Моисеймӕ фӕфӕдис сты, баххуыс нын кӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ Моисей Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ арт ахуыссыд. 3 Уыцы бынат схуыдтой Таверӕ*+, уымӕн ӕмӕ сыл уым Йегъовӕйӕ рацыд арт.
4 Се ’хсӕн алы адӕмыхӕттытӕй цы адӕм уыд+, уыдон сӕ хиуарзон фӕндтӕ ӕргом кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ та Израилы фырттӕ дӕр райдыдтой ӕрдиаг кӕнын ӕмӕ дзурын: «Чи нын ратдзӕн дзидза?+ 5 Египеты лӕвар хордтам+ кӕсаг, хордтам дзы джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ! 6 Ныр та нӕ уд удыл нал хӕцы. Ацы маннӕ йеддӕмӕ ницы уынӕм»+.
7 Маннӕ+ уыди киндзӕйы+ мыггӕгты хуызӕн, стӕй уыди бӕласы хӕрздӕф чъиуы хуызӕн+. 8 Адӕм-иу ацыдысты ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой+. Ӕрмгуыройӕ-иу ӕй ӕрыссадтой кӕнӕ-иу ӕй фӕхты ныммур кодтой, стӕй-иу ӕй кӕнӕ аджы сфыхтой+, кӕнӕ та-иу дзы скодтой дзултӕ. Маннӕ кодта соимӕ конд адджын гуылы ад+. 9 Цатыртӕ кӕм уыдысты, уым-иу ӕхсӕв ӕртӕх куы ’рбадт, уӕд-иу зӕххыл ӕрбадт маннӕ дӕр+.
10 Моисей фехъуыста, алчидӕр йӕ бинонтимӕ йӕ цатыры бахизӕны раз кӕй ӕрдиаг кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕйы маст тынг ссыгъд+, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Моисейы цӕсты уыдысты тынг ӕвзӕр+. 11 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ лӕггадгӕнӕджы ахӕм бӕллӕхы цӕмӕн баппӕрстай? Цӕуыл мӕм смӕсты дӕ, цӕмӕн мыл сӕвӕрдтай ахӕм уаргъ – ӕппӕт ацы адӕмы?+ 12 Ацы адӕмӕн ӕз исты сӕ мад дӕн? Ӕз сӕ ныййардтон? Мӕнӕн цӕмӕн зӕгъыс, сывӕллонгӕс дзидзидай сывӕллоны йӕ хъӕбысы куыд фӕхӕссы+, афтӕ сӕ дӕ хъӕбысы хӕсс+, зӕгъгӕ, сӕ фыдӕлтӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодтай, уырдӕм?+ 13 Кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон ӕз дзидза ӕппӕт ацы адӕмӕн? Кӕуынц ӕмӕ мын дзурынц, дзидза нын ратт, ӕмӕ бахӕрӕм, зӕгъгӕ. 14 Мӕ бон нӕу иунӕгӕй ахӕм уаргъ, ӕппӕт ацы адӕмы, хӕссын, ӕгӕр уӕззау мын у+. 15 Кӕд мын афтӕ кӕныс, уӕд мӕ фӕлтау амар+, кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд, ӕмӕ мӕ цы бӕллӕх баййӕфта, уый ма уынон».
16 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Израилы хистӕр лӕгтӕй ӕрӕмбырд кӕн ӕвдай лӕджы+, адӕмы хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ хицӕуттӕ чи сты, кӕй зоныс, ахӕмты+. Ӕрбакӕн сӕ ӕмбырды цатыры размӕ ӕмӕ уым демӕ иумӕ ӕрлӕууӕнт. 17 Ӕз ӕрцӕудзынӕн+ ӕмӕ уым демӕ ныхас кӕндзынӕн+. Ӕмӕ ды цы тыхӕй хайджын дӕ, уымӕй райсдзынӕн+ ӕмӕ дзы уыдоны схайджын кӕндзынӕн. Ӕмӕ дын уыдон ӕххуыс кӕндзысты ацы уаргъ, ацы адӕмы, хӕссынӕн, цӕмӕй йӕ иунӕгӕй ма хӕссай+. 18 Адӕмӕн та афтӕ зӕгъ: „Райсоммӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+, райсом ӕнӕмӕнг хӕрдзыстут дзидза. Йегъовӕйы раз афтӕ нӕ куыдтат+, чи нын ратдзӕн дзидза, Египеты нын куыд хорз уыди, зӕгъгӕ?+ Йегъовӕ уын ӕнӕмӕнг ратдзӕн дзидза. Ӕнӕмӕнгӕй дзидза хӕрдзыстут+. 19 Иу бон, дыууӕ боны, фондз боны, дӕс боны ӕмӕ дыууын боны нӕ хӕрдзыстут, 20 фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ фындзыхуынчъытӕй нӕ ракӕла ӕмӕ уын нӕ фенад уа, уӕдмӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ къух систат Йегъовӕйыл, уе ’хсӕн чи ис, ууыл, ӕмӕ йӕ разы куыдтат, цӕмӕн рацыдыстӕм Египетӕй, зӕгъгӕ“»+.
21 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Цы адӕмы ’хсӕн дӕн, уым ис ӕхсӕзсӕдӕ мин фистӕг лӕджы+, ды та афтӕ зӕгъыс: „Ӕз сын ратдзынӕн дзидза, ӕмӕ йӕ хӕрдзысты ӕнӕхъӕн мӕй!“ 22 Фысты дзугтӕ ӕмӕ сын стурты рӕгъӕуттӕ дӕр куы аргӕвдӕм, уӕд дӕр сын сфаг уыдзысты?+ Науӕд сын, денджызы цы кӕсаг ис, уый иууылдӕр куы ’рцахсӕм, уӕд дӕр сын сфаг уыдзӕн?»
23 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ау, Йегъовӕйы къух цыбыр у?+ Ныр ӕй фендзынӕ, цы дзурын, уый ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ»+.
24 Уый фӕстӕ Моисей рацыд ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы ныхӕстӕ радзырдта. Стӕй адӕмы хистӕр лӕгтӕй ӕвдай лӕджы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ цатыры алыварс ӕрлӕууын кодта+. 25 Ӕмӕ Йегъовӕ ӕрцыд мигъы+ ӕмӕ йемӕ дзурын райдыдта+. Стӕй, Моисей цы тыхӕй* уыд хайджын, уымӕй райста+ ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕр лӕгӕй алкӕй дӕр схайджын кодта. Ӕмӕ куыддӕр уыцы тыхӕй схайджын сты, афтӕ сӕхи пехуымпартау дарын райдыдтой. Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕхи афтӕ нал дардтой+.
26 Ныр хистӕр лӕгтӕй дыууӕйӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уым баззадысты. Иуӕн дзы йӕ ном уыди Елдад, иннӕмӕн та – Модад. Ӕмӕ уыдон дӕр уыцы тыхӕй схайджын сты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр иннӕтимӕ фыст уыдысты, ӕрмӕст ӕмбырды цатыры размӕ не ’рбацыдысты. Гъемӕ, цыма пехуымпартӕ уыдысты, сӕхи афтӕ дарын райдыдтой. 27 Уӕд иу лӕппу азгъордта ӕмӕ Моисейӕн фӕхабар кодта: «Цатыртӕ кӕм сты, уым Елдад ӕмӕ Модад сӕхи афтӕ дарынц, цыма пехуымпартӕ сты!» 28 Уӕд дын Навины фырт Йесо, йе ’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ Моисейы лӕггадгӕнӕг чи уыд+, уый, афтӕ куы бакӕнид: «Моисей, мӕ буц хицау, зӕгъ сын, цӕмӕй афтӕ ма кӕной!»+ 29 Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Мӕнӕн тӕрсыс, ӕви? Ма тӕрс. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр куы уаиккой пехуымпартӕ, Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр куы схайджын кӕнид йӕ тыхӕй!»+ 30 Фӕстӕдӕр Моисей Израилы хистӕр лӕгтимӕ ацыд, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм.
31 Уӕд Йегъовӕ дымгӕ+ сыстын кодта, ӕмӕ уыцы дымгӕ денджызӕй ӕрбахаста уӕрццытӕ+. Ӕмӕ сӕ ныккалдта, цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уыцы бынаты алыварс: иуырдӕм дӕр иу боны цыдӕн, ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр иу боны цыдӕн, зӕххӕй та уыдысты дыууӕ ӕлмӕрины* бӕрзӕндыл. 32 Ӕмӕ адӕм рацыдысты, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ ма иннӕ бон дӕр ӕмбырд кодтой уӕрццытӕ. Ӕппӕты къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕн уыдысты дӕс хомеры*+. Ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цатырты алыварс алы рӕтты равӕрдтой. 33 Ӕмӕ адӕмӕн дзидза нырма сӕ дӕндӕгты ’хсӕн уыди+, нырма йӕ нӕ баууылдтой, афтӕ сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цӕгъдын райдыдта, тынг сӕ фӕцагъта+.
34 Уыцы бынат схуыдтой Киброт-Гаттаавӕ*+, уымӕн ӕмӕ уым баныгӕдтой, йӕ хиуарзон фӕндтыл чи ацыд, уыцы адӕмы+. 35 Киброт-Гаттаавӕйӕ адӕм араст сты Асирофмӕ ӕмӕ уым, Асирофы, ӕрлӕууыдысты+.
12 Мариам ӕмӕ Аарон Моисейы ныхмӕ дзурын райдыдтой, йӕ ус Кушы бӕстӕйӕ кӕй уыди, уый тыххӕй+. 2 Ӕмӕ дзырдтой: «Исты Йегъовӕ ӕрмӕст Моисейы уылты дзуры? Мах уылты дӕр нӕ дзуры?»+ Йегъовӕ та сӕм хъуыста+. 3 Зӕххыл та Моисейы хуызӕн сабыр*+ адӕймаг нӕ уыд.
4 Уӕд Йегъовӕ ӕвиппайды Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамӕн загъта: «Уе ’ртӕ дӕр-ма ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбацӕут». Ӕмӕ ӕртӕйӕ дӕр ӕрбацыдысты. 5 Уый фӕстӕ Йегъовӕ ӕрцыди мигъы хуызӕн цӕджындзы+, ӕрлӕууыд цатыры бахизӕны раз ӕмӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ фӕдзырдта. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр размӕ рацыдысты. 6 Ӕмӕ сын загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, байхъусут мӕм. Уе ’хсӕн Йегъовӕйы пехуымпар куы фӕзыны, уӕд ын ӕз мӕхи раргом кӕнын цӕстылуайӕны+. Фыны+ фӕныхас кӕнын йемӕ. 7 Фӕлӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Моисеимӕ та хабар афтӕ нӕу!+ Мӕ адӕм* иууылдӕр уый бар сты+. 8 Ӕз йемӕ фӕныхас кӕнын лӕгӕй-лӕгмӕ+, ӕргом, фӕсномыг ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ+. Йегъовӕ фӕзыны йӕ цӕстыты раз+. Ӕмӕ уӕд куыд бауӕндыдыстут мӕ лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ, Моисейы ныхмӕ, дзурын?»+
9 Йегъовӕйы маст сӕм рафыхт, ӕмӕ уырдыгӕй ацыди. 10 Ӕмӕ мигъ цатырӕй хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд Мариамы буар хъотырӕй митау урс адардта+. Аарон ӕм куы фӕзылд, уӕд кӕсы, ӕмӕ Мариамыл хъотыр+. 11 Аарон уайтагъд Моисейӕн загъта: «Ныххатыр мын кӕн, мӕ буц хицау! Курын дӕ, не ’нӕзондӕй цы сарӕзтам, уый нын тӕригъӕдыл ма банымай!+ 12 Курын дӕ, ма йӕ ныууадз афтӕ! Йӕ буары ’рдӕг йӕ мады гуыбыны кӕмӕн бамбийы ӕмӕ мардӕй чи райгуыры, ахӕм сывӕллоны+ хуызӕн ма уӕд!» 13 Ӕмӕ Моисей Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта: «О Хуыцау, курын дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн! Лӕгъстӕ дын кӕнын, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»+
14 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кодтаид+, уӕд авд боны ӕгады бынаты нӕ уыдаид? Уадз ӕмӕ авд боны цӕра хибарӕй+, цатырты ӕдде+. Уый фӕстӕ-иу ӕрбаздӕхӕд»+. 15 Ӕмӕ Мариам авд боны царди хибарӕй, цатырты ӕдде+. Ӕмӕ цалынмӕ не ’рбаздӕхт, уӕдмӕ адӕм дарддӕр нӕ ацыдысты. 16 Уый фӕстӕ араст сты Асирофӕй+ ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Фараны ӕдзӕрӕг быдыры+.
13 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Арвит адӕмы, цӕмӕй басгарой Ханааны зӕхх, Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхх+. Алы мыггагӕй дӕр арвитут иу лӕджы, алчидӕр сӕ хъуамӕ уа йӕ мыггаджы хистӕртӕй»+.
3 Ӕмӕ сӕ Моисей дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ арвыста Фараны ӕдзӕрӕг быдырӕй+. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр уыдысты Израилы фыртты хистӕртӕ. 4 Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй Шаммуй, Заккуры фырт; 5 Симеоны мыггагӕй Сафат, Хорийы фырт; 6 Иудӕйы мыггагӕй Халев+, Йефоннийы фырт; 7 Иссахары мыггагӕй Игал, Иосифы фырт; 8 Ефремы мыггагӕй Оси*+, Навины фырт; 9 Вениамины мыггагӕй Фалти, Рафуйы фырт; 10 Завулоны мыггагӕй Гаддиил, Содийы фырт; 11 Иосифы мыггагӕй+ – Манассийы мыггагӕй+ – Гадди, Сусийы фырт; 12 Даны мыггагӕй Амиил, Гемаллийы фырт; 13 Асиры мыггагӕй Сефур, Михаилы фырт; 14 Неффалимы мыггагӕй Нахби, Вофсийы фырт; 15 Гады мыггагӕй Геуил, Махийы фырт. 16 Адон сты, Моисей Ханааны зӕхх басгарынмӕ кӕй арвыста, уыцы нӕлгоймӕгты нӕмттӕ. Навины фырт Осийы Моисей хуыдта Йесо*+.
17 Моисей сӕ Ханааны зӕхх сгарынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын загъта: «Ацӕут Негевмӕ+, уый фӕстӕ та-иу ссӕут хӕхбӕстӕм+. 18 Фенут, цавӕр зӕхх у+, цавӕр адӕм дзы цӕры: тыхджын сты ӕви лӕмӕгъ, бирӕ сты ӕви гыццыл. 19 Кӕм цӕрынц, уыцы зӕхх цавӕр у: хорз ӕви ӕвзӕр. Цавӕр сты, цы горӕтты цӕрынц, уыдон: цатырты цӕрынц ӕви фидаргонд горӕттӕ сты. 20 Стӕй базонут, йӕ зӕхх хъӕздыг у ӕви мӕгуыр+, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ. Ма-иу тӕрсут+ ӕмӕ-иу уыцы зӕххы дыргътӕй уемӕ рахӕссут». Уый та уыди, фыццаг сӕнӕфсир куы сцӕттӕ вӕййы, уыцы афон+.
21 Уыдон ацыдысты ӕмӕ басгӕрстой уыцы зӕхх Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй+ суанг Реховы онг+, Хаматы арӕнты онг+. 22 Схӕццӕ сты Негевмӕ+, уый фӕстӕ та ссыдысты Хевронмӕ+. Уым цардысты Енакы+ байзӕддӕгтӕ – Ахиман, Шешай ӕмӕ Фалмай+. Хеврон+ арӕзт ӕрцыд, Египеты цы Цоан+ ис, уымӕй авд азы раздӕр. 23 Ешколы дӕлвӕзмӕ+ куы ’рцыдысты, уӕд дзы ралыг кодтой сӕнӕфсиры къалиу иу цупалимӕ+. Ӕмӕ йӕ дыууӕ лӕгӕй хастой хъилыл ауыгъдӕй. Семӕ ма рахастой гранаттӕ+ ӕмӕ легъуитӕ дӕр. 24 Уыцы бынат схуыдтой Ешколы* дӕлвӕз+, Израилы фырттӕ дзы цы цупал ралыг кодтой, уый тыххӕй.
25 Цыппор боны фӕстӕ+, зӕхх сгӕрст куы фесты, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. 26 Ӕмӕ Фараны ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Кадесмӕ+ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ӕрбацыдысты Моисеймӕ, Ааронмӕ ӕмӕ Израилы фырттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын хабӕрттӕ ракодтой, стӕй сын равдыстой, уыцы зӕххыл цы дыргътӕ зайы, уыдон. 27 Уыдон Моисейӕн радзырдтой: «Кӕдӕм нӕ арвыстай, уыцы зӕхмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы ӕцӕгдӕр кӕлы ӕхсыр ӕмӕ мыд+, мӕнӕ адон та йӕ дыргътӕ+. 28 Фӕлӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон сты тыхджын, сӕ фидаргонд горӕттӕ сты тынг стыр+, стӕй дзы федтам Енакы байзӕддӕгты+. 29 Негевы+ зӕххыл цӕрынц амаликӕгтӕ+, хӕхбӕсты цӕрынц хеттӕ, йевусейтӕ+ ӕмӕ аморейтӕ+, денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты та цӕрынц ханаайнӕгтӕ»+.
30 Уӕд Халев+ адӕмы сабыр кӕнын байдыдта, цӕмӕй Моисеймӕ байхъуыстаиккой, ӕмӕ загъта: «Цомут ныртӕккӕ дӕр, ӕмӕ уыцы зӕхх бацахсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон у байсын»+. 31 Фӕлӕ йемӕ чи уыд, уыдон загътой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ рацӕуын нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон махӕй тыхджындӕр сты»+. 32 Ӕмӕ Израилы фырттӕн уыцы зӕххӕй ӕвзӕр+ йеддӕмӕ ницы дзырдтой: «Цы зӕхх сгарынмӕ ацыдыстӕм, уыцы зӕхх йӕ цӕрджыты ныхъуыргӕ кӕны, ӕмӕ дзы цы адӕмы федтам, уыдон иууылдӕр сты ӕнахуыр стыр+. 33 О, мах дзы федтам уӕйгуыты*, Енакы фыртты+, уӕйгуыты байзӕддӕгты. Ӕмӕ сӕ разы нӕхимӕ цъырцъырӕгты хуызӕн фӕкастыстӕм, ӕмӕ сӕ цӕсты дӕр цъырцъырӕгтӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм»+.
14 Уӕд адӕм иууылдӕр ӕрдиаг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв куыдтой ӕмӕ богъ-богъ кодтой+. 2 Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ сын адӕм иууылдӕр дзырдтой: «Фӕлтау Египеты куы амардаиккам, науӕд ацы ӕдзӕрӕг быдыры! 3 Цӕмӕ нӕ кӕны Йегъовӕ уыцы зӕхмӕ? Уым нӕ хъамайӕ куы фӕцӕгъддзысты!+ Нӕ устытӕ ӕмӕ нын нӕ сывӕллӕтты та сӕхицӕн акӕндзысты+. Фӕлтау Египетмӕ аздӕхӕм!»+ 4 Кӕрӕдзийӕн ма афтӕ дӕр дзырдтой: «Нӕхицӕн искӕй хицауӕй сӕвӕрӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхӕм!»+
5 Уӕд Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт Израилы адӕмы раз дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+. 6 Навины фырт+ Йесо ӕмӕ Йефоннийы фырт+ Халев та, уыдон дӕр уыдысты зӕхх сгарынмӕ, сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+ 7 ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн дзырдтой: «Цы зӕхх сгарынмӕ ацыдыстӕм, уый у тынг хорз зӕхх, тынг хорз+. 8 Кӕд Йегъовӕйӕн зынаргъ стӕм+, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн уыцы зӕхмӕ, ратдзӕн нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. 9 Ӕрмӕст Йегъовӕйы ныхмӕ ма цӕут+, стӕй ма тӕрсут уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй+, ӕнцонтӕй сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм*. Уыдонӕн хъахъхъӕнӕг нал ис+, немӕ та ис Йегъовӕ+. Ма сӕ тӕрсут»+.
10 Фӕлӕ адӕм иууылдӕр дзырдтой, дуртӕй сӕ амарӕм, зӕгъгӕ+. Уӕд ӕмбырды цатыры сӕрмӕ фӕзынд Йегъовӕйы кад ӕмӕ йӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр федтой+.
11 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы адӕмӕн ма бирӕ+ уыдзынӕн хынджылӕггаг?+ Се ’хсӕн уыйбӕрц диссӕгтӕ сарӕзтон, ӕмӕ мыл уӕддӕр не ’ууӕндынц. Кӕдмӕ кӕндзысты афтӕ?+ 12 Ӕз сыл фыдниз бафтаудзынӕн ӕмӕ сӕ бындзагъд фӕкӕндзынӕн, ӕмӕ дӕуӕй рауадздзынӕн ӕндӕр адӕм, адонӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр»+.
13 Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Уӕд уыцы хабар фехъусдзысты египетӕгтӕ, ацы адӕмы дӕ тыхы фӕрцы кӕй ’хсӕнӕй ракодтай, уыдон+. 14 Ӕмӕ уый тыххӕй радзурдзысты уыцы зӕххы цӕрджытӕн дӕр. Уыдон та йӕ фехъуыстой, ды, о Йегъовӕ, ацы адӕмы ’хсӕн кӕй дӕ+, ӕргом сӕм кӕй фӕзыныс+. Фехъуыстой йӕ, ды сын, о Йегъовӕ, сӕ сӕрмӕ мигъ кӕй ӕрлӕууын кӕныс ӕмӕ бонӕй сӕ разӕй мигъы хуызӕн цӕджындзы кӕй фӕцӕуыс, ӕхсӕвы та – арты хуызӕн цӕджындзы+. 15 Ацы адӕмы се ’ппӕты бындзагъд куы ныккӕнай+, уӕд, дӕ кады тыххӕй чи фехъуыста, уыцы адӕмтӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, 16 Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ баци ацы адӕмы, цы зӕххы тыххӕй сын расомы кодта, уыцы зӕхмӕ бакӕнын, ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры ныццагъта+. 17 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, курын дӕ, равдис де стыр тых+, афтӕ куы дзырдтай: 18 „Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр ӕмӕ фыдракӕнд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+, фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг“+. 19 Лӕгъстӕ дын кӕнын, ныххатыр кӕн ацы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд де стыр ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ, Египеты куы уыдысты, уӕдӕй нырмӕ сын куыд хатыр кодтай, афтӕ»+.
