Рацыд
1 Адон сты Израилы фырттӕ, ӕрцыдысты Иаковимӕ Египетмӕ, алчидӕр йӕ хӕдзаронтимӕ+: 2 Рувим+, Симеон+, Леви+ ӕмӕ Иудӕ+, 3 Иссахар+, Завулон+ ӕмӕ Вениамин+, 4 Дан+ ӕмӕ Неффалим+, Гад+ ӕмӕ Асир+. 5 Иаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды+. Иосиф та уӕдмӕ дӕр уыди Египеты+. 6 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иосиф амард+. Амардысты йе ’фсымӕртӕ дӕр иууылдӕр, ӕмӕ уыцы фӕлтӕрӕй ӕппындӕр ничиуал баззад. 7 Израилы фырттӕн та сывӕллӕттӕ гуырди ӕмӕ тынг сбирӕ сты. Сӕ нымӕц кодта фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ систы тынг тыхджын адӕм, ӕмӕ уыцы зӕххыл байдзаг сты+.
8 Уӕдмӕ Египеты сӕргъы ӕрлӕууыд ног паддзах. Уый Иосифы нӕ зыдта+. 9 Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Кӕсут-ма, Израилы фырттӕ сты махӕй фылдӕр ӕмӕ махӕй тыхджындӕр+. 10 Хинӕй сыл рацӕуӕм+, науӕд бынтон сбирӕ уыдзысты, ӕмӕ, мыййаг, хӕст куы уа, уӕд не знӕгты фарс фӕуыдзысты ӕмӕ нӕ ныхмӕ хӕцдзысты, ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕ алидздзысты».
11 Ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдтой цӕстдарджытӕ, цӕмӕй сын уӕззау куыст кӕнын кодтаиккой+. Ӕмӕ Израилы фырттӕ фараонӕн сарӕзтой горӕттӕ тыллӕг ӕфснайынӕн – Пифом ӕмӕ Раамсес+. 12 Фӕлӕ сын цас уӕззаудӕр куыст кӕнын кодтой, уыйас кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ уыйас тынгдӕр апырх сты уыцы бӕстӕйыл. Ӕмӕ египетӕгтӕ Израилы фырттӕй тӕрсын райдыдтой+. 13 Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕй скодтой цагъартӕ ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой+. 14 Тыхкуыстӕй сын сӕ цард сӕнад кодтой – аразын сын кодтой ӕлыджы змӕст+ ӕмӕ самандуртӕ, кусын сын кодтой быдыры дӕр+. О, египетӕгтӕ сын цагъартау алы куыст кӕнын кодтой ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой+.
15 Цасдӕры фӕстӕ Египеты паддзах дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕн+, Шифрӕ ӕмӕ Фуӕйӕн, загъта, 16 бардзырд сын радта: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕн арынӕн куы ӕххуыс кӕнат, уӕд-иу кӕсут: кӕд лӕппу уа, уӕд-иу ӕй амарут, кӕд чызг уа, уӕд та-иу ӕй удӕгасӕй ныууадзут». 17 Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ тарстысты ӕцӕг Хуыцауӕй+, ӕмӕ сын Египеты паддзах куыд загъта, афтӕ нӕ кодтой+ – лӕппу-иу куы райгуырд, уӕд-иу ӕй удӕгасӕй ныууагътой+. 18 Ӕмӕ сӕм иу бон Египеты паддзах фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Уый цы кусут, лӕппуты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?»+ 19 Ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ фараонӕн загътой: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕ египетаг сылгоймӕгты хуызӕн не сты. Уыдон фидар сты, ӕмӕ сӕм цалынмӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг бахӕццӕ вӕййы, уӕдмӕ сӕхӕдӕг ныййарынц».
20 Ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцау ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕн арфӕ кодта+, ӕмӕ дзуттӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой. 21 Ӕмӕ ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын фӕстӕдӕр сӕхи дӕр бинонты амондӕй схайджын кодта+. 22 Ӕппынфӕстаг фараон бардзырд радта йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Сӕ ноггуырд лӕппуты сын ӕппарут Нилы цӕугӕдоны, сӕ чызджыты та сын уадзут удӕгасӕй»+.
2 Уыцы рӕстӕг Левийы байзӕддӕгтӕй иу ракуырдта Левийы чызджы+. 2 Ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Сывӕллон куыд рӕсугъд у, уый куы федта, уӕд ӕй ӕртӕ мӕйы+ фембӕхста+. 3 Фӕлӕ йӕ йӕ бон ӕмбӕхсын куы нал уыди+, уӕд райста папирусӕй конд чыргъӕд, байсӕрста йӕ писийӕ+, сывӕллоны дзы нывӕрдта ӕмӕ чыргъӕд Нилы цӕугӕдоны был хъӕзты+ ’хсӕн сӕвӕрдта. 4 Йӕ хо та лӕууыд ӕмӕ дардӕй каст, цы бауыдзӕни, уымӕ+.
5 Уалынмӕ Нилы цӕугӕдонмӕ йӕхи найынмӕ ӕрбацыд фараоны чызг. Йӕ лӕггадгӕнӕг-чызджытӕ цӕугӕдоны был куы рацу-бацу кодтой, уӕд фараоны чызг хъӕзты ’хсӕн ауыдта чыргъӕд. Ӕмӕ йӕ уайтагъд йӕ цагъар-чызгӕн ӕрбахӕссын кодта+. 6 Чыргъӕд куы байгом кодта, уӕд кӕсы, ӕмӕ дзы сывӕллон, лӕппу. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фараоны чызг фӕтӕригъӕд кодта+, кӕд афтӕ дӕр загъта, дзуттӕгты сывӕллон у, зӕгъгӕ, уӕддӕр. 7 Уӕд сывӕллоны хо фараоны чызгӕн загъта: «Ацӕуон ӕмӕ дын дзуттӕгтӕй дзидзидарӕг сылгоймаг ӕрбакӕнон, цӕмӕй дын ацы сывӕллоны схӕсса?» 8 Фараоны чызг ын загъта: «Ацу, ӕрбакӕн». Чызг ауад ӕмӕ сывӕллонӕн йӕ мады ӕрбакодта+. 9 Ӕмӕ йын фараоны чызг загъта: «Ахӕсс ацы сывӕллоны ӕмӕ мын ӕй схӕсс. Ӕз дын фиддзынӕн»+. Ӕмӕ сылгоймаг дӕр рахаста сывӕллоны ӕмӕ йӕ хъомыл кодта. 10 Сывӕллон куы байрӕзт, уӕд ӕй фараоны чызгмӕ ӕрбакодта, ӕмӕ сси йӕ фырт+. Ӕмӕ йӕ фараоны чызг схуыдта Моисей*, уымӕн ӕмӕ загъта: «Донӕй йӕ систон»+.
11 Моисей сыстыр, йӕ лӕджы кары бацыд. Ӕмӕ иу бон куы уыди, уӕд рацыд йе ’фсымӕртӕм ӕмӕ федта, цы уӕззау куыст кодтой+. Уӕд кӕсы, ӕмӕ йын египетаг лӕг нӕмы йе ’фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы+. 12 Уӕд йӕ алыварс аракӕс-бакӕс кодта, ӕмӕ дзы куы никӕй федта, уӕд египетаджы амардта ӕмӕ йын йӕ мард змисы бамбӕхста+.
13 Моисей та иннӕ бон дӕр рацыд, ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ дыууӕ дзуттаджы кӕрӕдзиимӕ хыл кӕнынц. Ӕмӕ уӕд, аххосджын чи уыд, уымӕн загъта: «Де ’фсымӕры цӕмӕн нӕмыс?»+ 14 Уый та йын загъта: «Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй?+ Египетаджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс?»+ Ӕмӕ уӕд Моисей фӕтарст ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Базыдтой мӕ!»+
15 Уӕдмӕ хабар фехъуыста фараон дӕр, ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Моисейы амарой+. Фӕлӕ Моисей фараонӕй алыгъд+ ӕмӕ ӕрцыд Мадиамы зӕхмӕ+, ам ӕрцӕрон, зӕгъгӕ. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд иу ран цъайы цур ӕрбадт. 16 Мадиамы сауджынӕн+ та уыди авд чызджы. Ӕмӕ иннӕ бонтау ныр дӕр ӕрбацыдысты сӕ фыды фыстӕн дон дарынмӕ. Ӕмӕ цъайӕ дон систой ӕмӕ дондарӕн къанаугӕндтӕ байдзаг кодтой+. 17 Фӕлӕ та уӕдмӕ фыййӕуттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ чызджыты сӕ дзугтимӕ уырдыгӕй атардтой. Уӕд Моисей сыстад, чызджытӕн баххуыс кодта ӕмӕ сын сӕ фыстӕн дон бадардта+. 18 Чызджытӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сӕ сӕ фыд Рагуил+ дисгӕнгӕ афарста: «Абон цӕй тагъд ӕрбацыдыстут?» 19 Уыдон ын загътой: «Фыййӕуттӕ нӕ куы хъыгдардтой, уӕд иу египетаг+ нӕ сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ ма нын нӕ фыстӕн дӕр дон систа». 20 Уӕд сын сӕ фыд загъта: «Ӕмӕ уыцы лӕг ныр кӕм ис? Цӕмӕн ӕй ныууагътат? Ауайут, ӕрбакӕнут ӕй, ӕмӕ къӕбӕр бахӕра»+. 21 Уый фӕстӕ Моисей сразы уыцы лӕгмӕ цӕрыныл, ӕмӕ йын уый йӕ чызг Сепфорӕйы+ радта. 22 Сепфорӕ йын ныййардта лӕппу, ӕмӕ йӕ Моисей схуыдта Гирсон*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕцӕгӕлон зӕххыл»+.
23 Уымӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, ӕмӕ Египеты паддзах амард+. Фӕлӕ Израилы фырттӕ уӕддӕр уыдысты цагъартӕ ӕмӕ удхар кодтой+, ӕмӕ сӕ фыртыхстӕй ӕххуысмӕ дзынӕзтой ӕцӕг Хуыцаумӕ+. 24 Ӕмӕ сын Хуыцау фехъуыста+ сӕ дзыназын+ ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ цы бадзырд скодта, уый+. 25 Хуыцау ӕркаст Израилы фырттӕм ӕмӕ федта, цы уавӕры сты, уый.
3 Моисей сси фыййау, хызта йӕ каис+ Иофоры+ фыстӕ, Мадиамы сауджыны фыстӕ. Иу бон йӕ фысты атардта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ныгуылӕнырдӕм, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ+, ӕцӕг Хуыцауы хохмӕ+. 2 Уым ӕм сындзы къутӕры астӕу арты фӕзынд Йегъовӕйы зӕд+. Моисей кӕсы, ӕмӕ къутӕр судзы, фӕлӕ йын басудзыны амал нӕй. 3 Ӕмӕ уӕд Моисей йӕхицӕн загъта: «Цӕуон ӕмӕ фенон, уый цавӕр диссаг у, ӕмӕ сындзы къутӕрыл арт нӕ тых кӕны»+. 4 Йегъовӕ куы федта, ӕмӕ Моисей сындзы къутӕр фенынмӕ ӕрбацӕуы, уӕд ӕм къутӕрӕй радзырдта: «Моисей! Моисей!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн»+. 5 Уӕд ын Хуыцау загъта: «Хӕстӕг ма ’рбацу. Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг бынат у»+.
6 Уый фӕстӕ йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау»+. Уӕд Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарст ӕцӕг Хуыцаумӕ бакӕсын. 7 Стӕй йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ цӕстдарджытӕ тыхкуыст кӕнын кӕнынц. Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц+. 8 Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты+ къухӕй фервӕзын кӕнон, уыцы зӕххӕй сӕ ракӕнон ӕмӕ сӕ бакӕнон хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм+ – ханаайнӕгты, хетты, аморейты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты зӕхмӕ+. 9 О, ӕз фехъуыстон Израилы фыртты дзыназын ӕмӕ федтон, египетӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый+. 10 Ӕмӕ дӕ ныр ӕрвитын фараонмӕ, ӕмӕ мын ды мӕ адӕмы, Израилы фыртты, Египетӕй ракӕндзынӕ»+.
11 Фӕлӕ Моисей ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Ӕз чи дӕн, цӕмӕй фараонмӕ ацӕуон ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕнон?»+ 12 Хуыцау та йын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ+. Ӕмӕ дын мӕнӕ нысан дӕр, ӕз дӕ кӕй арвыстон, уымӕн+: адӕмы Египетӕй куы ракӕнай, уӕд ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕндзыстут ацы хохыл»+.
13 Фӕлӕ та Моисей ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Зӕгъӕм, ӕз ӕрцыдтӕн Израилы фырттӕм ӕмӕ сын загътон: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“. Ӕмӕ мӕ уыдон куы бафӕрсой, йӕ ном куыд у+, зӕгъгӕ, уӕд сын цы зӕгъдзынӕн?» 14 Уӕд Хуыцау Моисейӕн загъта: «ӔЗ СУЫДЗЫНӔН, ЧИ МӔ БАФӔНДА, УЫЙ»+. Ӕмӕ йын стӕй ноджыдӕр загъта: «Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН мӕ рарвыста сымахмӕ“»+. 15 Ӕмӕ та Хуыцау Моисейӕн ногӕй загъта:
«Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы+ Хуыцау, Исахъы+ Хуыцау ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау Йегъовӕ мӕ рарвыста сымахмӕ“. Уый у мӕ ном ӕнустӕм+, уыцы номӕй мӕ зондзысты* фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 16 Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕр лӕгты ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы Хуыцау Йегъовӕ мӕм фӕзынд+ ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ме ’ргом ӕнӕмӕнг раздахдзынӕн+, ӕз ӕркӕсдзынӕн, Египеты уын цы митӕ кӕнынц, уымӕ. 17 Ӕмӕ уын зӕгъын: ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, египетӕгтӕ уын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдонӕй+, ӕмӕ уӕ бакӕндзынӕн ханаайнӕгты, хетты, аморейты+, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты зӕхмӕ+, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ“+.
18 Уыдон дӕм байхъусдзысты+, ӕмӕ Израилы адӕмы хистӕр лӕгтимӕ бацӕудзынӕ Египеты паддзахмӕ. Ӕмӕ йын зӕгъдзыстут афтӕ: „Йегъовӕ, дзуттӕгты Хуыцау+, ныхас кодта немӕ+. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, ӕртӕ бонмӕ нӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауадз, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕм“+. 19 Фӕлӕ йӕ ӕз зонын, Египеты паддзах уӕ кӕй нӕ ауадздзӕн, цалынмӕ йыл мӕ къухы уӕз не ’руадзон, уӕдмӕ+. 20 Ӕмӕ ӕз мӕ къух сисдзынӕн+ ӕмӕ Египет ӕрцӕвдзынӕн – сараздзынӕн дзы алы диссӕгтӕ. Ӕмӕ уӕ уӕд ауадздзӕн+. 21 Ӕмӕ ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ египетӕгтӕ мӕ адӕммӕ хорз цӕстӕй ракӕсдзысты, ӕмӕ куы цӕуат, уӕд афтидкъухӕй нӕ рацӕудзыстут+. 22 Алы сылгоймаг дӕр йӕ сыхагӕй ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕрӕг ӕцӕгӕлон сылгоймагӕй ракурдзӕн ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс, ӕмӕ сӕ уӕ фырттыл ӕмӕ уӕ чызджытыл скӕндзыстут. Ӕмӕ афтӕмӕй египетӕгты бастигъдзыстут»+.
4 Фӕлӕ та Моисей загъта: «Ӕмӕ мыл куы нӕ баууӕндой ӕмӕ мӕм куы нӕ байхъусой+, афтӕ мын куы зӕгъой, нӕ дӕм фӕзынд Йегъовӕ, зӕгъгӕ, уӕд та?» 2 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Уый дӕ къухы цы ис?» Моисей йын дзуапп радта: «Лӕдзӕг»+. 3 Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Аппар-ма йӕ зӕхмӕ». Гъемӕ йӕ Моисей дӕр зӕхмӕ аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад+, ӕмӕ дзы Моисей лидзынмӕ фӕци. 4 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ныххӕц ын йӕ къӕдзилыл ӕмӕ йӕ сис». Моисей дӕр ӕй систа, ӕмӕ калм йӕ къухы лӕдзӕг фестад. 5 «Афтӕ хъуамӕ бакӕнай,– загъта йын Хуыцау,– цӕмӕй сӕ бауырна, кӕй дӕм фӕзынди Йегъовӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцау+, Авраамы+ Хуыцау, Исахъы+ Хуыцау ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау»+.
6 Уый фӕстӕ та йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ къух-ма дӕ роны* бакӕн». Уый дӕр йӕ къух йӕ роны бакодта. Ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы райста, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ къух хъотырӕй митау урс фестад!+ 7 Стӕй та йын загъта: «Дӕ къух фӕстӕмӕ дӕ роны бакӕн». Уый дӕр та йӕ къух йӕ роны бакодта. Ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ куы райста, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ къух, раздӕр куыд уыди, афтӕ сси!+ 8 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Фыццаг диссаг сын куы равдисай ӕмӕ дыл куы нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куы нӕ байхъусой, уӕд дыккаг диссаджы фӕстӕ уӕддӕр баууӕнддзысты+. 9 Фӕлӕ, мыййаг, дыууӕ диссаджы фӕстӕ дӕр куы нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куы нӕ байхъусой+, уӕд та-иу Нилы цӕугӕдонӕй дон сис ӕмӕ-иу ӕй зӕххыл акал. Ӕмӕ Нилӕй цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕн туг»+.
10 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Нӕ уыдтӕн ахӕм нӕдӕр знон, нӕдӕр уый размӕ, ӕмӕ не сдӕн ахӕм, ды дӕ цагъаримӕ ныхас кӕнын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Нӕ арӕхсын дзурынмӕ»+. 11 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Адӕймагӕн дзых чи радта? Адӕймаджы ӕгомыг кӕнӕ къуырма чи бакӕны, чи йӕ ракӕсын кӕны цӕстӕй кӕнӕ йӕ чи бакуырм кӕны? Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый?+ 12 Уӕдӕ ацу. Ӕмӕ куы дзурай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый»+. 13 Фӕлӕ та йын Моисей загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвит». 14 Уӕд Йегъовӕйӕн Моисеймӕ йӕ маст рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Аарон, Левийы байзӕддаг, де ’фсымӕр нӕу?+ Ӕз ӕй зонын: уый арӕхсы дзурынмӕ. Ӕмӕ дӕ размӕ дӕр рацыд, ныр фӕндагыл ис. Куы дӕ фена, уӕд тынг бацин кӕндзӕн+. 15 Ӕмӕ ды дзурдзынӕ йемӕ ӕмӕ йын мӕ ныхӕстӕ йе ’взагыл ӕвӕрдзынӕ+. Ӕмӕ куы дзурат, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ дӕр ӕмӕ уыимӕ дӕр*+ ӕмӕ уын амондзынӕн, цы бакӕнын уӕ хъӕуы, уый+. 16 Аарон дӕ бӕсты дзурдзӕн адӕмимӕ. Уый уыдзӕн дӕ дзых+, ды та йын уыдзынӕ Хуыцауы бынаты+. 17 Мӕнӕ ацы лӕдзӕг дӕр дӕ къухы ахӕсс, цӕмӕй дзы диссӕгтӕ саразай»+.
18 Уӕд Моисей ӕрбаздӕхт йӕ каис Иоформӕ ӕмӕ йын загъта+: «Курӕг дӕ дӕн, ауадз мӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕм Египетмӕ аздӕхон, фенон сӕ, ӕгас ма сты ӕви нӕ»+. Ӕмӕ йын Иофор загъта: «Фарнимӕ ацу»+. 19 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Мадиамы зӕххыл Моисейӕн загъта: «Аздӕх Египетмӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ марынмӕ чи хъавыд*, уыдонӕй иу дӕр нал ис»+.
20 Уӕд Моисей ракодта йӕ усы ӕмӕ йӕ фыртты, хӕрӕгыл сӕ сбадын кодта ӕмӕ араст Египетмӕ. Йӕ къухы айста ӕцӕг Хуыцауы лӕдзӕг дӕр+. 21 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Египетмӕ куы ’рцӕуай, уӕд-иу фараоны раз ӕнӕмӕнг сараз, ӕз дын тых цы диссӕгтӕ саразынӕн радтон, уыдон+. Ӕз та йӕ йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн+ ӕмӕ мын мӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн+. 22 Ӕмӕ уӕд ды фараонӕн зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: Израил у мӕ фырт, мӕ фыццаг хъӕбул+. 23 Ӕмӕ дын зӕгъын: ауадз мын мӕ фырты, цӕмӕй мын лӕггад кӕна. Куы нӕ йӕ ауадзай, уӕд дын дӕ фырты, дӕ фыццаг хъӕбулы, амардзынӕн“»+.
24 Фӕндагыл та йыл, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдысты, уым+ сӕмбӕлд+ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ хъавыд амарынмӕ+. 25 Уӕд Сепфорӕ+ цыргъ дур* фелвӕста, йӕ фырты ӕфсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон дзы ралыг кодта+ ӕмӕ йын ӕй йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ загъта: «Ды дӕ мӕ мойаг ацы туджы фӕрцы». 26 Ӕмӕ йӕ уӕд ауагъта. Ӕмӕ Сепфорӕ загъта: «Мӕ мойаг туджы фӕрцы», йӕ фыртӕн сунӕт кӕй скодта, уый тыххӕй.
27 Уӕд Йегъовӕ Ааронӕн загъта: «Ацу ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ»+. Ӕмӕ уый дӕр ацыд йӕ размӕ, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хохыл+ йемӕ куы фембӕлд, уӕд ын апъа кодта. 28 Ӕмӕ Моисей Ааронӕн радзырдта, чи йӕ рарвыста+, уыцы Хуыцау Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый, стӕй йын цы диссӕгтӕ саразын бафӕдзӕхста, уыдоны тыххӕй дӕр+. 29 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон ацыдысты ӕмӕ Израилы адӕмы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой+. 30 Ӕмӕ сын Аарон радзырдта, Йегъовӕ Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уый+. Ӕмӕ Моисей адӕмы раз диссӕгтӕ сарӕзта+. 31 Ӕмӕ йыл уӕд адӕм баууӕндыдысты+. Израилы фырттӕ куы фехъуыстой, ӕмӕ сӕм Йегъовӕ ӕркаст+ ӕмӕ, куыд хъизӕмар кӕнынц, уый федта+, уӕд сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+.
5 Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой+: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры мӕ номыл бӕрӕгбон скӕной“»+. 2 Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у Йегъовӕ?+ Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон ӕмӕ Израилы цӕмӕн хъуамӕ ауадзон?+ Ӕз нӕ зонын Йегъовӕйы+ ӕмӕ Израилы дӕр нӕ ауадздзынӕн»+. 3 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау ныхас кодта немӕ+. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, ӕртӕ бонмӕ нӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ ауадз, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕм+. Кӕннод ныл фыдниз бафтаудзӕн кӕнӕ нӕ хъамайӕ фӕцӕгъддзӕн»+. 4 Египеты паддзах та сын загъта: «Моисей ӕмӕ Аарон, адӕмы цӕмӕн хъыгдарут, кусын сӕ цӕуылнӕ уадзут?+ Ацӕут ӕмӕ кусут!»+ 5 Фараон ма ноджыдӕр загъта: «Акӕсут-ма, уӕ адӕм ацы зӕххыл цас сты+, сымах та афтӕ фӕнды, цӕмӕй мауал кусой»+.
6 Ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон фараон адӕмы цӕстдарджытӕн ӕмӕ се ’ххуысгӕнджытӕн+ загъта: 7 «Амӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн самандуртӕ аразынӕн хъӕмп мауал ӕмбырд кӕнут ӕмӕ сын ӕй мауал дӕттут+. Цӕуӕнт ӕмӕ хъӕмп сӕхӕдӕг ӕмбырд кӕнӕнт. 8 Самандуртӕ та хъуамӕ аразой, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц. Сӕ куыст сын ма фӕкъаддӕр кӕнут, уымӕн ӕмӕ магусатӕ сты+. Уый тыххӕй хъӕр кӕнынц афтӕ: „Ауадз нӕ, ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссӕм!“+ 9 Сӕ куыст сын фӕфылдӕр кӕнут, цӕмӕй гӕдыныхӕстӕм ма хъусой, фӕлӕ кусгӕ кӕной»+.
10 Гъемӕ цӕстдарджытӕ+ ӕмӕ се ’ххуысгӕнджытӕ адӕмӕн загътой: «Афтӕ зӕгъы фараон: „Хъӕмп уын нал дӕтдзынӕн. 11 Цӕут ӕмӕ уӕхӕдӕг ӕмбырд кӕнут хъӕмп – кӕмфӕнды дӕр ӕй агурут. Аразын та уӕ хъӕудзӕн, раздӕр цас арӕзтат, уыйбӕрц“»+. 12 Ӕмӕ адӕм ныппырх сты ӕгас Египеты зӕххыл ӕмӕ карст хуымты хъӕмп ӕмбырд кодтой. 13 Ӕмӕ сӕ сӕ цӕстдарджытӕ сулӕфын нӕ уагътой+, дзырдтой сын: «Кусгӕ кӕнут! Уе ’ппӕт дӕр, кусгӕ! Алы бон дӕр хъуамӕ аразат, хъӕмп уын куы уыди, уӕд цас арӕзтат, уыйбӕрц»+. 14 Цасдӕры фӕстӕ фараоны ӕвӕрд цӕстдарджытӕ фӕнадтой+, Израилы фырттӕй сӕхицӕн ӕххуысгӕнджытӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоны+. Загътой сын: «Знон ӕмӕ абон, цас хъӕуы, уыйбӕрц самандуртӕ цӕуылнӕ сарӕзтат+, раздӕр куыд кодтат, афтӕ?»+
15 Уӕд, Израилы фырттӕн сӕхицӕй хицӕуттӕй ӕвӕрд чи уыди, уыдон+ фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын хъаст кодтой: «Дӕ цагъартӕн афтӕ цӕмӕн кӕныс? 16 Хъӕмп нын нӕ дӕттынц, афтӕмӕй нӕ домынц, цӕмӕй самандуртӕ аразӕм. Дӕ адӕм сӕхӕдӕг сты аххосджын, нӕмгӕ та мах кӕнынц»+. 17 Фӕлӕ сын фараон загъта: «Магусатӕ стут, магусатӕ!+ Ӕмӕ уымӕн дзурут: „Ауадз нӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕм“+. 18 Цӕугӕ ут ӕмӕ кусут! Хъӕмп уын нӕ дӕтдзысты, самандуртӕ та араздзыстут, раздӕр уӕ цас хъуыди аразын, уыйбӕрц»+.
19 Израилы фырттӕн сӕхицӕй хицӕуттӕй ӕвӕрд чи уыди, уыдон куы фехъуыстой+, раздӕр цас арӕзтой самандуртӕ, ныр дӕр сӕ алы бон дӕр уыйбӕрц кӕй хъӕуы аразын, уӕд+ ӕй бамбӕрстой, сӕ уавӕр хорз кӕй нӕу. 20 Фараонӕй куы рацыдысты, уӕд сӕмбӕлдысты Моисей ӕмӕ Аароныл+ – уыдон сӕм уым ӕнхъӕлмӕ кастысты. 21 Ӕмӕ сын загътой: «Йегъовӕ уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд+. Сымах тыххӕй нӕм фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой+. Сымах сын уӕхӕдӕг радтат сӕ къухмӕ кард, цӕмӕй нӕ фӕцӕгъдой»+. 22 Уӕд Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+ ӕмӕ йын загъта: «О Йегъовӕ, ацы адӕмы фыдбылызы цӕмӕн баппӕрстай?+ Цӕмӕн мӕ рарвыстай ардӕм?+ 23 Фараонмӕ куы бацыдтӕн ӕмӕ йемӕ дӕ номӕй куы дзырдтон+, уӕдӕй фӕстӕмӕ дын дӕ адӕмы ноджы тынгдӕр ӕфхӕры+, ӕмӕ сӕ ды та уӕддӕр нӕ фервӕзын кодтай»+.
6 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ныр ды фендзынӕ, ӕз фараонӕн цы сараздзынӕн, уый+: мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ уӕд ауадздзӕн, мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ»+.
2 Хуыцау дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ+. 3 Аврааммӕ+, Исахъмӕ+ ӕмӕ-иу Иаковмӕ+ фӕзындтӕн куыд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+, фӕлӕ сын, мӕ ном Йегъовӕ+ цы нысан кӕны, уый нӕ раргом кодтон*+. 4 Ӕз семӕ сарӕзтон бадзырд, Ханааны зӕхх сын кӕй ратдзынӕн, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы зӕхх+. 5 Ӕз фехъуыстон Израилы фыртты дзыназын+, уымӕн ӕмӕ сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой, ӕмӕ мӕ рох нӕу мӕ бадзырд+.
6 Уӕдӕ афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракӕндзынӕн Египетӕй ӕмӕ тыхкуыст нал кӕндзыстут, ссӕрибар уӕ кӕндзынӕн йӕ цагъарадӕй+, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ уӕ мӕ тыхджын цонгӕй фервӕзын кӕндзынӕн+. 7 Сымах суыдзыстут мӕ адӕм+ ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау+. Ӕмӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ, Египеты цагъарадӕй уӕ чи сӕрибар кӕны, уый+. 8 Ӕмӕ уӕ бакӕндзынӕн, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ кӕй тыххӕй расомы кодтон+, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзынӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ“»+.
9 Моисей уыцы ныхӕстӕ радзырдта Израилы фырттӕн, фӕлӕ сӕ ныфс кӕй асаст ӕмӕ тыхкуыстӕй сӕ бон кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ байхъуыстой+.
10 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 11 «Ацу ӕмӕ фараонӕн, Египеты паддзахӕн+, зӕгъ, цӕмӕй Израилы фыртты йӕ бӕстӕйӕ ауадза»+. 12 Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Израилы фырттӕ мӕм куы нӕ байхъуыстой, уӕд+ мӕм фараон куыд байхъусдзӕн?+ Мӕ бон дзӕбӕх дзурын дӕр куы нӕу*»+. 13 Фӕлӕ Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмӕ сын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕ зӕгъой Израилы фырттӕн ӕмӕ фараонӕн, Египеты паддзахӕн, ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕной+.
14 Мӕнӕ адон сты сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Израилы хистӕр фырт Рувимы+ фырттӕ уыдысты Ханох, Фаллу, Есром ӕмӕ Харми+. Адон сты Рувимы байзӕддӕгтӕ+.
15 Симеоны фырттӕ уыдысты Йемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул – уый йын уыд ханаайнаг сылгоймагӕй+. Адон сты Симеоны байзӕддӕгтӕ+.
16 Адон сты Левийы+ фырттӕ: Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари+, адонӕй рацыдысты сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ+. Леви фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы.
17 Гирсоны фырттӕ уыдысты Ливни ӕмӕ Шимей+, адонӕй рацыдысты сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ+.
18 Каафы фырттӕ уыдысты Амрам, Ицгар, Хеврон ӕмӕ Узиил+. Кааф фӕцард сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы.
19 Мерарийы фырттӕ уыдысты Махли ӕмӕ Муши+.
Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
20 Амрам ракуырдта Иохаведӕйы, йӕ фыды хойы+. Ӕмӕ йын Иохаведӕ ныййардта Аароны ӕмӕ Моисейы+. Амрам фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы.
21 Ицгары фырттӕ уыдысты Корей+, Нефег ӕмӕ Зихри.
22 Узиилы фырттӕ уыдысты Мисаил, Елцафан ӕмӕ Сифри+.
23 Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елизаветӕйы, Наассоны+ хойы. Ӕмӕ йын Елизаветӕ ныййардта Надавы, Авиуды, Елеазары ӕмӕ Ифамары+.
24 Корейы фырттӕ уыдысты Асир, Елхъан ӕмӕ Авиасаф+. Адон сты Корейы байзӕддӕгтӕ+.
25 Аароны фырт+ Елеазар ракуырдта Футиилы чызджытӕй иуы. Ӕмӕ йын уый ныййардта Финеесы+.
Адон сты, Левийӕ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+.
26 Уыцы Аарон ӕмӕ Моисейӕн загъта Йегъовӕ+: «Ракӕнут Израилы фыртты Египетӕй – ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд ракӕнынц, афтӕ»+. 27 Уыдон ныхас кодтой фараонимӕ, Египеты паддзахимӕ, цӕмӕй Израилы фыртты Египетӕй ракӕной+. Уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон.
