Левит
1 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмбырды цатырӕй+ ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ+: „Йегъовӕйӕн уӕ исчи йӕ фосӕй исты куы нывонд кӕна, уӕд снывонд кӕнӕд стуртӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй.
3 Кӕд судзинаг нывонд+ стуртӕй хӕсса, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ уӕныг. Йӕхӕдӕг ӕй ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕнӕд ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕнӕд+. 4 Ӕмӕ-иу йӕ къух нывонд уӕныгӕн йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ нывонд ист ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдзӕн+.
5 Стӕй уыцы уӕныджы Йегъовӕйы раз аргӕвддзысты. Ӕмӕ Аароны фырттӕ, сауджынтӕ+, йӕ тугӕй ӕрбахӕсдзысты ӕмӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл ӕй алырдыгӕй бапырх кӕндзысты+. 6 Уый фӕстӕ, судзинаг нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы уӕныгӕн йӕ царм бастигъдзысты ӕмӕ йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты+. 7 Стӕй Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдзысты зынгтӕ+, зынгты уӕлӕ та – сугтӕ+. 8 Ӕмӕ зынгтыл, сугты уӕлӕ, ӕрӕвӕрдзысты нывонды уӕнгтӕ+, стӕй сӕр ӕмӕ фиу. 9 Тъӕнгтӕ+ ӕмӕ-иу къӕхтӕ та ныхсӕнт. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
10 Судзинаг нывонд кӕд лыстӕг фосӕй хӕсса+, ома фыстӕй кӕнӕ сӕгътӕй, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ фыркъа кӕнӕ ӕнӕсахъат нӕл+ сӕгъ. 11 Ӕмӕ йӕ аргӕвддзысты Йегъовӕйы раз, нывондхӕссӕны цӕгат фарс. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты+. 12 Стӕй йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты ӕмӕ йӕ сауджын йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиуимӕ нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ ӕрӕвӕрдзӕн+. 13 Тъӕнгтӕ+ ӕмӕ-иу къӕхтӕ+ та ныхсӕд. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. Уый у судзинаг нывонд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
14 Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд та хъуамӕ уа ӕхсинӕг+ кӕнӕ лӕппын бӕлон+. 15 Сауджын ӕй ӕрбахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ, йӕ къубал ын атондзӕн*+ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Йӕ туг ӕртӕдздзӕн нывондхӕссӕны фарсыл. 16 Йӕ гуцъа йын стондзӕн, ныттондзӕн ын йӕ бумбулитӕ, ӕмӕ сӕ ӕрӕппардзӕн нывондхӕссӕны цур, скӕсӕнырдыгӕй, сойӕдзаг фӕнык+ кӕм ис, уым. 17 Хъуамӕ йӕ йӕ базырты ’хсӕн ӕрлыг кӕна, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы кӕнӕн нӕй+. Стӕй йӕ сауджын нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ, басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц+, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
2 Искӕй* Йегъовӕйӕн хоры кувинаг+ ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ уа ӕппӕты хуыздӕр ссад+. Хъуамӕ йыл рауадза сой ӕмӕ йыл ӕркӕна урс буд 2 ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны фырттӕм, сауджынтӕм. Ӕмӕ сауджын уыцы ссадӕй, соимӕ ӕмӕ ӕппӕт будимӕ, армыдзаг сисдзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон. 3 Хоры кувинагӕй ма цы баззайа, уый та уыдзӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты+. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, ӕмӕ у уӕлдай табуйаг+.
4 Хоры кувинагӕн, пецы цы сфыцынц, ахӕм исты куы хӕссай, уӕд хъуамӕ конд уа ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй: соимӕ конд донгонд гуылтӕ*+ кӕнӕ сойӕ сӕрст+ донгонд+ лауызтӕ.
5 Кӕд дӕ хоры кувинаг тебӕйы фых+ уа, уӕд хъуамӕ уа донгонд ӕмӕ конд уа ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, соимӕ. 6 Хъӕуы йӕ ӕрсӕттын ӕмӕ йыл сой рауадзын+. Уый у хоры кувинаг.
7 Кӕд дӕ хоры кувинаг аджы мидӕг сойы фых уа, уӕд хъуамӕ конд уа ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, соимӕ. 8 Уыцы кувинаг ӕрбахӕсс Йегъовӕйӕн. Ратт ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ йӕ уый бахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ. 9 Сауджын дзы иуцасдӕр райсдзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. 10 Хоры кувинагӕй ма цы баззайа, уый та уыдзӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, ӕмӕ у уӕлдай табуйаг+.
11 Йегъовӕйӕн цы хоры кувинӕгтӕ хӕссай, уыдонӕй иуыл дӕр хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн ӕнхъизӕн ӕмӕ мыд* нӕй хӕссӕн.
12 Йегъовӕйӕн-иу сӕ ӕрбахӕсс фыццаг тыллӕджы+ кувинагӕн. Фӕлӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл судзай, сӕ тӕф ын ӕхсызгон уыдзӕн, зӕгъгӕ.
13 Дӕ хоры кувинӕгтӕй-иу алкӕцыйыл дӕр цӕхх ныккӕн+. Цӕхх ныккӕнын-иу дӕ ма ферох уӕд – цӕхх дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн Хуыцауы бадзырд+. Дӕ хоры кувинӕгтӕй алкӕцыйыл дӕр хъуамӕ ныккӕнай цӕхх.
14 Кӕд дӕ фӕнда Йегъовӕйӕн хоры кувинаг фыццаг тыллӕгӕй ӕрбахӕссын, уӕд ног ӕфсиртӕй нӕмгуытӕ фӕхицӕн кӕн, цӕкуытӕ сӕ скӕн ӕмӕ сӕ ныммур кӕн. Уый у хоры кувинаг фыццаг тыллӕгӕй+. 15 Рауадз ыл сой ӕмӕ йыл ӕркӕн урс буд. Уый у хоры кувинаг+. 16 Сауджын райсдзӕн, кӕй ныммур кӕнай, уыцы нӕмгуытӕй ӕмӕ сойӕ иуцасдӕр ӕмӕ буд иууылдӕр ӕмӕ сӕ артыл басудздзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн.
3 Искӕй йе стуртӕй фарны нывонд+ ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна ӕнӕсахъат+ стур – нӕл уа ӕви сыл. 2 Йӕ нывонды сӕрыл+ йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны раз аргӕвддзысты. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты. 3 Уыцы фарны нывондӕй, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса тъӕнгты фиу+ – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+, 4 стӕй йӕ дыууӕ уырджы+ ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр. 5 Ӕмӕ сӕ Аароны фырттӕ+ нывондхӕссӕныл басудздзысты+ – зынгтыл, сугты+ уӕлӕ чи ис, уыцы нывондимӕ. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф+ Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон.
6 Искӕй Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн лыстӕг фосӕй ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд – нӕл уа ӕви сыл – хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+. 7 Нывондӕн фыркъа куы хӕсса, уӕд ӕй хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна+. 8 Йӕ нывонды сӕрыл+ йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры раз аргӕвддзысты+. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты. 9 Ӕмӕ фарны нывондӕн йӕ фиу хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕсса, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн+. Йӕ дымӕг+ ын ӕнӕхъӕнӕй дӕр, рагъыстӕджы онг, фӕхицӕн кӕндзӕн, сисдзӕн ын йӕ тъӕнгты фиу – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+, 10 стӕй йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр+. 11 Ӕмӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. Уый у хӕринаг+, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн.
12 Нывондӕн ӕй сӕгъ+ ӕрхӕссын куы фӕнда, уӕд ӕй хъуамӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбакӕна. 13 Йӕ сӕрыл+ ын йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры раз аргӕвддзысты+. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты. 14 Ӕмӕ уыцы нывондӕй, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса тъӕнгты фиу – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+, 15 стӕй йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр. 16 Ӕмӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у хӕринаг, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Хуыцауӕн уыдзӕн ӕхсызгон. Фиу иууылдӕр у Йегъовӕйы+.
17 Фиу ӕмӕ туг+ ӕппындӕр ма хӕрут. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр“».
4 Йегъовӕ Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Исчи*+ уӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ+ тӕригъӕд куы сараза – Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы куы фехала, уӕд мӕнӕ цы хъуамӕ бакӕна.
3 Сауджын, сӕрст лӕггадгӕнӕг+, тӕригъӕд+ куы сараза ӕмӕ уымӕй адӕмы дӕр тӕригъӕды куы бафтауа+, уӕд хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕсса ӕнӕсахъат уӕныг. 4 Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕна ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ+, Йегъовӕйы размӕ, йӕ сӕрыл+ ын йӕ къух ӕрӕвӕра ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз аргӕвда. 5 Ӕмӕ йын сауджын, сӕрст лӕггадгӕнӕг+, йӕхӕдӕг йӕ тугӕй райсдзӕн ӕмӕ йӕ ӕмбырды цатырмӕ бахӕсдзӕн. 6 Стӕй йе ’нгуылдз+ туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты+ бапырх кӕндзӕн Йегъовӕйы раз, сыгъдӕг бынаты цы ӕмбӕрзӕн ис, уый раз. 7 Уый фӕстӕ тугӕй ацахордзӕн, ӕмбырды цатыры мидӕг, Йегъовӕйы раз хӕрздӕф буд судзынӕн цы нывондхӕссӕн ис, уымӕн йӕ сыкъатӕ+. Уӕныджы тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз судзинаг нывӕндтӕ хӕссынӕн чи ис, уыцы нывондхӕссӕны бынмӕ+.
8 Стӕй, нывондӕн кӕй ӕрхӕсса, уыцы уӕныгӕн хъуамӕ сиса йӕ фиу иууылдӕр. Хъуамӕ сиса тъӕнгты фиу – тъӕнгтыл цы фиу ис, уый иууылдӕр+, 9 стӕй йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр+. 10 Фарны нывондӕн+ хаст галӕй цы сисой, уый хъӕуы сисын ацы нывондӕй дӕр. Ӕмӕ сӕ сауджын, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕныл басудздзӕн+.
11 Фӕлӕ уӕныгӕн йӕ царм ӕмӕ йӕ дзидза иууылдӕр, стӕй уӕд йӕ сӕр, йӕ къӕхтӕ, йӕ тъӕнгтӕ ӕмӕ йӕ фаджыс+, 12 ома уӕныджы ӕнӕхъӕнӕй дӕр, хъуамӕ ахӕсса цатырты ӕддӕмӕ+, сыгъдӕг ранмӕ, сойӕдзаг фӕнык+ кӕдӕм акалынц, уырдӕм, ӕмӕ йӕ сугты уӕлӕ басудза+. Басудзын ӕй хъӕуы, сойӕдзаг фӕнык кӕдӕм акалынц, уым.
13 Израилы адӕм иууылдӕр куы фӕрӕдийой+ ӕмӕ, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй кӕцыдӕр кӕй фехӕлдтой ӕмӕ йӕ разы кӕй фӕаххосджын сты, уый куы нӕ бамбарой+, 14 фӕлӕ стӕй, тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, ома Хуыцауы фӕдзӕхст кӕй фехӕлдтой, уый куы раргом уа+, уӕд адӕм тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕссой уӕныг. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕной ӕмбырды цатыры размӕ, 15 ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ Йегъовӕйы раз уӕныджы сӕрыл+ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдзысты. Стӕй йӕ Йегъовӕйы раз аргӕвддзысты.
16 Уый фӕстӕ сауджын, сӕрст лӕггадгӕнӕг+, уӕныджы тугӕй бахӕсдзӕн ӕмбырды цатырмӕ+. 17 Стӕй йе ’нгуылдз туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты бапырх кӕндзӕн Йегъовӕйы раз, ӕмбӕрзӕны раз+. 18 Уый фӕстӕ тугӕй ацахордзӕн, ӕмбырды цатыры мидӕг, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн+ ис, уымӕн йӕ сыкъатӕ. Уӕныджы тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз судзинаг нывӕндтӕ+ хӕссынӕн чи ис, уыцы нывондхӕссӕны бынмӕ. 19 Стӕй уӕныгӕн йӕ фиу иууылдӕр сисдзӕн ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. 20 Тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн фыццаг цы уӕныг ӕрцыд хаст, уымӕн куыд бакодта, афтӕ хъуамӕ бакӕна ацы уӕныгӕн дӕр. Афтӕмӕй сауджын адӕмы сӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн. 21 Стӕй сауджын уӕныджы ахӕсдзӕн цатырты ӕддӕмӕ ӕмӕ йӕ басудздзӕн, фыццаг уӕныджы куыд басыгъта, афтӕ+. Уый у нывонд адӕмы тӕригъӕды тыххӕй+.
22 Адӕмы хистӕртӕй+ исчи тӕригъӕд куы сараза, ома йӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы ӕнӕрхъуыдыйӕ куы фехала+, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ разы куы фӕаххосджын уа, 23 кӕнӕ, тӕригъӕд кӕй сарӕзта, ома Хуыцауы фӕдзӕхст кӕй фехӕлдта, уый куы бамбара+, уӕд хъуамӕ нывондӕн ӕрбакӕна ӕнӕсахъат нӕл+ сӕныкк. 24 Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл+ йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ йӕ аргӕвддзӕн, судзинаг нывӕндтӕ Йегъовӕйы раз кӕм фергӕвдынц, уым+. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй+. 25 Ӕмӕ сауджын йе ’нгуылдз уыцы нывонды туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕны сыкъатӕ+. Сӕныччы тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн уыцы нывондхӕссӕны бынмӕ. 26 Стӕй йын йӕ фиу иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн, фарны нывонды фиу куыд басудзынц, афтӕ+. Афтӕмӕй йӕ сауджын йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн.
27 Хуымӕтӕг адӕмӕй исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ тӕригъӕд куы сараза, ома Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы куы фехала, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ разы куы фӕаххосджын уа+, 28 кӕнӕ, тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы бамбара, уӕд йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ нывондӕн ӕрбакӕна ӕнӕсахъат сыл+ сӕныкк. 29 Ӕмӕ йӕ нывонды сӕрыл+ йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ йӕ аргӕвддзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+. 30 Ӕмӕ сауджын йе ’нгуылдз сӕныччы туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕны сыкъатӕ+. Тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн нывондхӕссӕны бынмӕ+. 31 Стӕй йын йӕ фиу иууылдӕр сисдзӕн+, фарны нывонды фиу куыд сисынц+, афтӕ, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. Афтӕмӕй сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.
32 Кӕд тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн уӕрыкк+ хӕсса, уӕд та хъуамӕ ӕрбакӕна ӕнӕсахъат+ сыл уӕрыкк. 33 Йӕ нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ йӕ аргӕвддзӕн, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй+. 34 Ӕмӕ сауджын йе ’нгуылдз уӕрыччы туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕссынц, уыцы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахордзӕн+. Тугӕй ма цы баззайа, уый та акалдзӕн нывондхӕссӕны бынмӕ. 35 Стӕй йын йӕ фиу иууылдӕр сисдзӕн, фарны нывондӕн цы фыркъа ӕрхӕссынц, уый фиу куыд сисынц, афтӕ. Ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн – Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы нывӕндтимӕ+. Афтӕмӕй йӕ сауджын ссыгъдӕг кӕндзӕн+, цы тӕригъӕд сарӕзта, уымӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.
5 Исчи*+ искӕй ӕвзӕрдзинад аразгӕ куы фена, уыцы хъуыддагӕн ӕвдисӕн куы уа кӕнӕ уый тыххӕй исты куы зона ӕмӕ, адӕмы ӕлгъыст*+ фехъусгӕйӕ, цы зоны, уый куы нӕ зӕгъа+, уӕд ракодта тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.
2 Исчи, чъизи цы у, ахӕмӕй истӕмӕ куы бавнала, зӕгъӕм, чъизийыл нымад чи у, ахӕм хъӕддаг сырды мардмӕ кӕнӕ хӕдзарон фосы мардмӕ кӕнӕ лыстӕг цӕрӕгойы мардмӕ+, уӕд йӕхи фӕчъизи кодта ӕмӕ Хуыцауы раз у аххосджын+, кӕд ӕй нӕ зыдта, уӕддӕр+. 3 Кӕнӕ исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ куы бавнала, сыгъдӕг цы нӕу, уыдонӕй цӕмӕфӕнды дӕр+, ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна, уӕд Хуыцауы раз у аххосджын, кӕд ӕй зонгӕ уый фӕстӕ бакодта, уӕддӕр.
4 Исчи ӕнӕахъуыды кӕнгӕйӕ куы расомы кӕна+,– ӕвзӕрдзинад саразыны тыххӕй уа+ ӕви хорздзинад саразыны тыххӕй,– ӕмӕ йӕ куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд у аххосджын+ – йӕ бон ӕй сӕххӕст кӕнын кӕй нӕ бауыдзӕн, уый кӕд не ’мбӕрста ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста, уӕддӕр.
5 Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы куы фӕаххосджын уа, уӕд хъуамӕ йӕ тӕригъӕд раргом кӕна+. 6 Ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн хъуамӕ ӕрхӕсса нывонд – йӕ дзугӕй ӕрбакӕна сыл уӕрыкк кӕнӕ сыл+ сӕныкк. Уый у нывонд аххосы тыххӕй+. Ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+.
7 Кӕд йӕ бон нӕу фыс+ ӕрхӕссын, уӕд та Йегъовӕйӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. 8 Хъуамӕ сӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ, ӕмӕ уый цъиутӕй иуы ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн: йӕ къубал ын атондзӕн+, йӕ сӕр ма гыццыл куыд хӕца, афтӕ. 9 Ӕмӕ уыцы нывонды тугӕй нывондхӕссӕны фарсыл бапырх кӕндзӕн. Цы туг ма дзы баззайа, уый та ӕртӕдздзӕн нывондхӕссӕны бынмӕ+. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй. 10 Иннӕ цъиуы та ӕрхӕсдзӕн судзинаг нывондӕн, уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ+. Афтӕмӕй сауджын уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.
11 Кӕд йӕ бон дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны дӕр ӕрхӕссын нӕу+, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы*+ дӕсӕм хай. Сой йыл ма рауадзӕд+ ӕмӕ йыл урс буд дӕр ма ӕркӕнӕд, уымӕн ӕмӕ уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй+. 12 Хъуамӕ йӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисдзӕн, цӕмӕй Хуыцау уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн – Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы нывӕндтимӕ+. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй+. 13 Ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн+ йӕ тӕригъӕдӕй, уыцы тӕригъӕдтӕй кӕцыфӕндыйӕ дӕр, ӕмӕ йын хатыргонд ӕрцӕудзӕн. Уыцы нывондӕй ма цы баззайа, уый та у сауджыны+, хоры кувинагӕй цы баззайы, уый куыд вӕййы сауджыны, афтӕ“».
14 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 15 «Йегъовӕ табуйагыл цы нымайы+, уыдӕттӕм исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ куы бавнала ӕмӕ афтӕмӕй йӕ разы тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ йӕ дзугӕй аххосы тыххӕй нывондӕн+ Йегъовӕйӕн ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр. Йӕ нывонд хъуамӕ уа, ӕвзист сиклтӕй*+, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй*, цас загътой, уый аргъ. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. 16 Ӕмӕ сыгъдӕг бынаты ныхмӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый тыххӕй хъуамӕ бафида, цас хъӕуы, уыйбӕрц, ӕмӕ ма йӕм хъуамӕ ноджыдӕр бафтауа уымӕн йӕ фӕндзӕм хай+ ӕмӕ сӕ сауджынмӕ ратта, цӕмӕй сауджын аххосы тыххӕй нывондӕн фыр ӕрхӕсса ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕна+ йӕ тӕригъӕдӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕуа+.
17 Исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы куы фехала ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд куы сараза+, уӕд у аххосджын, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта+. 18 Ӕмӕ хъуамӕ аххосы тыххӕй йӕ дзугӕй нывондӕн+ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр. Йӕ нывонд хъуамӕ уа, цас загътой, уый аргъ. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕна сауджынмӕ, ӕмӕ сауджын уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕнӕрхъуыдыйӕ ӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ кӕй сарӕзта, уыцы тӕригъӕдӕй, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+. 19 Уый у нывонд аххосы тыххӕй. Уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр фӕаххосджын+ Йегъовӕйы раз».
6 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 2 «Адӕймагӕн* исты йӕ бар куы бакӕной ӕмӕ сӕ куы фӕсайа+, кӕнӕ исты куы адава ӕмӕ йӕ куы не схъӕр кӕна+, йе та искӕуыл сайдӕй куы рацӕуа+, уӕд Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд+. Уый у тӕригъӕд. 3 Науӕд искӕмӕй исты куы фесӕфа ӕмӕ йӕ уый куы ссара+, фӕлӕ йӕ куы басусӕг кӕна ӕмӕ мӕнг сомы куы ракӕна+, ӕз ницы тӕригъӕд сарӕзтон, зӕгъгӕ, уӕд дӕр тӕригъӕд сарӕзта Хуыцауы раз. 4 Ӕмӕ, тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ куы фӕаххосджын уа+, уӕд хъуамӕ фӕстӕмӕ ратта, цы адавта, кӕнӕ цы байста, кӕнӕ цы расайдта, кӕнӕ йын йӕ бар цы бакодтой, кӕнӕ цы ссардта, 5 кӕнӕ мӕнг сомы цӕй тыххӕй ракодта, уый. Цы зиан ракодта, уый хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй бафида+ ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр бафтауа уымӕн йӕ фӕндзӕм хай. Уыдон иууылдӕр хъуамӕ ратта сӕ хицауӕн, йӕ аххос цы бон сбӕлвырд уа, уыцы бон. 6 Ӕмӕ аххосы тыххӕй нывондӕн хъуамӕ Йегъовӕйӕн йӕ дзугӕй ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр+. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕна сауджынмӕ, йӕ нывонд хъуамӕ уа, цас зӕгъой, уый аргъ. Уый у нывонд аххосы тыххӕй+. 7 Афтӕмӕй йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ, цы сарӕзта ӕмӕ цы хъуыддӕгты фӕаххосджын, уыдон ын иууылдӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты».
8 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 9 «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Судзинаг нывӕндты тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон+: судзинаг нывонд нывондхӕссӕны зынгтыл хъуамӕ уа ӕнӕхъӕн ӕхсӕв суанг райсомы онг, ӕмӕ йыл хъуамӕ судза арт. 10 Сауджын йӕ уӕлӕ хъуамӕ скӕна, лӕггад кӕнынӕн чи у, уыцы кӕттаг уӕлӕдарӕс+, стӕй мидӕггаг кӕттаг хӕлаф+, цӕмӕй йын йӕ буар ӕмбӕрза. Ӕмӕ хъуамӕ нывондхӕссӕнӕй ракала, судзинаг нывондӕй цы сойӕдзаг фӕнык+ баззад, уый, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕра нывондхӕссӕны фарсмӕ. 11 Стӕй хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс раива+ ӕмӕ сойӕдзаг фӕнык ахӕсса сыгъдӕг ранмӕ, цатырты ӕддӕмӕ+. 12 Нывондхӕссӕныл та хъуамӕ судза арт, хъуамӕ ма ахуысса. Ӕмӕ йыл сауджын алы райсом дӕр хъуамӕ ӕвӕра сугтӕ+, стӕй-иу ыл хъуамӕ ӕрӕвӕра судзинаг нывонд ӕмӕ йыл басудза фарны нывӕндты фиу дӕр+. 13 Нывондхӕссӕныл арт+ хъуамӕ судза ӕдзухдӕр, хъуамӕ ма ахуысса.
