Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 Райдиан 1:1–50:26
  • Райдиан

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Райдиан
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Райдиан

Райдиан

1 Райдианы+ Хуыцау+ сфӕлдыста+ арв ӕмӕ зӕхх+.

2 Зӕхх уыд афтид ӕмӕ, цыхуызӕн у, уый бӕрӕг нӕ уыди. Ӕнӕбын арф доны+ сӕрмӕ уыди талынг. Ӕмӕ Хуыцауы архайгӕ тых* зылди+ доны сӕрмӕ+.

3 Ӕмӕ Хуыцау загъта+: «Уадз ӕмӕ фӕзынӕд рухс». Ӕмӕ фӕзынди рухс+. 4 Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, ӕмӕ рухс талынгӕй ахицӕн кодта+. 5 Ӕмӕ Хуыцау рухс схуыдта Бон+, талынг та – Ӕхсӕв+. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – фыццаг бон.

6 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕтты ’хсӕн фӕзынӕд уӕлдӕф*+ ӕмӕ дӕттӕ+ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн уӕнт». 7 Ӕмӕ Хуыцау скодта уӕлдӕф, ӕмӕ, уӕлдӕфы бын цы дон уыди, уый ахицӕн кодта, уӕлдӕфы сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй+. Ӕмӕ сси афтӕ. 8 Ӕмӕ Хуыцау уыцы уӕлдӕф схуыдта Арв+. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – дыккаг бон.

9 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ, арвы бын цы дӕттӕ ис, уыдон иу ранмӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ разынӕд сур бынат»+. Ӕмӕ сси афтӕ. 10 Ӕмӕ Хуыцау сур бынат схуыдта Зӕхх+, иумӕ цы дӕттӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон та – Денджызтӕ+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты+. 11 Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл ӕрзайӕд кӕрдӕг ӕмӕ, мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ+ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ дыргъ+ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг+ кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 12 Зӕххыл ӕрзад кӕрдӕг ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ+ мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ+ дыргъ чи хӕссы ӕмӕ йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты. 13 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – ӕртыккаг бон.

14 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ бон ӕхсӕвӕй хицӕн кӕнынӕн+. Уыдон уыдзысты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыдзысты афӕдзы афонтӕ, бонтӕ ӕмӕ азтӕ зонынӕн+. 15 Уыцы рухсгӕнӕнтӕ судздзысты арвыл, цӕмӕй зӕхмӕ сӕ рухс кӕла»+. Ӕмӕ сси афтӕ. 16 Хуыцау скодта* дыууӕ стыр рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн, цӕмӕй йӕ бар цӕуа боныл, ӕмӕ къаддӕр рухсгӕнӕн, цӕмӕй йӕ бар цӕуа ӕхсӕвыл. Ӕмӕ ма скодта стъалытӕ дӕр+. 17 Ӕмӕ сӕ Хуыцау сӕвӕрдта арвыл, цӕмӕй зӕхмӕ сӕ рухс кӕла+, 18 цӕмӕй сӕ бар цӕуа боныл ӕмӕ ’хсӕвыл ӕмӕ цӕмӕй рухс талынгӕй хицӕн кӕной+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты+. 19 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – цыппӕрӕм бон.

20 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ дӕттӕ байдзаг уӕнт цӕрӕг удтӕй+ ӕмӕ мӕргътӕ* атӕхӕнт зӕххы сӕрмӕ, арвыл»+. 21 Ӕмӕ сфӕлдыста Хуыцау стыр денджызон цӕрӕгойтӕ+ ӕмӕ, дӕттӕ кӕмӕй байдзаг сты, уыцы цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ*+, стӕй мӕргъты алы мыггӕгтӕ+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты. 22 Уӕд сын Хуыцау раарфӕ кодта: «Фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнут, сбирӕ ут ӕмӕ байдзаг кӕнут денджызты дӕттӕ+. Ӕмӕ уадз зӕххыл сбирӕ уӕнт мӕргътӕ дӕр». 23 Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – фӕндзӕм бон.

24 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ зӕххыл+ фӕзынӕд цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ – хӕдзарон+ фосы алы мыггӕгтӕ, хъӕддаг сырдты+ алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты*+ алы мыггӕгтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 25 Хуыцау скодта зӕххон сырдты алы мыггӕгтӕ, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕ+. Ӕмӕ Хуыцау федта, хорз кӕй сты.

26 Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Скӕнӕм+ адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ+, нӕхи хуызӕн+. Ӕмӕ йӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр, стӕй ма зӕххыл ноджыдӕр цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдоныл дӕр»+. 27 Ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ+. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй+. 28 Ӕмӕ сын Хуыцау раарфӕ кодта+ ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут+, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут+. Уӕ бар цӕуӕд+ денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр».

29 Уый фӕстӕ сын Хуыцау загъта: «Ӕз уын радтон, зӕххы цъарыл зайӕгойтӕй мыггаг чи кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмӕ, йӕ дыргъты мидӕг мыггаг кӕмӕн ис, уыцы бӕлӕстӕ иууылдӕр+. Уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн+. 30 Ӕмӕ зӕххыл хъӕддаг сырдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонӕн дӕр хӕрынӕн радтон зайӕгойтӕ иууылдӕр»+. Ӕмӕ сси афтӕ.

31 Уый фӕстӕ Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз+. Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом – ӕхсӕзӕм бон.

2 Уыйадыл Хуыцау конд фӕци арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон*+. 2 Ӕвдӕм бонмӕ Хуыцау конд фӕци йӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ ӕвдӕм бон улӕфын райдыдта, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+. 3 Ӕмӕ Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта*, уымӕн ӕмӕ уыцы бон улӕфын райдыдта йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй. Хуыцау сфӕлдыста, цы сфӕнд кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр+.

4 Афтӕ фӕзындысты арв ӕмӕ зӕхх се сфӕлдисыны рӕстӕджы, Йегъовӕ Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста, уыцы бон+.

5 Зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къутӕртӕ, нӕдӕр ӕндӕр зайӕгойтӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау зӕхмӕ къӕвда+ не ’рвыста. Стӕй зӕххыл нӕма уыд адӕймаг дӕр, цӕмӕй йӕ куыстаид. 6 Фӕлӕ зӕххӕй хӕрдмӕ цыди мигъ+ ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр донӕй ӕфсӕста+.

7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй*+ скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард*+, ӕмӕ адӕймаг сси цӕрӕг уд*+. 8 Йегъовӕ Хуыцау скодта цӕхӕрадон скӕсӕнырдыгӕй, Едемы+, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта, кӕй скодта, уыцы адӕймаджы+. 9 Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ. Стӕй ма сзайын кодта царды бӕлас+ дӕр цӕхӕрадоны астӕу ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас+ дӕр.

10 Едемы цӕхӕрадонӕй цыди цӕугӕдон ӕмӕ цӕхӕрадон донӕй ӕфсӕста. Стӕй фӕдих цыппар цӕугӕдоныл. 11 Фыццаг цӕугӕдон хуыйны Фисон ӕмӕ кӕлы, сызгъӕрин кӕм ис, уыцы зӕххы алыварс, Хавилӕйы+ зӕххы алыварс. 12 Уыцы зӕххы цы сызгъӕрин ис, уый у тынг хорз сызгъӕрин+. Ис ма дзы бӕласы хӕрздӕф чъиу+ ӕмӕ оникс+ дур дӕр. 13 Дыккаг цӕугӕдон хуыйны Гихон. Уый та кӕлы Кушы* зӕххы алыварс. 14 Ӕртыккаг цӕугӕдон хуыйны Хиддекел*+. Уыцы цӕугӕдон цӕуы Ассирийӕн+ йе скӕсӕнырдыгӕй. Цыппӕрӕм цӕугӕдон та у Евфрат+.

15 Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы+ цӕхӕрадоны, цӕмӕй йӕ куыстаид ӕмӕ йӕм зылдаид+. 16 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау адӕймагӕн бафӕдзӕхста: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц+. 17 Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ»+.

18 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг»+. 19 Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй алыхуызон хъӕддаг сырдты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты куы скодта, уӕд сӕ райдыдта адӕймагмӕ кӕнын, алкӕй дӕр дзы куыд схондзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу алы цӕрӕг уды+ дӕр адӕймаг куыд схуыдта, афтӕ уыди йӕ ном+. 20 Гъемӕ адӕймаг нӕмттӕ радта хӕдзарон фосӕн, уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Фӕлӕ дзы адӕймагӕн нӕ разынд, йемӕ чи сфидыдтаид, ахӕм ӕххуысгӕнӕг. 21 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Хуыцау адӕймагыл тарф фынӕй+ бафтыдта, ӕмӕ цалынмӕ фынӕй уыди, уӕдмӕ йын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ уыцы бынат байгас кодта. 22 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, адӕймагӕй цы фӕрск систа, уымӕй скодта сылгоймаджы ӕмӕ йӕ адӕймагмӕ ӕрбакодта+.

23 Ӕмӕ уӕд адӕймаг загъта:

«Кӕдӕй-уӕдӕй! Ай у стӕг ме стӕгӕй,

Ӕмӕ буар мӕ буарӕй+.

Ӕмӕ хуындзӕн Сылгоймаг,

Уымӕн ӕмӕ ист у нӕлгоймагӕй*»+.

24 Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады+ ӕмӕ баиу уыдзӕн* йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар+. 25 Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр, адӕймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты бӕгънӕг+, фӕлӕ уымӕй не ’фсӕрмы кодтой+.

3 Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста+, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр+ уыди калм+. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта+: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?»+ 2 Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн+. 3 Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй+ нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“»+. 4 Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут+. 5 Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый»+.

6 Ӕмӕ уӕд сылгоймаг федта, бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды+. Гъемӕ дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Ӕмӕ уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта+. 7 Ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ цӕстытӕ байгом сты ӕмӕ бамбӕрстой, бӕгънӕг кӕй сты, уый+. Гъемӕ легъуибӕласы сыфтӕ кӕрӕдзийыл бахуыдтой ӕмӕ сӕ сӕ астӕутыл ӕрбабастой+.

8 Цасдӕры фӕстӕ уыдон фехъуыстой Йегъовӕ Хуыцауы хъӕлӕс – рог дымгӕ куы радымы, уыцы афон* цӕхӕрадоны рацу-бацу кодта+. Ӕмӕ адӕймаг ӕмӕ йӕ ус Йегъовӕ Хуыцауӕй бӕлӕсты ’хсӕн бамбӕхстысты+. 9 Йегъовӕ Хуыцау цалдӕр хатты адӕймагмӕ фӕдзырдта: «Кӕм дӕ?»+ 10 Ӕмӕ йын адӕймаг кӕддӕр дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны дын дӕ хъӕлӕс фехъуыстон, фӕлӕ фӕтарстӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг уыдтӕн»+. 11 Уӕд ын Хуыцау загъта: «Чи дын загъта, ӕмӕ бӕгънӕг дӕ?+ Афтӕ дын кӕмӕй загътон, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уыцы бӕласӕй, мыййаг, нӕ бахордтай?»+ 12 Адӕймаг ын дзуапп радта: «Ды мын цы сылгоймаджы радтай, уый мын радта уыцы бӕласы дыргътӕй, ӕмӕ дзы бахордтон»+. 13 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау сылгоймагӕн загъта: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг та йын дзуапп радта: «Уый калм уыди, уый мӕ асайдта, ӕмӕ дзы бахордтон»+.

14 Уӕд Йегъовӕ Хуыцау калмӕн+ загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕлгъыст уыдзынӕ ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн дӕр – хӕдзарон фосы ’хсӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдты ’хсӕн. Дӕ царды ӕппӕт бонты бырдзынӕ дӕ гуыбыныл ӕмӕ хӕрдзынӕ рыг+. 15 Ӕз+ дӕу+ ӕмӕ сылгоймаджы*+, дӕ байзӕддаг*+ ӕмӕ уый байзӕддаджы+ кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ+. Уый*+ дын+ дӕ сӕр+ ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды+ та йын+ йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ»+.

16 Сылгоймагӕн та загъта: «Сывӕрджынӕй дын уыдзӕни тынг зын*+, тухитӕ кӕнгӕйӕ ардзынӕ сывӕллӕттӕ+. Ӕдзухдӕр дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ лӕгимӕ уай, уый та дӕ хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзӕн»+.

17 Уый фӕстӕ та Адамӕн загъта: «Дӕ усы ныхасмӕ кӕй байхъуыстай ӕмӕ дын афтӕ цы бӕласӕй загътон+, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уымӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн дӕу тыххӕй+. Цӕмӕй дын зӕхх хӕринаг дӕтта, уый тыххӕй цӕрӕнбонты фыдӕбон кӕндзынӕ+. 18 Зӕххыл дын зайдзӕни сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг+, ӕмӕ хӕрдзынӕ хъӕддаг зайӕгойтӕ. 19 Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ+. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ»+.

20 Уый фӕстӕ Адам йӕ усы схуыдта Евӕ*+, уымӕн ӕмӕ уый хъуамӕ суыдаид, зӕххыл чидӕриддӕр цӕрдзӕн, уыдоны мад+. 21 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау Адамӕн ӕмӕ йӕ усӕн цӕрмттӕй скодта даргъ дзаумӕттӕ, ӕмӕ сӕ сӕ уӕлӕ скодтой+. 22 Ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси мах хуызӕн – зоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый+. Ӕмӕ цӕмӕй царды бӕласы+ дыргътӕй дӕр ма ’ртона, ма дзы бахӕра ӕмӕ ӕнустӕм ма цӕра...». 23 Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ Хуыцау рарвыста Едемы цӕхӕрадонӕй+, цӕмӕй, кӕмӕй конд уыди, уыцы зӕхх куыстаид+. 24 Хуыцау ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны+ скӕсӕнырдыгӕй сӕвӕрдта херувимты+ ӕмӕ, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама, цӕмӕй царды бӕласмӕ бацӕуӕн ма уыдаид.

4 Адам йӕ ус Евӕимӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Евӕ басывӕрджын+. Ӕмӕ йын райгуырд Каин*+, ӕмӕ Евӕ загъта: «Йегъовӕйы фӕрцы мын райгуырди* лӕппу»+. 2 Уый фӕстӕ та йын райгуырд Авел+, Каины ӕфсымӕр.