28 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисеимӕ Египеты зӕххыл куы ныхас кодта+, 29 уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ+. Цы дын дзурын, уыдон иууылдӕр зӕгъ фараонӕн, Египеты паддзахӕн». 30 Ӕмӕ уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Мӕ бон дзӕбӕх дзурын дӕр куы нӕу, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн?»+
7 Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕ фараонӕн сӕвӕрдтон Хуыцауы бынаты+, де ’фсымӕр Аарон та уыдзӕн дӕ пехуымпар+. 2 Ды дзурдзынӕ, цы дын бафӕдзӕхсон, уыдон иууылдӕр+. Ӕмӕ де ’фсымӕр Аарон та уыцы ныхӕстӕ дзурдзӕн фараонӕн+, ӕмӕ фараон Израилы фыртты ауадздзӕн йӕ бӕстӕйӕ+. 3 Ӕз та фараоны йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн+, ӕмӕ ӕз Египеты зӕххыл равдисдзынӕн бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ+. 4 Фӕлӕ уӕм фараон уӕддӕр нӕ байхъусдзӕн+, ӕмӕ уӕд ӕз мӕ къух Египетыл ӕруадздзынӕн, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ+, ӕмӕ Египетӕй ме ’фсӕдтӕ+ – мӕ адӕмы+, Израилы фыртты+ – ракӕндзынӕн. 5 Ӕмӕ Египетмӕ мӕ къух куы сисон, уӕд ӕй египетӕгтӕ базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн+, ӕмӕ Израилы фыртты уырдыгӕй ракӕндзынӕн»+. 6 Гъемӕ Моисей ӕмӕ Аарон бакодтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Раст афтӕ бакодтой+. 7 Моисей ӕмӕ Аарон фараонимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Моисейыл цыди ӕстай азы, Аароныл та – ӕстай ӕртӕ азы+.
8 Ӕмӕ та Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 9 «Фараон уын куы зӕгъа, исты диссаг-ма саразут+, зӕгъгӕ, уӕд-иу Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг+ ӕмӕ йӕ фараоны раз ӕрӕппар“. Ӕмӕ лӕдзӕг стыр калм фестдзӕни»+. 10 Гъемӕ Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ сын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг ӕрӕппӕрста фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты раз, ӕмӕ лӕдзӕг стыр калм фестади. 11 Фӕлӕ уӕд фараон дӕр фӕдзырдта зондджын лӕгтӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм+. Ӕмӕ Египеты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой+. 12 Алчидӕр сӕ йӕ лӕдзӕг зӕхмӕ аппӕрста, ӕмӕ стыр кӕлмытӕ фестадысты, фӕлӕ сын сӕ лӕдзджытӕ Аароны лӕдзӕг аныхъуырдта. 13 Фӕлӕ уӕддӕр фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ сӕм нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
14 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Фараонмӕ* ницы хъары+. Нӕ йӕ фӕнды мӕ адӕмы ауадзын+. 15 Уӕдӕ райсом раджы ацу фараонмӕ. Уый рацӕудзӕн Нилы цӕугӕдонмӕ+, ӕмӕ-иу ӕм ды уым доны был лӕуу+. Демӕ ахӕсс, калм чи фестад, уыцы лӕдзӕг дӕр+. 16 Ӕмӕ йын зӕгъ: „Дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ мӕ рарвыста дӕумӕ+ афтӕ зӕгъынмӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын ӕдзӕрӕг быдыры лӕггад кӕной“+, фӕлӕ ды уӕддӕр нӕ хъусыс. 17 Ӕмӕ ныр афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Мӕнӕ йӕ цӕмӕй базондзынӕ, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн, уый+. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн Нилы цӕугӕдон+, ӕмӕ дон туг фестдзӕни+. 18 Ӕмӕ Нилы цӕугӕдоны кӕсӕгтӕ амӕлдзысты+, цӕугӕдон стӕф кӕндзӕн+ ӕмӕ дзы египетӕгтӕн сӕ бон нуазын нӕ уыдзӕн“»+.
19 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг ӕмӕ дӕ къух адар+ Египеты дӕттӕм: сӕ цӕугӕдӕттӕм, Нилы къанӕуттӕм, цадтӕм+ ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр донӕмбырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ, цӕмӕй туг фестой“. Туг уыдзӕн ӕгас Египеты зӕххыл дӕр, хъӕдын мигӕнӕнты ӕмӕ дурын мигӕнӕнты дӕр». 20 Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аарон уайтагъд бакодтой+, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Аарон йӕ лӕдзӕгыл схӕцыди ӕмӕ дзы фараон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты+ раз Нилы цӕугӕдон ӕрцавта, ӕмӕ цӕугӕдон иууылдӕр туг фестад+. 21 Ӕмӕ Нилы цӕугӕдоны кӕсӕгтӕ амардысты+ ӕмӕ дон стӕф кодта, ӕмӕ дзы египетӕгтӕн сӕ бон нуазын нал уыди+. Туг уыди ӕгас Египеты зӕххыл дӕр.
22 Фӕлӕ та Египеты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой+. Ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+, ӕмӕ Моисеймӕ ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 23 Гъемӕ фараон разылд ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт, ӕмӕ уыдӕттӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айста, хъуыды дӕр сыл нӕ акодта+. 24 Египетӕгтӕ та иууылдӕр Нилы былты къахын райдыдтой, агуырдтой нуазыны дон, уымӕн ӕмӕ цӕугӕдонӕй сӕ бон нуазын нӕ уыди+. 25 Йегъовӕ Нилы цӕугӕдон куы ’рцавта, уымӕй рацыд авд боны.
8 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+. 2 Куы нӕ сӕ ауадзай, уӕд та дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр хӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн+. 3 Нилы цӕугӕдон хӕфсытӕй байдзаг уыдзӕн. Хӕфсытӕ уырдыгӕй рацӕудзысты ӕмӕ бабырдзысты дӕ хӕдзармӕ, дӕ уатмӕ ӕмӕ дӕ хуыссӕнмӕ дӕр. Бабырдзысты дӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ дӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм дӕр, дӕ пецтӕм ӕмӕ дӕ арынгтӕм+. 4 Хӕфсытӕ бырдзысты дӕхиуыл дӕр, дӕ адӕмыл дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытыл се ’ппӕтыл дӕр“»+.
5 Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Адар дӕ лӕдзӕг+ цӕугӕдӕттӕм, Нилы къанӕуттӕм ӕмӕ цадтӕм, цӕмӕй хӕфсытӕ рацӕуой Египеты зӕхмӕ“». 6 Ӕмӕ Аарон дӕр йӕ къух Египеты дӕттӕм адардта, ӕмӕ хӕфсытӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ Египеты зӕхх нал зынди. 7 Фӕлӕ та кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой, ӕмӕ хӕфсытӕ рацыдысты Египеты зӕхмӕ+. 8 Иуцасдӕры фӕстӕ фараон фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Скувут Йегъовӕмӕ+, цӕмӕй мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр хӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Йӕ адӕмы йын уадзын. Ацӕуӕнт ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕнт»+. 9 Уӕд Моисей фараонӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕхӕдӕг мын зӕгъ, кӕд скувон Хуыцаумӕ дӕу тыххӕй, дӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, цӕмӕй хӕфсытӕй фервӕзай ӕмӕ цӕмӕй дӕ хӕдзӕртты дӕр мауал уой. Ӕрмӕстдӕр ма Нилы цӕугӕдоны баззайдзысты». 10 Фараон ын загъта: «Райсом». Ӕмӕ йын Моисей дӕр дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уыдзӕни, цӕмӕй йӕ базонай, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн кӕй нӕй+. 11 Дӕ хӕдзӕртты хӕфсытӕ нал уыдзӕн, фервӕздзынӕ сӕ дӕхӕдӕг дӕр, дӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕстдӕр ма Нилы цӕугӕдоны баззайдзысты»+.
12 Моисей ӕмӕ Аарон фараонӕй рацыдысты, ӕмӕ Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+, цӕмӕй, фараоныл кӕй бафтыдта, уыцы хӕфсытӕ фесӕфой. 13 Йегъовӕ сарӕзта, Моисей дзы цы куырдта, уый+, ӕмӕ хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты хӕфсытӕ амардысты. 14 Ӕмӕ сӕ адӕм алы рӕтты ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр тӕфӕй ацӕуӕн нал уыди+. 15 Фараон куы федта, ӕмӕ сын фенцондӕр, уӕд та йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
16 Ӕмӕ та уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ лӕдзӕг+ размӕ адар ӕмӕ дзы зӕхх ӕрцӕв, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр рыг фестдзӕн къогъотӕ“». 17 Ӕмӕ афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг размӕ адардта ӕмӕ дзы зӕхх ӕрцавта, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр рыг фестад къогъотӕ, ӕмӕ адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр хъизӕмарӕй мардтой+. 18 Уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афӕлвӕрдтой афтӕ саразын+, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци+. Ӕмӕ къогъотӕ хъизӕмарӕй мардтой адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. 19 Ӕмӕ уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцауы+ хъаруйӕ+ сарӕзтой*!» Фӕлӕ фараон уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
20 Уӕд та Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Райсом раджы сыст ӕмӕ ацу фараоны размӕ+. Уый рацӕудзӕн цӕугӕдонмӕ. Ӕмӕ-иу ын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+. 21 Мӕ адӕмы мын куы нӕ ауадзай, уӕд та дын дӕхи дӕр, дӕ лӕггадгӕнджыты дӕр, дӕ адӕмы дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзӕрттӕ дӕр дзынгаты* бын фӕкӕндзынӕн+. Дзынгатӕй нал зындзысты Египеты хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ сӕ зӕхх дӕр. 22 Уыцы бон ӕз афтӕ нӕ бакӕндзынӕн Гесемы зӕххӕн, мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕн – уым иу дзынга дӕр нӕ уыдзӕн+, цӕмӕй йӕ базонай, ӕз, Йегъовӕ, ацы зӕххыл кӕй дӕн+. 23 Ӕз мӕ адӕмы дӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕндзынӕн+. Райсом фендзынӕ уыцы диссаг“».
24 Йегъовӕ бакодта, куыд загъта, афтӕ. Фараоны хӕдзар дӕр, йӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ ӕгас Египет дӕр дзынгатӕй байдзаг сты+. Дзынгаты тыххӕй ӕнӕхъӕн бӕстӕ дӕр сӕфтмӕ ӕрцыди+. 25 Ӕмӕ уӕд фараон фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн ацы зӕххыл искуы ӕрхӕссут нывонд»+. 26 Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн цы хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уый египетӕгты цӕсты ӕлгъаг у+. Ӕмӕ сӕ цӕсты ӕлгъаг цы у, уый сӕ разы нывондӕн куы ’рхӕссӕм, уӕд нӕ дуртӕй нӕ амардзысты? 27 Ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕртӕ бонмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ уым ӕрхӕсдзыстӕм нывонд нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, куыддӕриддӕр нын загъта, афтӕ»+.
28 Ӕмӕ уӕд фараон загъта: «Уадзын уӕ, ацӕут+ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссут+. Ӕрмӕст тынг дард ма ацӕут. Ӕмӕ-иу мӕн тыххӕй дӕр скувут»+. 29 Уӕд ын Моисей загъта: «Ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд скувдзынӕн Йегъовӕмӕ, ӕмӕ райсом фараон, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ адӕм дзынгатӕй фервӕздзысты. Ӕрмӕст та фараон ма асайӕд, афтӕ та ма бакӕнӕд, ӕмӕ адӕмы ма ауадза Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ»+. 30 Уый фӕстӕ Моисей фараонӕй рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта+. 31 Ӕмӕ Йегъовӕ сарӕзта, Моисей дзы цы куырдта+, уый. Ӕмӕ фараон, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ адӕм дзынгатӕй фервӕзтысты+. Иу дӕр дзы нал баззад. 32 Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ адӕмы нӕ ауагъта+.
9 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ+: „Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной. 2 Ацы хатт дӕр та сӕ куы нӕ ауадзай, куы сӕ уромай+, 3 уӕд Йегъовӕ йӕ къух+ сисдзӕн дӕ фосмӕ+. Дӕ бӕхтыл, дӕ хӕрджытыл, дӕ теуатыл, де стуртыл ӕмӕ дын дӕ фыстыл фыдниз бафтаудзӕн+. 4 Фӕлӕ Йегъовӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Израилы фос Египеты фосӕй, ӕмӕ Израилы фыртты фосӕй иу дӕр нӕ амӕлдзӕн“»+. 5 Стӕй ма Йегъовӕ снысан кодта рӕстӕг дӕр, афтӕ загъта: «Уыцы хъуыддаг Йегъовӕ ацы зӕххыл бакӕндзӕн райсом»+.
6 Иннӕ бон Йегъовӕ бакодта, куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ египетӕгты фос иууылдӕр мӕлын райдыдтой+. Израилы фыртты фосӕй та иу дӕр нӕ амард. 7 Фараон йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста, ӕмӕ федтой, Израилы фосӕй иу дӕр кӕй нӕ амард. Фӕлӕ та фараонмӕ* уӕддӕр ницы бахъардта+ ӕмӕ адӕмы нӕ ауагъта.
8 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Дурсудзӕн пецӕй дыууӕ армы дзаг фӕнык райсут+, ӕмӕ йӕ Моисей фараоны раз хӕрдмӕ скалӕд. 9 Ӕмӕ фӕнык ӕгас Египеты сӕрмӕ фестдзӕн рыг, ӕмӕ ӕгас Египеты адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр фӕзындзӕн сынчъытӕ»+.
10 Гъемӕ уыдон дӕр дурсудзӕн пецӕй фӕнык райстой ӕмӕ фараоны раз ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ Моисей уыцы фӕнык хӕрдмӕ скалдта, ӕмӕ адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр фӕзынд сынчъытӕ+. 11 Ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд Моисейы раз лӕууын, уымӕн ӕмӕ сынчъытӕ фӕзынд уыдоныл дӕр ӕмӕ египетӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр+. 12 Фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ сӕм нӕ байхъуыста – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ+.
13 Ӕмӕ та уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Райсомӕй раджы сыст, бацу фараонмӕ+ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+. 14 Ацы хатт дӕр сӕ куы нӕ ауадзай, уӕд дыл бӕллӕхтӕ иууылдӕр ныккалдзынӕн – дӕуыл, дӕ лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ дӕ адӕмыл, цӕмӕй базонай, ӕгас зӕххыл мӕн хуызӕн кӕй нӕй+. 15 Мӕнӕн мӕ бон раджы уыди дӕумӕ мӕ къух сисын ӕмӕ дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр фыдниз бафтауын, ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесӕфтаис+. 16 Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй+, цӕмӕй дын равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр+. 17 Ныр дӕр ма мын мӕ адӕммӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсыс, ныр дӕр ма сӕ нӕ уадзыс?+ 18 Уӕдӕ тӕккӕ райсом ацафон ӕз ахӕм их рауадздзынӕн, ӕмӕ Египет куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ дзы ахӕм никуы уыд+. 19 Дӕ адӕмы арвит, цӕмӕй дын дӕ фос ӕмӕ дын быдыры цыдӕриддӕр ис, уыдон мидӕмӕ бакӕной. Адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр быдыры чи баззайа, хӕдзары чи нӕ уа, уыдоны та их ныххойдзӕн+ ӕмӕ амӕлдзысты“».
20 Фараоны лӕггадгӕнджытӕй Йегъовӕйы ныхас тас кӕй зӕрдӕты бауагъта, уыдон сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос тагъд-тагъд мидӕмӕ бакӕнын кодтой+. 21 Йегъовӕйы ныхас йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, чи йӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос быдыры ныууагътой+.
22 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух+ арвмӕ сдар, цӕмӕй рацӕуа их+ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр: адӕмыл, фосыл ӕмӕ, Египеты цыдӕриддӕр зайы, уыдоныл». 23 Моисей дӕр йӕ лӕдзӕг арвмӕ сдардта, ӕмӕ Йегъовӕ арв ныннӕрын кодта ӕмӕ их рауагъта+. Арвы цӕхӕртӕ зӕххыл ӕмбӕлдысты, ӕмӕ Йегъовӕ Египеты зӕххыл их ныууарын кодта. 24 Их уарыд ӕмӕ арв цӕхӕртӕ калдта. Ахӕм их рацыд, ӕмӕ, Египет куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы ахӕм никуы уыд+. 25 Египеты зӕххыл ницыуал баззад. Их ныххоста, быдыры цыдӕриддӕр уыди, уый: адӕмы дӕр, фос дӕр, быдырты цыдӕриддӕр зад, уыдон дӕр, ӕмӕ ныссаста бӕлӕстӕ дӕр+. 26 Их нӕ уыди ӕрмӕстдӕр Гесемы, Израилы фырттӕ кӕм цардысты, уым+.
27 Фӕстагмӕ фараон арвыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ йӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сын загъта: «Ацы хатт тӕригъӕд ракодтон+. Йегъовӕ раст у+, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та стӕм аххосджын. 28 Скувут Йегъовӕмӕ, цӕмӕй арв мауал нӕра ӕмӕ их банцайа+. Уӕд уӕ ауадздзынӕн, нал уӕ уромдзынӕн». 29 Гъемӕ йын Моисей загъта: «Куыддӕр горӕтӕй ахизон, афтӕ мӕ къухтӕ Йегъовӕмӕ сдардзынӕн ӕмӕ йӕм скувдзынӕн+. Ӕмӕ арв йӕ нӕрынӕй банцайдзӕн ӕмӕ их нал уардзӕн, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, зӕхх Йегъовӕйы кӕй у+. 30 Фӕлӕ йӕ ӕз зонын, ды уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕ Йегъовӕ Хуыцауӕй – нӕдӕр дӕхӕдӕг, нӕдӕр дӕ лӕггадгӕнджытӕ»+.
31 Гӕн ӕмӕ хъӕбӕрхоры хуымтӕ фесӕфтысты, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг хъӕбӕрхор ӕфсир ӕфтыдта, гӕн та дидинӕг калдта+. 32 Мӕнӕуы+ хуымтӕ* та аирвӕзтысты, уымӕн ӕмӕ мӕнӕу фӕстӕдӕр сцӕттӕ вӕййы. 33 Моисей та рацыди фараонӕй, ӕмӕ горӕтӕй куы ахызт, уӕд йӕ къухтӕ Йегъовӕмӕ сдардта ӕмӕ йӕм скуывта, ӕмӕ арв нал нӕрыд, их дӕр банцад, ӕмӕ къӕвда дӕр нал уарыд+. 34 Фараон уый куы федта, ӕмӕ къӕвда ӕмӕ их банцадысты, арв дӕр нал нӕры, уӕд та ногӕй тӕригъӕд ракодта: йӕ зӕрдӕ та ныддур кодта+ – йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр. 35 Ницы та бахъардта фараонмӕ ӕмӕ нӕ ауагъта Израилы фыртты – Йегъовӕ Моисейы уылты куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ+.
10 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз йӕхи бар ауагътон ӕмӕ йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм дӕр ницы бахъардта+, цӕмӕй ацы диссӕгтӕ саразон йӕ цӕстыты раз+ 2 ӕмӕ цӕмӕй ды дӕ фыртӕн ӕмӕ дӕ фырты фыртӕн радзурай, Египет куыд карзӕй бафхӕрдтон ӕмӕ се ’хсӕн цы диссӕгтӕ сарӕзтон, уый тыххӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+.
3 Ӕмӕ та Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Бирӕ ма кӕндзынӕ дӕхи фӕнд?+ Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной. 4 Куы нӕ та сӕ ауадзай, уӕд дын райсом дӕ бӕстӕйыл мӕтыхтӕ рауадздзынӕн+. 5 Ӕмӕ зӕххы цъар бамбӕрздзысты, ӕмӕ зӕхх нал зындзӕн. Ихы фӕстӕ ма уын цы баззад, цы ма уын аирвӕзт, уый та уыдон бахӕрдзысты, бахӕрдзысты уын уӕ бӕлӕсты сыфтӕ иууылдӕр+. 6 Дӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ дӕр мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты. Афтӕ бирӕ уыдзысты, ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ уыдоны фыдӕлтӕ дӕр, зӕххыл куы фӕзындысты, уӕдӕй абоны онг уыйбӕрц мӕтыхтӕ никуы федтой“»+. Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ разылд ӕмӕ фараонӕй рацыд+.
7 Уый фӕстӕ фараонӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Ацы адӕймаг ма нын фыдбылызтӕ бирӕ ’взарын кӕндзӕн*?+ Ауадз сӕ, ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной. Египет кӕй бабын, уый нӕ уыныс?»+ 8 Ӕмӕ та уӕд Моисей ӕмӕ Аароны фӕстӕмӕ фараонмӕ ӕрбакодтой, ӕмӕ сын уый загъта: «Ацӕут, лӕггад кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+. Зӕгъут-ма мын, чи ацӕудзӕн?» 9 Моисей та йын загъта: «Немӕ ацӕудзысты ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ зӕрӕдтӕ дӕр, нӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ нӕ чызджытӕ+ дӕр, немӕ акӕндзыстӕм нӕ фысты ӕмӕ не стурты дӕр+, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕйы номыл бӕрӕгбон уыдзӕн»+. 10 Уӕд ын фараон загъта: «Кӕд уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты дӕр искуы ауадзон, уӕд Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ис уемӕ!+ Сымахӕн уӕ зӕрдӕйы хорз фӕнд нӕй+. 11 Нӕ уыдзӕн, сымах куыд дзурут, афтӕ! Ӕрмӕстдӕр уӕ нӕлгоймӕгтӕ ацӕуӕнт ӕмӕ лӕггад кӕнӕнт Йегъовӕйӕн. Уый уӕ нӕ фӕндыди?» Ӕмӕ сӕ уыйадыл фараоны разӕй ратардтой+.
12 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адар+ дӕ къух Египеты ’рдӕм, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл рацӕудзӕн мӕтыхтӕ ӕмӕ уыцы зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, ихы фӕстӕ ма дзы цы баззад, уый бахӕрдзысты»+. 13 Ӕмӕ Моисей дӕр йӕ къух адардта Египеты ’рдӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы зӕххыл скӕсӕнӕй рауагъта дымгӕ*+. Дымгӕ дымдта ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. Куы ’рбабон, уӕд дымгӕ йемӕ ӕрбахаста мӕтыхтӕ. 14 Ӕмӕ мӕтыхтӕ апырх сты ӕгас Египетыл ӕмӕ сӕ зӕхх нал зынди+. Египетӕгтӕ сӕ сӕрӕн ницыуал зыдтой+. Уӕды онг дӕр сӕм никуы уыди уыйбӕрц мӕтыхтӕ ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ дӕр никуыуал уыдзӕн. 15 Мӕтыхтӕ бамбӕрзтой ӕгас зӕхх+ дӕр, ӕмӕ зӕхх сау адардта+. Ӕмӕ ма ихы фӕстӕ быдырты цы баззад ӕмӕ ма бӕлӕсты дыргътӕй дӕр цы аирвӕзт, уыдон дӕр иууылдӕр бахордтой+. Ӕгас Египеты дӕр бӕлӕстыл ӕмӕ, быдырты цы зад, уыдоныл цъӕх сыфтӕр нал баззад+.
16 Гъемӕ фараон уайтагъд фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд ракодтон уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз дӕр ӕмӕ сымах раз дӕр+. 17 Дӕ хорзӕхӕй, ацы хатт ма мын ныххатыр кӕн+ мӕ тӕригъӕд, ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скувут+, цӕмӕй мӕ ацы стыр бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна». 18 Гъемӕ Моисей фараонӕй рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта+. 19 Ӕмӕ Йегъовӕ дымгӕ иннӕрдӕм сарӕзта, ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ ахаста мӕтыхты ӕмӕ сӕ Сырх денджызы ныккалдта. Иу мӕтых дӕр нал баззад Египеты зӕххыл. 20 Фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ нӕ ауагъта Израилы фыртты.
21 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух арвмӕ сдар+, ӕмӕ Египеты бӕстӕ саудалынг бауыдзӕн». 22 Ӕмӕ Моисей дӕр йӕ къух арвмӕ сдардта, ӕмӕ ӕгас Египеты дӕр бӕстӕ саудалынг баци. Ӕмӕ афтӕ уыди ӕртӕ боны+. 23 Адӕм кӕрӕдзи нал уыдтой, ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны йӕ хӕдзарӕй ничи никуыдӕм ацыд. Израилы фырттӕ кӕм цардысты, уым та уыди рухс+. 24 Уӕд фараон Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ацӕут, лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн+. Ӕрмӕст уӕ фыстӕ ӕмӕ уе стуртӕ ам ныууадзут. Ацӕуӕнт уемӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр»+. 25 Моисей та йын загъта: «Нӕ, хъуамӕ нын радтай фос дӕр нывондӕн ӕрхӕссынӕн ӕмӕ артыл басудзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕрхӕссӕм+. 26 Нӕ фос дӕр акӕндзыстӕм немӕ+. Иу дӕр дзы нӕ ныууадздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссӕм+. Ӕмӕ цалынмӕ бынатмӕ бахӕццӕ уӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн куы кувӕм, уӕд ын нывондӕн цы ’рхӕсдзыстӕм, уый»+. 27 Фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ не сразы сӕ ауадзыныл+. 28 Гъемӕ фараон Моисейӕн загъта: «Фесӕф мӕ разӕй!+ Куыннӕуал дӕ фенон, афтӕ бакӕн! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд удӕгасӕй нал баззайдзынӕ»+. 29 Ӕмӕ йын уӕд Моисей загъта: «Куыд загътай, афтӕ уыдзӕн. Никуыуал мӕ фендзынӕ»+.
11 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Иу бӕллӕх ма ӕруадздзынӕн фараоныл ӕмӕ Египетыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕн+. Уе ’ппӕты дӕр ауадздзӕн. Стӕй уадзгӕ дӕр нӕ, фӕлӕ уӕ тӕргӕ акӕндзӕн+. 2 Гъемӕ уӕдӕ адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй алы нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ алы сылгоймаг дӕр йӕ сыхагӕй ракура ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ»+. 3 Ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ йын египетӕгтӕ йӕ адӕммӕ хорз цӕстӕй ракастысты+. Стӕй Моисей дӕр Египеты уыди нымад адӕймаг, стыр кад ын уыди фараоны лӕггадгӕнджыты цӕсты дӕр ӕмӕ египетӕгты цӕсты дӕр+.
4 Ӕмӕ Моисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕмбисӕхсӕв ӕз ӕрзилдзынӕн Египетыл+, 5 ӕмӕ Египеты амӕлдзысты фыццаггуырдтӕ+ иууылдӕр: паддзахбадӕныл чи бады, уыцы фараоны фыццаг лӕппуйӕ райдай ӕмӕ, ӕрмгуыройӕ чи ссы, уыцы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы фыццаг лӕппуйӕ фӕу; амӕлдзысты фыццагзад нӕл фос дӕр+. 6 Ӕмӕ уӕд ӕгас Египеты зӕххыл дӕр хъуысдзӕн, чи никуыма уыд ӕмӕ чи никуыуал уыдзӕн, ахӕм хъарӕг+. 7 Израилы фырттыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн – нӕдӕр адӕмыл, нӕдӕр фосыл+, цӕмӕй йӕ базонат, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у Израилы фыртты египетӕгтӕй фӕхицӕн кӕнын“+. 8 Уӕд мӕм дӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, мӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты+ ӕмӕ зӕгъдзысты: „Ацу дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, дӕ фӕдыл чи цӕуы, уыцы адӕм дӕр иууылдӕр“. Ӕмӕ уый фӕстӕ ацӕудзынӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей мӕстӕй судзгӕйӕ фараонӕй рацыд.
9 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Фараон уӕм нӕ байхъусдзӕн+, цӕмӕй ӕз Египеты зӕххыл саразон ноджы фылдӕр диссӕгтӕ»+. 10 Моисей ӕмӕ Аарон ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ сарӕзтой фараоны раз+, фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ Израилы фыртты йӕ бӕстӕйӕ нӕ ауагъта+.
12 Уӕд Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн Египеты зӕххыл загъта: 2 «Ацы мӕй уын уыдзӕн афӕдзы мӕйтӕй фыццаг+. 3 Ӕппӕт Израилы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Ацы мӕйы дӕсӕм бон алчидӕр самал кӕнӕд иу уӕрыкк+ бинонтӕн, алы хӕдзарӕн дӕр иу уӕрыкк. 4 Кӕд хӕдзары бинонтӕ бирӕ не сты ӕмӕ иу уӕрыкк нӕ бахӕрдзысты, уӕд та хӕдзары хицау баныхас кӕнӕд йӕ сыхагимӕ, йӕ хӕдзары йӕ дыууӕ бинонтӕй иумӕ кӕй бахӕрдзысты. Ахъуыды кӕнут, уӕрыкк цалӕй хӕрдзыстут ӕмӕ чи цас бахӕрдзӕн, ууыл. 5 Хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+, афӕдздзыд нӕл уӕрыкк+. Уӕрыччы бӕсты равзарӕн ис сӕныкк дӕр. 6 Ӕмӕ хъуамӕ уыцы уӕрыкк уӕхимӕ уа мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бонмӕ+, ӕмӕ уӕд Израилы адӕмӕй алы бинонтӕ дӕр* сӕ уӕрыкк аргӕвдӕнт дыууӕ изӕры астӕу*+. 7 Уыдон райсдзысты уӕрыччы тугӕй ӕмӕ дзы, кӕм хӕрой, уыцы хӕдзӕрттӕн сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд бапырх кӕндзысты+.
8 Уӕрыччы дзидза бахӕрын хъӕудзӕн тӕккӕ уыцы ’хсӕв+. Хъуамӕ уа зынгыл фых ӕмӕ йӕ хъуамӕ бахӕрой донгонд дзултимӕ+ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ+. 9 Ма дзы бахӕрут хомӕй кӕнӕ къуыдырфыхӕй, ома доны фыхӕй, фӕлӕ-иу ӕй зынгыл сфыцут йӕ сӕр, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттимӕ. 10 Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут. Кӕд дзы исты баззайа, уӕд та-иу ӕй басудзут+. 11 Куы йӕ хӕрат, уӕд хъуамӕ уӕ астӕутӕ уой баст+, уӕ дзабыртӕ уой уӕ къӕхтыл+ ӕмӕ уӕ лӕдзӕг хъуамӕ уа уӕ къухы. Хъуамӕ йӕ хӕрат тагъд-тагъд. Уый у Куадзӕн Йегъовӕйы номыл+. 12 Уыцы ’хсӕв ӕз ӕрзилдзынӕн Египеты зӕххыл+ ӕмӕ ныццӕгъддзынӕн Египеты фыццаггуырдты, адӕмӕй фосы онг+. Ӕмӕ Египеты хуыцӕуттыл се ’ппӕтыл дӕр мӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ+. 13 Кӕм уат, уыцы хӕдзӕрттыл та туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз туг фендзынӕн ӕмӕ уӕ рӕзты ацӕудзынӕн+, ӕмӕ Египет куы ’рцӕвон, уӕд уыцы бӕллӕх сымах нӕ баййафдзӕн.
14 Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕнат бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын у закъон ӕнустӕм. 15 Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ. Фыццаг бон афтӕ бакӕнут, ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыд нал уа, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонӕй ӕвдӕм боны онг, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕм хӕринаг чи бахӕра, уыцы адӕймаг*+ хъуамӕ сӕфт ӕрцӕуа Израилы ’хсӕнӕй+. 16 Фыццаг бон хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ, ӕмӕ афтӕ ӕвдӕм бон дӕр+. Уыцы бонты ницы ис кусӕн+. Ӕрмӕстдӕр уӕ бон у хӕринаг кӕнын, алкӕй дӕр* цас хъӕуы, уыйбӕрц+.
17 Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон+, уымӕн ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕз Египетӕй ракӕндзынӕн – ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд ракӕнынц, афтӕ. Уыцы бон хъуамӕ бӕрӕг кӕнат фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ – уый уын у закъон ӕнустӕм. 18 Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм боны изӕрӕй дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хӕрут донгонд дзултӕ+. 19 Авд боны уӕ хӕдзӕртты хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм хӕринагӕй чи фӕхъӕстӕ уа,– фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг,– уый*+ хъуамӕ сӕфт ӕрцӕуа Израилы адӕмы ’хсӕнӕй+. 20 Ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕрут. Алы хӕдзары дӕр хъуамӕ хӕрой донгонд дзултӕ“».
21 Моисей уайтагъд фӕдзырдта Израилы хистӕр лӕгтӕм+ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ бинонтӕн равзарӕд фыс кӕнӕ сӕгъ ӕмӕ йӕ Куадзӕны нывондӕн аргӕвдӕд+. 22 Ӕмӕ райсут иссопы къалиуты баст+, атулут ӕй, туг кӕм уа, уыцы къусы ӕмӕ дзы бапырх кӕнут уӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд ӕмӕ дуары тарвӕзтӕ. Ӕмӕ уӕ райсоммӕ йӕ хӕдзары къӕсӕрӕй мачи рахизӕд. 23 Ӕмӕ Йегъовӕ египетӕгты бафхӕрынмӕ куы рацӕуа ӕмӕ ӕгас бӕстӕйыл куы зила, уӕд Йегъовӕ, дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕдыл ӕмӕ дуары тарвӕзтыл туг кӕм фена, уыцы хӕдзарӕн йӕ рӕзты ацӕудзӕн ӕмӕ уыцы бӕллӕх уӕ хӕдзармӕ нӕ бауадздзӕн, ӕмӕ сымах нӕ баййафдзӕн+.