14 Хоры+ кувинӕгты тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ бахӕссой Йегъовӕйы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ. 15 Ӕмӕ йӕ фырттӕй иу хъуамӕ армыдзаг сиса хоры кувинагӕй – ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕмӕ сойӕ иу гыццыл ӕмӕ, кувинагыл цы урс буд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудза, цӕмӕй Йегъовӕ уыцы кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй айса+ ӕмӕ йын йӕ тӕф уа ӕхсызгон. 16 Цы ма дзы баззайа, уый та у Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. Скӕнын дзы хъӕуы донгонд дзултӕ+ ӕмӕ сӕ бахӕрын хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Бахӕрӕнт сӕ ӕмбырды цатыры кӕрты. 17 Ӕнхъизӕн сыл кӕнӕн нӕй+. Уый у сӕ хай – ӕз сын ӕй раттон, мӕнӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй+. Уый у уӕлдай табуйаг+, тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ аххосы тыххӕй нывонд табуйаг куыд сты, афтӕ. 18 Хъуамӕ дзы хӕрой Аароны хӕдзарвӕндагӕй нӕлгоймӕгтӕ+ иууылдӕр. Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй уый у уӕ хай фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. Цыдӕриддӕр сыл андзӕва, уый уыдзӕн табуйаг“».
19 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 20 «Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕй исчи сӕрст цы бон ӕрцӕуа ӕмӕ хистӕр сауджын цы бон суа+, уыцы бон-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕссой кувинаг+: ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы+ дӕсӕм хай. Уый у хоры кувинаг+. Йӕ иу ӕмбис ын-иу хъуамӕ ӕрхӕссой райсомӕй, иннӕ ӕмбис та – изӕрӕй. 21 Хъӕуы йӕ соимӕ сызмӕнтын ӕмӕ йӕ тебӕйы сфыцын+. Уый фӕстӕ йыл сой дзӕбӕх рауадз. Фых кувинаг ӕрсӕстытӕ кӕн ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕрхӕсс Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф уыдзӕн ӕхсызгон. 22 Афтӕ хъуамӕ бакӕна, Аароны фӕстӕ йӕ фырттӕй сӕрст чи ’рцӕуа, уыцы сауджын дӕр+. Ӕмӕ кувинаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъӕуы басудзын+ – уыцы кувинаг у Йегъовӕйы. Уый у закъон ӕнустӕм. 23 Сауджын+ цы хоры кувинӕгтӕ хӕсса, уыдон ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъӕуы судзын. Хӕрӕн сӕ нӕй».
24 Уый фӕстӕ ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 25 «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Тӕригъӕды тыххӕй цы нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон+: тӕригъӕды тыххӕй нывонд хъуамӕ ӕргӕвдой Йегъовӕйы раз, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+. Уыцы нывонд у се ’ппӕтӕй табуйагдӕр+. 26 Йӕ дзидза йын хӕрдзӕн, цы сауджын ӕй ӕрхӕсдзӕн, уый+. Хъуамӕ йӕ хӕра сыгъдӕг бынаты+, ӕмбырды цатыры кӕрты+.
27 Йӕ дзидзайыл цыдӕриддӕр андзӕва, уый уыдзӕн табуйаг+, ӕмӕ йӕ туг искӕмӕн йӕ дзаумӕттыл куы бакӕла+, уӕд сӕ ныхсын хъӕуы сыгъдӕг бынаты+. 28 Кӕд дзидза ӕлыг+ мигӕнӕны фыхти, уӕд уыцы мигӕнӕн хъӕуы ныппырх кӕнын. Фӕлӕ йӕ кӕд ӕрхуы мигӕнӕны фыхтой, уӕд уыцы мигӕнӕн хъӕуы дзӕбӕх ныссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ ныхсын.
29 Дзидза хъуамӕ хӕрой, сауджынтӕй чи лӕггад кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+. Уый у уӕлдай табуйаг+. 30 Фӕлӕ тӕригъӕды тыххӕй хаст нывондӕн йӕ тугӕй+ ӕмбырды цатырмӕ, сыгъдӕг бынатмӕ, куы бахӕссой, цӕмӕй адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕной, уӕд уымӕн йӕ дзидза хӕрӕн нӕй. Уыцы нывонд хъӕуы басудзын.
7 Аххосы тыххӕй цы нывӕндтӕ+ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон. Уыцы нывонд у уӕлдай табуйаг+. 2 Аххосы тыххӕй нывонд хъуамӕ аргӕвдой, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+. Сауджын ын йӕ туг+ нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзӕн+. 3 Стӕй нывондӕн рахицӕн кӕндзӕн йӕ фиу+ иууылдӕр: йӕ дымӕг, тъӕнгты фиу, 4 йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр+. 5 Ӕмӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн+. Уый у нывонд аххосы тыххӕй. 6 Йӕ дзидза йын хъуамӕ хӕрой, сауджынтӕй чи лӕггад кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+. Хӕрын ӕй хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Уый у уӕлдай табуйаг+. 7 Аххосы тыххӕй нывонд ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывонд хъӕуы хӕссын иухуызон. Ис сын иу закъон+. Аххосы тыххӕй нывонд уыдзӕн, уый фӕрцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй чи ссыгъдӕг кӕндзӕн, уыцы сауджыны.
8 Искӕй тыххӕй судзинаг нывонд чи хӕсса, уыцы сауджыны та уыдзӕни, цы нывонд ӕм ӕрбакӕной, уымӕн йӕ царм+.
9 Хоры кувинаг пецы фых+ куы уа, кӕнӕ аджы мидӕг сойы фых+, кӕнӕ тебӕйы фых+, уӕд у, Хуыцауы размӕ йӕ чи бахӕсдзӕн, уыцы сауджыны хай. Уый уыдзӕн сауджыны+. 10 Фӕлӕ, фых чи нӕ уа, ахӕм хоры кувинаг куы ’рбахӕссой, соимӕ змӕст уа+ ӕви ӕнӕ сойӕ уа+, уӕд та йӕ хъӕуы Аароны фырттыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмхуызон адих кӕнын.
11 Йегъовӕйӕн цы фарны нывӕндтӕ+ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон. 12 Уыцы нывонд исчи, Хуыцауӕй бузныг+ кӕй у, уый тыххӕй куы хӕсса, уӕд арфӕйы нывондимӕ хъуамӕ ӕрхӕсса соимӕ конд донгонд гуылтӕ, сойӕ сӕрст+ донгонд лауызтӕ ӕмӕ хӕрзнад хыссӕйӕ соимӕ конд гуылтӕ. 13 Йӕ кувинагимӕ ӕмӕ йӕ фарны нывондимӕ, арфӕйы нывондимӕ, хъуамӕ ӕрхӕсса, ӕнхъизӕн+ кӕуыл ис, ахӕм хыссӕйӕ конд гуылтӕ. 14 Хыссӕйӕ цы скӕна, уыдонӕй хъуамӕ алкӕцыйӕ дӕр фӕйнӕ иу рахицӕн кӕна Йегъовӕйӕн+. Уыдон уыдзысты, фарны нывӕндты туг нывондхӕссӕныл чи бапырх кӕна, уыцы сауджыны+. 15 Фарны нывонды – арфӕйы нывонды – дзидза бахӕрын хъӕуы, нывондӕн ӕй цы бон ӕрхӕссой, уыцы бон. Райсоммӕ дзы хъуамӕ мацы ныууадза+.
16 Адӕймаг цы нывонд хӕсса, уый кӕд, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уый номыл у+ кӕнӕ та, йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссы+, ахӕм, уӕд ӕй бахӕрын хъӕуы, нывондӕн ӕй цы бон ӕрхӕссой, уыцы бон. Кӕд ма дзы исты баззайа, уӕд ӕй дыккаг бон дӕр ис хӕрӕн. 17 Фӕлӕ йӕ дзидзайӕ ӕртыккаг бонмӕ цы баззайа, уый та хъӕуы басудзын+. 18 Фарны нывонды дзидзайӕ ӕртыккаг бон куы бахӕрой, уӕд, нывонд чи ӕрбакодта, уый Хуыцауы хорзӕх не ссардзӕн+. Йӕ нывонд уыдзӕн, цыма йӕ не ’рхаста, афтӕ+. Уыцы нывонд уыдзӕн ӕлгъаг, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый* йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн+. 19 Йӕ дзидза, чъизи цы у, ахӕм истӕуыл куы андзӕва+, уӕд дӕр ӕй хӕрӕн нӕй. Уыцы дзидза хъӕуы басудзын. Сыгъдӕг дзидза та хӕрӕн ис, сыгъдӕг чи у, уыдонӕн.
20 Исчи* сыгъдӕг куы нӕ уа ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы фарны нывонд ӕрхастой, уый дзидзайӕ куы бахӕра, уӕд ӕй хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 21 Ӕмӕ исчи, чъизи цы у, ахӕм истӕмӕ куы бавнала, адӕймаджы чъизитӕ уой+ ӕви, чъизийыл нымад чи у, ахӕм цӕрӕгой+ кӕнӕ та исты ӕлгъаг цӕрӕгой+, ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы фарны нывонд ӕрхастой, уый дзидзайӕ куы бахӕра, уӕд ӕй хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй“».
22 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 23 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Галты, фыркъаты ӕмӕ сӕгъты фиу+ ӕппындӕр ма хӕрут. 24 Фосӕй чи амӕла кӕнӕ дзы хъӕддаг сырд кӕй бахӕра+, уымӕн йӕ фиуӕй пайда кӕнӕн ис цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, фӕлӕ йӕ хӕргӕ ма кӕнут. 25 Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндты фиуӕй чи бахӕра, уыцы адӕймаджы хъӕуы фесафын+ йӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
26 Кӕмфӕнды ма цӕрат, туг+ ӕппындӕр ма хӕрут,– фӕнды маргъы туг уӕд, фӕнды цӕрӕгойы туг. 27 Туг чи бахӕра, уыцы адӕймаджы* хъӕуы фесафын+ йӕ адӕмы ’хсӕнӕй“».
28 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 29 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йегъовӕйӕн фарны нывонд чи хӕсса, уый Йегъовӕйӕн йӕ фарны нывондӕй раттӕд хай+. 30 Йӕхӕдӕг хъуамӕ ӕрбахӕсса Йегъовӕйӕн йӕ фиу+ риуыгуыдыримӕ – уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг. Фиу ӕрбахӕсдзӕн риуыгуыдыримӕ, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм батила – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 31 Ӕмӕ сауджын фиу нывондхӕссӕныл басудздзӕн+, риуыгуыдыр та уыдзӕн Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+.
32 Фарны нывӕндтӕн-иу сӕ рахиз агъд раттут сауджынӕн+. 33 Рахиз агъд уыдзӕн, фарны нывондӕн йӕ туг ӕмӕ йӕ фиу Аароны фырттӕй Хуыцауы размӕ чи бахӕсса, уый хай+. 34 Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕссынц, уыдонӕй ӕз исын риуыгуыдыр – дыууӕрдӕм кӕй батилынц+, уый, ӕмӕ рахиз агъд ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн. Уыдон ӕз исын Израилы фырттӕй. Уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм.
35 Уый уыд, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕй Аароны ӕмӕ йӕ фыртты хай – сауджынты хай, Йегъовӕйӕн сауджынтӕй цы бон ӕрцыдысты ’взӕрст+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ. 36 Сӕрст цы бон ӕрцыдысты+, уыцы бон Йегъовӕ Израилы фырттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ уыдонӕн дӕттой. Уый у закъон ӕнустӕм сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр“»+.
37 Адон сты закъӕттӕ судзинаг нывӕндты+ ӕмӕ хоры кувинӕгты тыххӕй+, тӕригъӕды+ ӕмӕ аххосы тыххӕй+ кӕй хӕсдзысты, уыцы нывӕндты тыххӕй, стӕй уӕд, ацы нӕлгоймӕгтӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый номыл цы нывӕндтӕ ӕрхӕсдзысты+, уыдоны тыххӕй ӕмӕ фарны нывӕндты тыххӕй+. 38 Уыцы закъӕттӕ Йегъовӕ Моисейӕн радта Синайы хохыл+, Израилы фырттӕн цы бон загъта, цӕмӕй Синайы ӕдзӕрӕг быдыры Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхастаиккой, уыцы бон+.
8 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Ӕрбакӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты+, райс сын сӕ уӕлӕдарӕс+ ӕмӕ сӕрмагонд сой*+, ӕрбакӕн уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, дыууӕ фыры ӕмӕ райс чыргъӕд донгонд дзултимӕ+. 3 Стӕй адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй иууылдӕр ӕмбырды цатыры+ бахизӕны раз ӕрӕмбырд уой»+.
4 Моисей бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, ӕмӕ адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмбырды цатыры бахизӕны раз+. 5 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ бафӕдзӕхста афтӕ бакӕнын»+. 6 Ӕмӕ Аароны йӕ фырттимӕ ӕрбакодта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕхи ныхсой+. 7 Уый фӕстӕ Аароныл скодта даргъ хӕдон+ ӕмӕ йын йӕ астӕуыл рон ӕрбабаста+. Стӕй йыл скодта ӕнӕдыс къаба+ ӕмӕ ефод+ ӕмӕ йыл ефод йӕ ронӕй+ ӕнгом ӕрбабаста. 8 Уый фӕстӕ йыл бакодта риуылдарӕн+ ӕмӕ дзы нывӕрдта урим ӕмӕ туммим*+. 9 Стӕй йын йӕ сӕрыл ӕркодта сарыхъ+ ӕмӕ сарыхъыл разӕй бакодта ӕрттиваг сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз*+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
10 Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрмагонд сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр+ ӕмӕ йӕ мидӕг цы уыди, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ систы табуйаг. 11 Стӕй сойӕ авд хатты бапырх кодта нывондхӕссӕн ӕмӕ йын байсӕрста йӕхи дӕр+, йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыдис, уыдон дӕр, стӕй стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр систы табуйаг. 12 Уый фӕстӕ байсӕрста Аароны – сӕрмагонд сой йын йӕ сӕрыл рауагъта – ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы цӕсты сси сыгъдӕг+.
13 Стӕй Моисей ӕрбакодта Аароны фыртты+, скодта сыл даргъ хӕдӕттӕ, сӕ астӕутыл сын рӕттӕ+ ӕрбабаста ӕмӕ сыл худтӕ+ ӕркодта, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
14 Уый фӕстӕ Моисей ӕрбакодта уӕныг+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн. Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ нывонды сӕрыл+ ӕрӕвӕрдтой. 15 Стӕй Моисей уӕныджы аргӕвста+, йӕ туг+ ын райста ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕй алкӕцы дӕр ацахуырста, ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта. Тугӕй ма цы баззад, уый та акалдта нывондхӕссӕны бынмӕ, цӕмӕй суыдаид табуйаг ӕмӕ йыл уыдаид нывӕндтӕ хӕссӕн адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕныны тыххӕй+. 16 Уый фӕстӕ Моисей систа тъӕнгты фиу иууылдӕр, игӕры фиу, дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта+. 17 Уӕныгӕн йӕ царм, йӕ дзидза ӕмӕ йӕ фаджыс та басыгъта цатырты ӕдде+, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
18 Стӕй ӕрбакодта фыр судзинаг нывондӕн, ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ фыры сӕрыл ӕрӕвӕрдтой+. 19 Уый фӕстӕ йӕ Моисей аргӕвста ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 20 Стӕй фыры ауӕнгтӕ кодта+ ӕмӕ йын йӕ сӕр, йӕ уӕнгтӕ ӕмӕ йӕ фиу нывондхӕссӕны зынгтыл ӕрӕвӕрдта. 21 Уый фӕстӕ ныхсадта тъӕнгтӕ ӕмӕ къӕхтӕ, ӕмӕ фыры ӕнӕхъӕнӕй дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта+. Уый уыд судзинаг нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Хуыцауӕн уыди ӕхсызгон+. Уый уыд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн. Моисей бакодта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
22 Уый фӕстӕ Моисей ӕрбакодта иннӕ фыры, ацы нӕлгоймӕгтӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый номыл нывондӕн ӕрхӕссынӕн+, ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ фыры сӕрыл ӕрӕвӕрдтой. 23 Стӕй йӕ аргӕвста, райста йын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы ацахуырста Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 24 Уый фӕстӕ та Моисей ӕрбакодта Аароны фыртты ӕмӕ уыдонӕн дӕр тугӕй ацахуырста сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты стыр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+.
25 Стӕй фырӕн райста йӕ фиу ӕмӕ йӕ дымӕг, тъӕнгты фиу иууылдӕр+, игӕры фиу, йӕ дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ йӕ рахиз агъд+. 26 Йегъовӕйы раз донгонд дзултимӕ цы чыргъӕд уыди, уырдыгӕй систа иу донгонд гуыл+, соимӕ конд гуыл+ ӕмӕ иу лауыз+ ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕрдта фиуыл ӕмӕ рахиз агъдыл. 27 Стӕй сӕ иууылдӕр ӕрӕвӕрдта Аароны ӕмӕ йӕ фыртты къухтыл ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм батылдта – уый уыд, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 28 Уый фӕстӕ сын сӕ Моисей сӕ къухтӕй райста ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл, судзгӕ кӕй бакодтой, уыцы нывонды сӕрыл басыгъта+. Уый уыд нывонд, ацы нӕлгоймӕгтӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый номыл+, ӕмӕ йӕ тӕф Хуыцауӕн уыди ӕхсызгон+. Уый уыд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн+.
29 Стӕй Моисей райста нывондӕн йӕ риуыгуыдыр+ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм батылдта – уый уыд, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. Нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы фырӕй уый сси Моисейы хай+, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
30 Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрмагонд сойӕ+ ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй ӕмӕ дзы бапырх кодта Ааронӕн йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ дарӕсыл дӕр, стӕй йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй йӕ фыртты+ ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр Хуыцауӕн снывонд кодта+.
31 Стӕй Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Дзидза сфыцут+ ӕмбырды цатыры бахизӕны раз, ӕмӕ йӕ уым, чыргъӕды цы дзултӕ ис, уыдонимӕ хӕрут+, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загъд уыд: „Хъуамӕ сӕ хӕрой Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ“. 32 Дзидзайӕ ӕмӕ дзултӕй цы баззайа, уый та-иу басудзут+. 33 Цатыры бахизӕнӕй авд боны макуыдӕм ацӕут+, цалынмӕ сауджынтӕй ӕвӕрд не ’рцӕуат, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ бахъӕудзӕн авд боны, цӕмӕй бартӕ уӕ къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕуой+. 34 Йегъовӕ афтӕ загъта, ӕмӕ, абон цы ’рцыд арӕзт, уый аразын хъӕуы иннӕ бонты дӕр, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат+. 35 Авд боны, ӕхсӕвы дӕр ӕмӕ бонӕй дӕр, хъуамӕ уат цатыры бахизӕны раз+ ӕмӕ Йегъовӕйы раз уӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнат+, цӕмӕй ма амӕлат, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загъд уыд».
36 Ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, Йегъовӕ сын Моисейы уылты цы загъта, уыдон иууылдӕр сарӕзтой.
9 Ӕстӕм+ бон Моисей фӕдзырдта Ааронмӕ, йӕ фырттӕм ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕм. 2 Ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Дӕхи номыл ӕрбакӕн род тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ фыр судзинаг нывондӕн+, хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Ӕрбакӕн сӕ Йегъовӕйы размӕ+. 3 Израилы фырттӕн та зӕгъ: „Ӕрбакӕнут нӕл сӕгъ+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, стӕй род ӕмӕ фыркъа+ судзинаг нывондӕн, дыууӕ дӕр хъуамӕ уой афӕдздзыд ӕмӕ ӕнӕсахъат, 4 ӕмӕ гал ӕмӕ фыр та – фарны нывондӕн+, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссат. Стӕй ӕрбахӕссут хоры кувинаг+ дӕр соимӕ змӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уӕм абон Йегъовӕ фӕзындзӕн“»+.
5 Уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой – ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбакодтой нывонд фос ӕмӕ ӕрбахастой кувинӕгтӕ. Уый фӕстӕ адӕм иууылдӕр уырдӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты+. 6 Ӕмӕ сын уӕд Моисей загъта: «Афтӕ бакӕнын уын Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй уӕм фӕзына Йегъовӕйы кад»+. 7 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Бацу нывондхӕссӕны цурмӕ ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ нывӕндтӕ – тӕригъӕды тыххӕй нывонд+ ӕмӕ судзинаг нывонд, ӕмӕ дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕн+. Стӕй адӕмӕн дӕр ӕрхӕсс сӕ нывӕндтӕ+ ӕмӕ уыдоны дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕн+, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».
8 Ӕмӕ Аарон уайтагъд бацыд нывондхӕссӕны цурмӕ ӕмӕ аргӕвста, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй кӕй хъуыд ӕрхӕссын, уыцы роды+. 9 Уый фӕстӕ Ааронмӕ йӕ фырттӕ бахастой нывонды туг+, ӕмӕ уый йе ’нгуылдз туджы атылдта+ ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахуырста+, тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны бынмӕ акалдта. 10 Стӕй Аарон тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн йӕ фиу+, йӕ уыргтӕ ӕмӕ йӕ игӕры фиу нывондхӕссӕныл басыгъта+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 11 Нывондӕн йӕ дзидза ӕмӕ йӕ царм та басыгъта цатырты ӕдде+.
12 Уый фӕстӕ Аарон аргӕвста судзинаг нывонд, ӕмӕ йӕм йӕ фырттӕ бахастой нывонды туг, ӕмӕ йӕ уый нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 13 Стӕй йӕм радтой судзинаг нывонды уӕнгтӕ ӕмӕ йӕ сӕр, ӕмӕ сӕ уый нывондхӕссӕныл басыгъта+. 14 Уый фӕстӕ ныхсадта тъӕнгтӕ ӕмӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл судзинаг нывонды сӕрыл басыгъта+.
15 Уый фӕстӕ адӕмӕн дӕр сӕ нывӕндтӕ ӕрхаста+. Адӕмы тӕригъӕды тыххӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы нӕл сӕгъы аргӕвста ӕмӕ, тӕригъӕды тыххӕй фыццаг нывондӕн куыд бакодта, афтӕ бакодта ацы нывондӕн дӕр. 16 Стӕй ӕрхаста судзинаг нывонд дӕр, уымӕн цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк уыд, уымӕ гӕсгӕ+.
17 Уый фӕстӕ ӕрхаста хоры кувинаг+, систа дзы армыдзаг ӕмӕ йӕ басыгъта нывондхӕссӕныл, райсомӕй цы судзинаг нывонд ӕрхаста, уымӕй уӕлдай+.