20 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Хорз, дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ сын хатыр кӕнын+. 21 Ӕмӕ дын сомы кӕнын, ӕз, удӕгас Хуыцау: ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы кадӕй+. 22 Фӕлӕ мын мӕ кад чи федта+, стӕй, Египеты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы диссӕгтӕ сарӕзтон+, уыдон дӕр, фӕлӕ мӕ уӕддӕр дӕс хатты чи фӕлвӕрдта+ ӕмӕ мӕм чи нӕ хъуыста+, 23 уыдон никуы фендзысты, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй тыххӕй расомы кодтон, уыцы зӕхх. О, ӕз хынджылӕггаг кӕмӕн дӕн, уыдонӕй йӕ иу дӕр нӕ фендзӕн+. 24 Мӕ лӕггадгӕнӕг Халевы+ та бакӕндзынӕн, кӕм уыд, уыцы зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕндӕр зондыл* хӕст уыд ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр каст мӕ коммӕ+, ӕмӕ уыцы зӕхх бауыдзӕн йӕ байзӕддӕгты+. 25 Дӕлвӕзы цӕрынц амаликӕгтӕ ӕмӕ ханаайнӕгтӕ+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ райсом иннӕрдӕм фӕзилут ӕмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацӕут»+.
26 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 27 «Ацы фыдзонд адӕм ма мыл бирӕ хъуыр-хъуыр кӕндзысты?+ Ӕз хъусын, Израилы фырттӕ мыл куыд хъуыр-хъуыр кӕнынц, уый+. 28 Зӕгъ сын афтӕ: „Ӕз дӕн удӕгас Хуыцау,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ-иу кӕсут, кӕд уын, мӕ разы куыддӕриддӕр дзырдтат, афтӕ нӕ бакӕнон!+ 29 Уӕ мӕрдтӕ баззайдзысты ацы ӕдзӕрӕг быдыры+ – фыст уӕ чидӕриддӕр ӕрцыд, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, чи мыл хъуыр-хъуыр кодта, уыдоны мӕрдтӕ+. 30 Сымах нӕ бацӕудзыстут, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ+ кӕй тыххӕй расомы кодтон, уым ӕз уемӕ цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ. Уырдӕм бацӕудзысты ӕрмӕстдӕр Халев, Йефоннийы фырт, ӕмӕ Йесо, Навины фырт+.
31 Ӕмӕ уырдӕм ӕнӕмӕнг бакӕндзынӕн уӕ сывӕллӕтты дӕр, афтӕ кӕмӕй загътат, сӕхицӕн сӕ акӕндзысты+, зӕгъгӕ, уыдоны, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах чи нӕ бахъуыд, уыцы зӕхх+. 32 Сымахӕн та уӕ мӕрдтӕ баззайдзысты ацы ӕдзӕрӕг быдыры+. 33 Уӕ фырттӕ цыппор азы ӕдзӕрӕг быдыры уыдзысты фыййӕуттӕ+ ӕмӕ дзуапп дӕтдзысты уӕ хӕтындзинады тыххӕй+, цалынмӕ уе ’ппӕт дӕр ӕдзӕрӕг быдыры нӕ баззайат, уӕдмӕ+. 34 Сымах цыппор боны+ сгӕрстат зӕхх, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп дӕтдзыстут цыппор азы+ – иу бонӕн аз, о, иу бонӕн аз+, цӕмӕй базонат, ӕнӕ мӕнӕй куыд у, уый+.
35 Ӕз, Йегъовӕ, зӕгъын, мӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы фыдзонд адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕд афтӕ нӕ бакӕнон+: ацы ӕдзӕрӕг быдыры ӕрцӕудзӕн сӕ кӕрон, ам ссардзысты сӕ мӕлӕт+. 36 Моисей зӕхх сгарӕг кӕй арвыста ӕмӕ, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ чи ницы радзырдта ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕппӕт адӕмы дӕр йӕ ныхмӕ чи скодта ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнын кӕй тыххӕй райдыдтой+, 37 о, уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ чи ницы радзырдта, уыдон дӕр амӕлдзысты, Йегъовӕйы фыдӕх сӕ баййафдзӕн+. 38 Зӕхх сгарӕг чи уыд, уыдонӕй удӕгасӕй баззайдзысты ӕрмӕстдӕр Йесо, Навины фырт, ӕмӕ Халев, Йефоннийы фырт“»+.
39 Моисей уыцы ныхӕстӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр куы радзырдта, уӕд адӕм хъарӕг ӕмӕ ӕрдиаг кӕнын райдыдтой+. 40 Ӕмӕ райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ сфӕнд кодтой хохмӕ ссӕуын. Уыдон дзырдтой: «Мах тӕригъӕд ракодтам. Ӕмӕ цомут, ссӕуӕм, Йегъовӕ цы бынатӕй загъта, уырдӕм»+. 41 Фӕлӕ сын Моисей загъта: «Цӕмӕн хизут Йегъовӕйы ныхасы сӕрты?+ Ницы уын рауайдзӕн. 42 Ма ацӕут, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ нӕй, уе знӕгтӕ уӕ ныппырх кӕндзысты+. 43 Амаликӕгтӕ ӕмӕ ханаайнӕгты+ ныхмӕ цӕут, ӕмӕ уӕ хъамайӕ фӕцӕгъддзысты, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы коммӕ нӕ кӕсут ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ нӕ уыдзӕн»+.
44 Фӕлӕ уыдон уӕддӕр уыцы ныфсхастӕй араст сты хохмӕ+. Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕмӕ Моисей та, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй нӕ фезмӕлыдысты+. 45 Уӕд уыцы хохыл цӕрӕг амаликӕгтӕ+ ӕмӕ ханаайнӕгтӕ бынмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ цӕгъдын байдыдтой ӕмӕ сӕ дӕрӕн кодтой суанг Хормӕйы онг+.
15 Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн афтӕ загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Цӕрынӕн уын цы зӕхх дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат+ 3 ӕмӕ Йегъовӕйӕн, артыл кӕй басудзынц+, ахӕм нывонд стуртӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй куы хӕссат, цӕмӕй йӕ тӕф Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уа+ – судзинаг нывонд+ уа ӕви, йӕ разы цы дзырд раттат, уый сӕххӕст кӕныны номыл кӕнӕ, уӕ зӕрдӕ кӕй зӕгъы, уый номыл+, науӕд нывонд уӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы+ куы хӕссат,– 4 уӕд, нывонд чи хӕссы, уый ма хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕсса хоры кувинаг дӕр: ӕппӕты хуыздӕр ссад+, ефӕйы дӕсӕм хай, сойы гины* цыппӕрӕм хаимӕ йӕ сызмӕнтӕд, афтӕмӕй. 5 Судзинаг нывондимӕ кӕнӕ, нывондӕн кӕй хӕссай, уыцы нӕл уӕрыччытӕй алкӕцыимӕ дӕр ӕрхӕсс кувинаг нозт+ – сӕн, гины цыппӕрӕм хай. 6 Нывондӕн фыр куы хӕссай, уӕд-иу ын йемӕ ӕрхӕсс хоры кувинаг: дыууӕ дӕсӕм хайы ӕппӕты хуыздӕр ссад, сызмӕнт ӕй соимӕ – гины ӕртыккаг хаимӕ. 7 Стӕй-иу ӕрхӕсс сӕн дӕр кувинаг нозтӕн, гины ӕртыккаг хай, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон.
8 Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн+ кӕнӕ, йӕ разы цы дзырд раттай, уый сӕххӕст кӕныны номыл+ кӕнӕ фарны нывондӕн уӕныг куы хӕссай+, 9 уӕд ма хъуамӕ ӕрхӕссай хоры кувинаг+ дӕр: ӕртӕ дӕсӕм хайы ӕппӕты хуыздӕр ссад, сызмӕнт ӕй соимӕ – гины ӕрдӕгимӕ. 10 Стӕй-иу ӕрхӕсс сӕн дӕр кувинаг нозтӕн+, гины ӕрдӕг, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинагӕн, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон. 11 Афтӕ бакӕнын хъӕуы алы галӕн дӕр, алы фырӕн дӕр, алы нӕл уӕрыккӕн дӕр ӕмӕ алы сӕгъӕн дӕр.12 Цасфӕнды фос ма хӕссай нывондӕн, алкӕцыйӕн дӕр дзы хъӕуы афтӕ бакӕнын. 13 Алы израилаг дӕр, артыл кӕй басудзынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй тӕф у+, ахӕм нывӕндтӕ куы хӕсса, уӕд сӕ хъуамӕ хӕсса афтӕ.
14 Уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у кӕнӕ уе ’хсӕн рагӕй чи цӕры, уый куы хӕсса, артыл кӕй басудзынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй тӕф у, ахӕм нывонд, уӕд уый дӕр хъуамӕ бакӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ+. 15 Сымахӕн, Израилы адӕмӕн, ӕмӕ уе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн уыдзӕн иу закъон+. Уый уыдзӕн закъон сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр. Йегъовӕйы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ уа, сымах куыд стут, афтӕ+. 16 Сымахӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр хъуамӕ уа уыцы иу закъӕттӕ ӕмӕ уыцы иу уынаффӕтӕ“»+.
17 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: 18 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Цы зӕхмӕ уӕ кӕнын, уырдӕм куы бацӕуат+ 19 ӕмӕ уыцы зӕххы цы хойраг ис, уый куы хӕрат+, уӕд-иу Йегъовӕйӕн кувинаг ӕрхӕссут. 20 Кувинагӕн-иу ӕрхӕссут, фыццаг кӕй ӕрыссат+, ахӕм ставд ссадӕй конд гуылтӕ. Ӕрхӕссут-иу ӕй, найгӕнӕн мусӕй кувинаг куыд ӕрхӕссут, афтӕ. 21 Фыццаг кӕй ӕрыссат, ахӕм ставд ссадӕй Йегъовӕйӕн кувинаг хӕссут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
22 Мыййаг куы фӕрӕдийат ӕмӕ куы нӕ сӕххӕст кӕнат, Йегъовӕ Моисейӕн кӕй загъта, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр+,– 23 Йегъовӕ уын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цы бон бафӕдзӕхста, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр ӕххӕстгӕнинаг чи у, уыдон,– 24 ӕмӕ уыцы рӕдыд ӕнӕрхъуыдыйӕ куы ӕрцӕуа арӕзт ӕмӕ адӕм уый тыххӕй куы нӕ зоной, фӕлӕ стӕй куы рабӕрӕг уа, уӕд адӕм иууылдӕр хъуамӕ судзинаг нывондӕн ӕрхӕссой уӕныг, цӕмӕй йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уа ӕхсызгон, ӕмӕ ма йемӕ хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозт дӕр, уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+. Стӕй ма хъуамӕ ӕрхӕссой сӕныкк дӕр тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+. 25 Ӕмӕ сауджын Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ сын хатыргонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фӕрӕдыдысты+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕрхастой, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг, стӕй Йегъовӕйӕн сӕ рӕдыды тыххӕй ӕрхастой тӕригъӕды тыххӕй нывонд. 26 Ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕт дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр хатыр уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ фӕрӕдыдысты.
27 Исчи* ӕнӕрхъуыдыйӕ тӕригъӕд куы сараза+, уӕд хъуамӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрхӕсса, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм сыл сӕныкк+. 28 Ӕмӕ сауджын хъуамӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕна, Йегъовӕйы раз ӕнӕрхъуыдыйӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаджы*, цӕмӕй йӕ уыцы рӕдыдӕй ссыгъдӕг кӕна, ӕмӕ йын хатыр уыдзӕн+. 29 Исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд уын уый фӕдыл хъуамӕ уа иу закъон: Израилы фырттӕй чи у, уыдонӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр+.
30 Фӕлӕ исчи* тӕригъӕд зонгӕ-зонын куы сараза+,– фӕнды израилаг уӕд, фӕнды ӕрцӕуӕггаг,– уӕд уый фауы Йегъовӕйы+, ӕмӕ йӕ хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 31 Уый ницӕмӕ ӕрдардта Йегъовӕйы ныхас+ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхсты сӕрты ахызт+, ӕмӕ йӕ* ӕнӕмӕнг хъӕуы фесафын+. Йӕ тӕригъӕд ис йӕхиуыл“»+.
32 Израилы фырттӕ ма ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд иу сабатбон+ иу лӕджы сугтӕ ӕмбырдгӕнгӕ федтой. 33 Ӕмӕ йӕ сугтӕ ӕмбырдгӕнгӕ чи федта, уыдон ӕй ӕрбакодтой Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы размӕ. 34 Ӕмӕ йӕ ахстӕй дардтой+, уымӕн ӕмӕ закъоны бӕлвырд загъд нӕ уыд, цы бакӕнын ын хъӕуы, уый тыххӕй.
35 Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын+, цатырты ӕдде йӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй амарӕнт»+. 36 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ йӕ адӕм иууылдӕр цатырты ӕддӕмӕ акодтой ӕмӕ йӕ дуртӕй фӕхостой, ӕмӕ амард.
37 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 38 «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ сӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл кӕной хаутӕ, хауты сӕрмӕ та-иу ауадзӕнт ӕрвхуыз бӕттӕн+. Зӕгъ сын: 39 „Уыцы хаутӕ ӕмӕ уын ӕрвхуыз бӕттӕн уый тыххӕй уыдзысты, цӕмӕй сӕ уынат ӕмӕ-иу Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр уӕ зӕрдыл ӕрлӕууой+ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, цӕмӕй уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстыты фӕдыл ма цӕуат+, уымӕн ӕмӕ, сӕ фӕдыл цӕугӕйӕ, сымах хӕтгӕ кӕнут+. 40 Уыцы фӕдзӕхст уый тыххӕй у, цӕмӕй мӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр уӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ уӕ Хуыцауы раз уат сыгъдӕг+. 41 Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“»+.
16 Корей+, Левийы фырт+ Каафӕн йӕ фырт+ Ицгары фырт+, ӕмӕ ма йемӕ Елиавы фырттӕ+ Дафан+ ӕмӕ Авирон+, стӕй Пелефы фырт Он, Рувимы байзӕддӕгтӕ+, баиу сты 2 ӕмӕ Моисеймӕ бацыдысты. Семӕ ма ноджыдӕр бацыд Израилы фырттӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы, адӕмы хистӕртӕ, адӕмы уынаффӕйы лӕгтӕ, номдзыд адӕм. 3 Гъе уыдон Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Ацы адӕм иууылдӕр сыгъдӕг сты+ ӕмӕ Йегъовӕ се ’хсӕн ис+. Ӕмӕ уӕд сымах уӕхи Йегъовӕйы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрут?»+
4 Моисей куыддӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыста, афтӕ дӕлгоммӕ ӕрхауд. 5 Уый фӕстӕ Корейӕн ӕмӕ йемӕ чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн загъта: «Райсомӕй Йегъовӕ равдисдзӕн, йӕхион чи у+, сыгъдӕг чи у+ ӕмӕ йӕ размӕ бацӕуыны бар кӕмӕн ис, уый+. Ӕмӕ, кӕй равзара+, уый-иу бацӕудзӕн йӕ размӕ. 6 Афтӕ бакӕнут: райсут зынгхӕссӕнтӕ+, ды, Корей, ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон+, 7 ӕмӕ райсом Йегъовӕйы раз уӕ зынгхӕссӕнты нывӕрут зынгтӕ, сӕ сӕрыл та сын ӕрӕвӕрут буд. Ӕмӕ Йегъовӕ кӕй равзара+, уый у сыгъдӕг адӕймаг. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы фырттӕ!»+
8 Уый фӕстӕ Моисей Корейӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, байхъусут мӕм, Левийы фырттӕ. 9 Фаг уын нӕу, Израилы Хуыцау уӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕй кӕй рахицӕн кодта+ ӕмӕ уӕ йӕ разы кӕй ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы цатыры лӕггад кӕнат, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы раз лӕууат ӕмӕ сын лӕггад кӕнат?+ 10 Фаг уын нӕу, дӕу дӕр ӕмӕ де ’фсымӕрты дӕр, Левийы фыртты се ’ппӕты дӕр, йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодта, уый, ӕмӕ ма хъуамӕ сауджынтӕ дӕр уат?+ 11 Ды ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон, сымах цӕут Йегъовӕйы ныхмӕ+. Аарон та чи у, цӕмӕй йыл хъуыр-хъуыр кӕнат?»+
12 Уый фӕстӕ Моисей арвыста Дафан ӕмӕ Авиронмӕ+, Елиавы фырттӕм, фӕлӕ уыдон загътой: «Мах никуыдӕм цӕуӕм!+ 13 Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххӕй нӕ кӕй ракодтай, цӕмӕй нӕ ам ӕдзӕрӕг быдыры амарай+, уый дын фаг нӕу, ӕмӕ ма нын дӕхи хицау дӕр кӕныс?+ 14 Бакодтай нӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы+, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ нын радтай бынӕн зӕххытӕ ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ? Ӕви ацы адӕмӕн сӕ цӕстытӕ ракъахинаг дӕ? Мах никуыдӕм цӕуӕм!»
15 Уӕд Моисей тынг смӕсты ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Ма сын айс сӕ хоры кувинӕгтӕ+. Ӕз уыдонӕй иу хӕрӕг дӕр никӕмӕй райстон ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй дӕр никӕмӕн ницы ракодтон»+.
16 Ӕмӕ стӕй Моисей Корейӕн загъта+: «Ды дӕр ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон дӕр – райсом хъуамӕ ӕрлӕууат Йегъовӕйы раз+. Ды дӕр, уыдон дӕр ӕмӕ Аарон дӕр. 17 Алчидӕр уӕ райсӕд йӕ зынгхӕссӕн, ӕрӕвӕрӕд ыл буд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ зынгхӕссӕн ӕрбахӕссӕд Йегъовӕйы размӕ – дыууӕсӕдӕ фӕндзай зынгхӕссӕны. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ зынгхӕссӕн ӕмӕ Аарон дӕр ӕрбахӕссӕд йӕ зынгхӕссӕн». 18 Гъемӕ сӕ зынгхӕссӕнтӕ райстой, зынгтӕ дзы нывӕрдтой, сӕ сӕрыл та сын ӕрӕвӕрдтой буд ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны раз слӕууыдысты. 19 Корей адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмбырды цатыры бахизӕны раз сӕ ныхмӕ куы сӕмбырд кодта+, уӕд фӕзынд Йегъовӕйы кад ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр федтой+.
20 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 21 «Иуварс ацӕут+ ацы адӕмӕй, ӕмӕ сӕ ӕз ныртӕккӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафдзынӕн»+. 22 Фӕлӕ уыдон дӕлгоммӕ ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, ӕппӕтӕн дӕр цард чи дӕтты+, уыцы Хуыцау, ныр иу адӕймаджы тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт адӕммӕ дӕр ссудза дӕ маст?»+
23 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 24 «Адӕмӕн зӕгъ: „Иуварс ацӕут Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй!“»+
25 Ӕмӕ Моисей ацыд Дафан ӕмӕ Авиронмӕ, йемӕ ацыдысты Израилы хистӕр лӕгтӕ+ дӕр. 26 Ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, ацы фыдадӕмы цатыртӕй иуварс ацӕут ӕмӕ, уыдоны цы у, уыдӕттӕй мацӕмӕ бавналут+, цӕмӕй сымах дӕр сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ма фесӕфат». 27 Ӕмӕ уыдон уайтагъд иуварс ацыдысты Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй. Дафан ӕмӕ Авирон та сӕ устытимӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ цатырты бахизӕнты раз слӕууыдысты+.
28 Ӕмӕ уӕд Моисей загъта: «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ мӕхи фӕндӕй кӕй нӕ кӕнын+, фӕлӕ мӕ Йегъовӕ кӕй рарвыста, уый базондзыстут афтӕ+: 29 кӕд ацы адӕм, ӕппӕт адӕм куыд мӕлынц, афтӕ амӕлой ӕмӕ, ӕппӕт адӕм цы ӕфхӕрд баййафынц, ахӕм ӕфхӕрд баййафой+, уӕд мӕ Йегъовӕ нӕ рарвыста+. 30 Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ ӕнӕрцӕугӕ хъуыддаг бакӕна+, ӕмӕ зӕхх фегом уа ӕмӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр аныхъуыра+ ӕмӕ ингӕнмӕ*+ удӕгасӕй ныццӕуой, уӕд ӕй базондзыстут, ацы адӕм Йегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дардтой»+.
31 Куыддӕр Моисей уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ къӕхты бын аскъуыд+. 32 Зӕхх фегом ӕмӕ сын аныхъуырдта сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ хӕдзаронты дӕр, Корейы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ дӕр иууылдӕр+. 33 Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сын чидӕриддӕр уыд, уыдон дӕр удӕгасӕй ныццыдысты ингӕнмӕ, ӕмӕ сӕ зӕхх бамбӕрзта+, ӕмӕ ӕмбырды ’хсӕнӕй фесӕфтысты+. 34 Сӕ алыварс чи уыд, уыцы израилӕгтӕ сын сӕ цъӕхахст куы фехъуыстой, уӕд иууылдӕр лидзынмӕ фесты ӕмӕ хъӕр кодтой, ныртӕккӕ зӕхх мах дӕр аныхъуырдзӕн, зӕгъгӕ+. 35 Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт+ ӕмӕ аныхъуырдта, йӕ размӕ буд чи бахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы+.
36 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 37 «Аароны Фырт Елеазарӕн зӕгъ, цӕмӕй, адӕм кӕм басыгъдысты, уыцы бынатӕй зынгхӕссӕнтӕ рахӕсса+. Зӕгъ ын, цӕмӕй сын сӕ зынг ныппырх кӕна уыцы ран, уымӕн ӕмӕ уыдон сты табуйаг мигӕнӕнтӕ, 38 о, тӕригъӕд чи ракодта ӕмӕ йӕхи чи бабын кодта+, уыдоны зынгхӕссӕнтӕ. Скӕнӕнт дзы тӕнӕг сыфтӕ нывондхӕссӕны фӕрстӕ бамбӕрзынӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы размӕ бахастой, ӕмӕ систы табуйаг мигӕнӕнтӕ. Уыдон Израилы фырттӕн уыдзысты нысанӕн“»+. 39 Уӕд сауджын Елеазар райста, чи басыгъд, уыцы адӕм Хуыцауы размӕ цы ӕрхуы зынгхӕссӕнтӕ бахастой+, уыдон, ӕмӕ сӕ ныххостой ӕмӕ дзы скодтой тӕнӕг сыфтӕ нывондхӕссӕнӕн цъар скӕнынӕн, 40 Йегъовӕ йын Моисейы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, цӕмӕй йӕ Израилы фырттӕ сӕ зӕрдыл дарой, ӕмӕ-иу ӕддагӕттӕй+, Аароны байзӕддӕгтӕй чи нӕу, уыдонӕй Йегъовӕйы раз буд ссудзынмӕ мачи бацӕуа+ ӕмӕ, Корей ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон куыд бакодтой, афтӕ мачи бакӕна+.
41 Фӕлӕ иннӕ бон Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл+: «Сымах ныццагътат Йегъовӕйы адӕмы!» 42 Ӕмӕ адӕм Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ куы сӕмбырд сты, уӕд ӕмбырды цатыры ’рдӕм азылдысты, ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ цатыр мигъ ӕрӕмбӕрзта ӕмӕ фӕзынд Йегъовӕйы кад+.