24 Афтӕ хъуамӕ кӕнат+ уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фырттӕ дӕр ӕнустӕм+. 25 Йегъовӕ уын афтӕ цы зӕххӕй загъта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕд-иу уым кӕнут ацы бӕрӕгбон+. 26 Ӕмӕ уӕ уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы бӕрӕгбон цӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ+, 27 уӕд-иу сын зӕгъут: «Ай у Куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн+. Египетӕгты куы бафхӕрдта, уӕд Израилы фырттӕн сӕ хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты бахызта уыцы бӕллӕхӕй“».
Уӕд адӕм сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+. 28 Ӕмӕ Израилы фырттӕ ацыдысты ӕмӕ, Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой+. Раст афтӕ бакодтой.
29 Гъемӕ ӕмбисӕхсӕв Йегъовӕ ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+: паддзахбадӕныл чи бадт, уыцы фараоны фыццаг лӕппуйӕ райдай ӕмӕ, ахӕстоны чи уыд, уыцы уацайраджы фыццаг лӕппуйӕ фӕу. Стӕй ныццагъта фыццагзад нӕл фос иууылдӕр+. 30 Ӕмӕ ӕхсӕвы фараон, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ ӕппӕт египетӕгтӕ дӕр сыстадысты, ӕмӕ иууылдӕр хъарӕг кӕнын райдыдтой+, уымӕн ӕмӕ ахӕм хӕдзар нӕ уыд, мард кӕм нӕ уыди. 31 Ӕмӕ фараон уайтагъд Моисей ӕмӕ Ааронмӕ фӕдзырдта+ ӕмӕ сын загъта: «Сыстут мӕ адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ ацӕут – уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр. Ацӕут ӕмӕ лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, куыд дзырдтат, афтӕ+. 32 Акӕнут уӕ фос дӕр иууылдӕр, куыд дзырдтат, афтӕ+, ӕмӕ ацӕут. Стӕй мын раарфӕ кӕнут».
33 Ӕмӕ египетӕгтӕ адӕмӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, тагъддӕр ацӕут+ нӕ бӕстӕйӕ, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ дзырдтой: «Кӕннод не ’ппӕт дӕр фӕцагъды уыдзыстӕм!»+ 34 Ӕмӕ адӕм сӕ арынгтӕ сӕ пӕлӕзты атыхтой, сӕ мидӕг ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд хыссӕ, афтӕмӕй, се уӕхсчытыл сӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ ахастой. 35 Ӕмӕ Израилы фырттӕ, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой: египетӕгтӕй ракуырдтой ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ, стӕй уӕлӕдарӕс+. 36 Ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй йын египетӕгтӕ йӕ адӕммӕ хорз цӕстӕй ракастаиккой+, ӕмӕ сӕ цы куырдтой, уый сын радтой+. Ӕмӕ афтӕмӕй египетӕгты бастыгътой+.
37 Гъемӕ Израилы фырттӕ фистӕг ӕфсадау араст сты Раамсесӕй+ Сокхофмӕ+. Уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц – сывӕллӕтты куы нӕ нымайай, уӕд+. 38 Семӕ ма рацыд бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй+, стӕй семӕ ракодтой сӕ фыстӕ ӕмӕ се стурты дӕр – тынг бирӕ фос. 39 Ӕмӕ Египетӕй семӕ цы хыссӕ рахастой, уымӕй кӕнын райдыдтой дзултӕ, донгонд дзултӕ. Сӕ хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ Египетӕй тӕргӕ ракодтой ӕмӕ сын фӕстиат кӕнӕн нӕ уыди, стӕй фӕндагмӕ ӕндӕр ницы хӕринаг рахастой+.
40 Израилы фырттӕ, Египеты+ чи цард+, уыдон, ӕцӕгӕлон зӕххыл фӕцардысты* цыппарсӕдӕ ӕртын азы+. 41 Ӕмӕ цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы фесты, уӕд, тӕккӕ уыцы бон, Йегъовӕйы адӕм иууылдӕр рацыдысты Египеты зӕххӕй – ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд рацӕуынц, афтӕ+. 42 Ӕмӕ уыцы ’хсӕв хъуамӕ кӕной бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл, уымӕн ӕмӕ сӕ уый ракодта Египетӕй. Уыцы ’хсӕв хъуамӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕной бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+.
43 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Куадзӕн хъуамӕ кӕнат афтӕ+: ӕндӕрбӕстӕгтӕй дзы никӕмӕн ис хӕрӕн+. 44 Фӕлӕ дӕм кӕд, кӕй балхӕдтай, ахӕм цагъар ис, уӕд ын сунӕт скӕн+. Ӕрмӕстдӕр дзы уый фӕстӕ у йӕ бон хӕрын. 45 Ӕрлидзӕгӕн ӕмӕ дзы ӕххуырст кусӕгӕн нӕй хӕрӕн. 46 Алы уӕрыкк дӕр хӕрын хъӕуы иу хӕдзары мидӕг. Хӕдзарӕй дзы ӕддӕмӕ мацы рахӕссут. Ӕмӕ йын йе стджытӕй иу дӕр ма асӕттут+. 47 Израилы адӕм ӕй хъуамӕ иууылдӕр бӕрӕг кӕной+. 48 Кӕд уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг ис ӕмӕ йӕ кӕд фӕнды Йегъовӕйы номыл Куадзӕн скӕнын, уӕд уал, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ скӕной сунӕт+. Ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ у йӕ бон Куадзӕн бӕрӕг кӕнын, ӕмӕ уӕд уый дӕр суыдзӕн израиладжы хуызӕн. Сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕй та дзы никӕмӕн ис хӕрӕн. 49 Иу закъон уыдзӕн израилагӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггагӕн дӕр»+.
50 Гъемӕ Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр бакодтой, Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодтой+. 51 Ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон Йегъовӕ Израилы фыртты се ’фсӕдтимӕ+ Египетӕй ракодта.
13 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕй алкӕмӕн дӕр фыццаг цы лӕппу райгуыра, уый-иу мӕнӕн снывонд кӕн. Алы фыццаггуырд дӕр у мӕн – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр»+.
3 Ӕмӕ Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон. Ацы бон рацыдыстут Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*. Уӕ зӕрдыл ӕй дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ардыгӕй ракодта йӕ фидар къухӕй+. Уӕдӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕрут+. 4 Сымах Египетӕй цӕут абон, авивы мӕйы+. 5 Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ куы бакӕна ханаайнӕгты, хетты, аморейты, евейты ӕмӕ йевусейты+ зӕхмӕ, дӕуӕн ӕй кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй дӕ фыдӕлтӕн кӕмӕй расомы кодта+, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ+, уӕд-иу ацы мӕй бӕрӕг кӕн ацы бӕрӕгбон. 6 Авд боны хӕр донгонд дзултӕ+, ӕвдӕм бон та уыдзӕн бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл+. 7 Авд боны хъуамӕ хӕрай донгонд дзултӕ+. Хъуамӕ дӕм ма уа, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм хӕринаг+ ӕмӕ, кӕм цӕрай, уым дӕм ӕнхъизӕн хъуамӕ макуы уа+. 8 Ӕмӕ-иу уыцы бон дӕ фыртӕн зӕгъ: „Йегъовӕ мын хорздзинад сарӕзта – Египетӕй мӕ ракодта, ӕмӕ ацы бӕрӕгбон уый номыл у“+. 9 Ацы бӕрӕгбон дын уыцы хабар дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, цыма дӕ къухыл ӕмӕ дӕ ныхыл фыст ис, афтӕ+, цӕмӕй Йегъовӕйы закъон уа де ’взагыл+, уымӕн ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй+. 10 Ӕмӕ хъуамӕ алы аз дӕр ацафон кӕнай ацы бӕрӕгбон+.
11 Ӕмӕ Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕн дӕр куыд расомы кодта+, афтӕ дӕ ханаайнӕгты+ зӕхмӕ куы бакӕна ӕмӕ дын ӕй куы ратта, 12 уӕд, фыццаг чи райгуыра, уыцы сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ, дӕ фосӕй фыццагзад+ чи уа, уыдоны дӕр хъуамӕ снывонд кӕнай Йегъовӕйӕн+. Фыццаггуырд лӕппутӕ ӕмӕ фыццагзад нӕл фос сты Йегъовӕйы+. 13 Алы фыццагзад къӕлӕуы бӕсты та хъуамӕ фысӕй бафидай. Афтӕ куы нӕ бакӕнай, уӕд та къӕлӕуӕн йӕ бӕрзӕй асӕтт+. Ӕмӕ дын фыццаг цы фырт райгуыра, уый дӕр хъуамӕ балхӕнай+.
14 Ӕмӕ дӕ искуы дӕ фырт куы бафӕрса+, уый цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъ: „Йегъовӕ нӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстӕм, уырдыгӕй+. 15 Фараон йӕхи ныддур кодта ӕмӕ нӕ нӕ уагъта+, ӕмӕ уӕд Йегъовӕ ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+: фыццаггуырд лӕппуты дӕр ӕмӕ фыццагзад нӕл фос дӕр+. Ӕмӕ уый тыххӕй нывонд кӕнӕм Йегъовӕйӕн алы фыццагзад нӕл фос дӕр+, алы фыццаггуырд лӕппуйы та балхӕнӕм“+. 16 Ацы бӕрӕгбон дын уыцы хабар дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, цыма дӕ къухыл фыст ис ӕмӕ дӕ ныхыл баст у, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фидар къухӕй ракодта Египетӕй»+.
17 Фараон Израилы адӕмы куы ауагъта, уӕд сӕ Хуыцау цыбыр фӕндагыл – филистимӕгты зӕххыл – нӕ акодта, уымӕн ӕмӕ загъта: «Хӕцын сӕ кӕй хъӕуы, уый куы феной, уӕд фӕфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхдзысты»+. 18 Гъемӕ сӕ Хуыцау акодта дард фӕндагыл, Сырх денджызы раз чи ис, уыцы ӕдзӕрӕг быдырыл+. Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй рацыдысты, ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд рацӕуы, афтӕ+. 19 Моисей йемӕ рахаста Иосифы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Иосиф Израилы фыртты расомы кӕнын кодта. Загъта сын: «Хуыцау уӕм ӕнӕмӕнг ӕркӕсдзӕн+. Ӕмӕ-иу мын уӕд ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут»+. 20 Гъемӕ Израилы фырттӕ Сокхофӕй ацыдысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ефамы, ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон+.
21 Йегъовӕ цыди сӕ разӕй: бонӕй – мигъы хуызӕн цӕджындзы ӕмӕ сын фӕндаг амыдта+, ӕхсӕв та – артау судзгӕ цӕджындзы ӕмӕ сын рухс кодта. Цыдысты бонӕй дӕр ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр+. 22 Бонӕй адӕмы разӕй ӕдзухдӕр цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕв та – артау судзгӕ цӕджындз+.
14 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхой ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрой Пи-Гахирофы раз, Мигдол ӕмӕ денджызы ’хсӕн, Ваал-Цефонмӕ хӕстӕг+. Ваал-Цефоны акомкоммӕ денджызы был ӕрӕвӕрут уӕ цатыртӕ. 3 Фараон Израилы фырттӕй зӕгъдзӕн: „Фӕдзӕгъӕл сты. Ӕдзӕрӕг быдырӕй сын рацӕуӕн никӕдӕмуал ис“+. 4 Ӕмӕ ӕз фараоны йӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асурдзӕн. Уӕд ӕз фараоны ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн+ ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи скадджын кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+. Ӕмӕ Израилы фырттӕ дӕр афтӕ бакодтой.
5 Цасдӕры фӕстӕ Египеты паддзахӕн фӕхабар кодтой, уыцы адӕм алыгъдысты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ фараон, стӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕвиппайды сӕ хъуыды аивтой+ ӕмӕ загътой: «Ай цы бакуыстам? Цӕмӕн ауагътам израилӕгты, нӕ цагъартӕ+ куы уыдысты?» 6 Гъемӕ фараон йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ арӕвдз кӕнын кодта ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр йемӕ акодта+. 7 Йемӕ ракодта ӕхсӕзсӕдӕ хуыздӕр бӕхуӕрдоны+ ӕмӕ ма Египеты цы бӕхуӕрдӕттӕ уыди, уыдон иууылдӕр, алкӕцыйыл дӕр дзы – хӕстонтӕ. 8 Ӕмӕ Йегъовӕ фараоны, Египеты паддзахы, йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ Израилы фыртты фӕстейӕ асырдта. Израилы фырттӕ та ныфсджынӕй* цыдысты размӕ+. 9 Египетӕгтӕ сӕ фӕстейӕ асырдтой, ӕмӕ фараоны бӕхуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ+ ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ баввахс сты израилӕгтӕм – денджызы был, Пи-Гахирофы раз, Ваал-Цефонмӕ хӕстӕг сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уыцы бынатмӕ+.
10 Фараон куы ’рбаввахс, уӕд Израилы фырттӕ акастысты, ӕмӕ сӕ уӕртӕ египетӕгтӕ ӕрбасурынц. Ӕмӕ Израилы фырттӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзтой+. 11 Ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Ардӕм нӕ, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, мӕлынмӕ ракодтай?+ Ӕмӕ уӕд ӕгас Египеты, кӕм нӕ баныгӕдтаиккой, ахӕм бынат нал уыди? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Египетӕй? 12 Египеты ма куы уыдыстӕм, уӕд дын нӕ дзырдтам, ныууадз нӕ, египетӕгтӕн кусдзыстӕм, зӕгъгӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлыны бӕсты фӕлтау египетӕгтӕн куыстаиккам»+. 13 Уӕд Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут+. Фидар лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ абон куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ+. Зӕгъын уын: ныртӕккӕ кӕй уынут, уыцы египетӕгты никуыуал фендзыстут+. 14 Йегъовӕ йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй+. Сымах та ӕнцад лӕудзыстут».
15 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Цы мӕм дзыназыс?+ Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй сӕ цатыртӕ сисой. 16 Ды та дӕ лӕдзӕгыл+ схӕц, денджызмӕ йӕ адар ӕмӕ денджыз фӕдих кӕн+, цӕмӕй Израилы фырттӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл ацӕуой+. 17 Ӕз та египетӕгты сӕхи бар ауадздзынӕн, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кӕндзысты+, ӕмӕ сӕ фӕдыл денджызмӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд ӕз ныддӕрӕн кӕндзынӕн фараоны ӕмӕ йе ’ппӕт ӕфсӕдты, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ барджыты, ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи скадджын кӕндзынӕн+. 18 Ӕмӕ фараоны, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йын йӕ барджыты куы ныддӕрӕн кӕнон ӕмӕ афтӕмӕй мӕхи куы скадджын кӕнон, уӕд ӕй египетӕгтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ»+.
19 Уӕд ӕцӕг Хуыцауы зӕд+, израилӕгты разӕй чи цыд, уыцы зӕд ацыд ӕмӕ сӕ фӕстӕ слӕууыд, ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындз дӕр ацыд ӕмӕ сӕ фӕстӕ слӕууыд+. 20 Цӕджындз уыди египетӕгты ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн+. Иуырдыгӕй уыди мигъы хуызӕн ӕмӕ талынг дардта, иннӕрдыгӕй та ӕхсӕвы рухс кодта+. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв египетӕгтӕн сӕ бон нӕ баци израилӕгтӕм хӕстӕг бацӕуын.
21 Гъемӕ Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта+, ӕмӕ Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта. Ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци+ ӕмӕ денджызӕн йӕ бын бахус+. 22 Ӕмӕ уӕд Израилы фырттӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл ацыдысты+, дон та сӕ рахиз фарс ӕмӕ сӕ галиу фарс къултау лӕууыд+. 23 Уӕд сӕ египетӕгтӕ дӕр фӕстейӕ асырдтой, ӕмӕ фараоны бӕхтӕ, йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ барджытӕ иууылдӕр денджызы астӕумӕ сӕ фӕдыл бацыдысты+. 24 Боныцъӕхтыл* Йегъовӕ артау судзгӕ ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындзӕй+ египетӕгтӕм акаст, ӕмӕ кӕрӕдзи мидӕг систы+. 25 Афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой, ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ размӕ нал цыдысты+. Ӕмӕ уӕд египетӕгтӕ загътой: «Лидзӕм израилӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ сӕ сӕрыл тохы бацыд египетӕгтимӕ»+.
26 Фӕстагмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар+, цӕмӕй дон йӕ бынатмӕ раздӕха ӕмӕ египетӕгтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕ барджытӕ дӕр, доны бын фӕуой». 27 Моисей дӕр уайтагъд йӕ къух денджызмӕ адардта, ӕмӕ райсоммӕ денджызы дон фӕстӕмӕ йӕ раздӕры бынатмӕ ӕрцыди. Египетӕгтӕ ма бӕргӕ архайдтой донӕй алидзыныл, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ денджызы ныккалдта+. 28 Денджызы дон йӕ бынатмӕ здӕхт+, ӕмӕ ӕппынфӕстаг фараоны ӕфсады бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ, Израилы фыртты фӕдыл денджызмӕ чи бацыд, уыдон иууылдӕр доны бын фесты+. Иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт+.
29 Израилы фырттӕ та ахызтысты сур зӕххыл, денджызы быныл+, дон та сӕ рахиз фарс ӕмӕ сӕ галиу фарс къултау лӕууыд+. 30 Уыцы бон Йегъовӕ израилӕгты фервӕзын кодта египетӕгты къухӕй+. Ӕмӕ израилӕгтӕ египетӕгтӕн сӕ мӕрдтӕ федтой денджызы былыл+. 31 Израилӕгтӕ ма федтой, Йегъовӕ, египетӕгтимӕ хӕцгӕйӕ, йе стыр тых куыд равдыста, уый дӕр. Ӕмӕ адӕм Йегъовӕйӕ тӕрсын райдыдтой ӕмӕ баууӕндыдысты Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейыл дӕр+.
15 Уӕд Моисей ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн ныззарыдысты+:
«Зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта+.
Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста+.
2 Йагъ*+ у мӕ хъару ӕмӕ мӕ тых, уымӕн ӕмӕ уый у мӕ ирвӕзынгӕнӕг+.
Уый у мӕ Хуыцау, ӕмӕ йӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн+. Уый у мӕ фыды Хуыцау+, ӕмӕ йын йӕ кад бӕрзонд сисдзынӕн+.
3 Йегъовӕ у хъӕбатыр хӕстон+. Йегъовӕ у йӕ ном+.
4 Фараонӕн йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад денджызы ныппӕрста+.
Йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ Сырх денджызы аныгъуылдысты+.
5 Абухгӕ дӕттӕ сӕ сӕ быны фӕкодтой+, дурау ацыдысты денджызы бынмӕ+.
7 Дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис, ӕмӕ дӕ ныхмӕ чи рацӕуы, уыдоны фесафыс+.
Ныккалыс сыл дӕ масты цӕхӕр, ӕмӕ сӕ хъӕмпау аныхъуыры+.
8 Ды дӕ фындзыхуынчъытӕй раулӕфыдтӕ+, ӕмӕ дӕттӕ цӕхгӕр слӕууыдысты.
Лӕууыдысты донуромӕн къулау.
Абухгӕ дӕттӕ денджызы астӕу сӕ бынаты бандзыг сты.
9 Знаг загъта: „Фӕстейӕ сӕ асурдзынӕн+ ӕмӕ сӕ баййафдзынӕн!+
Адих кӕндзынӕн мӕ амӕттаг+, ӕмӕ мӕ уд бафсӕддзӕн!
Сласдзынӕн мӕ хъама! Мӕ къухӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты!“+
11 О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у?+
Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?+
Дӕуӕй хъӕуы тӕрсын+ ӕмӕ дӕ кадӕн хъӕуы зарын+. Ды аразыс диссӕгтӕ+.
12 Дӕ рахиз къух радардтай+, ӕмӕ сӕ зӕхх аныхъуырдта+.
13 Ды де ’нувыд уарзтӕй кӕныс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы+.
Ӕмӕ сӕ дӕ хъаруйы фӕрцы бакӕндзынӕ дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатмӕ+.
14 Адӕмтӕ уый тыххӕй фехъусдзысты+ ӕмӕ скатай уыдзысты+.
Филистийы цӕрджытӕ арӕг сылгоймагау хъӕрздзысты+.
15 Едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ стыхсдзысты.
Моавы хъомысджын хицӕуттӕ фыртӕссӕй риздзысты+.
Ханааны цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс асӕтдзӕн+.
16 Тӕрсдзысты ӕмӕ зыр-зыр кӕндзысты+.
Дӕ цонджы стыр хъаруйӕ цавддурау лӕудзысты,
Цалынмӕ дӕ адӕм+, о Йегъовӕ, сӕ рӕзты нӕ ацӕуой,
17 Ды сӕ ӕрбакӕндзынӕ ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕ* дӕ хохыл+,
Дӕхицӕн цӕрынӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыцы бынаты+, о Йегъовӕ,
Дӕхи къухтӕй кӕй скодтай, уыцы кувӕн бынаты+, о Йегъовӕ.
18 Йегъовӕ уыдзӕн паддзах ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ+.
19 Фараоны бӕхтӕ+ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ ӕмӕ йӕ барджытимӕ денджызмӕ куы бацыдысты+,
Уӕд Йегъовӕ денджызы дӕттӕ фӕстӕмӕ раздӕхта, ӕмӕ сӕ быны фесты+,
Израилы фырттӕ та денджызы астӕуты сур зӕххыл ацыдысты»+.
20 Уӕд Аароны хо+, пехуымпар Мариам, йӕ къухмӕ дала райста+. Ӕмӕ йемӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ дӕр се ’ппӕт дӕр далатӕй цӕгъдгӕ рацыдысты ӕмӕ кафын райдыдтой+. 21 Ӕмӕ лӕгты зарынмӕ Мариам дӕр базарыд+:
22 Уый фӕстӕ Моисей израилӕгты Сырх денджызӕй акодта, ӕмӕ бахӕццӕ сты Суры ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. Ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты ӕдзӕрӕг быдыры, фӕлӕ дзы дон никуы ссардтой+. 23 Иуцасдӕры фӕстӕ бахӕццӕ сты Меррӕмӕ+, фӕлӕ Меррӕйы донӕй сӕ бон нуазын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ маст уыди. Ӕмӕ уыцы бынат Меррӕ* дӕр уый тыххӕй схуыдта+. 24 Ӕмӕ адӕм Моисейыл+ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, цы бануазӕм, зӕгъгӕ. 25 Уӕд Моисей Йегъовӕмӕ скуывта+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ бацамыдта иу гыццыл бӕласмӕ. Моисей йӕ доны ныппӕрста, ӕмӕ дон маст нал уыди+.
Уым сын Хуыцау сфидар кодта уагӕвӕрд ӕмӕ сын равдыста, тӕрхон цӕмӕ гӕсгӕ кӕндзӕн, уый. Стӕй сӕ уыцы ран бафӕлвӕрдта+. 26 Загъта сын: «Кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ лӕмбынӕг хъусат ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразат, кӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕм уӕ хъус дарат ӕмӕ йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрат+, уӕд, египетӕгтыл цы бӕллӕхтӕ* ӕруагътон, уыдонӕй уыл иу дӕр не ’руадздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ дзӕбӕх кӕны, уыцы Хуыцау»+.
27 Уый фӕстӕ бахӕццӕ сты Елиммӕ. Уым уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ ӕвдай пальмӕбӕласы+. Ӕмӕ уым донмӕ хӕстӕг сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой.
16 Цасдӕры фӕстӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр ацыдысты Елимӕй+. Египетӕй сӕ рацыды фӕстӕ дыккаг мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон бахӕццӕ сты Сины ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. Уый ис Елим ӕмӕ Синайы ’хсӕн.
2 Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры Израилы фырттӕ иууылдӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой+. 3 Дзырдтой сын: «Фӕлтау Йегъовӕйы къухӕй Египеты куы амардаиккам+, дзидзайӕ дзаг цуайнӕгты раз кӕм бадтыстӕм+ ӕмӕ дзул нӕ фаг кӕм хордтам, уым. Сымах нӕ ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕрбакодтат, цӕмӕй не ’ппӕты дӕр* ӕххормагӕй амарат»+.
4 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ уын уӕларвӕй дзул къӕвдайау ныккӕлдзӕн+. Адӕм-иу хъуамӕ алы бон дӕр рацӕуой ӕмӕ дзы ӕмбырд кӕной, алкӕй дӕр иу бонӕн цас хъӕуы, уыйбӕрц+. Ӕмӕ сӕ ӕз афтӕмӕй бафӕлвардзынӕн, мӕ закъон мын ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ+. 5 Ӕхсӕзӕм бон-иу+, цы ӕрӕмбырд кӕной, уымӕй хӕринаг скӕнӕнт, ӕмӕ сӕм уыдзӕн, алы бон дӕр цас ӕрӕмбырд кӕнынц, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр»+.
6 Гъемӕ Моисей ӕмӕ Аарон Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр загътой: «Изӕры йӕ базондзыстут, Египетӕй уӕ Йегъовӕ кӕй ракодта+. 7 Райсомӕй та фендзыстут Йегъовӕйы кад+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ фехъуыста, куыд ыл хъуыр-хъуыр кӕнут. Мах та чи стӕм, махыл цы хъуыр-хъуыр кӕнут?» 8 Моисей ма сын ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ уын изӕры ратдзӕн дзидза, райсомӕй та – дзул, цас уӕ хъӕуы, уыйбӕрц, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ фехъуыста, куыд ыл хъуыр-хъуыр кӕнут, уый. Мах та чи стӕм? Сымах махыл нӕ хъуыр-хъуыр кӕнут, фӕлӕ Йегъовӕйыл»+.
9 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Израилы фырттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: „Ӕрбацӕут Йегъовӕйы размӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ хъуыр-хъуыр фехъуыста“»+. 10 Ӕмӕ куыддӕр Аарон Израилы фырттӕн уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм акастысты ӕмӕ федтой, Йегъовӕйы кад мигъы мидӕг куыд фӕзынди+.
11 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 12 «Ӕз фехъуыстон Израилы фыртты хъуыр-хъуыр+. Зӕгъ сын: „Дыууӕ изӕры астӕу* хӕрдзыстут дзидза, райсомӕй та бафсӕддзыстут дзулӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ“»+.
13 Ӕмӕ изӕры ӕртахтысты уӕрццытӕ+ ӕмӕ, израилӕгтӕ сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уыцы бынат уӕрццытӕй нал зынди. Райсомӕй та цатырты алыварс зӕххыл ӕрбадт ӕртӕх+. 14 Цасдӕры фӕстӕ ӕртӕх нал уыди, ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры зӕххыл баззад нӕмгуыты хуызӕн лыстӕг цыдӕр+, цыма халас+ ӕрӕвӕрдта, уыйау. 15 Израилы фырттӕ йӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдтой: «Ай цы у?» Афтӕ уымӕн фарстой, ӕмӕ, цы у, уый нӕ зыдтой. Уӕд сын Моисей загъта: «Уый у, Йегъовӕ уын кӕй радта, уыцы дзул+. 16 Йегъовӕ афтӕ загъта: „Ӕмбырд дзы кӕнут, алчидӕр цас бахӕрдзӕн, уыйбӕрц. Алчидӕр дзы ӕмбырд кӕнӕд, йӕ цатыры цал уды ис, уымӕ гӕсгӕ – алы адӕймагӕн дӕр фӕйнӕ гоморы*“»+. 17 Израилы фырттӕ дӕр афтӕ бакодтой: ацыдысты ӕмӕ дзы чи бирӕ ӕрӕмбырд кодта, чи та – гыццыл. 18 Ӕмӕ йӕ стӕй гоморӕй куы барстой, уӕд, бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ уӕлдай нӕ уыди, гыццыл чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕн та уыди фаг+. Алчидӕр дзы ӕрӕмбырд кодта, цас бахордтаид, уыйбӕрц.
19 Уый фӕстӕ сын Моисей загъта: «Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут»+. 20 Фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой. Чидӕртӕ дзы райсоммӕ ныууагътой, ӕмӕ сын скӕлм ис ӕмӕ стӕф кодта+. Ӕмӕ сӕм Моисей смӕсты+. 21 Ӕмбырд ӕй кодтой алы райсом дӕр+. Алчидӕр-иу дзы ӕрӕмбырд кодта, цас бахордтаид, уыйбӕрц. Хур-иу куы ӕрӕндӕвта, уӕд та-иу атад.
22 Ӕхсӕзӕм бон та уыцы дзулӕй ӕрӕмбырд кодтой дыууӕ хатты фылдӕр+ – дыууӕ гоморы иу адӕймагӕн. Ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты Моисеймӕ ӕмӕ йын загътой, ӕрӕмбырд кодтам, зӕгъгӕ. 23 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Райсом у сабат ӕмӕ уыдзӕн бӕрӕгбон, сабат – Йегъовӕйы кадӕн+. Абон дзы скӕнут, кӕнинаг цы стут, уый ӕмӕ сфыцут, фыцинаг цы стут, уый+. Цы дзы баззайа, уый та ныууадзут райсоммӕ“». 24 Ӕмӕ дзы уыдон дӕр, Моисей сын куыд загъта, афтӕ райсоммӕ ныууагътой, ӕмӕ сын не стӕф кодта, кӕлм дӕр не сси+. 25 Уӕд сын Моисей загъта: «Хӕрут ӕй абон, уымӕн ӕмӕ абон у сабат+ Йегъовӕйы кадӕн. Абон дзы быдыры не ссардзыстут. 26 Ӕмбырд ӕй кӕндзыстут ӕхсӕз боны, ӕвдӕм бон та у сабат+. Сабаты-иу нӕ уыдзӕн». 27 Ӕмӕ уӕддӕр ӕвдӕм бон адӕмӕй чидӕртӕ рацыд дзул ӕмбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ дзы ницы ссардтой.
28 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Цас ма нӕ хъусдзыстут мӕ фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ мӕ закъӕттӕм?+ 29 Бахъуыды йӕ кӕнут: Йегъовӕ уын радта сабат+. Ӕмӕ уын ӕхсӕзӕм бон дзул дыууӕ боны фаг дӕр уый тыххӕй дӕтты. Ӕвдӕм бон уӕ алчидӕр лӕууӕд, кӕм цӕры, уым+. Мачи уӕ макуыдӕм цӕуӕд». 30 Ӕмӕ ӕвдӕм бон адӕм ӕххӕст кӕнын райдыдтой сабатбоны закъон+.
31 Ӕмӕ израилӕгтӕ уыцы дзул схуыдтой маннӕ*. Уый уыд киндзӕйы мыггӕгты хуызӕн урс ӕмӕ кодта мыдимӕ конд гуылты ад+. 32 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Райсут дзы иу гомор ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕвӕрдӕй дарут, цӕмӕй уӕ байзӕддӕгтӕ+ уыной, Египетӕй уӕ куы кодтон, уӕд уын ӕдзӕрӕг быдыры цы дзул лӕвӕрдтон, уый“»+. 33 Гъемӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Райс дурын, ныккӕн дзы иу гомор маннӕ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз сӕвӕр, ӕмӕ уым уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+. 34 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, Аарон дӕр афтӕ бакодта – сӕвӕрдта йӕ бадзырды чырыны раз*+, цӕмӕй ӕдзухдӕр уым уыдаид. 35 Израилы фырттӕ маннӕ хордтой цыппор азы+, цалынмӕ, адӕм кӕм цард, уырдӕм нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ+. Цалынмӕ Ханааны зӕхмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ хордтой маннӕ+. 36 Гомор та у ефӕйы* дӕсӕм хай.
17 Израилы фырттӕ иууылдӕр араст сты Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй+. Йегъовӕ сын куыд загъта, афтӕ иу бынатӕй иннӕмӕ цыдысты+. Ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Рефидимы+. Фӕлӕ уыцы ран адӕмӕн нӕ уыди дон нуазынӕн.
2 Ӕмӕ адӕм Моисеимӕ хыл кӕнын райдыдтой+, ратт нын дон, зӕгъгӕ. Моисей та сын загъта: «Цӕмӕн хыл кӕнут мемӕ? Цӕмӕн фӕлварут Йегъовӕйы?»+ 3 Фӕлӕ адӕм дойныйӕ мардысты ӕмӕ Моисейыл хъуыр-хъуыр кодтой: «Нӕхи дӕр, нӕ фыртты дӕр ӕмӕ нын нӕ фос дӕр Египетӕй уый тыххӕй ракодтай, цӕмӕй нӕ дойныйӕ амарай?»+ 4 Ӕмӕ уӕд Моисей Йегъовӕмӕ скуывта: «Цы кӕнон ацы адӕмӕн? Гыццыл ма, ӕмӕ мӕ дуртӕй амардзысты!»+
5 Йегъовӕ та Моисейӕн загъта: «Ацу сӕ+ рӕзты ӕмӕ демӕ акӕн Израилы хистӕр лӕгтӕй цалдӕры. Ахӕсс, Нилы цӕугӕдон кӕмӕй ӕрцавтай, уыцы лӕдзӕг дӕр+. Айс ӕй дӕ къухы ӕмӕ ацу. 6 Ӕз дӕ разы лӕудзынӕн Хоривы*, къӕдзӕхыл. Къӕдзӕх дӕ лӕдзӕгӕй ӕрцӕвдзынӕ, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕн дон»+. Гъемӕ Моисей дӕр Израилы хистӕр лӕгты раз афтӕ бакодта. 7 Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Массӕ*+ ӕмӕ Меривӕ*+, уымӕн ӕмӕ уым Израилы фырттӕ йемӕ хыл кодтой ӕмӕ уым фӕлвӕрдтой Йегъовӕйы+. Уыдон дзырдтой: «Йегъовӕ немӕ ис ӕви нӕ?»+
8 Уӕд амаликӕгтӕ+ ӕрцыдысты Рефидиммӕ ӕмӕ израилӕгтимӕ схӕцыдысты+. 9 Ӕмӕ уӕд Моисей Йесойӕн* загъта+: «Нӕлгоймӕгтӕй дӕ кӕй фӕнды, уыдоны равзар, ӕмӕ ацу+ ӕмӕ амаликӕгтимӕ схӕц. Райсом ӕз слӕудзынӕн къуыппыл, мӕ къухы уыдзӕн ӕцӕг Хуыцауы лӕдзӕг»+. 10 Ӕмӕ Йесойӕн Моисей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта+, ӕмӕ амаликӕгтимӕ схӕцыд. Моисей, Аарон ӕмӕ Хур+ та ссыдысты къуыпмӕ.