18 Уый фӕстӕ та аргӕвста, адӕм сӕхи тыххӕй фарны нывондӕн+ кӕй ӕрбакодтой, уыцы гал ӕмӕ фыры. Ӕмӕ Ааронмӕ йӕ фырттӕ бахастой нывӕндты туг, ӕмӕ йӕ уый нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта+. 19 Галы фиу+ ӕмӕ фыры дымӕг+, стӕй тъӕнгты фиу, уыргтӕ ӕмӕ игӕры фиу та 20 Аароны фырттӕ ӕрӕвӕрдтой галы риуыгуыдырыл+ ӕмӕ фыры риуыгуыдырыл, ӕмӕ уый фӕстӕ Аарон фиу нывондхӕссӕныл басыгъта. 21 Нывӕндтӕн сӕ риуыгуыдыртӕ ӕмӕ сӕ рахиз ӕгъдтӕ та – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+ – Аарон Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атылдта, Моисей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
22 Аарон тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ куы ’рхаста, уӕд йӕ къухтӕ адӕмы ’рдӕм адардта, раарфӕ сын кодта+ ӕмӕ бынмӕ ӕрхызт+. 23 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты ӕмбырды цатырмӕ. Стӕй фӕстӕмӕ рацыдысты ӕмӕ адӕмӕн раарфӕ кодтой+.
Уӕд адӕммӕ фӕзынди Йегъовӕйы кад+, 24 ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт+ ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы судзинаг нывонд ӕмӕ фиу уыди, уыдон аныхъуырдта. Адӕм уый куы федтой, уӕд ныхъхъӕр кодтой+ ӕмӕ зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхаудтой.
10 Цасдӕры фӕстӕ Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд+ райстой сӕ зынгхӕссӕнтӕ+, нывӕрдтой дзы зынг, зынджы сӕрыл та – буд+, ӕмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг+. 2 Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+, ӕмӕ Йегъовӕйы раз амардысты+. 3 Уӕд Моисей Ааронӕн загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕввахс мӕм чи у+, уыдон мын хъуамӕ мӕ ном рухс кӕной+ ӕмӕ мӕ ӕппӕт адӕм дӕр хъуамӕ кадджын кӕной“»+. Ӕмӕ Аарон хъусӕй лӕууыд.
4 Моисей фӕдзырдта Мисаил ӕмӕ Елцафанмӕ, Ааронӕн йӕ фыдыфсымӕр Узиилы фырттӕм+, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уе ’фсымӕрты сыгъдӕг бынаты разӕй цатырты ӕддӕмӕ ахӕссут»+. 5 Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ сӕ сӕ даргъ хӕдӕтты мидӕг цатырты ӕддӕмӕ ахастой, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
6 Ӕмӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Уӕ сӕртӕ ӕнӕфастӕй ма ныууадзут+ ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа+. Уе ’фсымӕртӕ, Израилы адӕм иууылдӕр, фӕкӕудзысты, чи басыгъд, Йегъовӕ арты хай кӕй бакодта, уыдоныл. 7 Ӕмбырды цатыры бахизӕны разӕй макуыдӕм ацӕут, цӕмӕй ма амӕлат+, уымӕн ӕмӕ сымах Йегъовӕйы сӕрмагонд сойӕ сӕрст стут»+. Ӕмӕ уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ бакодтой.
8 Ӕмӕ Йегъовӕ Ааронӕн загъта: 9 «Ӕмбырды цатырмӕ куы цӕуат, уӕд ма нуазут мадӕр сӕн, мадӕр карз нозт+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр,– цӕмӕй ма амӕлат. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, 10 цӕмӕй, табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнат+, 11 ӕмӕ цӕмӕй Израилы фырттӕн амонат+, Йегъовӕ сын Моисейы уылты кӕй радта, уыцы уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр».
12 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн ӕмӕ ма йын чи баззад, уыцы фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Ифамарӕн, загъта: «Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ артыл кӕй басыгътой, уыцы кувинӕгтӕй цы хоры кувинаг+ баззад, уымӕй донгонд дзултӕ скӕнут ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны раз бахӕрут, уымӕн ӕмӕ уый у уӕлдай табуйаг+. 13 Хъуамӕ уыцы кувинаг хӕрат сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ уыд загъд. 14 Риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+, ӕмӕ агъд – сауджынты хай+, хӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр+, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдонӕй. 15 Израилы фырттӕ-иу агъд – сауджынты хай, ӕмӕ риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+, ӕрбахӕсдзысты, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгты фиуимӕ, цӕмӕй, кӕй батилынц, уыцы кувинаг Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилой. Ӕмӕ уый ӕнустӕм уыдзӕн дӕ хай+ ӕмӕ дӕ фыртты хай, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».
16 Уӕд Моисей агурын райдыдта, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ цы нӕл сӕгъ ӕрхастой, уый, ӕмӕ базыдта, кӕй йӕ басыгътой. Ӕмӕ йӕ маст ссыгъд Елеазармӕ ӕмӕ Ифамармӕ, Ааронӕн ма цы фырттӕ баззад, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: 17 «Цӕуылнӕ бахордтат тӕригъӕды тыххӕй нывонд сыгъдӕг бынаты?+ Уый уӕлдай табуйаг куы у ӕмӕ уын ӕй уый тыххӕй куы радта, цӕмӕй дзуапп дӕттат ӕппӕт адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕйы раз сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнат!+ 18 Йӕ туг сыгъдӕг бынатмӕ хаст не ’рцыд!+ Нывонд хъуамӕ сыгъдӕг бынаты бахордтаиккат, загъд мын куыд уыд, афтӕ»+. 19 Уӕд Аарон Моисейӕн загъта: «Уыдон абон Йегъовӕйӕн ӕрхастой сӕ нывонд тӕригъӕды тыххӕй ӕмӕ сӕ судзинаг нывонд+. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ сӕр ахӕм бӕллӕх баййӕфта, ӕмӕ ӕз абон тӕригъӕды тыххӕй нывондӕй куы бахордтаин, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдаид?»+ 20 Моисей уый куы фехъуыста, уӕд сразы йӕ ныхӕстыл.
11 Йегъовӕ ма Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъут: „Зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй уӕ бон хӕрын у+ мӕнӕ адон: 3 йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у ӕмӕ дзы зыхъхъыр кӕмӕн ис, сынӕр чи цӕгъды, уыцы цӕрӕгойты – адон уӕ бон у хӕрын+.
4 Сынӕр чи цӕгъды ӕмӕ йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у, уыдонӕй уын хӕрӕн нӕй ӕрмӕстдӕр мӕнӕ ацы цӕрӕгойты: теуа, уымӕн ӕмӕ сынӕр цӕгъды, фӕлӕ йӕ сӕфтӕг дих нӕу. Уый сымахӕн у чъизи цӕрӕгой+. 5 Хӕххон зыгъарӕг*+, уымӕн ӕмӕ сынӕр цӕгъды, фӕлӕ йын дих сӕфтӕг нӕй. Уый сымахӕн у чъизи цӕрӕгой. 6 Тӕрхъус+, уымӕн ӕмӕ сынӕр цӕгъды, фӕлӕ йын дих сӕфтӕг нӕй. Уый сымахӕн у чъизи цӕрӕгой. 7 Хӕрӕн уын нӕй хуы+ дӕр: йӕ сӕфтӕг дих у ӕмӕ дзы зыхъхъыр ис, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Уый сымахӕн у чъизи цӕрӕгой. 8 Сӕ дзидза сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕм ма ӕвналут+. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ+.
9 Дӕтты цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй уын хӕрӕн ис мӕнӕ адон+: уӕ бон у хӕрын, дӕтты, денджызты ӕмӕ цӕугӕдӕтты цӕрӕг цӕрӕгойтӕй ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв+ кӕуыл ис, уыдон. 10 Дӕттӕ, денджызтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ йедзаг кӕмӕй сты, уыцы цӕрӕгойтӕй, дӕтты цыдӕриддӕр цӕрӕг удтӕ ис, уыдонӕй ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдон сымахӕн сты ӕлгъаг. 11 О, уыдон сымахӕн уыдзысты ӕлгъаг. Сӕ дзидза сын ма хӕрут+ ӕмӕ ахӕм цӕрӕгойты мӕрдтыл ӕлгъ кӕнут. 12 Дӕтты цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдон сымахӕн сты ӕлгъаг.
13 Мӕргътӕй кӕуыл хъуамӕ ӕлгъ кӕнат ӕмӕ кӕй хъуамӕ ма хӕрат, ӕлгъаг уын чи хъуамӕ уа, уыдон сты+: цӕргӕс+, кӕсагхор хъӕрццыгъа, лӕгуынсӕр стыр хъӕрццыгъа*, 14 сырх цъиусуры ӕмӕ сау цъиусуры+ алы мыггӕгтӕ, 15 халоны+ алы мыггӕгтӕ, 16 страус+, уыг, денджызы уари ӕмӕ уарийы алы мыггӕгтӕ, 17 сидахъхъ, баклан* ӕмӕ хъусджын уыг+, 18 доныхъаз, пеликан ӕмӕ лӕгуынсӕр хъӕрццыгъа+, 19 къадз, кӕсагласы алы мыггӕгтӕ, дыгоппон ӕмӕ хӕлынбыттыр+. 20 Ӕмӕ, цыппар къахыл чи цӕуы, уыцы базырджын лыстӕг цӕрӕгойтӕ дӕр иууылдӕр сымахӕн сты ӕлгъаг+.
21 Цыппар къахыл чи цӕуы, уыцы базырджын лыстӕг цӕрӕгойтӕй уын ӕрмӕстдӕр хӕрӕн ис, сӕ къӕхты сӕрмӕ зӕххыл гӕпп кӕнынӕн гӕпгӕнӕн къӕхтӕ кӕмӕн ис, уыдон. 22 Уӕ бон хӕрын у мӕнӕ адон: мӕтыхы+ алы мыггӕгтӕ, цъысцъысаджы+ алы мыггӕгтӕ ӕмӕ цъырцъыраджы+ алы мыггӕгтӕ. 23 Иннӕ базырджын лыстӕг цӕрӕгойтӕ та, цыппар къахыл чи цӕуы, уыдон, сымахӕн сты ӕлгъаг+. 24 Уыдонӕй куы бахӕрат, уӕд уӕхи фӕчъизи кӕндзыстут. Сӕ мӕрдтӕм сын чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 25 Ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ чи ахӕсса, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
26 Йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у, фӕлӕ дзы зыхъхъыр кӕмӕн нӕй ӕмӕ сынӕр чи нӕ цӕгъды, уыцы цӕрӕгойтӕ сымахӕн сты чъизи. Чи сӕм бавнала, уый фӕчъизи уыдзӕн+. 27 Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытыл чи цӕуы, уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ. Ахӕм цӕрӕгойы мардмӕ чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 28 Ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ чи ахӕсса+, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ.
29 Зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы цӕрӕгойтӕй та уын чъизи сты мӕнӕ адон+: куырм мыст, уыры*+ ӕмӕ гӕккуырийы алы мыггӕгтӕ, 30 геккон, стыр гӕккуыри, тритон, змисы гӕккуыри ӕмӕ хамелеон. 31 Зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы цӕрӕгойтӕй адон сымахӕн сты чъизи+. Ахӕм цӕрӕгойы мардмӕ чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
32 Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылфӕнды ма ӕрхауа, уый уыдзӕн чъизи,– фӕнды хъӕдын мигӕнӕн уӕд+, фӕнды уӕлӕдарӕс, фӕнды сӕрак+, фӕнды хъисын+. Архайгӕ цы мигӕнӕнӕй кӕнат, уый хъӕудзӕн доны нывӕрын, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи, уый фӕстӕ та уыдзӕн сыгъдӕг. 33 Уыцы цӕрӕгойтӕй искӕцы ӕлыг мигӕнӕны куы ныххауа+, уӕд, йӕ мидӕг цы ис, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ мигӕнӕн хъӕудзӕн ныппырх кӕнын+. 34 Ахӕм мигӕнӕнӕй доны ӕртах цы хӕринагыл ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ ахӕм мигӕнӕны цы нуазинаг уа, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн. 35 Ӕмӕ ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн. Пец уа ӕви дурынӕвӕрӕн,– хъӕуы йӕ ныппырх кӕнын. Уыдон сты чъизи, ӕмӕ сымахӕн дӕр хъуамӕ уой чъизи. 36 Ӕрмӕст суадон ӕмӕ донӕмбырдгӕнӕн дзыхъхъ баззайдзысты сыгъдӕгӕй. Ахӕм цӕрӕгойы мардмӕ чи бавнала, уый та фӕчъизи уыдзӕн. 37 Цӕрӕгойы мард тауинаг мыггӕгтыл куы ’рхауа, уӕд уыдзысты сыгъдӕг. 38 Фӕлӕ мыггӕгтӕ доны удӕст куы уой ӕмӕ сыл уыцы цӕрӕгойты мӕрдтӕй исты куы ’рхауа, уӕд сымахӕн уыдзысты чъизи.
39 Хӕрӕн уын кӕй ис, ахӕм цӕрӕгой куы фӕхӕдмӕл уа, уӕд ын йӕ мардмӕ чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 40 Ӕмӕ хӕдмӕл дзидзайӕ чи бахӕра+, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. Ӕмӕ йын йӕ мард чи ахӕсса, уый дӕр хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 41 Зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы лыстӕг цӕрӕгойтӕ иууылдӕр сты ӕлгъаг+. Хӕрӕн сӕ нӕй. 42 Зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы цӕрӕгойтӕй йӕ гуыбыныл чи быры+, цыппар къахыл чи цӕуы кӕнӕ ноджы фылдӕр къӕхтӕ кӕмӕн ис, уыдон ма хӕрут, уымӕн ӕмӕ сты ӕлгъаг+. 43 Зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы цӕрӕгойтӕй уӕхи ма фелгъаг кӕнут, уӕхи сӕ ма фӕчъизи кӕнут+. 44 Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+. Хъуамӕ уӕхи сыгъдӕг кӕнат ӕмӕ уат сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг+. Уӕдӕ зӕххыл цы цӕрӕгойтӕ змӕлы, уыдонӕй иуӕй дӕр уӕхи ма фӕчъизи кӕнут. 45 Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау+. Ӕмӕ хъуамӕ уат сыгъдӕг+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг+.
46 Ай у закъон цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ, доны чи змӕлы+, уыцы цӕрӕг удтӕ ӕмӕ, зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы лыстӕг цӕрӕгойты* тыххӕй, 47 цӕмӕй, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, цӕрӕгойтӕй кӕцытӕ ис хӕрӕн ӕмӕ кӕцытӕ нӕй, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнат“»+.
12 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Сылгоймаг куы басывӕрджын уа+ ӕмӕ йын лӕппу куы райгуыра, уӕд авд боны сыгъдӕг нӕ уыдзӕн. Ӕрвылмӕйон тугцыды бонты куыд нӕ вӕййы сыгъдӕг, афтӕ нӕ уыдзӕн сыгъдӕг уыцы рӕстӕг дӕр+. 3 Ӕстӕм бон лӕппуйӕн хъуамӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон лыг ӕрцӕуа+. 4 Ӕмӕ ма уый фӕстӕ сылгоймаг ноджыдӕр ӕртын ӕртӕ боны хъуамӕ уа хӕдзары ӕмӕ тугӕй ссыгъдӕг уа. Цалынмӕ йӕ сыгъдӕггӕнӕн бонтӕ нӕ фӕуой, уӕдмӕ, табуйаг цы у, уыдонӕй хъуамӕ мацӕмӕ ӕвнала ӕмӕ сыгъдӕг бынатмӕ дӕр ма цӕуа+.
5 Чызг ын куы райгуыра, уӕд та сыгъдӕг нӕ уыдзӕн цыппӕрдӕс боны, ӕрвылмӕйон тугцыды бонты куыд вӕййы, афтӕ. Ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕхсай ӕхсӕз боны хъуамӕ уа хӕдзары ӕмӕ тугӕй ссыгъдӕг уа. 6 Йӕ лӕппуйы кӕнӕ йӕ чызджы тыххӕй сыгъдӕггӕнӕн бонтӕ куы фӕуой, уӕд хъуамӕ ӕмбырды цатыры бахизӕнмӕ сауджынмӕ ӕрбакӕна, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм фыркъа судзинаг нывондӕн+, ӕмӕ лӕппын бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг+ та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн. 7 Сауджын ын йӕ нывонд ӕрхӕсдзӕн Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ сылгоймаг сыгъдӕг уыдзӕн йӕ тугцыдӕй+. Ай у закъон, лӕппу кӕнӕ чызг кӕмӕн райгуыра, уыцы сылгоймаджы тыххӕй. 8 Кӕд йӕ бон нӕ уа фыркъа ӕрхӕссын, уӕд та хъуамӕ ӕрбахӕсса дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны+: иуы – судзинаг нывондӕн, иннӕйы та – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн. Ӕмӕ йӕ сауджын йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ сылгоймаг уыдзӕн сыгъдӕг“».
13 Йегъовӕ ма Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 2 «Адӕймагӕн йӕ буар куы рафада, науӕд ыл хӕлмаг+ кӕнӕ хъулӕттӕ куы фӕзына ӕмӕ хъотыры хъӕдгомы хуызӕн куы суа+, уӕд ӕй ӕрбакӕнын хъӕуы сауджынмӕ: Ааронмӕ кӕнӕ йӕ фырттӕй искӕмӕ+. 3 Сауджын ын йӕ хъӕдгом фендзӕн+, ӕмӕ кӕд хъӕдгомыл хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ цармӕй арфдӕр зыны, уӕд уый у хъотыр. Сауджын ӕй фендзӕн ӕмӕ уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. 4 Фӕлӕ кӕд уыцы хъулон урс у, цармӕй арфдӕр нӕ зыны ӕмӕ йыл цы хъуынтӕ ис, уыдон не сурс сты, уӕд ӕй сауджын авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн+. 5 Ӕвдӕм бон ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд бӕрӕг у, ӕмӕ хъӕдгом нӕ фестырдӕр, буарыл нӕ апырх, уӕд ма йӕ ноджыдӕр авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн+.
6 Ӕвдӕм бон та йӕ сауджын ногӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ хъӕдгом фӕфӕлурс ӕмӕ буарыл нӕ апырх, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Уый уыди ӕнӕуи хӕлмаг. Уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 7 Фӕлӕ кӕд, сауджынмӕ куы ’рбацыд ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ хӕлмаг буарыл апырх, уӕд хъуамӕ йӕхи дыккаг хатт сауджынӕн фенын кӕна+. 8 Сауджын ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд хӕлмаг йӕ буарыл апырх, уӕд уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр+.
9 Адӕймагыл хъотыры хъӕдгом куы фӕзына, уӕд ӕй хъӕуы сауджынмӕ ӕрбакӕнын. 10 Сауджын ӕй фендзӕн+, ӕмӕ кӕд йӕ буарыл ис урс хъулӕттӕ ӕмӕ уыцы рӕтты хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ йӕ дзидза разынд+, 11 уӕд уый у, рагӕй йыл чи ис, ахӕм хъотыр+. Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Хибар кӕнын ӕй нӕ хъӕуы+, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг нӕу. 12 Фӕлӕ кӕд хъотыр йӕ буарыл апырх ӕмӕ ӕнӕхъӕн буар сӕрӕй къӕхтӕм бамбӕрзта, сауджынӕн йӕ бон фенын цас у, уыйбӕрц, 13 ӕмӕ сауджын куы фена, хъотыр ын йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бамбӕрзта, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Йӕ царм иууылдӕр сурс. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 14 Фӕлӕ хъӕдгомы дзидза куы разына, уӕд уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сыгъдӕг нал уыдзӕн. 15 Сауджын+ куы фена, йӕ хъӕдгомы дзидза кӕй разынд, уый, уӕд зӕгъдзӕн, уыцы адӕймаг сыгъдӕг кӕй нӕу. Дзидза кӕм разынд, ахӕм хъӕдгом сыгъдӕг нӕу. Уый у хъотыр+. 16 Уыцы хъӕдгом куы байгас уа ӕмӕ куы сурс уа, уӕд хъуамӕ ӕрбацӕуа сауджынмӕ. 17 Сауджын ӕй фендзӕн+, ӕмӕ кӕд йӕ хъӕдгом сурс, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг.
18 Искӕмӕн йӕ буарыл сынкъ+ куы рацӕуа ӕмӕ йын куы байгас уа, 19 ӕмӕ сынчъы бынат урс хъулӕттӕ кӕнӕ сырхгомау хъулӕттӕ куы суа, уӕд хъуамӕ йӕхи сауджынӕн фенын кӕна. 20 Сауджын ӕй фендзӕн+, ӕмӕ кӕд хъӕдгом цармӕй арфдӕр зыны, цы хъуынтӕ дзы ис, уыдон сурс сты, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. Хъотыр фӕзынд сынчъы бынаты. 21 Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ хъӕдгомыл хъуынтӕ урс не сты, цармӕй арфдӕр нӕу ӕмӕ у фӕлурс, уӕд ӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн+. 22 Хъӕдгом буарыл куы апырх уа, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у низ. 23 Фӕлӕ сынкъ куы нӕ фестырдӕр уа ӕмӕ буарыл куы нӕ апырх уа, уӕд сынкъ ӕнӕуи хӕф кӕны+, ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+.
24 Исчи йӕхи куы басудза ӕмӕ сыгъды бынаты дзидза кӕм разынд, уый сырхгомау кӕнӕ урс хъулӕттӕ куы суа, 25 уӕд ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы ран хъуынтӕ сурс сты ӕмӕ хъӕдгом цармӕй арфдӕр у, уӕд уый хъотыр у. Хъотыр фӕзынд хъӕдгомы, ӕмӕ сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. 26 Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ хъӕдгомыл хъуынтӕ урс не сты, цармӕй арфдӕр нӕу ӕмӕ у фӕлурс, уӕд ӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн. 27 Ӕвдӕм бон ӕй сауджын фендзӕн, ӕмӕ кӕд хъӕдгом буарыл апырх, уӕд зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у хъотыр. 28 Фӕлӕ кӕд хъӕдгом нӕ фестырдӕр, буарыл нӕ апырх ӕмӕ у фӕлурс, уӕд хъӕдгом ӕнӕуи схӕф. Сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ хъӕдгом хӕф сси.
29 Нӕлгоймагӕн кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ сӕрыл кӕнӕ йӕ роцъойыл хъӕдгом куы фӕзына, 30 уӕд хъуамӕ сауджын+ уыцы хъӕдгом фена. Ӕмӕ кӕд цармӕй арфдӕр зыны, цы хъуынтӕ йыл ис, уыдон сты бур ӕмӕ дзы цалдӕр йеддӕмӕ нал ис, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Уый у цӕгӕрниз+. Уыцы адӕймагӕн йӕ сӕрыл кӕнӕ йӕ роцъойыл фӕзынд хъотыр. 31 Сауджын цӕгӕрнизы хъӕдгом куы фена, ӕмӕ хъӕдгом цармӕй арфдӕр куы нӕ зына ӕмӕ уыцы ран сау хъуынтӕ куы нӕ уа, уӕд цӕгӕрнизӕй рынчын адӕймаджы авд бонмӕ+ ахибар кӕндзӕн+. 32 Ӕвдӕм бон сауджын хъӕдгом фендзӕн, ӕмӕ кӕд хъӕдгом нӕ апырх, бур хъуынтӕ дзы нӕ фӕзынд+ ӕмӕ цармӕй арфдӕр нӕ зыны, 33 уӕд хъуамӕ уыцы адӕймаг йӕхи адаса, фӕлӕ, цӕгӕр кӕм у, уыцы бынатмӕ хъуамӕ ма бавнала+. Ӕмӕ йӕ сауджын ногӕй авд бонмӕ ахибар кӕндзӕн.