43 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты ӕмбырды цатыры размӕ+ 44 ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 45 «Ацы адӕмӕй иуварс ацӕут, ӕмӕ сӕ ӕз ныртӕккӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафдзынӕн»+. Уӕд уыдон дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+, 46 ӕмӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Райс зынгхӕссӕн, нывондхӕссӕнӕй дзы зынг нывӕр+, йӕ сӕрыл ын ӕрӕвӕр буд ӕмӕ тагъддӕр ацу адӕммӕ ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд+. Цӕгъдын сӕ райдыдта!» 47 Аарон дӕр зынгхӕссӕн фелвӕста, Моисей ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ ӕмбырды астӕумӕ азгъордта ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ адӕм цагъды кӕнынц. Ӕмӕ зынгхӕссӕны буд ӕрӕвӕрдта ӕмӕ райдыдта адӕмы сӕ тӕригъӕдӕй сыгъдӕг кӕнын. 48 Аарон лӕууыд мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн+. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг адӕм нал цагъды кодтой+. 49 Чи фӕцагъды, уыдон уыдысты цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы, Корейы тыххӕй чи амард, уыдонӕй уӕлдай. 50 Адӕм куы нал цагъды кодтой, уӕд Аарон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт Моисеймӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ.
17 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Зӕгъ Израилы фырттӕн ӕмӕ алы мыггагӕй дӕр райс иу лӕдзӕг+, райс сӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕй+, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ – дыууадӕс лӕдзӕджы. Ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ лӕдзӕгыл ныффысс йӕ ном. 3 Аароны ном ныффысс Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл, уымӕн ӕмӕ алы хӕдзарвӕндаджы хистӕры номӕй дӕр уыдзӕн иу лӕдзӕг. 4 Ӕмӕ сӕ сӕвӕр ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны раз*+, кӕм дӕм фӕзынын, уым+. 5 Ӕз кӕй равзарон+, уыцы адӕймаджы лӕдзӕг къуыбыр ракалдзӕн, ӕмӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ мыл Израилы фырттӕ нал хъуыр-хъуыр кӕндзысты+, ӕмӕ нал хъуыр-хъуыр кӕндзысты сымахыл дӕр»+.
6 Моисей загъта Израилы фырттӕн, ӕмӕ йын сӕ мыггӕгты хистӕртӕй алчидӕр радта иу лӕдзӕг алы хистӕры номӕй дӕр, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ – дыууадӕс лӕдзӕджы+. Ӕмӕ Аароны лӕдзӕг дӕр уыди се ’хсӕн+. 7 Ӕмӕ Моисей лӕдзджытӕ сӕвӕрдта Йегъовӕйы раз бадзырды* цатыры+.
8 Дыккаг бон Моисей бадзырды цатырмӕ куы бацыд, уӕд кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы номӕй чи уыд, уый, къуыбыр ракалдта, фӕзынд ыл дидинджытӕ ӕмӕ цӕттӕ миндалтӕ. 9 Ӕмӕ уӕд Моисей лӕдзджытӕ иууылдӕр Йегъовӕйы разӕй рахаста Израилы фыртты размӕ, уыдон сӕм ӕркастысты ӕмӕ дзы алчидӕр йӕхи лӕдзӕг райста.
10 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг+ фӕстӕмӕ бадзырды чырыны раз сӕвӕр. Уый хивӕнд фырттӕн+ уыдзӕн нысанӕн+, цӕмӕй мыл мауал хъуыр-хъуыр кӕной ӕмӕ ма амӕлой». 11 Ӕмӕ Моисей дӕр уайтагъд, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Раст афтӕ бакодта.
12 Ӕмӕ Израилы фырттӕ Моисейӕн дзурын райдыдтой: «Ныр иууылдӕр амӕлдзыстӕм, фесӕфдзыстӕм, не ’ппӕт дӕр фесӕфдзыстӕм+. 13 Йегъовӕйы цатырмӕ хӕстӕг чи бацӕуа+, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн!+ Ӕмӕ уӕд иууылдӕр хъуамӕ амӕлӕм?»+
18 Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ хӕдзарвӕндаг дзуапп дӕтдзыстут, кувӕн бынаты тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон исчи куы фехала, уӕд+. Ӕмӕ ды ӕмӕ дӕ фырттӕ дзуапп дӕтдзыстут, сауджынты лӕггады тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон исчи куы фехала, уӕд дӕр+. 2 Ӕрбакӕн де ’фсымӕрты, Левийы мыггаг, дӕ фыды мыггаг, цӕмӕй дӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ дын лӕггад кӕной+ бадзырды* цатыры раз, дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕн дӕр+. 3 Ӕмӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной, дӕ разы сыл цы хӕстӕ ис ӕмӕ цатыры цы хӕстӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уыдон+. Ӕрмӕст, сыгъдӕг бынаты цы мигӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма цӕуӕнт, цӕмӕй ма амӕлой+ – уыдон дӕр ӕмӕ сымах дӕр. 4 Хъуамӕ дӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ ӕххӕст кӕной, ӕмбырды цатыры сын цы хӕстӕ ис, уыдон, ома цатыры лӕггад кӕнынмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый. Ӕддагӕттӕй та уӕм хӕстӕг дӕр мачи ’рбацӕуӕд+. 5 Сыгъдӕг бынаты+ ӕмӕ уыл нывондхӕссӕны+ раз лӕггадгӕнгӕйӕ цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй Израилы фырттӕм Хуыцауы маст мауал ссудза+. 6 Ӕз уын уе ’фсымӕрты, левитты, райстон Израилы фырттӕй+, цӕмӕй сӕ сымахӕн лӕварӕн раттон+. Уыдон сты Йегъовӕйӕн лӕвӕрд, цӕмӕй ӕмбырды цатыры лӕггад кӕной+. 7 Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнат сауджынты хӕстӕ: хъуамӕ аразат, нывондхӕссӕны раз, стӕй ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы хъӕуы аразын, уыдӕттӕ+, ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кӕнут+. Ӕз уӕ ӕвӕрын сауджынтӕй, уый у лӕвар сымахӕн. Ӕндӕр исчи кувӕн бынатмӕ хӕстӕг куы бацӕуа, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын»+.
8 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Дӕ бар дын кӕнын, адӕм мын кувинагӕн цы хӕссой, уыдон+. Израилы фыртты кувинӕгтӕ иууылдӕр дӕттын дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн. Уый у уӕ хай ӕнустӕм+. 9 Уӕлдай табуйаг цы у, уыдонӕй, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, дӕ хай уыдзӕн: цы кувинӕгтӕ мын хӕссынц, уыдон иууылдӕр, ома сӕ хоры кувинӕгтӕ+, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ+ ӕмӕ аххосы тыххӕй нывӕндтӕ+. Уыдон дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн сты уӕлдай табуйаг. 10 Хъуамӕ сӕ хӕрай сыгъдӕг бынаты+. Хъуамӕ сӕ хӕра алы нӕлгоймаг дӕр+. Уыдон дӕуӕн сты табуйаг+. 11 Израилы фырттӕ сӕ кувинӕгтӕй+ цы хай рахицӕн кӕнынц, уый ӕмӕ, кӕй батилынц, уыцы кувинӕгтӕ+ дӕр сты дӕу. Ӕз сӕ дӕттын дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн ӕмӕ дӕ чызджытӕн+. Уыдон сты уӕ хай ӕнустӕм. Дӕ хӕдзары сыгъдӕг чи у, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр ис хӕрӕн+.
12 Сойы хуыздӕр, ног сӕны ӕмӕ хоры хуыздӕр – Йегъовӕйӕн кӕй дӕтдзысты+, уыцы фыццаг тыллӕг+ – дӕттын дӕуӕн. 13 Сӕ зӕхх цыдӕриддӕр дӕтта, уымӕй фыццаг тыллӕг, Йегъовӕйӕн кӕй хӕсдзысты, уый, уыдзӕн дӕу+. Дӕ хӕдзары сыгъдӕг чи у, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр ис хӕрӕн.
14 Израилы нывондгонд цыдӕриддӕр уа, уыдон уыдзысты дӕу+.
15 Йегъовӕйӕн кӕй нывонд кӕной, уыцы фыццаггуырдтӕ+ иууылдӕр, адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, уыдзысты дӕу. Фӕлӕ-иу фыццаггуырд лӕппуты хъуамӕ балхӕнай+, стӕй-иу хъуамӕ балхӕнай, сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм фыццагзад нӕл фос дӕр+. 16 Иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уымӕн хъуамӕ бафидай, йӕ аргъ цас у, уыйбӕрц – фондз сиклы ӕвзистӕй, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй+. Сиклы ис дыууын герӕйы+. 17 Ӕрмӕст-иу фыццагзад нӕл родты, фыццагзад нӕл уӕрыччыты ӕмӕ фыццагзад нӕл сӕныччыты ма балхӕн+. Уыдон сты табуйаг. Сӕ туг-иу+ сын хъуамӕ бапырх кӕнай нывондхӕссӕныл, сӕ фиу та-иу сын хъуамӕ басудзай, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинагӕн, цӕмӕй йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уа ӕхсызгон+. 18 Сӕ дзидза та уыдзӕн дӕу. Дыууӕрдӕм кӕй батилынц, уыцы риуыгуыдыр, стӕй рахиз агъд куыд сты дӕу, афтӕ уый дӕр уыдзӕн дӕу+. 19 Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн кӕй хӕссой, уыцы сыгъдӕг кувинӕгтӕ+ дӕттын дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн ӕмӕ дӕ чызджытӕн. Уый у уӕ хай ӕнустӕм+. Уый у фидар бадзырд* Йегъовӕйы ’хсӕн ӕмӕ дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты ’хсӕн ӕнустӕм»+.
20 Дарддӕр Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Сӕ зӕххыл дын нӕ уыдзӕн бынтӕ ӕмӕ дын се ’хсӕн нӕ уыдзӕн хай+. Ӕз дӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ бынтӕ Израилы фыртты ’хсӕн+.
21 Левийы фырттӕн сӕ лӕггады тыххӕй, ӕмбырды цатыры кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй, бынӕн дӕттын Израилы алы дӕсӕм+ хай дӕр. 22 Израилы фырттӕ ӕмбырды цатырмӕ хӕстӕг мауал бацӕуӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой+. 23 Ӕмбырды цатыры лӕггад кӕндзысты левиттӕ, ӕмӕ уыдон дзуапп дӕтдзысты адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй+. Ай у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр: Израилы фыртты ’хсӕн уын бынтӕ нӕ уыдзӕн+. 24 Ӕз левиттӕн бынӕн радтон дӕсӕм хай, Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн кӕй дӕттой, уый. Афтӕ дӕр сын уымӕн загътон, зӕгъгӕ, Израилы фыртты ’хсӕн уын бынтӕ нӕ уыдзӕн»+.
25 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 26 «Левиттӕн афтӕ зӕгъ: „Израилы фырттӕ уын дӕтдзысты дӕсӕм хай – уыцы хай ӕз уыдонӕй райстон ӕмӕ йӕ сымахӕн бынӕн радтон+. Ӕмӕ сымах уыцы дӕсӕм хайӕ хъуамӕ дӕсӕм хай дӕттат Йегъовӕйӕн+. 27 Ӕмӕ уын уый афтӕ нымад уыдзӕн, цыма уыцы хор уӕхи найгӕнӕн мусӕй райстат+ ӕмӕ уыцы сӕн уӕхи сӕндуцӕнӕй рацыд кӕнӕ уыцы сой уӕхи сойлӕмарӕнӕй ракалд. 28 Афтӕмӕй сымах уӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйӕн дӕтдзыстут мысайнаг, Израилы фырттӕ уын кӕй дӕттой, уыцы дӕсӕм хӕйттӕй. Йегъовӕйӕн мысайнагӕн цы дӕттат, уый-иу раттут Ааронӕн. 29 Цы лӕвӕрттӕ уын дӕттой, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уымӕй+, Йегъовӕйӕн дӕтдзыстут мысайнаг. Уыцы лӕвӕрттӕй уый уыдзӕн табуйаг“.
30 Зӕгъ сын: „Уыцы лӕвӕрттӕй, ӕппӕты хуыздӕр цы у+, уый мысайнагӕн куы дӕттат, уӕд дзы цы баззайа, уый та уыдзӕн сымах, левитты, найгӕнӕн мусӕй хор сымах куыд у, стӕй сӕндуцӕнӕй цы сӕн рацӕуы ӕмӕ сойлӕмарӕнӕй цы сой ракӕлы, уый куыд у сымах, афтӕ. 31 Хӕрут ӕй алкуыдӕр, сымах дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзаронтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уын уый у, ӕмбырды цатыры кӕй лӕггад кӕнут, уый тыххӕй+. 32 Уый тыххӕй уӕхи тӕригъӕды ма бафтаут, уыцы лӕвӕрттӕй мысайнагӕн дӕттут, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый, ӕмӕ ма фӕчъизи кӕнут Израилы фыртты кувинӕгтӕ, цӕмӕй ма амӕлат“»+.
19 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмӕ загъта: 2 «Мӕнӕ, Йегъовӕ цы закъон радта, уый: „Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй дын ӕрбакӕной ӕнӕсахъат сырх хъуг, хъӕндзинад кӕмӕ нӕй+ ӕмӕ ӕфсондз кӕуыл нӕ уыд, ахӕм+. 3 Уыцы хъуджы акӕнут сауджын Елеазармӕ, уый йӕ акӕндзӕн цатырты ӕддӕмӕ, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уым йӕ разы аргӕвдой. 4 Стӕй йын сауджын Елеазар йӕ туджы йе ’нгуылдз атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты бапырх кӕндзӕн ӕмбырды цатыры бахизӕны ’рдӕм+. 5 Уый фӕстӕ хъуджы хъуамӕ йӕ разы басудзой. Басудздзысты йын йӕ царм, йӕ дзидза, йӕ туг ӕмӕ йӕ фаджыс+. 6 Сауджын райсдзӕн кедры къалиу+, иссопы къалиутӕ+ ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхтӕ+ ӕмӕ сӕ баппардзӕн, хъуг кӕм судза, уыцы арты. 7 Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын. Фӕлӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
8 Хъуджы чи басудза, уый дӕр хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа+, ӕмӕ уый дӕр изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
9 Сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймаг хъуджы фӕнык+ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕвӕрдзӕн цатырты ӕдде сыгъдӕг бынаты. Уыцы фӕнык Израилы фырттӕн уыдзӕн сыгъдӕггӕнӕн дон аразынӕн+. Уый у тӕригъӕды тыххӕй нывонд. 10 Йӕ фӕнык ын чи ӕрӕмбырд кӕна, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
Уый Израилы фырттӕн ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн ӕнустӕм уыдзӕн закъон+. 11 Адӕймаджы* мардмӕ чи бавнала+, уый авд боны уыдзӕн чъизи+. 12 Ахӕм адӕймаг хъуамӕ ӕртыккаг бон йӕхи уыцы донӕй ссыгъдӕг кӕна+, ӕмӕ ӕвдӕм бон уыдзӕн сыгъдӕг. Фӕлӕ йӕхи ӕртыккаг бон куы не ссыгъдӕг кӕна, уӕд ӕвдӕм бон сыгъдӕг нӕ уыдзӕн. 13 Мардмӕ чи бавнала, чифӕнды* куы амӕла, уӕддӕр, ӕмӕ йӕхи чи не ссыгъдӕг кӕна, уый фӕчъизи кодта Йегъовӕйы цатыр+, ӕмӕ уыцы адӕймаджы* фесафын хъӕуы Израилӕй+. Уый у чъизи, уымӕн ӕмӕ йыл сыгъдӕггӕнӕн дон+ нӕ бапырх кодтой. Йӕ чъизи ис йӕ уӕлӕ+.
14 Мӕнӕ закъон, исчи цатыры куы амӕла, уый тыххӕй: цатырмӕ чи бацӕуа, уый дӕр ӕмӕ, цатыры чи уа, уый дӕр авд боны уыдзӕн чъизи. 15 Чъизи уыдзӕн алы гом мигӕнӕн дӕр+, йӕ уӕлӕ цы сӕр ис баст, уымӕй ӕхгӕд чи нӕ уа, ахӕм мигӕнӕн. 16 Стӕй быдыры исчи, хъамайӕ чи фӕмард, ахӕм адӕймагмӕ+ кӕнӕ мардмӕ кӕнӕ адӕймаджы стджытӕм+ кӕнӕ искӕй ингӕнмӕ куы бавнала, уӕд уый дӕр авд боны уыдзӕн чъизи. 17 Ӕмӕ, сыгъдӕг чи нӕу, уыцы адӕймаджы тыххӕй хъуамӕ ӕрбахӕссой, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕй цы фӕнык баззад, уымӕй, ныккалой йӕ мигӕнӕны ӕмӕ йыл суадоны дон рауадзой. 18 Стӕй, сыгъдӕг чи у+, ахӕм адӕймаг хъуамӕ райса иссопы къалиутӕ+, доны сӕ атула ӕмӕ дзы хъуамӕ бапырх кӕна цатыр, мигӕнӕнтӕ иууылдӕр ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоны*. Хъуамӕ дзы бапырх кӕна, стджытӕм, кӕнӕ, чи фӕмард, уымӕ, кӕнӕ мардмӕ, кӕнӕ искӕй ингӕнмӕ чи бавнӕлдта, уый дӕр. 19 Сыгъдӕг чи у, уый, сыгъдӕг чи нӕу, уыцы адӕймагыл уыцы донӕй хъуамӕ бапырх кӕна ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон, ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕвдӕм бон тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕна+. Ӕмӕ уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕры уыдзӕн сыгъдӕг.
20 Фӕлӕ, сыгъдӕг чи нӕу, уыцы адӕймаг йӕхи куы не ссыгъдӕг кӕна, уӕд ӕй* фесафын+ хъӕуы ӕмбырды ’хсӕнӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕчъизи кодта Йегъовӕйы кувӕн бынат. Уыцы адӕймагыл сыгъдӕггӕнӕн донӕй нӕ бапырх кодтой. Уый у чъизи.
21 Ай сын уыдзӕн закъон ӕнустӕм: адӕймагыл сыгъдӕггӕнӕн донӕй чи бапырх кӕна, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ бакӕна, сыгъдӕггӕнӕн донмӕ чи бавнала, уый дӕр. Уыцы адӕймаг изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 22 Сыгъдӕг чи нӕу, уыцы адӕймаг цӕмӕ бавнала, уый уыдзӕн чъизи+, ӕмӕ цӕмӕ бавнӕлдта, уымӕ чи бавнала, уый* дӕр изӕрмӕ уыдзӕн чъизи“»+.
20 Фыццаг мӕйы Израилы фырттӕ, адӕм иууылдӕр, ӕрбахӕццӕ сты Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ+ ӕмӕ Кадесы+ ӕрцардысты. Уым амард Мариам+, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.
2 Хабар афтӕ уыд, ӕмӕ дзы адӕмӕн дон нӕ уыди+, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой+. 3 Адӕм хыл кодтой+ Моисеимӕ ӕмӕ дзырдтой: «Не ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы раз куы амардысты, уӕд мах дӕр куы амардаиккам!+ 4 Йегъовӕйы ӕмбырд ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ цӕмӕн ӕрбакодтат? Нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр иууылдӕр ам куы фӕцагъды уыдзыстӕм!+ 5 Цӕмӕн нӕ ракодтат Египетӕй ӕмӕ нӕ цӕмӕн ӕрбакодтат ацы ӕлгъыст бынатмӕ?+ Ацы зӕхх нӕ хор тауынӕн бӕззы, нӕ йыл легъуитӕ зайы, нӕ сӕнӕфсир, нӕ гранаттӕ+, стӕй дзы дон дӕр нӕй нуазынӕн». 6 Уӕд Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы разӕй рацыдысты, ӕрбацыдысты ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕмӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтой+, ӕмӕ сӕм фӕзынд Йегъовӕйы кад+.
7 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 8 «Райс дӕ лӕдзӕг+. Адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн, ӕрӕмбырд сӕ кӕнут ды ӕмӕ де ’фсымӕр Аарон, ӕмӕ се ’ппӕты раз къӕдзӕхӕн зӕгъут, цӕмӕй дон ратта. Къӕдзӕхӕй дон рауадз ӕмӕ адӕмӕн сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр дон ратт, ӕмӕ бануазой»+.
9 Моисей дӕр Йегъовӕйы разӕй лӕдзӕг райста+, куыд ын загъта, афтӕ. 10 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы къӕдзӕхы раз ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Райхъусут-ма, ӕнӕсӕттон адӕм!+ Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?»+ 11 Ӕмӕ Моисей уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд йӕ къух хӕрдмӕ систа, къӕдзӕх йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон рагуылф кодта, ӕмӕ адӕм дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр нуазын райдыдтой+.
12 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Кӕй мыл нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ мын Израилы фыртты раз мӕ ном кӕй не срухс кодтат+, уый тыххӕй сымах ацы адӕмы нӕ бакӕндзыстут, цы зӕхх сын ратдзынӕн, уырдӕм»+. 13 Адон сты Меривӕйы*+ дӕттӕ, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕ хыл кодтой Йегъовӕимӕ, ӕмӕ уый сӕ разы йӕ ном скадджын кодта.
14 Уый фӕстӕ Моисей Кадесӕй арвыста минӕвӕрттӕ Едомы паддзахмӕ+: «Де ’фсымӕр Израил+ афтӕ зӕгъы: „Ды йӕ хорз зоныс, цас зындзинӕдтӕ бавзӕрстам, уый+. 15 Нӕ фыдӕлтӕ ацыдысты Египетмӕ+, ӕмӕ Египеты фӕцардыстӕм бирӕ азты+, фӕлӕ египетӕгтӕ мах дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлты дӕр тухӕнӕй марын райдыдтой+. 16 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕмӕ сдзынӕзтам+, ӕмӕ нӕ фехъуыста. Уый рарвыста йӕ зӕды+ ӕмӕ нӕ Египетӕй ракодта. Ӕмӕ ныр мах стӕм Кадесы, дӕ арӕнты раз чи ис, уыцы горӕты. 17 Курӕм дӕ, бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын. Дӕ хуымтӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕфсирдӕттыл нӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын дӕ цъайтӕй дон нӕ бануаздзыстӕм. Мах ацӕудзыстӕм паддзахы фӕндагыл+. Ӕмӕ цалынмӕ дӕ зӕххыл нӕ ахизӕм, уӕдмӕ нӕдӕр рахизырдӕм фӕзилдзыстӕм, нӕдӕр галиуырдӕм“»+.
18 Фӕлӕ йын Едом загъта: «Уӕдӕ-ма рацу! Хъамаимӕ рацӕудзынӕн дӕ размӕ». 19 Израилы фырттӕ та йын загътой: «Мах ӕрмӕстдӕр стыр фӕндагыл ацӕудзыстӕм. Кӕд нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр дӕ донӕй бануазӕм, уӕд та дын йӕ аргъ бафиддзыстӕм+. Ӕрмӕст дӕ зӕххыл ахизӕм, ӕндӕр нӕ ницы хъӕуы»+. 20 Фӕлӕ уый уӕддӕр загъта: «Ма рацу!»+ Ӕмӕ Едом+ Израилы размӕ рацыд тынг бирӕ адӕмимӕ ӕмӕ тыхджын ӕфсадимӕ. 21 Афтӕмӕй Едом нӕ бауагъта Израилы йӕ зӕххыл ахизын+. Ӕмӕ уӕд Израил уырдыгӕй ацыд+.