11 Моисей-иу йӕ къухыл хӕрдмӕ куы схӕцыд, уӕд-иу уӕлахиз кодтой израилӕгтӕ+. Йӕ къух-иу куы ӕруагъта, уӕд та-иу амаликӕгтӕ уӕлахиз кодтой. 12 Ӕмӕ Моисейӕн йӕ къухтӕ куы ныууӕззау сты, уӕд ын дур ӕрбахастой, ӕмӕ дурыл сбадт. Аарон ӕмӕ Хур та йӕ фӕйнӕ фарс слӕууыдысты ӕмӕ йын йӕ къухтыл хӕцыдысты. Ӕмӕ цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йӕ къухтӕ не ’руагъта. 13 Ӕмӕ Йесо фӕуӕлахиз амаликӕгтыл ӕмӕ семӕ чи уыди, уыдоныл – карды комӕй сӕ фӕцагъта+.
14 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы хабар зӕрдыл дарынӕн ныффысс чиныджы+ ӕмӕ Йесойӕн зӕгъ: „Ӕз амаликӕгты фесафдзынӕн зӕххы цъарӕй*, ӕмӕ сӕ кой дӕр никуыуал уыдзӕн“»+. 15 Уӕд Моисей скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йегъовӕ-Нисси*. 16 Афтӕ загъта: «Амаликӕгтӕ цӕуынц Йагъы ныхмӕ*+, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ семӕ хӕцдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+.
18 Моисейы каис+, Мадиамы сауджын Иофор, фехъуыста, Хуыцау Моисейӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, Йегъовӕ Израилы Египетӕй куыд ракодта, уый тыххӕй+.2 Ӕмӕ Иофор, Моисейы каис, йемӕ акодта Моисейӕн йӕ усы, Сепфорӕйы,– Моисей йӕ уый размӕ арвыста йӕ цӕгатмӕ,– 3 ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты+. Сӕ иуы Моисей схуыдта Гирсон*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕцӕгӕлон зӕххыл». 4 Иннӕйы та схуыдта Елиезер*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Мӕ фыды Хуыцау у ме ’ххуысгӕнӕг, уый мӕ фервӕзын кодта фараоны хъамайӕ»+.
5 Гъемӕ Моисейы каис Иофор Моисейӕн йӕ фырттимӕ ӕмӕ йӕ усимӕ ӕрцыд Моисеймӕ, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уырдӕм, ӕцӕг Хуыцауы хохы размӕ+. 6 Ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Дӕ каис Иофор+ дӕм ӕрцыд. Дӕ ус дӕр йӕ дыууӕ лӕппуимӕ мемӕ ис». 7 Ӕмӕ Моисей уайтагъд йӕ каисы размӕ рацыд, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын апъа кодта+. Стӕй иу иннӕйы афарста, куыд дӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ цатырмӕ бацыдысты.
8 Ӕмӕ Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Йегъовӕ израилӕгты тыххӕй фараонӕн ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр цы бакодта+, стӕй фӕндагыл цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой+, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ куыд ирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй+. 9 Ӕмӕ Иофор фӕцин кодта, Йегъовӕ израилӕгтӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, египетӕгты къухӕй сӕ куыд фервӕзын кодта, ууыл+. 10 Ӕмӕ загъта: «Табу Йегъовӕйӕн, сымах египетӕгты къухӕй ӕмӕ фараоны къухӕй чи фервӕзын кодта, йӕ адӕмы Египеты цагъарадӕй чи ссӕрибар кодта, уыцы Хуыцауӕн+. 11 Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ ӕппӕт хуыцӕуттӕй дӕр уӕлдӕр кӕй у+. Уый рабӕрӕг, египетӕгтӕ сӕ фырсӕрбӕрзондӕй израилӕгты ныхмӕ куы цыдысты, уӕд». 12 Уый фӕстӕ Моисейы каис Иофор Хуыцауӕн ӕрхаста судзинаг нывонд ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр+. Ӕмӕ Аарон ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты, цӕмӕй Моисейы каисимӕ ӕцӕг Хуыцауы раз къӕбӕр бахордтаиккой+.
13 Дыккаг бон та Моисей иннӕ бонтау ӕрбадт адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ+, ӕмӕ адӕм райсомӕй изӕрмӕ лӕууыдысты йӕ разы. 14 Моисей адӕмимӕ куыд архайы, уый йӕ каис куы федта, уӕд ын загъта: «Уый адӕмӕн цы кусыс? Иунӕгӕй цӕмӕн бадыс, ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕм райсомӕй изӕрмӕ дӕ разы цӕмӕн лӕууынц?» 15 Моисей йӕ каисӕн загъта: «Адӕм мӕм цӕуынц, цӕмӕй Хуыцауы бафӕрсой+. 16 Исты хабар сӕм куы рауайы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц+, ӕмӕ ӕз се ’хсӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын ӕмӕ сын ӕцӕг Хуыцауы уынаффӕтӕ ӕмӕ закъӕттӕ фехъусын кӕнын»+.
17 Ӕмӕ уӕд Моисейӕн йӕ каис загъта: «Нӕ, хорз нӕ кӕныс. 18 Дӕхи дӕр ӕмӕ ацы адӕмы дӕр тухӕнӕй амардзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ацы хъуыддаг ӕгӕр уӕззау уаргъ у+. Иунӕгӕй ницы бакӕндзынӕ+. 19 Байхъус мӕм+. Иу уынаффӕ дын ратдзынӕн, ӕмӕ Хуыцау уыдзӕни демӕ+. Адӕмӕн ӕцӕг Хуыцауы раз лӕуу минӕварӕй+ ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауы размӕ хӕсс+. 20 Амон сын уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. Стӕй сын ӕмбарын кӕн, цы фӕндагыл хъуамӕ цӕуой ӕмӕ цы хъуамӕ аразой, уый+. 21 Фӕлӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕнӕй равзар фӕлтӕрд лӕгты+, Хуыцауӕй чи тӕрсы+, ӕууӕнкджын чи у+ ӕмӕ хи пайда чи нӕ агуры+, ахӕмты. Ӕмӕ сӕ сӕвӕр адӕмы сӕргъы: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы+, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы+. 22 Ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд уыдон ӕвзардзысты адӕмы хъуыддӕгтӕ. Исты стыр хъуыддаг сӕм куы уа, уӕд-иу сӕ дӕумӕ ӕрбарвитдзысты+, гыццыл хъуыддӕгтӕ та сӕхӕдӕг ӕвзардзысты. Уыдон уыцы уаргъ хӕсдзысты демӕ ӕмӕ дын ӕнцондӕр уыдзӕни+. 23 Афтӕ куы бакӕнай,– ӕмӕ дын кӕд Хуыцау дӕр афтӕ зӕгъа,– уӕд дын уыцы хъуыддаг рауайдзӕн, ӕмӕ ацы адӕм дӕр иууылдӕр сӕхимӕ фарнимӕ аздӕхдзысты»+.
24 Моисей дӕр байхъуыста йӕ каисмӕ ӕмӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта+. 25 Ӕгас Израилӕй равзӕрста фӕлтӕрд лӕгты ӕмӕ сӕ адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта+: кӕй мин адӕймаджы сӕргъы, кӕй сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дӕс адӕймаджы сӕргъы. 26 Ӕмӕ-иу исты хъуыддаг равзарын куы хъуыди, уӕд-иу ӕй уыдон равзӕрстой. Стыр хъуыддӕгтӕ ӕрвыстой Моисеймӕ+, гыццыл хъуыддӕгтӕ та ӕвзӕрстой сӕхӕдӕг. 27 Уый фӕстӕ Моисей йӕ каисы+ ахизын кодта, ӕмӕ Иофор аздӕхт йӕ бӕстӕмӕ.
19 Израилы фырттӕ Египетӕй куы рацыдысты+, уый фӕстӕ ӕртыккаг мӕй* бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ+. 2 Рефидимӕй+ рараст сты ӕмӕ бахӕццӕ сты Синайы ӕдзӕрӕг быдырмӕ+, ӕмӕ израилӕгтӕ уым хохы раз сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой+.
3 Ӕмӕ Моисей ссыд ӕцӕг Хуыцаумӕ, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ хохӕй+ ӕрдзырдта: «Афтӕ зӕгъ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн, Израилы фырттӕн: 4 „Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, ӕз египетӕгтӕн цы бакуыстон+, цӕмӕй уӕ цӕргӕсау мӕ базыртыл рахастаин ӕмӕ уӕ мӕхимӕ ӕрхастаин+. 5 Ӕмӕ кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат+ ӕмӕ мын мӕ бадзырд+ ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм+, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у+. 6 Сымах мын суыдзыстут сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм“+. Ацы ныхӕстӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн».
7 Моисей ӕрцыд, фӕдзырдта адӕмы хистӕр лӕгтӕм+ ӕмӕ йын Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уыдон сын иууылдӕр радзырдта+. 8 Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм»+. Ӕмӕ Моисей уайтагъд ацыд, цӕмӕй, адӕм цы дзуапп радтой, уый Йегъовӕйӕн загътаид+. 9 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн сау мигъы+, цӕмӕй, демӕ куы ныхас кӕнон, уӕд ӕй адӕм дӕр хъусой+, ӕмӕ дӕуыл дӕр кӕддӕриддӕр ӕууӕндой»+. Гъемӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта, адӕм цы дзуапп радтой, уый.
10 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацу адӕммӕ ӕмӕ сӕ абон ӕмӕ райсом ссыгъдӕг кӕн. Сӕ уӕлӕдарӕс дӕр ныхсӕнт+. 11 Ӕмӕ ӕртыккаг бонмӕ цӕттӕ уӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Йегъовӕ ӕппӕт адӕмы раз ӕрцӕудзӕн Синайы хохмӕ+. 12 Хохы алыварс арӕн скӕн ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ: „Мачи уӕ ссӕуӕд хохмӕ, йӕ къах дӕр ыл мачи ӕрӕвӕрӕд. Йӕ къах ыл чидӕриддӕр ӕрӕвӕра, уый хъӕуы амарын+. 13 Уыцы адӕймагмӕ къухӕй мачи бавналӕд, амарут ӕй дуртӕй кӕнӕ йыл фат суадзут. Фос уа ӕви адӕймаг – удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн“+. Фыры сыкъайы уасын куы райхъуыса+, уӕд сӕ бон уыдзӕни хохы рӕбынмӕ бацӕуын».
14 Ӕмӕ Моисей дӕр хохӕй ӕрцыд ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кодта. Сӕ уӕлӕдарӕс дӕр ныхсадтой+. 15 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи ӕртыккаг бонмӕ бацӕттӕ кӕнут+. Лӕгтӕ, уӕ устытӕм хӕстӕг ма цӕут»+.
16 Ӕртыккаг бон райсомӕй арв ныннӕрыд ӕмӕ цӕхӕртӕ калын райдыдта+. Ӕмӕ хохы сӕрмӕ фӕзынд уӕззау мигъ+ ӕмӕ сыкъа хъӕрӕй ныууасыд+. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр фыртӕссӕй барызтысты+. 17 Ӕмӕ уӕд Моисей адӕмы, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй акодта ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты+. 18 Синайы хох та алырдыгӕй фӕздӕг калдта+, уымӕн ӕмӕ йӕм Йегъовӕ ӕрцыд арты мидӕг+. Хохӕй калд, раст дурсудзӕн пецӕй цы фӕздӕг фӕкӕлы, ахӕм фӕздӕг+. Ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр тынг ӕнкъуысыд+. 19 Сыкъа хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр уасыд, ӕмӕ уӕд Моисей райдыдта дзурын, ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау хъӕрӕй дзуапп лӕвӕрдта+.
20 Гъемӕ Йегъовӕ ӕрцыд Синайы хохы сӕрмӕ. Стӕй Йегъовӕ Моисеймӕ уырдӕм фӕдзырдта, ӕмӕ йӕм Моисей ссыд+. 21 Уым ын Йегъовӕ загъта: «Ацу, адӕмы бафӕдзӕхс, цӕмӕй ма сфӕнд кӕной Йегъовӕмӕ хӕстӕг ӕрбацӕуын, фенӕм ӕй, зӕгъгӕ. Науӕд бирӕтӕ амӕлдзысты+. 22 Йегъовӕйы раз чи ’рлӕууы, уыцы сауджынтӕ дӕр сӕхи ссыгъдӕг кӕнӕнт+, цӕмӕй сыл Йегъовӕ йӕ маст ма ныккала»+. 23 Ӕмӕ уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Адӕмӕн сӕ бон нӕу Синайы хохмӕ ссӕуын, уымӕн ӕмӕ нӕ дӕхӕдӕг бафӕдзӕхстай, хохы алыварс арӕн скӕн, хох уыдзӕн сыгъдӕг бынат, зӕгъгӕ»+. 24 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ, ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ссу Ааронимӕ. Сауджынтӕй ӕмӕ адӕмӕй та мачи ссӕуӕд Йегъовӕмӕ, науӕд сыл йӕ маст ныккалдзӕн»+. 25 Гъемӕ Моисей дӕр адӕммӕ ӕрцыд ӕмӕ сын ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдта+.
20 Стӕй Хуыцау загъта ахӕм ныхӕстӕ+:
2 «Ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Ӕз дӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй*+. 3 Мӕн йеддӕмӕ дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд+.
4 Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис ӕмӕ зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы ис, уыдонӕн сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ*+. 5 Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув+, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион*+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй ӕз бафхӕрын сӕ фыртты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг+. 6 Чи мӕ уарзы ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн та хай кӕнын ме ’нувыд уарзтӕй суанг мин фӕлтӕрмӕ дӕр+.
7 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг ма кӕн*+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ном хынджылӕггаг чи кӕна, уый Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн+.
8 Сабат Хуыцауы бон кӕй у, уый ма рох кӕн+. 9 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕз боны кус ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕн+. 10 Ӕвдӕм бон та у сабат дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадӕн+. Уыцы бон мацы кус: нӕдӕр дӕхӕдӕг, нӕдӕр дӕ фырт ӕмӕ нӕдӕр дӕ чызг, нӕдӕр дӕ цагъар-нӕлгоймаг ӕмӕ нӕдӕр дӕ цагъар-сылгоймаг, нӕдӕр дӕ фос ӕмӕ нӕдӕр, дӕ горӕты ӕрцӕуӕггаг чи ис, уый+. 11 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+. Ӕвдӕм бон та улӕфын райдыдта+. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ раарфӕ кодта сабатӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта*+.
12 Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады+, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл+.
13 Ма амар+.
14 Ма хӕт+.
15 Ма адав+.
16 Мӕнгӕвдисӕн макӕй ныхмӕ ныллӕуу+.
17 Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ. Ма бабӕлл искӕй усмӕ+, нӕдӕр йӕ цагъар-нӕлгоймагмӕ ӕмӕ нӕдӕр йӕ цагъар-сылгоймагмӕ, нӕдӕр йӕ галмӕ, нӕдӕр йӕ хӕрӕгмӕ, ӕмӕ ма йӕм цы ис, уыдонӕй ӕппындӕр мацӕмӕ бабӕлл»+.
18 Адӕм иууылдӕр хъуыстой арвы нӕрын ӕмӕ сыкъайы уаст ӕмӕ уыдтой, арв цӕхӕртӕ куыд калы ӕмӕ хохӕй фӕздӕг куыд цӕуы. Ӕмӕ уыдӕттӕ уынгӕйӕ адӕм фыртӕссӕй барызтысты ӕмӕ, кӕм уыдысты, уым, хохӕй дардгомау, лӕугӕйӕ баззадысты+. 19 Ӕмӕ Моисейӕн загътой: «Ды дзур немӕ, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм. Хуыцау та немӕ ма дзурӕд, кӕннод амӕлдзыстӕм»+. 20 Ӕмӕ уӕд Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Ӕцӕг Хуыцау уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй уӕ бафӕлвара+, ӕмӕ дзы цӕмӕй алкӕддӕр тӕрсат ӕмӕ тӕригъӕд ма аразат»+. 21 Гъемӕ адӕм дардгомау лӕууыдысты, Моисей та хӕстӕгдӕр бацыд, ӕцӕг Хуыцау кӕм уыди, уыцы сау мигъмӕ+.
22 Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта+: «Афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Уӕхи цӕстӕй йӕ федтат, уемӕ уӕларвӕй кӕй дзырдтон, уый+. 23 Уӕхицӕн ма аразут нӕдӕр ӕвзист хуыцӕуттӕ, нӕдӕр сызгъӕрин хуыцӕуттӕ, уымӕн ӕмӕ уын мӕн йеддӕмӕ хъуамӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уа+. 24 Скӕнут мын нывондхӕссӕн сыджытӕй+, ӕмӕ-иу уыцы нывондхӕссӕныл ӕрхӕссут уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй нывӕндтӕ: судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+. Цы бынатӕй-иу зӕгъон, мӕ ном мын ам ссарут, зӕгъгӕ, уырдӕм уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уын раарфӕ кӕндзынӕн+. 25 Кӕд мын нывондхӕссӕн дуртӕй аразат, уӕд-иу сӕ ма слӕгъз кӕнут. Нывондхӕссӕнмӕ сартӕй* куы бавналат, уӕд ӕй фӕчъизи кӕндзыстут+. 26 Мӕ номыл арӕзт нывондхӕссӕнмӕ асинтӕ ма скӕнут, цӕмӕй-иу ӕм куы сцӕйхизат, уӕд-иу уе ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕ ма разыной“.
21 Фехъусын сын кӕн мӕнӕ ацы закъӕттӕ+:
2 „Дӕхицӕн цагъарӕн дзуттаг лӕджы куы балхӕнай+, уӕд дын цагъар уыдзӕн ӕхсӕз азы, ӕвдӕм аз та йӕ ссӕрибар кӕн, мацы йын бафидын кӕн, афтӕмӕй+. 3 Кӕд дӕм иунӕгӕй ӕрбацыд, уӕд цӕугӕ дӕр акӕндзӕн иунӕгӕй. Фӕлӕ йын кӕд ус ис, уӕд йӕ ус дӕр хъуамӕ ацӕуа йемӕ. 4 Кӕд ын йӕ хицау радта ус ӕмӕ йын йӕ ус ныййардта лӕппутӕ кӕнӕ чызджытӕ, уӕд йӕ ус ӕд сывӕллӕттӕ сты хицауы+, йӕхӕдӕг та ацӕудзӕн иунӕгӕй+. 5 Фӕлӕ кӕд цагъар зӕгъа, ӕз уарзын мӕ хицауы, мӕ усы ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ мӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕрибар адӕймаг суон, зӕгъгӕ+, 6 уӕд ӕй йӕ хицау ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕрбакӕнӕд, дуары кӕнӕ йӕ дуары тарвазы цур ӕрлӕууын кӕнӕд ӕмӕ йын йӕ хъус туасӕй ахуынкъ кӕнӕд. Ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм уыдзӕн йӕ цагъар+.
7 Исчи йӕ чызджы куы ауӕй кӕна, ӕмӕ цагъар куы суа+, уӕд уыцы чызгӕн йӕ бон нӕу ацӕуын, нӕлгоймаг цагъартӕн куыд у сӕ бон ацӕуын, афтӕ. 8 Кӕд йӕ хицауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ номылус суа+, фӕлӕ йын дӕтты уый бар, ӕмӕ йӕ исчи балхӕна, уӕд ӕй йӕ бон нӕу ӕцӕгӕлон адӕмӕн ауӕй кӕнын, уымӕн ӕмӕ йыл ӕнӕуи дӕр гадзрахатӕй рацыд. 9 Кӕд ӕй йӕ фыртӕн куры, уӕд ын хъуамӕ ратта, хи чызгӕн цы бартӕ ӕмбӕлы, ахӕм бартӕ+. 10 Лӕппу ӕндӕр ус куы ’рхӕсса, уӕд дӕр ӕй хъуамӕ цух ма уадза хӕрд ӕмӕ дарӕсӕй+, ӕмӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна, лӕгыл йӕ усы раз цы хӕс ис, уый+. 11 Ацы ӕртӕ хъуыддаджы куы нӕ араза, уӕд цагъар-сылгоймаг ацӕуӕд, мацы бафидӕд, афтӕмӕй.
12 Иу адӕймаг иннӕйы куы ныццӕва ӕмӕ йӕ цӕфӕй куы амӕла, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын+. 13 Фӕлӕ йӕ кӕд марынмӕ нӕ хъавыд ӕмӕ кӕд ӕцӕг Хуыцау ӕруагъта, ӕмӕ йӕ къухӕй ахӕм хабар ӕрцыдаид+, уӕд ӕз рахицӕн кӕндзынӕн, кӕдӕм алидза, ахӕм бынат+. 14 Фӕлӕ кӕд иу адӕймаг иннӕмӕ смӕсты, йӕ зӕрдӕйы йӕм фыдӕх хаста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй амардта+, уӕд уыцы адӕймаджы удӕгасӕй ма ныууадз, мӕ нывондхӕссӕны размӕ дӕр куы балидза, уӕд дӕр+. 15 Йӕ фыдмӕ кӕнӕ йӕ мадмӕ йӕ къух чи сиса, уый дӕр хъӕуы амарын+.
16 Адӕймаджы чи адава+ ӕмӕ йӕ чи ауӕй кӕна+, уый хъӕуы амарын, ӕмӕ йӕ кӕмӕ ссарой, уый дӕр хъӕуы амарын+.
17 Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи ӕлгъиты, уый хъӕуы амарын+.
18 Дыууӕ адӕймаджы куы фӕхыл уой ӕмӕ дзы иу иннӕйы дурӕй кӕнӕ рувӕнӕй куы ныццӕва, ӕмӕ мӕлгӕ куы нӕ акӕна, фӕлӕ куы ӕруатон уа, 19 фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууа ӕмӕ йӕ бон куы уа истӕй ӕнцӕйтты ӕддӕмӕ хизын, уӕд йӕ ныццӕвӕг ӕфхӕрд ма баййафӕд. Ӕрмӕст, цалынмӕ бынтондӕр не сдзӕбӕх уа, уӕдмӕ йын фидӕд, йӕ бон кусын кӕй нӕу, уый тыххӕй.
20 Исчи йӕ цагъар-нӕлгоймаджы кӕнӕ йӕ цагъар-сылгоймаджы лӕдзӕгӕй куы ныццӕва+ ӕмӕ йӕ къухӕй куы амӕла, уӕд дзы хъӕуы йӕ туг райсын+. 21 Фӕлӕ ма иу бон кӕнӕ дыууӕ боны куы ацӕра, уӕд дзы йӕ туг исын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ йе ’хцайӕ балхӕдта.
22 Лӕгтӕ куы хыл кӕной ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццӕвой ӕмӕ йӕ сывӕллон афонӕй раздӕр куы райгуыра+, фӕлӕ сӕ мӕлгӕ куы ничи акӕна, уӕд ӕй чи ныццавта, уый хъуамӕ бафида, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау цас зӕгъа, уыйбӕрц. Фидгӕ та сӕ хъуамӕ бакӕна тӕрхонгӕнджыты уынаффӕмӕ гӕсгӕ+. 23 Фӕлӕ сӕ исчи куы амӕла, уӕд та хъуамӕ фыст ӕрцӕуа уды тыххӕй уд+. 24 Исчи сӕ куы фӕсахъат уа, уӕд та цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст+, 25 сыгъдӕн – сыгъд, хъӕдгомӕн – хъӕдгом, цӕфӕн – цӕф+.
26 Исчи йӕ цагъар-нӕлгоймаджы кӕнӕ йӕ цагъар-сылгоймаджы цӕст куы ныццӕва ӕмӕ йын ӕй куы фӕсахъат кӕна, уӕд ӕй хъуамӕ ауадза, йӕ цӕст ын кӕй фӕсахъат кодта, уый тыххӕй+. 27 Ӕмӕ йӕ цагъар-нӕлгоймаджы кӕнӕ йӕ цагъар-сылгоймаджы дӕндаг куы асӕтта, уӕд дӕр ӕй хъуамӕ ауадза, йӕ дӕндаг ын кӕй асаста, уый тыххӕй.
28 Искӕй гал нӕлгоймаджы кӕнӕ сылгоймаджы куы ныццӕва ӕмӕ, кӕй ныццавта, уый куы амӕла, уӕд галы хъӕуы дуртӕй амарын+, ӕрмӕст ын йӕ дзидза хӕрӕн нӕй. Галы хицауы та ма бафхӕр. 29 Фӕлӕ кӕд гал уымӕй размӕ дӕр цӕваг уыди ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хицауӕн дӕр дзырдтой, фӕлӕ йӕ бастӕй нӕ дардта ӕмӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ сылгоймаджы амардта, уӕд галы хъӕуы дуртӕй амарын ӕмӕ амарын хъӕуы йӕ хицауы дӕр. 30 Кӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссой, галы хицау ӕхца бафидӕд, зӕгъгӕ, уӕд та хъуамӕ бафида, цас ын зӕгъой, уыйбӕрц, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзӕн+. 31 Гал искӕмӕн йӕ лӕппуйы кӕнӕ йӕ чызджы куы ныццӕва, уӕд дӕр бакӕнын хъӕуы, ацы закъон куыд зӕгъы, афтӕ+. 32 Гал цагъар-нӕлгоймаджы кӕнӕ цагъар-сылгоймаджы куы ныццӕва, уӕд та галы хицау цагъары хицауӕн хъуамӕ бафида ӕртын сиклы*+, галы та хъуамӕ дуртӕй амарой.
33 Исчи дзыхъхъы сӕр гомӕй куы ныууадза кӕнӕ исчи дзыхъхъ куы скъаха ӕмӕ йын йӕ сӕр куы нӕ бамбӕрза ӕмӕ дзы искӕй гал кӕнӕ хӕрӕг куы ныххауа+, 34 уӕд, дзыхъхъ чи скъахта, уый хъуамӕ фосы хицауӕн бафида галы кӕнӕ хӕрӕджы аргъ+, фосы мард та баззайдзӕн йӕхицӕн. 35 Зӕгъӕм, иуӕн йӕ гал иннӕйы галы ныццавта ӕмӕ йӕ амардта, уӕд хъуамӕ удӕгас галы ауӕй кӕной ӕмӕ йын йе ’хца кӕрӕдзийыл адих кӕной, стӕй хъуамӕ адих кӕной, чи амард, уыцы галы дзидза дӕр+. 36 Кӕд галы хицау зыдта, йӕ гал уымӕй размӕ дӕр цӕваг кӕй уыди, фӕлӕ йӕ бастӕй нӕ дардта+, уӕд галы тыххӕй хъуамӕ ратта ӕндӕр гал+, мард гал та баззайдзӕн йӕхицӕн.
22 Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава ӕмӕ йӕ куы аргӕвда кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, уӕд галы тыххӕй хъуамӕ ратта фондз галы, фысы тыххӕй та – цыппар фысы+.
2 Исчи давӕджы+ йӕ хӕдзармӕ быргӕ куы фена+, ӕмӕ йӕ куы ныццӕва ӕмӕ давӕг йӕ цӕфӕй куы амӕла, уӕд, чи йӕ ныццавта, ууыл йӕ туг нӕ уыдзӕн+. 3 Фӕлӕ уыцы хабар боныгон куы ’рцӕуа, уӕд ыл уыдзӕн йӕ туг.
Гъемӕ, давӕг цы радавта, уый хъуамӕ ӕнӕмӕнг бафида. Цӕмӕй йӕ бафида, уый йӕм куы нӕ уа, уӕд та йын йӕхи ауӕй кӕнӕнт, цӕмӕй, цы радавта, уый тыххӕй бафида+. 4 Цы радавта, уый йӕхимӕ удӕгасӕй куы разына,– гал уа, хӕрӕг ӕви фыс,– уӕд ӕй хъуамӕ бафида дыууӕ ахӕмӕй.
5 Исчи йӕ фосы искӕй хуыммӕ кӕнӕ сӕнӕфсирдонмӕ куы бауадза ӕмӕ йын йӕ хуым куы фесафой, уӕд ын ӕй хъуамӕ бафида+ йӕ хуымы хуыздӕр хорӕй кӕнӕ йӕ сӕнӕфсирдоны хуыздӕр сӕнӕфсирӕй.
6 Исчи арт куы скӕна ӕмӕ арт сындзытӕм куы ахиза, стӕй куыристӕ кӕнӕ кӕрдинаг хуым кӕнӕ хуым иууылдӕр куы басудза+, уӕд, арт чи скодта, уыцы адӕймаг хъуамӕ бафида, цы басыгъд, уый тыххӕй.
7 Исчи искӕмӕ йе ’хца кӕнӕ ӕндӕр исты куы ’рбахӕсса, дӕхимӕ мын сӕ нывӕр, зӕгъгӕ+, ӕмӕ йын сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавой ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг хъуамӕ дыууӕ ахӕмӕй бафида+. 8 Фӕлӕ давӕджы куы не ссарой, уӕд хӕдзары хицауы хъӕуы ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕрбакӕнын+, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, кӕйдӕр ӕхцатӕ кӕнӕ дзаумӕттӕ йӕхӕдӕг кӕй нӕ бамбӕхста. 9 Цыфӕнды куы ’рцӕуа+: гал, хӕрӕг, фыс, дарӕс кӕнӕ ӕндӕр исты куы фесӕфа, ӕмӕ дыууӕ адӕймагӕй исчи куы зӕгъа, уый мӕн у, зӕгъгӕ, уӕд сӕ дыууӕйы хъуыддаг дӕр хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа ӕцӕг Хуыцаумӕ+. Ӕмӕ Хуыцау аххосджыныл кӕй банымайа, уыцы адӕймаг хъуамӕ иннӕмӕн, цы дзы фесӕфт, уый дыууӕ ахӕмӕй бафида+.
10 Исчи искӕмӕ йӕ хӕрӕджы, кӕнӕ йӕ галы, кӕнӕ йӕ фысы, кӕнӕ йӕ фосӕй ӕндӕр исты куы ныууадза, фӕкӕс мын ӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын куы амӕла кӕнӕ куы фӕсахъат уа кӕнӕ афтӕ куы рауайа, ӕмӕ йӕ ничи федта, афтӕмӕй йӕ атардтой, 11 уӕд уыцы адӕймаг Йегъовӕйӕ расомы кӕнӕд+, йӕ фос ын кӕй нӕ бамбӕхста, уый тыххӕй+. Фосы хицау ын йӕ ныхасыл хъуамӕ баууӕнда, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕуы. 12 Фӕлӕ йын сӕ кӕд давгӕ акодтой*, уӕд хъуамӕ фосы хицауӕн бафида+. 13 Кӕд фосы хъӕддаг сырд бахордта+, уӕд ма дзы цы баззад, уый хъуамӕ ӕрбахӕсса, цӕмӕй йӕ йӕ хицау фена+. Хъӕддаг сырд ӕй куы бахӕра, уӕд ӕй фидын нӕ хъӕуы.
14 Иу иннӕмӕй гал кӕнӕ хӕрӕг куы ракура+, ӕмӕ йӕ хицау йӕ разы куы нӕ уа, афтӕмӕй куы фӕсахъат уа кӕнӕ куы амӕла, уӕд ын хъуамӕ йӕ хицауӕн бафида+. 15 Фӕлӕ йӕ хицау йӕ разы куы уа, уӕд ӕй фидын нӕ хъӕуы. Кӕд ын йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг ӕххуырсгӕ бакодта ӕмӕ йын афтӕмӕй исты кодта, уӕд ын цы ’хца бафыста, уымӕй уӕлдай фидын ницы хъӕуы.
16 Фидыд чи никӕимӕ у, ахӕм чызджы исчи куы фӕрӕдийын кӕна+, уӕд хъуамӕ ирӕд бафида ӕмӕ йӕ ракура+. 17 Фӕлӕ йын ӕй йӕ фыд куы нӕ ратта, уӕддӕр хъуамӕ ӕхца бафида, чызджы тыххӕй ирӕд цас вӕййы, уыйбӕрц+.