Авел сси фысгӕс+, Каин та кодта зӕххы куыст+. 3 Иуцасдӕры фӕстӕ Каин зӕххы тыллӕгӕй+ Йегъовӕйӕн ӕрхаста кувинаг+. 4 Авел та нывондӕн ӕрхаста йӕ дзуджы фыццагзад+ уӕрыччытӕй цалдӕр ӕмӕ сӕ фиу+ дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авелӕй, ӕмӕ йын йӕ кувинаг айста+. 5 Каинӕй та йӕ зӕрдӕ нӕ барухс, ӕмӕ йын йӕ кувинаг нӕ айста+. Каин тынг смӕсты+ ӕмӕ йӕхи ныттар кодта. 6 Уӕд Йегъовӕ Каинӕн загъта: «Цӕуыл смӕсты дӕ ӕмӕ дӕхи цӕуыл ныттар кодтай? 7 Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн?+ Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы+. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?»+

8 Уый фӕстӕ Каин йе ’фсымӕр Авелӕн загъта: «Цом-ма мемӕ быдырмӕ». Гъемӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕр Авелыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта+. 9 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Каины бафарста: «Де ’фсымӕр Авел та кӕм ис?»+ Уый йын дзуапп радта: «Цы йын зонын. Исты ме ’фсымӕрӕн хъахъхъӕнӕг дӕн?»+ 10 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Хъусыс? Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы+. 11 Ныр ды дӕ ӕлгъыст: ды ныккалдтай де ’фсымӕры туг+, ӕмӕ йын йӕ туг цы зӕхх айста, уыцы зӕххӕй фӕхауӕггаг уыдзынӕ+. 12 Зӕхх-иу куы бакусай, уӕд дын тыллӕг нӕ дӕтдзӕн+. Зӕххыл рахау-бахау кӕндзынӕ, иу ранӕй иннӕ ранмӕ лидздзынӕ»+. 13 Ӕмӕ уӕд Каин Йегъовӕйӕн загъта: «Мӕ фыдракӕнды тыххӕй мын уый ӕгӕр стыр ӕфхӕрд у, нӕ бафӕраздзынӕн. 14 Абон мӕ ацы зӕххӕй сурыс, ӕмӕ дӕ разы нал уыдзынӕн+, ӕмӕ зӕххыл рахау-бахау кӕндзынӕн+, иу ранӕй иннӕ ранмӕ лидздзынӕн. Ӕмӕ мыл чи фембӕла, уый мӕ удӕгасӕй нӕ ныууадздзӕн»+. 15 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд»+.

Гъемӕ Йегъовӕ Каины тыххӕй скодта нысан, цӕмӕй йыл чи фембӕлдаид, уыдонӕй йӕ мачи амардтаид+. 16 Ӕмӕ Каин ацыд Йегъовӕйы разӕй+ ӕмӕ ӕрцард Ноды* зӕххыл, Едемӕй скӕсӕнырдыгӕй.

17 Уый фӕстӕ Каин йӕ усимӕ+ ӕмуат ӕрцыд. Йӕ ус басывӕрджын, ӕмӕ йын райгуырд Енох. Уӕд Каин сарӕзта горӕт ӕмӕ йӕ схуыдта йӕ фырт Енохы номӕй+. 18 Фӕстӕдӕр Енохӕн райгуырд Ирад. Ирадӕн райгуырд Мехиаел, Мехиаелӕн – Мафусал, Мафусалӕн та – Ламех.

19 Ламех ӕрхаста дыууӕ усы. Сӕ иу хуынди Адӕ, иннӕ та – Циллӕ. 20 Цасдӕры фӕстӕ Адӕйӕн райгуырд Иавал. Уымӕй рацыдысты, цатырты+ чи цӕры ӕмӕ фос+ чи дары, уыдон. 21 Йе ’фсымӕр та хуынди Иувал. Уымӕй рацыдысты, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй+ ӕмӕ уадындзӕй+ чи цӕгъды, уыдон се ’ппӕт дӕр. 22 Циллӕйӕн та райгуырд Тувалкаин. Уый ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй арӕзта алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ+. Тувалкаинӕн ма уыдис хо дӕр, Наамӕ, зӕгъгӕ. 23 Ламех йӕ устытӕн, Адӕ ӕмӕ Циллӕйӕн, ӕрхъуыды кодта ахӕм ӕмдзӕвгӕ:

«Байхъусут мӕм, Ламехы устытӕ,

Байхъусут мын мӕ ныхӕстӕм:

Ӕз амардтон иу лӕджы, кӕй мӕ фӕцӕф кодта, уый тыххӕй.

О, ӕрыгон лӕппуйы – кӕй мӕ ныццавта, уый тыххӕй.

24 Кӕд, Каины чи амара, уый авд хатты баййафдзӕн ӕфхӕрд+,

Уӕд, Ламехы чи амара, уый та – ӕвдай авд хатты».

25 Адам йӕ усимӕ ногӕй ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ус ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Сиф+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Хуыцау мын Авелы бӕсты радта* ӕндӕр байзӕддаг, уымӕн ӕмӕ йӕ Каин амардта»+. 26 Сифӕн дӕр райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Енос+. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг скодтой+.

5 Ацы чиныджы фыст сты Адамы царды хабӕрттӕ. Хуыцау Адамы цы бон сфӕлдыста, уыцы бон ӕй скодта Хуыцауы хуызӕн+. 2 Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй+. Ӕмӕ сӕ цы бон сфӕлдыста+, уыцы бон сын раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ схуыдта адӕм+.

3 Адамыл сӕдӕ ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд йӕхи хуызӕн, йӕхи ӕнгӕс фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Сиф+. 4 Сифы райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ+. 5 Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард+.

6 Сифыл сӕдӕ фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Енос+. 7 Еносы райгуырды фӕстӕ ма Сиф фӕцард астсӕдӕ авд азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 8 Сиф ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ дыууадӕс азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

9 Еносыл нӕуӕдз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Каинан+. 10 Каинаны райгуырды фӕстӕ ма Енос фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 11 Енос ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ фондз азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

12 Каинаныл ӕвдай азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Малелеил+. 13 Малелеилы райгуырды фӕстӕ ма Каинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 14 Каинан ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ дӕс азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

15 Малелеилыл ӕхсай фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Иаред+. 16 Иареды райгуырды фӕстӕ ма Малелеил фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 17 Малелеил ӕдӕппӕтӕй фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

18 Иаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Енох+. 19 Енохы райгуырды фӕстӕ ма Иаред фӕцард астсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 20 Иаред ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

21 Енохыл ӕхсай фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Мафусал+. 22 Мафусалы райгуырды фӕстӕ Енох ӕцӕг Хуыцауимӕ* цыди ӕртӕсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 23 Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы. 24 Уый фӕстӕ йӕ ничиуал федта, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау айста+. Енох ӕдзухдӕр цыди+ ӕцӕг Хуыцауимӕ+.

25 Мафусалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Ламех+. 26 Ламехы райгуырды фӕстӕ ма Мафусал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 27 Мафусал ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

28 Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд лӕппу. 29 Ӕмӕ йӕ схуыдта Ной*+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Ай фӕрцы сулӕфдзыстӕм, Йегъовӕ кӕй ралгъыста, уыцы зӕххыл кусгӕйӕ цы фыдӕбон ӕмӕ цы тухитӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй»+. 30 Нойы райгуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцард фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ. 31 Ламех ӕдӕппӕтӕй фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард.

32 Нойыл фондзсӕдӕ азы куы сӕххӕст, уӕд ын уый фӕстӕ райгуырдысты Сим+, Хам+ ӕмӕ Иафет+.

6 Зӕххыл адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, гуырди сын чызджытӕ дӕр+. 2 Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ*+ сӕ хъус дарын райдыдтой+ зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой. 3 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ загъта: «Мӕ уд*+ адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн+, уымӕн ӕмӕ адӕймаг*+ йеддӕмӕ ницы у. Гъемӕ ма цӕрӕд сӕдӕ дыууын азы»+.

4 Уыцы заман, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, зӕххыл царди уӕйыг адӕм*, уымӕн ӕмӕ-иу ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ ӕмуат ӕрцыдысты зӕххон чызджытимӕ, ӕмӕ-иу сын райгуырд лӕппутӕ – уыдон уыдысты уӕйыг адӕм, ӕмӕ уыдысты тыхджын ӕмӕ уӕды заман зындгонд.

5 Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты+ ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл+. 6 Ӕмӕ Йегъовӕ маст кодта*+, зӕххыл кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмы тыххӕй, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст+. 7 Гъемӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, кӕй сфӕлдыстон, уыцы адӕмы+. О, фесафдзынӕн адӕмы дӕр, хӕдзарон фосы дӕр, иннӕ цӕрӕгойты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты дӕр+, уымӕн ӕмӕ маст кӕнын, кӕй сфӕлдыстон, уыдоны тыххӕй»+. 8 Фӕлӕ Ной ссардта Йегъовӕйы хорзӕх.

9 Нойы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

Ной уыди рӕстгӕнӕг+. Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ+. 10 Нойӕн райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Иафет+. 11 Зӕхх та ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци+, фыдмитӕй байдзаг+. 12 О, Хуыцау федта, зӕхх бынысӕфт кӕй фӕци+, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл+.

13 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын+, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. Ӕмӕ ӕз адӕмы фесафдзынӕн ӕмӕ зӕххыл дӕр ницыуал ныууадздзынӕн+. 14 Ды та дӕхицӕн чъиубӕласӕй* скӕн нау*+. Науы мидӕг скӕн хицӕн бынӕттӕ, ӕмӕ йӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр писийӕ+ байсӕрд. 15 Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ – ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины*+, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины*, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины*. 16 Науӕн скӕн рудзынг* – сараз ын йӕ фӕрстӕ, уӕлейӕ дзы цармӕ ӕввахс иу ӕлмӕрин гомӕй куыд баззайа, афтӕ. Наумӕ бахизӕн сараз фӕрсырдыгӕй+. Скӕн дзы фыццаг уӕладзыг, дыккаг уӕладзыг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыг.

17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт+ ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын удӕгасӕй+ цыдӕриддӕр ис, уыдоны*. Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты+. 18 Демӕ та ӕз аразын бадзырд. Ды хъуамӕ бацӕуай наумӕ, ӕмӕ демӕ иумӕ хъуамӕ бацӕуой дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ+. 19 Наумӕ бакӕн, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонӕй алкӕцыйӕ+ дӕр фӕйнӕ дыууӕ, цӕмӕй уыдон дӕр демӕ аирвӕзой+. Хъуамӕ уой нӕл ӕмӕ сыл. 20 Демӕ наумӕ бацӕудзысты мӕргъты алы мыггӕгтӕй, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕй+ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕй – алкӕцыйӕ дӕр фӕйнӕ дыууӕ бацӕудзысты демӕ, цӕмӕй аирвӕзой+. 21 Стӕй хъуамӕ ӕрцӕттӕ кӕнай ӕмӕ демӕ наумӕ бахӕссай алыхуызон хӕринаг дӕхицӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр»+.

22 Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта+.

7 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта: «Дӕ бинонтимӕ+ наумӕ бацу, уымӕн ӕмӕ йӕ уынын, ацы фӕлтӕрӕй ды кӕй дӕ рӕстгӕнӕг+. 2 Хъуамӕ демӕ бакӕнай сыгъдӕг цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ+. Сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕй та ӕрмӕст дыгӕйттӕ, нӕл ӕмӕ сыл. 3 Демӕ ма хъуамӕ бакӕнай уӕларвон мӕргътӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ+, цӕмӕй зӕххыл сӕ мыггаг ма фесӕфа+, 4 уымӕн ӕмӕ авд боны фӕстӕ ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда+, ӕмӕ уардзӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+. Ӕмӕ ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, удӕгасӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон иууылдӕр»+. 5 Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

6 Зӕххыл доны хъаймӕт куы уыд, уӕд Нойыл цыди ӕхсӕзсӕдӕ азы+. 7 Ӕмӕ цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ Ной йӕ фырттимӕ, йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ фыртты устытимӕ бацыд наумӕ+. 8 Ӕмӕ сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы+, 9 уыдон дыгӕйттӕй, нӕл ӕмӕ сыл, бацыдысты наумӕ, Ноймӕ, Хуыцау Нойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 10 Ӕмӕ авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт.

11 Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы, дыккаг мӕйы*, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон фемӕхстысты ӕнӕкӕрон доны* гуылфӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ фегом сты+. 12 Ӕмӕ зӕххыл сӕх-сӕхӕй уарыд цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+. 13 Раст уыцы бон бахызтысты наумӕ Ной, Нойӕн йӕ фырттӕ+ Сим, Хам ӕмӕ Иафет, Нойӕн йӕ ус ӕмӕ йе ’ртӕ фыртӕн сӕ устытӕ+. 14 Семӕ наумӕ бацыди хъӕддаг сырдты алы мыггӕгтӕй+, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕй, ӕндӕр цӕрӕгойты* алы мыггӕгтӕй+ ӕмӕ мӕргъты алы мыггӕгтӕй, алыхуызон базырджын цӕрӕгойтӕ+. 15 Уыдон Ноймӕ мидӕмӕ цыдысты дыгӕйттӕй, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр*+. 16 Наумӕ бацыди алы цӕрӕгойтӕй дӕр нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, Хуыцау Нойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уый фӕстӕ Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта+.

17 Зӕххыл къӕвда уарыд цыппор боны. Дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта ӕмӕ нау хӕрдмӕ систа, ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ бӕрзонд ленк кодта. 18 Зӕхх донӕй байдзаг ӕмӕ дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, фӕлӕ нау уӕддӕр ленк кодта доныл+. 19 Зӕххыл дон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ арвы бын цыдӕриддӕр бӕрзонд хӕхтӕ уыди, уыдон доны бын фесты+. 20 Дон хӕхтӕй фынддӕс ӕлмӕрины уӕлдӕр ссыд, ӕмӕ хӕхтӕ нал зындысты+.

21 Ӕмӕ фесӕфтысты, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлыд, уыдон+: мӕргътӕ, хӕдзарон фос, хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх йедзаг кӕмӕй уыд, ӕппӕт уыцы лыстӕг цӕрӕгойтӕ, стӕй адӕм дӕр иууылдӕр+. 22 Сурзӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон* иууылдӕр амардысты+. 23 Афтӕмӕй Хуыцау* фесӕфта, зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр уыдис, уыдон иууылдӕр. Адӕм, сырдтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойтӕ*, стӕй уӕларвон мӕргътӕ – иууылдӕр фесӕфтысты+. Удӕгасӕй ма баззадысты ӕрмӕстдӕр Ной ӕмӕ, науы йемӕ чи уыди, уыдон+. 24 Зӕхх та доны бын уыди сӕдӕ фӕндзай боны.

8 Уый фӕстӕ Хуыцауӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд+ Ной, стӕй, йемӕ науы+ чи уыди, ӕппӕт уыцы хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос дӕр. Ӕмӕ Хуыцау зӕххыл рауагъта дымгӕ*, ӕмӕ дон къаддӕр кӕнын райдыдта+. 2 Ӕмӕ ӕнӕкӕрон доны гуылфӕнтӕ*+ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ+ сӕхгӕдтой, ӕмӕ уарын банцад. 3 Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта ӕмӕ сӕдӕ фӕндзай боны фӕстӕ дзӕвгар фӕкъаддӕр+. 4 Ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы*, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон, нау+ ӕрлӕууыд Арараты хӕхтыл+. 5 Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кодта дӕсӕм мӕйы* онг. Ӕмӕ дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, разындысты хӕхты цъуппытӕ+.

6 Цыппор боны фӕстӕ Ной байгом кодта, науы цы рудзынг+ скодта, уый, 7 ӕмӕ рауагъта халоны*+. Халон ратӕх-батӕх кодта,– атахт ӕмӕ та-иу ӕрбатахт,– цалынмӕ зӕхх нӕ бахус, уӕдмӕ.