34 Ӕвдӕм бон сауджын цӕгӕры хъӕдгом фендзӕн, ӕмӕ кӕд буарыл нӕ апырх ӕмӕ цармӕй арфдӕр нӕ зыны, уӕд сауджын уыцы адӕймагӕй зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+. Уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 35 Фӕлӕ кӕд, сыгъдӕгыл нымад куы ’рцыд, уый фӕстӕ йӕ буарыл апырх, 36 уӕд ӕй хъуамӕ сауджын+ фена. Ӕмӕ кӕд цӕгӕрниз буарыл апырх, уӕд сауджын нал кӕсдзӕн, бур хъуынтӕ дзы ис ӕви нӕ – уыцы адӕймаг сыгъдӕг нӕу. 37 Фӕлӕ кӕд бӕрӕг у, ӕмӕ хъӕдгом нӕ фестырдӕр ӕмӕ дзы сау хъуынтӕ разади, уӕд цӕгӕрниз ацыд. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг, ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+.
38 Нӕлгоймагӕн кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ буарыл урс хъулӕттӕ+ куы фӕзына, 39 уӕд ӕй сауджын+ фендзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы хъулӕттӕ фӕлурс сты, уӕд ӕнӕуи рафаста, ӕмӕ дзы тӕссагӕй ницы ис. Йӕ буар рафаста. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг.
40 Адӕймагӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ куы згъӕлой+, уӕд лӕгуын кӕны. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 41 Йӕ сӕрыхъуынтӕ разӕй куы згъӕлой, уӕд лӕгуын кӕны йӕ ных. Уыцы адӕймаг у сыгъдӕг. 42 Фӕлӕ, йӕ тыл кӕнӕ йӕ ных кӕм слӕгуын, уым сырхгомау хъӕдгом куы фӕзына, уӕд уый у хъотыр – хъотыр фӕзынд йӕ тылыл кӕнӕ йӕ ныхыл. 43 Сауджын+ ӕй фендзӕн, ӕмӕ кӕд, йӕ тыл кӕнӕ йӕ ных кӕм слӕгуын, уым хъотыры хуызӕн сырхгомау хъулӕттӕ фӕзынд, 44 уӕд уыцы адӕймаг у хъотырджын. Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, сыгъдӕг нӕу, зӕгъгӕ. Йӕ сӕрыл ис хъотыр. 45 Хъотырӕй рынчын чи у, уымӕн йӕ уӕлӕдарӕс хъуамӕ уа скъуыдтӕ+, йӕ сӕр ӕнӕфаст+ ӕмӕ хъуамӕ йӕ рихитӕ бамбӕрза+ ӕмӕ хъӕр кӕна: „Сыгъдӕг нӕ дӕн, сыгъдӕг нӕ дӕн!“+ 46 Цалынмӕ йыл хъотыр уа, уӕдмӕ сыгъдӕг нӕ уыдзӕн. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг нӕу. Хъуамӕ цӕра хибарӕй, цатырты ӕдде+.
47 Хъотыр уӕлӕдарӕсыл куы фӕзына,– фӕнды къуымбилӕй конд уӕд, фӕнды гӕнӕй, 48 фӕнды уӕфт+ хъуымацӕй* уӕд – къуымбил ӕндӕхтӕй ӕви гӕн ӕндӕхтӕй, фӕнды сӕрак уӕд, фӕнды сӕракӕй конд дзаума+, 49 ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл, сӕракыл, уӕфт дзаумайыл кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл цы хъулӕттӕ фӕзынд, уыдон бурбын-цъӕх кӕнӕ сырх куы уой, уӕд уый у хъотыр, ӕмӕ йӕ хъӕуы сауджынӕн равдисын. 50 Сауджын+ ӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ йӕ авд бонмӕ хибар ран сӕвӕрын кӕндзӕн+. 51 Ӕвдӕм бон та йӕм сауджын ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ кӕд апырх уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл+ кӕнӕ сӕракыл, уыцы сӕрак цӕмӕнфӕнды ма уа, уӕддӕр, уӕд уый у ӕвзӕр хъотыр+. Уыцы дзаума сыгъдӕг нӕу. 52 Ӕмӕ, хъотыр кӕуыл фӕзынд, уыцы уӕлӕдарӕс, уӕфт дзаума+ кӕнӕ сӕракӕй конд дзаума хъуамӕ басудза, уымӕн ӕмӕ уый у ӕвзӕр+ хъотыр. Уыцы дзаума хъӕуы басудзын.
53 Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаума кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл цы хъулӕттӕ фӕзынд, уыдон нӕ апырх сты+, 54 уӕд зӕгъдзӕн, цӕмӕй уыцы дзаума ныхсой ӕмӕ йӕ авд боны хибар ран дарой. 55 Дзаума куы ныхсой, уӕд ӕм сауджын ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ кӕд уыцы хъулӕттӕ сӕ хуыз нӕ фӕивтой, уӕд сыгъдӕг нӕу,– кӕд нӕ апырх сты, уӕддӕр. Хъӕуы йӕ басудзын. Хъотыр ӕй бахордта зыгъуымырдыгӕй кӕнӕ ӕддӕрдыгӕй.
56 Фӕлӕ сауджын куы фена, ӕмӕ ӕхсады фӕстӕ уыцы хъулӕттӕ сты фӕлурс, уӕд хъуамӕ уӕлӕдарӕсӕй, уӕфт дзаумайӕ кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайӕ раскъуына, хъулӕттӕ кӕм ис, уыцы хай. 57 Фӕлӕ та уый фӕстӕ дӕр уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл+ кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл куы фӕзыной, уӕд уый у, чи райдыдта, ахӕм хъотыр. Уыцы дзаума цыфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй хъӕуы басудзын+. 58 Уӕлӕдарӕс, уӕфт дзаума кӕнӕ сӕракӕй конд дзаума куы ныхсай ӕмӕ уыцы хъулӕттӕ куы фесӕфой, уӕд ма йӕ иу хатт ныхс, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг.
59 Ай у закъон, къуымбилӕй кӕнӕ гӕнӕй+ конд уӕлӕдарӕсыл, уӕфт дзаумайыл кӕнӕ сӕракӕй конд дзаумайыл хъотыр куы фӕзына, уый тыххӕй, цӕмӕй сауджын зона, сыгъдӕгыл ӕй банымайӕн ис ӕви нӕ».
14 Йегъовӕ ма дарддӕр Моисейӕн загъта: 2 «Ай у закъон, хъотырджын+ сыгъдӕгыл нымад куы ’рцӕуа, уыцы бон цы бакӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Хъуамӕ йӕ ӕрбакӕной сауджынмӕ+. 3 Сауджын цатырты ӕддӕмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ йӕ фендзӕн, ӕмӕ кӕд йӕ хъотыр фесӕфт+, 4 уӕд ын зӕгъдзӕн, цӕмӕй йӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй ӕрбахӕсса, сыгъдӕгыл нымад чи у, дыууӕ ахӕм удӕгас маргъы+, кедры къалиу+, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ+ ӕмӕ иссопы къалиутӕ+. 5 Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, цӕмӕй мӕргътӕй иуы аргӕвдой, суадоны дон кӕм уа, ахӕм ӕлыг мигӕнӕны сӕрмӕ+. 6 Уый фӕстӕ райсдзӕн удӕгас маргъы, кедры къалиу, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ ӕмӕ иссопы къалиутӕ, ӕмӕ уыдон иууылдӕр, стӕй удӕгас маргъы дӕр, атулдзӕн, суадоны доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы. 7 Стӕй, йӕхи хъотырӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, ууыл тугӕй авд хатты+ бапырх кӕндзӕн+ ӕмӕ зӕгъдзӕн, сыгъдӕг у, зӕгъгӕ+. Удӕгас маргъы та ауадздзӕн тыгъд быдыры+.
8 Уый фӕстӕ, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаг хъуамӕ ныхса йӕ уӕлӕдарӕс+, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныддаса, йӕхи ныннайа+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын. Ӕмӕ авд боны хъуамӕ цӕра йӕ цатыры ӕдде+. 9 Ӕвдӕм бон хъуамӕ адаса йӕ сӕр+, йӕ роцъо ӕмӕ йе ’рфгуытӕ. Хъуамӕ ныддаса йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр, йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг.
10 Ӕстӕм+ бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыркъайы ӕмӕ, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат сыл уӕрыкк+ ӕмӕ хоры кувинагӕн+ ӕрбахӕссӕд ефӕйы ӕртӕ дӕсӕм хайы* ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ хӕццӕйӕ, ӕмӕ иу лог* сой+. 11 Ӕмӕ уыцы адӕймаджы, сыгъдӕгыл ӕй чи банымайдзӕн, уыцы сауджын ӕй йӕ нывӕндтимӕ ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны цур. 12 Ӕмӕ сауджын фыркъатӕй иуы ӕрхӕсдзӕн иу лог+ соимӕ аххосы тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 13 Фыркъайы аргӕвддзӕн, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ ӕмӕ судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+, сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ аххосы тыххӕй нывонд дӕр у сауджыны, тӕригъӕды тыххӕй нывонд куыд у, афтӕ+. Уый у уӕлдай табуйаг.
14 Ӕмӕ сауджын аххосы тыххӕй нывонды тугӕй райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 15 Уый фӕстӕ сауджын райсдзӕн иу лог+ сой ӕмӕ дзы йӕ галиу къухы ӕркӕндзӕн. 16 Стӕй сауджын, йӕ галиу къухы цы сой ис, уым йӕ рахиз къухы амонӕн ӕнгуылдз атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты+ Йегъовӕйы раз бапырх кӕндзӕн. 17 Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 18 Ӕмӕ ма сауджынӕн йӕ къухы цы сой баззайа, уый та рауадздзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы сӕрыл, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+.
19 Стӕй сауджын тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕрхӕсдзӕн+ ӕмӕ, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ аргӕвддзӕн судзинаг нывонд. 20 Ӕмӕ сауджын+ нывондхӕссӕныл ӕрхӕсдзӕн судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинаг+ ӕмӕ афтӕмӕй уыцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг+.
21 Фӕлӕ кӕд адӕймаг мӕгуыр у+ ӕмӕ йӕ къух уыйбӕрц нӕ амоны+, уӕд аххосы тыххӕй нывондӕн, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыркъа, цӕмӕй йӕхи йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна, хоры кувинагӕн ӕрбахӕссӕд ефӕйы дӕсӕм хай ӕппӕты хуыздӕр ссад, соимӕ хӕццӕйӕ, иу лог сой, 22 стӕй дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны, йӕ къух куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн. 23 Хъуамӕ сӕ ӕстӕм бон+ ӕрбахӕсса сауджынмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ+, Йегъовӕйы размӕ, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуа+.
24 Сауджын райсдзӕн, аххосы тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрбакодта, уыцы фыркъайы+, стӕй сойы лог ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 25 Ӕмӕ сауджын уыцы фыркъайы аргӕвддзӕн, йӕ тугӕй йын райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 26 Уый фӕстӕ сауджын йӕ галиу къухы сойӕ ӕркӕндзӕн+, 27 ӕмӕ, йӕ галиу къухы цы сой ис, уым йӕ рахиз къухы амонӕн ӕнгуылдз атулдзӕн ӕмӕ дзы авд хатты Йегъовӕйы раз бапырх кӕндзӕн+. 28 Уый фӕстӕ, йӕ къухы цы сой уа, уымӕй ацахордзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймагӕн аххосы тыххӕй нывонды тугӕй кӕм ацахуырста, уым – йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы стыр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы стыр ӕнгуылдз+. 29 Ӕмӕ ма сауджынӕн йӕ къухы цы сой баззайа, уый та рауадздзӕн, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы сӕрыл+, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна.
30 Стӕй сауджын райсдзӕн ӕхсинджытӕй кӕнӕ лӕппын бӕлӕттӕй иуы, уыцы адӕймагӕн йӕ къух цы амона, уымӕ гӕсгӕ+, 31 ӕмӕ йӕ ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, хоры кувинагимӕ иумӕ. Ӕмӕ сауджын, йӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ+ чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.
32 Ай у закъон, хъотыр кӕуыл уыд ӕмӕ, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй йӕ къух бирӕ кӕмӕн нӕ амоны, уыцы адӕймагӕн».
33 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 34 «Ханааны зӕхмӕ+, кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ+, куы бацӕуат, ӕмӕ ӕз уӕ зӕххыл искӕцы хӕдзарыл хъотыр куы бафтауон+, 35 уӕд хӕдзары хицау хъуамӕ сауджынмӕ бацӕуа ӕмӕ йын зӕгъа: „Мӕ хӕдзарыл хъотыры хуызӕн цыдӕр фӕзынд“. 36 Уӕд сауджын, цалынмӕ уыцы хӕдзармӕ бацӕуа ӕмӕ хъотыр фена, уӕдмӕ бардзырд ратдзӕн, цӕмӕй хӕдзарӕй алцыдӕр ӕддӕмӕ рахӕссой ӕмӕ хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ма зӕгъа, сыгъдӕг не сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ хӕдзармӕ бацӕудзӕн, цӕмӕй йӕ фена. 37 Ӕмӕ куы фена, къултыл кӕй ис бурбын-цъӕх кӕнӕ сырхгомау дзыхъхъытӕ ӕмӕ къулӕй арфдӕр зынынц,38 уӕд ӕддӕмӕ рахиздзӕн ӕмӕ хӕдзар авд бонмӕ сӕхгӕндзӕн+.
39 Ӕвдӕм бон сауджын фӕстӕмӕ ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ хӕдзар фендзӕн+, ӕмӕ кӕд хъулӕттӕ къултыл апырх сты, 40 уӕд бардзырд ратдзӕн, цӕмӕй, чи схъулӕттӕ, уыцы дуртӕ ракалой+ ӕмӕ сӕ аппарой, горӕты ӕдде чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм. 41 Ӕмӕ сауджын хӕдзары къултӕ мидӕгӕй иууылдӕр ныххафын кӕндзӕн ӕмӕ, цы ӕлыгӕй сӕрст уыдысты, уый акалын кӕндзӕн, горӕты ӕдде чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм. 42 Стӕй хъуамӕ райсой ӕндӕр дуртӕ ӕмӕ сӕ иннӕты бынаты бавӕрой, ӕмӕ сауджын къултӕ ног ӕлыджы змӕстӕй байсӕрдын кӕндзӕн.
43 Фӕлӕ та кӕд, дуртӕ куы ракалдтой, къултӕ куы ныххафтой ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ куы байсӕрстой, уый фӕстӕ ногӕй схъулӕттӕ сты, 44 уӕд сауджын+ ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ хӕдзар фендзӕн. Ӕмӕ кӕд хӕдзарыл хъулӕттӕ апырх сты, уӕд уый у ӕвзӕр хъотыр+. Уыцы хӕдзар сыгъдӕг нӕу. 45 Ӕмӕ сауджын зӕгъдзӕн, цӕмӕй хӕдзар ныппырх кӕной ӕмӕ дзы дурӕй, хъӕдӕй ӕмӕ ӕлыгӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ахӕссой горӕты ӕддӕмӕ, чъизитӕ кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм+. 46 Уыцы хӕдзар ӕхгӕд куы уа+, уыцы бонты мидӕмӕ чи бацӕуа, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 47 Уыцы хӕдзары чи схуысса, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+, ӕмӕ дзы хӕринаг чи хӕра, уый дӕр хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса.
48 Фӕлӕ сауджын куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы фена, хӕдзары къултӕ ногӕй куы байсӕрстой, уый фӕстӕ хъулӕттӕ кӕй нӕ апырх сты, уӕд зӕгъдзӕн, хӕдзар сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ хъотыр фесӕфт+. 49 Ӕмӕ цӕмӕй хӕдзар тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕна, уый тыххӕй райсдзӕн дыууӕ маргъы+, кедры къалиу+, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ+ ӕмӕ иссопы къалиутӕ. 50 Ӕмӕ мӕргътӕй иуы аргӕвддзӕн, суадоны дон кӕм уа, ахӕм ӕлыг мигӕнӕны сӕрмӕ+. 51 Стӕй райсдзӕн кедры къалиу, сырх-сырхид ӕндӕхтӕ, иссопы+ къалиутӕ ӕмӕ удӕгас маргъы ӕмӕ сӕ атулдзӕн, суадоны доны сӕрмӕ кӕй аргӕвста, уыцы маргъы туджы. Уый фӕстӕ тугӕй авд хатты+ бапырх кӕндзӕн+ уыцы хӕдзары ’рдӕм. 52 Ӕмӕ маргъы тугӕй, суадоны донӕй, удӕгас маргъ, кедры къалиу, иссопы къалиутӕ ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхты фӕрцы хӕдзар йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. 53 Удӕгас маргъы та ауадздзӕн горӕты ӕдде тыгъд быдыры, ӕмӕ афтӕмӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕндзӕн+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг.
54 Ай у закъон алы хуызы хъотыры+ ӕмӕ цӕгӕрнизы тыххӕй+, 55 уӕлӕдарӕсыл+ ӕмӕ хӕдзарыл хъотыр куы фӕзына, 56 буар куы рафада, хӕлмаг кӕнӕ йыл хъулӕттӕ куы фӕзына, уый тыххӕй+, 57 цӕмӕй йӕ зонат+, исты сыгъдӕг у ӕви сыгъдӕг нӕу. Ай у закъон хъотыры тыххӕй»+.
15 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн дарддӕр загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Нӕлгоймагмӕ ахӕм низ куы уа, ӕмӕ йе ’фсӕрмыйаг уӕнгӕй чъизитӕ цӕуы+, уӕд уыцы низ сыгъдӕг нӕу. 3 Ӕмӕ уыцы низы тыххӕй сыгъдӕг нӕ уыдзӕн: йӕ чъизитӕ ӕфсӕрмыйаг уӕнгӕй ӕддӕмӕ цӕуой ӕви мидӕгӕй ӕмбырд кӕной ӕмӕ йӕ хъыгдарой, уӕддӕр сыгъдӕг нӕу.
4 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы адӕймаг цы хуыссӕныл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ цӕуылфӕнды ма ’рбада, уыцы дзаума дӕр фӕчъизи уыдзӕн. 5 Ӕмӕ йын йӕ хуыссӕнмӕ чи бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 6 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый кӕуыл бадт, уыцы дзаумайыл чи ’рбада, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса+ ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 7 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы адӕймагмӕ чи бавнала+, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 8 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый, сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймагыл куы бату кӕна, уӕд уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 9 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уыцы адӕймаг цы саргъыл+ сбада, уый фӕчъизи уыдзӕн. 10 Ӕмӕ цӕуыл бадти, уыдонмӕ чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи, ӕмӕ сӕ чи ахӕсса, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 11 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+, уыцы адӕймаг ӕнӕхсад къухӕй кӕмӕ бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 12 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый ӕлыг мигӕнӕнмӕ куы бавнала, уӕд уыцы мигӕнӕн хъӕуы ныппырх кӕнын+. Хъӕдын+ мигӕнӕн куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы донӕй ныхсын.
13 Йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц, уый йӕ чъизитӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд хъуамӕ авд боны анымайа+, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи суадоны донӕй ныннайа+, ӕмӕ уыдзӕн сыгъдӕг. 14 Ӕстӕм бон та хъуамӕ райса дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны, хъуамӕ ӕрбацӕуа Йегъовӕйы размӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ ӕмӕ сӕ сауджынмӕ ратта. 15 Ӕмӕ сӕ сауджын нывондӕн ӕрхӕсдзӕн: иуы – тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сауджын Йегъовӕйы раз йӕ чъизийӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн.
16 Нӕлгоймагӕн йӕ мыггаг куы ракӕла+, уӕд хъуамӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 17 Йӕ мыггагӕй уӕлӕдарӕсыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы бахауа, уӕд уыцы дзаума хъӕуы донӕй ныхсын, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+.
18 Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йӕ мыггаг куы ракӕла, уӕд сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ сӕхи ныннайой, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзысты чъизи+.
19 Сылгоймагӕн йӕ чъизитӕ куы цӕуой ӕмӕ уыцы чъизитӕ туг куы уой+, уӕд йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты+ тыххӕй авд боны сыгъдӕг нӕ уыдзӕн+, ӕмӕ йӕм чи бавнала, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 20 Ӕмӕ йӕ тугцыды бонты цӕуыл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ, цӕуыл ӕрбада, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн+. 21 Йӕ хуыссӕнмӕ йын чи бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 22 Ӕмӕ цӕуыл бадти, уымӕ чи бавнала, уый хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+. 23 Цы хуыссӕныл кӕнӕ цы дзаумайыл бадт, уымӕ чи бавнала+, уый изӕрмӕ уыдзӕн чъизи. 24 Ӕмӕ уыцы сылгоймагимӕ нӕлгоймаг ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йӕ тугцыдӕй куы фӕчъизи уа+, уӕд авд боны уыдзӕн чъизи, ӕмӕ цы хуыссӕныл хуысса, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн.
25 Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты+ афон куы нӕ уа, афтӕмӕй дзы бирӕ бонты туг куы цӕуа+ кӕнӕ дзы туг йӕ тугцыды бонтӕй фылдӕр рӕстӕг куы цӕуа, уӕд ӕппӕт уыцы бонты сыгъдӕг нӕ уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты куыд нӕ вӕййы сыгъдӕг, афтӕ. Ахӕм сылгоймаг сыгъдӕг нӕу. 26 Туг дзы куы цӕуа, уӕд цы хуыссӕныл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты куыд вӕййы, афтӕ+. Ӕмӕ цы дзаумайыл ӕрбада, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн, йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты куыд вӕййы, афтӕ. 27 Ӕмӕ сӕм чи бавнала+, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи.
28 Йӕ чъизитӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд хъуамӕ авд боны анымайа, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕн сыгъдӕг+. 29 Ӕстӕм бон та хъуамӕ райса дыууӕ ӕхсинӕджы+ кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕсса сауджынмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны цурмӕ+. 30 Ӕмӕ дзы сауджын иуы ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн+, ӕмӕ йӕ сауджын Йегъовӕйы раз йӕ чъизийӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн+.
31 Израилы фырттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сыгъдӕг уой ӕмӕ мын ма фӕчъизи кӕной мӕ цатыр, се ’хсӕн чи ис, уыцы цатыр, ӕмӕ чъизи кӕй сты, уый тыххӕй ма амӕлой+.
32 Ай у закъон, йӕ чъизитӕ кӕмӕн рацӕуынц+ кӕнӕ йӕ мыггаг кӕмӕн ракӕлы+ ӕмӕ чи счъизи вӕййы, уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй; 33 стӕй ӕрвылмӕйон тугцыды бонты+ чи фӕчъизи вӕййы, уыцы сылгоймаджы тыххӕй; йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуынц+, уыцы адӕймаджы тыххӕй, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, ӕмӕ сылгоймаг сыгъдӕг куы нӕ уа, уӕд йемӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй“».
16 Аароны дыууӕ фырты Йегъовӕйы размӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ куы амардысты+, уый фӕстӕ Йегъовӕ дзырдта Моисеимӕ. 2 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн зӕгъ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ+, ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ+, бадзырды чырыны сӕры размӕ йын кӕдфӕнды кӕй нӕй цӕуӕн, цӕмӕй ма амӕла+, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз мигъы+ мидӕг фӕзындзынӕн чырыны сӕрӕн йӕ сӕрмӕ+.