18 Кӕлӕнгӕнӕг усы удӕгасӕй ма ныууадз+.
19 Фосимӕ чи схуысса, уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын+.
20 Йегъовӕйы йеддӕмӕ ма ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ чи хӕссы, уый хъӕуы фесафын+.
21 Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар ӕмӕ йӕ ма ’фхӕр+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+.
22 Идӕдз усы ӕмӕ сидзӕры* ма ’фхӕрут+. 23 Куы сӕ ’фхӕрай ӕмӕ мӕм куы сдзыназой, уӕд сын ӕз сӕ дзыназын ӕнӕмӕнг фехъусдзынӕн+. 24 Ӕмӕ уӕд мӕ маст ссудздзӕн+, ӕмӕ уӕ карды комӕй фӕцӕгъддзынӕн, ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ устытӕ баззайдзысты идӕдзтӕй, уӕ фырттӕ – сидзӕртӕй+.
25 Мӕ адӕмӕй исчи тыхст куы уа ӕмӕ йын ӕхца ӕфстау куы раттай+, уӕд иннӕ ӕфстаудӕтджыты хуызӕн ма у. Проценттӕ дзы ма ис+.
26 Исчи дӕ исты куы дара, ӕмӕ йын йӕ дарӕс цъынды куы райсай+, уӕд, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йын ӕй фӕстӕмӕ ратт, 27 уымӕн ӕмӕ йын йӕ буар бамбӕрзынӕн ӕндӕр ницы ис+, йӕ уӕлӕ дӕр уый ӕрбакӕны. Ӕмӕ цӕй мидӕг схуысса, уый йын куы нӕ уа, уӕд мӕм сдзыназдзӕн ӕмӕ йӕ фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау дӕн+.
28 Ма ӕлгъит Хуыцауы+, ма ӕлгъит дӕ адӕмы хистӕрты дӕр+.
29 Цы тыллӕг сисыс ӕмӕ дӕ сӕндуцӕнтӕй цы бирӕ сӕн рацӕуы, дӕ сойлӕмарӕнтӕй цы бирӕ сой ракӕлы, уымӕй мын куы дӕттай, уӕд ӕй ӕвгъау ма кӕн+. Фыццаг дын цы фырт райгуыра, уый-иу ратт мӕнӕн+. 30 Дӕ род ӕмӕ-иу дӕ уӕрыккӕн та афтӕ бакӕн+: авд боны йӕ уадз йӕ мадимӕ+, ӕстӕм бон та йӕ мӕнӕн снывонд кӕн.
31 Сымах хъуамӕ уат мӕ сыгъдӕг адӕм+. Хъӕддаг сырд кӕй бахӕра, уыцы фосы дзидза ма хӕрут+, куыйтӕн-иу ӕй аппарут+.
23 Гӕдыныхӕстӕ ма кӕн+. Фыдгӕнӕгӕн йӕ къух ма араз: дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ма скӕн ӕмӕ йын ӕвдисӕн ма ныллӕуу+. 2 Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой, уӕддӕр ды сӕ фӕдыл ма ацу+. Искӕй хъуыддаг куы ’взарой, уӕд адӕмы зондыл ма ацу ӕмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу, ӕмӕ рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. 3 Мӕгуырӕн йӕ хъуыддаг куы ’взарой, уӕд, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй йӕ фарс ма у+.
4 Де знагӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг куы фесӕфа ӕмӕ йӕ искуы куы фенай, уӕд ын ӕй ӕрбакӕн+. 5 Йе сӕфт дӕ чи уыны, уымӕн йӕ хӕрӕг йӕ уаргъы бын куы ’рхауа, уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ рӕзты ма ацу. Хӕрӕгӕн йӕ уаргъ иумӕ райсут+.
6 Мӕгуыры хъуыддаг куы ’взарай, уӕд ын хӕрам тӕрхон ма рахӕсс+.
7 Дӕхи мӕнг ныхӕстӕй хиз+. Ӕнаххос ӕмӕ раст адӕймаджы ма амар – ӕз фыдгӕнӕджы раст адӕймагыл нӕ банымайдзынӕн+.
8 Гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны ӕмӕ раст адӕймагӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны+.
9 Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр+ – ӕрцӕуӕггаг цы у, уый уӕхи уд хорз зоны, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр уыдыстут ӕрцӕуӕггӕгтӕ Египеты зӕххыл+.
10 Ӕхсӕз азы тау дӕ хуым ӕмӕ йыл цы ’рзайа, уый-иу бафснай+, 11 фӕлӕ йӕ ӕвдӕм аз ма бакус, мацы дзы байтау+. Дӕ адӕмы ’хсӕн цы мӕгуыртӕ ис, уыдон хӕрдзысты, цы дзы ӕрзайа, уый. Цы ма дзы баззайа, уый та бахӕрдзысты хъӕддаг сырдтӕ+. Афтӕ кӕн дӕ сӕнӕфсирдонӕн ӕмӕ дӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдонӕн дӕр.
12 Ӕхсӕз боны кус+, ӕвдӕм бон та мацы араз, цӕмӕй баулӕфой дӕ гал дӕр ӕмӕ дӕ хӕрӕг дӕр, дӕ цагъар-сылгоймаджы фырт дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕр+.
13 Цы уын загътон, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут+. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕ нӕмттӕ дӕр ма дзурут. Сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй хаугӕ дӕр ма скӕнӕнт+.
14 Алы аз дӕр мӕ номыл кӕн ӕртӕ бӕрӕгбоны+. 15 Бӕрӕг кӕн Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. Куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ-иу авивы мӕйы+ авд боны хӕр донгонд дзултӕ+, уымӕн ӕмӕ уыцы мӕй рацыдтӕ Египетӕй. Ӕмӕ-иу мӕ размӕ афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд+. 16 Бӕрӕг кӕн Хорысӕры бӕрӕгбон дӕр+, цы байтыдтай, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыдонӕй фыццаг тыллӕг кӕй систай, уый номыл+. Афӕдзы кӕрон та бӕрӕг кӕн Тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый куы бафснайай, уӕд+. 17 Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕцӕг Хицау Йегъовӕйы размӕ+.
18 Мӕ нывонды тугимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы ӕрхӕсс. Ӕмӕ мын мӕ бӕрӕгбоны цы фиу ӕрхӕссай нывондӕн, уымӕй цы баззайа, уый-иу райсоммӕ ма ныууадз+.
19 Дӕ зӕххӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уымӕн-иу йӕ хуыздӕр хай ӕрбахӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ+.
Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц+.
20 Ӕз дын дӕ разӕй ӕрвитын зӕды+, цӕмӕй дӕ фӕндагыл хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ’ркӕна, цы бынат дын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм+. 21 Зӕд дӕ разы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ кӕс ӕмӕ йӕм хъус. Йӕ ныхмӕ ма цу – нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ+, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ном хӕссы. 22 Фӕлӕ йӕм алы хъуыддаджы дӕр куы хъусай ӕмӕ дын ӕз цыдӕриддӕр дзурын, уый куы кӕнай+, уӕд ӕз де знӕгтӕн уыдзынӕн се знаг, дӕу чи хъыгдары, уыдоны хъыгдардзынӕн+. 23 Мӕ зӕд ацӕудзӕн дӕ разӕй ӕмӕ дӕ ӕрбакӕндзӕн аморейтӕм, хеттӕм, ферезейтӕм, ханаайнӕгтӕм, евейтӕм ӕмӕ йевусейтӕм, ӕмӕ сӕ ӕз ныццӕгъддзынӕн+. 24 Ма-иу ӕрхау дӕ зонгуытыл сӕ хуыцӕутты раз ӕмӕ сын ма кув. Ӕмӕ уыдон цы мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, ахӕмӕй мацы араз+, фӕлӕ сын сӕ ныппырх кӕн ӕмӕ сын сӕ кувӕн дуртӕ ныссӕтт+. 25 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут+, ӕмӕ уын уый дӕтдзӕн дзул ӕмӕ дон+. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн низтӕй+. 26 Уӕ сывӕрджын сылгоймӕгтӕй-иу ничи февзӕр уыдзӕн, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг уӕм нӕ уыдзӕн+. Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ цӕрӕнбон+.
27 Дӕ фӕндагыл цы адӕмтӕ ис, уыдонмӕ цалынмӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ фехъусдзысты мӕн тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн+, ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй лидзӕг фӕкӕндзынӕн*+. 28 Цалынмӕ сӕм нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ сын ӕз сӕ ныфс асӕтдзынӕн+, ӕмӕ евейтӕ, ханаайнӕгтӕ ӕмӕ хеттӕ дӕ разӕй лидзӕг фӕуыдзысты+. 29 Ӕрмӕст сӕ дӕ разӕй иу азмӕ нӕ фӕсурдзынӕн, науӕд уыцы зӕххыл цӕрӕг нал уыдзӕн ӕмӕ дзы хъӕддаг сырдтӕ сбирӕ уыдзысты ӕмӕ дӕ ӕнцад нӕ уадздзысты+. 30 Уыцы адӕмты гыццылгай дӕ разӕй фӕсурдзынӕн, цалынмӕ не сбирӕ уай ӕмӕ уыцы зӕхх дӕхи нӕ бакӕнай, уӕдмӕ+.
31 Ратдзынӕн дын зӕххытӕ Сырх денджызӕй филистимӕгты денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Стыр цӕугӕдоны* онг+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕххы цӕрджыты ӕз ратдзынӕн дӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ ды дӕ разӕй фӕсурдзынӕ+. 32 Ма-иу скӕн бадзырд нӕдӕр семӕ, нӕдӕр сӕ хуыцӕуттимӕ+. 33 Дӕ зӕххыл хъуамӕ ма цӕрой, науӕд дӕ рӕдийын кӕндзысты ӕмӕ мӕ разы тӕригъӕдтӕ араздзынӕ. Сӕ хуыцӕуттӕн сын куы кувай, уӕд дын уый суыдзӕн къӕппӕг»+.
24 Уый фӕстӕ Моисейӕн загъта: «Ды, стӕй Аарон, Надав, Авиуд+ ӕмӕ Израилы адӕмӕй ӕвдай+ хистӕр лӕджы ссӕут Йегъовӕмӕ ӕмӕ йын дардӕй бакувут. 2 Ӕрмӕстдӕр Моисей бацӕуӕд Йегъовӕмӕ хӕстӕг. Иннӕтӕ йӕм хӕстӕг ма бацӕуӕнт, ӕмӕ адӕм дӕр йемӕ ма ссӕуӕнт»+.
3 Уӕд Моисей ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ иууылдӕр радзырдта+. Ӕмӕ адӕм ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм»+. 4 Ӕмӕ Моисей Йегъовӕйы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыста+. Дыккаг бон та райсомӕй раджы сыстад, хохрӕбын сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ зӕххы ӕрсагъта дыууадӕс дуры – Израилы мыггӕгтӕ цал уыдысты, уал дуры+. 5 Уый фӕстӕ арвыста израилаг нӕлгоймӕгтӕй ӕрыгӕтты, ӕмӕ уыдон ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ, стӕй Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн+ ӕрхастой галтӕ. 6 Ӕмӕ Моисей нывӕндты тугӕн йе ’рдӕг ныккодта къусты+, иннӕ тугӕй та бапырх кодта нывондхӕссӕн+. 7 Фӕстагмӕ райста бадзырды чиныг+ ӕмӕ йӕ адӕмӕн бакаст+. Ӕмӕ адӕм загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм»+. 8 Ӕмӕ Моисей туг райста, адӕмыл дзы бапырх кодта+ ӕмӕ загъта: «Ай у, Йегъовӕ уемӕ ӕппӕт ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй сарӕзта, уыцы бадзырды туг»+.
9 Уый фӕстӕ Моисей, Аарон, Надав, Авиуд ӕмӕ ма Израилы адӕмӕй ӕвдай хистӕр лӕджы ссыдысты уӕлӕмӕ 10 ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы+. Йӕ къӕхты бын цыма тъӕпӕн сапфирдуртӕ уыд, афтӕ зынди – раст арвау сыгъдӕг+. 11 Ӕмӕ Хуыцау Израилы ӕвзӕрст лӕгтӕм йӕ къух нӕ систа+. Уыдон цӕстылуайӕны федтой ӕцӕг Хуыцауы+, ӕмӕ хордтой ӕмӕ нызтой+.
12 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Хохмӕ мӕм ссу ӕмӕ уым лӕуу. Ӕз дын ратдзынӕн къӕйдуртӕ, ныффысдзынӕн сыл закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ адӕмы ахуыр кӕнынӕн»+. 13 Гъемӕ Моисей ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Йесо сыстадысты, ӕмӕ Моисей ссыд ӕцӕг Хуыцауы хохмӕ+. 14 Хистӕр лӕгтӕн та загъта: «Цалынмӕ фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ нӕм ам ӕнхъӕлмӕ кӕсут+. Уемӕ уыдзысты Аарон ӕмӕ Хур+. Ӕмӕ уӕ искӕмӕ исты хъуыддаг ӕвзаринаг куы уа, уӕд-иу уыдонмӕ бацӕуӕд»+. 15 Ӕмӕ Моисей ссыд хохмӕ, хохы цъупп та уыди мигъӕй ӕмбӕрзт+.
16 Ӕмӕ Йегъовӕйы кад+ уыди Синайы хохыл+. Мигъ хохы цъупп ӕмбӕрзта ӕхсӕз боны. Ӕвдӕм бон та Хуыцау Моисеймӕ мигъӕй радзырдта+. 17 Израилы фырттӕ Йегъовӕйы кад куы федтой, уӕд сӕм афтӕ фӕкаст, цыма хохы сӕр пиллон арт судзы+. 18 Уӕд Моисей мигъы астӕумӕ бацыд ӕмӕ хохмӕ ссыд+. Ӕмӕ хохыл фӕци цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+.
25 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта+: 2 «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй мын мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссой. Мысайнӕгтӕ исут, йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдонӕй+. 3 Мысайнагӕн исут сызгъӕрин+, ӕвзист+, ӕрхуы+, 4 ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг, сӕгъы къуымбил+, 5 сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ, фӕлмӕн сӕрак*, акъацийы хъӕдӕрмӕг+, 6 сой цырагъдарӕнӕн+, стӕй бальзамы+ сой – уыцы сой хъӕуы хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕрмагонд сой* аразынӕн+. 7 Мысайнагӕн ма ноджыдӕр исут оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодыл+ ӕмӕ риуылдарӕныл бакӕнынӕн+. 8 Ӕмӕ мын скӕнӕнт кувӕн бынат, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕрдзынӕн се ’хсӕн+. 9 Цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон хъуамӕ саразат, ӕз дын цы ныв ӕвдисын, уымӕ гӕсгӕ+.
10 Акъацийӕ хъуамӕ саразой чырын+. Йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дыууӕ ӕлмӕрины* ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 11 Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йыл ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+. Ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 12 Сызгъӕрин бадон кӕн ӕмӕ дзы сараз цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн чырыны цыппар къахы сӕрмӕ: дыууӕ цӕджы – иуырдыгӕй, дыууӕ – иннӕрдыгӕй+. 13 Стӕй акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+. 14 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ дыууӕрдыгӕй чырыны цӕгты бавӕр, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хӕссой. 15 Хъилтӕ ӕдзухдӕр хъуамӕ уой чырыны цӕгты. Уырдыгӕй сӕ исӕн нӕй+. 16 Чырыны-иу нывӕр, ӕвдисӕйнагӕн дын цы ратдзынӕн, уый+.
17 Чырыны сӕр скӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй: йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+. 18 Стӕй сызгъӕринӕй скӕн* дыууӕ херувимы. Скӕн сӕ чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны+. 19 Иу херувимы дзы иу кӕрон скӕн, иннӕйы та – иннӕ кӕрон+. Чырыны сӕрӕн сӕ скӕн йӕ дыууӕ кӕроны. 20 Херувимтӕн сӕ базыртӕ хъуамӕ уой сӕ сӕрмӕ, чырыны сӕр сӕ базыртӕй куыд ӕмбӕрзой, афтӕ. Хъуамӕ уой кӕрӕдзийы акомкоммӕ+ ӕмӕ кӕсой чырыны сӕрмӕ. 21 Чырынӕн йӕ сӕр+ ӕрӕвӕр йӕ уӕлӕ, йӕ мидӕг та йын нывӕрдзынӕ, ӕвдисӕйнагӕн дын цы ратдзынӕн, уый. 22 Уым-иу дӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ демӕ ныхас кӕндзынӕн чырыны сӕрӕй+ – бадзырды чырыны* сӕрыл цы дыууӕ херувимы ис, уыдоны ’хсӕнӕй. Дзурдзынӕн дын, Израилы фырттӕн цы хъӕудзӕн амонын, уыдӕттӕ иууылдӕр+.
23 Акъацийӕ скӕн стъол+: йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 24 Стӕй йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 25 Алырдыгӕй йын скӕн фӕрстӕ армы фӕтӕнӕн*, ӕмӕ йын йӕ фӕрсты кӕрӕттыл дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 26 Скӕн ын сызгъӕринӕй цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ, йӕ цыппар къахы кӕм сты, уыцы рӕтты+. 27 Цӕгтӕ хъуамӕ уой фӕрстӕм хӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы цӕгты бавӕрой хъилтӕ стъол хӕссынӕн+. 28 Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр. Уыдонӕй хӕсдзысты стъол+.
29 Скӕн тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕн къустӕ дӕр, стӕй дурынтӕ ӕмӕ къустӕ кувинаг нозт нывондхӕссӕныл рауадзынӕн. Скӕн сӕ сыгъдӕг сызгъӕринӕй+. 30 Ӕмӕ стъолыл мӕ разы ӕдзухдӕр ӕвӕр нывонд дзултӕ+.
31 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй скӕн цырагъдарӕн+. Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл хъуамӕ уа къалиутӕ, дидинӕджы къусгӕндтӕ, дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. 32 Йӕ зӕнгыл хъуамӕ уа ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуырдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй+. 33 Иуырдыгӕй алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+. Афтӕ конд хъуамӕ уа, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цӕуы, уыдонӕй алкӕцы дӕр. 34 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл та хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн цыппар къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+. 35 Цырагъдарӕныл цы ӕхсӕз къалиуы ис, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ хъуамӕ уа дидинӕджы къуыбыр, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр. Дидинӕджы къуыбыртӕ хъуамӕ уа, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цӕуы, уыдонӕй алкӕцыйы бынмӕ дӕр+. 36 Дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ къалиутӕ хъуамӕ цӕуой йӕ зӕнгӕй. Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ конд уа сыгъдӕг сызгъӕрины иу къӕрттӕй+. 37 Цырагъдарӕнӕн скӕн авд къусы. Уыцы къусты цырӕгътӕ хъуамӕ кӕной судзгӕ, цӕмӕй цырагъдарӕны раз рухс уа+. 38 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ йын скӕн ӕртыскӕнтӕ дӕр ӕмӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн. 39 Цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыдзӕн, уыдон хъуамӕ конд ӕрцӕуой сыгъдӕг сызгъӕрины талантӕй*. 40 Кӕс, иууылдӕр сӕ сараз, хохыл дын цы ныв равдыстон, уымӕ гӕсгӕ+.
26 Цатыр сараз хъуымацӕй – дӕс хайӕ+. Хъуамӕ уӕфт уой гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй+. Ӕмӕ сыл ӕндӕхтӕй скӕн херувимты+ нывтӕ. 2 Алы хайӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дыууын аст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Дӕс хайы+ дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. 3 Фондз хайы дзы баиу кӕн кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ иннӕ фондз хайы дӕр – кӕрӕдзиимӕ+. 4 Фыццаг фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауайа, уый иннӕимӕ кӕм баиу кӕнай, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй скӕн цӕгтӕ. Ӕмӕ афтӕ сараз иннӕ стыр ӕмбӕрзӕнӕн дӕр+. 5 Иу ӕмбӕрзӕныл дӕр скӕн фӕндзай цӕджы, ӕмӕ иннӕ ӕмбӕрзӕныл дӕр, дыууӕ ӕмбӕрзӕны кӕм хъуамӕ баиу кӕнай, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скӕн фӕндзай цӕджы. Иу ӕмбӕрзӕны цӕгтӕ хъуамӕ бадой иннӕ ӕмбӕрзӕны цӕгтимӕ+. 6 Стӕй скӕн фӕндзай сызгъӕрин къӕпсыры, ӕмӕ дыууӕ хайы уыцы къӕпсыртӕй кӕрӕдзиимӕ баиу кӕн, ӕмӕ дзы афтӕмӕй цатырӕн рауайдзӕн иу ӕнӕхъӕн ӕмбӕрзӕн+.
7 Цатыр бамбӕрзынӕн скӕн ӕмбӕрзӕнтӕ сӕгъы къуымбилӕй+. Уыцы ӕмбӕрзӕнтӕ хъуамӕ уой иуӕндӕс. 8 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа ӕртын ӕлмӕрины+, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. 9 Стӕй фондз ӕмбӕрзӕны баиу кӕн кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны дӕр – кӕрӕдзиимӕ+. Ӕхсӕзӕм хай бадыдагъ кӕн, ӕмӕ афтӕмӕй уыдзӕн цатырыл разырдыгӕй. 10 Фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауайа, уый иннӕимӕ кӕм баиу кӕнай, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скӕн фӕндзай цӕджы. Ӕмӕ фӕндзай цӕджы скӕн, ӕхсӕз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауайа, ууыл дӕр. 11 Стӕй скӕн фӕндзай ӕрхуы+ къӕпсыры ӕмӕ сӕ уыцы цӕгты акӕн ӕмӕ дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕн, цӕмӕй дзы иу ӕмбӕрзӕн рауайа+. 12 Ацы ӕмбӕрзӕн уыдзӕн фыццаг ӕмбӕрзӕнӕй даргъдӕр. Фӕстӕрдыгӕй даргъдӕр уыдзӕн ӕмбӕрзӕны фӕстаг хайӕн йе ’мбис, ӕмӕ йӕ хъӕуы афтӕ уадзын. 13 Цатыры фӕрстыл та ӕмбӕрзӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр фыццаг ӕмбӕрзӕнӕй уыдзӕн иу ӕлмӕрин даргъдӕр, цӕмӕй йӕ дыууӕрдыгӕй дӕр ӕмбӕрза.
14 Уый фӕстӕ ма цатырӕн ноджыдӕр скӕн ӕмбӕрзӕн сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕй, ӕмӕ уый ӕддейӕ та – ӕмбӕрзӕн фӕлмӕн сӕракӕй*.
15 Цатыры фӕрстӕн акъацийӕ скӕн, ӕмраст чи лӕудзӕн, ахӕм цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ+. 16 Алы фӕлгӕтӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 17 Алы фӕлгӕтыл дӕр хъуамӕ уа дыгай къӕхтӕ. Афтӕ скӕн цатыры цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ иууылдӕр. 18 Дыууын фӕлгӕты скӕн, Негевмӕ, ома хуссарырдӕм, чи у, уыцы фарсӕн.
19 Уыцы дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕтӕн скӕн цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны*+: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр. 20 Цатыры иннӕ фарсӕн дӕр, цӕгат фарсӕн, скӕн дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕты+. 21 Ӕмӕ уыцы фӕлгӕттӕн дӕр скӕн цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+. 22 Цатыры фӕстаг фарсӕн та, ныгуылӕн фарсӕн, скӕн ӕхсӕз цыппӕрдигъон фӕлгӕты+. 23 Дыууӕ ӕртӕтигъон фӕлгӕты та скӕн цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн+ – уыдон уыдзысты быцӕутӕ. 24 Уыцы фӕлгӕттӕй алкӕцы дӕр бынӕй суанг уӕлӕмӕ хъуамӕ конд уа дыууӕ фӕйнӕгӕй. Дыууӕ фӕйнӕджы баиу уыдзысты уӕлейӕ, фыццаг цӕджы раз. Ацы дыууӕ фӕлгӕты хъуамӕ уой иухуызон конд. Уыдон уыдзысты тигътӕн сӕ быцӕутӕ. 25 Афтӕмӕй фӕлгӕттӕ уыдзысты аст, ӕмӕ сын ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ та уыдзӕн ӕхсӕрдӕс: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр.
26 Стӕй акъацийӕ скӕн хъилтӕ+, цӕмӕй фӕлгӕттыл хӕцой: фондз хъилы, цатыры иу фарс цы фӕлгӕттӕ ис, уыдонӕн, 27 фондз хъилы, цатыры иннӕ фарс цы фӕлгӕттӕ ис, уыдонӕн ӕмӕ фондз хъилы та, цатыры фӕстаг фарс, ныгуылӕн фарс, цы фӕлгӕттӕ ис, уыдонӕн+. 28 Алы фарсыл дӕр астӕуккаг хъил хъуамӕ уа кӕрӕй-кӕронмӕ.
29 Фӕлгӕттыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй скӕн цӕгтӕ хъилтӕ атъыссынӕн. Сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр хъилтыл дӕр. 30 Цатыр сараз, хохыл дын цы пълан равдыстон, уымӕ гӕсгӕ+.
31 Ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скӕн, мидӕгӕй чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн+. Йӕ уӕлӕ та йын ӕндӕхтӕй скӕнын хъӕуы херувимты+ нывтӕ. 32 Стӕй акъацийӕ скӕн цыппар цӕджындзы, сызгъӕринӕй сыл цъар сӕвӕр ӕмӕ ӕмбӕрзӕн уыдоныл бафидар кӕн. Зӕгӕлтӕ хъуамӕ уой сызгъӕринӕй. Ӕмӕ цӕджындзтӕ хъуамӕ лӕууой цыппар ӕвзист бынӕвӕрӕныл. 33 Ӕмбӕрзӕн бафидар кӕн къӕпсырты тӕккӕ бынмӕ, ӕмӕ бадзырды чырын*+ сӕвӕр ӕмбӕрзӕны фӕстӕ. Ӕмбӕрзӕн хъуамӕ Сыгъдӕг бынат+ хицӕн кӕна Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй+. 34 Бадзырды чырын Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ куы бахӕссай, уӕд ын йӕ сӕр дӕр йӕ уӕлӕ ӕрӕвӕр.
35 Ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй сӕвӕр стъол. Стъолы акомкоммӕ та, цатыры хуссар фарс, сӕвӕр цырагъдарӕн+ – стъол та уыдзӕн цӕгатырдыгӕй. 36 Цатырмӕ бахизӕнӕн дӕр скӕн ӕмбӕрзӕн+. Бауаф ӕй ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 37 Ӕмӕ уыцы ӕмбӕрзӕнӕн акъацийӕ скӕн фондз цӕджындзы ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр. Зӕгӕлтӕ сын скӕн сызгъӕринӕй. Стӕй ӕрхуы бадон кӕн ӕмӕ дзы цӕджындзтӕн скӕн фондз бынӕвӕрӕны.
27 Акъацийӕ скӕн нывондхӕссӕн. Нывондхӕссӕнӕн+ йӕ цыппар фарсы дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа ӕртӕ ӕлмӕрины. 2 Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн сыкъатӕ+. Сыкъатӕ хъуамӕ цӕуой йӕхицӕй. Ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕр+. 3 Скӕн ын, сойӕдзаг фӕнык кӕдӕм ӕвгӕной, ахӕм мигӕнӕнтӕ дӕр, стӕй белтӕ, къустӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр скӕн ӕрхуыйӕ+. 4 Скӕн ын сеткӕ+ дӕр ӕрхуыйӕ. Ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы та бафидар кӕн цыппар ӕрхуы цӕджы. 5 Сеткӕ бавӕр, нывондхӕссӕны кӕрӕттыл цы фӕлгӕтгонд уыдзӕн, уый бынмӕ, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕуӕй куыд уа, афтӕ+. 6 Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕр+. 7 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ бавӕр цӕгты – нывондхӕссӕн куы хӕссой, уӕд хъилтӕ уыдзысты дыууӕрдыгӕй+. 8 Нывондхӕссӕн скӕн фӕйнӕджытӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа. Хохыл дын ӕвдыст куыд ӕрцыд, растдӕр ӕй афтӕ сараз+.
9 Цатыры алыварс скӕн кӕрт дӕр+. Негевы ’рдыгӕй, хуссар фарс, кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ дӕргъырдӕм хъуамӕ уой сӕдӕ ӕлмӕрины. Хъуамӕ уӕфт уой гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. 10 Уыцы фарсӕн хъӕуы дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕвзистӕй+. 11 Цӕгат фарс дӕр ӕмбӕрзӕнтӕ дӕргъырдӕм хъуамӕ уой сӕдӕ ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн дӕр хъӕуы дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕвзистӕй+. 12 Кӕртӕн уӕрхырдӕм ныгуылӕнырдыгӕй цы ӕмбӕрзӕнтӕ уыдзӕн, уыдон та хъуамӕ уой фӕндзай ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн хъӕуы дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны+. 13 Кӕртӕн скӕсӕнырдыгӕй дӕр йӕ уӕрх хъуамӕ уа фӕндзай ӕлмӕрины+. 14 Бахизӕнӕй иуырдӕм ӕмбӕрзӕнты дӕргъ хъуамӕ уа фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын хъуамӕ уа ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+. 15 Ӕмӕ бахизӕнӕй иннӕрдӕм дӕр ӕмбӕрзӕнты дӕргъ хъуамӕ уа фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын хъуамӕ уа ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+.
16 Кӕрты бахизӕнӕн дӕр скӕн, йӕ дӕргъ дыууын ӕлмӕрины кӕмӕн уа, ахӕм ӕмбӕрзӕн. Бауаф ӕй ӕрвхуыз цъӕх ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. Цӕджындзтӕ йын хъуамӕ уа цыппар, ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – цыппар+. 17 Кӕрты алыварс цӕджындзтыл се ’ппӕтыл дӕр хъуамӕ уа ӕвзист фидаргӕнӕнтӕ ӕмӕ сӕ зӕгӕлтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕвзистӕй. Сӕ бынӕвӕрӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ+. 18 Кӕртӕн йӕ дӕргъ хъуамӕ уа сӕдӕ ӕлмӕрины+, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнӕн йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа фондз ӕлмӕрины. Ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. 19 Цатыры лӕггад кӕнынӕн цы мигӕнӕнтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр, стӕй цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ+.
20 Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй дын хӕссой сыгъдӕг оливӕйы сой цырагъдарӕны кӕнынӕн, йӕ цырӕгътӕ ӕдзухдӕр куыд судзой+. 21 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны* цур чи ис, уыцы ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй+, рухс судза изӕрӕй райсоммӕ+. Уый у закъон ӕнустӕм, ӕмӕ йӕ Израилы фырттӕ+ хъуамӕ ӕххӕст кӕной фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
28 Израилы фырттӕй ӕрбакӕн де ’фсымӕр Аароны йӕ фырттимӕ, цӕмӕй мын Аарон+ ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авиуд+, Елеазар ӕмӕ Ифамар+ сауджынтӕй лӕггад кӕной+. 2 Ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронӕн скӕн сӕрмагонд дарӕс, цӕмӕй уа кадджын ӕмӕ рӕсугъд+. 3 Ӕз зондӕй кӕй схайджын кодтон ӕмӕ къухӕй арӕхстджын чи у+, уыцы адӕймӕгтӕн зӕгъдзынӕ, цӕмӕй Ааронӕн скӕной, иннӕтӕй йӕ чи хицӕн кӕндзӕн, ахӕм дарӕс, ӕмӕ мын сауджынӕй лӕггад кӕна+.
4 Хъуамӕ скӕной ахӕм дзаумӕттӕ: риуылдарӕн+, ефод+, ӕнӕдыс къаба+, чырынтӕ даргъ хӕдон, сарыхъ+ ӕмӕ рон+. Сӕрмагонд дарӕс скӕнӕнт де ’фсымӕр Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, цӕмӕй мын сауджынтӕй лӕггад кӕной. 5 Райсӕнт сызгъӕрин ӕндах, ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг.
6 Ӕмӕ ефод скӕнӕнт сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. Скӕнӕнт ӕй нывӕфтыд+. 7 Ефодӕн йӕ дыууӕ кӕроны, йе уӕхсчытыл дыууӕрдыгӕй дӕр, хъуамӕ уа хъуымацы дыууӕ гӕбазы йӕ дыууӕ фарсы баиу кӕнынӕн+. 8 Йе ’рбабӕттынӕн ыл цы рон+ уыдзӕн, уый дӕр хъуамӕ уа, ефод цӕмӕй конд уыдзӕн, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй.