8 Фӕстӕдӕр Ной рауагъта бӕлоны+, цӕмӕй йӕ базыдтаид, зӕхх ма доны бын ис ӕви нӕ. 9 Фӕлӕ бӕлон, кӕм ӕрбадтаид, ахӕм бынат не ссардта, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр нырма доны бын уыди, ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ наумӕ ӕрбатахт+. Ной йӕ къух ӕддӕмӕ радардта ӕмӕ бӕлоны наумӕ ӕрбайста. 10 Ноджыдӕр ма авд боны банхъӕлмӕ каст, ӕмӕ та бӕлоны науӕй рауагъта. 11 Бӕлон ӕм изӕрырдӕм фӕстӕмӕ ӕрбатахт ӕмӕ йӕ дзыхы ӕрбахаста оливӕбӕласы ног сыф+. Ӕмӕ афтӕмӕй Ной базыдта, зӕхх доны бын кӕй нал ис+. 12 Ноджыдӕр ма авд боны банхъӕлмӕ каст. Ӕмӕ та бӕлоны рауагъта, фӕлӕ йӕм бӕлон фӕстӕмӕ нал ӕрбаздӕхт+.

13 Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы+, фыццаг мӕйы*, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, зӕхх доны бын нал уыди. Уӕд Ной науы сӕр байгом кодта, акаст ӕмӕ федта, зӕхх кӕй бахус+. 14 Дыккаг мӕй, мӕйӕн йӕ дыууын ӕвдӕм бонмӕ, зӕхх бынтондӕр бахус+.

15 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: 16 «Рацу науӕй, демӕ рацӕуӕнт дӕ ус, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ дӕр+. 17 Ӕддӕмӕ ракӕн, науы цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдоны дӕр+: мӕргъты+, сырдты+ ӕмӕ иннӕ цӕрӕгойты+, цӕмӕй зӕхх байдзаг кӕной, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уой»+.

18 Ӕмӕ Ной дӕр рацыд науӕй, йемӕ рацыдысты йӕ фырттӕ+, йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты устытӕ дӕр. 19 Науӕй рацыдысты алы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ дӕр – зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон се ’ппӕт дӕр рацыдысты къордгай, алы мыггаг дӕр хицӕнӕй+. 20 Ӕмӕ Ной Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+ ӕмӕ йыл нывондӕн ӕрхаста сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй+ ӕмӕ сыгъдӕг мӕргътӕй+ – нывондхӕссӕныл сӕ басыгъта+. 21 Ӕмӕ Йегъовӕмӕ схӕццӕ нывӕндты тӕф ӕмӕ йын уыди ӕхсызгон+, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхицӕн загъта+: «Ӕз зӕхх+ адӕймаджы тыххӕй никуыуал ралгъитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ* здӕхт+ у ӕвзӕрдзинадмӕ+. Ныр куыд бакодтон, афтӕ никуыуал бакӕндзынӕн – зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты никуыуал фесафдзынӕн+. 22 Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ уыдзӕн тауыны ӕмӕ хуымгӕрдӕны афонтӕ, уазал ӕмӕ тӕвд, сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ’хсӕв»+.

9 Хуыцау раарфӕ кодта Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут+. 2 Ӕмӕ уӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр тӕрсдзысты зӕххыл ӕппӕт цӕрӕгойтӕ дӕр, ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ дӕр ӕмӕ ма зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон дӕр ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ иууылдӕр. Ӕз уын сӕ дӕттын уӕ къухмӕ+. 3 Зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн+. Зайӕгойтӕ уын куыд радтон, афтӕ уын уыдон дӕр иууылдӕр дӕттын хӕрынӕн+. 4 Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд*+, ома йӕ туг+, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза+. 5 Ӕмӕ ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн уӕ туджы* тыххӕй дӕр. Уӕ туг уын цы цӕрӕгой ныккала, уый хъуамӕ амӕла. Ӕмӕ кӕцыфӕнды адӕймаг дӕр искӕй куы амара, уӕд дзы райсдзынӕн, кӕй амара, уый туг, йе ’фсымӕры туг+. 6 Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн йӕхи туг дӕр ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. 7 Сымах та цот уадзут, зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йыл сбирӕ ут»+.

8 Уый фӕстӕ Хуыцау Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: 9 «Ӕз аразын бадзырд+ уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ+, 10 стӕй, уемӕ цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ дӕр: мӕргътимӕ, сырдтимӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ – науӕй чидӕриддӕр рацыд, ӕппӕт уыцы зӕххон цӕрӕгойтимӕ ӕмӕ сӕ цотимӕ+. 11 О, ӕз уемӕ аразын бадзырд: афтӕ никуыуал уыдзӕн, ӕмӕ зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр доны хъаймӕты фесӕфой, зӕхх доны хъаймӕты никуыуал фесӕфдзӕн»+.

12 Хуыцау ма ноджыдӕр загъта: «Сымахимӕ ӕмӕ, уемӕ чи ис, уыцы цӕрӕг удтӕн се ’ппӕтимӕ дӕр ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цы бадзырд аразын, уымӕн та уыдзӕн ахӕм нысан+. 13 Ӕз мигъты ’хсӕн ӕвӕрын мӕ арвӕрдын+, ӕмӕ уый уыдзӕн нысан, мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн бадзырд кӕй ис, уымӕн. 14 Зӕххы сӕрмӕ-иу мигътӕ куы ’рбамбырд кӕнон, уӕд-иу мигъты ’хсӕн фӕзындзӕн арвӕрдын. 15 Ӕмӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕг удимӕ+ дӕр цы бадзырд+ скодтон, уый. Ӕмӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон доны хъаймӕты никуыуал фесӕфдзысты+. 16 Арвӕрдын-иу фӕзындзӕн мигъты ’хсӕн+, ӕмӕ-иу ӕй ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Хуыцау ӕмӕ зӕххыл алы цӕрӕг уды ’хсӕн+ дӕр ӕнустӕм цы бадзырд+ арӕзт ӕрцыд, уый».

17 Ӕмӕ ма Хуыцау Нойӕн ноджыдӕр иу хатт загъта: «Уый уыдзӕн нысан, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ цы бадзырд аразын, уымӕн»+.

18 Нойы фырттӕ+ уыдысты Сим, Хам ӕмӕ Иафет – уыдон рацыдысты науӕй. Фӕстӕдӕр Хамӕн райгуырд Ханаан+. 19 Уыдон уыдысты Нойы ӕртӕ фырты, ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр байдзаг уыдоны байзӕддӕгтӕй+.

20 Ной райдыдта зӕххы куыст кӕнын+ ӕмӕ скодта сӕнӕфсирдон+. 21 Ӕмӕ иухатт сӕн банызта ӕмӕ фӕрасыг+, ӕмӕ йӕ цатыры хуыссыд, йӕхи сбӕгънӕг кодта, афтӕмӕй. 22 Хам+, Ханааны фыд, йӕ фыды бӕгънӕгӕй федта+, ӕмӕ рацыд ӕмӕ уый тыххӕй йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн радзырдта+. 23 Ӕмӕ уӕд Сим ӕмӕ Иафет се уӕхсчытыл пӕлӕз+ ӕрбаппӕрстой, цатырмӕ фӕстӕрдӕм цӕугӕйӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ фыды бамбӕрзтой. Кӕсгӕ та кодтой иннӕрдӕм ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой+.

24 Ной куы ӕрӕрвонг ӕмӕ куы райхъал, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакодта, уый. 25 Ӕмӕ загъта:

«Ӕлгъыст фӕуӕд Ханаан!+

Йе ’фсымӕртӕн уӕд цагъар – цагъартӕн се ’гаддӕр»+.

26 Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта:

«Табу Йегъовӕйӕн+, Симы Хуыцауӕн.

Ханаан ын уӕд цагъар+.

27 Хуыцау Иафетӕн раттӕд стыр зӕххытӕ.

Ӕмӕ йын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, Симы цатырты куыд цӕра+.

Ӕмӕ Ханаан уымӕн дӕр уӕд цагъар».

28 Ной ма доны хъаймӕты фӕстӕ фӕцард ӕртӕсӕдӕ фӕндзай азы+. 29 Ной ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ фӕндзай азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард+.

10 Нойӕн йӕ фыртты+, Сим, Хам ӕмӕ Иафеты, царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

Доны хъаймӕты фӕстӕ сын райгуырди фырттӕ+. 2 Иафеты фырттӕ уыдысты Гомер+, Магог+, Мадай+, Иаван+, Фувал+, Мешех+ ӕмӕ Фирас+.

3 Гомеры фырттӕ уыдысты Аскеназ+, Рифат+, Фогармӕ+.

4 Иаваны фырттӕ уыдысты Елисӕ+, Фарсис+, Киттим+ ӕмӕ Доданим+.

5 Уыдонӕй рацыдысты сакъадӕхтыл цӕрӕг адӕм, ӕмӕ сӕ алчидӕр ӕрцард йӕхи зӕххыл – чи сӕ цы ’взагыл дзырдта, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд ӕмӕ кӕцы адӕмыхаттӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ.

6 Хамы фырттӕ уыдысты Куш+, Мицраим+, Фут+ ӕмӕ Ханаан+.

7 Кушы фырттӕ уыдысты Севӕ+, Хавилӕ, Савтӕ, Раамӕ+ ӕмӕ Савтехӕ.

Раамӕйы фырттӕ та уыдысты Савӕ ӕмӕ Дедан+.

8 Кушӕн ма райгуырд Нимрод+ дӕр. Уый уыд зӕххыл фыццаг тыхджын лӕг. 9 Нимрод сси тыхджын цуанон, уый цыди Йегъовӕйы ныхмӕ. Афтӕ дӕр уымӕн фӕзӕгъынц: «Нимродау тыхджын цуанон, цӕуы Йегъовӕйы ныхмӕ»+. 10 Йӕ паддзахады фыццаг горӕттӕ уыдысты Вавилон+, Ерех+, Аккад ӕмӕ Халне – Сеннаары зӕххыл+. 11 Уырдыгӕй Нимрод ацыд Ассиримӕ+ ӕмӕ уым сарӕзта Ниневи+, Реховофир ӕмӕ Калах, 12 стӕй ма Ресен дӕр – Ниневи ӕмӕ Калахы ’хсӕн. Уыдонӕй рауад стыр горӕт*.

13 Мицраимӕн+ райгуырдысты Лудим+, Анамим, Легавим, Нафтухим+, 14 Патрусим+, Каслухим+,– уымӕй рацыдысты филистимӕгтӕ+,– ӕмӕ Кафторим+.

15 Ханаанӕн райгуырдысты Сидон+, йӕ фыццаг лӕппу, ӕмӕ Хет+. 16 Ханаанӕй рацыдысты йевусейтӕ+, аморейтӕ+, гергесейтӕ, 17 евейтӕ+, аркейтӕ, синейтӕ, 18 арвадейтӕ+, цемарейтӕ ӕмӕ хаматейтӕ+. Уый фӕстӕ, Ханаанӕй цы мыггӕгтӕ рацыд, уыдон алы рӕтты ӕрцардысты. 19 Ӕмӕ ханаайнӕгты зӕххытӕ уыдысты Сидонӕй Герары+ онг, Газӕмӕ+ хӕстӕг, стӕй Содом ӕмӕ Гоморрӕйы+ онг, Адмӕ+ ӕмӕ Севоимы+ онг, Лашӕмӕ хӕстӕг. 20 Уыдон уыдысты Хамы фырттӕ, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, чи сӕ цы ӕвзагыл дзырдта, чи сӕ кӕцы зӕххыл цард ӕмӕ кӕцы адӕмыхаттӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ.

21 Цот рацыд хистӕр фырт Иафеты ӕфсымӕр Симӕн дӕр – уымӕй рацыдысты Еверы+ фырттӕ иууылдӕр. 22 Симы фырттӕ уыдысты Елам+, Ассур+, Арфаксад+, Луд ӕмӕ Арам.

23 Арамы фырттӕ уыдысты Уц, Хул, Гефер ӕмӕ Маш+.

24 Арфаксадӕн райгуырд Салӕ+, Салӕйӕн та райгуырд Евер.

25 Еверӕн райгуырд дыууӕ фырты. Сӕ иуӕн йӕ ном уыди Фалек*+, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы зӕххыл адӕм ныддихтӕ сты*+. Йе ’фсымӕры ном та хуынди Иоктан+.

26 Иоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шалеф, Хацармавеф, Йерах+, 27 Гадорам, Узал, Диклӕ+, 28 Овал, Авимаил, Савӕ+, 29 Офир+, Хавилӕ+ ӕмӕ Иовав+. Уыдон иууылдӕр уыдысты Иоктаны фырттӕ.

30 Кӕм цардысты, уыцы зӕххытӕ уыдысты Месӕйӕ Сефармӕ – Сефар у хӕхбӕстӕ Скӕсӕны.

31 Уыдон уыдысты Симы фырттӕ, чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, чи сӕ цы ӕвзагыл дзырдта, чи сӕ кӕцы зӕххыл цард ӕмӕ кӕцы адӕмыхаттӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ+.

32 Уыдон уыдысты, Нойы фырттӕй чи рацыд, уыцы мыггӕгтӕ – чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндагӕй рацыд ӕмӕ сӕ чи цы адӕмыхаттӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Уыдонӕй рацыдысты, доны хъаймӕты фӕстӕ зӕххыл цы адӕмыхӕттытӕ фӕзынд, уыдон+.

11 Уыцы рӕстӕг ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг ӕмӕ адӕм сӕ ныхасы пайда кодтой ӕмхуызон дзырдтӕй. 2 Иуафон, скӕсӕнырдӕм цӕугӕйӕ, Сеннаары+ зӕххыл ссардтой дӕлвӕз ӕмӕ уым ӕрцардысты. 3 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ агуыридуртӕ саразӕм ӕмӕ сӕ арты басудзӕм». Гъемӕ сын агуыридур уыди дурты бӕсты, писи та – чъыры змӕсты бӕсты+. 4 Ӕмӕ уый фӕстӕ загътой: «Нӕхицӕн саразӕм горӕт ӕмӕ, йӕ цъупп арвыл+ кӕмӕн ӕндзӕва, ахӕм мӕсыг, ӕмӕ нӕхицӕн ном скӕнӕм+, цӕмӕй зӕххы цъарыл алырдӕмты ма ныппырх уӕм»+.

5 Уӕд Йегъовӕ ӕрцыд, адӕм цы горӕт ӕмӕ цы мӕсыг арӕзтой, уый фенынмӕ+. 6 Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Иу адӕм сты, се ’ппӕт дӕр иу ӕвзагыл+ дзурынц, ӕмӕ-ма кӕс, цы кусынц, уымӕ. Ныр цыфӕнды ма сфӕнд кӕной,– сараздзысты йӕ+. 7 Ныццӕуӕм+ ӕмӕ сын се ’взаг схӕццӕ кӕнӕм+, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийы ӕвзаг мауал ӕмбарой»+. 8 Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ныппырх кодта ӕгас зӕххы цъарыл+, ӕмӕ сӕ горӕт аразын ныууагътой+. 9 Уый тыххӕй уыцы горӕт схуыдтой Вавилон*+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уым схӕццӕ кодта, адӕм ӕгас зӕххыл дӕр цы ’взагыл дзырдтой, уый, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕгас зӕххы цъарыл ныххӕлиу кодта+.