22 Израилы фырттӕ, адӕм иууылдӕр, Кадесӕй+ араст сты ӕмӕ ӕрцыдысты Оры хохы+ размӕ. 23 Ӕмӕ Оры хохы раз, Едомы арӕнты раз, Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 24 «Аарон йӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзӕн+, уый нӕ бацӕудзӕн, Израилы фырттӕн кӕй ратдзынӕн, уыцы зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ сымах, ӕз уын Меривӕйы дӕтты тыххӕй цы загътон, уый ныхмӕ рацыдыстут+. 25 Демӕ акӕн Аароны ӕмӕ йӕ фырт Елеазары ӕмӕ сӕ скӕн Оры хохмӕ. 26 Уым Ааронӕн йӕ сауджыны дарӕс раласдзынӕ+ ӕмӕ йӕ скӕндзынӕ йӕ фырт Елеазарыл+. Ӕмӕ Аарон уым амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзӕн»+.
27 Ӕмӕ Моисейӕн Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Ӕппӕт адӕмы цӕстыты раз ссыдысты Оры хохмӕ. 28 Уым Моисей Ааронӕн йӕ сауджыны дарӕс раласта ӕмӕ йӕ скодта йӕ фырт Елеазарыл. Уый фӕстӕ Аарон уым хохыл амард+. Уӕд Моисей ӕмӕ Елеазар хохӕй бынмӕ ӕрхызтысты. 29 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр бамбӕрстой, Аарон кӕй амард, уый. Ӕмӕ ӕртын боны Израилы адӕм иууылдӕр куыдтой Аароныл+.
21 Негевы+ царди Арады+ паддзах, ханаайнаг паддзах. Ӕмӕ, Израил Афаримы фӕндагыл кӕй ӕрбацыд, уый куы фехъуыста, уӕд йемӕ схӕцыд ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй уацары акодта. 2 Уӕд Израил Йегъовӕйӕн расомы кодта+: «Кӕд мын ацы адӕмы мӕ къухмӕ раттай, уӕд дын дзырд дӕттын: сӕ горӕттӕ сын сӕфты хай бакӕндзынӕн»+. 3 Йегъовӕ Израилы фехъуыста, ӕмӕ йын ханаайнӕгты йӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ уыдон адӕмы дӕр ӕмӕ сӕ горӕттӕ дӕр сӕфты хай бакодтой. Уый тыххӕй уыцы бынат схуыдтой Хормӕ*+.
4 Израилӕгтӕ Оры хохӕй+ Сырх денджызы фӕндагыл куы цыдысты, цӕмӕй Едомы+ иувӕрсты ахызтаиккой, уӕд адӕм фӕндагыл сфӕлмӕцыдысты. 5 Ӕмӕ Хуыцау+ ӕмӕ Моисейы+ ныхмӕ дзурын райдыдтой: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Египетӕй? Цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры амӕлӕм?+ Ам нӕдӕр дзул ис, нӕдӕр дон+. Ацы ӕнад дзулӕй нӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны»+. 6 Уӕд Йегъовӕ адӕмыл маргджын кӕлмытӕ+ рауагъта, ӕмӕ сыл хӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕй бирӕтӕ амардысты+.
7 Ӕппынфӕстаг адӕм Моисеймӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Мах тӕригъӕд ракодтам+, дзырдтам Йегъовӕйы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ. Ныллӕгъстӕ кӕн Йегъовӕйӕн, цӕмӕй нӕ ацы кӕлмытӕй фервӕзын кӕна»+. Ӕмӕ Моисей дӕр Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта адӕмы тыххӕй+. 8 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Сараз маргджын калм ӕмӕ йӕ хъилыл бафидар кӕн. Ӕмӕ-иу искӕуыл калм куы фӕхӕца, уӕд-иу хъуамӕ уыцы калммӕ скӕса, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзӕн»+. 9 Моисей уайтагъд дӕр ӕрхуыйӕ калм+ сарӕзта ӕмӕ йӕ хъилыл+ бафидар кодта. Ӕмӕ-иу калм кӕуыл фӕхӕцыд, уый-иу уыцы ӕрхуы калммӕ куы скаст+, уӕд-иу удӕгасӕй баззад+.
10 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ уырдыгӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Овофы+. 11 Овофӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ийе-Аваримы+, ӕдзӕрӕг быдыры, Моавы раз, скӕсӕнырдыгӕй. 12 Уырдыгӕй ӕрцыдысты Зареды дӕлвӕзмӕ+ ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ. 13 Зареды дӕлвӕзӕй та ӕрцыдысты Арнонмӕ+ ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой сӕ цатыртӕ. Арнон ис, аморейты арӕнты раз чи райдайы, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры. Арнон у Моавы арӕн, Моав ӕмӕ аморейты ’хсӕн. 14 Йегъовӕйы хӕстыты чиныджы дӕр афтӕ уымӕн ис фыст:
«Вагеб Суфӕйы, Арноны дӕлвӕз. 15 Дӕлвӕз фӕзилы Ары+ ’рдӕм ӕмӕ цӕуы Моавы арӕнтыл».
16 Уырдыгӕй ацыдысты Беермӕ*+. Уыцы цъайӕ загъта Йегъовӕ Моисейӕн: «Ӕрӕмбырд кӕн адӕмы, ӕмӕ сын ӕз дон ратдзынӕн»+.
17 Уыцы рӕстӕг Израилы адӕм ныззарыдысты ахӕм зарӕг+:
«О цъай, гуылф кӕн! Базарут ын, адӕм!
18 Цъай – кънйӕзтӕ йӕ скъахтой. Скъахтой йӕ адӕмы кадджын лӕгтӕ
Хицауы лӕдзӕгӕй+, сӕ лӕдзджытӕй».
Уый фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй араст сты Матаннӕмӕ. 19 Матаннӕйӕ ӕрцыдысты Нагалиилмӕ, Нагалиилӕй – Вамофмӕ+, 20 Вамофӕй та – Моавы+ зӕххыл Фасгӕйы+ хохы раз цы дӕлвӕз ис, уырдӕм. Фасгӕйы хох уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсы Йесимонмӕ+.
21 Уырдыгӕй Израил арвыста минӕвӕрттӕ аморейты паддзах Сигонмӕ+ ахӕм ныхасимӕ: 22 «Бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын. Дӕ хуымтӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕфсирдӕттыл нӕ ацӕудзыстӕм, дӕ цъайтӕй дын дон нӕ бануаздзыстӕм. Мах цӕудзыстӕм паддзахы фӕндагыл, цалынмӕ дӕ зӕххыл нӕ ахизӕм, уӕдмӕ»+. 23 Фӕлӕ Сигон Израилы йӕ зӕххыл ахизын нӕ бауагъта+. Йӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ рацыд Израилы ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Ӕрцыд Иаацӕмӕ+ ӕмӕ уым Израилимӕ схӕцыд. 24 Ӕмӕ сӕ Израил карды комӕй ныццагъта+ ӕмӕ сын сӕ зӕхх йӕхи бакодта+ Арнонӕй+ суанг Иавокы+ онг, Аммоны фырттӕм хӕстӕг. Иазер+ у Аммоны+ фыртты арӕн.
25 Израил бацахста уыцы горӕттӕ иууылдӕр, ӕмӕ израилӕгтӕ ӕрцардысты аморейты+ горӕтты, Есевоны+ ӕмӕ йӕ дӕлбар горӕтты се ’ппӕты дӕр. 26 Есевон уыди Сигоны+ горӕт. Сигон уыд аморейты+ паддзах. Уый размӕ уый хӕцыд Моавы паддзахимӕ ӕмӕ йын байста йӕ зӕххытӕ иууылдӕр суанг Арноны+ онг. 27 Иннӕтӕй ахынджылӕг кӕныны тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ чи ӕрхъуыды кӕны, уыдон ахӕм ныхӕстӕ дӕр уымӕн дзурынц:
«Ӕрцу Есевонмӕ.
Сигоны горӕт арӕзт ӕрцӕуӕд ӕмӕ йӕ сфидар кӕнӕнт.
28 Арт рацыд Есевонӕй+, пиллон арт – Сигоны горӕтӕй.
Ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы+ ӕмӕ Арноны кувӕн бынӕтты* хицӕутты.
29 Додой дӕ къона, Моав! Уе сӕфт ӕрцыд, о Хамосы+ адӕм!
Уый тыххӕй йӕ фырттӕ сӕ бӕстӕйӕ алырдӕмты фӕлидздзысты, йӕ чызджыты йын уацары акӕндзысты Сигонмӕ, аморейты паддзахмӕ.
30 Уӕдӕ сыл фаттӕ суадзӕм.
Есевон сӕфт ӕрцӕудзӕн суанг Дивоны+ онг,
Сылгоймӕгтӕ – Нофӕйы онг, нӕлгоймӕгтӕ – Медевӕйы онг»+.
31 Ӕмӕ Израил ӕрцард аморейты зӕххыл+. 32 Уӕд Моисей Иазермӕ+ арвыста сгарджытӕ. Ӕмӕ йын израилӕгтӕ бацахстой йӕ дӕлбар горӕттӕ ӕмӕ дзы цы аморейтӕ цард, уыдоны зӕххытӕ байстой+. 33 Уый фӕстӕ иннӕрдӕм фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты Васаны+ фӕндагыл. Уӕд Васаны паддзах Ог+ ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр сӕ ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй Едрейы+ семӕ схӕцыдаиккой. 34 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ма дзы тӕрс+, дӕ къухмӕ дын ратдзынӕн йӕхи дӕр, йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ йӕ зӕхх дӕр+. Ӕмӕ аморейты паддзах Сигонӕн, Есевоны чи цард, уымӕн куыд бакодтай, афтӕ бакӕн амӕн дӕр»+. 35 Гъемӕ сӕ цӕгъдын байдыдтой, амардтой йын йӕхи дӕр, йӕ фыртты дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, иу дӕр дзы нал ныууагътой+. Ӕмӕ йӕ зӕхх уыдоны баци+.
22 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Моавы+ быдырты, Иорданы фаллаг фарс, Иерихоны акомкоммӕ. 2 Сепфоры фырт Валак+ федта, израилӕгтӕ аморейтӕн цы бакодтой, уый. 3 Ӕмӕ Моав тынг старст израилӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ бирӕ уыдысты. Моавӕгтӕ Израилы фырттӕй ӕмризӕджы рызтысты+. 4 Ӕмӕ Моав загъта Мадиамы+ хистӕр лӕгтӕн: «Ацы адӕм нӕ алыварс ницыуал ныууадздзысты, гал быдырты цъӕх кӕрдӕг куыд бахӕры ӕмӕ дзы куыд ницыуал ныууадзы, афтӕ».
Уыцы рӕстӕг Валак+, Сепфоры фырт, уыди Моавы паддзах. 5 Ӕмӕ Валак арвыста минӕвӕрттӕ Валааммӕ+, Веоры фыртмӕ. Уый царди Пефоры+, Стыр цӕугӕдоны*+ раз, йӕ райгуырӕн зӕххыл. Арвыста сӕ, цӕмӕй йын загътаиккой: «Египетӕй ӕрбацыд адӕм. Уыйбӕрц сты, ӕмӕ зӕхх зынгӕ дӕр нал кӕны+. Ӕмӕ мӕнӕ мӕ тӕккӕ раз ӕрцардысты. 6 Курын дӕ, ӕрцу ӕмӕ мын ацы адӕмы ралгъит+, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Кӕд сӕ мӕ бон бауид ныддӕрӕн кӕнын, ӕмӕ сӕ ацы зӕххӕй фӕтӕрин. Ӕз ӕй зонын, ды кӕмӕн раарфӕ кӕныс, уый вӕййы арфӕгонд, ды кӕй ралгъитыс, уый та вӕййы ӕлгъыст»+.
7 Ӕмӕ Моавы ӕмӕ Мадиамы хистӕр лӕгтӕ Валаамӕн+ семӕ рахастой дӕсныфӕрсӕггаг+ ӕмӕ йӕм ӕрцыдысты ӕмӕ йын ракодтой Валакы ныхӕстӕ. 8 Уый сын дзуапп радта: «Ахсӕв ам ӕрлӕуут, ӕмӕ уын зӕгъдзынӕн, Йегъовӕ мын цы зӕгъа, уый»+. Ӕмӕ Моавы кънйӕзтӕ ӕхсӕвы Валааммӕ баззадысты.
9 Уӕд Хуыцау Валааммӕ ӕрбацыд ӕмӕ йӕ бафарста+: «Уый дӕм чи ис? Уыцы адӕм чи сты?» 10 Ӕмӕ Валаам ӕцӕг Хуыцауӕн дзуапп радта: «Моавы паддзах, Сепфоры фырт Валак+ сӕ ӕрбарвыста ахӕм ныхӕстимӕ: 11 „Египетӕй цы адӕм ӕрбацыд, уыдон уыйбӕрц сты, ӕмӕ зӕхх зынгӕ дӕр нал кӕны+. Курын дӕ, ӕрцу ӕмӕ мын сӕ ралгъит+. Кӕд мӕ бон бауид семӕ схӕцын, ӕмӕ сӕ ардыгӕй фӕтӕрин“». 12 Фӕлӕ Хуыцау Валаамӕн загъта: «Ма ацу семӕ. Ма ралгъит уыцы адӕмы+, уымӕн ӕмӕ уыдон арфӕгонд сты»+.
13 Валаам райсомӕй куы сыстад, уӕд Валакы кънйӕзтӕн загъта: «Аздӕхут уӕ бӕстӕмӕ, Йегъовӕ мӕ нӕ уадзы уемӕ ацӕуын». 14 Ӕмӕ Моавы кънйӕзтӕ Валакмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ йын загътой: «Валаам нӕ бакуымдта немӕ рацӕуын»+.
15 Фӕлӕ та йӕм Валак ногӕй арвыста, ацы хатт ӕндӕр кънйӕзты. Уыдон уыдысты фыццӕгтӕй фылдӕр ӕмӕ кадджындӕр. 16 Уыдон дӕр та ацыдысты Валааммӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Сепфоры фырт Валак: „Курын дӕ, ӕрцу мӕм, мацы дӕ бауромӕд. 17 Ӕз дын стыр кад скӕндзынӕн+, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый дын сараздзынӕн+. Курын дӕ, ӕрбацу. Ралгъит мын ацы адӕмы“». 18 Валаам та Валакы лӕггадгӕнджытӕн дзуапп радта: „Валакӕн йӕ хӕдзар ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй йедзаг куы уаид ӕмӕ мын ӕй куы дӕттид, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауид мӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахизын ӕмӕ нӕдӕр гыццыл, нӕдӕр стыр хъуыддаг саразын+. 19 Уӕ хорзӕхӕй, сымах дӕр ахсӕв ам ӕрлӕуут. Ӕз ӕй базонон, Йегъовӕ ма мын цы зӕгъдзӕн»+.
20 Ӕхсӕвы Хуыцау ӕрбацыд Валааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд уыцы адӕм уый тыххӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй дӕ семӕ акӕной, уӕд сыст ӕмӕ ацу семӕ. Фӕлӕ дын ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый дзурдзынӕ»+. 21 Райсомӕй Валаам сыстад, йӕ хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ Моавы+ кънйӕзтимӕ араст.
22 Ӕмӕ кӕй ацыд, уый тыххӕй йӕм Хуыцауы маст ссыгъд. Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд фӕндагыл йӕ размӕ ӕрлӕууыд, цӕмӕй йӕ ма ауагътаид+. Валаам бадт хӕрӕгыл, йемӕ ма уыдысты йӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕджы. 23 Хӕрӕг федта, фӕндагыл кӕй лӕууы Йегъовӕйы зӕд, йӕ къухы хъама, афтӕмӕй+. Ӕмӕ хӕрӕг фӕндагӕй быдыры ’рдӕм фӕзылд, фӕлӕ йӕ Валаам нӕмын райдыдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ фӕндагмӕ раздӕхтаид. 24 Йегъовӕйы зӕд лӕууыд сӕнӕфсирдӕтты ’хсӕн нарӕг фӕндагыл, иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди дурӕй амад къултӕ. 25 Хӕрӕг та уыдта Йегъовӕйы зӕды ӕмӕ йӕхи къулмӕ балхъывта ӕмӕ Валаамы къах бацъист кодта, ӕмӕ та йӕ Валаам нӕмын райдыдта.
26 Йегъовӕйы зӕд та гыццыл размӕ ацыд ӕмӕ нарӕг ран слӕууыд, нӕдӕр дзы рахизырдӕм уыд фӕзилӕн, нӕдӕр галиуырдӕм. 27 Ӕмӕ хӕрӕг Йегъовӕйы зӕды куы федта, уӕд Валаамы бын ӕрхауд. Ӕмӕ Валаамӕн йӕ маст рафыхт+ ӕмӕ йыл лӕдзӕгӕй балӕууыд. 28 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ хӕрӕджы+ сдзурын кодта, ӕмӕ хӕрӕг Валаамӕн загъта: «Цы дын кодтон? Ӕртӕ хатты мӕ цӕй тыххӕй фӕнадтай?»+ 29 Валаам хӕрӕгӕн дзуапп радта: «Мӕ туг мын банызтай. Хъама мӕм куы уаид, уӕд дӕ ам ныммарин!»+ 30 Уӕд хӕрӕг Валаамӕн загъта: «Ӕз дӕ хӕрӕг нӕ дӕн? Цӕрӕнбонты, суанг абоны онг, мӕныл нӕ цӕуыс? Искуы ма дын бакодтон афтӕ?»+ Валаам ын дзуапп радта: «Никуы!» 31 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Валаамӕн йӕ цӕстытӕ байгом кодта+, ӕмӕ уый федта, фӕндагыл кӕй лӕууы Йегъовӕйы зӕд, йӕ къухы хъама, афтӕмӕй. Ӕмӕ Валаам йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта.
32 Йегъовӕйы зӕд ын загъта: «Дӕ хӕрӕджы ӕртӕ хатты цӕй тыххӕй фӕнадтай? Уый ӕз ӕрлӕууыдтӕн дӕ размӕ, цӕмӕй дӕ ма ауадзон, уымӕн ӕмӕ ды комкоммӕ цӕуыс мӕ фӕндоны ныхмӕ+. 33 Хӕрӕг мӕ федта ӕмӕ ӕртӕ хатты архайдта мӕ разӕй фӕзилыныл+. Ӕмӕ уый мӕ разӕй куы нӕ фӕзылдаид, уӕд та? Афонмӕ дӕ амардтаин+, хӕрӕджы та удӕгасӕй ныууагътаин». 34 Уӕд Валаам Йегъовӕйы зӕдӕн загъта: «Ӕз тӕригъӕд ракодтон+. Нӕ йӕ зыдтон, фӕндагыл мӕ размӕ ды кӕй лӕууыс. Фӕлӕ дӕ кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ацӕуон, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхдзынӕн». 35 Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕд Валаамӕн загъта: «Ацу уыцы адӕмимӕ+. Фӕлӕ дын ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый дзурдзынӕ»+. Ӕмӕ Валаам Валакы кънйӕзтимӕ йӕ фӕндаг адарддӕр кодта.
36 Валак уый куы фехъуыста, ӕмӕ Валаам ӕрбацыд, уӕд Моавы горӕты цурмӕ йӕ размӕ рацыд. Уыцы горӕт ис Арноны былыл, Арнон та у йӕ зӕххыты кӕрон+. 37 Ӕмӕ Валак Валаамӕн загъта: «Куы дӕм арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ ӕрцыдтӕ? Ау, мӕ бон нӕу дӕуӕн кад скӕнын?»+ 38 Валаам ын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕм ӕрцыдтӕн. Фӕлӕ мӕ бон исты уыдзӕн зӕгъын?+ Хуыцау мын ме ’взагыл цы сӕвӕра, ӕрмӕстдӕр уый дзурдзынӕн»+.
39 Гъемӕ Валаам Валакимӕ ацыд Кириаф-Хуцофмӕ. 40 Ӕмӕ Валак нывондӕн ӕрхаста стуртӕ ӕмӕ фыстӕ+ ӕмӕ дзы Валаамӕн ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы кънйӕзтӕн хӕйттӕ арвыста. 41 Райсомӕй та Валак Валаамы йемӕ акодта ӕмӕ йӕ скодта Вамоф-Ваалмӕ*+, цӕмӕй уырдыгӕй федтаид уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр+.
23 Ӕмӕ Валаам Валакӕн загъта: «Ацы бынаты мын скӕн авд нывондхӕссӕны+ ӕмӕ мын ӕрцӕттӕ кӕн авд галы ӕмӕ авд фыры». 2 Валак дӕр уайтагъд бакодта, Валаам куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уый фӕстӕ Валак ӕмӕ Валаам алы нывондхӕссӕныл дӕр нывондӕн ӕрхастой фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры+. 3 Ӕмӕ Валаам Валакӕн загъта: «Ды ам дӕ судзинаг нывӕндты цур фӕлӕуу+, ӕз та ацӕуон. Кӕд мӕм Йегъовӕ фӕзынид+. Ӕмӕ мын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый дын зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ ацыди къуыбырмӕ.
4 Хуыцау Валааммӕ куы фӕзынд, уӕд ын Валаам+ загъта: «Ӕз ӕрӕвӕрдтон авд нывондхӕссӕны ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр нывондӕн ӕрхастон фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры»+. 5 Уӕд Йегъовӕ Валаамӕн+ йе ’взагыл ныхас сӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Валакмӕ. Ӕмӕ зӕгъдзынӕ ацы ныхӕстӕ»+. 6 Гъемӕ Валаам дӕр ӕрыздӕхт Валакмӕ ӕмӕ федта, Валак йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Моавы кънйӕзтӕ дӕр иууылдӕр кӕй лӕууынц йӕ судзинаг нывӕндты раз. 7 Ӕмӕ Валаам райдыдта йӕ ныхас+:
«Моавы паддзах Валак мӕ ӕркодта Арамӕй+,
Ӕркодта мӕ скӕсӕйнаг хӕхтӕй:
„Ӕрцу ӕмӕ мын Иаковы ралгъит.
Ӕрцу ӕмӕ Израилы фыдбылызы хай бакӕн“+.
8 Фӕлӕ, Хуыцау кӕй не ’лгъиты, уыдоны куыд ралгъитон?+
Йегъовӕ фыдбылызы хай кӕй нӕ кӕны, уыдоны фыдбылызы хай куыд бакӕнон?+
9 Къӕдзӕхты цъуппытӕй сӕм кӕсын,
Къуыбыртӕй сӕ уынын.
Уыцы адӕм цӕрынц хибарӕй цатырты+,
Уыдон иннӕ адӕмтимӕ нӕ иу кӕнынц, сӕхи нымайынц хицӕн адӕмыл+.
10 Чи банымадта Иаковы байзӕддӕгты+, зӕххы рыгау нымӕц кӕмӕн нӕй, уыдоны?
Чи банымадта Израилӕн йӕ цыппӕрӕм хай дӕр?