9 Уый фӕстӕ райс дыууӕ оникс+ дуры ӕмӕ сыл скъах+ Израилы фыртты нӕмттӕ+: 10 ӕхсӕз – иу дурыл, ӕхсӕз – иннӕ дурыл. Сӕ нӕмттӕ сын ныффысс хистӕрӕй кӕстӕрмӕ+. 11 Израилы фыртты нӕмттӕ уыцы дыууӕ дурыл скъах, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ+. Стӕй сӕ бавӕр сызгъӕрин фӕлгӕтты+. 12 Ӕмӕ уыцы дыууӕ дуры бафидар кӕн, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыдзӕн, уыдоныл. Уыцы дуртӕ уыдзысты Израилы фырттӕн зӕрдыл дарынӕн+. Ааронӕн йе уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыдзӕн, уыдоныл уый сӕ нӕмттӕ хӕсдзӕн Йегъовӕйы раз, цӕмӕй йӕ зӕрдыл лӕууой. 13 Скӕн сын сызгъӕрин фӕлгӕттӕ 14 ӕмӕ дыууӕ рӕхысы сыгъдӕг сызгъӕринӕй+. Рӕхыстӕ скӕн, бӕндӕн куыд быд вӕййы, афтӕ ӕмӕ уыцы быд рӕхыстӕ фӕлгӕттыл бафидар кӕн+.
15 Тӕрхон кӕнынӕн чи уыдзӕн, уыцы риуылдарӕн+ скӕн нывӕфтыд. Скӕн ӕй, ефод цӕмӕй конд уыдзӕн, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. 16 Дыдагъӕй йӕ цыппар фарсы дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – уылынг*, йӕ уӕрх дӕр – уылынг+. 17 Ӕмӕ йыл бакӕн дуртӕ, цыппар рӕнхъы+. Фыццаг рӕнхъы: рубин+, топаз+ ӕмӕ изумруд+. 18 Дыккаг рӕнхъы: бирюза+, сапфир+ ӕмӕ яшмӕ+. 19 Ӕртыккаг рӕнхъы: лешем*, агат+ ӕмӕ аметист+. 20 Цыппӕрӕм рӕнхъы та: хризолит+, оникс+ ӕмӕ жадеит. Дуртӕ хъуамӕ ӕвӕрд уой сызгъӕрин фӕлгӕтты+. 21 Хъуамӕ уой дыууадӕс – Израилы фырттӕ цал сты, уал+. Алы дурыл дӕр дзы, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ, хъуамӕ къахт уа Израилы дыууадӕс мыггагӕй иуы ном+.
22 Уый фӕстӕ риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй скӕн бӕндӕнау здыхст рӕхыстӕ+. 23 Стӕй ма йын сызгъӕринӕй скӕн дыууӕ цӕджы+ дӕр ӕмӕ сӕ риуылдарӕны кӕрӕттыл дыууӕрдыгӕй бафидар кӕн. 24 Ӕмӕ уыцы цӕгты мидӕг акӕн дыууӕ сызгъӕрин бӕттӕны+. 25 Уыцы дыууӕ бӕттӕнӕн сӕ кӕрӕттӕ та алас дыууӕ фӕлгӕты ӕмӕ сӕ, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыдзӕн, уыдоныл разӕй бафидар кӕн+. 26 Ноджыдӕр ма скӕн дыууӕ сызгъӕрин цӕджы, ӕмӕ уыдон та бафидар кӕн риуылдарӕнӕн йӕ дыууӕ кӕроныл бынӕй, мидӕгырдыгӕй – ефодырдӕм фарс+. 27 Стӕй ма скӕн дыууӕ сызгъӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыдзӕн, уыдоныл бынӕй, ӕддӕрдыгӕй, ефодӕн йӕ роны сӕрмӕ, ефодимӕ кӕм иу кӕнынц, уымӕ хӕстӕг+. 28 Ӕмӕ риуылдарӕн уыцы цӕгтӕй ефоды цӕгтӕм бабӕттӕнт ӕрвхуыз бӕттӕнӕй, риуылдарӕн ефодӕн йӕ роны сӕрмӕ куыд уа ӕмӕ йыл ӕнгом куыд бада, афтӕ+.
29 Ӕмӕ-иу Аарон Сыгъдӕг бынатмӕ куы бацӕуа, уӕд-иу Израилы фыртты нӕмттӕ уыдзысты, тӕрхон кӕнынӕн чи уыдзӕн, уыцы риуылдарӕныл, йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ӕдзухдӕр йӕ зӕрдыл дара. 30 Риуылдарӕны нывӕр урим+ ӕмӕ туммим*, цӕмӕй-иу Аарон Йегъовӕйы размӕ куы бацӕуа, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг уой. Ӕмӕ сӕ Аарон ӕдзухдӕр Йегъовӕйы раз хӕссӕд йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг, цӕмӕй Израилы фырттӕн тӕрхон кӕна+.
31 Уый фӕстӕ скӕн ӕнӕдыс къаба ефоды мидӕгӕй дарынӕн. Ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ уа ӕрвхуыз ӕндахӕй+. 32 Къабайӕн уӕлӕрдыгӕй астӕуӕй хъуамӕ уа хъуыр, ӕмӕ йӕ чи уафа, уый хъуырӕн йӕ кӕрӕттӕ дӕр скӕнӕд. Йӕ хъуыр хъуамӕ конд уа, згъӕрхӕдоны хъуыр куыд фидар конд вӕййы, афтӕ, цӕмӕй ма скъуыйа+. 33 Къабайӕн йӕ бынтыл та ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй кӕрӕй-кӕронмӕ скӕн гранаттӕ, ӕмӕ се ’хсӕнты та – сызгъӕрин дзӕнгӕрджытӕ+: 34 сызгъӕрин дзӕнгӕрӕг, стӕй гранат, сызгъӕрин дзӕнгӕрӕг, стӕй гранат – ӕмӕ афтӕ йӕ бынтыл кӕрӕй-кӕронмӕ+. 35 Ааронӕн йӕ лӕггады рӕстӕг уыцы къаба хъуамӕ уа йӕ уӕлӕ. Ӕмӕ-иу кувӕн бынатмӕ Йегъовӕйы размӕ куы фӕцӕйцӕуа, уӕд дӕр, ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ куы рацӕйцӕуа, уӕд дӕр хъуамӕ хъуыса йӕ дзӕнгӕрджыты дзӕгъ-дзӕгъ, цӕмӕй ма амӕла+.
36 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй скӕн ӕрттиваг тъӕпӕн гӕбаз ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах ахӕм ныхӕстӕ: „Йегъовӕ у сыгъдӕг*“+. 37 Ӕмӕ йӕ ӕрвхуыз бӕттӕнӕй бабӕтт сарыхъыл+, сарыхъӕн разырдыгӕй куыд уа, афтӕ. 38 Уый уыдзӕн Аароны ныхыл, ӕмӕ Аарон дзуапп дӕтдзӕн, Израилы фырттӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ кӕй ӕруадзой, уыцы рӕдыдтыты тыххӕй+. Уыдон сты, Израилы фырттӕ кӕй хъуамӕ хӕссой, ахӕм лӕвӕрттӕ Хуыцауӕн. Уыцы тъӕпӕн гӕбаз йӕ ныхыл хъуамӕ уа ӕдзухдӕр, цӕмӕй-иу адӕм Йегъовӕйы хорзӕх ссарой+.
39 Гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндахӕй бауаф чырынтӕ даргъ хӕдон, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй скӕн сарыхъ+, стӕй йын бауаф рон+ дӕр.
40 Аароны фырттӕн дӕр скӕн даргъ хӕдӕттӕ+ ӕмӕ рӕттӕ, стӕй сын скӕн худтӕ+ дӕр, цӕмӕй уой кадджын ӕмӕ рӕсугъд+. 41 Ӕмӕ уыцы уӕлӕдарӕс скӕн де ’фсымӕр Аароныл ӕмӕ йӕ фырттыл. Сойӕ сӕ байсӕрд+ ӕмӕ сын сӕ къухмӕ ратт бартӕ+ ӕмӕ мын сӕ снывонд кӕн, ӕмӕ мын уыдон лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй. 42 Кӕттагӕй сын скӕн мидӕггаг хӕлӕфтӕ дӕр, астӕуӕй уӕрджытӕм сын сӕ бӕгънӕг буар куыд ӕмбӕрзой, афтӕ+. 43 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕмбырды цатырмӕ кӕнӕ, сыгъдӕг бынаты лӕггадгӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕны размӕ куы цӕуой, уӕд уыцы хӕлӕфтӕ хъуамӕ уой сӕ уӕлӕ, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у закъон ӕнустӕм йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр+.
29 Цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ мын сауджынтӕй лӕггад кӕной, уый тыххӕй дӕ хъӕуы иу уӕныг ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат+ фыры+, 2 стӕй донгонд дзултӕ, соимӕ конд донгонд гуылтӕ* ӕмӕ сойӕ сӕрст донгонд лауызтӕ+. Скӕн сӕ ӕппӕты хуыздӕр мӕнӕуы ссадӕй. 3 Ӕмӕ сӕ чыргъӕды+ нывӕр ӕмӕ сӕ ӕрбахӕсс, стӕй ӕрбакӕн уӕныджы ӕмӕ дыууӕ фыры.
4 Уый фӕстӕ Аароны ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн ӕмбырды цатыры бахизӕны+ размӕ ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи донӕй ныхсой+. 5 Стӕй Аароныл скӕн ахӕм уӕлӕдарӕс+: даргъ хӕдон, ӕнӕдыс къаба ӕмӕ уый ӕддейӕ – ефод, ефоды ӕддейӕ та йыл ӕрбакӕн риуылдарӕн ӕмӕ йыл ефод йӕ ронӕй ӕнгом ӕрбабӕтт+. 6 Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ ӕмӕ сарыхъыл бакӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд тъӕпӕн гӕбаз*+. 7 Стӕй райс сӕрмагонд сой*+ ӕмӕ Аароны байсӕрд – сой йын йӕ сӕрыл рауадз+.
8 Уый фӕстӕ йын ӕрбакӕн йӕ фыртты ӕмӕ уыдоныл дӕр скӕн даргъ хӕдӕттӕ+. 9 Ӕмӕ Ааронӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ астӕутыл рӕттӕ ӕрбабӕтт ӕмӕ сыл худтӕ скӕн. Ӕмӕ уыдон уыдзысты сауджынтӕ – уый у закъон ӕнустӕм+. Афтӕмӕй Аароны ӕмӕ йӕ фыртты къухмӕ бартӕ ратт+.
10 Уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбакӕн уӕныджы, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт+. 11 Ӕмӕ йӕ стӕй аргӕвд Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны+. 12 Ӕмӕ уӕныджы тугӕй+ райс ӕмӕ дзы де ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор+. Тугӕй ма цы баззайа, уый та акал нывондхӕссӕны бынмӕ+. 13 Стӕй сис уӕныгӕн йӕ тъӕнгты+ фиу+ иууылдӕр, игӕры фиу+, йӕ дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудз+. 14 Уӕныгӕн йӕ дзидза, йӕ царм ӕмӕ йӕ фаджыс та басудз цатырты ӕдде+. Уый у нывонд тӕригъӕды тыххӕй.
15 Уый фӕстӕ ракӕн фырытӕй+ иуы, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт+. 16 Стӕй йӕ аргӕвд ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕн+. 17 Фыры та ауӕнгтӕ кӕн, ӕмӕ-иу ын йӕ тъӕнгтӕ+ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ныхс. Стӕй нывонды уӕнгтӕ ӕрӕвӕр иу иннӕйы акомкоммӕ, ӕрӕвӕр сӕр дӕр. 18 Ӕмӕ фыры ӕнӕхъӕнӕй дӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у судзинаг нывонд+ Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф у ӕхсызгон+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн.
19 Стӕй та ӕрбакӕн иннӕ фыры, ӕмӕ уымӕн дӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт+. 20 Уый фӕстӕ йӕ аргӕвд, йӕ тугӕй йын райс ӕмӕ дзы ацахор Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты стыр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ+. Ӕмӕ стӕй туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕн. 21 Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй ӕмӕ сӕрмагонд сойӕ+ ӕмӕ дзы бапырх кӕн Ааронӕн йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ дарӕсыл дӕр, стӕй йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй Аарон йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй йӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр нывонд уыдзысты Хуыцауӕн+.
22 Уый фӕстӕ райс фырӕн йӕ фиу ӕмӕ йӕ дымӕг*+, тъӕнгты фиу, йӕ дыууӕ уырджы сӕ фиутимӕ ӕмӕ йын ралыг кӕн йӕ рахиз агъд+, уымӕн ӕмӕ уыцы фыр хаст цӕуы, сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый тыххӕй+. 23 Стӕй, Йегъовӕйы раз донгонд дзултимӕ цы чыргъӕд ис, уырдыгӕй сис иу донгонд дзул, соимӕ конд гуыл ӕмӕ иу лауыз+. 24 Ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр Аароны къухтыл ӕмӕ йӕ фыртты къухтыл+ ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атил – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 25 Уый фӕстӕ сӕ сӕ къухтӕй райс ӕмӕ сӕ басудз нывондхӕссӕныл, судзгӕ кӕй бакодтой, уыцы нывонды сӕрыл, ӕмӕ сӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг Йегъовӕйӕн+.
26 Стӕй райс, Аарон сауджынӕй ӕвӕрд кӕй цӕуы, уый тыххӕй нывондӕн цы фыр ӕрцыд хаст, уымӕн йӕ риуыгуыдыр+ ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атил – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг. Уый уыдзӕн дӕ хай. 27 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц+, уый тыххӕй цы фыр ӕрцыд хаст, уымӕн табуйаг схон йӕ риуыгуыдыр+ – уый у, кӕй батылдтой, уыцы кувинаг, ӕмӕ йӕ агъд – сауджынтӕн кӕй радтой, уыцы хай. 28 Уыцы хӕйттӕ алкӕддӕр уыдзысты Аароны ӕмӕ йӕ фыртты – уый у Израилы фырттӕн закъон ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ уый у сауджынты хай+. Уыцы хӕйттӕ дӕтдзысты Израилы фырттӕ сауджынтӕн. Уыдон уыдзысты, сӕ фарны нывӕндтӕй+ Йегъовӕйӕн кӕй дӕтдзысты, уыцы хӕйттӕ.
29 Аароны сӕрмагонд уӕлӕдарӕс+ йӕ фӕстӕ баззайдзӕн йӕ фырттӕн+. Уыцы уӕлӕдарӕсы-иу сӕ байсӕрддзысты сойӕ+ ӕмӕ-иу сын сӕ къухмӕ бартӕ ратдзысты+. 30 Йӕ фырттӕй йӕ фӕстӕ сауджын чи суыдзӕн ӕмӕ-иу ӕмбырды цатырмӕ сыгъдӕг бынаты лӕггад кӕнынмӕ чи бацӕудзӕн, уый уыцы уӕлӕдарӕс дардзӕн авд боны+.
31 Уый фӕстӕ, сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый тыххӕй нывондӕн цы фыр ӕрцыд хаст, уымӕн йӕ дзидза сыгъдӕг бынаты сфыц+. 32 Ӕмӕ фыры дзидза ӕмӕ, ӕмбырды цатырмӕ бахизӕны чыргъӕды цы дзултӕ ис, уыдон Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ бахӕрой+. 33 Уыдон хъуамӕ хӕрой, сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕныны* тыххӕй нывондӕн хаст цы ’рцыд, уымӕй – сӕ тӕригъӕдтӕ та хатыргонд ӕрцыдысты, цӕмӕй бартӕ сӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕуой ӕмӕ цӕмӕй ӕрцӕуой нывондгонд+. Фӕлӕ дзы сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕмӕн ис хӕрӕн, уымӕн ӕмӕ у табуйаг+. 34 Нывондӕн хаст фыры дзидзайӕ ӕмӕ дзултӕй райсоммӕ исты куы баззайа, уӕд ӕй хъӕуы басудзын+. Хӕрӕн ӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ у табуйаг.
35 Аарон ӕмӕ дын йӕ фыртты тыххӕй цы загътон, уыдон иууылдӕр сараз+. Цӕмӕй сын сӕ къухмӕ бартӕ раттай, уый тыххӕй дӕ бахъӕудзӕн авд боны+. 36 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн алы бон дӕр тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хӕсс иу гал+, стӕй-иу тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕн нывондхӕссӕн дӕр, ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд+ сойӕ, цӕмӕй суа табуйаг. 37 Нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕнынӕн дӕ бахъӕудзӕн авд боны. Ссыгъдӕг ӕй кӕн+, цӕмӕй суа уӕлдай табуйаг нывондхӕссӕн+. Ӕмӕ нывондхӕссӕны раз чидӕриддӕр лӕггад кӕна, уый хъуамӕ уа сыгъдӕг+.
38 Нывондхӕссӕныл алы бон дӕр нывондӕн хӕсдзынӕ дыууӕ афӕдздзыд фыркъайы+. 39 Иу фыркъайы-иу дзы ӕрхӕсс райсомӕй+, иннӕйы та – дыууӕ изӕры астӕу*+. 40 Фыццаг фыркъаимӕ ма-иу ӕрхӕсс ӕппӕты хуыздӕр ссад+ – ефӕйы дӕсӕм хай, оливӕйы сойы гины* цыппӕрӕм хаимӕ йӕ сызмӕнт, афтӕмӕй, стӕй кувинаг нозт+ – сӕн, гины цыппӕрӕм хай. 41 Дыккаг фыркъайы та-иу ӕрхӕсс дыууӕ изӕры астӕу. Райсомӕй-иу куыд бакӕнай, афтӕ-иу ай дӕр ӕрхӕсс хоры кувинагимӕ+ ӕмӕ кувинаг нозтимӕ. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф уыдзӕн ӕхсызгон. 42 Уыдон сты, алы бон дӕр+ кӕй хъӕуы хӕссын, ахӕм судзинаг нывӕндтӕ. Хъуамӕ сӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕссат Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны – ӕз-иу уӕм уым фӕзындзынӕн, ӕмӕ демӕ ныхас кӕндзынӕн+.
43 Уым-иу фӕзындзынӕн Израилы фырттӕм, ӕмӕ уыцы бынат мӕ кадӕй суыдзӕн сыгъдӕг+. 44 Ӕз ссыгъдӕг кӕндзынӕн+ ӕмбырды цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн, стӕй Аароны ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй мын сауджынтӕй лӕггад кӕной. 45 Ӕз цӕрдзынӕн Израилы фыртты ’хсӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау+. 46 Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау – ӕз сӕ ракодтон Египетӕй, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау+.
30 Скӕн нывондхӕссӕн буд судзынӕн+. Скӕн ӕй акъацийӕ. 2 Йӕ цыппар фарсы дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – иу ӕлмӕрин, йӕ уӕрх дӕр – иу ӕлмӕрин. Йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ сыкъатӕ хъуамӕ цӕуой йӕхицӕй+. 3 Нывондхӕссӕныл уӕлейӕ дӕр, йӕ фӕрстыл дӕр ӕмӕ йӕ сыкъатыл дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр. Ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн+. 4 Стӕй йын йӕ дыууӕ фарсыл дӕр йӕ нывӕфтыд кӕрӕтты бынмӕ кӕрӕдзи акомкоммӕ скӕн фӕйнӕ дыууӕ сызгъӕрин цӕджы хъилтӕ ӕвӕрынӕн – уыдонӕй йӕ хӕсдзысты+. 5 Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+. 6 Ӕмӕ нывондхӕссӕн сӕвӕр, бадзырды чырын* кӕй фӕстӕ ис, уыцы ӕмбӕрзӕны раз, бадзырды чырыны*+ ӕмӕ йӕ сӕры раз, кӕм-иу дӕм фӕзындзынӕн, уым+.
7 Уыцы нывондхӕссӕныл Аарон судздзӕн хӕрздӕф буд+. Хъуамӕ-иу ӕй ссудза алы райсом дӕр, цырагъдарӕн-иу+ куы цӕттӕ кӕна, уӕд. 8 Аарон-иу хъуамӕ буд ссудза, цырагъдарӕн-иу дыууӕ изӕры астӕу куы ссудза, уӕд дӕр. Уыцы буд Йегъовӕйы раз судзын хъӕуы алы бон дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 9 Ма йыл-иу судзут, чи не ’мбӕлы, ахӕм буд+, нӕдӕр судзинаг нывонд ӕмӕ нӕдӕр хоры кувинаг. Ма йыл-иу рауадзут кувинаг нозт дӕр. 10 Аарон-иу хъуамӕ афӕдз иу хатт+ райса, тӕригъӕды тыххӕй цы нывонд хаст ӕрцӕуа, уый тугӕй+ ӕмӕ дзы ацахора нывондхӕссӕны сыкъатӕ, цӕмӕй нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕна. Афтӕ кӕнын хъӕуы фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый Йегъовӕйы цӕсты у уӕлдай табуйаг».
11 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 12 «Израилы фыртты куы нымайай ӕмӕ сӕ куы фыссай+, уӕд сӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ уды тыххӕй Йегъовӕйӕн бафида*+, цӕмӕй сӕ бӕллӕх ма баййафа сӕ нымайыны рӕстӕг+. 13 Нымад чи ’рцӕуа, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ ратта сиклы ’рдӕг, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй*+. Сиклы ис дыууын герӕйы*. Сиклы ’рдӕг у мысайнаг Йегъовӕйӕн+. 14 Йегъовӕйӕн мысайнаг хъуамӕ ратта, нымад чи ’рцӕуа, уыдонӕй алчидӕр – дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр+. 15 Уӕ удтӕ балхӕныны тыххӕй+ Йегъовӕйӕн мысайнаг куы дӕттат, уӕд, хъӕздыг чи у, уый хъуамӕ сиклы ’рдӕгӕй фылдӕр ма ратта+, мӕгуыр та – сиклы ’рдӕгӕй къаддӕр. 16 Израилы фырттӕ сӕ удтӕ балхӕныны тыххӕй цы ӕвзист ӕхца раттой, уыдон ратт ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнынӕн+ – уый фӕрцы Израилы фырттӕ Йегъовӕйы зӕрдыл лӕудзысты».
17 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 18 «Ӕрхуыйӕ скӕн стыр аг хи ӕхсынӕн ӕмӕ йын йӕ бынӕвӕрӕн дӕр скӕн ӕрхуыйӕ+. Сӕвӕр ӕй ӕмбырды цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн+. 19 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ уыцы донӕй ӕхсдзысты сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ+. 20 Ӕмбырды цатырмӕ-иу куы цӕуой кӕнӕ Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕныл, артыл кӕй басудзынц+, ахӕм кувинӕгтӕ куы хӕссой, уӕд-иу сӕхи ныхсӕнт, науӕд амӕлдзысты. 21 Ныхсӕнт-иу сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ, науӕд амӕлдзысты+. Уый сын у закъон ӕнустӕм: йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+.
22 Дарддӕр Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 23 «Ды та райс ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕ+: чи ныхъхъӕбӕр, ахӕм миррӕ+ фондзсӕдӕ сиклы ӕмӕ уымӕн йе ’рдӕджы бӕрц, ома дыууӕсӕдӕ фӕндзай сиклы, адджын тӕф чи кӕны, ахӕм корицӕ+; дыууӕсӕдӕ фӕндзай сиклы, адджын тӕф чи кӕны, ахӕм аир+; 24 фондзсӕдӕ сиклы касси+,– иууылдӕр сыгъдӕг бынаты сиклтӕй+,– ӕмӕ иу гин+ та оливӕйы сой. 25 Иумӕ сӕ схӕццӕ кӕн ӕмӕ сӕ скӕн сӕрмагонд сой, хӕрздӕф сой. Хъуамӕ йӕ скӕна хӕрздӕф сойтӕ аразӕг+. Уый уыдзӕн сӕрмагонд сой+.
26 Уыцы сойӕ байсӕрд ӕмбырды цатыр+ ӕмӕ бадзырды чырын, 27 стъол ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон, цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон, стӕй нывондхӕссӕн буд судзынӕн, 28 судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон, стӕй стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн дӕр. 29 Ссыгъдӕг сӕ кӕн, цӕмӕй уой уӕлдай табуйаг+. Ӕмӕ семӕ чидӕриддӕр архайа, уый хъуамӕ уа сыгъдӕг+. 30 Байсӕрд Аароны+ ӕмӕ йӕ фыртты+ дӕр ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн, цӕмӕй мын сауджынтӕй лӕггад кӕной+.
31 Ӕмӕ Израилы фырттӕн зӕгъ: „Ацы сой мын уыдзӕн сӕрмагонд сой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 32 Макӕй дзы сӕрдут ӕмӕ, цӕмӕй конд у, уыдӕттӕй ӕндӕр ахӕм сой ма аразут. Уый у сӕрмагонд сой ӕмӕ уын уыдзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. 33 Ахӕм хӕрздӕф сой чи скӕна ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый фесафын хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй“»+.
34 Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ+: стактийы чъиу, оних, тӕфгӕнаг галбан ӕмӕ сыгъдӕг урс буд+ – се ’ппӕтӕй дӕр райс ӕмхуызон. 35 Иумӕ сӕ сызмӕнт ӕмӕ сӕ скӕн хӕрздӕф буд+, хъуамӕ йыл уа цӕхх+ ӕмӕ уа сыгъдӕг. Уый у Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. Хъуамӕ йӕ скӕна хӕрздӕф сойтӕ аразӕг. 36 Йӕ иу хай йын лыстӕг мур ныккӕн, ӕмӕ дзы иуцасдӕр сӕвӕр ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны раз+, кӕм-иу дӕм фӕзындзынӕн, уым+. Уыцы буд сымахӕн хъуамӕ уа уӕлдай табуйаг. 37 Уыцы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй уӕхицӕн ма аразут буд+. Уый уын уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ у табуйаг+. 38 Ахӕм буд йӕхицӕн чи скӕна, йӕ тӕфмӕ йын смудон, зӕгъгӕ, уый фесафын+ хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй».
31 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Ӕз равзӕрстон Иудӕйы мыггагӕй+ Веселеилы+, Хурӕн йӕ фырт Урийы фырты. 3 Ӕз ӕй схайджын кӕндзынӕн мӕ тыхӕй*, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уа дӕсны+: 4 цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр, сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ аразынмӕ+, 5 дуртӕ лӕгъз кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕлгӕтты ӕвӕрынмӕ+ ӕмӕ хъӕдӕй алыхуызон дзауматӕ кӕнынмӕ+. 6 Ӕххуысгӕнӕгӕй та йын ӕвӕрын Даны+ мыггагӕй Аголиавы, Ахисамахы фырты. Ӕмӕ, къухӕй арӕхстджын чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ратдзынӕн зонд, цӕмӕй саразой, цы дын загътон, уыдон иууылдӕр+: 7 ӕмбырды цатыр+, бадзырды чырын*+, чырынӕн йӕ сӕр+ ӕмӕ, цатыры цы хъуамӕ уа, уыдон иууылдӕр, 8 стъол ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ хъуамӕ уа, уыдон, цырагъдарӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ+ хъуамӕ уа, уыдон иууылдӕр, нывондхӕссӕн буд судзынӕн+, 9 судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ+ хъуамӕ уа, уыдон иууылдӕр, стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн+, 10 рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс, сӕрмагонд уӕлӕдарӕс сауджын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кӕной+, 11 стӕй сӕрмагонд сой* ӕмӕ хӕрздӕф буд кувӕн бынаты судзынӕн+. Уыдон алцыдӕр сараздзысты, ӕз дын куыд загътон, афтӕ».
12 Стӕй ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 13 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕнут, сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон+, уый, уымӕн ӕмӕ уый у нысан мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, цӕмӕй йӕ зонат, ӕз уӕ кӕй сыгъдӕг кӕнын – ӕз, Йегъовӕ+. 14 Ӕххӕст кӕнут, сабаты тыххӕй уын цы закъон радтон, уый, уымӕн ӕмӕ уын уыцы бон у Хуыцауы бон+. Сабатбоны закъон чи фехала, уый хъӕуы амарын+. Уыцы бон исчи исты куы куса, уӕд уыцы адӕймаджы фесафын хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 15 Ӕхсӕз боны ис кусӕн, ӕвдӕм бон та у сабат, улӕфты бон+. Уыцы бон у Йегъовӕйы бон. Сабатбон исчи исты куы куса, уӕд ӕй* хъӕуы амарын. 16 Израилы фырттӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной сабатбоны закъон. Ӕххӕст ӕй кӕнӕнт фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый у бадзырд ӕнустӕм+. 17 Мӕн ӕмӕ Израилы фыртты ’хсӕн уый у нысан ӕнустӕм+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕхсӕз бонмӕ скодта арв ӕмӕ зӕхх, ӕвдӕм бон та улӕфын райдыдта“»+.
18 Хуыцау Синайы хохыл Моисеимӕ ныхас куы фӕци, уӕд ын радта бадзырды* дыууӕ къӕйдуры+ – уыцы къӕйдуртыл фыст уыди Хуыцауы къухӕй*+.
32 Моисей хохӕй+ бирӕ рӕстӕг куы нӕ цыд, уӕд адӕм Аароныл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа+, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм»+. 2 Ӕмӕ сын уӕд Аарон загъта: «Уӕ устыты, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты хъустӕй сызгъӕрин хъусцӕджытӕ+ рафтаут ӕмӕ мӕм сӕ ӕрбахӕссут». 3 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъустӕй сӕ сызгъӕрин хъусцӕджытӕ рафтыдтой ӕмӕ сӕ Ааронмӕ ӕрбахастой. 4 Аарон сын сӕ сызгъӕрин райста, сартӕй йыл бакуыста+ ӕмӕ дзы скодта род+. Ӕмӕ адӕм дзурын райдыдтой: «Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!»+
5 Аарон уый куы федта, уӕд уыцы роды раз скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Райсом уыдзӕн бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл». 6 Гъемӕ дыккаг бон адӕм райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбадтысты хӕрыныл ӕмӕ нуазыныл. Стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой+.
7 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ. Египетӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕм сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты+. 8 Куыд тагъд адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй!+ Сӕхицӕн сызгъӕрин род скодтой ӕмӕ йын кувынц, хӕссынц ын нывӕндтӕ ӕмӕ дзурынц: „Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!“»+ 9 Ӕмӕ ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй+. 10 Гъемӕ мӕ бауадз, цӕмӕй сӕм мӕ маст ссудза ӕмӕ сӕ фесафон+ ӕмӕ стӕй дӕуӕй рауадзон стыр адӕм»+.
11 Уӕд Моисей йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын*+ байдыдта: «Нӕ, Йегъовӕ, куыд хъуамӕ ссудза дӕ маст+ дӕ адӕммӕ, Египетӕй де стыр тыхӕй ӕмӕ дӕ фидар къухӕй кӕй ракодтай, уыдонмӕ? 12 Египетӕгтӕ+ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ зӕгъой: „Ардыгӕй сӕ уый тыххӕй акодта, цӕмӕй сӕ хӕхты ’хсӕн фӕцӕгъда ӕмӕ зӕххы цъарыл сӕ кой дӕр мауал уа“?+ Бауром де стыр маст+ ӕмӕ, дӕ адӕмӕн цы бакӕнынмӕ хъавыдтӕ, уый ма бакӕн*+. 13 Ӕрхъуыды кӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Израилы. Дӕхицӕй сын куы расомы кодтай+ ӕмӕ сын афтӕ куы загътай: „Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ уын сбирӕ кӕндзынӕн уӕ байзӕддӕгты+, ӕмӕ, цы зӕххӕй загътон, уый иууылдӕр ратдзынӕн уӕ байзӕддӕгтӕн+, цӕмӕй уыдоны уа ӕнустӕм“»+.
14 Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы загъта, афтӕ сын бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уый нал бакодта+.
15 Уый фӕстӕ Моисей хохӕй ӕрхызт+. Йӕ къухы уыди бадзырды* дыууӕ къӕйдуры+. Къӕйдуртыл дыууӕрдыгӕй дӕр уыди фыстытӕ – фыст сыл уыди иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. 16 Уыцы къӕйдуртӕ скодта Хуыцау, ӕмӕ сыл цы фыстытӕ уыди, уыдон дӕр сыл скъахта Хуыцау+. 17 Уӕдмӕ Йесо айхъуыста адӕмы хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Цатыртӕ кӕм сты, уырдыгӕй хъуысы тохы+ хъӕр». 18 Фӕлӕ йын Моисей загъта:
«Уый уӕлахиздзауты зарын нӕу+.
Ӕмӕ, састы бынаты чи баззад, уыдоны хъарӕг дӕр нӕу.
Мӕнмӕ бынтон ӕндӕр зарӕг хъуысы».
19 Гъемӕ Моисей, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм куы ’рбаввахс ӕмӕ роды+ куы федта, стӕй адӕм куыд кафынц, уый, уӕд йӕ маст ссыгъд, ӕмӕ къӕйдуртӕ хохрӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты+. 20 Стӕй, цы род скодтой, уый арты басыгъта, ныммур ӕй кодта+, цӕугӕдоны+ йӕ ныккалдта ӕмӕ дзы Израилы фырттӕн бануазын кодта+. 21 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Цы дын бакодтой ацы адӕм, ахӕм стыр тӕригъӕды сӕ куыд бафтыдтай?» 22 Аарон ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ма мӕм мӕсты кӕн. Ацы адӕмы дӕхӕдӕг дӕр хорз куы зоныс. Зоныс ӕй, ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт кӕй сты+. 23 Уыдон мын загътой: „Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа+, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм“. 24 Ӕмӕ сын ӕз дӕр загътон: „Сызгъӕринтӕ уӕ кӕмӕ ис? Рафтаут сӕ ӕмӕ мӕм сӕ ӕрбахӕссут“. Гъемӕ уыцы сызгъӕринтӕ арты баппӕрстон, ӕмӕ дзы мӕнӕ ацы род рауад».