10 Симы+ царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

Симыл сӕдӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Арфаксад+. Уый уыди доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ. 11 Арфаксады райгуырды фӕстӕ ма Сим фӕцард фондзсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ+.

12 Арфаксадыл ӕртын фондз азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Салӕ+. 13 Салӕйы райгуырды фӕстӕ ма Арфаксад фӕцард цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

14 Салӕйыл ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Евер+. 15 Еверы райгуырды фӕстӕ ма Салӕ фӕцард цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

16 Еверыл ӕртын цыппар азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Фалек+. 17 Фалекы райгуырды фӕстӕ ма Евер фӕцард цыппарсӕдӕ ӕртын азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

18 Фалекыл ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Рагав+. 19 Рагавы райгуырды фӕстӕ ма Фалек фӕцард дыууӕсӕдӕ фараст азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

20 Рагавыл ӕртын дыууӕ азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Серух+. 21 Серухы райгуырды фӕстӕ ма Рагав фӕцард дыууӕсӕдӕ авд азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

22 Серухыл ӕртын азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Нахор+. 23 Нахоры райгуырды фӕстӕ ма Серух фӕцард дыууӕсӕдӕ азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

24 Нахорыл дыууын фараст азы куы цыди, уӕд ын райгуырд Фаррӕ+. 25 Фаррӕйы райгуырды фӕстӕ ма Нахор фӕцард сӕдӕ нудӕс азы. Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр райгуырди лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ.

26 Фаррӕйыл ӕвдай азы куы цыди, уӕд ын уый фӕстӕ райгуырдысты Аврам+, Нахор+ ӕмӕ Аран.

27 Фаррӕйы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

Фаррӕйӕн райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн та райгуырд Лот+. 28 Фӕстӕдӕр Аран амард, йӕ фыд Фаррӕимӕ ма йӕ райгуырӕн зӕххыл, халдейаг+ горӕт Уры+, куы цардысты, уӕд. 29 Аврам ӕмӕ Нахор ракуырдтой устытӕ. Аврамы ус хуынди Сарӕ+, Нахоры ус та – Милкӕ+, Араны чызг. Аран уыди Милкӕйы фыд дӕр ӕмӕ Искъӕйы фыд дӕр. 30 Фӕлӕ Сарӕйӕн сывӕллон нӕ уыд, зӕнӕг ын нӕ цыди+.

31 Уый фӕстӕ Фаррӕ ракодта йӕ фырт Аврамы, йӕ фырты фырт+ Лоты, Араны лӕппуйы, ӕмӕ йӕ чындз Сарӕйы+, ӕмӕ йемӕ рацыдысты халдейаг горӕт Урӕй ӕмӕ араст сты Ханааны зӕхмӕ+. Цасдӕры фӕстӕ ӕрцыдысты Харранмӕ+ ӕмӕ уым ӕрцардысты. 32 Фаррӕ фӕцард дыууӕсӕдӕ фондз азы, ӕмӕ амард Харраны.

12 Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар, ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу+. 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ* скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад+. 3 Ӕз арфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕн чи арфӕ кӕна, уыдонӕн, чи дӕ ралгъита, уый та ме ’лгъыст баййафдзӕн+, ӕмӕ дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр»+.

4 Ӕмӕ уӕд Аврам Харранӕй рацыд, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыд Лот дӕр. Аврам Харранӕй+ куы рацыд, уӕд ыл цыди ӕвдай фондз азы. 5 Аврам йемӕ ракодта йӕ ус Сарӕйы+, йе ’фсымӕры лӕппу Лоты+, семӕ рахастой сӕ фӕллӕйттӕ+, стӕй ма ракодтой, Харраны сӕм цы лӕггадгӕнджытӕ* уыди, уыдоны дӕр, ӕмӕ араст сты Ханааны зӕхмӕ+. Ӕмӕ Ханаанмӕ куы ’рцыдысты, 6 уӕд Аврам ӕрзылд уыцы зӕххыл, суанг, Сихем+ кӕй хуыдтой, уыцы бынаты онг – уый ис Морейы+ стыр бӕлӕсты цур. Уыцы рӕстӕг дзы цардысты ханаайнӕгтӕ. 7 Уӕд Йегъовӕ фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн+ дӕ байзӕддагӕн»+. Уый фӕстӕ Аврам уым сарӕзта нывондхӕссӕн, чи йӕм фӕзынд, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн. 8 Стӕй уырдыгӕй араст, Вефилӕй+ скӕсӕнырдыгӕй цы хӕхбӕстӕ ис, уырдӕм, ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Вефил ӕмӕ Гайы+ ’хсӕн. Вефил уыди ныгуылӕнырдыгӕй, Гай та – скӕсӕнырдыгӕй. Уым Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+ ӕмӕ Йегъовӕйы ном ссардта+. 9 Цасдӕры фӕстӕ Аврам уырдыгӕй сыстад ӕмӕ араст Негевы+ ’рдӕм – куы-иу иу ран ӕрӕвӕрдта йӕ цатыртӕ, куы – иннӕ ран.

10 Уыцы бӕстӕйы скодта ӕххормаг заман. Ӕмӕ Аврам ацыд Египетмӕ, цӕмӕй уал иуцасдӕр+ уым ацардаид, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг заман скодта+. 11 Аврам Египетмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Рӕсугъд сылгоймаг дӕ+, 12 ӕмӕ дӕ египетӕгтӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты, ай йӕ ус у, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ амардзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты. 13 Ӕмӕ дӕ курын, зӕгъ-иу сын, йӕ хо+ дӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй мыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа ӕмӕ дӕ фӕрцы удӕгасӕй баззайон*»+.

14 Аврам Египетмӕ куы ’рцыд, уӕд египетӕгтӕ федтой, Сарӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй у. 15 Сӕ цӕст ыл ӕрӕвӕрдтой фараоны кънйӕзтӕ дӕр ӕмӕ дзы фараонӕн раппӕлыдысты. Уӕд Сарӕйы акодтой фараоны хӕдзармӕ. 16 Ӕмӕ фараон Сарӕйы тыххӕй Авраммӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст, ӕмӕ йын радта фыстӕ, стуртӕ, хӕрджытӕ, теуатӕ, стӕй лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты+. 17 Фӕлӕ Йегъовӕ Аврамы ус Сарӕйы+ тыххӕй фараоныл ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл уӕззау низтӕ*+ бафтыдта. 18 Ӕмӕ уӕд фараон Авраммӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый мын цӕуылнӕ загътай?+ 19 Афтӕ мын цӕмӕн загътай, мӕ хо+ у, зӕгъгӕ? Гыццыл ма, ӕмӕ дзы мӕхицӕн ус скодтаин. Мӕнӕ дӕ ус. Акӕн ӕй ӕмӕ ацу!» 20 Ӕмӕ йӕ фараон йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ уыдон ахизын кодтой – йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ усы дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон дӕр йемӕ, афтӕмӕй+.

13 Уӕд Аврам йӕ усимӕ, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уыдӕттӕ йемӕ, афтӕмӕй рацыд Египетӕй ӕмӕ араст Негевмӕ+. Йемӕ уыди Лот дӕр. 2 Авраммӕ уыди бирӕ фос, стӕй бирӕ ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дӕр+. 3 Аврам-иу йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта куы иу ран, куы иннӕ ран, ӕмӕ афтӕмӕй цыди Негевӕй Вефилы ’рдӕм, уый размӕ Вефил ӕмӕ Гайы+ ’хсӕн йӕ цатыр кӕм ӕрӕвӕрдта 4 ӕмӕ нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта, уырдӕм+. Ӕмӕ уым Аврам Йегъовӕйы ном ссардта+.

5 Аврамимӕ цыди Лот дӕр. Лотӕн йӕхимӕ дӕр уыди фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ цатыртӕ. 6 Ӕмӕ сӕм бирӕ мулк кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын зӕхх нал фаг кодта ӕмӕ сын иумӕ цӕрӕн нал уыди+. 7 Ӕмӕ Аврамы фыййӕуттӕ ӕмӕ Лоты фыййӕуттӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидыдтой. Уыцы зӕххыл+ та уыцы рӕстӕг цардысты ханаайнӕгтӕ ӕмӕ ферезейтӕ. 8 Уӕд Аврам Лотӕн+ загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Не ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ’хсӕн дӕр быцӕутӕ цӕмӕн хъуамӕ уа, ӕфсымӕртӕ куы стӕм?+ 9 Зӕхх иууылдӕр дӕ разы нӕй? Курын дӕ, ахицӕн у мӕнӕй. Кӕд ды галиуырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та рахизырдӕм ацӕудзынӕн, кӕд ды рахизырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та галиуырдӕм ацӕудзынӕн»+. 10 Уӕд Лот акаст ӕмӕ федта Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ*+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр, суанг Сигоры+ онг. Федта, кӕй уыди Йегъовӕйы цӕхӕрадонау+, Египеты зӕххау донӕфсӕст,– цалынмӕ Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ нӕ фесӕфта, уӕдмӕ. 11 Ӕмӕ Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр, ӕмӕ скӕсӕнырдӕм араст. Уыйадыл Аврам ӕмӕ Лот кӕрӕдзийӕ ахицӕн сты. 12 Аврам цард Ханааны зӕххыл, Лот та – Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы+ цы горӕттӕ уыди, уыдоны раз. Фӕстагмӕ та йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Содомы цур. 13 Содомы адӕм* та уыдысты хӕлд, Йегъовӕйы раз стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой+.

14 Лот Аврамӕй куы ахицӕн, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕ Аврамӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма акӕс цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм, скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм+, 15 уымӕн ӕмӕ, цы зӕхх уыныс, уый иууылдӕр ӕз ӕнустӕм ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн+. 16 Зӕххыл рыг куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Ӕмӕ кӕд искӕй бон суыдзӕн, зӕххыл цы рыг ис, уый банымайын, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыдзӕни банымайӕн+. 17 Ацу ӕмӕ ацы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзил, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕуӕн ратдзынӕн»+. 18 Уый фӕстӕ Аврам дарддӕр цард цатырты. Фӕстӕдӕр ӕрцард Хевроны+, Мамрейы+ стыр бӕлӕсты раз, ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+.

14 Амрафел Сеннаары+ паддзах куы уыди, Ариох – Елласары паддзах, Кедорлаомер+ – Еламы+ паддзах, Фидал та – Гоимы+ паддзах, 2 уӕд уыдон схӕцыдысты Содомы+ паддзах Берӕимӕ, Гоморрӕйы+ паддзах Биршӕимӕ, Адмӕйы+ паддзах Шинавимӕ, Севоимы+ паддзах Шемеверимӕ ӕмӕ Белӕйы, ома Сигоры+, паддзахимӕ. 3 Уыдон* баиу сты+ ӕмӕ ӕрцыдысты Сиддимы дӕлвӕзмӕ+, Цӕхджын денджыз+ кӕм ис, уырдӕм.

4 Ӕмӕ уыдон* дыууадӕс азы уыдысты Кедорлаомеры дӕлбар, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз йӕ ныхмӕ сыстадысты. 5 Цыппӕрдӕсӕм аз та Кедорлаомер ӕмӕ, йӕ фарс цы паддзӕхтӕ уыдысты, уыдон ӕрцыдысты ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой Аштероф-Карнаимы+ цӕрӕг рефаимты, Гамы цӕрӕг зузимты, Шаве-Кириафаимы цӕрӕг емимты+ 6 ӕмӕ Сеиры+ хӕхбӕсты цӕрӕг хоррейты+, суанг Ел-Фараны+ онг. Ел-Фаран ис ӕдзӕрӕг быдырмӕ хӕстӕг. 7 Уый фӕстӕ раздӕхтысты ӕмӕ ӕрцыдысты Ен-Мишпатмӕ, ома Кадесмӕ+, ӕмӕ бацахстой амаликӕгты+ зӕххытӕ иууылдӕр, стӕй ныддӕрӕн кодтой, Хацацон-Фамары+ чи цард, уыцы аморейты+ дӕр.

8 Уыцы рӕстӕг Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмӕйы паддзах, Севоимы паддзах ӕмӕ Белӕйы, ома Сигоры, паддзах сӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ семӕ Сиддимы дӕлвӕзы+ схӕцыдысты: 9 Еламы паддзах Кедорлаомеры ныхмӕ, Гоимы паддзах Фидалы ныхмӕ, Сеннаары паддзах Амрафелы ныхмӕ ӕмӕ Елласары паддзах Ариохы ныхмӕ+ – цыппар паддзахы фондз паддзахы ныхмӕ. 10 Сиддимы дӕлвӕзы+ та бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ+. Ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕхтӕ+ ӕмӕ сӕ адӕм лидзӕг фесты ӕмӕ уыцы дзыхъхъыты фӕхаудтой. Чи ма сӕ аирвӕзт, уыдон та хӕхтӕм алыгъдысты+. 11 Чи фӕуӕлахиз, уыдон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ рахастой, мулкӕй ӕмӕ дзы хӕринагӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ ацыдысты+. 12 Семӕ акодтой Аврамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты дӕр, ахастой йын йӕ мулк дӕр. Лот уӕд царди Содомы+.

13 Чи аирвӕзт, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар радзырдта дзуттаг+ Аврамӕн. Аврам уӕд цард цатырты аморейаг Мамрейы+ стыр бӕлӕсты раз. Мамре уыди Аврамы цӕдисонты, Ешкол ӕмӕ Анеры, ӕфсымӕр+. 14 Аврам уый куы фехъуыста, ӕмӕ йын йе ’фсымӕры уацары акодтой+, уӕд амбырд кодта, йӕ адӕмӕй хӕцынмӕ дӕсны чи уыди, уыдоны+ – йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыцы ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс цагъары+, ӕмӕ тыхгӕнджыты фӕстейӕ асырдта суанг Даны онг+. 15 Ӕхсӕвы йӕ адӕмы, ома йӕ цагъарты, къордтыл фӕдих кодта+, ӕмӕ тыхгӕнджытӕм бабырста ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдта суанг Ховӕйы онг. Ховӕ ис Дамаскӕй цӕгатырдӕм. 16 Ӕмӕ байста, цы фӕллӕйттӕ+ рахастой, уыдон иууылдӕр. Ракодта йе ’фсымӕр Лоты, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр, ӕмӕ йын йӕ мулк дӕр фӕстӕмӕ рахаста+.

17 Аврам Кедорлаомерыл ӕмӕ, йемӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдоныл куы фӕуӕлахиз ӕмӕ фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд Шавейы дӕлвӕзмӕ, ома Паддзахы дӕлвӕзмӕ+, йӕ размӕ рацыд Содомы паддзах. 18 Салимы+ паддзах Мелхиседек+ та йын йӕ размӕ рахаста дзул ӕмӕ сӕн+. Мелхиседек уыди Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын+. 19 Ӕмӕ Аврамӕн раарфӕ кодта:

«Иунӕг Стыр Хуыцау Аврамӕн раарфӕ кӕнӕд+,

Раарфӕ йын кӕнӕд арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг!+

20 Арфӕгонд уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау+,

Уый дын де знӕгты радта дӕ къухмӕ!»+

Ӕмӕ йын уӕд Аврам, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй радта дӕсӕм хай+.