Уадз ӕмӕ ӕз* рӕстзӕрдӕ адӕмы мардӕй амӕлон+,
Ӕмӕ уыдонау уӕд мӕ кӕрон»+.
11 Уӕд Валак Валаамӕн загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕ ӕркодтон, цӕмӕй мын ме знӕгты ралгъитай, ды та сӕ арфӕты бын фӕкодтай»+. 12 Валаам ын дзуапп радта: «Йегъовӕ мын ме ’взагыл цы сӕвӕра, уый хъуамӕ ма дзурон?»+
13 Уӕд та йын Валак загъта: «Курын дӕ, цом мемӕ, кӕцӕй дӕм зыной, ӕндӕр ахӕм бынатмӕ. Ӕрмӕстдӕр дӕм сӕ иу хай зындзӕн, се ’ппӕт дӕм нӕ зындзысты+. Ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъит»+. 14 Ӕмӕ йӕ акодта Цофимы быдырмӕ, Фасгӕйы+ хохмӕ, ӕмӕ уым скодта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр нывондӕн ӕрхаста фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры+. 15 Уый фӕстӕ Валаам Валакӕн загъта: «Ды ам дӕ судзинаг нывӕндты цур фӕлӕуу, ӕз та ацӕуон ӕмӕ Хуыцауимӕ аныхас кӕнон». 16 Ӕмӕ та Йегъовӕ фӕзынд Валааммӕ ӕмӕ йын йе ’взагыл ныхас сӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта+: «Аздӕх Валакмӕ+. Ӕмӕ зӕгъдзынӕ ацы ныхӕстӕ». 17 Гъемӕ Валаам дӕр ӕрыздӕхт Валакмӕ ӕмӕ федта, Валак йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Моавы кънйӕзтӕ дӕр иууылдӕр кӕй лӕууынц йӕ судзинаг нывӕндты раз. Ӕмӕ йӕ Валак бафарста: «Цы загъта Йегъовӕ?» 18 Ӕмӕ та Валаам йӕ ныхас райдыдта+:
«Байхъус, Валак.
Лӕмбынӕг мӕм байхъус, Сепфоры+ фырт.
19 Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа+,
Адӕймаджы фырт нӕу, цӕмӕй фӕсмон кӕна+.
Уый зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн?
Йӕ дзыхӕй ныхас рацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кӕндзӕн?+
21 Хуыцау нӕ бауадздзӕн+, цӕмӕй Иаковӕн исчи кӕлӕнтӕ скӕна.
Нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй Израилыл исты фыдбылыз ӕрцӕуа.
Сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ ис+,
Уыдон кадджын кӕнынц сӕ паддзахы.
23 Никӕй бон у Иаковӕн хинтӕ скӕнын+,
Дӕсныфӕрсджытӕн ницы у сӕ бон Израилы ныхмӕ зӕгъын+.
Ныр Иаков ӕмӕ Израилӕй зӕгъдзысты:
„Акӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта!“+
24 Адӕм домбайау сыстдзысты,
Домбайау сӕхиуыл схӕцдзысты+.
Не ’рхуысдзысты, цалынмӕ сӕ амӕттаджы нӕ бахӕрой,
Цалынмӕ, чи фӕцагъды, уыдоны туг нӕ бануазой, уӕдмӕ»+.
25 Уӕд Валак Валаамӕн загъта: «Кӕд сӕ дӕ бон ралгъитын нӕу, уӕд сын арфӕ уӕддӕр ма кӕн». 26 Валаам та йын дзуапп радта: «Нӕ дын загътон, Йегъовӕ мын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый кӕндзынӕн, зӕгъгӕ?»+
27 Ӕмӕ та уӕд Валак Валаамӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, цом мемӕ. Иу ранмӕ ма дӕ скӕндзынӕн. Кӕд ӕцӕг Хуыцауы бафӕндид, ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъитис»+. 28 Ӕмӕ Валак Валаамы скодта Фегоры хохы сӕрмӕ. Уыцы хох та кӕсы Йесимоны ’рдӕм+. 29 Ӕмӕ та йын Валаам+ загъта: «Ацы бынаты мын скӕн авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын ӕрцӕттӕ кӕн авд галы ӕмӕ авд фыры»+. 30 Ӕмӕ Валак бакодта, Валаам ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ алы нывондхӕссӕныл дӕр нывондӕн ӕрхаста фӕйнӕ галы ӕмӕ фӕйнӕ фыры+.
24 Валаам уый куы федта, ӕмӕ Йегъовӕ Израилӕн ӕрмӕстдӕр арфӕ кӕй кӕны, уӕд иннӕ хӕттытау нал ацыд+, Израилмӕ ӕвзӕрӕй исты ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕви нӕ, уый базонынмӕ*+, фӕлӕ разылд ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм. 2 Валаам куы акаст ӕмӕ куы федта, Израилӕн сӕ цатыртӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕвӕрд куыд сты, уый+, уӕд ыл Хуыцауы тых* ӕрцыд+. 3 Ӕмӕ райдыдта йӕ ныхас+:
«Афтӕ зӕгъы Валаам, Веоры фырт,
Афтӕ зӕгъы, йӕ цӕстытӕ гом кӕмӕн сты, уыцы адӕймаг+,
4 Афтӕ зӕгъы, Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, уый+,
Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау цӕстылуайӕн кӕмӕн равдыста,
Ӕмӕ куы ’рцӕйхауд, уӕд йӕ цӕстытӕ гом кӕмӕн уыдысты, уыцы адӕймаг+:
5 Куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, о Иаков, дӕ цӕрӕнбынӕттӕ, о Израил!+
6 Дӕлвӕзтау дӕ цатыртӕн сӕ кӕрон нӕ зыны+.
Уыдон сты цӕугӕдоны был сагъд дыргъдӕтты хуызӕн+,
Йегъовӕ кӕй ныссагъта, уыцы алойбӕлӕсты хуызӕн,
Доны был чи зайы, уыцы кедрты хуызӕн+.
7 Йӕ дыууӕ донгарзӕй тӕдзы дон,
Йӕ мыггаг сагъд у бирӕ дӕтты раз+.
Йӕ паддзах+ уыдзӕн Агагӕй+ уӕлдӕр,
Йӕ паддзахад сбӕрзонд уыдзӕн+.
8 Хуыцау ӕй ракӕны Египетӕй.
Израил хъӕддаг галау бырсы размӕ+.
Уый аныхъуырдзӕн иннӕ адӕмты, йе ’фхӕрджыты+,
9 Уый ӕрхуыссыд, домбайау йӕхи ауагъта,
Ӕмӕ уыцы домбайы сыстын кӕнын чи бауӕнддзӕн?+
Дӕуӕн чи арфӕ кӕны, уыдон сты арфӕгонд+,
Дӕу чи ӕлгъиты, уыдон та сты ӕлгъыст»+.
10 Уӕд Валак Валааммӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йӕ къухтӕ кӕрӕдзийыл ӕрцавта+ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм уый тыххӕй фӕдзырдтон, цӕмӕй мын ме знӕгты ӕлгъитгӕ ракӕнай+, ды та сӕ ӕртӕ хатты арфӕты бын фӕкодтай. 11 Цӕугӕ кӕн, кӕцӕй ӕрбацыдтӕ, уырдӕм! Ӕз мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ дын кад скӕндзынӕн+, фӕлӕ дӕ Йегъовӕ уыцы кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».
12 Валаам та Валакӕн загъта: «Де ’рвыст минӕвӕрттӕн дӕр афтӕ нӕ загътон, зӕгъгӕ, 13 Валакӕн йӕ хӕдзар ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй йедзаг куы уаид ӕмӕ мын ӕй куы дӕттид, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауид Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахизын ӕмӕ мӕхи фӕндӕй нӕдӕр хорзӕй, нӕдӕр ӕвзӕрӕй исты саразын? Нӕ загътон, Йегъовӕ цы зӕгъа, ӕрмӕстдӕр уый дзурдзынӕн, зӕгъгӕ?+ 14 Ныр ӕз цӕуын фӕстӕмӕ мӕ адӕммӕ. Фӕлӕ байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн+, ацы адӕм дӕ адӕмӕн фӕстагмӕ цы бакӕндзысты, уый»+. 15 Ӕмӕ Валаам йӕ ныхас райдыдта+:
«Афтӕ зӕгъы Валаам, Веоры фырт,
Афтӕ зӕгъы, йӕ цӕстытӕ гом кӕмӕн сты, уыцы адӕймаг+,
16 Афтӕ зӕгъы, Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, уый+,
Иунӕг Стыр Хуыцау цы зоны, уый чи зоны...
Уымӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн+,
Ӕмӕ куы ’рцӕйхауд, уӕд йӕ цӕстытӕ уыдысты гом+:
17 Ӕз ӕй фендзынӕн+, фӕлӕ ныр нӕ,
Ӕз ӕй уындзынӕн, фӕлӕ хӕстӕгмӕ нӕ.
Иаковы байзӕддӕгтӕй фӕзындзӕн стъалы+,
Израилы байзӕддӕгтӕй – паддзахы лӕдзӕг+.
Уый Моавӕн ныцъцъӕл кӕндзӕн йӕ сӕр+,
Хӕстмондаг адӕмӕн – сӕ сӕрыкӕхцытӕ.
19 Иаковӕй рацӕудзӕн, адӕмы йӕ дӕлбар чи бакӕндзӕн, уый+,
Горӕты цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чидӕриддӕр баззайа, уыдоны ныццӕгъддзӕн»+.
20 Валаам амаликӕгты куы федта, уӕд йӕ ныхас адарддӕр кодта+:
«Амаликӕгтӕ уыдысты адӕмтӕй фыццӕгтӕ+,
Фӕлӕ сӕ кӕрон цӕуы сӕфтмӕ»+.
21 Кенейты+ куы федта, уӕд йӕ ныхас адарддӕр кодта:
«Дӕ цӕрӕнбынат у фидар, дӕ хӕдзар у къӕдзӕхыл ӕвӕрд.
22 Фӕлӕ фӕзындзӕн, Каины*+ бынсыгъд чи бакӕндзӕн, уый.
Цас ма баззад, Ассири дӕ уацары куы акӕна, уымӕ?»+
23 Валаам йӕ ныхас адарддӕр кодта:
«Хуыцау афтӕ куы бакӕна, уӕд ма чи аирвӕздзӕн?+
24 Киттимӕй+ ӕрбацӕудзӕн наутӕ,
Ӕмӕ уыдон басӕтдзысты Ассири+,
Басӕтдзысты Евер дӕр.
Фӕлӕ фӕстагмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фесӕфдзӕн».
25 Уый фӕстӕ Валаам йӕ фӕндагыл ацыд+. Ӕмӕ Валак дӕр ацыд йӕхи фӕндагыл.
25 Израил цард Ситтимы+. Ӕмӕ израилӕгтӕ райдыдтой Моавы чызджытимӕ хӕтын+. 2 Моавӕгтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ куы хастой+, уӕд-иу сӕ сылгоймӕгтӕ фӕхуыдтой израилӕгты дӕр. Ӕмӕ сын израилӕгтӕ райдыдтой сӕ нывӕндтӕй хӕрын ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн кувын+. 3 Афтӕ Израил табу кӕнын райдыдта* Фегоры Ваалӕн+, ӕмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд Израилмӕ+. 4 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмы хистӕртӕй уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у, уыдоны ӕрӕмбырд кӕн, амар сӕ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕрцауындз+, адӕм сӕ иууылдӕр куыд уыной, афтӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы маст мауал судза Израилмӕ». 5 Ӕмӕ Моисей Израилы тӕрхонгӕнджытӕн загъта+: «Алчидӕр уӕ амарӕд+, йӕ адӕмӕй* Фегоры Ваалӕн чи табу кӕны, уыдоны».
6 Уыцы рӕстӕг дын Израилы фырттӕй иу+ йе ’фсымӕрты ’хсӕнмӕ, Моисейы ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы раз, мадиамаг сылгоймаджы+ куы ’рбакӕнид. Адӕм та лӕууыдысты ӕмбырды цатыры раз ӕмӕ ӕрдиаг кодтой. 7 Финеес+, сауджын Ааронӕн йӕ фырт Елеазары фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй рауад, арц фелвӕста 8 ӕмӕ уыцы израиладжы фӕдыл цатырмӕ* бахызт ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр барӕхуыста, израиладжы дӕр ӕмӕ сылгоймаджы дӕр, йӕ гуыбыны йын арц фӕтъыста. Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ нал цагъды кодтой+. 9 Чи фӕцагъды, уыдон уыдысты дыууын цыппар мин адӕймаджы+.
10 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 11 «Сауджын Ааронӕн йӕ фырт Елеазары фырт Финеес+ мын мӕ маст ӕрсабыр кодта+. Уый нӕ бабыхста, цӕмӕй Израилы фырттӕ мӕнӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой+, ӕмӕ ӕз нӕ ныццагътон Израилы фыртты, кӕд сӕ домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уой иузӕрдион, уӕддӕр+. 12 Зӕгъ ын, ӕз йемӕ кӕй аразын фарны бадзырд. 13 Уыцы бадзырд ӕнустӕм уыдзӕн, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ+ дӕр сауджынтӕ кӕй уыдзысты, уый номыл, уымӕн ӕмӕ уый нӕ бабыхста, цӕмӕй Израилы фырттӕ йӕ Хуыцауӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувой+, ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта»+.
14 Финеес мадиамаг сылгоймагимӕ кӕй амардта, уыцы израиладжы ном уыди Зимри. Уый уыд Салуйы фырт, Симеоны мыггаджы хистӕр+. 15 Мадиамаг сылгоймаджы ном та уыди Хазвӕ, Цуры чызг+. Цур уыд Мадиамы мыггӕгты хистӕртӕй иу+.
16 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17 «Мадиамӕгты ӕнцад цӕрын ма уадзут, цӕгъдут сӕ+, 18 уымӕн ӕмӕ уӕ уыдон дӕр ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц, хинӕй уыл рацыдысты+ ӕмӕ уӕ Фегоримӕ баст хъуыддагӕй тӕригъӕды бафтыдтой+. Уыдон уӕ тӕригъӕды бафтыдтой сӕ хо Хазвӕйы уылты+, мадиамаг хистӕры чызджы уылты. Финеес ӕй амардта+, Фегоримӕ баст хъуыддаджы тыххӕй цагъды кӕнын куы райдыдтат, уыцы бон»+.
26 Адӕм куы фӕцагъды сты+, уӕд Йегъовӕ Моисейӕн ӕмӕ сауджын Аароны фырт Елеазарӕн загъта: 2 «Израилы фыртты, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, хӕцынхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ банымайут»+. 3 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар+ Моавы+ быдырты Иорданы раз, Иерихонмӕ+ хӕстӕг, адӕмӕн загътой: 4 «Банымайут, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+.
Мӕнӕ адон уыдысты Израилы фырттӕ, Египеты зӕххӕй чи рацыд, уыдон. 5 Израилы хистӕр+ фырт уыд Рувим. Рувимы фырттӕ уыдысты: Ханох+, рацыд дзы Ханохы хӕдзарвӕндаг; Фаллу+, рацыд дзы Фаллуйы хӕдзарвӕндаг; 6 Есром+, рацыд дзы Есромы хӕдзарвӕндаг; Харми+, рацыд дзы Хармийы хӕдзарвӕндаг. 7 Адон уыдысты, Рувимӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты цыппор ӕртӕ мин авдсӕдӕ ӕртын лӕджы+.
8 Фаллуйӕн уыди фырт – Елиав. 9 Елиавы фырттӕ уыдысты Немуил, Дафан ӕмӕ Авирон. Дафан+ ӕмӕ Авирон+ адӕмӕн уыдысты уынаффӕйы лӕгтӕ. Уыдон, Кореимӕ+ ма чи уыд, уыцы адӕмимӕ иумӕ рацыдысты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уыдон рацыдысты Йегъовӕйы ныхмӕ.
10 Уӕд зӕхх фегом ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+. Корей та амард, дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы арт куы аныхъуырдта, уӕд+. Ӕмӕ сыл цы ’рцыд, уый сси зондзонӕн*+. 11 Фӕлӕ Корейӕн йӕ фырттӕ нӕ амардысты+.
12 Симеоны+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Немуил+, рацыд дзы Немуилы хӕдзарвӕндаг; Иамин+, рацыд дзы Иамины хӕдзарвӕндаг; Иахин+, рацыд дзы Иахины хӕдзарвӕндаг; 13 Зара, рацыд дзы Зарайы хӕдзарвӕндаг; Саул+, рацыд дзы Саулы хӕдзарвӕндаг. 14 Адон уыдысты, Симеонӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ+.
15 Гады+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Цефон*, рацыд дзы Цефоны хӕдзарвӕндаг; Хагги, рацыд дзы Хаггийы хӕдзарвӕндаг; Шуни, рацыд дзы Шунийы хӕдзарвӕндаг; 16 Озни*, рацыд дзы Ознийы хӕдзарвӕндаг; Ери, рацыд дзы Ерийы хӕдзарвӕндаг; 17 Арод*, рацыд дзы Ароды хӕдзарвӕндаг; Арели+, рацыд дзы Арелийы хӕдзарвӕндаг. 18 Адон уыдысты, Гадӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты цыппор мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
19 Иудӕйӕн+ уыди фырттӕ: Ир+ ӕмӕ Онан+. Фӕлӕ Ир ӕмӕ Онан амардысты Ханааны+ зӕххыл. 20 Иудӕйы фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Шелӕ+, рацыд дзы Шелӕйы хӕдзарвӕндаг; Фарес+, рацыд дзы Фаресы хӕдзарвӕндаг; Зара+, рацыд дзы Зарайы хӕдзарвӕндаг. 21 Фаресы фырттӕ уыдысты: Есром+, рацыд дзы Есромы хӕдзарвӕндаг; Хамул+, рацыд дзы Хамулы хӕдзарвӕндаг. 22 Адон уыдысты, Иудӕйӕ+ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты ӕвдай ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
23 Иссахары+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Фолӕ+, рацыд дзы Фолӕйы хӕдзарвӕндаг; Фувӕ, рацыд дзы Фувӕйы хӕдзарвӕндаг; 24 Иашув, рацыд дзы Иашувы хӕдзарвӕндаг; Шимрон+, рацыд дзы Шимроны хӕдзарвӕндаг. 25 Адон уыдысты, Иссахарӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты ӕхсай цыппар мин ӕртӕсӕдӕ лӕджы+.
26 Завулоны+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Серед, рацыд дзы Середы хӕдзарвӕндаг; Елон, рацыд дзы Елоны хӕдзарвӕндаг; Иахлеил+, рацыд дзы Иахлеилы хӕдзарвӕндаг. 27 Адон уыдысты, Завулонӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты ӕхсай мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
28 Иосифы+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты Манасси ӕмӕ Ефрем+. 29 Манассийы+ фырт Махирӕй+ рацыд Махиры хӕдзарвӕндаг. Махирӕн райгуырд Галаад+. Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг. 30 Галаады фырттӕ уыдысты: Йезер+, рацыд дзы Йезеры хӕдзарвӕндаг; Хелек, рацыд дзы Хелекы хӕдзарвӕндаг; 31 Асриил, рацыд дзы Асриилы хӕдзарвӕндаг; Сихем, рацыд дзы Сихемы хӕдзарвӕндаг; 32 Шемидӕ+, рацыд дзы Шемидӕйы хӕдзарвӕндаг; Хефер+, рацыд дзы Хеферы хӕдзарвӕндаг. 33 Хеферы фырт Салпаадӕн лӕппутӕ нӕ уыд, уыди йын ӕрмӕстдӕр чызджытӕ+. Салпаады чызджытӕн сӕ нӕмттӕ уыдысты Махлӕ, Ноа, Хоглӕ, Милкӕ ӕмӕ Фирцӕ+. 34 Адон уыдысты, Манассийӕ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты фӕндзай дыууӕ мин авдсӕдӕ лӕджы+.
35 Ефремы+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Шутелах+, рацыд дзы Шутелахы хӕдзарвӕндаг; Бехер, рацыд дзы Бехеры хӕдзарвӕндаг; Тахан+, рацыд дзы Таханы хӕдзарвӕндаг. 36 Шутелахы фырт Аранӕй рацыд Араны хӕдзарвӕндаг. 37 Адон уыдысты, Ефремы+ фырттӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты ӕртын дыууӕ мин фондзсӕдӕ лӕджы. Адон уыдысты Иосифы фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
38 Вениамины+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Белӕ+, рацыд дзы Белӕйы хӕдзарвӕндаг; Ашбел+, рацыд дзы Ашбелы хӕдзарвӕндаг; Ахирам*, рацыд дзы Ахирамы хӕдзарвӕндаг; 39 Шефуфам*, рацыд дзы Шефуфамы хӕдзарвӕндаг; Хуфам*+, рацыд дзы Хуфамы хӕдзарвӕндаг. 40 Белӕйы фырттӕ уыдысты Ард ӕмӕ Нааман+. Ардӕй рацыд Арды хӕдзарвӕндаг, Нааманӕй рацыд Нааманы хӕдзарвӕндаг. 41 Адон уыдысты Вениамины+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы+.
42 Даны+ байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Шухам*, рацыд дзы Шухамы хӕдзарвӕндаг. Адон уыдысты, Данӕй+ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕ. 43 Шухамы хӕдзарвӕндӕгтӕй фыст чи ’рцыд, уыдон уыдысты ӕхсай цыппар мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
44 Асиры+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Имнӕ+, рацыд дзы Имнӕйы хӕдзарвӕндаг; Ишви+, рацыд дзы Ишвийы хӕдзарвӕндаг; Бери, рацыд дзы Берийы хӕдзарвӕндаг. 45 Берийы фырттӕ уыдысты: Хевер, рацыд дзы Хеверы хӕдзарвӕндаг; Малхиил+, рацыд дзы Малхиилы хӕдзарвӕндаг. 46 Асирӕн йӕ чызджы ном та уыди Серах+. 47 Адон уыдысты, Асиры+ фырттӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
48 Неффалимы+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Иахцеил+, рацыд дзы Иахцеилы хӕдзарвӕндаг; Гуни+, рацыд дзы Гунийы хӕдзарвӕндаг; 49 Йецер+, рацыд дзы Йецеры хӕдзарвӕндаг; Шиллем+, рацыд дзы Шиллемы хӕдзарвӕндаг. 50 Адон уыдысты, Неффалимӕй+ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдон. Фыст сӕ чи ’рцыд, уыдон уыдысты цыппор фондз мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
51 Адон уыдысты, Израилы фырттӕй фыст чи ’рцыд, уыцы адӕм. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын лӕджы+.