25 Моисей федта, адӕмӕн бауромӕн кӕй нал ис, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ Аарон сӕхи бар ауагъта+, ӕмӕ сӕхи се знӕгты раз фӕхудинаг кодтой+. 26 Ӕмӕ уӕд Моисей, адӕмы цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уырдӕм бацӕуӕны раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы фарс чи у? Мӕ разы ӕрлӕууӕд!»+ Ӕмӕ Левийы фырттӕ се ’ппӕт дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд сты. 27 Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Алчидӕр уӕ йӕ хъама йӕ фарсыл ӕрцауындзӕд. Ӕмӕ иу бахизӕнӕй иннӕмӕ цатыртыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзилут, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йӕ хионы ӕмӕ йе ’мбалы“»+. 28 Ӕмӕ Левийы+ фырттӕ, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ӕртӕ мин лӕджы. 29 Моисей сын афтӕ загъта: «Абон Йегъовӕйы хъуыддаг аразгӕйӕ фидар ут+, уымӕн ӕмӕ уӕ алчидӕр цӕуы йӕ фырты ӕмӕ йе ’фсымӕры ныхмӕ+, ӕмӕ уӕ Хуыцау абон йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн»+.
30 Дыккаг бон Моисей адӕмӕн загъта: «Сымах стыр тӕригъӕд ракодтат+, ӕмӕ ныр хъуамӕ Йегъовӕмӕ ссӕуон. Ныллӕгъстӕ йын кӕнон, ӕмӕ уын кӕд уӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнид»+. 31 Ӕмӕ Моисей фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ссыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой – сӕхицӕн скодтой сызгъӕрин хуыцау!+ 32 Бӕргӕ, куы сын ныххатыр кӕнис+. Кӕд нӕ, уӕд та дӕ курын, мӕ ном мын сыхал+ дӕ чиныгӕй+, кӕй фыссыс, уыцы чиныгӕй». 33 Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз мӕ чиныгӕй сыхалдзынӕн, мӕ разы тӕригъӕд чи ракодта, уый ном+. 34 Ныр ацу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй+. Сӕ бафхӕрыны бон куы ’рцӕуа, уӕд та сӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕнӕмӕнг бафхӕрдзынӕн»+. 35 Ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы бафхӕрдта, Ааронӕн кӕй саразын кодтой, уыцы роды тыххӕй+.
33 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Сыст ацы бынатӕй ӕмӕ, Египетӕй+ кӕй ракодтай, уыцы адӕмимӕ ацу, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодтон, дӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уырдӕм+. 2 Ӕз дын дӕ разӕй арвитдзынӕн зӕды+ ӕмӕ фӕтӕрдзынӕн ханаайнӕгты, аморейты, хетты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+. 3 Ацӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы+, уыцы зӕхмӕ. Мӕхӕдӕг та уемӕ нӕ ацӕудзынӕн, цӕмӕй уӕ фӕндагыл ма фӕцӕгъдон+, уымӕн ӕмӕ ӕнӕсӕттон адӕм стут»+.
4 Адӕм ахӕм ӕвзӕр хабар куы фехъуыстой, уӕд хъыг кӕнын райдыдтой+, ӕмӕ сӕ иу дӕр йӕ уӕлӕ аивгӕнӕнтӕ нал скодта. 5 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Израилы фырттӕн зӕгъ: „Сымах ӕнӕсӕттон адӕм стут+. Зӕгъгӕ, уемӕ ацыдтӕн, уӕд уӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ+ фӕцӕгъдин. Ныр та раласут уӕ аивгӕнӕнтӕ. Ӕз ахъуыды кӕндзынӕн, куыд уын бакӕнон, ууыл“»+. 6 Ӕмӕ Хоривы+ хохрӕбын Израилы адӕм сӕ аивгӕнӕнтӕ иууылдӕр раластой ӕмӕ сӕ нал скодтой.
7 Моисей та йӕ цатыр систа ӕмӕ, адӕмы цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй йӕ дард ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ схуыдта ӕмбырды цатыр*. Ӕмӕ-иу Йегъовӕйы исчи истӕмӕй бафӕрсинаг+ куы уыди, уӕд-иу уырдӕм, ӕмбырды цатырмӕ, ацыд. 8 Моисей-иу цатырмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу адӕм иууылдӕр сыстадысты+, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр лӕууыд йӕ цатыры бахизӕны. Ӕмӕ-иу цалынмӕ Моисей цатырмӕ нӕ бахызт, уӕдмӕ-иу йӕ фӕдыл кастысты. 9 Куыддӕр-иу Моисей цатырмӕ бахызт, афтӕ-иу уӕлейӕ ӕрцыд мигъы хуызӕн цӕджындз+ ӕмӕ-иу цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыд, ӕмӕ-иу Хуыцау Моисеимӕ ныхас кодта+. 10 Адӕм иууылдӕр цатыры бахизӕны раз уыдтой мигъы хуызӕн цӕджындз+, ӕмӕ-иу иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр йӕ цатыры бахизӕны раз йӕ сӕрӕй ныллӕг куывта+. 11 Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ+, дыууӕ адӕймаджы куыд ныхас кӕной, афтӕ. Моисей-иу фӕстӕмӕ адӕмы ’хсӕнмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд-иу йӕ лӕггадгӕнӕг+ ӕмӕ йе ’ххуысгӕнӕг Навины+ фырт Йесо та баззад цатыры.
12 Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мын зӕгъыс: „Акӕн ацы адӕмы“. Фӕлӕ мын мемӕ кӕй арвитдзынӕ, уый та мын нӕ загътай. Стӕй мын дӕхӕдӕг афтӕ куы загътай: „Ӕз дӕ зонын дӕ номӕй+, ӕмӕ мын мӕ хорзӕх ссардтай“. 13 Уӕдӕ дын кӕд ӕцӕгдӕр ссардтон дӕ хорзӕх+, уӕд дӕ курӕг дӕн, бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ+, цӕмӕй дӕ зонон ӕмӕ мӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕх уа. Стӕй, ацы адӕм дӕ адӕм кӕй сты, ууыл дӕр ахъуыды кӕн»+. 14 Уӕд ын Хуыцау загъта: «Ӕз мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ+ ӕмӕ дын ратдзынӕн ӕнцойдзинад»+. 15 Моисей та йын загъта: «Кӕд дӕхӕдӕг нӕ цӕуыс немӕ, уӕд нӕ ардыгӕй ма ӕрвит. 16 Дӕ хорзӕх дын кӕй ссардтон,– ӕз дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр,– уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Немӕ куы рацӕуай+, уӕд уымӕй нӕ хицӕн кӕндзыстӕм ӕз ӕмӕ дӕ адӕм, зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр?»+
17 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Цӕй тыххӕй мын зӕгъыс, уый дӕр сараздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ мын ды ссардтай мӕ хорзӕх ӕмӕ дӕ ӕз зонын дӕ номӕй». 18 Уӕд ын Моисей загъта: «Курӕг дӕ дӕн, фенын мын кӕн дӕ кад»+. 19 Хуыцау та йын загъта: «Ӕз дын фенын кӕндзынӕн мӕ хорздзинад+ иууылдӕр ӕмӕ дын фехъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном+. Ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнда, уымӕн бахай кӕндзынӕн мӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ мӕ кӕмӕ бафӕнда, уымӕ уыдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕ»+. 20 Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕ цӕсгом фенын та дӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕймаг куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн»+.
21 Уый фӕстӕ йын Йегъовӕ загъта: «Мӕнӕ мӕ разы ис бынат, ӕмӕ-иу къӕдзӕхыл слӕуу. 22 Мӕ кад дӕ рӕзты куы фӕцӕйцӕуа, уӕд дӕ къӕдзӕхы скъуыды нывӕрдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ дӕ рӕзты нӕ ацӕуон, уӕдмӕ дӕ мӕ къухӕй ӕмбӕрздзынӕн. 23 Уый фӕстӕ мӕ къух айсдзынӕн, ӕмӕ мӕ фендзынӕ фӕстӕрдыгӕй. Мӕ цӕсгом та мын нӕ фендзынӕ»+.
34 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Райс дыууӕ дуры ӕмӕ сӕ слӕгъз кӕн, фыццаг дыууӕ къӕйдуры хуызӕн куыд уой, афтӕ+. Ӕмӕ сыл ӕз ныффысдзынӕн+, кӕй ныппырх кодтай+, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ уыди фыст, уыдон. 2 Райсоммӕ цӕттӕ у, ӕмӕ мӕм райсомӕй раджы Синайы хохмӕ ссу ӕмӕ хохы сӕр мӕ разы ӕрлӕуу+. 3 Фӕлӕ демӕ мачи ссӕуӕд ӕмӕ ӕнӕхъӕн хохыл дӕр мачи фӕзынӕд+. Уӕ фыстӕ ӕмӕ уе стуртӕ дӕр хохмӕ хӕстӕг ма хизӕнт»+.
4 Гъемӕ Моисей дӕр дыууӕ дуры слӕгъз кодта – уыдысты фыццаг къӕйдурты хуызӕн. Ӕмӕ райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ Синайы хохмӕ ссыд, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Йемӕ ахаста уыцы дыууӕ къӕйдуры дӕр. 5 Ӕмӕ Йегъовӕ мигъы мидӕг ӕрцыд+, Моисейы цур ӕрлӕууыд ӕмӕ фехъусын кодта Йегъовӕйы ном+. 6 Стӕй Йегъовӕ йӕ рӕзты рацыд ӕмӕ фехъусын кодта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+ ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст+. 7 Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+. Фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты ӕмӕ сӕ фыртты фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг»+.
8 Уӕд Моисей йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта+. 9 Ӕмӕ стӕй загъта: «Йегъовӕ, кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн: Йегъовӕ, немӕ рацу+, уымӕн ӕмӕ адон ӕнӕсӕттон адӕм сты+. Ныххатыр нын кӕн нӕ рӕдыд ӕмӕ нӕ тӕригъӕд+ ӕмӕ нӕ дӕхи бакӕн»+. 10 Уӕд ын Хуыцау загъта: «Ӕз уемӕ аразын бадзырд: дӕ адӕмы раз, се ’ппӕты раз, ӕз сараздзынӕн, ӕгас зӕххыл дӕр чи никуыма уыди ӕмӕ иу адӕм дӕр кӕй никуыма федтой, ахӕм диссӕгтӕ+. Ӕмӕ цы адӕмты ’хсӕн стут, уыдон иууылдӕр фендзысты Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ ӕз сымахӕн сараздзынӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддаг+.
11 Ды та ӕххӕст кӕн, абон дын цы фӕдзӕхсын, уый+. Ӕз дӕ разӕй фӕтӕрдзынӕн аморейты, ханаайнӕгты, хетты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+. 12 Кӕдӕм цӕуыс, уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмтимӕ бадзырд ма скӕн+, науӕд дын уый уыдзӕн къӕппӕг+. 13 Фӕлӕ сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ кувӕн дуртӕ сын ныссӕттут ӕмӕ сын сӕ кувӕн цӕджындзтӕ афӕлдахут+. 14 Ӕндӕр хуыцауӕн ма кув+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион – уый ахӕм Хуыцау у+. 15 Уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмтимӕ бадзырд ма скӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ хуыцӕуттимӕ хӕтдзысты+ ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ хӕсдзысты+, ӕмӕ дӕу дӕр фӕхондзысты ӕмӕ сын сӕ нывӕндтӕй хӕрдзынӕ+. 16 Ӕмӕ дӕ уӕд хъӕудзӕн сӕ чызджыты дӕ лӕппутӕн курын+, ӕмӕ сӕ чызджытӕ та сӕ хуыцӕуттимӕ хӕтдзысты ӕмӕ дын дӕ лӕппуты дӕр сӕ хуыцӕуттимӕ хӕтыныл бафтаудзысты+.
17 Дӕхицӕн ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ ма араз+.
18 Бӕрӕг кӕн Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. Куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ-иу авивы+ мӕйы авд боны хӕр донгонд дзултӕ, уымӕн ӕмӕ Египетӕй авивы мӕйы рацыдтӕ.
19 Фыццаг чи райгуыра, уыцы сывӕллӕттӕ сты мӕн+, ӕмӕ дӕ фосӕй дӕр фыццагзад чи уа, уыдон сты мӕн – фыццагзад гал дӕр ӕмӕ фыццагзад фыр дӕр+. 20 Алы фыццагзад къӕлӕуы дӕр хъуамӕ балхӕнай фысӕй+. Куы нӕ йӕ балхӕнай, уӕд та йын йӕ бӕрзӕй асӕтт. Ӕмӕ дын фыццаг цы фырт райгуыра, уый дӕр хъуамӕ балхӕнай+. Ӕмӕ-иу мӕ размӕ афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд+.
21 Ӕхсӕз боны кус, ӕвдӕм бон та ӕххӕст кӕн сабатбоны закъон+. Ӕххӕст ӕй кӕн хуым кӕныны афон дӕр ӕмӕ тыллӕг ӕфснайыны афон дӕр+.
22 Скӕн-иу Къуыриты бӕрӕгбон ӕмӕ-иу ӕрхӕсс, дӕ мӕнӕуы+ хуымӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уый. Афӕдзы кӕрон та-иу скӕн Тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон+.
23 Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой+ ӕцӕг Хицауы раз, Израилы Хуыцау Йегъовӕйы раз. 24 Ӕз фӕтӕрдзынӕн адӕмты уӕ разӕй+ ӕмӕ уын уӕ зӕххытӕ фестырдӕр кӕндзынӕн+, ӕмӕ-иу афӕдз ӕртӕ хатты уӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ куы цӕуат, уӕд-иу уын уӕ зӕхмӕ хӕстӕг дӕр ничи бацӕудзӕн+.
25 Мӕ нывонды тугимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы ӕрхӕсс+. Ӕмӕ Куадзӕны нывондӕн цы ’рхӕссай, уымӕй цы баззайа, уый-иу райсоммӕ ма ныууадз+.
26 Дӕ зӕххӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уымӕн-иу йӕ хуыздӕр хай+ ӕрбахӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ+.
Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц»+.
27 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ дӕхицӕн ныффысс+, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ аразын бадзырд демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ»+. 28 Моисей Йегъовӕимӕ уыди цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схаста ӕмӕ доны хъӕстӕ дӕр нӕ фӕци+. Ӕмӕ уый* къӕйдуртыл ныффыста бадзырды ныхӕстӕ – Дӕс дзырды*+.
29 Моисей Синайы хохӕй куы ’рхызти, уӕд уыцы дыууӕ къӕйдуры, бадзырды* къӕйдуртӕ, уыдысты йӕ къухы+. Ӕмӕ Хуыцауимӕ кӕй ныхас кодта, уый тыххӕй йӕ цӕсгомӕй калди рухс, фӕлӕ йӕ Моисей нӕ зыдта+. 30 Аарон ӕмӕ Израилы фырттӕ Моисейы куы ауыдтой, уӕд кӕсынц, ӕмӕ йӕ цӕсгомӕй рухс кӕлы, ӕмӕ йӕм бацӕуын нӕ уӕндыдысты+.
31 Ӕмӕ сӕм уӕд Моисей фӕдзырдта, ӕмӕ йӕм Аарон ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты. Ӕмӕ Моисей семӕ ныхас кӕнын райдыдта. 32 Уый фӕстӕ йӕм ӕрбацыдысты Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сын радзырдта, Йегъовӕ йын Синайы хохыл цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый+. 33 Моисей-иу семӕ ныхас куы фӕци, уӕд-иу йӕ цӕсгом бамбӕрзта+. 34 Фӕлӕ-иу Йегъовӕйы размӕ куы бацыд йемӕ ныхас кӕнынмӕ, уӕд-иу ӕмбӕрзӕн йӕ цӕсгомӕй систа ӕмӕ-иу цалынмӕ ӕддӕмӕ нӕ рацыд, уӕдмӕ-иу ӕй нӕ ныккодта+. Куы-иу рацыд, уӕд та-иу Израилы фырттӕн радзырдта, цы йын бафӕдзӕхста, уый+. 35 Ӕмӕ Израилы фырттӕ уыдтой, Моисейы цӕсгомӕй рухс куыд кӕлы+, ӕмӕ та-иу Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта. Ӕмӕ-иу цалынмӕ мидӕмӕ Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ-иу ӕмбӕрзӕн йӕ цӕсгомӕй нӕ систа+.
35 Моисей Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста+: 2 ӕхсӕз боны ис кусӕн+, ӕвдӕм бон та уын уыдзӕн Хуыцауы бон, сабат Йегъовӕйы кадӕн, улӕфты бон. Уыцы бон исчи исты куы куса, уӕд ӕй хъӕуы амарын+. 3 Сабаты-иу уӕ цӕрӕнбынӕттӕй иуы дӕр арт ма скӕнут».
4 Моисей ма Израилы фырттӕн ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ уын афтӕ бафӕдзӕхста: 5 „Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ ӕрбахӕссут+. Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы+, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнагӕн ӕрбахӕссӕнт сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы+, 6 ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил+, 7 сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ, фӕлмӕн сӕрак*, акъаци хъӕдӕрмӕг, 8 сой цырагъдарӕнӕн, стӕй бальзамы сой – уыцы сой хъӕуы хӕрздӕф буд ӕмӕ сӕрмагонд сой аразынӕн+. 9 Мысайнагӕн ма ноджыдӕр ӕрбахӕссӕнт оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодӕн+ ӕмӕ риуылдарӕнӕн+.
10 Къухӕй хорз чи арӕхсы, уыдон се ’ппӕт дӕр+ ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ скӕнӕнт, Йегъовӕ цы загъта, уыдон иууылдӕр: 11 цатыр ӕмӕ йе ’ддаг ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; 12 бадзырды чырын+, йӕ хъилтӕ+, йӕ сӕр+ ӕмӕ йӕ разы цы ӕмбӕрзӕн+ уыдзӕн ауыгъд, уый; 13 стъол+, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон, стӕй нывонд дзултӕ дӕр+; 14 цырагъдарӕн+ рухс кӕнынӕн ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон, стӕй цырагъдарӕны къустӕ ӕмӕ сой+ рухс кӕнынӕн; 15 нывондхӕссӕн буд судзынӕн+ ӕмӕ йӕ хъилтӕ; сӕрмагонд сой ӕмӕ хӕрздӕф буд+; стӕй, цатыры бахизӕны чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн; 16 судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн+ ӕмӕ йын ӕрхуы сеткӕ дӕр, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уа, уыдон; стыр аг+ ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн; 17 кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; кӕрты бахизӕны чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн; 18 цатыры къӕбӕлтӕ дӕр ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ дӕр ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ+; 19 стӕй рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс+ кувӕн бынаты лӕггад кӕнынӕн, сӕрмагонд уӕлӕдарӕс+ сауджын Ааронӕн ӕмӕ уӕлӕдарӕс йӕ фырттӕн дӕр, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кӕной“».
20 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисейы разӕй ацыдысты. 21 Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта+, йӕ зӕрдӕ* кӕмӕндӕриддӕр дзырдта, уыдон ӕрбахастой Йегъовӕйӕн мысайнӕгтӕ: ӕмбырды цатырӕн ӕмӕ цатыры лӕггад кӕнынӕн, стӕй сӕрмагонд уӕлӕдарӕсӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ. 22 Цыдысты, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн дзырдта, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ хастой алыхуызон сызгъӕрин дзауматӕ: хъуырӕгънӕджытӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы аивгӕнӕнтӕ. Алчидӕр сӕ Йегъовӕйӕн сызгъӕрин хаста, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн+. 23 Ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах, сӕгъы къуымбил, сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕ ӕмӕ фӕлмӕн сӕрак кӕмӕ уыди, уыдон сӕ се ’ппӕт дӕр хастой+. 24 Йегъовӕйӕн мысайнагӕн хастой ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дӕр. Ӕмӕ акъаци хъӕдӕрмӕг кӕмӕ уыди, уыдон дӕр ӕй хастой, цӕмӕй сарӕзтаиккой, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый.
25 Къухӕй хорз, дӕсны чи арӕхст+, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕндӕхтӕ ӕмӕ сӕ хастой: ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах, сырх-сырхид ӕндах ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндах. 26 Иннӕ арӕхстджын сылгоймӕгтӕ та, йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдон, ӕлвыстой сӕгъы къуымбил.
27 Адӕмы хистӕртӕ та ӕрбахастой оникс дуртӕ ӕмӕ дуртӕ ефодӕн ӕмӕ риуылдарӕнӕн+. 28 Ӕрбахастой ма бальзамы сой, стӕй сой цырагъдарӕны кӕнынӕн, сӕрмагонд сой аразынӕн ӕмӕ хӕрздӕф буд аразынӕн+. 29 Нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр йӕ зӕрдӕ кӕмӕн дзырдта, уыдонӕй алчидӕр цыдӕр хаста, Йегъовӕ Моисейы уылты цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ саразынӕн. Израилы фырттӕ зӕрдиагӕй хастой Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ+.
30 Уый фӕстӕ Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Йегъовӕ равзӕрста Иудӕйы мыггагӕй Веселеилы+, Хурӕн йӕ фырт Урийы фырты. 31 Ӕмӕ йӕ схайджын кодта йӕ тыхӕй*, цӕмӕй йӕм уа зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ къухӕй алцы саразынмӕ дӕр уа дӕсны, 32 арӕхса цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр, сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ аразынмӕ+, 33 дуртӕ лӕгъз кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕлгӕтты ӕвӕрынмӕ ӕмӕ хъӕдӕй алыхуызон рӕсугъд дзауматӕ кӕнынмӕ+. 34 Ӕмӕ йын радта зонд, цӕмӕй йӕ бон уа иннӕты ахуыр кӕнын дӕр. Ахӕм зонд радта Даны мыггагӕй Аголиавӕн+ дӕр, Ахисамахы фыртӕн. 35 Схайджын сӕ кодта арӕхстдзинадӕй+, цӕмӕй къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уой дӕсны, хъуымацыл ӕндахӕй алыхуызон нывтӕ кӕнынмӕ дӕр+, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндахӕй хъуымӕцтӕ уафынмӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуымӕцтӕ аразынмӕ дӕр. Уыдон арӕхсынц алы куыстмӕ дӕр ӕмӕ цыфӕнды пълан скӕнынмӕ дӕр.
36 Уыцы куыстытӕ кӕндзӕн Веселеил, стӕй Аголиав+, ӕмӕ ма ноджыдӕр къухӕй арӕхстджын чи у, уыдон – Йегъовӕ сын радта зонд+ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+, цӕмӕй зоной, сыгъдӕг бынатӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ куыд аразгӕ сты, уый, ӕмӕ ӕппӕт дӕр бакӕной, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+.
2 Ӕмӕ Моисей фӕдзырдта Веселеилмӕ, Аголиавмӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр къухӕй арӕхстджын чи уыди, Йегъовӕ зонд+ кӕмӕн радта, уыцы куыстытӕ аразынмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй разӕнгард кодта, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр+. 3 Ӕмӕ уыдон Моисейы разӕй ахастой, сыгъдӕг бынатӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ саразынӕн Израилы фырттӕ мысайнагӕн+ цыдӕриддӕр ӕрбахастой, уыдон. Фӕлӕ Израилы фырттӕ ууыл не ’рлӕууыдысты – алы райсом дӕр Моисеймӕ хастой ӕмӕ хастой лӕвӕрттӕ.
4 Ӕмӕ, сыгъдӕг бынатӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ чи арӕзта, уыцы арӕхстджын адӕймӕгтӕ кӕрӕдзийы фӕдыл Моисеймӕ цӕуын байдыдтой, сӕ куыст-иу фӕуагътой, 5 ӕмӕ йын дзырдтой: «Йегъовӕ цы загъта, уыдӕттӕ саразынӕн цас хъӕуы, адӕм уымӕй бирӕ фылдӕр хӕссынц». 6 Ӕмӕ уӕд Моисей загъта, цӕмӕй цатыртыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кӕной, зӕгъгӕ, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр мацыуал цӕттӕ кӕнӕнт ӕмӕ мацыуал хӕссӕнт мысайнагӕн. Ӕмӕ адӕм ницыуал хастой. 7 Цы ’рбахастой, уыдон фаг уыдысты ӕппӕт куыстытӕн дӕр, уыдысты фагӕй дӕр фылдӕр.
8 Ӕмӕ, къухӕй арӕхстджын+ чи уыди, уыдон иууылдӕр бавнӕлдтой цатыр+ аразынмӕ. Гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй йын скодтой дӕс ӕмбӕрзӕны, дӕс хайы. Ӕмӕ сыл уый* ӕндӕхтӕй скодта херувимты нывтӕ. 9 Алы хайӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди дыууын аст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Дӕс хайы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ. 10 Стӕй дзы фондз хайы баиу кодта кӕрӕдзиимӕ+, ӕмӕ иннӕ фондз хайы дӕр – кӕрӕдзиимӕ. 11 Уый фӕстӕ, фыццаг фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауад, уый иннӕимӕ кӕм хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы ран ыл йӕ кӕрӕтты ӕрвхуыз цъӕх ӕндахӕй скодта цӕгтӕ. Ӕмӕ афтӕ сарӕзта иннӕ стыр ӕмбӕрзӕны кӕрӕтты дӕр+. 12 Иу ӕмбӕрзӕныл дӕр скодта фӕндзай цӕджы ӕмӕ иннӕ ӕмбӕрзӕныл дӕр, дыууӕ ӕмбӕрзӕны кӕм хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скодта фӕндзай цӕджы, иу ӕмбӕрзӕны цӕгтӕ иннӕ ӕмбӕрзӕны цӕгтимӕ куыд бадтаиккой, афтӕ+. 13 Фӕстагмӕ та скодта фӕндзай сызгъӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыцы къӕпсыртӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны кӕрӕдзиимӕ баиу кодта, ӕмӕ дзы цатырӕн рауад иу ӕнӕхъӕн ӕмбӕрзӕн+.
14 Уый фӕстӕ сӕгъы къуымбилӕй скодта ӕмбӕрзӕнтӕ цатыр бамбӕрзынӕн. Уыцы ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты иуӕндӕс+. 15 Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди ӕртын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ+. 16 Стӕй фондз ӕмбӕрзӕны баиу кодта кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны дӕр – кӕрӕдзиимӕ+. 17 Уый фӕстӕ, фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауад, уый иннӕимӕ кӕм хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скодта фӕндзай цӕджы. Ӕмӕ фӕндзай цӕджы скодта, кӕимӕ йӕ хъуамӕ баиу кодтаиккой, уыцы ӕмбӕрзӕныл дӕр+. 18 Стӕй скодта фӕндзай ӕрхуы къӕпсыры, цӕмӕй дзы дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кодтаиккой ӕмӕ дзы иу ӕмбӕрзӕн рауадаид+.
19 Уый фӕстӕ ма цатырӕн ноджыдӕр скодта ӕмбӕрзӕн сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕй, ӕмӕ уый ӕддейӕ та – ӕмбӕрзӕн фӕлмӕн сӕракӕй*+.
20 Стӕй цатыры фӕрстӕн акъацийӕ+ скодта, ӕмраст чи лӕууыд, ахӕм цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ. 21 Алы фӕлгӕтӕн дӕр йӕ дӕргъ уыди дӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+. 22 Алы фӕлгӕтыл дӕр уыди дыгай къӕхтӕ. Афтӕ скодта цатыры цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ иууылдӕр+. 23 Дыууын фӕлгӕты скодта, Негевмӕ, ома хуссарырдӕм+, чи уыд, уыцы фарсӕн. 24 Уыцы дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕтӕн скодта цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+. 25 Цатыры иннӕ фарсӕн дӕр, цӕгат фарсӕн, скодта дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕты+. 26 Ӕмӕ уыцы фӕлгӕттӕн дӕр скодта цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны: иу фӕлгӕтӕн дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+.
27 Цатыры фӕстаг фарсӕн та, ныгуылӕн фарсӕн, скодта ӕхсӕз цыппӕрдигъон фӕлгӕты+. 28 Дыууӕ ӕртӕтигъон фӕлгӕты та скодта цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн – уыдон уыдысты быцӕутӕ+. 29 Уыцы фӕлгӕттӕй алкӕцы дӕр бынӕй суанг уӕлӕмӕ конд уыди дыууӕ фӕйнӕгӕй. Дыууӕ фӕйнӕджы баиу сты уӕлейӕ, фыццаг цӕджы раз. Афтӕ скодта дыууӕ фӕлгӕты дӕр, тигътӕн сӕ быцӕутӕ+. 30 Афтӕмӕй фӕлгӕттӕ уыдысты аст, ӕмӕ сын ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ та уыди ӕхсӕрдӕс: иу фӕлгӕтӕн дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+.
31 Стӕй акъацийӕ скодта хъилтӕ, цӕмӕй фӕлгӕттыл хӕцыдаиккой: фондз хъилы, цатыры иу фарс цы фӕлгӕттӕ уыди, уыдонӕн+, 32 фондз хъилы, цатыры иннӕ фарс цы фӕлгӕттӕ уыди, уыдонӕн ӕмӕ фондз хъилы та, цатыры фӕстаг фарс, ныгуылӕн фарс, цы фӕлгӕттӕ уыди, уыдонӕн+. 33 Алы фарсыл дӕр астӕуккаг хъил скодта афтӕ, цӕмӕй уыдаид кӕрӕй-кӕронмӕ+. 34 Фӕлгӕттыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй скодта, хъилтӕ цы цӕгты хъуамӕ уыдаиккой ӕвӕрд, уыдон. Сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта хъилтыл дӕр+.
35 Уый фӕстӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скодта, мидӕгӕй чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕмбӕрзӕн+. Йӕ уӕлӕ та йын ӕндӕхтӕй скодта херувимты нывтӕ+. 36 Стӕй ӕмбӕрзӕнӕн акъацийӕ скодта цыппар цӕджындзы ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, сызгъӕринӕй скодта зӕгӕлтӕ дӕр. Ӕмӕ цӕджындзтӕн скодта цыппар ӕвзист бынӕвӕрӕны+. 37 Цатыры бахизӕнӕн дӕр скодта ӕмбӕрзӕн. Бауӕфта йӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. 38 Скодта йын фондз цӕджындзы зӕгӕлтимӕ. Стӕй цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ та сын скодта ӕрхуыйӕ – фондз бынӕвӕрӕны+.
37 Уый фӕстӕ Веселеил+ акъацийӕ скодта чырын+. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+. 2 Ӕмӕ йыл мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта. Ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+. 3 Уый фӕстӕ сызгъӕрин бадон кодта ӕмӕ дзы сарӕзта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта чырыны цыппар къахы сӕрмӕ: дыууӕ цӕджы – иуырдыгӕй, дыууӕ – иннӕрдыгӕй+. 4 Стӕй акъацийӕ скодта хъилтӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+. 5 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ дыууӕрдыгӕй чырыны цӕгты бавӕрдта, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хастаиккой+.
6 Чырыны сӕр+ дӕр скодта сыгъдӕг сызгъӕринӕй. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ’рдӕг, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+. 7 Стӕй сызгъӕринӕй скодта* дыууӕ херувимы. Скодта сӕ чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны+. 8 Иу херувимы дзы иу кӕрон скодта, иннӕйы та – иннӕ кӕрон. Чырыны сӕрӕн сӕ скодта йӕ дыууӕ кӕроны+. 9 Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты сӕ сӕрмӕ ӕмӕ чырыны сӕр сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой+. Уыдон уыдысты кӕрӕдзийы акомкоммӕ ӕмӕ кастысты чырыны сӕрмӕ+.
10 Уый фӕстӕ акъацийӕ сарӕзта стъол+. Йӕ дӕргъ уыди дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг+. 11 Стӕй йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+. 12 Алырдыгӕй та йын скодта фӕрстӕ армы фӕтӕнӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕрсты кӕрӕттыл дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+. 13 Стӕй йын сызгъӕринӕй скодта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта йӕ цыппар тигъмӕ, йӕ цыппар къахы кӕм уыдысты, уыцы рӕтты+. 14 Цӕгтӕ уыдысты фӕрстӕм хӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы цӕгты бавӕрдтаиккой хъилтӕ стъол хӕссынӕн+. 15 Уый фӕстӕ акъацийӕ скодта стъолхӕссӕн хъилтӕ дӕр ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+. 16 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй ма скодта, стъолимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон дӕр: тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕн къустӕ, стӕй къустӕ ӕмӕ дурынтӕ кувинаг нозт нывондхӕссӕныл рауадзынӕн+.