21 Уый фӕстӕ Содомы паддзах Аврамӕн загъта: «Ӕрмӕстдӕр мын мӕ адӕмы*+ ратт, мулк та уадз дӕхицӕн». 22 Фӕлӕ йын Аврам загъта: «Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сомы кӕнын+ Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы раз, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз: 23 дӕу цы у, уымӕй ӕз ницы райсдзынӕн – ӕндах дӕр, дзабыры бӕттӕн дӕр+, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъай, Аврамы ӕз схъӕздыг кодтон, зӕгъгӕ. 24 Дӕ мулкӕй райстам ӕрмӕст хӕринаг, мӕнӕ лӕппутӕ цы бахордтой, уый. Стӕй, мемӕ чи уыди, уыдон – Анер, Ешкол ӕмӕ Мамре+, райсӕнт сӕ хай+. Мӕн та ницы хъӕуы!»+

15 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Йегъовӕ Авраммӕ цӕстылуайӕны+ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Аврам, мацӕмӕй тӕрс+. Ӕз дӕ уартау хъахъхъӕндзынӕн+. Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг»+. 2 Аврам та йын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, цы мын ратдзынӕ? Нырмӕ дӕр мын зӕнӕг нӕй, ӕмӕ мӕ хӕдзар баззайдзӕн Елиезерӕн, дамаскаг лӕгӕн»+. 3 Аврам ма ноджыдӕр загъта: «Ды мын байзӕддаг+ нӕ радтай, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг уыдзӕн мӕ бындар+». 4 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ бындар уыцы адӕймаг нӕ уыдзӕн, фӕлӕ дӕхицӕй чи рацӕуа, уый уыдзӕн дӕ бындар»+.

5 Уый фӕстӕ йӕ ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ банымай стъалытӕ, кӕд сӕ дӕ бон банымайын суа, уӕд»+. Ӕмӕ ма йын Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр»+. 6 Аврам баууӕндыд Йегъовӕйыл+, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл+. 7 Стӕй ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз дӕ ракодтон халдейаг горӕт Урӕй, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон»+. 8 Аврам та йын загъта: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый цӕмӕй базондзынӕн?»+ 9 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Ӕрбакӕн мын ӕртӕаздзыд дыгӕрдыг, ӕртӕаздзыд сӕгъ, ӕртӕаздзыд фыр, стӕй мын ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ лӕппын бӕлон»+. 10 Аврам дӕр ӕрбакодта уыцы цӕрӕгойты, алкӕцыйы дӕр дзы дыууӕ дихы акодта ӕмӕ дзы алы цӕрӕгойӕн дӕр йӕ иу хай иуырдыгӕй ӕрӕвӕрдта, иннӕ хай та – иннӕрдыгӕй, йӕ бакомкоммӕ. Ӕрмӕст бӕлӕтты нӕ адих кодта+. 11 Дзидзатӕм тугдзых мӕргътӕ+ тӕхын байдыдтой, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта.

12 Иуцасдӕры фӕстӕ, хур куы фӕцӕйныгуылди, уӕд Аврам тарф фынӕй баци+, ӕмӕ фыны федта, цыма бӕстӕ сау талынг баци. 13 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Аврамӕн загъта: «Зон ӕй: дӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы+, ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдзысты цыппарсӕдӕ азы дӕргъы+. 14 Фӕлӕ, цагъартӕ кӕмӕн уой, уыцы адӕмы ӕз бафхӕрдзынӕн+, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы бӕстӕйӕ рацӕудзысты бирӕ мулкимӕ+. 15 Ды та амондджынӕй бирӕ фӕцӕрдзынӕ, стӕй ӕрӕнцайдзынӕ ӕмӕ дӕ дӕ фыдӕлтимӕ бавӕрдзысты+. 16 Фӕлӕ дӕ байзӕддӕгтӕ ардӕм ӕрбаздӕхдзысты цыппӕрӕм фӕлтӕры+, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй аморейтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд баййафой»+.

17 Хур куы аныгуылд, уӕд тынг баталынг, ӕмӕ дын мӕнӕ, кӕй адих кодта, уыцы цӕрӕгойты хӕйтты ’хсӕн фӕздӕгкалгӕ пец ӕмӕ судзгӕ цырагъ ацыд+. 18 Уыцы бон Йегъовӕ Аврамимӕ скодта бадзырд+ ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх+ ӕз ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн – Египеты цӕугӕдонӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг+: 19 кенейты+, кенезейты, кедмонейты, 20 хетты+, ферезейты+, рефаимты+, 21 аморейты, ханаайнӕгты, гергесейты ӕмӕ йевусейты зӕхх»+.

16 Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди+. Сарӕйӕн та уыди лӕггадгӕнӕг, египетаг сылгоймаг, Агар, зӕгъгӕ+. 2 Ӕмӕ Сарӕ Аврамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Йегъовӕ мын зӕнӕг нӕ дӕтты+. Курын дӕ, мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцу. Кӕд мын уымӕй уӕддӕр уаид сывӕллӕттӕ»+. Ӕмӕ Аврам байхъуыста Сарӕмӕ+. 3 Ӕмӕ Сарӕ йӕ лӕг Аврамӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕджы, египетаг Агары. Уый уыди, Аврам Ханааны зӕххыл дӕс азы куы фӕцард, уӕд+. 4 Аврам дӕр Агаримӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Агар басывӕрджын. Ӕмӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд йӕ хицаумӕ, Сарӕмӕ, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта+.

5 Ӕмӕ уӕд Сарӕ Аврамӕн загъта: «Ацы маст ӕз дӕу тыххӕй бавзӕрстон. Мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы дын мӕхӕдӕг радтон*, ӕмӕ, сывӕрджын кӕй у, уый куы базыдта, уӕд мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Йегъовӕ йӕ равзарӕд, мӕнӕй ӕмӕ дӕуӕй раст чи у, уый»+.6 Уӕд Аврам Сарӕйӕн загъта+: «Дӕ лӕггадгӕнӕг дӕ бар у. Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн»+. Ӕмӕ Сарӕ Агары афтӕ райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ дзы фӕлыгъди+.

7 Цасдӕры фӕстӕ йӕ Йегъовӕйы зӕд+ ссардта ӕдзӕрӕг быдыры, Сурмӕ фӕндагыл цы суадон уыди, уый раз+. 8 Ӕмӕ йӕ бафарста: «Агар, Сарӕйы лӕггадгӕнӕг, кӕцӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Агар ын дзуапп радта: «Мӕ хицау Сарӕйӕ алыгътӕн». 9 Ӕмӕ йын уӕд Йегъовӕйы зӕд загъта: «Фӕстӕмӕ дӕ хицау Сарӕмӕ аздӕх ӕмӕ йӕ разы дӕхи ӕрныллӕг кӕн»+. 10 Йегъовӕйы зӕд ма йын ноджыдӕр загъта: «Дӕ байзӕддӕгты дын афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ сӕ банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн»+. 11 Стӕй ма Йегъовӕйы зӕд йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дӕхи бар нӕ дӕ, ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Измаил*+, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ дзыназын фехъуыста+. 12 Дӕ фырт уыдзӕн хъӕддаг хӕрӕгау* хивӕнд. Алкӕй ныхмӕ дӕр цӕудзӕн, ӕмӕ алчидӕр цӕудзӕн йӕ ныхмӕ+. Ӕмӕ йе ’фсымӕрты раз цӕрдзӕн цатырты»+.

13 Ӕмӕ уӕд Агар Йегъовӕйы, йемӕ чи ныхас кодта, уыцы Хуыцауы, схуыдта «Ды дӕ алцыуынӕг Хуыцау*+», уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Цымӕ ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕн чи уыны, уый?» 14 Уыцы цъай Беер-Лахай-Рои*+ дӕр уымӕн хуыйны. Уый ис Кадес ӕмӕ Береды ’хсӕн. 15 Цасдӕры фӕстӕ Агар Аврамӕн ныййардта лӕппу. Ӕмӕ Аврам, Агар ын кӕй ныййардта, уыцы лӕппуйы схуыдта Измаил+. 16 Агар Аврамӕн Измаилы куы ныййардта, уӕд Аврамыл цыди ӕстай ӕхсӕз азы.

17 Аврамыл нӕуӕдз фараст азы куы цыди, уӕд ӕм Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта+: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+. Ӕдзухдӕр мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕр ӕмӕ у ӕнаипп+. 2 Ӕмӕ ӕз демӕ скӕндзынӕн бадзырд+ ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ байзӕддаг»+.

3 Уӕд Аврам дӕлгоммӕ ӕрхауд+, Хуыцау та йемӕ дарддӕр ныхас кодта ӕмӕ йын загъта: 4 «Ӕз демӕ скодтон бадзырд+, ӕмӕ ды суыдзынӕ бирӕ адӕмты фыд+. 5 Ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Аврам* нал уыдзӕн, фӕлӕ Авраам*, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыд. 6 Ратдзынӕн дын тынг бирӕ байзӕддаг, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕн адӕмтӕ. Дӕуӕй рацӕудзӕн паддзӕхтӕ дӕр+.

7 Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, демӕ+ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ ӕнустӕм, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цы бадзырд скодтон+, уый – ӕз уыдзынӕн дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау+. 8 Ӕмӕ ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг+ цы зӕххыл дӕ, уыцы Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнустӕм ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау»+.

9 Дарддӕр Хуыцау Авраамӕн загъта: «Ӕххӕст кӕн, демӕ цы бадзырд скодтон, уый, ӕххӕст ӕй кӕнут дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. 10 Демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ кӕй скодтон ӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат, уыцы бадзырд у ахӕм+: алы нӕлгоймаг* дӕр уӕм хъуамӕ ӕрцӕуа сунӕтгонд+. 11 Хъуамӕ-иу лыг ӕрцӕуа уе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон – уый уыдзӕн нысан, уемӕ цы бадзырд скодтон, уымӕн+. 12 Алы ноггуырд лӕппу дӕр ӕстӕм бон хъуамӕ сунӕтгонд+ ӕрцӕуа: дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр ӕмӕ, дӕ байзӕддаг чи нӕу, фӕлӕ ӕндӕрбӕстагӕй кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 13 Дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр ӕмӕ, кӕй балхӕдтай, уый дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд ӕрцӕуа+. Ӕмӕ уӕ буарыл цы бадзырды нысан хӕссат, уыцы бадзырд уыдзӕн ӕнустӕм+. 14 Сунӕтгонд чи нӕ уа, йе ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон лыг кӕмӕн нӕ уа, уыцы нӕлгоймаджы та йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъӕуы фесафын+. Уый мын мӕ бадзырд фехӕлдта».

15 Уый фӕстӕ Хуыцау Авраамӕн загъта: «Дӕ ус Сарӕйы та Сарӕ* мауал хон, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ ном уыдзӕн Саррӕ*+. 16 Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт+. Раарфӕ йын кӕндзынӕн, ӕмӕ уымӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ+ ӕмӕ адӕмты паддзӕхтӕ»+. 17 Уӕд Авраам дӕлгоммӕ ӕрхауд, ныххудт ӕмӕ йӕхинымӕр загъта+: «Сӕдӕ азы кӕуыл цӕуы, уымӕй ма сывӕллон рацӕудзӕн? Ӕмӕ ма Саррӕ дӕр, нӕуӕдз азы кӕуыл цӕуы, уый, сывӕллон ныййардзӕн?»+

18 Уый фӕстӕ Авраам ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Измаил куы уаид дӕ арфӕйӕ хайджын!»+ 19 Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Исахъ+. Ӕз йемӕ скӕндзынӕн бадзырд, уый уыдзӕн бадзырд ӕнустӕм йӕ байзӕддагимӕ дӕр+. 20 Измаилы тыххӕй цы загътай, уый дӕр фехъуыстон. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ йын ратдзынӕн бирӕ зӕнӕг ӕмӕ йын йӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн+. Уымӕй рацӕудзысты дыууадӕс мыггаджы хистӕры ӕмӕ дзы рауадздзынӕн стыр адӕм+. 21 Фӕлӕ бадзырд скӕндзынӕн Исахъимӕ+, иннӕ аз дын ацафон Саррӕ кӕй ныййардзӕн, уыцы фыртимӕ»+.

22 Уыйадыл Хуыцау Авраамимӕ йӕ ныхас фӕци ӕмӕ ацыд+. 23 Ӕмӕ уӕд Авраам йӕ фырт Измаилӕн, стӕй, йӕ хӕдзары чи райгуырд ӕмӕ, ӕлхӕнгӕ кӕй бакодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр – йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта, ралыг сын кодта се ’фсӕрмыйаг уӕнджы цармы кӕрон, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 24 Авраам сунӕтгонд куы ’рцыд, уӕд ыл цыди нӕуӕдз фараст азы+. 25 Йӕ фырт Измаил сунӕтгонд куы ’рцыд, уӕд ууыл та цыди ӕртындӕс азы+. 26 Тӕккӕ уыцы бон ӕрцыдысты сунӕтгонд Авраам дӕр ӕмӕ йӕ фырт Измаил дӕр+. 27 Авраамимӕ сунӕтгонд ӕрцыдысты, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдон иууылдӕр: йӕ хӕдзары чи райгуырд, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕндӕрбӕстӕгтӕй кӕй балхӕдта, уыдон дӕр+.

18 Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Аврааммӕ фӕзынд+ Мамрейы стыр бӕлӕсты раз+, боны тӕккӕ тӕвды+ йӕ цатыры бахизӕны куы бадтис, уӕд. 2 Авраам акаст+ ӕмӕ ауыдта, гыццыл дарддӕр ӕртӕ лӕджы кӕй лӕууыд. Ӕмӕ уӕд, кӕм бадт, уырдыгӕй сӕ размӕ азгъордта ӕмӕ сын йӕ сӕрӕй ныллӕг, зӕххы онг акуывта+. 3 Стӕй загъта: «Йегъовӕ, кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, дӕ цагъары рӕзты ма ацу+. 4 Ныртӕккӕ дон ӕрбадавдзысты ӕмӕ уын уӕ къӕхтӕ ахсдзысты+. Стӕй мӕнӕ бӕласы бын уӕхи ӕруадзут+. 5 Ӕз та уын къӕбӕр радавон, ӕмӕ уӕхи* бафидар кӕнут+, иугӕр ардӕм, уӕ цагъармӕ ӕрбацыдыстут, уӕд. Ӕмӕ уӕд дарддӕр ацӕудзыстут». Ӕмӕ йын уыдон дӕр загътой: «Хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн».