52 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 53 «Ацы адӕмыл зӕхх байуар ӕмӕ сын ӕй бынӕн ратт, алы мыггагӕй дӕр фыст цалӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ+. 54 Фылдӕр чи у, уыдонӕн ратт фылдӕр зӕхх, къаддӕр чи у, уыдонӕн та – къаддӕр+. Алы къордӕн дӕр зӕхх раттын хъӕуы, фыст цалӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ. 55 Зӕхх байуар хӕлттӕ+ ӕппаргӕйӕ. Алы бинонтӕн дӕр зӕхх бынӕн хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ мыггагӕн цы зӕхх ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕй. 56 Йӕ хал кӕмӕн куыд схауа, уымӕ гӕсгӕ байуар зӕхх, фылдӕр чи сты, уыдоныл дӕр ӕмӕ къаддӕр чи сты, уыдоныл дӕр».
57 Сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыцы левиттӕ+ уыдысты: Гирсон+, рацыд дзы Гирсоны хӕдзарвӕндаг; Кааф+, рацыд дзы Каафы хӕдзарвӕндаг; Мерари+, рацыд дзы Мерарийы хӕдзарвӕндаг. 58 Адон уыдысты левитты хӕдзарвӕндӕгтӕ: Ливнийы+ хӕдзарвӕндаг, Хевроны+ хӕдзарвӕндаг, Махлийы+ хӕдзарвӕндаг, Мушийы+ хӕдзарвӕндаг, Корейы+ хӕдзарвӕндаг.
Каафӕн+ райгуырд Амрам+. 59 Амрамӕн йӕ ус хуынди Иохаведӕ+. Уый уыди Левийы чызг, йӕ ус ын ӕй ныййардта Египеты. Иохаведӕ Амрамӕн ныййардта Аароны, Моисейы ӕмӕ сӕ хо Мариамы+. 60 Ааронӕн райгуырдысты Надав, Авиуд+, Елеазар ӕмӕ Ифамар+. 61 Фӕлӕ Надав ӕмӕ Авиуд амардысты, Йегъовӕйы размӕ, чи не ’мбӕлд, ахӕм зынг кӕй бахастой, уый тыххӕй+.
62 Левиттӕй фыст чи ’рцыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины+. Уыдон Израилы иннӕ фырттимӕ фыст не ’рцыдысты+, уымӕн ӕмӕ сын Израилы фыртты ’хсӕн бынтӕ лӕвӕрд нӕ уыди+.
63 Адон уыдысты, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы быдырты Иорданы раз, Иерихонмӕ+ хӕстӕг, Израилы фыртты куы фыстой, уӕд фыст чи ’рцыд, уыдон. 64 Фӕлӕ Моисей ӕмӕ сауджын Аарон Синайы ӕдзӕрӕг быдыры Израилы фырттӕй кӕй ныффыстой, уыдонӕй се ’хсӕн иу дӕр нӕ уыд+, 65 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыцы адӕмӕй афтӕ загъта: «Уыдон амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры»+. Гъемӕ уыцы адӕмӕй Йефоннийы фырт Халевы ӕмӕ Навины фырт Йесойы йеддӕмӕ иу дӕр нал баззад+.
27 Уӕд ӕрбацыдысты Салпаады чызджытӕ+. Салпаад уыд Хеферы фырт, Хефер уыд Галаады фырт, Галаад уыд Махиры фырт, Махир уыд Манассийы фырт+ – уыдон уыдысты, Иосифы фырт Манассийӕ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕй. Салпаады чызджыты нӕмттӕ уыдысты Махлӕ, Ноа, Хоглӕ, Милкӕ ӕмӕ Фирцӕ+. 2 Уыдон ӕрбацыдысты ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕмӕ Моисейы, сауджын Елеазары+, адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз ӕрлӕууыдысты ӕмӕ загътой: 3 «Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры+, фӕлӕ уый, Кореимӕ Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыцы адӕмимӕ нӕ уыди+. Уый амард йӕхи тӕригъӕды тыххӕй+, ӕмӕ йын фырттӕ та нӕ уыд. 4 Ӕмӕ йын фырт кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй ныр хъуамӕ йӕ ном йӕ мыггаджы ’хсӕнӕй сӕфгӕ фӕкӕна?+ Курӕм дӕ, ратт нын бынтӕ нӕ фыды ӕфсымӕртимӕ»+. 5 Уӕд Моисей сӕ хъуыддагӕй Йегъовӕйы бафарста, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ+.
6 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 7 «Раст зӕгъынц Салпаады чызджытӕ. Ӕнӕмӕнг сын ратт бынтӕ сӕ фыды ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ афтӕ бакӕн, сӕ фыды бынтӕ уыдонӕн лӕвӕрд куыд ӕрцӕуой+. 8 Ӕмӕ Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Адӕймаг куы амӕла ӕмӕ йын фырт куы нӕ баззайа, уӕд ын йӕ бынтӕ хъуамӕ раттат йӕ чызгӕн. 9 Чызг ын куы нӕ уа, уӕд та йын йӕ бынтӕ хъуамӕ раттат йе ’фсымӕртӕн. 10 Ӕфсымӕртӕ йын куы нӕ уа, уӕд ын йӕ бынтӕ хъуамӕ раттат йӕ фыды ӕфсымӕртӕн. 11 Йӕ фыдӕн ӕфсымӕртӕ куы нӕ уа, уӕд та йын йӕ бынтӕ хъуамӕ раттат йӕ тугхӕстӕгӕн+, йӕ мыггагӕй йын ӕппӕты хӕстӕгдӕр чи у, уымӕн. Ацы тӕрхоны уынаффӕ уыдзӕн закъон Израилы фырттӕн, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ“».
12 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ссу, Аваримы цы хох ис, уымӕ+ ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс, Израилы фырттӕн кӕй ратдзынӕн, уыцы зӕххыл+. 13 Ӕмӕ йыл дӕ цӕст куы ахӕссай, уӕд дӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕ+, де ’фсымӕр Аарон сӕм куыд баиу, афтӕ+, 14 уымӕн ӕмӕ сымах рацыдыстут мӕ ныхасы ныхмӕ Цины ӕдзӕрӕг быдыры, адӕм мемӕ куы хыл кодтой, уӕд+, ӕмӕ мын сӕ разы дӕтты цур мӕ ном не срухс кодтат+. Уыдон сты Меривӕйы дӕттӕ+, Кадесы+ раз Цины+ ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уыдон».
15 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: 16 «О Йегъовӕ, ӕппӕтӕн дӕр цард чи дӕтты+, уыцы Хуыцау+, адӕмӕн сӕ сӕргъы сӕвӕр+, 17 алы хъуыддаджы дӕр сын разамынд чи дӕтдзӕн+, ахӕм адӕймаджы, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕм ӕнӕфыййау фысты хуызӕн ма суой»+. 18 Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕрбакӕн Навины фырт Йесойы,– уый у хорз зондыл хӕст+,– ӕмӕ йыл дӕ къухтӕ ӕрӕвӕр+. 19 Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазары ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз ӕмӕ йӕ сӕвӕр разамонӕгӕй+. 20 Ӕмӕ йын дӕ кадӕй бахай кӕн+, цӕмӕй йӕм Израилы фырттӕ иууылдӕр хъусой+. 21 Йесо-иу ӕрлӕудзӕн Елеазары раз, ӕмӕ-иу ӕй исты базонын куы фӕнда, уӕд-иу Елеазар уримы*+ фӕрцы Йегъовӕйы бафӕрсдзӕн+. Ӕмӕ цы зӕгъа, уый хъуамӕ ӕххӕст кӕной иууылдӕр – йӕхӕдӕг дӕр, Израилы фырттӕ дӕр ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр».
22 Ӕмӕ Моисей бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Йесойы ӕрбакодта, ӕрлӕууын ӕй кодта сауджын Елеазары+ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз, 23 йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта разамонӕгӕй+, Йегъовӕ Моисейы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
28 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Уӕ хъус дарут, цӕмӕй мын-иу нысангонд рӕстӕгыл+ мӕ кувинӕгтӕ – мӕ дзул+ – ӕрхӕссат. Уыдон сты, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинӕгтӕ, ӕмӕ мын сӕ тӕф у ӕхсызгон“+.
3 Стӕй ма сын зӕгъ: „Артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн Йегъовӕйӕн алы бон дӕр хъуамӕ хӕссат дыууӕ ӕнӕсахъат афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Уый у, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, ахӕм судзинаг нывонд+. 4 Иу нӕл уӕрыччы-иу дзы ӕрхӕсс райсомӕй, иннӕйы та – дыууӕ изӕры астӕу*+. 5 Семӕ ма хъуамӕ ӕрхӕссай хоры кувинаг+ дӕр – ӕппӕты хуыздӕр ссад, ефӕйы дӕсӕм хай+, оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ йӕ сызмӕнт, афтӕмӕй+. 6 Уый у, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, ахӕм судзинаг нывонд+, Синайы хохыл цы фӕдзӕхст ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕ гӕсгӕ: артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф у ӕхсызгон+. 7 Стӕй ма хъӕуы ӕрхӕссын кувинаг нозт+ дӕр – карз нозт, гины цыппӕрӕм хай уӕрыччытӕй алкӕцыимӕ дӕр+. Кувинаг нозт-иу+ рауадз нывондхӕссӕныл* Йегъовӕйӕн кувинагӕн. 8 Дыккаг нӕл уӕрыччы-иу ӕрхӕсс дыууӕ изӕры астӕу. Райсомӕй-иу куыд бакӕнай, афтӕ-иу ай дӕр ӕрхӕсс хоры кувинагимӕ ӕмӕ кувинаг нозтимӕ. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
9 Сабаты+ та ма ноджыдӕр хъӕудзӕн ӕрхӕссын дыууӕ ӕнӕсахъат афӕдздзыд нӕл уӕрыччы, стӕй хоры кувинаг – ӕппӕты хуыздӕр ссад, ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы, соимӕ йӕ сызмӕнт, афтӕмӕй, ӕмӕ кувинаг нозт. 10 Уый у, сабаты кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд+ ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
11 Алы мӕйы фыццаг бон дӕр Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн хъуамӕ хӕссат дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд ӕнӕсахъат афӕдздзыд нӕл уӕрыччы+. 12 Уӕнгуытӕй алкӕцыимӕ дӕр хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ – ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй; фыримӕ – ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй+, 13 ӕмӕ алы нӕл уӕрыккимӕ дӕр хоры кувинагӕн ӕрхӕссут ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ефӕйы дӕсӕм хай, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй. Уый у судзинаг нывонд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф у ӕхсызгон+. 14 Семӕ ма хъуамӕ уа кувинаг нозт дӕр, сӕн: уӕныгимӕ – гины ӕрдӕг+, фыримӕ – гины ӕртыккаг хай+, нӕл уӕрыккимӕ – гины цыппӕрӕм хай+. Ай у, афӕдзы дӕргъы алы мӕй дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, ахӕм судзинаг нывонд+. 15 Алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн ӕрхӕссын хъӕуы сӕныкк+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+.
16 Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, уыдзӕн Куадзӕн Йегъовӕйы номыл+. 17 Уыцы мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон уыдзӕн бӕрӕгбон. Авд боны-иу хӕрут донгонд дзултӕ+. 18 Фыццаг бон хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут+. 19 Хъуамӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн+, ӕрхӕссат дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд афӕдздзыд нӕл уӕрыччы+. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 20 Семӕ ма хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ – ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй: уӕныгимӕ – ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы, фыримӕ – ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы+, 21 авд нӕл уӕрыккӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы дӕсӕм хай+, 22 ӕмӕ ма иу сӕгъ та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуат+. 23 Ацы нывӕндтӕ хӕсдзыстут, райсомӕй-иу хаст чи ’рцӕуа, алы бон дӕр+ кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывондӕй уӕлдай+. 24 Ахӕм нывӕндтӕ хӕсдзыстут алы бон дӕр авд боны дӕргъы. Уый у дзул+, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн у ӕхсызгон+. Ацы нывӕндтӕ хъуамӕ хӕссат, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай. 25 Ӕмӕ ӕвдӕм бон дӕр хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут+.
26 Фыццаг тыллӕджы бон+, Йегъовӕйӕн ног хорӕй кувинаг куы хӕссат, уӕд, уӕ Къуыриты бӕрӕгбоны+, хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут+. 27 Судзинаг нывондӕн-иу ӕрхӕссут дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд афӕдздзыд нӕл уӕрыччы, цӕмӕй сӕ тӕф Йегъовӕйӕн уа ӕхсызгон+. 28 Семӕ ма хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг – ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй: уӕнгуытӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы, фыримӕ – ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы+, 29 авд нӕл уӕрыккӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы дӕсӕм хай+, 30 ӕмӕ ма иу сӕныкк та – цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуат+. 31 Ацы нывӕндтӕ, ӕмӕ ма семӕ кувинаг нозт+, хъуамӕ хӕссат, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинагӕй уӕлдай+. Фос хъуамӕ уой ӕнӕсахъат+.
29 Ӕвдӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут+. Уый уын уыдзӕн Уадындзты уасты бон+. 2 Хъуамӕ судзинаг нывондӕн, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй тӕф у, ахӕм нывондӕн, ӕрхӕссат иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 3 Семӕ ма хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг дӕр – ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй: уӕныгимӕ – ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы, фыримӕ – ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы+, 4 авд нӕл уӕрыккӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы дӕсӕм хай+, 5 ӕмӕ ма иу нӕл сӕныкк та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуат+. 6 Ацы нывӕндтӕ хъуамӕ хӕссат, алы мӕй дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд+ ӕмӕ хоры кувинагӕй уӕлдай+, стӕй, алы бон кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд+ ӕмӕ хоры кувинагӕй уӕлдай+, ӕмӕ ма семӕ цы кувинаг нозт ӕрцӕуы хаст+, уымӕй уӕлдай. Хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ. Уыдон сты, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын сӕ тӕф у ӕхсызгон+.
7 Ӕвдӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+, ӕмӕ-иу хъуамӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнат*+. Уыцы бон мацы кусут+. 8 Хъуамӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн, ӕхсызгон ын кӕй тӕф у, ахӕм нывондӕн, ӕрхӕссат иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд афӕдздзыд нӕл уӕрыччы+. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 9 Семӕ ма хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг дӕр – ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй: уӕныгимӕ – ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы, фыримӕ – ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы+, 10 авд нӕл уӕрыккӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы дӕсӕм хай+, 11 ӕмӕ ма иу сӕныкк та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, сыгъдӕггӕнӕн бон тӕригъӕды тыххӕй цы нывонд ӕрхӕссат+, уымӕй уӕлдай, стӕй алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинагӕй уӕлдай, ӕмӕ ма семӕ цы кувинаг нозт ӕрцӕуа хаст, уымӕй уӕлдай+.
12 Ӕвдӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон+ хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут+, ӕмӕ авд боны бӕрӕг кӕнут бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+. 13 Хъуамӕ судзинаг нывондӕн+, артыл кӕй басудзынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй тӕф у, ахӕм нывондӕн, ӕрхӕссат ӕртындӕс уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 14 Семӕ ма хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг дӕр – ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй: ӕртындӕс уӕныгӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы; дыууӕ фырӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы+, 15 цыппӕрдӕс нӕл уӕрыккӕй алкӕцыимӕ дӕр – ефӕйы дӕсӕм хай+, 16 ӕмӕ ма иу сӕныкк та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
17 Уый фӕстӕ дыккаг бон хъуамӕ ӕрхӕссат дыууадӕс уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 18 Уӕнгуытимӕ, фырытимӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт+ дӕр, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+, 19 ӕмӕ ма иу сӕныкк та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинагӕй уӕлдай, ӕмӕ ма семӕ цы кувинаг нозт ӕрцӕуа хаст, уымӕй уӕлдай+.
20 Ӕртыккаг бон хъуамӕ ӕрхӕссат иуӕндӕс уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 21 Уӕнгуытимӕ, фырытимӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт+ дӕр, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ, 22 ӕмӕ ма иу сӕгъ* та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай.
23 Цыппӕрӕм бон хъуамӕ ӕрхӕссат дӕс уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 24 Уӕнгуытимӕ, фырытимӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр+, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+, 25 ӕмӕ ма иу сӕныкк та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд+, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
26 Фӕндзӕм бон хъуамӕ ӕрхӕссат фараст уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 27 Уӕнгуытимӕ, фырытимӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр+, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+, 28 ӕмӕ ма иу сӕгъ та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
29 Ӕхсӕзӕм бон хъуамӕ ӕрхӕссат аст уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 30 Уӕнгуытимӕ, фырытимӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр+, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+, 31 ӕмӕ ма иу сӕгъ та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
32 Ӕвдӕм бон хъуамӕ ӕрхӕссат авд уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 33 Уӕнгуытимӕ, фырытимӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр+, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+, 34 ӕмӕ ма иу сӕгъ та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
35 Ӕстӕм бон хъуамӕ скӕнат сӕрмагонд ӕмбырд+. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут+. 36 Хъуамӕ судзинаг нывондӕн, артыл кӕй басудзынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй тӕф у, ахӕм нывондӕн, ӕрхӕссат иу гал, иу фыр ӕмӕ авд афӕдздзыд нӕл уӕрыччы. Хъуамӕ уой ӕнӕсахъат фос+. 37 Галимӕ, фыримӕ ӕмӕ ма нӕл уӕрыччытимӕ хъуамӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт дӕр+, цал сты ӕмӕ уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+, 38 ӕмӕ ма иу сӕгъ та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, уыцы судзинаг нывонд, стӕй хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтӕй уӕлдай+.
39 Ацы нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн хӕсдзыстут уӕ бӕрӕгбӕтты+ – Хуыцауӕн дзырд кӕй раттат, уый номыл+ кӕнӕ, уӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссат, уыцы нывӕндтӕй уӕлдай+: уӕ судзинаг нывӕндтӕй+, уӕ хоры кувинӕгтӕй+, уӕ кувинаг нозтӕй+ ӕмӕ уӕ фарны нывӕндтӕй уӕлдай“»+. 40 Ӕмӕ Моисей Израилы фырттӕн радзырдта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый+.
30 Уый фӕстӕ Моисей Израилы мыггӕгты хистӕртӕн+ загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: 2 „Адӕймаг Йегъовӕйӕн дзырд куы ратта+ кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй куы расомы кӕна+ ӕмӕ йӕхи ныхасӕй куы сбӕтта+, уӕд хъуамӕ йӕ ныхас ма фӕсайа+. Цыдӕриддӕр загъта, уый хъуамӕ сӕххӕст кӕна+.
3 Сылгоймаг йе ’рыгонӕй, йӕ фыды хӕдзары цӕргӕйӕ, Йегъовӕйӕн дзырд куы ратта+ кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй куы расомы кӕна ӕмӕ йӕхи ныхасӕй куы сбӕтта, 4 ӕмӕ, дзырд кӕй радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй кӕй расомы кодта ӕмӕ йӕхи ныхасӕй кӕй сбаста, уый йӕ фыд куы фехъуса, ӕмӕ йын куы ницы зӕгъа, уӕд, дзырд цӕй тыххӕй радта, уыдон иууылдӕр сты ӕххӕстгӕнинаг, ӕмӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй цы сомы ракодта ӕмӕ йӕхи цы ныхасӕй сбаста+, уый дӕр у ӕххӕстгӕнинаг. 5 Фӕлӕ, дзырд кӕй радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй кӕй расомы кодта ӕмӕ йӕхи ныхасӕй кӕй сбаста, уый йӕ фыд цы бон фехъуса, уыцы бон ын куы зӕгъа, ӕз дын бар нӕ дӕттын, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕххӕстгӕнинаг нал у. Ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыд бар нӕ радта+.
6 Кӕд сылгоймаг моймӕдзыд у ӕмӕ, цы дзырд радта, уый йын ӕххӕстгӕнинаг у+ кӕнӕ кӕд, нӕ ахъуыды кодта, афтӕмӕй расомы кодта ӕмӕ йӕхи ныхасӕй сбаста, 7 ӕмӕ йӕ кӕд йӕ лӕг фехъуыста ӕмӕ йӕ цы бон фехъуыста, уыцы бон ын ницы загъта, уӕд сылгоймагӕн ӕххӕстгӕнинаг у, цы дзырд радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй цы сомы ракодта ӕмӕ йӕхи цы ныхасӕй сбаста, уый+. 8 Фӕлӕ, цы дзырд радта кӕнӕ, нӕ ахъуыды кодта, афтӕмӕй цы сомы ракодта ӕмӕ йӕхи цы ныхасӕй сбаста, уый йӕ лӕг цы бон фехъуса, уыцы бон ын куы зӕгъа, ӕз дын бар нӕ дӕттын+, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕххӕстгӕнинаг нал у. Ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн+.
9 Кӕд дзырд идӕдз ус радта кӕнӕ, йӕ лӕгӕй хицӕн чи у, ахӕм сылгоймаг, уӕд, йӕхи цы ныхасӕй сбаста, уый йын у ӕххӕстгӕнинаг.
10 Кӕд сылгоймаг, йӕ лӕджы хӕдзары цӕргӕйӕ, дзырд радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй расомы кодта+ ӕмӕ йӕхи ныхасӕй сбаста, 11 ӕмӕ йӕ кӕд йӕ лӕг фехъуыста ӕмӕ йын ницы загъта, уӕд ын бар дӕтты, ӕмӕ, цы дзырд радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй цы сомы ракодта ӕмӕ йӕхи цы ныхасӕй сбаста, уый йын у ӕххӕстгӕнинаг. 12 Фӕлӕ, дзырд кӕй радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй кӕй расомы кодта ӕмӕ йӕхи ныхасӕй кӕй сбаста, уый йӕ лӕг цы бон фехъуса, уыцы бон ын куы зӕгъа, ӕз дын бар нӕ дӕттын, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕххӕстгӕнинаг нал у+. Йӕ лӕг ын бар нӕ дӕтты, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн+. 13 Йӕ лӕгӕй кӕнгӕ у, цы дзырд радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй цы сомы ракодта ӕмӕ йӕхи цы ныхасӕй сбаста, уый йын ӕххӕстгӕнинаг у ӕви нӕ+. 14 Фӕлӕ афтӕ куы уа, ӕмӕ бонтӕ цӕуынц ӕмӕ йын йӕ лӕг ницы дзуры, уӕд ын бар дӕтты, ӕмӕ йын уӕд, цы дзырд радта кӕнӕ, цыдӕр кӕй нӕ араздзӕн, уый тыххӕй цы сомы ракодта ӕмӕ йӕхи цы ныхасӕй сбаста, уый у ӕххӕстгӕнинаг+. Йӕ лӕг ын бар радта, цы бон ӕй фехъуыста, уыцы бон кӕй ницы загъта, уымӕй. 15 Фӕлӕ йӕ куы фехъуса, уыцы бонӕй цасдӕр рӕстӕг куы рацӕуа, ӕмӕ йын уӕд куы зӕгъа, бар дын нӕ дӕттын, зӕгъгӕ, уӕд усы тӕригъӕд ис лӕгыл+.
16 Адон сты, Йегъовӕ Моисейӕн кӕй радта, уыцы закъӕттӕ: ус кӕнӕ чызг дзырд куы раттой, уӕд куыд кӕнгӕ у лӕг ӕмӕ усӕн+, стӕй фыд ӕмӕ чызгӕн, чызг йе ’рыгонӕй йӕ фыды хӕдзары куы цӕра, уӕд»+.