17 Стӕй сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта цырагъдарӕн+. Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уыди къалиутӕ, дидинӕджы къусгӕндтӕ, дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+. 18 Йӕ зӕнгыл уыди ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуырдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй+. 19 Иуырдыгӕй алы къалиуыл дӕр уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр алы къалиуыл дӕр уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Афтӕ конд уыди, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цыди, уыдонӕй алкӕцы дӕр+. 20 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл та уыди миндалы дидинӕджы хуызӕн цыппар къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ+. 21 Цырагъдарӕныл цы ӕхсӕз къалиуы уыд, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ уыди дидинӕджы къуыбыр, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр. Дидинӕджы къуыбыртӕ уыди, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цыди, уыдонӕй алкӕцыйы бынмӕ дӕр+. 22 Дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ къалиутӕ цыдысты йӕ зӕнгӕй. Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр конд уыди сыгъдӕг сызгъӕрины иу къӕрттӕй+. 23 Стӕй цырагъдарӕнӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта авд къусы, ӕртыскӕнтӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн+. 24 Цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыди, уыдон скодта сыгъдӕг сызгъӕрины талантӕй.
25 Стӕй акъацийӕ+ скодта нывондхӕссӕн буд судзынӕн+. Йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – иу ӕлмӕрин, йӕ уӕрх дӕр – иу ӕлмӕрин. Йӕ бӕрзӕнд та уыди дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ сыкъатӕ цыдысты йӕхицӕй+. 26 Нывондхӕссӕныл уӕлейӕ дӕр, йӕ фӕрстыл дӕр ӕмӕ йӕ сыкъатыл дӕр сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скодта+. 27 Уый фӕстӕ йын йӕ дыууӕ фарсыл дӕр йӕ нывӕфтыд кӕрӕтты бынмӕ кӕрӕдзи акомкоммӕ скодта фӕйнӕ дыууӕ сызгъӕрин цӕджы хъилтӕ ӕвӕрынӕн – хъуамӕ йӕ уыдонӕй хастаиккой+. 28 Хъилтӕ йын скодта акъацийӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+. 29 Скодта ма ноджыдӕр сӕрмагонд сой+ ӕмӕ сыгъдӕг, хӕрздӕф буд+. Уыдон уыдысты дӕсны конд.
38 Уый фӕстӕ акъацийӕ скодта нывондхӕссӕн судзинаг нывӕндтӕн. Нывондхӕссӕнӕн йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ бӕрзӕнд та уыди ӕртӕ ӕлмӕрины+. 2 Стӕй йын йӕ цыппар тигъыл скодта сыкъатӕ+. Сыкъатӕ цыдысты йӕхицӕй. Ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕрдта+. 3 Уый фӕстӕ скодта, нывондхӕссӕнимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон иууылдӕр: мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн, белтӕ, къустӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр скодта ӕрхуыйӕ+. 4 Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ скодта сеткӕ дӕр ӕмӕ йӕ бавӕрдта, нывондхӕссӕны кӕрӕттыл цы фӕлгӕтгонд уыди, уый бынмӕ, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕуӕй куыд уыдаид, афтӕ+. 5 Стӕй цыппар тигъыл, ӕрхуы сеткӕмӕ хӕстӕг, скодта цыппар ӕрхуы цӕджы хъилтӕ ӕвӕрынӕн. 6 Уый фӕстӕ йын акъацийӕ скодта хъилтӕ ӕмӕ сыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕрдта+. 7 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ бавӕрдта, нывондхӕссӕнӕн дыууӕрдыгӕй цы цӕгтӕ уыд, уыдоны, цӕмӕй йӕ уыдонӕй хӕссой+. Нывондхӕссӕн скодта фӕйнӕджытӕй, мидӕгӕй уыди афтид+.
8 Стӕй ӕрхуыйӕ скодта стыр аг+ хи ӕхсынӕн, ӕмӕ йын йӕ бынӕвӕрӕн дӕр скодта ӕрхуыйӕ – скодта сӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты кӕсӕнтӕй*+.
9 Уый фӕстӕ скодта ӕмбӕрзӕнтӕ кӕрт+ сӕхгӕнынӕн. Негевы ’рдыгӕй, хуссар фарс, кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты сӕдӕ ӕлмӕрины. Уӕфт уыдысты гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. 10 Уыди сын дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та уыдысты ӕвзистӕй+. 11 Цӕгат фарс дӕр ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты сӕдӕ ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн дӕр уыди дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та уыдысты ӕвзистӕй+. 12 Ныгуылӕнырдыгӕй та кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ уыдысты фӕндзай ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн уыди дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны+. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та уыдысты ӕвзистӕй. 13 Кӕртӕн йе скӕсӕн фарс дӕр уыди фӕндзай ӕлмӕрины+. 14 Кӕрты бахизӕнӕй иуырдӕм ӕмбӕрзӕнты дӕргъ уыди фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын уыди ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+. 15 Ӕмӕ кӕрты бахизӕнӕй иннӕрдӕм дӕр ӕмбӕрзӕнты дӕргъ уыди фынддӕс ӕлмӕрины. Уыцырдыгӕй дӕр сын уыди ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны+. 16 Кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ иууылдӕр уыдысты гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 17 Цӕджындзтӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ уыдысты ӕрхуыйӕ, сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та – ӕвзистӕй. Ӕмӕ цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕвзистӕй цъар. Кӕрты цӕджындзтӕн сӕ фидаргӕнӕнтӕ иууылдӕр уыдысты ӕвзистӕй+.
18 Кӕрты бахизӕны* цы ӕмбӕрзӕн уыди, уый уӕфт уыди ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. Йӕ дӕргъ уыди дыууын ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та уыди фондз ӕлмӕрины – кӕрты ӕмбӕрзӕнты бӕрзӕндӕн+. 19 Йӕ цыппар цӕджындзы ӕмӕ цыппар бынӕвӕрӕны уыдысты ӕрхуыйӕ, сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та – ӕвзистӕй. Ӕмӕ цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕвзистӕй цъар. 20 Цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ та уыдысты ӕрхуыйӕ+.
21 Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ левиттӕ сауджын Аароны фырт Ифамары+ разамындӕй банымадтой, цатырӕн – бадзырды* цатырӕн+ – цы бахъуыд, уыдӕттӕ. Уый уыд левитты хӕс+. 22 Иудӕйы мыггагӕй Веселеил+, Хурӕн йӕ фырт Урийы фырт, сарӕзта, Йегъовӕ Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр. 23 Йемӕ уыди Даны мыггагӕй Аголиав+, Ахисамахы фырт. Уый къухӕй алцы аразынмӕ дӕр уыди дӕсны, хъуымацыл ӕндахӕй алыхуызон нывтӕ кӕнынмӕ дӕр ӕмӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕндахӕй хъуымӕцтӕ уафынмӕ дӕр.
24 Сыгъдӕг бынаты ӕппӕт куыстытыл дӕр цы сызгъӕрин ацыд, уый уыди, кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн кӕй ӕрбахастой+, уыцы сызгъӕрин – ӕдӕппӕтӕй дыууын фараст таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын сиклы+, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй*+. 25 Адӕмӕй фыст чи ’рцыд, уыдон цы ӕвзист ӕрбахастой, уый та уыди сӕдӕ таланты ӕмӕ иу мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз сиклы, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй. 26 Нымад чи ’рцыд,– дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди+,– уыдон уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мины фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы+, ӕмӕ сӕ алкӕмӕй дӕр ӕвзист райстой сиклы ’рдӕг.
27 Сӕдӕ таланты ӕвзист ацыди сыгъдӕг бынаты цӕджындзты ӕмӕ, мидӕгӕй цы ӕмбӕрзӕн уыди, уый цӕджындзты бынӕвӕрӕнтыл. Сӕдӕ бынӕвӕрӕныл ацыд сӕдӕ таланты – алы бынӕвӕрӕныл дӕр иу талант+. 28 Иу мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз сиклы ӕвзист та йӕ бахъуыд, цӕмӕй скодтаид цӕджындзты зӕгӕлтӕ, стӕй цӕджындзты цъуппытыл ӕвзистӕй цъар сӕвӕрдтаид ӕмӕ цӕджындзтӕ кӕрӕдзиимӕ баиу кодтаид.
29 Кӕй батилынц, ахӕм нывондӕн цы ӕрхуы ӕрбахастой, уый та уыди ӕвдай таланты ӕмӕ дыууӕ мин цыппарсӕдӕ сиклы. 30 Ӕмӕ уыцы ӕрхуыйӕ скодта, ӕмбырды цатыры бахизӕны цы цӕджындзтӕ уыди, уыдонӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, стӕй ӕрхуы нывондхӕссӕн, уыцы нывондхӕссӕны ӕрхуы сеткӕ ӕмӕ, нывондхӕссӕнимӕ цы мигӕнӕнтӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон иууылдӕр. 31 Уыцы ӕрхуыйӕ ма скодта кӕрты цӕджындзтӕн сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, кӕрты бахизӕны чи хъуамӕ уыдаид, уыцы цӕджындзты бынӕвӕрӕнтӕ, стӕй цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ+ иууылдӕр.
39 Ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй+ ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скодтой рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс+ сыгъдӕг бынаты лӕггад кӕнынӕн+. Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Ааронӕн скодтой сӕрмагонд уӕлӕдарӕс+.
2 Ефод+ скодта сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 3 Стӕй сызгъӕрины тъӕпӕн гӕбӕзтӕ ныххостой ӕмӕ сӕ тӕнӕг сыфтӕ сарӕзтой. Ӕмӕ сӕ уый лыстӕг ныллыгтӕ кодта ӕмӕ дзы рауади ӕндӕхтӕ, ӕмӕ сӕ ауагъта ӕрвхуыз ӕндӕхты, тарсырх къуымбил ӕндӕхты, сырх-сырхид ӕндӕхты ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндӕхты ’хсӕнты ӕмӕ йӕ скодта нывӕфтыд+. 4 Ефоды уӕхсчытӕн хъуымацӕй скодтой дыууӕ гӕбазы ӕмӕ йыл сӕ бафидар кодтой. Уым иу кодтой ефоды дыууӕ фарсы. 5 Ефодыл йе ’рбабӕттынӕн цы рон уыди, уый дӕр скодтой, ефод цӕмӕй конд уыд, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+ – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
6 Уый фӕстӕ оникс+ дуртыл, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ скъахтой Израилы фыртты нӕмттӕ+ ӕмӕ сӕ сызгъӕрин фӕлгӕтты бавӕрдтой. 7 Ӕмӕ сӕ уый бафидар кодта, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыди, уыдоныл – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уыцы дуртӕ сты Израилы фырттӕн зӕрдыл дарынӕн+. 8 Стӕй скодта риуылдарӕн+. Уый дӕр скодта нывӕфтыд, ефод цӕмӕй конд уыд, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй+. 9 Дыдагъӕй йӕ цыппар фарсы дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – уылынг, йӕ уӕрх дӕр – уылынг+. 10 Ӕмӕ йыл бакодтой дуртӕ, цыппар рӕнхъы. Фыццаг рӕнхъы+: рубин, топаз ӕмӕ изумруд. 11 Дыккаг рӕнхъы+: бирюза, сапфир+ ӕмӕ яшмӕ+. 12 Ӕртыккаг+ рӕнхъы: лешем*, агат ӕмӕ аметист. 13 Цыппӕрӕм+ рӕнхъы та: хризолит, оникс+ ӕмӕ жадеит. Дуртӕ бавӕрдтой сызгъӕрин фӕлгӕтты. 14 Уыцы дуртӕ уыдысты дыууадӕс – Израилы фырттӕ цал сты, уал. Алы дурыл дӕр дзы, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ къахт уыди Израилы дыууадӕс мыггагӕй иуы ном+.
15 Уый фӕстӕ риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодтой бӕндӕнау здыхст рӕхыстӕ+. 16 Стӕй сызгъӕринӕй скодтой дыууӕ фӕлгӕты ӕмӕ дыууӕ цӕджы, ӕмӕ уыцы дыууӕ цӕджы риуылдарӕны кӕрӕттыл дыууӕрдыгӕй бафидар кодтой+. 17 Ӕмӕ уыцы цӕгты мидӕг акодтой дыууӕ сызгъӕрин бӕттӕны+. 18 Уыцы дыууӕ бӕттӕнӕн сӕ кӕрӕттӕ та аластой дыууӕ фӕлгӕты, ӕмӕ сӕ, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыди, уыдоныл разӕй бафидар кодтой+. 19 Ноджыдӕр ма скодтой дыууӕ сызгъӕрин цӕджы, ӕмӕ уыдон та бафидар кодтой риуылдарӕнӕн йӕ дыууӕ кӕроныл бынӕй, мидӕгырдыгӕй – ефодырдӕм фарс+. 20 Стӕй ма скодтой дыууӕ сызгъӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодтой, ефоды уӕхсчытыл хъуымацӕй цы дыууӕ гӕбазы уыди, уыдоныл бынӕй, ӕддӕрдыгӕй, ефодӕн йӕ роны сӕрмӕ, ефодимӕ кӕм иу кӕнынц, уымӕ хӕстӕг+. 21 Ӕмӕ стӕй риуылдарӕн уыцы цӕгтӕй ефоды цӕгтӕм бабастой ӕрвхуыз бӕттӕнӕй, риуылдарӕн ефодӕн йӕ роны сӕрмӕ куыд уыдаид ӕмӕ йыл ӕнгом куыд бадтаид – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.
22 Уый фӕстӕ скодта ӕнӕдыс къаба+ ефоды мидӕгӕй дарынӕн – ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыди ӕрвхуыз ӕндахӕй уӕфт. 23 Къабайӕн уӕлӕрдыгӕй астӕуӕй уыди хъуыр ӕмӕ конд уыди, згъӕрхӕдоны хъуыр куыд фидар конд вӕййы, афтӕ. Хъуырӕн йӕ кӕрӕттӕ афтӕ конд уыдысты, цӕмӕй ма скъуыдаид+. 24 Стӕй ӕрвхуыз ӕндах, тарсырх къуымбил ӕндах ӕмӕ сырх-сырхид ӕндах иумӕ сыздыхтой ӕмӕ дзы къабайӕн йӕ бынтыл скодтой гранаттӕ+. 25 Уый фӕстӕ сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодтой дзӕнгӕрджытӕ ӕмӕ сӕ къабайӕн йӕ бынтыл кӕрӕй-кӕронмӕ гранатты ’хсӕнты бакодтой+: 26 дзӕнгӕрӕг, стӕй гранат, дзӕнгӕрӕг, стӕй гранат – ӕмӕ афтӕ йӕ бынтыл кӕрӕй-кӕронмӕ+. Уыцы ӕнӕдыс къаба дзӕнгӕрджытӕ ӕмӕ гранаттимӕ хъуыди лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ йӕ скодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
27 Стӕй Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр ӕндахӕй+ бауӕфтой даргъ хӕдӕттӕ, 28 ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй скодтой сарыхъ+ ӕмӕ рӕсугъд худтӕ+, гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скодтой мидӕггаг хӕлӕфтӕ+ 29 ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй бауӕфтой рон+ дӕр. Скодтой сӕ, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
30 Фӕстагмӕ та сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодтой ӕрттиваг тъӕпӕн гӕбаз* ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъахтой ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у сыгъдӕг*»+.31 Стӕй йыл бакодтой ӕрвхуыз бӕттӕн, цӕмӕй йӕ уыцы бӕттӕнӕй бабастаиккой сарыхъыл+ – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
32 Уыйадыл арӕзт фесты, ӕмбырды цатырӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр. Израилы фырттӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Раст афтӕ бакодтой.
33 Уый фӕстӕ цатыр+ йе ’мбӕрзӕнтимӕ+ ӕмӕ ма йемӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдонимӕ+ Моисеймӕ ӕрбахастой: йӕ къӕпсыртӕ+, йӕ фӕлгӕттӕ+, йӕ хъилтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ сӕ бынӕвӕрӕнтимӕ+, 34 сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕй+ ӕмӕ фӕлмӕн сӕракӕй*+ кӕй скодтой, уыцы ӕмбӕрзӕнтӕ, бадзырды чырыны раз чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕмбӕрзӕн+, 35 бадзырды* чырын+, йӕ хъилтӕ+ ӕмӕ йӕ сӕр+, 36 стъол+ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ уыди, уыдон, нывонд дзултӕ, 37 сыгъдӕг сызгъӕринӕй конд цырагъдарӕн+ йӕ къустимӕ+ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ уыди, уыдон, сой рухс кӕнынӕн+, 38 сызгъӕрин нывондхӕссӕн+, сӕрмагонд сой+, хӕрздӕф буд+, цатыры бахизӕны чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕмбӕрзӕн+, 39 ӕрхуы нывондхӕссӕн+ ӕмӕ йе ’рхуы сеткӕ+, йӕ хъилтӕ+ ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ уыди, уыдон, стыр аг+ ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн+, 40 кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ+ сӕ бынӕвӕрӕнтимӕ+, кӕрты бахизӕны чи хъуамӕ уыдаид, уыцы ӕмбӕрзӕн+, цатыры бӕттӕнтӕ+ ӕмӕ къӕбӕлтӕ+ ӕмӕ, ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдон+, 41 стӕй рӕсугъд уӕфт уӕлӕдарӕс+ кувӕн бынаты лӕггад кӕнынӕн, сӕрмагонд+ уӕлӕдарӕс сауджын Ааронӕн ӕмӕ уӕлӕдарӕс йӕ фырттӕн дӕр, цӕмӕй сауджынтӕй лӕггад кӕной+.
42 Израилы фырттӕ ӕппӕт дӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыд загъта, афтӕ+. 43 Моисей ӕркаст, цы сарӕзтой, уымӕ, ӕмӕ федта, алцыдӕр кӕй сарӕзтой, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодтой. Ӕмӕ сын Моисей раарфӕ кодта+.
40 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 2 «Ӕмбырды цатыр+ ӕрӕвӕр фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон+. 3 Йӕ мидӕг ын сӕвӕр бадзырды чырын+ ӕмӕ чырынмӕ бацӕуӕн сӕхгӕн ӕмбӕрзӕнӕй+. 4 Стӕй цатырмӕ бахӕсс стъол+ ӕмӕ йын йӕ уӕлӕ ӕрӕвӕр, цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ бахӕсс цырагъдарӕн+ дӕр ӕмӕ йын йӕ цырӕгътӕ ссудз+. 5 Буд кӕуыл судздзысты, уыцы сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ сӕвӕр бадзырды чырыны акомкоммӕ, ӕмӕ цатыры бахизӕны дӕр бакӕн ӕмбӕрзӕн+.
6 Судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн+ сӕвӕр ӕмбырды цатыры бахизӕны раз. 7 Стыр аг та сӕвӕр ӕмбырды цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн+. 8 Цатыры алыварс кӕрт сӕхгӕн+ ӕмӕ кӕрты бахизӕны бакӕн ӕмбӕрзӕн+. 9 Стӕй райс сӕрмагонд сой+ ӕмӕ дзы байсӕрд цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдон ссыгъдӕг кӕн, цӕмӕй суа табуйаг. 10 Сойӕ байсӕрд, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хӕсдзысты, уыцы нывондхӕссӕн дӕр ӕмӕ йемӕ цы мигӕнӕнтӕ ис, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕн+, цӕмӕй суа уӕлдай табуйаг+. 11 Байсӕрд дзы стыр аг ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн дӕр ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕн.
12 Уый фӕстӕ Аароны ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн ӕмбырды цатыры размӕ ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи ныхсой+. 13 Стӕй Аароныл скӕн сӕрмагонд дарӕс+ ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд+ ӕмӕ йӕ снывонд кӕн, ӕмӕ мын сауджынӕй лӕггад кӕндзӕн. 14 Уый фӕстӕ йын ӕрбакӕн йӕ фыртты ӕмӕ сыл скӕн даргъ хӕдӕттӕ+. 15 Ӕмӕ уыдоны дӕр байсӕрд сойӕ, сӕ фыды сын куыд байсӕрдай, афтӕ+, ӕмӕ мын сауджынтӕй лӕггад кӕндзысты. Сӕрст куы ’рцӕуой, уӕд уый ӕвдисдзӕн, ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уыдон кӕй сты сауджынтӕ»+.
16 Ӕмӕ Моисей алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Раст афтӕ бакодта.
17 Гъемӕ дыккӕгӕм азы фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, цатыр ӕвӕрд ӕрцыд+. 18 Моисей цатыр куы ӕвӕрдта, уӕд бынӕй ӕрӕвӕрдта бынӕвӕрӕнтӕ+, сӕвӕрдта сыл фӕлгӕттӕ+, бавӕрдта йын йӕ хъилтӕ+ дӕр ӕмӕ йын йӕ цӕджындзтӕ+ дӕр сӕвӕрдта. 19 Стӕй цатырыл йе ’мбӕрзӕн+ айтыгъта, уый ӕддейӕ та йыл айтыгъта иннӕ ӕмбӕрзӕн+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
20 Уый фӕстӕ райста бадзырды къӕйдуртӕ*+ ӕмӕ сӕ чырыны+ нывӕрдта, стӕй йын йӕ хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдта ӕмӕ чырынӕн+ йӕ сӕр+ йӕ уӕлӕ ӕрӕвӕрдта. 21 Ӕмӕ йӕ бахаста цатырмӕ, ӕмбӕрзӕн ӕрцауыгъта+ ӕмӕ бадзырды чырынмӕ бацӕуӕн сӕхгӕдта+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
22 Уый фӕстӕ стъол+ бахаста ӕмбырды цатырмӕ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта цӕгат фарс, ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй. 23 Ӕмӕ йыл Йегъовӕйы раз иу иннӕйы сӕрыл ӕрӕвӕрдта дзултӕ+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
24 Ӕмбырды цатыры стъолы акомкоммӕ та, цатыры хуссар фарс, сӕвӕрдта цырагъдарӕн+. 25 Ӕмӕ Йегъовӕйы раз цырӕгътӕ ссыгъта+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
26 Уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры мидӕг ӕмбӕрзӕны раз сӕвӕрдта сызгъӕрин нывондхӕссӕн+, 27 цӕмӕй йыл судзой хӕрздӕф буд+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
28 Фӕстагмӕ бакодта цатыры бахизӕны ӕмбӕрзӕн+.
29 Ӕмбырды цатыры бахизӕны раз та сӕвӕрдта, судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ хоры кувинӕгтӕ кӕуыл хъуамӕ хастаиккой, уыцы нывондхӕссӕн+, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
30 Стӕй ӕмбырды цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн сӕвӕрдта стыр аг хи ӕхсынӕн ӕмӕ дзы дон ныккодта+. 31 Ӕмӕ-иу Моисей, стӕй Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ уыцы донӕй ӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ. 32 Сӕхи-иу ныхсадтой+, ӕмбырды цатырмӕ куы цыдысты, уӕд дӕр ӕмӕ-иу нывондхӕссӕны цурмӕ куы цыдысты, уӕд дӕр, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
33 Уый фӕстӕ цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс кӕрт+ сӕхгӕдта ӕмӕ кӕрты бахизӕны ӕмбӕрзӕн бакодта+.
Уыйадыл Моисей куыстытӕ иууылдӕр фӕци. 34 Ӕмӕ уӕд мигъ+ ӕрӕмбӕрзта ӕмбырды цатыр, ӕмӕ цатыр байдзаг Йегъовӕйы кадӕй. 35 Ӕмӕ Моисейӕн йӕ бон нӕ уыд ӕмбырды цатырмӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ мигъ+ лӕууыд цатыры сӕрмӕ ӕмӕ цатыр Йегъовӕйы кадӕй нӕ зынд+.
36 Мигъ-иу цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд-иу Израилы фырттӕ сӕ цатыртӕ систой ӕмӕ-иу дарддӕр араст сты. Афтӕ кодтой ӕнӕхъӕн фӕндаг, иу бынатӕй иннӕмӕ куы цыдысты, уӕд+. 37 Фӕлӕ-иу мигъ хӕрдмӕ куы не ссыд, уӕд та-иу сӕ цатыртӕ нӕ систой – цалынмӕ-иу мигъ хӕрдмӕ не ссыд, уӕдмӕ+. 38 Цатыры сӕрмӕ-иу бонӕй лӕууыд Йегъовӕйы мигъ, ӕхсӕвы та-иу йӕ сӕрмӕ сыгъди арт, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм иууылдӕр уыдтой ӕнӕхъӕн фӕндагыл, иу бынатӕй иннӕмӕ куы цыдысты, уӕд+.
[Фиппаинӕгтӕ]
Нысан кӕны «донӕй кӕй систой, уый».
Нысан кӕны «ӕрцӕуӕггаг уыцы ран».
Комк. «уымӕй лӕудзынӕн сӕ зӕрдыл».
Кӕнӕ «тары».
Комк. «ӕз уыдзынӕн дӕ дзыхимӕ дӕр ӕмӕ уый дзыхимӕ дӕр».
Комк. «дӕ уд дын чи агуырдта».
Комк. «ӕхсондур».
Комк. «фӕлӕ сын мӕхи мӕ ном Йегъовӕйӕ нӕ раргом кодтон».
Комк. «Мӕ былтӕ сунӕтгонд не сты».
Комк. «Фараоны зӕрдӕмӕ».
Комк. «Уый Хуыцауы ӕнгуылдз у».
Кӕнӕ «галбындзыты» – стыр, хӕцаг бындзытӕ.
Комк. «фараоны зӕрдӕмӕ». Кӕс 35 ст. дӕр.
Дзут. тексты дзырд цӕуы мӕнӕуы дыууӕ мыггагыл. Иу дзы ахӕм хорз мыггаг нӕу, сагътой йӕ рагон Египеты.
Комк. «Ацы адӕймаг ма нын къӕппӕг цас уыдзӕн?»
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «ӕгас Израилы ӕхсӕнады ӕмбырд».
Иуӕй-иу ахуыргӕндты, стӕй караимты ӕмӕ самариӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «дыууӕ изӕры астӕу» у, хур куы аныгуылы, уӕдӕй, куы баталынг вӕййы, уӕдмӕ. Фарисейтӕ ӕмӕ раввинтӕ та хъуыды кодтой афтӕ: фыццаг изӕр у, хур ныгуылын куы райдайы, уыцы рӕстӕг, дыккаг изӕр та – хур куы аныгуылы, уӕд.
Комк. «уд».
Комк. «алы уды».
Комк. «уыцы уд».
Комк. «Израилы фырттӕ, Египеты чи цард, уыдон фӕцардысты». Иуӕй-иу рагон тӕлмацтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй уыцы азтӕм, израилӕгтӕ Египеты куы цардысты, ӕрмӕст уыцы рӕстӕг нӕ хауы, фӕлӕ, Ханааны куы цардысты, уыцы рӕстӕг дӕр.
Комк. «цагъарты хӕдзарӕй». Кӕс 14 ст. дӕр.
Комк. «сӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ».
Дзуттӕгтӕм уый уыди ӕртыккаг, фӕстаг хъахъхъӕнӕн афон, ӕхсӕвы 2 сахатӕй райсомы 6 сахатмӕ.
«Йагъ» у ном «Йегъовӕ»-йы цыбыр формӕ. Фыццаг хатт ам ӕмбӕлы. Кӕс Уӕлӕмх. 1.
Комк. «ныссадздзынӕ».
Нысан кӕны «маст».
Кӕнӕ «низтӕ».
Комк. «ацы ӕмбырд ӕнӕхъӕнӕй дӕр».
Кӕс Рц 12:6, фип.
2 л бӕрц. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Ӕвӕц., нысан кӕны «Ай цы у?» (дзут. ман ху?) Кӕс 15 ст.
Комк. «Ӕвдисӕнады раз». Ӕвӕц., уый уыди, ахсджиаг документтӕ кӕм дардтой, ахӕм асыкк.
Иу ефӕ у 22 л. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Ам, Хуыцау дӕс фӕдзӕхсты цы хохыл радта, уый кой нӕ цӕуы, фӕлӕ, Синайы хохы алыварс цы хӕхбӕстӕ уыд, уый кой. Хуыдтой йӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыр дӕр.
Нысан кӕны «фӕлварӕн».
Нысан кӕны «хыл; быцӕу».
Ома Навины фыртӕн.
Комк. «арвы бынӕй».
Ӕвӕц., нысан кӕны «Йегъовӕ у мӕ нысан [цӕджындз]».
Комк. «Йагъы паддзахбадӕны ныхмӕ».
Нысан кӕны «ӕрцӕуӕггаг уыцы ран».
Нысан кӕны «мӕ Хуыцау – ӕххуысгӕнӕг».
Дзут. тексты ма ацы ран ис ныхӕстӕ «раст уыцы бон».
Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».
Ома хъӕдӕй, дурӕй, ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй.
Кӕнӕ «нӕ быхсын, ӕндӕр хуыцӕуттӕ дын уа, уый».
Кӕнӕ «хъӕуа-нӕхъӕуа ма дзур».
Комк. «ӕмӕ йӕ скодта сыгъдӕг».
«Сарт» – ӕфсӕйнаг кусӕнгарз, йӕ бырынкъ у цыргъ; пайда дзы кӕнынц хъӕд, дур кӕнӕ ӕфсӕйнаг къахынӕн.
Иу сикл у 11,4 г. Кӕс Рд 23:15, фип.
Ома сӕ дзӕбӕх кӕй нӕ хъахъхъӕдта, уый тыххӕй.
Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйы».
Кӕнӕ «афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ де знӕгтӕн сӕ къӕбут уындзынӕ».
Ома Евфраты.
Комк. «тюлены цӕрмттӕ».
Уыцы сой уыди, цавӕрдӕр хъуыддагӕн-иу ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый сӕрыл рауадзынӕн.
Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.
Ома дзӕбугӕй кусгӕйӕ. Кӕс 31, 36 ст. дӕр.
Комк. «ӕвдисӕнады чырыны».
7,4 см бӕрц.
Иу талант у 34,2 кг бӕрц. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Кӕс Рц 25:5, фип.
Алы бынӕвӕрӕнӕн дӕр астӕуӕй уыд хуынкъ.
Комк. «ӕвдисӕнады чырын».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Дӕргъы барӕн; ӕнгуылдзтӕ ахӕлиу кӕнгӕйӕ, стыр ӕнгуылдзӕй гыццыл ӕнгуылдзы ’хсӕн цас ис, уый. Уылынг у 22,2 см.
Зынаргъ дур; цавӕр у, уый бӕрӕг нӕу.
Урим ӕмӕ туммимӕй пайда кодтой Хуыцауы фӕндон базонынӕн. Ӕвӕц., уыдысты дуртӕ, хӕлттӕ-иу сӕ сӕппӕрстой.
Комк. «Сыгъдӕгдзинад Йегъовӕйы у».
Уыцы гуылтӕ астӕуӕй уыдысты хуынкъ. Кӕс 23 ст. дӕр.
Комк. «снывонд кӕныны сыгъдӕг нысан», ома, Аарон Хуыцауӕн нывондгонд кӕй уыд, уый нысан.
Кӕс Рц 25:6, фип.
Кӕнӕ «фӕхсын».
Комк. «бамбӕрзыны».
Кӕс Рц 12:6, фип.
Иу гин у 3,67 л.
Комк. «ӕвдисӕнады чырын». Кӕс 26 ст. дӕр.
Комк. «Ӕвдисӕнады». Кӕс 36 ст. дӕр.
Кӕнӕ «бафида ахӕсты аргъ».
Дзырд цӕуы, цатыры цы сиклӕй барстой, уымӕн йӕ уӕз цас уыди, ууыл, йе та, йӕ уӕз къаддӕр кӕнӕ фылдӕр кӕй хъуамӕ ма уыдаид, ууыл. Абар 2См 14:26, фип.
Иу герӕ у 0,57 г. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Комк. «Хуыцауы тыхӕй»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «ӕвдисӕнады чырын».
Кӕс Рц 25:6, фип.
Комк. «уыцы уды».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «ӕнгуылдзӕй».
Комк. «цӕсгом фӕлмӕн кӕнын».
Комк. «фӕфӕсмон кӕн, дӕ адӕмӕн цы фыд ракӕнын сфӕнд кодтай, ууыл».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Кӕнӕ «фембӕлды цатыр». Кӕс «Дзырдуат», 2089 ф.
«Уый» – куыд зыны, афтӕмӕй амоны Йегъовӕмӕ. Кӕс 1 ст.
Ома дӕс амынды, кӕнӕ Дӕс фӕдзӕхсты.
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Комк. «тюлены цӕрмттӕ». Кӕс 23 ст. дӕр.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «Хуыцауы тыхӕй»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Куыд зыны, афтӕмӕй Веселеил.
Комк. «тюлены цӕрмттӕй».
Ома дзӕбугӕй кусгӕйӕ. Кӕс 17, 22 ст. дӕр.
Ома ӕрхуы кӕсӕнтӕ; ӕрхуы-иу афтӕ слӕгъз кодтой, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕхи уыдтаид.
Комк. «Кулдуарыл».
Комк. «Ӕвдисӕнады».
Кӕс Рц 30:13, фип.
Кӕс Рц 28:19, фип.
Комк. «тъӕпӕн гӕбаз, снывонд кӕныны сыгъдӕг нысан», ома, Аарон Хуыцауӕн нывондгонд кӕй уыд, уый нысан.
Комк. «Сыгъдӕгдзинад Йегъовӕйы у».
Комк. «тюлены цӕрмттӕй».
Комк. «ӕвдисӕнады».
Комк. «Ӕвдисӕнад».