3 Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ+ бацӕуыны размӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ фыр – судзинаг нывондӕн+. 4 Хъуамӕ йӕ уӕлӕ скӕна кӕттаг даргъ хӕдон+, йӕ уӕлӕ хъуамӕ уа кӕттаг мидӕггаг хӕлаф+, хъуамӕ йӕ астӕуыл ӕрбабӕтта кӕттаг рон+ ӕмӕ йӕ сӕрыл ӕркӕна кӕттаг сарыхъ+. Уыдон сты сӕрмагонд дарӕс+. Хъуамӕ йӕхи ныннайа+ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй скӕна йӕ уӕлӕ.
5 Хъуамӕ Израилы фырттӕй+ райса дыууӕ нӕл сӕныччы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ иу фыр судзинаг нывондӕн+.
6 Аарон ӕрбакӕндзӕн, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы уӕныджы+, ӕмӕ йӕхи+ дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты+ дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+.
7 Уый фӕстӕ ракӕндзӕн дыууӕ сӕгъы* ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз ӕмбырды цатыры бахизӕны цур ӕрлӕууын кӕндзӕн. 8 Ӕмӕ Аарон уыцы дыууӕ сӕгъыл хӕлттӕ сӕппардзӕн+: иу – Йегъовӕйы тыххӕй, иннӕ та – азазелы тыххӕй*+. 9 Ӕмӕ, Йегъовӕйы хал кӕуыл схауа+, уыцы сӕгъы акӕндзӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрхӕсдзӕн+. 10 Азазелы хал цы сӕгъыл схауа, уый та тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн Йегъовӕйы раз ӕмӕ йӕ ауадздзӕн+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ азазелы тыххӕй+.
11 Уӕдӕ Аарон ӕрбакӕндзӕн, йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы уӕныджы, цӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна. Ӕмӕ уыцы уӕныджы аргӕвддзӕн+.
12 Уый фӕстӕ райсдзӕн зынгхӕссӕн+, хъуамӕ йӕ тӕккӕ дзаг уа, Йегъовӕйы раз цы нывондхӕссӕн ис, уырдыгӕй ист судзгӕ зынгтӕй+, стӕй дыууӕ армыдзаг+ лыстӕгмур хӕрздӕф буд+ ӕмӕ сӕ бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ+. 13 Буд ӕрӕвӕрдзӕн судзгӕ зынгтыл Йегъовӕйы раз+, ӕмӕ буды фӕздӕг бамбӕрздзӕн бадзырды чырыны* сӕр+, цӕмӕй ма амӕла.
14 Стӕй уӕныджы тугӕй райсдзӕн+, йе ’нгуылдз дзы атулдзӕн ӕмӕ дзы чырыны сӕры раз скӕсӕнырдыгӕй бапырх кӕндзӕн+. Чырыны сӕры раз тугӕй бапырх кӕндзӕн авд хатты+.
15 Уый фӕстӕ аргӕвддзӕн, адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй чи уа, уыцы сӕгъы+, ӕмӕ йын йӕ туг бахӕсдзӕн ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ+. Ӕмӕ уыцы тугӕн+ дӕр бакӕндзӕн, уӕныджы тугӕн куыд бакодта, афтӕ: бапырх дзы кӕндзӕн чырыны сӕры раз.
16 Ӕмӕ Аарон ссыгъдӕг кӕндзӕн Ӕппӕты сыгъдӕг бынат, цӕмӕй уыцы бынат ма фӕчъизи уа+ Израилы фыртты чъизитӕй, сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй+. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ бакӕна ӕмбырды цатырӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уый ис Израилы фыртты ’хсӕн, сыгъдӕг чи нӕу, уыдоны ’хсӕн.
17 Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕдтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд ӕмбырды цатыры иу адӕймаг дӕр хъуамӕ ма уа, ӕмӕ цалынмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕуа, уӕдмӕ дӕр дзы хъуамӕ мачи уа. Ӕмӕ йӕхи+ дӕр, йӕ хӕдзаронты дӕр ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+.
18 Уый фӕстӕ рацӕудзӕн, Йегъовӕйы раз чи ис, уыцы нывондхӕссӕнмӕ+ ӕмӕ уый дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн: райсдзӕн уӕныджы тугӕй ӕмӕ сӕгъы тугӕй ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕй алкӕцыдӕр ацахордзӕн+. 19 Стӕй йе ’нгуылдз туджы атулдзӕн ӕмӕ дзы нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Израилы фыртты чъизитӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.
20 Аарон Ӕппӕты сыгъдӕг бынат, ӕмбырды цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кӕна+, уӕд хъуамӕ ӕрбакӕна иннӕ сӕгъы+. 21 Ӕмӕ Аарон йӕ дыууӕ къухы+ дӕр ӕрӕвӕрдзӕн удӕгас сӕгъы сӕрыл ӕмӕ радзурдзӕн+ Израилы фыртты ӕппӕт рӕдыдтыты тыххӕй+, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы тӕригъӕдтӕ сӕвӕрдзӕн сӕгъы сӕрыл+ ӕмӕ йӕ нысангонд лӕгӕн+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауадзын кӕндзӕн+. 22 Ӕмӕ сын уыцы сӕгъ сӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр йӕ уӕлӕ ахӕсдзӕн+ ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ+. Афтӕмӕй сӕгъы ауадзын кӕндзӕн ӕдзӕрӕг быдырмӕ+.
23 Уый фӕстӕ Аарон бацӕудзӕн ӕмбырды цатырмӕ ӕмӕ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ цӕугӕйӕ йӕ уӕлӕ цы кӕттаг дарӕс скодта, уыдон раласдзӕн ӕмӕ сӕ уым сӕвӕрдзӕн+. 24 Сыгъдӕг бынаты+ йӕхи ныннайдзӕн+, йӕ дарӕс скӕндзӕн+, стӕй рацӕудзӕн ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн судзинаг нывонд йӕхи тыххӕй+ ӕмӕ судзинаг нывонд адӕмы тыххӕй+, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн+. 25 Ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн йӕ фиу нывондхӕссӕныл басудздзӕн+.
26 Азазелы тыххӕй сӕгъы чи ауадза+, уыцы адӕймаг+ та хъуамӕ йӕ дарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа+, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын.
27 Тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы уӕныг ӕмӕ цы сӕгъ ӕрхастой, сӕ туг Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хаст кӕмӕн ӕрцыд, уыдоны та рахӕсдзысты цатырты ӕддӕмӕ ӕмӕ сын сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ фаджыс арты басудздзысты+. 28 Чи сӕ басудза, уый хъуамӕ йӕ дарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн, цатыртӕ кӕм сты, уырдӕм бацӕуын.
29 Ай уын у закъон ӕнустӕм+: ӕвдӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон-иу+ хъуамӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнат*+ ӕмӕ хъуамӕ мацы кусат+, нӕдӕр израилаг, нӕдӕр уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг. 30 Уымӕн ӕмӕ-иу уыцы бон сыгъдӕггонд ӕрцӕудзыстут уӕ тӕригъӕдтӕй+, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуат. Сымах сыгъдӕг уыдзыстут, Йегъовӕйы раз цы тӕригъӕдтӕ ракодтат, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+. 31 Уый уын у сабат+, улӕфты бон. Уыцы бон-иу уӕхи ӕрныллӕг кӕнут. Уый у закъон ӕнустӕм.
32 Сауджынӕй лӕггад кӕнынӕн сӕрст чи ’рцӕуа+ ӕмӕ бартӕ кӕй къухмӕ ӕрцӕуой лӕвӕрд, цӕмӕй йӕ фыды фӕстӕ+ сауджынӕй лӕггад кӕна+, уый хъуамӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывӕндтӕ ӕрхӕсса ӕмӕ йӕ уӕлӕ скӕна кӕттаг дарӕс+. Уыдон сты сӕрмагонд дарӕс+. 33 Тӕригъӕдтӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кӕна Ӕппӕты сыгъдӕг бынат+, ӕмбырды цатыр+ ӕмӕ нывондхӕссӕн+, стӕй сауджынты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр+. 34 Уый уын у закъон ӕнустӕм+, цӕмӕй Израилы фырттӕ афӕдз иу хатт сыгъдӕггонд цӕуой се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр»+.
Ӕмӕ уый бакодта, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
17 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн дарддӕр загъта: 2 «Ааронӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы:
3 „Израилы адӕмӕй исчи гал, фыркъа кӕнӕ сӕгъ куы аргӕвда, цатыртӕ кӕм сты, уым кӕнӕ цатырты ӕдде, 4 ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ йӕ куы не ’рбакӕна+, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйы цатыры раз Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕсса, уӕд уыцы адӕймагыл уыдзӕн туг. Уый ныккалдта туг, ӕмӕ йӕ хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+, 5 цӕмӕй Израилы фырттӕ сӕ нывӕндтӕ тыгъд быдыры мауал хӕссой+, фӕлӕ-иу сӕ ӕрбакӕной Йегъовӕмӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ, сауджынмӕ+, ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн ӕрхӕссой+. 6 Сауджын сын сӕ тугӕй бапырх кӕндзӕн Йегъовӕйы нывондхӕссӕн+, ӕмбырды бахизӕны раз чи ис, уый, ӕмӕ сын сӕ фиу+ басудздзӕн, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. 7 Уыдон хъуамӕ мауал хӕссой нывӕндтӕ, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕн*+, кӕимӕ хӕтынц, уыдонӕн+. Уый уын уыдзӕн закъон ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ“.
8 Ноджыдӕр сын зӕгъ: „Израилы адӕмӕй кӕнӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи судзинаг нывонд+ кӕнӕ ӕндӕр нывонд куы хӕсса 9 ӕмӕ йӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ куы не ’рбакӕна, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕсса+, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+.
10 Израилы адӕмӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи цӕйфӕнды туг дӕр куы хӕра+, уӕд ӕз, туг чи хӕры, уымӕн*+ йӕ ныхмӕ суыдзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй. 11 Уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд* ис туджы+, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат+, уымӕн ӕмӕ туг+ сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй+, уд туджы кӕй ис, уый фӕрцы. 12 Ӕмӕ ӕз уымӕн загътон Израилы фырттӕн: „Уӕ иу дӕр* туг ма хӕрӕд, ӕмӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у+, уыдонӕй дӕр хъуамӕ туг мачи хӕра“+.
13 Израилы фырттӕй кӕнӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи цуаны, хӕрӕн кӕй ис, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы ’рцахса, уӕд ын хъуамӕ йӕ туг рауадза+ ӕмӕ туг сыджыты бын фӕкӕна+. 14 Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд ис сӕ туджы – уд ис туджы. Израилы фырттӕн афтӕ дӕр уымӕн загътон: „Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕй макӕцыйы туг хӕрут, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд сӕ туг у+. Туг чи хӕра, уый сӕфт ӕрцӕудзӕн“+. 15 Хӕдмӕл дзидза кӕнӕ, хъӕддаг сырд кӕй бахордта, ахӕм цӕрӕгойы фыд чи бахӕра+, израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый* хъуамӕ йӕ уӕлӕдарӕс ныхса ӕмӕ йӕхи ныннайа, ӕмӕ изӕрмӕ уыдзӕн чъизи+, уый фӕстӕ та уыдзӕн сыгъдӕг. 16 Фӕлӕ йӕ уӕлӕдарӕс куы нӕ ныхса ӕмӕ йӕхи куы нӕ ныннайа, уӕд хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта“»+.
18 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: 2 «Афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+. 3 Кӕм цардыстут, уыцы Египеты зӕххыл куыд кӕнынц, афтӕ ма кӕнут+. Ӕмӕ уӕ кӕдӕм кӕнын, уыцы Ханааны зӕххыл куыд кӕнынц, афтӕ дӕр ма кӕнут+. Сӕ закъӕттӕм гӕсгӕ сын ма цӕрут. 4 Ӕххӕст кӕнут мӕ тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕм хъусут+, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. 5 Мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕймаг куы ’ххӕст кӕна, уӕд цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы+. Ӕз дӕн Йегъовӕ+.
6 Мачи уӕ бацӕуӕд йӕ тугхӕстӕгмӕ, цӕмӕй йын йӕ буар байгом кӕна*+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 7 Ма байгом кӕн дӕ фыды буар+ ӕмӕ дӕ мады буар. Уый дӕ мад у. Йӕ буар ын ма байгом кӕн.
8 Ма байгом кӕн дӕ фыды усы буар+. Уый дӕ фыды буар у.
9 Ма байгом кӕн дӕ хойы, дӕ фыды чызджы кӕнӕ дӕ мады чызджы буар, уӕлдай нӕу, иу хӕдзары гуырд стут ӕви нӕ+.
10 Ма байгом кӕн дӕ фырты чызджы кӕнӕ дӕ чызджы чызджы буар, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕ буар сты.
11 Ма байгом кӕн дӕ фыды усы чызджы буар, дӕ фыды зӕнӕджы буар. Уый дӕ хо у.
12 Ма байгом кӕн дӕ фыды хойы буар. Уый дӕ фыдӕн йӕ туг у+.
13 Ма байгом кӕн дӕ мады хойы буар, уымӕн ӕмӕ уый дӕ мадӕн йӕ туг у.
14 Ма байгом кӕн дӕ фыды ӕфсымӕры буар, йӕ усмӕ йын хӕстӕг ма бацу. Уый дӕ хӕстӕг у+.
15 Ма байгом кӕн дӕ чындзы буар+. Уый дӕ фырты ус у. Йӕ буар ын ма байгом кӕн.
16 Ма байгом кӕн де ’фсымӕры усы буар+. Уый де ’фсымӕры буар у.
17 Ма байгом кӕн дӕ усы чызджы буар+. Ма йын ракур йӕ фырты чызджы кӕнӕ йӕ чызджы чызджы ӕмӕ йын йӕ буар ма байгом кӕн. Уыдон тугхӕстӕджытӕ сты. Уыдӕттӕ сты хӕлд митӕ+.
18 Цалынмӕ дӕ ус ӕгас у, уӕдмӕ йын йӕ хойы дыккаг усӕн ма ’ркӕн+ ӕмӕ йын йӕ буар ма байгом кӕн.
19 Сылгоймагмӕ хӕстӕг ма бацу йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты+, сыгъдӕг куы нӕ вӕййы, уӕд, ӕмӕ йын йӕ буар ма байгом кӕн+.
20 Искӕй усимӕ ӕмуат ма ӕрцу, дӕхи ма фӕчъизи кӕн+.
21 Ма-иу бауадз, цӕмӕй дын дӕ сывӕллӕттӕй искӕй Молохӕн+ снывонд кӕной+. Дӕ Хуыцауы ном уымӕй ма фӕчъизи кӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ+.
22 Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуай+, нӕлгоймагимӕ афтӕ ма кӕн+. Уый ӕлгъаг ми у.
23 Макӕцы фосимӕ схуысс+ ӕмӕ дӕхи ма фӕчъизи кӕн. Ӕмӕ сылгоймаг дӕр хъуамӕ фосы раз ма ’рлӕууа, цӕмӕй йемӕ схуысса+. Уый ӕбуалгъы ми у*.
24 Уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй дӕр уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, уӕ разӕй уын кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ+. 25 Ӕмӕ зӕхх дӕр счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты йӕхицӕй раппардзӕн+. 26 Сымах та мын мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ уыцы ӕлгъаг митӕй мацы аразут, нӕдӕр израилаг, нӕдӕр уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг+. 27 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи цард, уыдон+, ӕмӕ зӕхх счъизи. 28 Уӕд уӕ зӕхх йӕхицӕй нӕ раппардзӕн, уӕ размӕ йыл чи цард, уыцы адӕмты куыд раппардзӕн, афтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ сымах нӕ фӕчъизи кодтат+. 29 Исчи ӕппӕт уыцы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕй исты куы сараза, уӕд, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны* хъӕуы фесафын сӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 30 Мӕ разы уыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнут ӕмӕ уӕ размӕ адӕм цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон ма кӕнут+, цӕмӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“».
19 Дарддӕр ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр, афтӕ зӕгъ: „Ут сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ+.
3 Алчидӕр уӕ хъуамӕ тӕрса йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕй+. Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. 4 Ма кувут ницӕйаг хуыцӕуттӕн+ ӕмӕ уӕхицӕн ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ ма аразут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
5 Йегъовӕйӕн фарны нывонд куы хӕссат+, уӕд-иу ӕй афтӕ ӕрхӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат+. 6 Нывонды дзидза бахӕрын хъӕуы, цы бон ӕй ӕрхӕссат, уыцы бон ӕмӕ иннӕ бон. Ӕртыккаг бонмӕ дзы цы баззайа, уый та хъӕуы басудзын+. 7 Ӕртыккаг бон дзы куы бахӕрат, уӕд уыцы нывонд у ӕлгъаг+. Хуыцау ӕй нӕ айсдзӕн+. 8 Чи дзы хӕра, уый йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн+, уымӕн ӕмӕ фӕчъизи кодта, Йегъовӕ табуйагыл цы нымайы, уый. Уыцы адӕймаджы* хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
9 Уӕ хуымтӕ куы кӕрдат, уӕд-иу сӕ суанг сӕ кӕрӕтты онг ма ныккӕрдут ӕмӕ хуымгӕрдӕны фӕстӕ цы ӕфсиртӕ баззайа, уыдон-иу ма ӕрӕмбырд кӕнут+. 10 Уӕ сӕнӕфсирыл цы баззайа+, уый дӕр-иу ма ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ, зӕхмӕ цы гагатӕ ӕрхауа, уыдон дӕр-иу ма ӕруидзут. Ныууадзут сӕ мӕгуырӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
11 Давгӕ ма кӕнут+, ма сайут+, ма кӕнут цӕстфӕлдахӕн митӕ+. 12 Мӕ номӕй мӕнг сомы ма кӕнут+ ӕмӕ уӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 13 Сайдӕй макӕуыл цӕут+ ӕмӕ макӕй стигъут+. Ӕххуырст кусӕджы мызд-иу райсоммӕ уӕхимӕ ма ныууадзут+.
14 Къуырма адӕймаджы ма ӕлгъит ӕмӕ куырм адӕймаджы раз цӕлхдур ма ӕвӕр+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
15 Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут+ ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут+. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут.
16 Дӕ адӕмыл ма разил-базил кӕн ӕмӕ иннӕты фыдкой ма кӕн+. Иннӕйы туг ма ныккалын кӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
17 Де ’фсымӕрмӕ дӕ зӕрдӕйы фыдӕх ма хӕсс+. Де ’мбалӕн-иу бауайдзӕф кӕн+, цӕмӕй йӕ тӕригъӕд дӕуыл дӕр ма уа.
18 Дӕ маст ма ис+ ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс+. Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
19 Мӕ закъӕттӕ мын ӕххӕст кӕнут: хӕдзарон фосы иу мыггаг ӕндӕр фосы мыггагӕй ма схъазын кӕн. Дӕ хуымы дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма байтау+ ӕмӕ дӕ уӕлӕ дыууӕ хуызы ӕндахӕй* конд дарӕс ма скӕн+.
20 Нӕлгоймаг, ӕндӕрӕн лӕвӕрд чи у, ахӕм лӕггадгӕнӕг-сылгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ уыцы сылгоймаг нырма ӕлхӕд куы нӕ уа ӕмӕ йын сӕрибардзинад лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд сӕ хъӕуы бафхӕрын. Марын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг нырма сӕрибар нӕ уыд. 21 Уыцы лӕг хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕна фыр аххосы тыххӕй нывондӕн+. 22 Ӕмӕ сауджын фыры ӕрхӕсдзӕн аххосы тыххӕй нывондӕн ӕмӕ уыцы лӕджы Йегъовӕйы раз йӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Ӕмӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый йын хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.
23 Уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ дзы дыргъбӕлӕстӕ куы ныссадзат, уӕд сын сӕ дыргътӕ фыццаг рӕстӕг нымайут чъизийыл, цыма сунӕтгонд не сты, афтӕ. Ӕртӕ азы уын уыдзысты ӕнӕсунӕт. Хӕрӕн сӕ нӕ уыдзӕн. 24 Фӕлӕ цыппӕрӕм аз сӕ дыргътӕ+ иууылдӕр суыдзысты табуйаг, ӕмӕ сӕ цины бӕрӕгбоны ӕрбахӕсдзыстут Йегъовӕйӕн+. 25 Фӕндзӕм аз та уӕ бон уыдзӕн сӕ дыргътӕй хӕрын, уыдон уын ратдзысты хъӕздыг тыллӕг+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
26 Тугимӕ мацы хӕрут+.
Дӕсны ма фӕрсут*+ ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут+.
27 Уӕ къӕмисӕнтӕ-иу цыбыр ма сӕлвынут ӕмӕ-иу уӕ боцъоты кӕрӕттӕ ма ныффыдынд кӕнут*+.
28 Марды номыл* уӕ буар ма лыгтӕ кӕнут+, стӕй уӕхиуыл нывтӕ* ма кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
29 Дӕ чызджы ма ӕгад кӕн, хӕтаг сылгоймаг дзы ма сараз+, цӕмӕй адӕм хӕтындзинадыл ма бафтой ӕмӕ зӕхх хӕлд митӕй ма байдзаг уа+.
30 Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ мын мӕ кувӕн бынатӕн кад кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
31 Ма цӕут, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+, уӕхи сӕ ма фӕчъизи кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
32 Урссӕр адӕймаджы раз-иу сыст+ ӕмӕ зӕрондӕн кад кӕн+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
33 Дӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггаг куы цӕра, уӕд ӕй ма ’фхӕр+. 34 Уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уый дын уӕд израиладжы хуызӕн. Уарз ӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.
35 Хӕрам тӕрхон ма кӕнут+, дӕргъ ӕмӕ уӕз баргӕйӕ ма сайут+. 36 Уӕ уӕзбарӕнтӕ+, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ ефӕ ӕмӕ уӕ гин* уӕнт раст. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, Египеты зӕххӕй уӕ чи ракодта, уый. 37 Ме ’ппӕт закъӕттӕ ӕмӕ мын ме ’ппӕт тӕрхӕттыл фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ“».
20 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Израилы фырттӕй ӕмӕ, Израилы ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн+ куы снывонд кӕна, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын. Адӕм ӕй хъуамӕ дуртӕй амарой. 3 Ӕз суыдзынӕн уыцы адӕймаджы ныхмӕ ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны снывонд кодта Молохӕн, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг бынатӕй фӕхынджылӕг кӕна+ ӕмӕ мын мӕ сыгъдӕг ном фӕчъизи кӕна+. 4 Фӕлӕ адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной ӕмӕ, йӕ сывӕллоны Молохӕн чи снывонд кодта, уый куы нӕ амарой+, 5 уӕд ӕз рацӕудзынӕн уыцы адӕймаджы ныхмӕ ӕмӕ йӕ бинонты ныхмӕ+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ иумӕ Молохимӕ чидӕриддӕр хӕты+, уыдоны дӕр фесафдзынӕн сӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
6 Мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны+, уыдонмӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+ чи* ацӕуа ӕмӕ мыл афтӕмӕй гадзрахатӕй чи рацӕуа*, уымӕн* ӕз йӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ фесафдзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+.
7 Хъуамӕ уӕхи сыгъдӕг кӕнат ӕмӕ уат сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. 8 Мӕ закъӕттыл мын фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау+.
9 Йӕ фыды ӕмӕ йӕ мады чи ралгъита+, уый хъӕуы амарын+, уымӕн ӕмӕ йӕ фыды ӕмӕ йӕ мады ралгъыста. Йӕ туг ис йӕхиуыл+.