31 Стӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Мадиамӕгтӕй+ Израилы фыртты маст райс+. Уый фӕстӕ дӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕ»+.
3 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Уе ’хсӕнӕй равзарут, хӕстмӕ чи ацӕудзӕн, ахӕм адӕмы ӕмӕ сӕ срӕвдз кӕнут, цӕмӕй мадиамӕгтимӕ схӕцой ӕмӕ Йегъовӕ уыдоны къухӕй мадиамӕгтӕй йӕ маст райса+. 4 Израилы мыггӕгтӕй алкӕцыйӕ дӕр арвитут фӕйнӕ мин адӕймаджы». 5 Ӕмӕ Израилы мин-минтӕй+ равзӕрстой ӕмӕ хӕстмӕ срӕвдз кодтой дыууадӕс мин адӕймаджы, алы мыггагӕй дӕр иу мин+.
6 Ӕмӕ сӕ Моисей арвыста хӕстмӕ, алы мыггагӕй дӕр иу мин адӕймаджы. Семӕ ма арвыста сауджын Елеазары фырт Финеесы+ дӕр. Финеесмӕ уыд табуйаг дзауматӕ, стӕй уадындзтӕ+ тохмӕ сидынӕн. 7 Ӕмӕ израилӕгтӕ мадиамӕгтимӕ схӕцыдысты, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътой+. 8 Кӕй ныццагътой, уыдоны ’хсӕн уыдысты Мадиамы паддзӕхтӕ дӕр: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревӕ – фондз мадиамаг паддзахы+. Хъамайӕ амардтой Валаамы+ дӕр, Веоры фырты. 9 Мадиамаг сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты та Израилы фырттӕ уацары ракодтой+, сӕ фос сын иууылдӕр ратардтой ӕмӕ сын сӕ мулк рахастой, ницыуал дзы ныууагътой. 10 Кӕм цардысты, уыцы горӕттӕ ӕмӕ, сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн уыд, уыцы цӕрӕнбынӕттӕ та сын иууылдӕр арты хай бакодтой+. 11 Сӕ мулк сын рахастой, кӕй ӕрцахстой+, уыцы адӕмы ракодтой ӕмӕ фос дӕр ратардтой. 12 Ӕмӕ ӕрбацыдысты Моисеймӕ, сауджын Елеазармӕ ӕмӕ ӕгас Израилы адӕммӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм, Моавы быдыртӕм+,– уыдон сты Иорданы раз, Иерихонмӕ хӕстӕг,– ӕрбакодтой уацайрӕгты, фос ӕмӕ ӕрбахастой, цы мулк сӕ байстой, уый.
13 Уӕд Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр сӕ размӕ цатырты ӕддӕмӕ рацыдысты. 14 Ӕмӕ Моисейӕн йӕ маст рафыхт, хӕстӕй чи здӕхт, уыцы ӕфсады хистӕртӕм+: минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдонмӕ. 15 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр удӕгасӕй ныууагътат?+ 16 Валаамы ныхасмӕ гӕсгӕ уыдон куы бакодтой афтӕ, цӕмӕй Израилы фырттӕ Фегоры+ раз Йегъовӕйыл гадзрахатӕй рацыдаиккой+, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы адӕм куы фӕцагъды сты+. 17 Амарут сын сӕ лӕппуты ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ’рцыд, уыцы сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр+. 18 Нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, уыцы гыццыл чызджыты та удӕгасӕй ныууадзут+. 19 Уӕхӕдӕг та хъуамӕ авд боны цӕрат цатырты ӕдде. Адӕймаг* уӕ чидӕриддӕр амардта+ кӕнӕ, чи фӕмард, ахӕм адӕймагмӕ уӕ чидӕриддӕр бавнӕлдта+, уыдон хъуамӕ сӕхи ӕртыккаг бон ӕмӕ ӕвдӕм бон ссыгъдӕг кӕной+, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ уацайрӕгтӕ дӕр. 20 Ссыгъдӕг кӕнут уӕ уӕлӕдарӕс иууылдӕр, стӕй алы дзаума дӕр – сӕракӕй конд уа, сӕгъы хъуынӕй ӕви хъӕдӕй»+.
21 Сауджын Елеазар, хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕн загъта: «Йегъовӕ Моисейӕн радта ахӕм закъон: 22 „Сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, къала ӕмӕ зды – 23 арты ссыгъдӕггӕнӕн цы ис+, уыдӕттӕ – арты ссыгъдӕг кӕнут, ӕмӕ уыдзысты сыгъдӕг. Стӕй ма сӕ ссыгъдӕг кӕнын хъӕудзӕн сыгъдӕггӕнӕн донӕй дӕр+. Арты ссыгъдӕггӕнӕн цы нӕй, уыдӕттӕ та ссыгъдӕг кӕнут донӕй+. 24 Ӕвдӕм бон ныхсут уӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ уыдзыстут сыгъдӕг, ӕмӕ уый фӕстӕ уӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын“»+.
25 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 26 «Сауджын Елеазар ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртимӕ банымайут, цы уацайрӕгты ӕмӕ цы фос ӕрбакодтой, уыдоны, 27 ӕмӕ сӕ дыууӕ дихы акӕн: иу хай, хӕцгӕ чи кодта, уыдонӕн, иннӕ хай та – иннӕ адӕмӕн+. 28 Хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕй Йегъовӕйӕн райс* хъалон+: алы фондзсӕдӕ адӕймагӕй – иу адӕймаджы, алы фондзсӕдӕ стурӕй – иу стур, алы фондзсӕдӕ хӕрӕгӕй – иу хӕрӕг, алы фондзсӕдӕ фысӕй – иу фыс. 29 Уыцы хъалон сын райсут сӕ хайӕ ӕмӕ йӕ раттут сауджын Елеазарӕн, Йегъовӕйӕн мысайнагӕн+. 30 Израилы фырттӕм цы хай хауы, уымӕй дӕр райс: алы фӕндзай адӕймагӕй – иу адӕймаджы, алы фӕндзай стурӕй – иу стур, алы фӕндзай хӕрӕгӕй – иу хӕрӕг, алы фӕндзай фысӕй – иу фыс, ӕппӕт фосӕй дӕр, ӕмӕ сӕ ратт левиттӕн+, Йегъовӕйы цатыры йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн»+.
31 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар бакодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 32 Хӕсты чи уыд, уыдон цы фос ратардтой, уыдонӕй ма баззад: лыстӕг фосӕй – ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз мины, 33 стуртӕй – ӕвдай дыууӕ мины, 34 хӕрджытӕй – ӕхсай иу мин. 35 Нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи* никуы ’рцыд, уыцы сылгоймӕгтӕ+ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын дыууӕ мин уды+. 36 Хӕсты чи уыд, уыдоны хай лыстӕг фосӕй уыд ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ сӕры. 37 Лыстӕг фосӕй Йегъовӕйӕн хъалонӕн+ радтой ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз сӕры. 38 Стуртӕ уыдысты ӕртын ӕхсӕз мины, ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн хъалонӕн радтой ӕвдай дыууӕ стуры. 39 Хӕрджытӕ уыдысты ӕртын мин фондзсӕдӕ, ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн хъалонӕн радтой ӕхсай иу хӕрӕг. 40 Адӕм уыдысты ӕхсӕрдӕс мин уды, ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн хъалонӕн радтой ӕртын дыууӕ уды. 41 Стӕй Моисей уыцы хъалон радта сауджын Елеазарӕн+, Йегъовӕйӕн мысайнагӕн, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
42 Хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕн Моисей сӕ хай куы рахицӕн кодта, уӕд Израилы фырттӕн цы хай радта, уый уыд: 43 адӕмы хай лыстӕг фосӕй – ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ сӕры, 44 стуртӕй – ӕртын ӕхсӕз мины, 45 хӕрджытӕй – ӕртын мин фондзсӕдӕ, 46 адӕмӕй – ӕхсӕрдӕс мин уды. 47 Ӕмӕ, Израилы фырттӕм адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр цы хай ӕрхауд, уымӕй Моисей райста фӕндзайӕ иу уд, ӕмӕ сӕ радта левиттӕн+, Йегъовӕйы цатыры йӕ хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны+, уыдонӕн, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
48 Уый фӕстӕ, ӕфсады къордты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыцы хицӕуттӕ+ – минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон+ – ӕрбацыдысты Моисеймӕ 49 ӕмӕ йын загътой: «Мах, дӕ лӕггадгӕнджытӕ, банымадтам, нӕ дӕлбар чи ис, уыцы хӕстонты, ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй нӕ адӕмӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыд+. 50 Гъемӕ нӕ алкӕй дӕр фӕнды, нӕ къухы цы бафтыд, уый Йегъовӕйӕн лӕварӕн раттын+: сызгъӕринӕй конд дзауматӕ, къахылдаргӕ лыстӕг рӕхыстӕ, цонгдарӕнтӕ, мыхуыримӕ къухдарӕнтӕ+, хъусцӕджытӕ ӕмӕ сылгоймаджы аивгӕнӕнтӕ+,– цӕмӕй нӕхи Йегъовӕйы раз нӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕм».
51 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар райстой уыцы сызгъӕринтӕ+ – цы зынаргъ дзауматӕ ӕрбахастой, уыдон иууылдӕр. 52 Минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон Йегъовӕйӕн лӕварӕн цы сызгъӕрин ӕрбахастой, уый уыди ӕхсӕрдӕс мин авдсӕдӕ фӕндзай сиклы. 53 Ӕфсӕддонтӕй алчидӕр, сӕ къухы цы бафтыд, уымӕй йӕхицӕн хай райста+. 54 Гъемӕ Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар райстой, минты сӕргъы чи лӕууыд ӕмӕ сӕдӕты сӕргъы чи лӕууыд, уыдон цы сызгъӕрин ӕрбахастой, уый. Ӕмӕ йӕ ӕмбырды цатырмӕ бахастой, цӕмӕй уый фӕрцы Израилы фырттӕ Йегъовӕйы зӕрдыл лӕууыдаиккой+.
32 Рувимы фырттӕм+ ӕмӕ Гады фырттӕм+ уыди бирӕ фос, тынг бирӕ. Уыдон федтой, Иазеры+ зӕхх ӕмӕ Галаады зӕхх фос дарынӕн хорз кӕй сты. 2 Гъемӕ Гады фырттӕ ӕмӕ Рувимы фырттӕ ӕрбацыдысты Моисеймӕ, сауджын Елеазармӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын загътой: 3 «Атароф+, Дивон+, Иазер, Нимрӕ+, Есевон+, Елеале+, Севам, Нево+ ӕмӕ Веон+ – 4 ацы зӕхх Йегъовӕ радта Израилы адӕмы къухмӕ+, ӕмӕ фос дарынӕн у хорз. Дӕ цагъартӕ та дарынц фос»+. 5 Стӕй загътой: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтам, уӕд ацы зӕхх ратт дӕ цагъартӕн. Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ма ахизын кӕн»+.
6 Уӕд Моисей Гады фырттӕн ӕмӕ Рувимы фырттӕн загъта: «Уе ’фсымӕртӕ хӕцынмӕ цӕуынц, сымах та хъуамӕ ам баззайат?+ 7 Израилы фырттӕн сӕ ныфс цӕмӕн сӕттут, Йегъовӕ сын кӕй ратдзӕн, уыцы зӕхмӕ бацӕуын сӕ цӕмӕн хъыгдарут? 8 Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой+, ӕз сӕ Кадес-Варнийӕ+ уыцы зӕхх фенынмӕ куы арвыстон, уӕд. 9 Уыдон Ешколы дӕлвӕзы+ онг куы ссыдысты ӕмӕ уыцы зӕхх куы федтой, уӕд уый фӕстӕ Израилы фырттӕн сӕ ныфс асастой, ӕмӕ сӕ нал фӕндыди, Йегъовӕ сын цы зӕхх лӕвӕрдта, уырдӕм бацӕуын+. 10 Ӕмӕ уыцы бон Йегъовӕйы маст ссыгъд ӕмӕ расомы кодта+: 11 „Египетӕй чи рацыд, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы+, уыдон нӕ фӕндзысты, ӕз Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, уыцы зӕхх+, уымӕн ӕмӕ мӕ коммӕ алы хъуыддаджы нӕ кастысты. 12 Уыцы зӕхх фендзысты ӕрмӕстдӕр Халев+, кенезейаг* Йефоннийы фырт, ӕмӕ Йесо+, Навины фырт, уымӕн ӕмӕ уыдон алы хъуыддаджы дӕр кастысты Йегъовӕйы коммӕ“. 13 Ӕмӕ Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд, ӕмӕ сын афтӕ бакодта, ӕмӕ цыппор азы+ рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдыры, цалынмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕрдзинад чи арӕзта, уыцы фӕлтӕр се ’ппӕт дӕр нӕ амардысты+. 14 Ӕмӕ ныр сымах дӕр, тӕригъӕдджын адӕмы байзӕддаг, уӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, раст афтӕ кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ноджы тынгдӕр ссудза+. 15 Йӕ коммӕ куы нӕ кӕсат+, уӕд та сӕ ногӕй ӕдзӕрӕг быдыры ныууадздзӕн+, ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмы бабын кӕндзыстут»+.
16 Цасдӕры фӕстӕ та Моисеймӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Фӕнды нӕ ам нӕ фысты дзугтӕн дурӕй фысдӕттӕ самайын ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн горӕттӕ саразын. 17 Нӕхӕдӕг та Израилы фыртты разӕй гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстӕм+ ӕмӕ сӕ цалынмӕ сӕ бынатмӕ нӕ бакӕнӕм, уӕдмӕ не ’рлӕудзыстӕм. Уӕдмӕ та уал нӕ сывӕллӕттӕ цӕрдзысты фидаргонд горӕтты, ацы зӕххы цӕрджытӕй дард. 18 Цалынмӕ Израилы фырттӕ зӕхх сӕхицӕн нӕ бацахсой, цалынмӕ дзы алчидӕр йӕ бынтӕ нӕ райса, уӕдмӕ мах нӕ хӕдзӕрттӕм нӕ раздӕхдзыстӕм+. 19 Махӕн Иорданы фаллаг фарс ӕмӕ уый фалӕмӕ уыдонимӕ бынтӕ нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ мах бынтӕ райсдзыстӕм Иорданы ацы фарс, скӕсӕнырдыгӕй»+.
20 Уӕд сын Моисей загъта: «Ӕцӕгдӕр афтӕ куы бакӕнат, уӕхи куы срӕвдз кӕнат, цӕмӕй Йегъовӕйы разӕй хӕстмӕ ацӕуат+, 21 ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр гӕрзифтонгӕй Йегъовӕйы разӕй Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ куы не ’рлӕууат, цалынмӕ йӕ разӕй йе знӕгты нӕ фӕсура+, 22 ӕмӕ уыцы зӕхх Йегъовӕйы фӕрцы куы байсат+, ӕмӕ уый фӕстӕ куы раздӕхат+, уӕд Йегъовӕйы раз ӕмӕ Израилы раз аххосджын нӕ уыдзыстут. Ӕмӕ ацы зӕхх Йегъовӕйы фӕрцы сымах бауыдзӕн+. 23 Фӕлӕ афтӕ куы нӕ бакӕнат, уӕд Йегъовӕйы раз сараздзыстут тӕригъӕд+. Ӕмӕ йӕ уӕд зонут, уӕ тӕригъӕд уӕ кӕй баййафдзӕн+. 24 Саразут уӕ сывӕллӕттӕн горӕттӕ ӕмӕ уӕ фысты дзугтӕн – дурӕйконд фысдӕттӕ, ӕмӕ цыдӕриддӕр загътат, уый бакӕнут»+.
25 Ӕмӕ Гады фырттӕ ӕмӕ Рувимы фырттӕ Моисейӕн загътой: «Нӕ буц хицау йӕ цагъартӕн куыддӕриддӕр зӕгъы, афтӕ бакӕндзысты+. 26 Нӕ сывӕллӕттӕ, нӕ устытӕ, нӕ фыстӕ ӕмӕ нӕ фос иууылдӕр баззайдзысты ам, Галаады горӕтты+, 27 дӕ цагъартӕ та гӕрзифтонгӕй+ ацӕудзысты хӕстмӕ Йегъовӕйы разӕй, нӕ буц хицау куыддӕриддӕр зӕгъы, афтӕ».
28 Ӕмӕ Моисей уыдоны тыххӕй бардзырд радта сауджын Елеазарӕн, Навины фырт Йесойӕн ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕн. 29 Моисей сын загъта: «Гады фырттӕ ӕмӕ Рувимы фырттӕ гӕрзифтонгӕй+ Йегъовӕйы разӕй Иорданы фаллаг фарсмӕ уемӕ куы ахизой ӕмӕ уыцы зӕхх уӕхи куы бауа, уӕд-иу сын Галаады зӕхх раттут+. 30 Фӕлӕ сӕхи куы не срӕвдз кӕной ӕмӕ уемӕ куы нӕ ацӕуой, уӕд хъуамӕ ӕрцӕрой уе ’хсӕн Ханааны зӕххыл»+.
31 Уӕд Гады фырттӕ ӕмӕ Рувимы фырттӕ загътой: «Йегъовӕ дӕ цагъартӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзысты+. 32 Мах гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстӕм Йегъовӕйы разӕй Ханааны зӕхмӕ+, зӕхх та бынӕн райсдзыстӕм Иорданы ацы фарс»+. 33 Ӕмӕ Моисей Гады фырттӕн+, Рувимы фырттӕн+ ӕмӕ Иосифы фырт Манассийы мыггаджы+ ӕмбисӕн радта аморейты паддзах Сигоны+ паддзахад ӕмӕ Васаны паддзах Огы+ паддзахад – сӕ горӕттӕ кӕм уыдысты, уыцы зӕхх, ӕмӕ уыдонӕн сӕ алыварс цы зӕххытӕ ӕмӕ горӕттӕ уыд, уыдон.
34 Ӕмӕ Гады фырттӕ сарӕзтой Дивон+, Атароф+, Ароер+, 35 Атароф-Шофан, Иазер+, Иогбегӕ+, 36 Беф-Нимрӕ+, Беф-Гарам+ – фидаргонд горӕттӕ+, ӕмӕ дурӕй самадтой фысдӕттӕ+. 37 Рувимы фырттӕ та сарӕзтой Есевон+, Елеале+, Кириафаим+, 38 Нево+, Ваал-Меон+,– сӕ нӕмттӕ ӕрцыдысты ивд,– ӕмӕ Сивмӕ. Ӕмӕ кӕй сарӕзтой, уыцы горӕттӕн радтой ӕндӕр нӕмттӕ.
39 Манассийы фырт Махиры фырттӕ+ ацыдысты Галаадмӕ ӕмӕ йӕ бацахстой ӕмӕ дзы цы аморейтӕ уыд, уыдоны фӕсырдтой. 40 Ӕмӕ Моисей Галаад радта Манассийы фырт Махиры фырттӕн, ӕмӕ уым ӕрцардысты+. 41 Иаир, Манассийы мыггагӕй, ацыд ӕмӕ бацахста, адӕм цатырты кӕм цардысты, уыцы хъӕутӕ, ӕмӕ сӕ схуыдта Хаввоф-Иаир+. 42 Новах та ацыд ӕмӕ бацахста Кенаф+ йӕ дӕлбар горӕттимӕ. Ӕмӕ йӕ схуыдта йӕхи номӕй, Новах, зӕгъгӕ.
33 Моисей ӕмӕ Аарон+ Израилы фыртты се ’фсӕдтӕм+ гӕсгӕ Египеты зӕххӕй+ куы ракодтой, уӕд ай уыд сӕ фӕндаг. 2 Моисей Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фыста, иу бынатӕй иннӕмӕ куыд цыдысты, уый. Цӕугӕ та иу бынатӕй иннӕмӕ кодтой афтӕ+. 3 Раамсесӕй+ рацыдысты фыццаг мӕйы, фыццаг мӕйӕн+ йӕ фынддӕсӕм бон. Куадзӕны+ фӕстӕ иннӕ бон Израилы фырттӕ ныфсджынӕй* рацыдысты ӕппӕт египетӕгты раз+. 4 Уыцы рӕстӕг та египетӕгтӕ ныгӕдтой, Йегъовӕ сын кӕй ныццагъта, уыдоны – сӕ фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+. Йегъовӕ сӕ хуыцӕуттыл йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кодта+.
5 Израилы фырттӕ рацыдысты Раамсесӕй+ ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Сокхофы+. 6 Уый фӕстӕ Сокхофӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ефамы+, ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон. 7 Ефамӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ фӕзылдысты Пи-Гахирофы+ ’рдӕм, уый ис Ваал-Цефонмӕ+ хӕстӕг, ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Мигдолы+ раз. 8 Пи-Гахирофӕй сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой ӕмӕ денджызы+ астӕуты ӕдзӕрӕг быдырмӕ+ ахызтысты. Ӕртӕ боны фӕцыдысты Ефамы+ ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Меррӕйы+.
9 Меррӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ ӕрцыдысты Елиммӕ+. Елимы уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ ӕвдай пальмӕбӕласы. Гъемӕ сӕ цатыртӕ уым ӕрӕвӕрдтой. 10 Елимӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Сырх денджызы раз. 11 Сырх денджызы разӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Сины ӕдзӕрӕг быдыры+. 12 Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Дофкӕйы. 13 Цасдӕры фӕстӕ Дофкӕйӕ араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Алушы. 14 Алушӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Рефидимы+. Уыцы ран адӕмӕн нӕ уыди дон нуазынӕн. 15 Рефидимӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Синайы ӕдзӕрӕг быдыры+.
16 Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Киброт-Гаттаавӕйы+. 17 Киброт-Гаттаавӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Асирофы+. 18 Асирофӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Рифмӕйы. 19 Рифмӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Римнон-Фарецы. 20 Римнон-Фарецӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ливнӕйы. 21 Цасдӕры фӕстӕ Ливнӕйӕ араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Риссӕйы. 22 Риссӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Кегелафы. 23 Кегелафӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Шаферы хохы раз.
24 Шаферы хохы разӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ+ ӕрӕвӕрдтой Харадӕйы. 25 Харадӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Макелофы. 26 Макелофӕй дарддӕр араст сты+ ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Тахафы. 27 Тахафӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Фаррӕйы. 28 Фаррӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Мифкӕйы. 29 Цасдӕры фӕстӕ Мифкӕйӕ араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Хашмонӕйы. 30 Хашмонӕйӕ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Мосерофы. 31 Мосерофӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Бене-Иаканы+. 32 Бене-Иаканӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Хор-Агидгады. 33 Хор-Агидгадӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Иотвафӕйы+. 34 Цасдӕры фӕстӕ Иотвафӕйӕ араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Авроны. 35 Авронӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ецион-Гаверы+. 36 Ецион-Гаверӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Цины ӕдзӕрӕг быдыры+, Кадесы.