6 Уӕд Авраам Саррӕмӕ цатырмӕ бауад ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр, ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕртӕ къусы* райс, хыссӕ азмӕнт ӕмӕ дзултӕ акӕн»+. 7 Уый фӕстӕ Авраам азгъордта, йӕ фосӕй дзӕбӕх, хӕрзхаст род равзӕрста, лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ радта ӕмӕ ауади, цӕмӕй йӕ ацӕттӕ кодтаид+. 8 Стӕй рахаста царв, ӕхсыр ӕмӕ, роды дзидзайӕ цы ’рцӕттӕ кодта, уый, ӕмӕ сын сӕ сӕ разы ӕрӕвӕрдта+. Ӕмӕ цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ йӕхӕдӕг та бӕласы бын сӕ разы лӕууыд+.

9 Уый фӕстӕ йӕ бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ та кӕм ис?»+ Авраам сын дзуапп радта: «Мӕнӕ ам, цатыры»+. 10 Ӕмӕ йын уӕд сӕ иу афтӕ зӕгъы: «Иннӕ аз та дӕм ацафон зындзынӕн, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу»+. Саррӕ лӕууыд цатыры бахизӕны иуварсырдыгӕй ӕмӕ йӕм хъуыста. Цатыр та уыд уыцы адӕймаджы фӕстӕ. 11 Авраам ӕмӕ Саррӕ уыдысты зӕронд, бирӕ сыл цыди+. Саррӕ уыцы кары нал уыд, ӕмӕ ма сывӕллон ныййардтаид+. 12 Уымӕ гӕсгӕ Саррӕ йӕхинымӕр бахудт+ ӕмӕ загъта: «Ай мӕнӕ зӕронд куы бадӕн, уӕд ма мӕм ахӕм амонд кӕцӕй кӕсы? Стӕй мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд куы у»+. 13 Уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Саррӕ цӕмӕн бахудти ӕмӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, зӕронд куы бадӕн, уӕд ма цӕй сывӕллон ныййардзынӕн?+ 14 Йегъовӕйы бон цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?+ Куыд дын загътон, афтӕ дӕм иннӕ аз ацафон зындзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу». 15 Саррӕ та фӕтарст ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, ӕз нӕ худтӕн. Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ды худтӕ»+.

16 Уыцы лӕгтӕ цӕуынвӕнд куы скодтой, уӕд акастысты Содомы ’рдӕм+. Авраам дӕр семӕ рацыд, ахизын сӕ кӕнон, зӕгъгӕ+. 17 Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Цы саразинаг дӕн, уый Авраамӕй басусӕг кӕндзынӕн?+ 18 Авраамӕй рацӕудзӕн стыр ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ Авраамы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр+. 19 Ӕз йемӕ уымӕн бахӕлар дӕн, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхса, ӕмӕ рӕстӕй цӕрой ӕмӕ раст тӕрхон кӕной+, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕндагыл цӕуой. Уӕд ӕз, Йегъовӕ, Авраамӕн ратдзынӕн, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдтон, уый»+.

20 Уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ+ тынг хъаст кӕнынц, ӕмӕ сӕ тӕригъӕд тынг уӕззау у+. 21 Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ. Хъуамӕ йӕ базонон»+.

22 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ лӕгтӕй дыууӕ араст сты Содоммӕ. Йегъовӕ+ та баззад Авраамы раз+. 23 Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ?+ 24 Уӕдта ма уыцы горӕты фӕндзай рӕстгӕнӕджы ис, уӕд дӕр ӕй фесафдзынӕ? Цы фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы цӕры, уыдоны тыххӕй уыцы горӕт нӕ ныууадздзынӕ?+ 25 Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ, фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр!+ Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай!+ Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?»+ 26 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Содомы фӕндзай рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй уыцы горӕт ныууадздзынӕн»+. 27 Авраам та йын загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Ӕз рыг ӕмӕ фӕнык йеддӕмӕ ницы дӕн+, афтӕмӕй мӕ ныфс бахастон Йегъовӕимӕ ныхас кӕнынмӕ. 28 Фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы куы нӕ разына, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр цыппор фондз, уӕд фондзы тыххӕй ӕнӕхъӕн горӕт фесафдзынӕ?» Уый та йын загъта: «Цыппор фондз дзы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ фесафдзынӕн»+.

29 Фӕлӕ та йын Авраам ногӕй загъта: «Цыппор йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый та йын загъта: «Цыппор дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн». 30 Фӕлӕ Авраам дарддӕр дзырдта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у+, ноджыдӕр ма зӕгъон+: ӕмӕ дзы ӕртын рӕстгӕнӕджы куы разына, уӕд та?» Уый та йын загъта: «Ӕртын дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн». 31 Авраам та ууыл дӕр не ’рлӕууыд ӕмӕ загъта: «Ӕз мӕ ныфс бахастон Йегъовӕимӕ ныхас кӕнынмӕ+. Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм: дыууын йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый йын дзуапп радта: «Дыууын дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн»+. 32 Уӕд ын Авраам загъта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у+, ӕрмӕстдӕр ма иу хатт зӕгъон+: дӕс йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый та йын дзуапп радта: «Дӕс дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн»+. 33 Уыйадыл Йегъовӕ+ Авраамимӕ йӕ ныхас фӕци ӕмӕ ацыд. Авраам та раздӕхт сӕхимӕ.

19 Дыууӕ зӕды Содоммӕ ӕрхӕццӕ сты изӕрӕй. Уыцы рӕстӕг Лот бадти Содомы кулдуары цур+. Ӕмӕ сӕ куы ауыдта, уӕд сыстад, сӕ размӕ рацыд, йӕ сӕрӕй сын ныллӕг, зӕххы онг акуывта+ 2 ӕмӕ сын загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ, ӕхсӕв мӕнмӕ ӕрлӕуут, уӕ къӕхтӕ дӕр ныхсут+. Райсом та раджы сыстдзыстут ӕмӕ уӕ фӕндаджы кой кӕндзыстут»+. Уыдон ын загътой: «Нӕ, нӕ, не ’хсӕв арвитдзыстӕм горӕты фӕзы»+. 3 Фӕлӕ сын Лот тынг ныллӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ уӕд йемӕ йӕ хӕдзармӕ ацыдысты. Лот сын дзӕбӕх фынг ӕрӕвӕрдта+, донгонд дзултӕ+ сын афыхта, ӕмӕ бахордтой.

4 Фӕлӕ нӕма схуыссыдысты, афтӕ горӕты нӕлгоймӕгтӕ, Содомы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+, гыццылӕй-стырӕй, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты+ 5 ӕмӕ Лотмӕ хъӕр кодтой: «Изӕрӕй дӕм чи ’рбацыд, уыцы лӕгтӕ кӕм сты? Ардӕм-ма сӕ ракӕн, мах сыл нӕхи аирхӕфсӕм*»+.

6 Уӕд сӕм Лот ӕддӕмӕ рацыд, дуар йӕ фӕстӕ сӕхгӕдта 7 ӕмӕ сын загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, лӕгъстӕ уын кӕнын, ахӕм ӕвзӕр ми ма бакӕнут+. 8 Байхъусут мӕм: ис мын дыууӕ чызджы, нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ’рцыдысты+, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕндзынӕн. Ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын кӕнут+. Ӕрмӕст ацы лӕгтӕм ма бавналут+, уымӕн ӕмӕ ме уазӕг бакодтой сӕхи*»+. 9 Уӕд ын уыдон загътой: «Иуварс ахиз!» Стӕй ма загътой: «Ай йӕхӕдӕг ӕрцӕуӕггаг+ у, ӕмӕ ма нын уынаффӕ дӕр кӕндзӕн+? Ныртӕккӕ дӕуӕн ноджы фыддӕр митӕ бакӕндзыстӕм!» Ӕмӕ Лотмӕ лӕбурын райдыдтой+, иу гыццыл ма, ӕмӕ дуар дӕр батыдтаиккой+. 10 Уӕд уыцы лӕгтӕ* сӕ къухтӕ ӕддӕмӕ радардтой, Лоты мидӕмӕ баскъӕфтой ӕмӕ дуар сӕхгӕдтой. 11 Ӕддейӕ цы нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны та, гыццылӕй-стырӕй+, бакуырм кодтой+, ӕмӕ дуар агургӕйӕ удхарӕй мардысты+.

12 Уӕд уыцы лӕгтӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын исчи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй ӕмӕ ма дын чидӕриддӕр ис ацы горӕты – се ’ппӕты дӕр акӕн ардыгӕй!+ 13 Ацы бынат хъуамӕ фесафӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ фехъуыста, йӕ цӕрджытӕй йын куыд тынг хъаст кӕнынц, уый+, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ рарвыста ацы горӕт фесафынмӕ»+. 14 Лот дӕр рацыд ӕмӕ йӕ сиӕхстӕн, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, уыдонӕн, загъта: «Сыстут! Ацӕут ардыгӕй! Йегъовӕ ацы горӕт сафгӕ кӕны!»+ Фӕлӕ йӕ сиӕхстӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ хынджылӕг кӕны+.

15 Фӕлӕ, бон куы ’рбацъӕх, уӕд зӕдтӕ Лоты тагъд кӕнын байдыдтой: «Рӕвдздӕр! Акӕн ардыгӕй дӕ усы ӕмӕ дӕ дыууӕ чызджы+, науӕд горӕт йӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд ды дӕр фесӕфдзынӕ!»+ 16 Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта+, ӕмӕ уӕд уыцы дыууӕ лӕджы Лотӕн ӕмӕ йӕ усӕн, стӕй йӕ дыууӕ чызгӕн дӕр сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Лотӕн фӕтӕригъӕд кодта+. 17 Ӕмӕ сӕ горӕтӕй куы ракодтой, уӕд ын сӕ иу загъта: «Лидзгӕ кӕн!+ Фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс+ ӕмӕ ацы бӕстӕйы*+ ӕппындӕр макуы ӕрлӕуу! Лидзгӕ кӕн хӕхтӕм, науӕд фесӕфдзынӕ!»+

18 Фӕлӕ сын Лот загъта: «Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрмӕст хӕхтӕм нӕ! 19 Дӕ цагъар дын дӕ хорзӕх ссардта+ ӕмӕ мӕ* кӕй фервӕзын кодтай+, уымӕй равдыстай, куыд стыр у де ’нувыд уарзт+. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ бон нӕу хӕхтӕм лидзын, уыцы бӕллӕх мӕ фӕндагыл ӕрӕййафдзӕн ӕмӕ фесӕфдзынӕн+. 20 Уӕртӕ уым хӕстӕг ис гыццыл горӕт, ӕмӕ уым мӕ бон у бамбӕхсын+. Курӕг дӕ дӕн, бар мын ратт, цӕмӕй уырдӕм алидзон ӕмӕ удӕгасӕй баззайон*. Афтӕ стыр хъуыддаг дӕ куы нӕ курын»+. 21 Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Хорз, ацы хъуыддаджы дӕр+, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд: цы горӕтӕй мын дзурыс, уый нӕ фесафдзынӕн+. 22 Рӕвдздӕр! Лидзгӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ цалынмӕ уырдӕм нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мӕ бон ницы у саразын»+. Уыцы горӕт Сигор*+ дӕр уымӕн схуыдта.

23 Лот Сигормӕ куы бахӕццӕ, уӕдмӕ хур дӕр скаст+. 24 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл ныккалдта сондон ӕмӕ зынг Йегъовӕйӕ, уӕларвӕй+. 25 Ӕмӕ фесӕфта уыцы горӕттӕ ӕмӕ, Иорданы дӕлвӕз цы бӕстӕ уыди, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Фесӕфта уыцы горӕтты цӕрджыты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр зайӕгойтӕ уыди, уыдон дӕр+. 26 Лотӕн йӕ ус та, йӕ фӕдыл куыд цыди, афтӕ фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕхдур фестад+.

27 Авраам райсомӕй раджы ӕрбацыд, уый размӕ кӕм лӕууыд ӕмӕ Йегъовӕимӕ кӕм ныхас кодта, уырдӕм+. 28 Уырдыгӕй йӕ цӕст ахаста Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл ӕмӕ, Иорданы дӕлвӕз цы бӕстӕ* уыд, ууыл, ӕмӕ федта, дурсудзӕн пецӕй цы сау фӕздӕг фӕцӕуы, ахӕм фӕздӕг кӕй цыди уыцы зӕххӕй+. 29 Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы цы горӕттӕ уыд, Хуыцау уыдон куы сӕфта, уӕд дзы Авраам рох нӕ уыд. Ӕмӕ, Лот хӕстӕг кӕмӕ цард, уыцы горӕттӕ сафгӕйӕ, Лоты уырдыгӕй ракодта+.

30 Цасдӕры фӕстӕ Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ Сигорӕй сыстад ӕмӕ алыгъд хӕхбӕстӕм+, уымӕн ӕмӕ Сигоры+ цӕрын нӕ уӕндыд. Ӕмӕ уым лӕгӕты йӕ чызджытимӕ ӕрцарди. 31 Иу бон куы уыди, уӕд хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд ныр зӕронд у, ӕмӕ ацы бӕстӕйы та нӕй, ӕппӕт зӕххы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ чи ракура, ахӕм нӕлгоймаг+. 32 Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ фыды сӕнӕй фӕрасыг кӕнӕм+ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм, ӕмӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм»+.

33 Ӕмӕ уыцы ’хсӕв сӕ фыды фӕрасыг кодтой+. Стӕй хистӕр чызг бацыд ӕмӕ йӕ фыдимӕ ӕмуат ӕрцыд. Фыд та йӕ нӕ базыдта, чызг йӕ фарсмӕ кӕд схуыссыд ӕмӕ кӕд сыстад, уый. 34 Дыккаг бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон нӕ фыдимӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕмуат. Ахсӕв дӕр та йын сӕн бадарӕм, ӕмӕ йӕм ныр та ды бацу ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, цӕмӕй нӕ фыды мыггаг ма фесӕфа». 35 Ӕмӕ та йӕ уыцы ’хсӕв дӕр фӕрасыг кодтой. Стӕй йӕм бацыд кӕстӕр чызг ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Фыд та йӕ нӕ базыдта, чызг йӕ фарсмӕ кӕд схуыссыд ӕмӕ кӕд сыстад, уый. 36 Ӕмӕ Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр сӕ фыдӕй басывӕрджын сты+. 37 Хистӕрӕн райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Моав*+. Уымӕй рацыдысты, абон моавӕгтӕ кӕй хонынц, уыдон+. 38 Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Бен-Амми*. Уымӕй рацыдысты, абон Аммоны фырттӕ+ кӕй хонынц, уыдон.