10 Искӕй усимӕ чи хӕты, уый хӕты йӕ хионы усимӕ+, ӕмӕ йӕ хъӕуы амарын. Сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын – хӕтаг нӕлгоймаджы дӕр ӕмӕ хӕтаг сылгоймаджы дӕр+. 11 Йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый байгом кодта йӕ фыды буар+. Ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын. Сӕ туг ис сӕхиуыл. 12 Нӕлгоймаг йӕ чындзимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын+. Уый у ӕбуалгъы ми*. Сӕ туг ис сӕхиуыл+.
13 Нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуа, афтӕ, уӕд сӕ дыууӕ дӕр бакодтой ӕлгъаг ми+. Ӕмӕ сӕ хъӕуы амарын. Сӕ туг ис сӕхиуыл.
14 Нӕлгоймаг ус куы ракура ӕмӕ йын йӕ мадимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый у хӕлд ми+. Ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр хъӕуы амарын ӕмӕ басудзын+, цӕмӕй уе ’хсӕн хӕлд митӕ ма уа+.
15 Нӕлгоймаг фосимӕ куы схуысса+, уӕд ӕй хъӕуы амарын, стӕй амарут фосы дӕр. 16 Ӕмӕ сылгоймаг дӕр фосы размӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ схуысса+, уӕд амарут сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. Хъуамӕ сӕ амарат. Сӕ туг ис сӕхиуыл.
17 Нӕлгоймаг йӕ хойы, йӕ фыды чызджы кӕнӕ йӕ мады чызджы куы ракура ӕмӕ йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый у худинаджы ми+. Уыдоны хъӕуы фесафын сӕ адӕмы фыртты раз. Уый байгом кодта йӕ хойы буар, ӕмӕ хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта.
18 Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды бонты ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йын йӕ буар куы байгом кӕна, уӕд сӕ дыууӕ дӕр уымӕй равдыстой, туг табуйагыл кӕй нӕ нымайынц+. Ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы фесафын сӕ адӕмы ’хсӕнӕй.
19 Ма байгом кӕн дӕ мады хойы+ кӕнӕ дӕ фыды хойы буар+, уымӕн ӕмӕ афтӕ чи бакӕна, уый йӕ тугхӕстӕджы буар гом кӕны+. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ дзуапп раттой сӕ тӕригъӕды тыххӕй. 20 Йӕ фыдыфсымӕры усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый байгом кодта йӕ фыдыфсымӕры буар+, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ дзуапп раттой сӕ тӕригъӕды тыххӕй. Уыдон хъуамӕ амӕлой. Сывӕллон сын нӕ уыдзӕн+. 21 Нӕлгоймаг йе ’фсымӕры усы куы ракура, уӕд уый у ӕнаккаг ми+. Уый байгом кодта йе ’фсымӕры буар. Сывӕллон сын нӕ уыдзӕн.
22 Ме ’ппӕт закъӕттӕ+ ӕмӕ мын ме ’ппӕт тӕрхӕттыл фидар хӕцут+ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй уӕ цӕрынмӕ кӕдӕм кӕнын, уыцы зӕхх уӕ йӕхицӕй ма раппара+. 23 Уӕ разӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны закъӕттӕм гӕсгӕ ма цӕрут+, уымӕн ӕмӕ уыдон кӕнынц ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ мын сты ӕнад+. 24 Афтӕ дӕр уын уымӕн загътон+: „Сымах бауыдзӕн сӕ зӕхх, ӕз уын ӕй ратдзынӕн – ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ чи рахицӕн кодта, уыцы Хуыцау“+. 25 Цӕрӕгойтӕй дӕр ӕмӕ мӕргътӕй дӕр сыгъдӕг кӕцы у ӕмӕ кӕцы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут+. Ӕмӕ, кӕй ахицӕн кодтон ӕмӕ кӕмӕй загътон, сымахӕн сыгъдӕг не сты, зӕгъгӕ, уыцы цӕрӕгойтӕй, мӕргътӕй ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонӕй уӕхи ма фелгъаг кӕнут+. 26 Мӕ разы ут сыгъдӕг адӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг Хуыцау+. Ӕз уӕ хицӕн кӕнын иннӕ адӕмтӕй, цӕмӕй уат мӕн+.
27 Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг мӕрдтимӕ куы уынаффӕ кӕна кӕнӕ дӕсны куы фӕрса+, уӕд ӕй хъӕуы амарын+. Хъуамӕ йӕ дуртӕй амарой. Йӕ туг ис йӕхиуыл“»+.
21 Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Сауджынтӕн, Аароны фырттӕн, афтӕ зӕгъ: „Марды* тыххӕй уӕ йӕ адӕмы ’хсӕн йӕхи мачи фӕчъизи кӕнӕд+. 2 Фӕлӕ йӕ тугхӕстӕг куы уа, йӕ бинонтӕй исчи: йӕ мад, йӕ фыд, йӕ фырт, йӕ чызг, йе ’фсымӕр 3 кӕнӕ йӕ хо – иу хӕдзары кӕимӕ цард*, чындзыцыд чи нӕ уыд, ахӕм, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ йыл фӕхъыг кӕна ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кӕна. 4 Сӕрыхицау кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй та ма хъыг кӕнӕд ӕмӕ йӕхи ма фӕчъизи кӕнӕд йӕ адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд сыгъдӕг нал уыдзӕн. 5 Сауджынтӕ хъуамӕ сӕ сӕртӕ ма дасой+, сӕ боцъоты кӕрӕттӕ ма ’лвыной+ ӕмӕ сӕ буӕрттӕ ма лыгтӕ кӕной+. 6 Уыдон сӕ Хуыцауы раз хъуамӕ уой сыгъдӕг+ ӕмӕ хъуамӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕной+, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрхӕссынц Йегъовӕйы кувинӕгтӕ, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕ – сӕ Хуыцауы дзул+, ӕмӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг+. 7 Сауджынӕн нӕй курӕн, хӕтаг чи у+ кӕнӕ кӕй фӕрӕдийын кодтой, ахӕм сылгоймаджы. Нӕй йын курӕн+, йӕ лӕгӕй хицӕн чи у+, ахӕм сылгоймаджы дӕр, уымӕн ӕмӕ сауджын сыгъдӕг у йӕ Хуыцауы цӕсты. 8 Ӕмӕ йӕ хъуамӕ ссыгъдӕг кӕнай+, уымӕн ӕмӕ уый ӕрхӕссы йӕ Хуыцауы дзул. Дӕ цӕсты хъуамӕ уа сыгъдӕг+, уымӕн ӕмӕ ӕз, чи уӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг+.
9 Сауджынӕн йӕ чызг куы хӕта ӕмӕ йӕхи куы фегад кӕна, уӕд йӕ фыды ӕгад кӕны. Хъуамӕ йӕ басудзат*+.
10 Йе ’фсымӕрты ’хсӕн хистӕр сауджын чи уа, йӕ сӕрыл сӕрмагонд сой кӕмӕн рауадзой+ ӕмӕ йӕ къухмӕ бартӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕуой ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс чи дара+, уый та-иу йӕ сӕр ӕнӕфастӕй ма ныууадзӕд+ ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ма ӕрыскъуынӕд+. 11 Ӕмӕ мардмӕ* хӕстӕг дӕр ма бацӕуӕд+. Ма хъыг кӕнӕд йӕ фыдыл ӕмӕ йӕ мадыл ӕмӕ йӕхи ма фӕчъизи кӕнӕд. 12 Стӕй кувӕн бынатӕй дӕр ма рацӕуӕд ӕмӕ йӕ Хуыцауы кувӕн бынат ма фӕчъизи кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕлӕ ис, Хуыцауӕн нывондгонд кӕй у, уый нысан – уый сӕрст у йӕ Хуыцауы сӕрмагонд сойӕ+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
13 Хистӕр сауджын хъуамӕ ракура ӕнӕвнӕлд чызг+. 14 Нӕй йын курӕн идӕдз сылгоймаджы, йӕ лӕгӕй хицӕн чи у, кӕй фӕрӕдийын кодтой кӕнӕ хӕтаг чи у, ахӕм сылгоймаджы. Хъуамӕ ракура ӕнӕвнӕлд чызг йӕ адӕмӕй. 15 Йӕ байзӕддаджы ма фӕчъизи кӕнӕд йӕ адӕмы ’хсӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау“»+.
16 Стӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 17 «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ байзӕддӕгтӕй се ’ппӕт фӕлтӕрты дӕр йӕ буары исты хъуагдзинад+ кӕмӕн уа, уыдонӕй иуӕн дӕр нӕй кувӕн бынатмӕ бацӕуӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы дзул ӕрхӕссӕн+. 18 Кувӕн бынатмӕ бацӕуӕн нӕй, исты хъӕндзинад кӕй буары ис, ахӕм адӕймагӕн: куырм кӕнӕ къуылых чи у, йӕ фындз хъыгдард кӕмӕн у, науӕд йӕ буары уӕнгтӕй иу иннӕмӕй даргъдӕр кӕмӕн у, ахӕмӕн+; 19 йӕ къух кӕнӕ йӕ къах саст кӕмӕн у, 20 гуыбыр кӕнӕ тынг фыдхуыз чи у, цӕстыты низ, гӕбӕрниз кӕнӕ хӕрӕджыхойраг* кӕуыл ис кӕнӕ йӕ мӕхстӕттӕ* цъӕл кӕмӕн сты, ахӕмӕн+. 21 Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕй йӕ буары исты хъӕндзинад кӕмӕн уа, уымӕн нӕй нывондхӕссӕнмӕ бацӕуӕн ӕмӕ Йегъовӕйы кувинӕгтӕ – артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕ+ – ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ буары ис хъӕндзинад. Уымӕн нӕй нывондхӕссӕнмӕ бацӕуӕн ӕмӕ йыл йӕ Хуыцауы дзул ӕрхӕссӕн+. 22 Йӕ Хуыцауы дзул ын хӕрӕн ис, табуйаг цы у+ ӕмӕ уӕлдай табуйаг цы у+, уыдонӕй. 23 Фӕлӕ ӕмбӕрзӕны размӕ ма бацӕуӕд+, стӕй йын нӕй нывондхӕссӕнмӕ дӕр бацӕуӕн+, уымӕн ӕмӕ йӕ буары ис хъӕндзинад+. Мӕ кувӕн бынат мын ма фӕчъизи кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау“»+.
24 Ӕмӕ Моисей дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ загъта Ааронӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр.
22 Дарддӕр ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй сын куы не ’мбӕла, уӕд Израилы фыртты кувинӕгтӕм ма ’вналой ӕмӕ, Израилы фырттӕ мӕ номыл цы снывонд кӕнынц+, уыдонӕй мын мӕ сыгъдӕг ном ма фӕчъизи кӕной+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 3 Зӕгъ сын афтӕ: „Уӕ байзӕддӕгтӕй алы фӕлтӕрты дӕр исчи, сыгъдӕг куы нӕ уа+, афтӕмӕй, Израилы фырттӕ Йегъовӕйы номыл цы снывонд кӕнынц, уыдонмӕ хӕстӕг куы бацӕуа, уӕд ӕй* хъӕуы фесафын, цӕмӕй мӕ разы мауал уа. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 4 Аароны байзӕддӕгтӕй хъотыр+ кӕуыл уа кӕнӕ йӕ чъизитӕ кӕмӕн цӕуой+, уымӕн кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕй, цалынмӕ не ссыгъдӕг уа+, уӕдмӕ. Хӕрӕн дзы нӕй, мардмӕ* бавналгӕйӕ+ йӕхи чи фӕчъизи кодта, ахӕм адӕймагмӕ чи бавнала, уымӕн дӕр, стӕй йӕ мыггаг кӕмӕн ракӕла+ 5 кӕнӕ, зӕхх йедзаг кӕмӕй у, уыцы лыстӕг цӕрӕгойтӕм, чъизи чи у, уыцы цӕрӕгойтӕм+, кӕнӕ, цӕйфӕнды тыххӕй дӕр сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм адӕймагмӕ чи бавнала, уымӕн дӕр+. 6 Ахӕм истӕмӕ чи бавнала, уый* изӕрмӕ уыдзӕн чъизи ӕмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕ уыдзӕн. Хъуамӕ йӕхи ныннайа+. 7 Ӕмӕ хур куы аныгуыла, уӕд уыдзӕн сыгъдӕг, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн кувинӕгтӕй хӕрын, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хӕринаг у+. 8 Хӕрӕн ын нӕй хӕдмӕл дзидза кӕнӕ, хъӕддаг сырд кӕй бахордта, ахӕм цӕрӕгойы фыд, цӕмӕй дзы ма фӕчъизи уа+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
9 Уыдон хъуамӕ ӕххӕст кӕной, мӕ разы сыл цы хӕс ис, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ куы не ’ххӕст кӕной, уӕд сыл уыдзӕн тӕригъӕд ӕмӕ уыцы тӕригъӕды тыххӕй – кувинӕгтӕ кӕй фӕчъизи кодтой, уый тыххӕй – амӕлдзысты+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау.
10 Кувинӕгтӕй ӕддагӕттӕй никӕмӕн ис хӕрӕн+. Нӕй дзы хӕрӕн нӕдӕр, сауджынмӕ чи цӕры, уыцы ӕрлидзӕгӕн, нӕдӕр ӕххуырст кусӕгӕн. 11 Фӕлӕ сауджын искӕй* йе ’хцайӕ куы балхӕна, уӕд дзы уымӕн ис хӕрӕн. Йӕ хӕринагӕй хӕрӕн ис, йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыцы цагъартӕн дӕр+. 12 Сауджынӕн йӕ чызг ӕддагонмӕ куы смой кӕна, уӕд ын сыгъдӕг кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕй. 13 Фӕлӕ сауджыны чызг идӕдзӕй куы баззайа кӕнӕ йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ йын зӕнӕг куы нӕ уа, ӕмӕ йӕ фыды хӕдзармӕ куы ’рбаздӕха ӕмӕ уым куы цӕра, йӕ чызгон бонты куыд уыди, афтӕ+, уӕд ын ис йӕ фыды хӕринӕгтӕй хӕрӕн+. Фӕлӕ дзы ӕддагӕттӕй иуӕн дӕр хӕрӕн нӕй.
14 Исчи кувинӕгтӕй ӕнӕрхъуыдыйӕ куы бахӕра+, уӕд хъуамӕ сауджынӕн бафида йӕ аргъ ӕмӕ ма йӕм ноджыдӕр бафтауа, кувинаг цӕй аргъ у, уымӕн йӕ фӕндзӕм хай+. 15 Сауджынтӕ хъуамӕ ма фӕчъизи кӕной, Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн кӕй ӕрбахӕссынц, уыцы кувинӕгтӕ+, 16 ӕмӕ уыдоны тыххӕй Израилы фырттӕ хъуамӕ ӕфхӕрд ма баййафой – кувинӕгтӕй хӕрын сӕ кӕй бауагътой, уый тыххӕй. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи сӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау“».
17 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 18 «Ааронӕн, йӕ фырттӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: „Израилы адӕмӕй кӕнӕ, Израилы ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕй исчи, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уый номыл+ кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ+ нывонд куы хӕсса+ – Йегъовӕйӕн судзинаг нывонд, 19 уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ фос, уӕныг, фыркъа кӕнӕ нӕл сӕгъ, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат+. 20 Хъӕндзинад кӕмӕ ис, ахӕм фос ма ӕрхӕссут нывондӕн+, уымӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хорзӕх не ссардзыстут.
21 Искӕй Йегъовӕйӕн фарны нывонд+ ӕрхӕссын куы фӕнда, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уый номыл+ кӕнӕ та йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат стур, йе та сӕгъ кӕнӕ фыс, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссара. Хъуамӕ йӕм ӕппындӕр мацы хъӕндзинад уа. 22 Куырм чи у, йӕ къах саст кӕмӕн у, хъӕдгом, бызычъи, гӕбӕрниз кӕнӕ хӕрӕджыхойраг+ кӕуыл ис, ахӕм фос Йегъовӕйӕн нывондӕн ма ӕрхӕссут ӕмӕ ахӕм фос нывондхӕссӕныл ма ӕрӕвӕрут Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн+. 23 Гал кӕнӕ фысӕн йӕ уӕнгтӕй иу иннӕтӕй даргъдӕр кӕнӕ цыбырдӕр куы уа+, уӕд ӕй ӕрхӕссӕн ис, дӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссыс, ахӕм нывондӕн. Фӕлӕ, Хуыцауӕн дзырд кӕй радтай, уый номыл ӕй куы хӕссай нывондӕн, уӕд ӕй нӕ айсдзӕн. 24 Фӕлӕ, йӕ мӕхстӕттӕ*+ пырх кӕнӕ цъӕл кӕмӕн сты кӕнӕ ӕрдызт чи у, ахӕм фос Йегъовӕйӕн ма нывонд кӕнут ӕмӕ уӕ зӕххыл ахӕм нывӕндтӕ ма хӕссут. 25 Ахӕм фос ма исут ӕндӕрбӕстаджы къухӕй дӕр, цӕмӕй йӕ уӕ Хуыцауӕн нывондӕн* ӕрхӕссат, уымӕн ӕмӕ йӕм ис хъӕндзинад. Уый у сахъат фос+. Хуыцау ахӕм нывонд нӕ айсдзӕн“»+.
26 Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта: 27 «Ногзад роды, уӕрыччы кӕнӕ сӕныччы авд боны хъӕуы йӕ мадимӕ ныууадзын+. Ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ та йӕ ис Йегъовӕйӕн нывондӕн хӕссӕн – артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывондӕн. Уӕд ӕй Хуыцау айсдзӕн. 28 Стурвосӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй куы ’ргӕвдат, уӕд роды кӕнӕ уӕрыччы йӕ мадимӕ иу бон ма аргӕвдут+.
29 Йегъовӕйӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат+, уӕд-иу ӕй афтӕ ӕрхӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат. 30 Хъӕуы йӕ уыцы бон бахӕрын+. Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
31 Мӕ фӕдзӕхстытӕм мын хъусут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 32 Мӕ сыгъдӕг ном мын ма фӕчъизи кӕнут+. Израилы фырттӕ мын хъуамӕ мӕ ном рухс кӕной+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Хуыцау+. 33 Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау+. Ӕз дӕн Йегъовӕ».
23 Дарддӕр ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йегъовӕ уын цы бӕрӕгбӕттӕ+ бафӕдзӕхста кӕнын+, уыцы бӕрӕгбӕттӕ сты Хуыцауӕн кувынӕн ӕмӕ-иу хъуамӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уат. Хъуамӕ-иу фехъусын кӕнат уыцы бӕрӕгбӕтты тыххӕй. Мӕнӕ адон сты мӕ бӕрӕгбӕттӕ.
3 Ӕхсӕз боны ис кусӕн, ӕвдӕм бон та у сабат, улӕфты бон+, уыцы бон-иу хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ. Уыцы бон мацы кусут. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый у сабат Йегъовӕйы кадӕн+.
4 Адон сты, Йегъовӕ уын цы бӕрӕгбӕттӕ+ бафӕдзӕхста кӕнын, уыдон. Хъуамӕ-иу ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+, алкӕцыйӕн дӕр дзы цы афон ис, уӕд+. 5 Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон+, дыууӕ изӕры астӕу* бӕрӕг кӕнут Куадзӕн+ Йегъовӕйы номыл.
6 Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон та бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+. Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ+. 7 Фыццаг бон хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+. Ӕмӕ-иу мацы уӕззау куыст кӕнут. 8 Фӕлӕ авд боны Йегъовӕйӕн хӕссут, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ. Ӕвдӕм бон дӕр хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ. Ӕмӕ-иу мацы уӕззау куыст кӕнут“».
9 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 10 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Цы зӕхх уын дӕттын, уырдӕм куы бацӕуат ӕмӕ уӕ хуымтӕ куы ’ркӕрдат, уӕд уӕ тыллӕгӕй фыццаг+ куырис хъуамӕ ӕрбахӕссат сауджынмӕ. 11 Сауджын уыцы куырис Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атилдзӕн+, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат. Хъуамӕ йӕ дыууӕрдӕм атила, сабаты фӕстӕ чи уыдзӕн, уыцы бон. 12 Ӕмӕ уын сауджын уӕ куырис дыууӕрдӕм цы бон атила, уыцы бон хъуамӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхӕссат, афӕдз кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат фыркъа. 13 Хъуамӕ ма йемӕ ӕрхӕссат хоры кувинаг дӕр – ӕппӕты хуыздӕр ссад, ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы, соимӕ йӕ сызмӕнтут, афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинагӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф уыдзӕн ӕхсызгон, стӕй кувинаг нозт – сӕн, гины* цыппӕрӕм хай. 14 Уыцы боны онг, цалынмӕ уӕ Хуыцауӕн кувинаг не ’рхӕссат, уӕдмӕ уын хӕрӕн нӕй нӕдӕр дзул, нӕдӕр цӕкуытӕ, нӕдӕр ног хор+. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.
15 Сабаты фӕстӕ цы бон уыдзӕн,– кӕй батилынц, ахӕм кувинагӕн куырис цы бон ӕрхӕссат,– уыцы бонӕй анымайут авд сабаты+. Хъуамӕ уой авд ӕнӕхъӕн къуырийы. 16 Анымайут, ӕвдӕм сабаты фӕстӕ цы бон уыдзӕн, уыцы боны онг, уыдзысты фӕндзай боны+, ӕмӕ та Йегъовӕйӕн хоры кувинаг ӕрхӕссут+. 17 Уӕ хӕдзӕрттӕй ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы+, кӕй батилынц, ахӕм кувинагӕн. Скӕнут сӕ ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй, ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайӕ. Хъуамӕ конд уой ӕнхъизӕнимӕ+ – уый у фыццаг тыллӕг ӕмӕ у Йегъовӕйӕн+. 18 Дзултимӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕссат, афӕдз кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕнӕсахъат авд нӕл уӕрыччы+, иу уӕныг ӕмӕ дыууӕ фыры. Уыдон хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозтимӕ иумӕ уыдзысты судзинаг нывонд Йегъовӕйӕн – артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон. 19 Стӕй ӕрхӕссут иу сӕныкк+ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕмӕ дыууӕ афӕдздзыд нӕл уӕрыччы фарны нывондӕн+. 20 Ӕмӕ сауджын уыцы дыууӕ уӕрыччы фыццаг тыллӕджы дзултимӕ дыууӕрдӕм атилдзӕн+ Йегъовӕйы раз – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг. Уый уыдзӕн Йегъовӕйы ӕмӕ у табуйаг, уый у сауджыны хай+. 21 Уыцы бон фехъусын кӕнут+, иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ. Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.
22 Уӕ хуымтӕ куы кӕрдат, уӕд-иу сӕ суанг сӕ кӕрӕтты онг ма ныккӕрдут ӕмӕ хуымгӕрдӕны фӕстӕ цы ӕфсиртӕ баззайа, уыдон-иу ма ӕрӕмбырд кӕнут+. Ныууадзут сӕ мӕгуырӕн+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“».
23 Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 24 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Ӕвдӕм мӕйы+, мӕйӕн йӕ фыццаг бон уын уыдзӕн улӕфты бон. Уый уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, бӕрӕг ӕй кӕндзыстут уадындзты уастимӕ+. Ӕмӕ хъуамӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+. 25 Уыцы бон мацы уӕззау куыст кӕнут ӕмӕ Йегъовӕйӕн хӕссут, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ“».