37 Цасдӕры фӕстӕ Кадесӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Оры хохы раз+, Едомы арӕнты цур. 38 Уым сауджын Аарон Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ ссыд Оры хохмӕ ӕмӕ уым амард. Уый уыди, Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй цыппорӕм аз, фӕндзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон+. 39 Аарон Оры хохыл куы амард, уӕд ыл цыди сӕдӕ дыууын ӕртӕ азы.
40 Негевы+ царди Арады+ паддзах, ханаайнаг паддзах. Уый фехъуыста, Израилы фырттӕ кӕй ӕрбацыдысты.
41 Цасдӕры фӕстӕ Оры хохы+ разӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Салмоны. 42 Уый фӕстӕ Салмонӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Пуноны. 43 Пунонӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Овофы+. 44 Овофӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ийе-Аваримы*, Моавы+ арӕнты раз. 45 Цасдӕры фӕстӕ Иймӕй араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Дивон-Гады+. 46 Дивон-Гадӕй дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Алмон-Дивлафаимы. 47 Алмон-Дивлафаимӕй+ дарддӕр араст сты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой, Аваримы цы хӕхтӕ ис+, уыдоны раз, Невойы раз+. 48 Фӕстагмӕ араст сты, Аваримы цы хӕхтӕ ис, уыдоны разӕй ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Моавы быдырты+, Иорданы раз, Иерихонмӕ хӕстӕг. 49 Сӕ цатыртӕ ӕвӕрд уыдысты Иорданы раз, Моавы быдырты, Беф-Йешимофӕй+ Аве-Ситтимы+ онг.
50 Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта Моавы быдырты, Иорданы раз, Иерихонмӕ+ хӕстӕг, ӕмӕ йын загъта: 51 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Ныр сымах ахиздзыстут Иорданы сӕрты ӕмӕ бацӕудзыстут Ханааны зӕхмӕ+. 52 Ӕмӕ хъуамӕ уӕ разӕй фӕсурат уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр, хъуамӕ сын сӕ дурӕйконд хуыцӕуттӕ+ ӕмӕ се ’фсӕйнаг хуыцӕуттӕ иууылдӕр фесафат+ ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттӕ* иууылдӕр ныппырх кӕнат+. 53 Хъуамӕ уыцы зӕхх уӕхи бакӕнат ӕмӕ йыл цӕрат, уымӕн ӕмӕ уын ӕй ӕз ратдзынӕн, цӕмӕй сымах бауа+. 54 Ацы зӕхх хъуамӕ байуарат хӕлттӕ+ сӕппаргӕйӕ, уӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ уӕ бинонтӕм гӕсгӕ+. Фылдӕр чи у, уыдонӕн раттут фылдӕр зӕхх, къаддӕр чи у, уыдонӕн та – къаддӕр+. Сӕ хал кӕм схауа, уым уыдзӕн сӕ зӕхх+. Зӕхх уӕхицӕн хъуамӕ райсат уӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ+.
55 Фӕлӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр уӕ разӕй куы нӕ фӕсурат+, уӕд дзы кӕй ныууадзат, уыдон уӕ цӕстытӕн уыдзысты сындзыты хуызӕн, уӕ фӕрстӕн – судзинты хуызӕн, ӕмӕ, цы зӕххыл цӕрдзыстут, уым уӕ ӕнцад цӕрын нӕ уадздзысты+. 56 Ӕмӕ уӕд, уыдонӕн цы кӕнинаг уыдтӕн, уый бакӕндзынӕн сымахӕн“»+.
34 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн дарддӕр загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах цӕут Ханааны зӕхмӕ+. Уый у, бынӕн кӕй райсдзыстут, уыцы зӕхх+, Ханааны зӕхх, ӕмӕ адон уыдзысты йӕ арӕнтӕ+.
3 Хуссарырдыгӕй уӕ арӕн цӕудзӕн Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Едомы+ фӕрсты, ӕмӕ уӕ хуссайраг арӕнӕн йӕ кӕрон скӕсӕнырдыгӕй уыдзӕн Цӕхджын денджызы+ кӕрон. 4 Стӕй уӕ арӕн фӕзилдзӕн Акравимӕн+ йӕ хуссайраг фарсӕй, ацӕудзӕн Цинмӕ ӕмӕ фӕуыдзӕн Кадес-Варнийӕн+ хуссарырдыгӕй. Стӕй ацӕудзӕн Гацар-Аддармӕ+, уый фӕстӕ – Ацмонмӕ. 5 Ацмоны раз арӕн фӕзилдзӕн Египеты цӕугӕдоны дӕлвӕзы ’рдӕм+ ӕмӕ цӕудзӕн суанг Стыр денджызы онг+.
6 Ныгуылӕнырдыгӕй уӕ арӕн уыдзӕн+ Стыр денджызы былгӕрӕттӕ. Уый уыдзӕн уӕ арӕн ныгуылӕнырдыгӕй.
7 Цӕгатырдыгӕй уӕ арӕн цӕудзӕн афтӕ. Уӕхицӕн арӕн скӕнут Стыр денджызӕй Оры хохмӕ*+. 8 Оры хохӕй арӕн скӕнут Хаматы арӕнты онг+, ӕмӕ уыцы арӕн фӕуыдзӕн Цедады раз+. 9 Арӕн дарддӕр ацӕудзӕн Цифронмӕ ӕмӕ фӕуыдзӕн Гацар-Енаны+. Уый уыдзӕн уӕ арӕн цӕгатырдыгӕй.
10 Стӕй скӕсӕнырдыгӕй уӕхицӕн арӕн скӕнут Гацар-Енанӕй Шефамы онг. 11 Арӕн ацӕудзӕн Шефамӕй Ривлӕйы* онг, уый ис Аинӕй скӕсӕнырдӕм, стӕй ацӕудзӕн дарддӕр Киннерефы+ денджызы* скӕсӕн фарсы онг. 12 Арӕн ацӕудзӕн Иорданмӕ ӕмӕ цӕудзӕн Цӕхджын денджызы онг+. Ай уыдзӕн уӕ зӕхх+ ӕмӕ йӕ арӕнтӕ алырдыгӕй“».
13 Ӕмӕ Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Ацы зӕхх байуардзыстут хӕлттӕ+ сӕппаргӕйӕ. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ раттын хъӕудзӕн фараст мыггагӕн ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбисӕн+. 14 Рувимы мыггаг сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, Гады мыггаг сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис сӕ бынтӕ райстой+. 15 Ацы дыууӕ мыггаджы ӕмӕ иу мыггаджы ӕмбис сӕ бынтӕ райстой Иорданы скӕсӕн фарс, Иерихоны раз»+.
16 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17 «Мӕнӕ, зӕхх уын чи дих кӕндзӕн, уыдоны нӕмттӕ: сауджын Елеазар+ ӕмӕ Навины фырт Йесо+. 18 Ӕмӕ ма уӕ алы мыггагӕй дӕр, сӕ хистӕртӕй, хъӕудзӕн фӕйнӕ лӕджы, уыдон ӕххуыс кӕндзысты зӕхх дих кӕнынӕн+. 19 Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Иудӕйы мыггагӕй+ Халев, Йефоннийы фырт+; 20 Симеоны мыггагӕй+ Самуил, Амиуды фырт; 21 Вениамины мыггагӕй+ Елидад, Кислоны фырт; 22 Даны мыггаджы+ хистӕртӕй Букки, Иоглийы фырт; 23 Иосифы фырттӕй+: Манассийы мыггаджы+ хистӕртӕй Ханниил, Ефоды фырт, 24 Ефремы мыггаджы+ хистӕртӕй та Кемуил, Шифтаны фырт; 25 Завулоны мыггаджы+ хистӕртӕй Елицафан, Фарнакы фырт; 26 Иссахары мыггаджы+ хистӕртӕй Фалтиил, Аззаны фырт; 27 Асиры мыггаджы+ хистӕртӕй Ахиуд, Шеломийы фырт 28 ӕмӕ Неффалимы мыггаджы+ хистӕртӕй Педаил, Амиуды фырт». 29 Адонӕн Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй Ханааны зӕхх Израилы фырттыл адих кодтаиккой+.
35 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ Моавы быдырты, Иорданы+ раз, Иерихонмӕ хӕстӕг, ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй левиттӕн сӕ бынтӕй раттой горӕттӕ+ цӕрынӕн ӕмӕ хизӕнтӕ уыцы горӕтты алыварс+. 3 Левиттӕ цӕрдзысты уыцы горӕтты, хизӕнтӕ та уыдзысты сӕ фосӕн, сӕ фосӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕн ӕмӕ ма сӕм цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕн. 4 Левитты горӕтты алыварс цы хизӕнтӕ уыдзӕн, уыдон сбарут афтӕ: горӕты къулы цыппар тигъӕй алкӕцыйӕ дӕр абарут иу мин ӕлмӕрины. 5 Афтӕмӕй горӕтӕн алырдыгӕй дӕр хизӕнтӕн кӕрӕй-кӕронмӕ хъуамӕ абарат дыууӕ мин ӕлмӕрины: скӕсӕнырдыгӕй, хуссарырдыгӕй, ныгуылӕнырдыгӕй ӕмӕ цӕгатырдыгӕй. Горӕт та уыдзӕн астӕуӕй.
6 Левиттӕн ратдзыстут ацы горӕттӕ: ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты+, цӕмӕй-иу марӕг уырдӕм алидза+, ӕмӕ ма уыдонӕй уӕлдай цыппор дыууӕ горӕты. 7 Левиттӕн ӕдӕппӕтӕй ратдзыстут цыппор аст горӕты хизӕнтимӕ+. 8 Цы горӕттӕ сын раттат, уыдон уыдзысты Израилы фыртты бынтӕй+. Бирӕ чи сты, уыдонӕй райсдзыстут фылдӕр, гыццыл чи сты, уыдонӕй та – къаддӕр+. Алы мыггаг дӕр левиттӕн горӕттӕ ратдзӕн, бынтӕ цас райса, уымӕ гӕсгӕ».
9 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 10 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах ахиздзыстут Иорданыл ӕмӕ бацӕудзыстут Ханааны зӕхмӕ+. 11 Уӕхицӕн равзарут, ӕнцон лидзӕн кӕдӕм уа, ахӕм горӕттӕ. Уыдон уын уыдзысты ӕмбӕхсӕн горӕттӕ. Уырдӕм-иу хъуамӕ алидза марӕг, адӕймаджы* барӕй чи нӕ амара, уый+. 12 Уыцы горӕттӕ уын уыдзысты тугисӕгӕй ӕмбӕхсынӕн+, цӕмӕй марӕджы, цалынмӕ адӕмы* тӕрхоны раз не ’рлӕууа, уӕдмӕ мачи амара+. 13 Цы горӕттӕ сын раттат, ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты, уыдон уыдзысты сымах тыххӕй. 14 Ӕртӕ горӕты сын ратдзыстут Иорданы ацы фарс+, ӕртӕ горӕты та – Ханааны зӕххыл+. Уыдон уыдзысты ӕмбӕхсӕн горӕттӕ. 15 Уыцы ӕхсӕз горӕты уыдзысты ӕмбӕхсӕн горӕттӕ Израилы фырттӕн ӕмӕ, се ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг+ кӕнӕ ӕрлидзӕг чи у, уыдонӕн, цӕмӕй-иу уырдӕм алидза, адӕймаджы* барӕй чи нӕ амара, уый+.
16 Иу адӕймаг иннӕйы ӕфсӕйнаг мигӕнӕнӕй куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд уый у лӕгмар+. Лӕгмары хъӕуы амарын+. 17 Науӕд исчи, адӕймаджы амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм дур йӕ къухмӕ куы сиса ӕмӕ дзы иннӕйы куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд уый у лӕгмар. Лӕгмары хъӕуы амарын. 18 Кӕнӕ иу иннӕйы, адӕймаджы амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм хъӕдын дзаумайӕ куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд уый у лӕгмар. Лӕгмары хъӕуы амарын.
19 Лӕгмары хъуамӕ амара тугисӕг+. Тугисӕг ӕй амардзӕн, куы йыл фембӕла, уӕд. 20 Иу иннӕмӕй йе сӕфт куы уына ӕмӕ йӕ уый тыххӕй куы атъӕпп кӕна+, кӕнӕ йӕ размӕ куы бабада ӕмӕ йыл уырдыгӕй исты куы фехса+ ӕмӕ йӕ куы амара, 21 кӕнӕ йӕм йӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй хаста, уый тыххӕй йӕ къухӕй куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд ныццӕвӕджы хъӕуы амарын. Уый у лӕгмар. Тугисӕг ӕй амардзӕн, куы йыл фембӕла, уӕд+.
22 Фӕлӕ кӕд иу иннӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фыдӕх нӕ хаста, афтӕмӕй йӕ ӕнӕнхъӕлӕджы атъӕпп кодта, кӕнӕ кӕд йӕ размӕ нӕ бабадти, афтӕмӕй цыдӕр фехста ӕмӕ йыл ауад+, 23 кӕнӕ йӕ нӕ федта, афтӕмӕй дур фехста ӕмӕ йыл суад ӕмӕ амард, кӕнӕ та дур ӕрӕппӕрста ӕмӕ йыл суад ӕмӕ амард, йӕ зӕрдӕйы та йӕм фыдӕх нӕ хаста ӕмӕ йын ницы фыдбылыз ракӕнынмӕ хъавыд, 24 уӕд адӕм хъуамӕ уыцы адӕймаджы ӕмӕ тугисӕджы ’хсӕн ныллӕууой ӕмӕ хъуыддаг ацы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ равзарой+. 25 Адӕм+ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ, цы ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алыгъд, уырдӕм ӕй фӕстӕмӕ арвитой. Ӕмӕ хъуамӕ уым цӕра, цалынмӕ хистӕр сауджын, сӕрмагонд сойӕ* сӕрст чи ’рцыд, уый, нӕ амӕла, уӕдмӕ+.
26 Фӕлӕ марӕг, цы ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алыгъд, уырдыгӕй куы рацӕуа 27 ӕмӕ йыл тугисӕг+ ӕмбӕхсӕн горӕты ӕдде куы фембӕла ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд тугисӕгыл йӕ туг нӕ уыдзӕн. 28 Уымӕн ӕмӕ марӕг ӕмбӕхсӕн горӕты хъуамӕ цӕра, цалынмӕ хистӕр сауджын нӕ амӕла, уӕдмӕ+. Хистӕр сауджын куы амӕла, уӕд та йӕ бон уыдзӕн фӕстӕмӕ йӕ зӕхмӕ аздӕхын. 29 Адон сты тӕрхоны уынаффӕтӕ ӕмӕ, кӕмфӕнды ма цӕрат, адонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр.
30 Адӕймаджы* чи амара, уый у лӕгмар ӕмӕ йӕ амарын+ хъӕуы ӕвдисӕнты ныхасмӕ гӕсгӕ+, фӕлӕ йӕ* иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ марӕн нӕй. 31 Мӕлӕты аккаг чи у, уыцы лӕгмары уд балхӕныны тыххӕй-иу ӕхца ма райсут+, уымӕн ӕмӕ лӕгмары хъӕуы амарын+. 32 Ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ чи алидза ӕмӕ, цалынмӕ хистӕр сауджын нӕ амӕла, уӕдмӕ йӕ зӕхмӕ раздӕхын кӕй фӕнда, уый балхӕныны тыххӕй дӕр-иу ӕхца ма райсут.
33 Цы зӕххыл цӕрут, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх чъизи кӕны тугӕй+. Ӕмӕ зӕхх, цы туг ыл ныккалд, уымӕй ссыгъдӕг кӕнӕн ис, чи йӕ ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уый тугӕй+. 34 Ма фӕчъизи кӕнут, цы зӕххыл цӕрут, уый. Ӕз дӕр уыцы зӕххыл цӕрын, уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, цӕрын Израилы фыртты ’хсӕн“»+.
36 Иу бон Манассийӕн йӕ фырт Махиры фырт+ Галаады хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ,– уыцы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыдысты Иосифӕй,– ӕрбацыдысты Моисеймӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм, Израилы фыртты хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм, ӕмӕ загътой: 2 «Йегъовӕ нӕ буц хицауӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, хӕлттӕ+ сӕппаргӕйӕ, Израилы фырттӕн бынӕн ратта зӕхх. Ӕмӕ нӕ буц хицауӕн Йегъовӕ загъта, цӕмӕй не ’фсымӕр Салпаады бынтӕ ратта йӕ чызджытӕн+. 3 Ӕмӕ сӕ, зӕгъӕм, Израилы иннӕ мыггӕгтӕй исчи ракуырдта. Уӕд ацы чызджытӕн сӕ бынтӕ дӕр нӕ фыдӕлты бынтӕй ист ӕрцӕудзысты ӕмӕ, цы мыггагмӕ смой кӕной, уыцы мыггаджы бынтыл сын бафтдзысты. Ӕмӕ уӕд, хӕлттӕм гӕсгӕ махӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы бынтӕй сӕ бынтӕ ист ӕрцӕудзысты+. 4 Ӕмӕ Израилы фырттӕн Сӕрибардзинады аз+ куы уа, уӕд ацы чызджыты бынтӕ бафтдзысты, цы мыггагмӕ смой кӕной, уыцы мыггаджы бынтыл, гъемӕ сӕ бынтӕ ист ӕрцӕудзысты нӕ мыггаджы бынтӕй».
5 Уӕд Моисей Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Израилы фырттӕн загъта: «Раст зӕгъы Иосифы мыггаг. 6 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Салпаады чызджыты+ тыххӕй: „Сӕ бон у смой кӕнын, сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕуа, уыдонмӕ. Фӕлӕ хъуамӕ смой кӕной ӕрмӕстдӕр сӕхи мыггагӕй искӕмӕ+. 7 Израилы фыртты бынтӕ хъуамӕ иу мыггагӕй иннӕмӕ ма цӕуой, уымӕн ӕмӕ Израилы фырттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ мыггаджы бынтӕ хъуамӕ уой йӕхи къухы. 8 Израилы мыггӕгтӕй искӕцыйы афтӕ куы уа, ӕмӕ бынтӕ чызгӕн баззадысты, уӕд хъуамӕ смой кӕна йӕ фыды мыггагӕй искӕмӕ+, цӕмӕй-иу Израилы фырттӕй алчидӕр райса йӕ фыдӕлты бынтӕ. 9 Бынтӕ хъуамӕ иу мыггагӕй иннӕмӕ ма цӕуой, уымӕн ӕмӕ Израилы мыггӕгтӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ бынтӕ хъуамӕ уой йӕхи къухы“».
10 Ӕмӕ Салпаады чызджытӕ, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой+. 11 Махлӕ, Фирцӕ, Хоглӕ, Милкӕ ӕмӕ Ноа, Салпаады чызджытӕ+, смой кодтой сӕ фыды ӕфсымӕрты фырттӕм. 12 Уыдон смой кодтой, Иосифы фырт Манассийӕ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгты лӕппутӕм, цӕмӕй сӕ бынтӕ баззадаиккой сӕ фыды мыггаджы къухы.
13 Адон сты, Йегъовӕ Израилы фырттӕн Моисейы уылты Моавы быдырты, Иорданы раз, Иерихонмӕ+ хӕстӕг, кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ тӕрхоны уынаффӕтӕ.
[Фиппаинӕгтӕ]
Кӕнӕ «фембӕлды цатыры».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «фӕлтӕртӕ».
Дзут. нефуни́м, баст у дзырд «нефиней»-имӕ. Кӕс Езд 2:43.
Алы бынӕвӕрӕнӕн дӕр астӕуӕй уыд хуынкъ.
Иу сикл у 11,4 г.
Комк. «ӕвдисӕнады чырын».
Комк. «тюлены цӕрмттӕй».
Комк. «мард удмӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ӕмӕ йӕ мыггаг ракӕла».
Иу ефӕ у 22 л.
Комк. «дӕ син куыд ахауа».
Нысан кӕны «хибаргонд; нывондгонд; хицӕнгонд».
Кӕнӕ «уксус».
Комк. «мард удмӕ» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «удмӕ» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «йӕ сӕр».
Уыцы гуылтӕ астӕуӕй уыдысты хуынкъ.
Кӕнӕ «сабырдзинад».
Комк. «ӕвдисӕнады чырыны».
Кӕс Рц 12:6, фип.
Комк. «мард удмӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 7, 10 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Нысан кӕны «судзын; арт; зынг».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.
Иу хомер у 220 л.
Нысан кӕны «фӕндтӕ ныгӕнӕн бынӕттӕ».
Кӕнӕ «фӕлмӕн».
Комк. «хӕдзар».
Нысан кӕны «ирвӕзындзинад».
Кӕнӕ «Йегъошуа»; нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад».
Нысан кӕны «[сӕнӕфсиры] цупал».
Кӕс Рд 6:4, фип.
Комк. «уыдон махӕн сты дзул».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Иу гин у 3,67 л.
Комк. «Искӕцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «искӕцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уды».
Комк. «шеолмӕ». Кӕс 33 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Комк. «Ӕвдисӕнады раз».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Кӕнӕ «цӕххы бадзырд».
Комк. «Адӕймаджы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «кӕйфӕнды уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы удты»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Нысан кӕны «хыл; хъаугъа; быцӕу».
Нысан кӕны «сӕфты хай кӕнын».
Нысан кӕны «цъай; дзыхъхъ».
Комк. «бӕрзонд бынӕтты». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.
Ома Евфраты.
Нысан кӕны «Ваалы бӕрзӕндтӕ».
Комк. «мӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «хъысмӕты нысӕнттӕ раиртасынмӕ». Кӕс Лв 19:26, фип.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Ома кенейты.
Комк. «баиу».
Ӕвӕц., дзырд цӕуы, 4 ст. кӕй кой ис, уыцы хистӕртыл.
Кӕнӕ «сылгоймӕгтӕ кӕм вӕййынц, [цатыры] уыцы хаймӕ».
Комк. «Ӕмӕ уыдон систы нысан».
Рд 46:16 у «Цифион».
Рд 46:16 у «Ецбон».
Рд 46:16 у «Ароди».
Рд 46:21 у «Ехи».
Рд 46:21 у «Хуппим».
Рд 46:23 у «Хушим».
Кӕс Рц 28:30, фип.
Кӕс Рц 12:6, фип.
Комк. «сыгъдӕг бынаты».
Кӕс Лв 16:29, фип.
Кӕнӕ «сӕныкк».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «райс фондзсӕдӕйӕ иу уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «цы удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «Кеназы байзӕддаг».
Комк. «сӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ».
45 стихы у «Ийм».
Комк. «кувӕн бӕрзонд бынӕттӕ». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.
Кӕм уыди, уый бӕрӕг нӕу. Чи зоны, уыди Ливаны хӕхтӕн сӕ бӕрзонддӕр цъуппытӕй иу.
Ай у, Ханааны зӕххы скӕсӕйнаг арӕныл чи ис, уыцы Ривлӕ. Хаматы зӕххы цы Ривлӕ ис, уый нӕу.
Ӕцӕгӕй у цад. Библи ма йӕ хоны Геннисареты цад, Галилейӕйы денджыз ӕмӕ Тивериадӕйы денджыз.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ӕхсӕнады».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕс Рц 25:6, фип.
Комк. «Уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.