20 Авраам та систа йӕ цатыртӕ+ ӕмӕ ацыд Негевы зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцард Кадес+ ӕмӕ Суры+ ’хсӕн. Стӕй иуцасдӕр цард Герары+ дӕр. 2 Ӕмӕ та ам дӕр Авраам йӕ ус Саррӕйӕ загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ+. Уӕд Герары паддзах Авимелех Саррӕмӕ арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта+. 3 Ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фӕзынд фыны ӕмӕ йын загъта: «Цы сылгоймаджы ӕрбакодтай, уый тыххӕй амӕлдзынӕ+, уымӕн ӕмӕ кӕйдӕр ус у»+. 4 Фӕлӕ йӕм Авимелех нӕ бавнӕлдта+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Йегъовӕ, ау, ӕнаххос адӕмы ныццӕгъддзынӕ?+ 5 Авраам мын йӕхӕдӕг нӕ загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Стӕй сылгоймаг дӕр загъта, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ. Ӕз афтӕ мӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бакодтон, ӕвзӕрӕй мӕ ницы фӕндыд саразын»+. 6 Ӕмӕ йын уӕд ӕцӕг Хуыцау фыны загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, дӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй бакодтай афтӕ+, ӕмӕ дӕ бахызтон мӕ разы тӕригъӕд ракӕнынӕй+. Саррӕмӕ бавналын дӕр дӕ уымӕн нӕ бауагътон+. 7 Ныр уыцы лӕгӕн йӕ усы фӕстӕмӕ ратт. Уый у пехуымпар+ ӕмӕ дӕу тыххӕй скувдзӕн+, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ. Куы нӕ йӕ раттай, уӕд та йӕ зон, кӕй амӕлдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дын чидӕриддӕр ис, уыдон дӕр»+.

8 Авимелех дӕр райсомӕй раджы сыстад, йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. Ӕмӕ уыдон тынг старстысты. 9 Уый фӕстӕ Авимелех Аврааммӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Ӕвзӕрӕй дын цы сарӕзтон, ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр ахӕм стыр тӕригъӕды бафтауай?+ Ды мын бакодтай, чи не ’мбӕлы, ахӕм ми»+. 10 Уый фӕстӕ Авимелех Авраамы бафарста: «Цӕмӕн бакодтай афтӕ?»+ 11 Авраам ын дзуапп радта: «Ахъуыды кодтон: ам Хуыцауӕй ничи тӕрсы+, ӕмӕ мӕ мӕ усы тыххӕй амардзысты+. 12 Стӕй мӕ хо дӕр у: фыдӕй иу стӕм, ӕрмӕст мадӕй – хицӕнтӕ. Ӕмӕ сси мӕ ус дӕр+. 13 Ӕмӕ мын Хуыцау куы загъта, ныууадз дӕ фыды хӕдзар+, зӕгъгӕ, уӕд ӕз Саррӕйӕн загътон: кӕд мӕ ӕнувыдӕй уарзыс+, уӕд, кӕдӕмфӕнды ма ’рцӕуӕм, уым-иу алы ран дӕр мӕнӕй афтӕ дзур, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ»+.

14 Ӕмӕ уӕд Авимелех Авраамӕн радта фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты. Ӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр+. 15 Ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ, мӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис. Дӕ зӕрдӕмӕ дзы кӕм фӕцӕуа, уым цӕр»+. 16 Саррӕйӕн та загъта: «Де ’фсымӕрӕн+ дын дӕттын иу мин ӕвзист ӕхцайы. Демӕ чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ алчидӕр уымӕй зондзӕн, дӕ ном кӕй нӕ фӕчъизи, уый»+. 17 Уӕд Авраам скуывта ӕцӕг Хуыцаумӕ+, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, стӕй йӕ усы ӕмӕ йӕ цагъар-сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ гуырын райдыдта. 18 Афтӕ та уымӕн уыд, ӕмӕ Йегъовӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй афтӕ сарӕзта, ӕмӕ Авимелехы хӕдзары сылгоймӕгтӕн зӕнӕг нал цыди+.

21 Ӕмӕ Йегъовӕ ӕркаст Саррӕмӕ, куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ Йегъовӕ, куыд дзырдта, афтӕ бакодта+. 2 Саррӕ басывӕрджын+ ӕмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта лӕппу, Хуыцау Авраамӕн кӕд загъта, раст уыцы рӕстӕджы+. 3 Ӕмӕ Авраам, Саррӕ йын кӕй ныййардта, уыцы лӕппуйы схуыдта Исахъ+. 4 Стӕй Авраам ӕстӕм бон йӕ фырт Исахъӕн сунӕт скодта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 5 Авраамыл цыди сӕдӕ азы, йӕ фырт Исахъ куы райгуырд, уӕд. 6 Ӕмӕ Саррӕ загъта: «Хуыцау мӕ фырцинӕй фӕхудын кодта, ӕмӕ ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр мемӕ худдзӕн»+. 7 Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм ноджыдӕр бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, зӕгъгӕ, Саррӕ сывӕллонӕн дзидзи дардзӕн? Фӕлӕ йын ӕз йӕ зӕронды бонты ныййардтон лӕппу».

8 Сывӕллон рӕзыд, ӕмӕ йӕ иу бон дзидзийӕ фӕхицӕн кодтой+. Ӕмӕ, Исахъы дзидзийӕ цы бон фӕхицӕн кодтой, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд. 9 Саррӕ та федта, Авраамӕн египетаг Агар+ цы лӕппуйы ныййардта, уый Исахъӕй кӕй хынджылӕг кӕны+. 10 Ӕмӕ Авраамӕн загъта: «Атӕр ацы цагъар-сылгоймаджы ӕмӕ йӕ фырты. Ацы цагъар-сылгоймаджы фыртӕн мӕ фыртимӕ, Исахъимӕ, бынтӕй хай нӕ уыдзӕн!»+ 11 Фӕлӕ Авраамӕн тынг хъыг уыди, йӕ фырты тыххӕй йын афтӕ кӕй загъта, уый+. 12 Ӕмӕ уӕд Хуыцау Авраамӕн загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм, уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн+. 13 Фӕлӕ цагъар-сылгоймаджы фыртӕй+ дӕр рауадздзынӕн адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ байзӕддаг у»+.

14 Авраам райсомӕй раджы сыстад, райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары+ ӕккой сӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ стӕй лӕппуимӕ+ арвыста. Агар ацыд ӕмӕ Вирсавийы+ ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл. 15 Йӕ лалымы дон куы фӕци+, уӕд лӕппуйы къутӕры бын ныууагъта+. 16 Йӕхӕдӕг та, фат цас атӕха, уыйбӕрц ацыд ӕмӕ уым сбадти, мӕ хъӕбул куыд мӕлдзӕн, уый ма фенон, зӕгъгӕ+. Гъемӕ уым дӕрддзӕф сбадт ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта+.

17 Ӕмӕ уӕд Хуыцау фехъуыста лӕппуйы дзыназын+, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕлӕрвтӕй Агармӕ ӕрдзырдта+: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс, лӕппу кӕм ис, уырдыгӕй йын Хуыцау йӕ дзыназын фехъуыста. 18 Ауай, сыстын ӕй кӕн ӕмӕ йыл дӕ къухӕй хӕц – ӕз дзы рауадздзынӕн стыр адӕм»+. 19 Уӕд Хуыцау Агарӕн йӕ цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ Агар федта цъай+. Ӕмӕ ацыд, лалым донӕй байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн дон бадардта. 20 Ӕмӕ Хуыцау уымӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди лӕппуимӕ+. Уый хъомыл кодта, цард ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ сси фатӕхсӕг+. 21 Измаил ӕрцард Фараны+ ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад Египетӕй ус ӕрхаста.

22 Уыцы рӕстӕг Авимелех йе ’фсады хистӕр Фихолимӕ ӕрцыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Дӕуӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны дӕ алы хъуыддаджы дӕр+. 23 Ӕмӕ мын ныр ам Хуыцауӕй расомы кӕн+, хинӕй кӕй нӕ рацӕудзынӕ мӕныл дӕр, мӕ фырттыл дӕр ӕмӕ мӕ фыртты фырттыл дӕр+, ӕмӕ дӕ ӕз куыд ӕнувыд уарзтӕй уарзын+, ды дӕр мӕ афтӕ кӕй уарздзынӕ, мӕн дӕр ӕмӕ, ӕрцӕуӕггаг+ кӕуыл дӕ, уыцы зӕхх дӕр». 24 Ӕмӕ йын Авраам загъта: «Сомы дын кӕнын»+.

25 Фӕлӕ Авраам Авимелехӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ цъай кӕй байстой, уый тыххӕй+. 26 Ӕмӕ уӕд Авимелех загъта: «Афтӕ чи бакодта, уый нӕ зонын. Ды дӕр мын ницы загътай, абон ӕй фыццаг хатт хъусын»+. 27 Уӕд Авраам ӕрбатардта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ ӕмӕ сӕ Авимелехӕн радта+, ӕмӕ скодтой бадзырд+. 28 Авраам йӕ фысты дзугӕй рахицӕн кодта авд сыл уӕрыччы. 29 Ӕмӕ йӕ уӕд Авимелех бафарста: «Ацы авд уӕрыччы та цӕмӕн рахицӕн кодтай?» 30 Авраам ын загъта: «Айс ацы авд уӕрыччы – уый уыдзӕн бӕлвырдгӕнӕн+, ацы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн». 31 Ӕмӕ Авраам уыцы бынат схуыдта Вирсави*+, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр уым расомы кодтой. 32 Уыйадыл Вирсавийы бадзырд+ скодтой. Ӕмӕ Авимелех йе ’фсады хистӕр Фихолимӕ фӕстӕмӕ филистимӕгты зӕхмӕ+ аздӕхтысты. 33 Уый фӕстӕ Авраам Вирсавийы ныссагъта тамарискбӕлас ӕмӕ уым Йегъовӕйы ном ссардта+, ӕнусон Хуыцауы+ ном. 34 Авраам бирӕ фӕцард ӕрцӕуӕггагӕй филистимӕгты зӕххыл+.

22 Уыцы хабӕртты фӕстӕ ӕцӕг Хуыцау сфӕнд кодта Авраамы бафӕлварын+. Ӕмӕ йын загъта: «Авраам!» Авраам ын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн»+. 2 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул+ Исахъы+, ӕмӕ ацу Мориайы+ зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн* ӕрхӕсс+».

3 Авраам райсомӕй раджы сыстад, йӕ хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта, йемӕ ракодта йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исахъы+, нывонд басудзынӕн сугтӕ ныссаста, ӕмӕ араст сты, ӕцӕг Хуыцау ын кӕдӕм бацамыдта, уырдӕм. 4 Ӕртыккаг бон куы уыдысты фӕндагыл, уӕд Авраам акаст ӕмӕ дардмӕ федта уыцы бынат. 5 Ӕмӕ уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕн+ загъта: «Сымах ам баззайут, хӕрӕджы дӕр ам уадзын, ӕз ӕмӕ лӕппу та уӕлӕ уырдӕм ацӕудзыстӕм, уым Хуыцауӕн бакувдзыстӕм+ ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм».

6 Стӕй Авраам, нывонд басудзынӕн цы сугтӕ рахаста, уыдон Исахъы ӕккой сӕвӕрдта+, зынг ӕмӕ кард йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ дыууӕйӕ иумӕ ацыдысты+. 7 Иуафон Исахъ йӕ фыд Авраамӕн загъта: «Мӕ фыд!»+ Уый йын загъта: «Цы кӕныс, мӕ лӕппу?»+ Ӕмӕ йӕ уӕд Исахъ бафарста: «Зынг ӕмӕ сугтӕ рахастам, фӕлӕ, нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уыцы фыс та кӕм ис?»+ 8 Авраам ын дзуапп радта: «Хуыцау йӕхицӕн нывондӕн фыс ссардзӕн+, мӕ лӕппу». Ӕмӕ дарддӕр цыдысты сӕ фӕндагыл.

9 Ӕппынфӕстаг схӕццӕ сты, ӕцӕг Хуыцау ын кӕдӕм бацамыдта, уыцы бынатмӕ. Уым Авраам сарӕзта нывондхӕссӕн+, сӕвӕрдта йыл сугтӕ, стӕй йӕ фырт Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бабаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл сугты сӕр ӕрӕвӕрдта+. 10 Уый фӕстӕ райста кард, ӕмӕ йӕ фырты ныр амара, зӕгъгӕ+, 11 афтӕ йӕм Йегъовӕйы зӕд уӕларвӕй ӕрдзырдта+: «Авраам, Авраам!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 12 Ӕмӕ йын уӕд зӕд загъта: «Лӕппумӕ ма бавнал, мацы йын бакӕн+. Ныр ӕй ӕз зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс, уымӕн ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, нӕ бавгъау кодтай»+. 13 Ӕмӕ уӕд Авраам йӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ пыхсыты фыр йӕ сыкъатӕй стыхст. Гъемӕ ацыд, уыцы фыр ӕрбакодта ӕмӕ йӕ йӕ фырты бӕсты нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басыгъта+. 14 Ӕмӕ Авраам уыцы бынат схуыдта Йегъовӕ-Ире*. Абон дӕр уымӕн фӕдзурынц: «Йегъовӕ йӕ хохыл ратдзӕн, цы хъӕуы, уый»+.

15 Уый фӕстӕ Йегъовӕйы зӕд Аврааммӕ дыккаг хатт ӕрдзырдта уӕларвӕй 16 ӕмӕ йын загъта: «„Мӕхицӕй сомы кӕнын,– зӕгъы Йегъовӕ+.– Ды ацы хъуыддаг кӕй бакодтай ӕмӕ мын дӕ фырты, дӕ иунӕг хъӕбулы, кӕй нӕ бавгъау кодтай+, 17 уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, арвыл стъалытӕ ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты+, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауыдзысты се знӕгты горӕттӕ*+. 18 Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы+ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй“»+.

19 Уый фӕстӕ Авраам ӕрыздӕхт йӕ лӕггадгӕнджытӕм ӕмӕ иумӕ ацыдысты Вирсавимӕ+. Ӕмӕ Авраам дарддӕр дӕр цард Вирсавийы.

20 Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Аврааммӕ фӕхӕццӕ сты ахӕм хабӕрттӕ: «Де ’фсымӕр Нахорӕн+ Милкӕ+ ныййардта лӕппутӕ: 21 хистӕр лӕппу Уц, йе ’фсымӕр Вуз+, стӕй Кемуил,– уый у Арамы фыд,– 22 Кесед, Хазо, Пилдаш, Идлаф ӕмӕ Вафуил+». 23 Вафуилӕн та райгуырд Ревеккӕ+. Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн Милкӕ ныййардта ацы аст лӕппуйы. 24 Нахорӕн ма уыдис номылус дӕр, Реумӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уымӕй дӕр рацыд цот: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахӕ+.

23 Саррӕ фӕцард сӕдӕ дыууын авд азы. Уыйбӕрц уыдысты йӕ царды бонтӕ+. 2 Ӕмӕ амард Кириаф-Арбӕйы+, ома Хевроны+, Ханааны зӕххыл+. Авраам бацыд цатырмӕ ӕмӕ Саррӕйыл тынг фӕмаст кодта, фӕкуыдта йыл. 3 Стӕй марды цурӕй рацыд ӕмӕ Хеты+ фырттӕн загъта: 4 «Ӕз уе ’хсӕн дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ ӕрлидзӕг+. Рауӕй мын кӕнут уӕ зӕххӕй, цӕмӕй дзы мӕ марды бавӕрон»+. 5 Ӕмӕ Хеты фырттӕ Авраамӕн дзуапп радтой: 6 «Байхъус нӕм, нӕ буц хицау+. Мах ӕй уынӕм, ды кӕй дӕ Хуыцауӕй ӕвзӕрст хистӕр лӕг+. Дӕ марды бавӕр тӕккӕ хуыздӕр бынаты+. Махӕй дын дӕ марды бавӕрынӕн бынат ничи бавгъау кӕндзӕн»+.