26 Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 27 «Ӕвдӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон та уыдзӕн Сыгъдӕггӕнӕн бон*+. Уыцы бон хъуамӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ ӕмӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнат+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕссат, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ+. 28 Уыцы бон мацы кусут, уымӕн ӕмӕ уый у сыгъдӕггӕнӕн бон, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуат+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз. 29 Уыцы бон йӕхи чи не ’рныллӕг кӕна, уый* хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 30 Уыцы бон исчи исты куы куса, уӕд ӕй* ӕз йӕ адӕмы ’хсӕнӕй фесафдзынӕн+. 31 Мацы кусут уыцы бон+. Кӕмфӕнды ма цӕрат, уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр. 32 Уый уын у сабат, улӕфты бон+, ӕмӕ хъуамӕ мӕйӕн йӕ фарӕстӕм бон изӕрӕй уӕхи ӕрныллӕг кӕнат+. Сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнут иу изӕрӕй иннӕ изӕрмӕ».
33 Йегъовӕ Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 34 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Ӕвдӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бонӕй райдайгӕйӕ авд боны уыдзӕн Халагъудты бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+. 35 Фыццаг бон хъуамӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ. Ӕмӕ-иу мацы уӕззау куыст кӕнут. 36 Авд боны хъуамӕ Йегъовӕйӕн хӕссат, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ. Ӕстӕм бон та хъуамӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕрхӕссат, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ. Уый у сӕрмагонд ӕмбырд. Мацы уӕззау куыст кӕнут.
37 Адон сты, Йегъовӕ уын цы бӕрӕгбӕттӕ+ бафӕдзӕхста кӕнын, уыдон. Хъуамӕ-иу ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ+, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕрхӕссат, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывӕндтӕ+: судзинаг нывонд+, хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт+, алы бонӕн дӕр цы ӕгъдау ӕмӕ цы фӕтк ис, уымӕ гӕсгӕ. 38 Уымӕй уӕлдай, ӕххӕст кӕнут, Йегъовӕ уын сабатбоны тыххӕй цы закъон радта+, уый ӕмӕ хӕссут уӕ лӕвӕрттӕ+ ӕмӕ уӕ нывӕндтӕ, ома, Хуыцауӕн дзырд кӕй раттат, уый номыл нывӕндтӕ+ ӕмӕ, уӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссат, уыцы нывӕндтӕ+ – Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ дӕттат, уыдон. 39 Ӕвдӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бонӕй райдайгӕйӕ та, уӕ зӕххы тыллӕг куы сисат, уӕд, авд боны+ бӕрӕг кӕнут бӕрӕгбон+ Йегъовӕйы номыл. Фыццаг бон уыдзӕн улӕфты бон ӕмӕ ӕстӕм бон дӕр уыдзӕн улӕфты бон+. 40 Фыццаг бон райсут бӕлӕсты хуыздӕр дыргътӕ, пальмӕбӕлӕсты къалиутӕ+, сыфтӕрджын бӕлӕсты ӕмӕ, дӕлвӕзты чи зайы, уыцы гӕдыбӕлӕсты къалиутӕ, ӕмӕ авд боны цин кӕнут+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз. 41 Уыцы бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл бӕрӕг кӕнут афӕдз авд боны+. Бӕрӕг ӕй кӕнут ӕвдӕм мӕйы – уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр. 42 Авд боны хъуамӕ цӕрат халагъудты+. Израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ цӕрой халагъудты+, 43 цӕмӕй уӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр зоной+, Израилы фыртты Египеты зӕххӕй куы ракодтон, уӕд мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ халагъудты кӕй цардысты+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“».
44 Ӕмӕ Моисей дӕр Израилы фырттӕн радзырдта, Йегъовӕ сын цы бӕрӕгбӕттӕ+ бафӕдзӕхста кӕнын, уыдоны тыххӕй.
24 Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, ӕмӕ дын хӕссой сыгъдӕг оливӕйы сой цырагъдарӕны кӕнынӕн+, цӕмӕй цырагъдарӕн ӕдзухдӕр судза+. 3 Аарон хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус дара, цӕмӕй Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны* цур чи ис, уыцы ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй, рухс судза изӕрӕй райсоммӕ. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр. 4 Уый ӕдзухдӕр йӕ хъус дардзӕн+, Йегъовӕйы раз сыгъдӕг сызгъӕринӕй цы цырагъдарӕн+ ис, уымӕн йӕ цырӕгътӕм+.
5 Райс ӕппӕты хуыздӕр ссад ӕмӕ дзы скӕн дыууадӕс гуылы, алы гуылӕн дӕр хъӕуы ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайы ссад. 6 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд стъолыл+ дыууӕ рӕнхъӕй кӕрӕдзи сӕрыл сӕвӕр: ӕхсӕз гуылы – иуырдыгӕй+, ӕхсӕз – иннӕрдыгӕй. 7 Ӕмӕ дыууӕрдыгӕй дӕр гуылты сӕрыл ӕрӕвӕр сыгъдӕг урс буд, уый уыдзӕн зӕрдылдарӕн дзул+, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн. 8 Уыцы дзул Йегъовӕйы раз ӕвӕрын хъӕуы алы сабат дӕр+. Уый у бадзырд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн. 9 Уыцы дзул уыдзӕн Аарон ӕмӕ йӕ фыртты+, ӕмӕ йӕ хъуамӕ хӕрой сыгъдӕг бынаты+, уымӕн ӕмӕ уый сауджынӕн у уӕлдай табуйаг, уый у йӕ хай, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй. Уый у закъон ӕнустӕм».
10 Иу израилаг сылгоймагӕн уыди фырт, йӕ фыд та уыди египетаг+. Иухатт уый ӕрбацыд израилӕгты цурмӕ, ӕмӕ, цатыртӕ кӕм уыдысты, уым иу израилагимӕ хыл кӕнын+ райдыдтой. 11 Ӕмӕ израилаг сылгоймаджы фырт райдыдта Хуыцауы ном+ фауын ӕмӕ ӕлгъитын+. Гъемӕ йӕ Моисеймӕ ӕрбакодтой+. Йӕ мады ном уыди Шеломиф, Диврийы чызг, Даны мыггагӕй. 12 Ӕмӕ уыцы лӕппуйы ахстӕй дардтой+, цалынмӕ не сбӕлвырд уыдаид, Йегъовӕ цы зӕгъдзӕн, уый+.
13 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 14 «Чи мӕ ’лгъыста, уыцы адӕймаджы ракӕнут цатырты ӕддӕмӕ+, ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чидӕриддӕр фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт+, ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр дуртӕй амарӕнт+. 15 Ӕмӕ Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йӕ Хуыцауы чи ӕлгъита, уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратта. 16 Йегъовӕйы ном чи фауа, уый хъӕуы амарын+. Адӕм ӕй иууылдӕр хъуамӕ дуртӕй амарой. Хуыцауы ном чифӕнды ма фауа, фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг,– хъӕуы йӕ амарын+.
17 Адӕймаг искӕй* куы амара, уӕд ын йӕхи дӕр хъӕуы амарын+. 18 Искӕй фос* чи амара, уый та хъуамӕ бафида – уды тыххӕй уд+. 19 Иу адӕймаг иннӕмӕн куы разиан кӕна, уӕд ын йӕхицӕн дӕр хъӕуы бакӕнын, уый куыддӕриддӕр бакодта, афтӕ+: 20 уӕнджы састӕн – уӕнджы саст, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст. Иннӕ адӕймагӕн цы зиан ракодта, раст ахӕм зиан ракӕнын хъӕуы уымӕн дӕр+. 21 Искӕй фос чи амара+, уый хъуамӕ уый тыххӕй бафида+. Адӕймаджы чи амара, уымӕн та йӕхи дӕр хъӕуы амарын+.
22 Иу тӕрхон уын хъуамӕ уа куыд ӕрцӕуӕггагӕн, афтӕ израилагӕн дӕр+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау“»+.
23 Моисей Израилы фырттӕн уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, Хуыцауы чи ӕлгъыста, уыцы адӕймаджы цатырты ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой+. Израилы фырттӕ бакодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
25 Йегъовӕ Синайы хохыл дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Цы зӕхх уын дӕттын, уырдӕм куы бацӕуат+, уӕд-иу зӕхх улӕфын бауадзут, уый уыдзӕн сабат Йегъовӕйы кадӕн+. 3 Ӕхсӕз азы-иу байтау дӕ хуым ӕмӕ-иу ӕхсӕз азы бахсӕд дӕ сӕнӕфсир ӕмӕ-иу ӕрӕмбырд кӕн, дӕ зӕххыл цы ’рзайа, уый+. 4 Ӕвдӕм аз та уыдзӕн сабат, ӕмӕ-иу уыцы аз зӕхх хъуамӕ баулӕфа+. Уый уыдзӕн сабат Йегъовӕйы кадӕн. Уыцы аз-иу дӕ хуым дӕр ма байтау ӕмӕ-иу дӕ сӕнӕфсир дӕр ма бахсӕд. 5 Дӕ хор кӕрдгӕйӕ зӕхмӕ цы хоры гагатӕ ӕрхауа, уыдонӕй чи сзайа, уыцы ӕфсиртӕ-иу ма ӕркӕрд ӕмӕ, де ’нӕхсӕст сӕнӕфсирыл цы ’рзайа, уый-иу ма ӕрӕмбырд кӕн. Уыцы аз зӕхх хъуамӕ баулӕфа. 6 Сабаты дӕргъы зӕххыл цы ’рзайа, уый уын уыдзӕн хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ цагъар-нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ уӕ цагъар-сылгоймӕгтӕн, стӕй, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕн – уе ’ххуырст кусджытӕн ӕмӕ, ӕрлидзӕг чи у, уыдонӕн, 7 стӕй уӕ фосӕн ӕмӕ, уӕ зӕххыл цы хъӕддаг сырдтӕ ис, уыдонӕн дӕр. Уӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ӕрзайа, уый уын уыдзӕн хӕрынӕн.
8 Анымайут авд азон къуырийы, авд хатты ӕвдгай азтӕ, ӕмӕ уыцы авд азон къуырийы уыдзысты цыппор фараст азы. 9 Ӕмӕ-иу ӕвдӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон+ сыкъайӕ хъӕрӕй ныууасут+. Сыгъдӕггӕнӕн бон+ сыкъайы уаст хъуамӕ хъуыса ӕгас бӕстӕйыл дӕр. 10 Фӕндзайӕм аз у сыгъдӕг аз, ӕмӕ фехъусын кӕнут, уӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты+. Уый уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз+, ӕмӕ уӕ алчидӕр хъуамӕ аздӕха йӕ зӕххытӕм ӕмӕ йӕ бинонтӕм+. 11 Фӕндзайӕм аз уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз+. Уыцы аз мадӕр таугӕ кӕнут, мадӕр, уӕ хуымты цы гагатӕ ӕрхауд, уыдонӕй чи сзайа, уыцы ӕфсиртӕ кӕрдут, мадӕр, ӕнӕхсӕст сӕнӕфсирыл цы ’рзайа, уый ӕмбырд кӕнут+. 12 Уый уыдзӕн Сӕрибардзинады аз. Уыцы аз уын хъуамӕ уа сӕрмагонд аз. Уӕ зӕххыл цы ’рзайа, уый уын хӕрӕн уыдзӕн+.
13 Сӕрибардзинады аз уӕ хъуамӕ алчидӕр аздӕха йӕ зӕххытӕм+. 14 Искӕмӕн исты куы уӕй кӕнат кӕнӕ искӕмӕй исты куы ’лхӕнат, уӕд кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты ма бацӕут+. 15 Искӕмӕй зӕхх куы ’лхӕнай, уӕд хъуамӕ банымайай, Сӕрибардзинады азӕй цал азы рацыд, уый. Кӕмӕй йӕ ӕлхӕныс, уый йын хъуамӕ аргъ скӕна, тыллӕг дзы цал азы исдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ+. 16 Уыцы азтӕ цас фылдӕр уой, уыйас фылдӕр уыдзӕн йӕ аргъ дӕр+, азтӕ цас къаддӕр уой, уыйас къаддӕр уыдзӕн йӕ аргъ дӕр, уымӕн ӕмӕ дын ӕй уӕй кӕны, тыллӕг дзы цал хатты сисдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ. 17 Макӕй зӕрдӕхудты цӕут+. Тӕрсут уӕ Хуыцауӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+. 18 Мӕ закъӕттӕ мын ӕххӕст кӕнут, мӕ тӕрхӕттыл мын фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уӕ зӕххыл цӕрдзыстут ӕдасӕй+. 19 Зӕхх уын дӕтдзӕн тыллӕг+, ӕмӕ хӕринаг хӕрдзыстут уӕ фаг ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзыстут+.
20 Фӕлӕ афтӕ куы зӕгъат: „Ӕмӕ нын кӕд ӕвдӕм аз тауӕн дӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕнӕн дӕр, уӕд уыцы аз хӕргӕ та цы кӕндзыстӕм?“+ – 21 уӕд ӕй зонут: ӕз уыл ӕхсӕзӕм аз мӕ арфӕдзинад ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕххӕй тыллӕг сисдзыстут ӕртӕ азы фаг+. 22 Ӕстӕм аз уӕ хуымтӕ байтаудзыстут, фӕлӕ зӕронд тыллӕг хӕрдзыстут суанг фарӕстӕм азы онг. Цалынмӕ фарӕстӕм азы тыллӕг нӕ сисат, уӕдмӕ хӕрдзыстут зӕронд тыллӕг.
23 Зӕхх ӕнустӕм уӕй кӕнӕн нӕй+, уымӕн ӕмӕ зӕхх мӕн у+. Сымах мӕнӕн стут ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ ӕрлидзӕг адӕм+. 24 Уӕ зӕххыл алы ран дӕр адӕмӕн хъуамӕ уый бар дӕттат, цӕмӕй, йӕ зӕхх чи ауӕй кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕна+.
25 Де ’фсымӕр куы смӕгуыр уа ӕмӕ йӕ зӕххӕй куы ауӕй кӕна, уӕд хъуамӕ йе ’ввахс хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕуа ӕмӕ, йе ’фсымӕр цы ауӕй кодта, уый фӕстӕмӕ балхӕна+. 26 Фӕстӕмӕ йын ӕй чи балхӕна, уый куы нӕ уа, фӕлӕ йӕхӕдӕг йӕ балхӕныны фаг ӕхца куы бакуса, 27 уӕд хъуамӕ банымайа, куы йӕ ауӕй кодта, уӕдӕй цал азы рацыд, уыцы азты тыллӕджы аргъ. Ӕмӕ йӕ цы аргъӕй ауӕй кодта, уымӕй ма цы баззайа, уый хъуамӕ фӕстӕмӕ ратта, кӕмӕн ӕй ауӕй кодта, уымӕн, ӕмӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн+.
28 Кӕд уый фаг ӕхца не ссара, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕна, уӕд та йӕ зӕхх, кӕмӕн ӕй ауӕй кодта, уыцы адӕймаджы къухы уыдзӕн Сӕрибардзинады азмӕ+, ӕмӕ Сӕрибардзинады аз зӕхх ссӕрибар уыдзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хицауы бауыдзӕн+.
29 Йӕ алыварс къултӕ кӕмӕн ис, ахӕм горӕты исчи хӕдзар куы ауӕй кӕна, уӕд ын фӕстӕмӕ йӕ балхӕныны бар уыдзӕн, куы йӕ ауӕй кӕна, уымӕй цалынмӕ афӕдз нӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Йӕ балхӕныны+ бар ын уыдзӕн иу азы дӕргъы. 30 Фӕлӕ йӕ уыцы афӕдзы дӕргъы куы нӕ балхӕна, уӕд уыцы хӕдзар ӕнустӕм баззайдзӕн, чи йӕ балхӕдта, уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уыцы хӕдзар Сӕрибардзинады аз не ссӕрибар уыдзӕн. 31 Сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм рӕтты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон та хъуамӕ нымад уой зӕххы хайыл. Ахӕм хӕдзары хицауӕн алкӕддӕр уыдзӕн уый бар, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕна+, стӕй Сӕрибардзинады аз+ дӕр ссӕрибар уыдзӕн.
32 Левитты горӕтты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдоны хабар та афтӕ у+, ӕмӕ левиттӕн ӕнустӕм уыдзӕн уый бар, цӕмӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ балхӕной+. 33 Левиты хӕдзар фӕстӕмӕ ӕлхӕд куы не ’рцӕуа, уӕд, йӕ горӕты цы хӕдзар ауӕй кодта, уый Сӕрибардзинады аз ссӕрибар уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ левитты горӕтты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон сты сӕ исбон Израилы фыртты ’хсӕн+. 34 Ӕмӕ, сӕ горӕтты алыварс цы хизӕнтӕ+ ис, уыдон дӕр уӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм левитты сты.
35 Дӕ фарсмӕ чи цӕры, уыцы ӕфсымӕр куы смӕгуыр уа ӕмӕ хъуаг куы ’ййафа+, уӕд ын баххуыс кӕн+, ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ ӕрлидзӕгӕн куыд баххуыс кӕнис+, афтӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ фарсмӕ цӕра. 36 Проценттӕ дзы ма ис ӕмӕ йыл ӕхца ма кус+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+, ӕмӕ де ’фсымӕр дарддӕр дӕр дӕ фарсмӕ цӕрӕд. 37 Ӕхца йын ӕфстау проценттыл ма дӕтт+ ӕмӕ йын хӕринаг дӕр уый тыххӕй ма дӕтт, цӕмӕй дзы исты бакусай. 38 Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уын раттон Ханааны зӕхх+ ӕмӕ уон уӕ Хуыцау+.
39 Дӕ фарсмӕ чи цӕры, уыцы ӕфсымӕр куы смӕгуыр уа ӕмӕ дын йӕхи куы ауӕй кӕна+, уӕд ын цагъары куыст ма кӕнын кӕн+. 40 Хъуамӕ дын уа ӕххуырст кусӕджы хуызӕн+, ӕрлидзӕджы хуызӕн. Лӕггад дын кӕндзӕн Сӕрибардзинады азы онг. 41 Уый фӕстӕ хъуамӕ дӕуӕй ацӕуа, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр, ӕмӕ хъуамӕ аздӕха йӕ бинонтӕм. Хъуамӕ фӕстӕмӕ аздӕха йӕ фыдӕлты зӕххытӕм+. 42 Уыдон сты мӕ цагъартӕ, ӕз сӕ ракодтон Египеты зӕххӕй+. Уыдон хъуамӕ сӕхи цагъартау ма уӕй кӕной. 43 Ма сӕ ӕфхӕрут ӕмӕ сӕ ма ссӕндут+. Тӕрсут уӕ Хуыцауӕй+. 44 Фӕлӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын уӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй цагъартӕ уа, уӕд уыдонӕй уӕ бон у цагъар-нӕлгоймаг кӕнӕ цагъар-сылгоймаг балхӕнын. 45 Уӕ бон цагъартӕ ӕлхӕнын у, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг, ӕрлидзӕг, чи у, уыдонӕй дӕр+, стӕй сӕ бинонтӕй, уе ’хсӕн чи цӕры ӕмӕ сын уӕ зӕххыл чи райгуырд, уыдонӕй. Уыдон суыдзысты уӕ исбон. 46 Уӕ фӕстӕ-иу сӕ уӕ фырттӕн бынӕн ныууадзут, ӕмӕ сӕ исбон уыдзысты ӕнустӕм+. Уыдонӕн кусын кӕнут, фӕлӕ уе ’фсымӕрты, Израилы фыртты, ма ’фхӕрут, уӕ кӕрӕдзи ма ссӕндут+.
47 Фӕлӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг кӕнӕ ӕрлидзӕг чи у, уыдонӕй исчи куы схъӕздыг уа, ӕмӕ йӕ фарсмӕ де ’фсымӕр та куы смӕгуыр уа ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг кӕнӕ ӕрлидзӕгӕн кӕнӕ ӕрцӕуӕггаджы бинонтӕй искӕмӕн йӕхи куы ауӕй кӕна, 48 уӕд ын, йӕхи куы ауӕй кодта+, уый фӕстӕ уыдзӕн бар, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕной+. Балхӕнӕд ӕй йе ’фсымӕртӕй исчи+. 49 Науӕд ӕй балхӕнӕд йӕ фыдыфсымӕр кӕнӕ йӕ фыдыфсымӕры лӕппу кӕнӕ йӕ бинонтӕй исчи, йӕ тугхӕстӕг+.
Кӕд йӕхӕдӕг схъӕздыг уа, уӕд та йӕхӕдӕг йӕхи балхӕнӕд+. 50 Чи йӕ балхӕдта, уыимӕ банымайӕд, йӕхи куы ауӕй кодта, уыцы азӕй Сӕрибардзинады азмӕ цал азы ис, уый+. Ӕмӕ, йӕхи цы аргъыл ауӕй кодта, уый хъуамӕ уа уыцы азтӕм гӕсгӕ+. Йӕ куыст ын хъуамӕ нымайа, ӕххуырст кусӕджы куыст куыд нымайа, афтӕ+. 51 Кӕд Сӕрибардзинады азмӕ нырма бирӕ азтӕ хъӕуы, уӕд хъуамӕ уыцы азты тыххӕй бафида, чи йӕ балхӕдта, уымӕн, ӕмӕ йӕхи фӕстӕмӕ балхӕна. 52 Кӕд Сӕрибардзинады+ азмӕ бирӕ азтӕ нал хъӕуы, уӕд та хъуамӕ банымайа, цал азы ма баззад, уый, ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ бафида, цӕмӕй йӕхи фӕстӕмӕ балхӕна. 53 Йӕ хицау ӕм хъуамӕ кӕса, алы аз дӕр кӕй баххуырсынц, ахӕм кусӕгмӕ+ цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй. Дӕ хъус дар, цӕмӕй йӕ ма ’фхӕра ӕмӕ йӕ ма ссӕнда+. 54 Фӕлӕ кӕд ацы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йӕ бон не суа йӕхи балхӕнын, уӕд та ссӕрибар уыдзӕн Сӕрибардзинады аз+, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр.
55 Израилы фырттӕ сты мӕ цагъартӕ. Уыдон сты мӕ цагъартӕ+, ӕз сӕ ракодтон Египеты зӕххӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+.
26 Ма аразут уӕхицӕн ницӕйаг хуыцӕуттӕ+, уӕхицӕн ма ӕвӕрут гуымирытӕ+ кӕнӕ кувӕн дуртӕ ӕмӕ уӕ зӕххыл ма ӕрӕвӕрут дуртӕ нывтимӕ+ ӕмӕ-иу сӕ разы уӕ зонгуытыл ма ӕрхаут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. 2 Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ мын мӕ кувӕн бынатӕн кад кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ.
3 Кӕд дарддӕр дӕр мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрат, кӕд мын мӕ фӕдзӕхстытыл фидар хӕцат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат+, 4 уӕд уын ӕз къӕвдатӕ дӕтдзынӕн сӕ афоныл+, ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн тыллӕг+, бӕлӕстӕ дӕтдзысты дыргъ+. 5 Най кӕнын-иу нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ-иу ӕрхӕццӕ уыдзӕн сӕнӕфсир тоныны афон, уӕ сӕнӕфсир-иу нӕма ӕртондзыстут, афтӕ-иу ӕрхӕццӕ уыдзӕн хуымтӕ тауыны афон. Хӕринаг уын уыдзӕн, цас уӕ хъӕуы, уыйбӕрц+ ӕмӕ уӕ зӕххыл цӕрдзыстут ӕдасӕй+. 6 Ӕз уын уыцы зӕххыл ратдзынӕн сабырдзинад+, ӕмӕ-иу куы схуыссат, уӕд никӕмӕй тӕрсдзыстут+. Уыцы зӕххӕй фӕсурдзынӕн тугдзых сырдты+ ӕмӕ уӕм хъама ничи сисдзӕн+. 7 Сымах уе знӕгты фӕстейӕ асурдзыстут+, ӕмӕ уӕ хъамайӕ цагъды кӕндзысты. 8 Фондзӕй асурдзыстут сӕдӕйы, сӕдӕйӕ та асурдзыстут дӕс мины, ӕмӕ уе знӕгтӕ уӕ хъамайӕ цагъды кӕндзысты+.
9 Ӕз уӕм ме ’ргом раздахдзынӕн+ ӕмӕ уын ратдзынӕн бирӕ зӕнӕг, уӕ байзӕддӕгты уын сбирӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ афтӕмӕй, уемӕ цы бадзырд скодтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн+. 10 Сымах хӕрдзыстут ивгъуыд азы тыллӕг+ ӕмӕ-иу зӕронд тыллӕг ӕддӕмӕ рахӕсдзыстут, цӕмӕй ногӕн бынат уа. 11 Ӕз мӕ цатыр сӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн+ ӕмӕ мӕ удӕн ӕнад нӕ уыдзыстут+. 12 Ӕз уыдзынӕн уе ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау+, сымах та уыдзыстут мӕ адӕм+. 13 Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй сын цагъартӕ мауал уыдаиккат+, ныссастон уын уе ’фсондз, ӕмӕ сӕмраст стут ӕмӕ уӕ сӕртыл схӕцыдыстут+.
14 Фӕлӕ мӕм куы нӕ хъусат ӕмӕ ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ куы не ’ххӕст кӕнат+, 15 мӕ закъӕттыл мын уӕ къух куы сисат+, мӕ тӕрхӕттӕ уӕ удтӕн афтӕ ӕнад куы уой, ӕмӕ мын ме ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ ма ӕххӕст кӕнат, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕ бадзырд куы халат+, 16 уӕд уӕ ӕз бафхӕрдзынӕн: уӕ зӕрдӕты уын тас бауадздзынӕн, бафтаудзынӕн уыл рӕуджыты низ*+ ӕмӕ тӕфсӕг, ӕмӕ уӕ цӕстырухс батайдзӕн+ ӕмӕ уӕ уд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн+. Уӕ хуымтӕ таудзыстут дзӕгъӕлы, уымӕн ӕмӕ-иу дзы цы ’рзайа, уый-иу уе знӕгтӕ бахӕрдзысты+. 17 Ӕз суыдзынӕн уӕ ныхмӕ, ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Йе сӕфт уӕ чи уыны, уыдон уӕ ныссӕнддзысты+, ӕмӕ уӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут+.
18 Фӕлӕ мӕм уӕддӕр куы нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. 19 Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ уӕ хъару ӕмӕ уын уӕ сӕрмӕ арв скӕндзынӕн ӕфсӕйнаджы хуызӕн+, уӕ къӕхты бын зӕхх та – ӕрхуыйы хуызӕн. 20 Уӕ фыдӕбон уыдзӕн дзӕгъӕлы, уымӕн ӕмӕ зӕхх тыллӕг нӕ дӕтдзӕн+, бӕлӕстӕ нӕ дӕтдзысты дыргъ+.
21 Фӕлӕ уӕддӕр мӕ ныхмӕ куы цӕуат ӕмӕ мӕм уӕддӕр куы нӕ хъусат, уӕд уӕ ӕз уӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ авд хатты фылдӕр бӕллӕхты хай бакӕндзынӕн+. 22 Хъӕддаг сырдты уыл сардаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ уӕ сывӕллӕттӕй ӕнӕхай фӕкӕндзысты+, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты ӕмӕ уӕ бирӕ нал баззайдзӕн, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл змӕлӕг нал уыдзӕн+.
23 Фӕлӕ та мӕм уыдӕтты фӕстӕ дӕр куы нӕ байхъусат ӕмӕ куы нӕ аиват+ ӕмӕ дарддӕр мӕ ныхмӕ куы цӕуат, 24 уӕд ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ+ ӕмӕ уӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй авд хатты ӕрцӕвдзынӕн+. 25 Мӕ бадзырд+ мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уыл мастисӕг+ хъама рауадздзынӕн. Уӕ горӕттӕм лидздзыстут, фӕлӕ уыл ӕз фыдниз бафтаудзынӕн+ ӕмӕ знаджы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзыстут+. 26 Уӕ гуылтӕ* цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон уын куы ныссӕттон+, уӕд уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй дзул фыцдзысты иу пецы ӕмӕ уын ӕй дӕтдзысты барстӕй+. Ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут+.
27 Фӕлӕ та мӕм уый фӕстӕ дӕр куы нӕ байхъусат ӕмӕ дарддӕр мӕ ныхмӕ куы цӕуат+, 28 уӕд ӕз карзӕй рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ+ ӕмӕ уӕ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй авд хатты бафхӕрдзынӕн+. 29 Сымах хӕрдзыстут уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты+. 30 Ӕз уын ныппырх кӕндзынӕн уӕ кувӕн бынӕттӕ*+ ӕмӕ уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ, ӕмӕ уын уӕ мӕрдтӕ уӕ фаджыс-хуыцӕутты мӕрдтыл ныккалдзынӕн+. Сымах мӕ удӕн уыдзыстут ӕнад+. 31 Уӕ горӕттӕ уын хъамайы амӕттаг фӕкӕндзынӕн+, уӕ кувӕндӕттӕ уын ныппырх кӕндзынӕн+ ӕмӕ мын уӕ нывӕндты тӕф ӕхсызгон нӕ уыдзӕн+. 32 Ӕз уыцы зӕхх ӕдзӕрӕг фӕкӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕм уе знӕгтӕ, чи дзы ’рцӕра, уыдон, дисгӕнгӕ кӕсдзысты+. 33 Сымах та ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+, уӕ горӕттӕй дур дурыл нал баззайдзӕн.
34 Сымах уе знӕгты зӕххыл куы уат, уӕд уӕ зӕхх улӕфдзӕн йӕ сабаттӕ иууылдӕр, ӕдзӕрӕг цас уа, уыйбӕрц. Уыцы рӕстӕг зӕхх улӕфдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сабаттӕ иууылдӕр хъуамӕ баулӕфа+. 35 Ӕдзӕрӕг цас уа, уыйбӕрц кӕндзӕн улӕфгӕ, сымах ыл куы цардыстут, уӕд уӕ сабатты кӕй нӕ улӕфыд, уый тыххӕй.
36 Чи ма уӕ баззайа ӕмӕ уе знӕгты зӕххытыл чи цӕра+, уыдонӕн та сӕ зӕрдӕты тас бауадздзынӕн, ӕмӕ, дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, уыцы сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр-иу лидзынмӕ фӕуыдзысты. Лидздзысты, цыма сӕ фӕстейӕ хъамаимӕ сурынц, афтӕ ӕмӕ хаудзысты, ничи сӕ сурдзӕн, афтӕмӕй+. 37 Кӕрӕдзийы сӕрты хаудзысты, цыма сӕ фӕстейӕ хъамаимӕ сурынц, уыйау, сургӕ та сӕ ничи кӕндзӕн. Уӕ бон нӕ уыдзӕн уе знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. 38 Ӕмӕ адӕмты ’хсӕн фесӕфдзыстут+, ӕмӕ уӕ уе знӕгты зӕхх аныхъуырдзӕн. 39 Чи ма уӕ баззайа, уыдон та уе знӕгты зӕххытыл сӕ тӕригъӕды тыххӕй удхарӕй мӕлдзысты+. О, сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй+ удхарӕй мӕлдзысты, сӕ фыдӕлтӕ куыд мардысты, афтӕ. 40 Ӕмӕ сӕ фыдӕлтау мӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыдысты+ ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы тӕригъӕд кӕй арӕзтой, ууыл басӕтдзысты+. 41 Уӕд мӕн бахъуыд сӕ ныхмӕ рацӕуын+ ӕмӕ сӕ се знӕгты зӕхмӕ акӕнын+.
Зӕгъын, кӕд сӕ дурзӕрдӕтӕ*+ ӕрсӕттиккой+ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафидиккой. 42 Ӕмӕ ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, Иаковимӕ цы бадзырд скодтон, уый+. Ӕрхъуыды кӕндзынӕн, Исахъимӕ цы бадзырд скодтон+ ӕмӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодтон+, уый, ӕмӕ уыцы зӕхх дӕр ӕрхъуыды кӕндзынӕн. 43 Уыдон сӕ зӕхх ныууадздзысты, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы уыдзӕн ӕдзӕрӕг ӕмӕ улӕфдзӕн йӕ сабаттӕ+, уыдон та фиддзысты сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ, о, уымӕн ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттыл сӕ къух систой+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ сӕ удтӕн уыдысты ӕнад+. 44 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, се знӕгты зӕххыл куы цӕрой, уыцы рӕстӕг нӕ ныууадздзынӕн+. Афтӕ ӕнад мын не суыдзысты+, цӕмӕй сӕ фесафон ӕмӕ, семӕ цы бадзырд скодтон, уый фехалон+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау. 45 Уыдоны тыххӕй ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд скодтон, уый+. Уыдоны ӕз ракодтон Египеты зӕххӕй иннӕ адӕмты цӕстыты раз+, цӕмӕй уон сӕ Хуыцау. Ӕз дӕн Йегъовӕ“».
46 Адон сты, Йегъовӕ йӕхи ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн Синайы хохыл Моисейы уылты кӕй сфидар кодта+, уыцы уагӕвӕрдтӕ, тӕрхӕттӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ.
27 Йегъовӕ ма дарддӕр Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Исчи Йегъовӕйӕн сӕрмагонд дзырд куы ратта+, мӕнӕ дын ацы адӕймаджы* снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ уыцы адӕймаджы бӕсты ӕхца куы фида, ома ахӕм адӕймагӕн цы аргъ ис ӕвӕрд, уыйбӕрц ӕхца кӕй ратдзӕн, 3 ӕмӕ, дыууын азӕй ӕхсай азмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм нӕлгоймаджы куы нывонд кӕна, уӕд йӕ аргъ уыдзӕн фӕндзай сиклы ӕвзистӕй, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй. 4 Сылгоймаг куы уа, уӕд та йӕ аргъ уыдзӕн ӕртын сиклы. 5 Фондз азӕй дыууын азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм лӕппуйы аргъ уыдзӕн дыууын сиклы, чызг куы уа, уӕд та – дӕс сиклы. 6 Иу мӕйӕ фондз азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм лӕппуйы аргъ уыдзӕн фондз+ сиклы ӕвзистӕй, чызг куы уа, уӕд та – ӕртӕ сиклы ӕвзистӕй.
7 Ӕхсай азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм нӕлгоймаджы аргъ уыдзӕн фынддӕс сиклы, сылгоймаг куы уа, уӕд та – дӕс сиклы. 8 Фӕлӕ, дзырд чи радта, уый мӕгуыр куы уа ӕмӕ йӕ бон уыйбӕрц раттын куы нӕ уа+, уӕд уыцы адӕймаджы хъуамӕ ӕрбакӕна сауджынмӕ ӕмӕ йын сауджын зӕгъдзӕн, цас ӕй хъӕуы бафидын, уый+. Аргъ ын зӕгъдзӕн, йӕ бон раттын цас уа, уымӕ гӕсгӕ+.
9 Йегъовӕйӕн нывондӕн кӕй ис хӕссӕн, ахӕм фос куы нывонд кӕна, уӕд, Йегъовӕйӕн цыфӕнды ма ратта, уый уыдзӕн табуйаг+. 10 Йӕ бон нӕу йӕ бӕсты ӕндӕр ӕрбакӕнын, стӕй йӕ бон нӕу ӕвзӕр хорзӕй кӕнӕ хорз ӕвзӕрӕй баивын. Фӕлӕ йӕ куы баива, уӕд, цы баивта, уый дӕр ӕмӕ йӕ цӕмӕй баивта, уый дӕр суыдзӕн табуйаг. 11 Сыгъдӕг чи нӕу+, Йегъовӕйӕн нывондӕн кӕй нӕй хӕссӕн, ахӕм фос куы уа+, уӕд та йӕ ӕрбакӕнӕд сауджынмӕ+. 12 Ӕмӕ сауджын, фос хорз уа ӕви ӕвзӕр, уымӕ гӕсгӕ йын зӕгъдзӕн йӕ аргъ. Сауджын цас зӕгъа, уыйбӕрц уыдзӕн йӕ аргъ+. 13 Фӕлӕ йӕ уыцы фос фӕстӕмӕ балхӕнын куы фӕнда, уӕд ма йын йӕ аргъмӕ хъуамӕ бафтауа йӕ фӕндзӕм хай+.
14 Адӕймаг Йегъовӕйӕн йӕ хӕдзар куы нывонд кӕна, уӕд сауджын, хӕдзар хорз уа ӕви ӕвзӕр, уымӕ гӕсгӕ йын зӕгъдзӕн йӕ аргъ+. Йӕ аргъ уыдзӕн, сауджын цас зӕгъа, уыйбӕрц. 15 Фӕлӕ адӕймаджы йӕ хӕдзар фӕстӕмӕ балхӕнын куы фӕнда, уӕд ма йын йӕ аргъмӕ хъуамӕ бафтауа йӕ фӕндзӕм хай+, ӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.
16 Адӕймаг Йегъовӕйӕн йӕ зӕххӕй+ куы нывонд кӕна, уӕд йӕ аргъ уыдзӕн, хор дзы цас уа байтауӕн, уымӕ гӕсгӕ: кӕд дзы хъӕбӕрхоры иу хомер*+ уа байтауӕн, уӕд йӕ аргъ уыдзӕн фӕндзай сиклы ӕвзистӕй. 17 Йӕ зӕхх Сӕрибардзинады аз+ куы нывонд кӕна, уӕд йӕ аргъ уыдзӕн, цас зӕгъой, уыйбӕрц. 18 Йӕ зӕхх Сӕрибардзинады азы фӕстӕ куы нывонд кӕна, уӕд ыл хъуамӕ сауджын къаддӕр аргъ сӕвӕра, иннӕ Сӕрибардзинады азмӕ ма цал азы баззад, уымӕ гӕсгӕ+. 19 Йӕ зӕхх ӕй фӕстӕмӕ балхӕнын куы фӕнда, уӕд та ма йын йӕ аргъмӕ хъуамӕ бафтауа йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн+. 20 Фӕлӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ куы нӕ балхӕна ӕмӕ уыцы зӕхх ӕндӕр искӕмӕн куы ауӕй кӕной, уӕд ӕй уый фӕстӕ нал уыдзӕн балхӕнӕн. 21 Уыцы зӕхх Сӕрибардзинады аз куы ссӕрибар уа, уӕд суыдзӕн табуйаг ӕмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы, куыд нывондгонд зӕхх, афтӕ+. Уый уыдзӕн сауджыны зӕхх+.
22 Адӕймаг, кӕмӕйдӕр кӕй балхӕдта ӕмӕ йӕхи чи нӕу, ахӕм зӕхх Йегъовӕйӕн куы нывонд кӕна+, 23 уӕд ын сауджын банымайдзӕн йӕ аргъ, иннӕ Сӕрибардзинады азмӕ ма цал азы баззад, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ хъуамӕ уыцы аргъ бафида уыцы бон+. Уый у табуйаг ӕмӕ у Йегъовӕйы+. 24 Сӕрибардзинады аз уыцы зӕхх фӕстӕмӕ бауыдзӕн, кӕмӕй йӕ балхӕдта, уыцы зӕххӕн йӕ хицау чи у, уыцы адӕймаджы+.
25 Алцӕмӕн дӕр йӕ аргъ хъуамӕ нымад цӕуа сыгъдӕг бынаты сиклтӕй. Сиклы хъуамӕ уа дыууын герӕйы*+.
26 Ӕрмӕст фыццагзад нӕл фосы мачи нывонд кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ фыццагзад фос ӕнӕуи дӕр Йегъовӕйы у+. Гал уа ӕви фыс – Йегъовӕйы у+. 27 Сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм фыццагзад фосы+ та ис балхӕнӕн. Ӕмӕ искӕй йӕ фосы балхӕнын куы фӕнда, уӕд ма йын йӕ аргъмӕ хъуамӕ бафтауа йӕ фӕндзӕм хай+. Фӕлӕ йӕ куы нӕ балхӕна, уӕд ӕй сауджын ауӕй кӕндзӕн, цӕй аргъ уа, уыцы аргъӕй.
28 Исчи, цы йӕм ис, уый Йегъовӕйӕн ӕнустӕм*+ куы снывонд кӕна, адӕймаг уа, фос уа ӕви зӕхх, уӕд ӕй нӕдӕр уӕй кӕнӕн ис, нӕдӕр фӕстӕмӕ ӕлхӕнӕн+. Уыцы адӕймаг, фос кӕнӕ зӕхх сты уӕлдай табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы. 29 Сӕфт чи хъуамӕ ’рцӕуа, уыцы адӕймаджы балхӕнӕн нӕй+. Хъӕуы йӕ амарын+.
30 Зӕххыл цы зайы, уымӕй дӕсӕм хай+, хуымы тыллӕгӕй уа ӕви бӕласы дыргътӕй, у Йегъовӕйы. Уыдон сты табуйаг ӕмӕ сты Йегъовӕйы. 31 Искӕй куы фӕнда йӕ дӕсӕм хай, цӕмӕйфӕнды ма уа, фӕстӕмӕ райсын, уӕд ма йын йӕ аргъмӕ хъуамӕ бафтауа йӕ фӕндзӕм хай+. 32 Стуртӕй ӕмӕ лыстӕг фосӕй, фыййауы лӕдзӕджы бынты чи ахизы*+, уыдонӕй, алы дӕсӕм дӕр уыдзӕн табуйаг ӕмӕ уыдзӕн Йегъовӕйы. 33 Фосмӕ ма кӕсӕд, хорз у ӕви ӕвзӕр, ӕмӕ йӕ ивгӕ дӕр ма бакӕнӕд. Фӕлӕ йӕ куы баива, уӕд, цы баивта, уый дӕр ӕмӕ йӕ цӕмӕй баивта, уый дӕр суыдзӕн табуйаг+. Фӕстӕмӕ йӕ балхӕнӕн нӕй“».
34 Адон сты, Йегъовӕ Моисейӕн Синайы хохыл кӕй радта+ ӕмӕ Израилы фырттӕн ӕххӕстгӕнинаг чи уыд, уыцы фӕдзӕхстытӕ+.
[Фиппаинӕгтӕ]
Йӕ сӕр ын-иу бынтон нӕ фӕхицӕн кодта.
Комк. «Искӕцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Уыцы гуылтӕ астӕуӕй уыдысты хуынкъ.
Ӕвӕц., уый бындзыты мыд нӕ уыди, фӕлӕ легъуийы кӕнӕ ӕндӕр дыргъты дон кӕнӕ сироп.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 27 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 2, 4, 15, 17 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Ӕвӕц., амоны, ӕвзӕрдзинад кӕмӕн ракодтой, уый адӕмы раз рӕстдзинад кӕй домдта, уымӕ, зӕгъӕм, цӕмӕй фыдгӕнӕджы кӕнӕ, ӕвдисӕн ныллӕууын кӕй нӕ фӕндыд, уыцы адӕймаджы ралгъыстаиккой.
Иу ефӕ у 22 л.
Иу сикл у 11,4 г.
Кӕс Рц 30:13, фип.
Комк. «удӕн» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 21, 25, 27 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 21 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уды».
Кӕс Рц 25:6, фип.
Кӕс Рц 28:30, фип.
Кӕс Рц 39:30, фип.
Цӕмӕйдӕр у тӕрхъусы хуызӕн, цӕры къӕдзӕхджын рӕтты. Хонынц ма йӕ «даман» дӕр.
Уырыс. «гриф».
Доны маргъ, у стыр, йӕ къӕхтӕ сты бабызы къӕхты хуызӕн, цуан кӕны кӕсӕгтыл.
Кӕнӕ «зӕххы тӕрхъус»; уырыс. «тушканчик».
Комк. «удты» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «хъуымацӕн йӕ дӕргъырдӕм кӕнӕ йӕ цӕхгӕрмӕ ӕндӕхтӕ».
6,5 л бӕрц.
Иу лог у 0,31 л.
Кӕнӕ «дыууӕ нӕл сӕныччы», 5 ст. куыд у, афтӕ.
«Азазелы» тыххӕй кӕс «Дзырдуат», 2089 ф.
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Уымӕ хауы ком дарын, кӕнӕ ма адӕймаг йӕхи ноджыдӕр цӕмӕй цух кодта, уыдӕттӕ.
Чи сын куывта, уыдонмӕ, ӕвӕц., афтӕ каст, ӕмӕ уыдысты хъуынджын, сӕгъты хуызӕн.
Комк. «уыцы удӕн»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «цард».
Комк. «Сымахӕй иу уд дӕр»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Ӕвӕц., амоны искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынмӕ.
Кӕнӕ «Уый ӕрдзыхъӕды ныхмӕ у».
Комк. «уыцы удты»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «Дӕ хионы».
Кӕс Д.з 22:11.
Ацы ран «дӕсны фӕрсын» амоны, фидӕны цы уыдзӕн, уый цавӕрдӕр нысӕнтты уылты бамбарыныл архайын кӕнӕ, цыдӕр хабар хорзмӕ ӕви ӕвзӕрмӕ рацӕудзӕн, уыдӕттӕ халын.
Ахӕм ӕгъдӕуттӕ уыд мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕм. Афтӕ ӕмбарын ӕй нӕ хъӕуы, ӕмӕ сын сӕ боцъотӕ ӕппындӕр нӕ уыд фӕцыбырдӕр кӕнӕн.
Комк. «Уды номыл»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «татуировкӕтӕ».
Иу гин у 3,67 л.
Комк. «цы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «афтӕмӕй семӕ чи хӕта».
Комк. «уыцы удӕн»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «адӕймаджы ӕрдзыхъӕды ныхмӕ».
Комк. «Мард уды тыххӕй»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «ӕввахс ӕм чи у».
Кӕс Рд 38:24, фип.
Комк. «мард удмӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Уырыс. «лишай».
Кӕнӕ «хъӕппытӕ».
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «удмӕ» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «искӕцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «хъӕппытӕ».
Комк. «дзулӕн».
Кӕс Рц 12:6, фип.
Иу гин у 3,67 л.
Кӕнӕ «Фидыды бон».
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «адӕймаджы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «фосы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «туберкулез».
Кӕс Рц. 29:2, фип.
Комк. «кувӕн бӕрзонд бынӕттӕ». Уыдон уыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ.
Комк. «ӕнӕсунӕт зӕрдӕ».
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Иу хомер у 220 л. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Иу герӕ у 0,57 г.
Кӕнӕ «фесафынӕн».
Фыййау-иу йӕ фос йӕ лӕдзӕджы бынты уагъта ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй нымадта.