7 Уӕд Авраам сыстад, уыцы бӕстӕйы адӕмӕн+, Хеты+ фырттӕн, йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта 8 ӕмӕ сын загъта: «Кӕд разы стут, цӕмӕй мӕ марды ам бавӕрон, уӕд мӕм байхъусут: Цохары фырт Ефронӕн балӕгъстӕ кӕнут+, 9 цӕмӕй мын рауӕй кӕна Махпелӕйы+ лӕгӕт – йӕ зӕххы кӕрон цы лӕгӕт ис, уый. Уӕ разы йын ратдзынӕн, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕвзист ӕмӕ мын ӕй рауӕй кӕнӕд, цӕмӕй дзы мӕ марды бавӕрон»+.

10 Ефрон+ та бадти Хеты фыртты ’хсӕн. Ӕмӕ йӕ Хеты фырттӕ, стӕй горӕты кулдуарыл мидӕмӕ чи цыди, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр куыд хъуыстаиккой, афтӕ Авраамӕн дзуапп радта+: 11 «Нӕ, мӕ буц хицау. Байхъус мӕм. Дӕттын дын уыцы зӕхх ӕмӕ дзы цы лӕгӕт ис, уый дӕр. Мӕ адӕм мын ӕвдисӕн: дӕттын дын ӕй+. Бавӕр дзы дӕ марды». 12 Уӕд Авраам адӕмӕн йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта 13 ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ Ефронӕн загъта: «Нӕ, ды мӕм байхъус. Дӕ зӕххы тыххӕй дын ратдзынӕн ӕвзист. Айс сӕ+, ӕмӕ мӕ марды уым бавӕрон».

14 Ӕмӕ уӕд Ефрон Авраамӕн дзуапп радта: 15 «Мӕ буц хицау, байхъус мӕм. Уыцы зӕхх у ӕвзистӕй цыппарсӕдӕ сиклы* аргъ. Фӕлӕ гъеныр ууыл дзурдзыстӕм? Бавӕр дзы дӕ марды»+. 16 Авраам байхъуыста Ефронмӕ ӕмӕ йын сбарста, Хеты фыртты раз цас загъта, уыйбӕрц ӕвзист – цыппарсӕдӕ сиклы, базаргӕнджыты сиклтӕй+. 17 Ӕмӕ уыйадыл, Ефронӕн Махпелӕйы, Мамрейы раз цы зӕхх уыди, уый+, стӕй дзы цы лӕгӕт ӕмӕ цы бӕлӕстӕ уыди, уыдон иууылдӕр 18 баисты+ Авраамы – балхӕдта сӕ Хеты фыртты раз, горӕты кулдуарыл мидӕмӕ чи цыди, уыдоны раз+. 19 Ӕмӕ уӕд Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелӕйы быдыры цы лӕгӕт ис, уым, Мамрейы раз, ома Хевроны раз, Ханааны зӕххыл+. 20 Уыйадыл уыцы быдыр дӕр ӕмӕ дзы цы лӕгӕт уыди, уый дӕр Хеты фырттӕ радтой Авраамӕн, цӕмӕй дзы йӕ марды бавӕрдтаид+.

24 Авраам базӕронд, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой. Йегъовӕ йын раарфӕ кодта алы хъуыддаджы дӕр+. 2 Ӕмӕ иу бон Авраам йӕ хӕдзаронтӕй се ’ппӕты хистӕрӕн, йӕ исбон иууылдӕр кӕй бар уыди, уыцы лӕггадгӕнӕгӕн загъта+: «Курӕг дӕ дӕн, дӕ къух мын мӕ быны*+ бакӕн 3 ӕмӕ мын расомы кӕн Йегъовӕйӕ+, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, мӕ фыртӕн мын ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй+, 4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм+ ӕмӕ мын мӕ фырт Исахъӕн ус уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ».

5 Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг загъта: «Ӕмӕ чызджы мемӕ ацы зӕхмӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та? Уӕд дын хъуамӕ дӕ фырты, кӕцӕй рацыдтӕ, фӕстӕмӕ уыцы бӕстӕм фӕкӕнон?»+ 6 Авраам та йын загъта: «Нӕ, мӕ фырты мын фӕстӕмӕ уырдӕм мацыхуызы акӕн+. 7 Мӕн мӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ мӕ хиуӕтты зӕххӕй чи ракодта+ ӕмӕ мемӕ чи ныхас кодта, чи мын расомы кодта+, ацы зӕхх+ дӕ байзӕддагӕн+ ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау, уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕ, дӕ разӕй арвитдзӕн йӕ зӕды+, ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус ӕркӕндзынӕ уырдыгӕй+. 8 Фӕлӕ чызджы куы нӕ бафӕнда демӕ рацӕуын, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы сомыйӕ+. Ӕрмӕст мын мӕ фырты фӕстӕмӕ уырдӕм ма акӕн». 9 Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕг йӕ къух йӕ хицау Авраамӕн йӕ быны* бакодта ӕмӕ йын расомы кодта+.

10 Гъемӕ лӕггадгӕнӕг йӕ хицауы теуатӕй дӕс ракодта, йемӕ райста, йӕ хицау ын цы алыхуызон лӕвӕрттӕ рарвыста, уыдон+, ӕмӕ араст Месопотамимӕ, Нахор кӕм цард, уыцы горӕтмӕ. 11 Горӕты ӕддейӕ цъаймӕ куы бахӕццӕ, уӕд уым йӕ теуаты сӕ уӕрджытыл ӕрхуыссын кодта. Уый уыди изӕрырдӕм+, сылгоймӕгтӕ-иу дон хӕссынмӕ куы цыдысты, уыцы афон+. 12 Ӕмӕ скуывта: «Йегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау+, лӕгъстӕ дын кӕнын, абон мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн ӕмӕ равдис, мӕ хицау Авраамы+ ӕнувыд уарзтӕй+ кӕй уарзыс, уый. 13 Мӕнӕ цъайы цур лӕууын ӕмӕ ардӕм горӕтӕй чызджытӕ цӕуынц дон хӕссынмӕ+. 14 Ӕмӕ уыцы чызджытӕй афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрис-ма дӕ дурын ӕмӕ дзы дон бануазон“, ӕмӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг+ Исахъӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг. Афтӕмӕй базондзынӕн, мӕ хицауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый»+.

15 Лӕг йӕ куывд нӕма фӕци+, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ, йе уӕхскыл+ донхӕссӕн дурын, афтӕмӕй ӕрбацӕуы Ревеккӕ, Вафуилы+ чызг. Вафуил уыдис Авраамы ӕфсымӕр Нахоры+ ӕмӕ йӕ ус Милкӕйы+ фырт. 16 Уый уыд тынг рӕсугъд+ чызг, ӕнӕвнӕлд чызг, нӕлгоймагимӕ ӕмуат никуы ӕрцыд+. Чызг ныццыди суадонмӕ, йӕ дурын донӕй байдзаг кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ сцӕйцыд. 17 Уӕд лӕггадгӕнӕг йӕ размӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хорз чызг, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр»+. 18 Уый йын дзуапп радта: «Табуафси, мӕ фыдыхай». Ӕмӕ уайтагъд йӕ дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта+. 19 Лӕггадгӕнӕг дон куы банызта, уӕд ын чызг загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон, цас хъӕуа, уыйбӕрц»+. 20 Ӕмӕ уайтагъд, йӕ дурыны цы дон уыд, уый ӕркодта, фос-иу дон кӕцӕй нызтой, уым, ӕмӕ та азгъордта цъайӕ дон сисынмӕ+. Ӕмӕ афтӕ дон хаста ӕмӕ хаста, цалынмӕ теуатӕ иууылдӕр нӕ банызтой, уӕдмӕ. 21 Лӕг та йӕм ӕнӕдзургӕйӕ дисгӕнгӕ каст ӕмӕ хъуыды кодта, Йегъовӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта ӕви нӕ, зӕгъгӕ+.

22 Теуатӕ дон куы банызтой, уӕд лӕггадгӕнӕг систа, йӕ уӕз сиклы ’рдӕг кӕмӕн уыди, ахӕм фындзылдаргӕ сызгъӕрин цӕг+ ӕмӕ сӕ уӕз дӕс сиклы кӕмӕн уыди, дыууӕ ахӕм сызгъӕрин цонгдарӕны+, 23 ӕмӕ чызджы бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Дӕ фыды хӕдзары нын ӕхсӕв арвитынӕн бынат нӕ разындзӕн?»+ 24 Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Вафуилы+ чызг, Нахорӕн Милкӕ кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырты чызг»+. 25 Ӕмӕ стӕй ноджыдӕр загъта: «Ис нӕм фосӕн хъӕмп ӕмӕ холлаг дӕр бирӕ, стӕй, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууат, ахӕм бынат дӕр нӕм ис»+. 26 Ӕмӕ уӕд лӕг Йегъовӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта+ 27 ӕмӕ загъта: «Табу Йегъовӕйӕн+, мӕ хицау Авраамы Хуыцауӕн, абон мӕ хицауы йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай чи нӕ фӕкодта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта. Йегъовӕ мӕ комкоммӕ ӕрбакодта мӕ хицауӕн йе ’фсымӕрты хӕдзармӕ»+.

28 Чызг сӕхимӕ азгъордта ӕмӕ хабӕрттӕ йӕ мадӕн ӕмӕ иннӕтӕн радзырдта. 29 Ревеккӕйӕн ма уыди ӕфсымӕр, Лаван+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Лаван суадоны цурмӕ уыцы адӕймагмӕ азгъордта. 30 Йӕ хойыл фындзылдаргӕ цӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ+ куы федта ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ куы фехъуыста, уыцы лӕг мын афтӕ ӕмӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ размӕ ацыд, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ теуаты дӕр суадоны раз баййӕфта. 31 Ӕмӕ йын загъта: «Ам цӕмӕн лӕууыс, Йегъовӕйӕ арфӕгонд лӕг?+ Цом, ӕз дын ӕрцӕттӕ кодтон уат, стӕй бынат дӕ теуатӕн дӕр». 32 Ӕмӕ сӕм уӕд бацыд, ӕмӕ Лаван теуатӕн сӕ сӕргътӕ систа, хъӕмп ӕмӕ сын холлаг радта. Стӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдонӕн дӕр сӕ къӕхтӕ ныхсынӕн дон ӕрбахаста+. 33 Уый фӕстӕ йын йӕ разы фынг авӕрдтой, фӕлӕ уый загъта: «Цӕй фӕдыл ӕрбацыдтӕн, уый цалынмӕ нӕ радзурон, уӕдмӕ ницы бахӕрдзынӕн». Ӕмӕ йын уӕд Лаван загъта: «Дзур, хъусӕм дӕм»+.

34 Ӕмӕ уый дӕр дзурын райдыдта: «Ӕз дӕн Авраамы лӕггадгӕнӕг+. 35 Йегъовӕ мӕ хицауӕн рӕдауӕй раарфӕ кодта: схъӕздыг ӕй кодта, радта йын фыстӕ, стуртӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты+. 36 Стӕй мӕ хицауӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта лӕппу+, ӕмӕ мӕ хицау йӕ бынтӕ иууылдӕр уымӕн ныууадздзӕн+. 37 Ӕмӕ мын мӕ хицау загъта, зӕгъгӕ мын расомы кӕн, мӕ фыртӕн мын ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, кӕй зӕххыл цӕрын, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй+, 38 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ фыды хӕдзармӕ, мӕ хиуӕттӕм+ ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ+. 39 Фӕлӕ ӕз мӕ хицауӕн загътон: „Ӕмӕ чызджы мемӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та?“+ 40 Ӕмӕ мын уӕд уый загъта: „Ӕз кӕмӕн лӕггад кӕнын*+, уыцы Хуыцау Йегъовӕ йӕ зӕды+ демӕ арвитдзӕн ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕн+. Ӕмӕ мын мӕ фыртӕн ус ӕркӕндзынӕ мӕ хиуӕттӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй+. 41 Фӕлӕ мӕ хиуӕттӕм куы ’рцӕуай ӕмӕ дын сӕ чызджы куы нӕ радтой, уӕд ацы сомыйӕ уыдзынӕ сӕрибар“+.

42 Ӕмӕ абон суадоны цурмӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд скуывтон: „Йегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау, кӕд мӕ ӕцӕгдӕр рӕствӕндаг фӕкодтай+, 43 уӕд мӕнӕ суадоны цур лӕууын, ӕмӕ дон хӕссынмӕ цы чызг+ рацӕуа ӕмӕ ӕз афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр“, 44 ӕмӕ мын афтӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, Йегъовӕ мӕ хицауы фыртӕн кӕй равзӕрста, уыцы чызг“+.

45 Мӕхинымӕр+ куывд нӕма фӕдӕн+, афтӕ кӕсын, ӕмӕ уӕртӕ, йе уӕхскыл дурын, афтӕмӕй ӕрбацӕуы Ревеккӕ. Уый суадонмӕ ныццыди ӕмӕ дон систа+. Ӕмӕ йын уӕд ӕз загътон: „Хорз чызг, дон-ма мын авӕр“+. 46 Уый йӕ дурын уайтагъд йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ мын загъта: „Табуафси, бануаз+. Дӕ теуатӕн дӕр дын ӕрбахӕсдзынӕн дон“. Ӕз дон банызтон, ӕмӕ мын мӕ теуаты дӕр донӕй бафсӕста. 47 Уый фӕстӕ йӕ бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“+ Уый мын дзуапп радта: „Вафуилы чызг, Нахорӕн Милкӕ кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырты чызг“. Ӕмӕ йыл уӕд ӕз бакодтон фындзылдаргӕ цӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ+. 48 Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, мӕ сӕрӕй ныллӕг акуывтон ӕмӕ Йегъовӕйӕн, мӕ хицау Авраамы Хуыцауӕн, раарфӕ кодтон+. Уый мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кодта+, цӕмӕй мӕ хицауы фыртӕн акӕнон мӕ хицауӕн йе ’фсымӕры чызджы. 49 Ӕмӕ уӕ кӕд ныр фӕнды хъуыддагӕй равдисын, мӕ хицауы ӕцӕгдӕр ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзут ӕмӕ йыл уӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивтат+, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕддӕр мын ӕй зӕгъут, ӕмӕ кӕнӕ иуырдӕм кӕндзынӕн, кӕнӕ иннӕрдӕм»+.

50 Уӕд ын Лаван ӕмӕ Вафуил дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг у Йегъовӕйӕ+. Ӕмӕ дын махӕн нӕ бон нӕдӕр „о“ зӕгъын у, нӕдӕр „нӕ“+. 51 Мӕнӕ, Ревеккӕ дӕ разы. Акӕн ӕй ӕмӕ ацу. Ӕмӕ Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ уӕд: суӕд дӕ хицауы фырты ус»+. 52 Авраамы лӕггадгӕнӕг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд Йегъовӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ зӕххы онг йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта+. 53 Уый фӕстӕ систа ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ, стӕй уӕлӕдарӕс ӕмӕ сӕ Ревеккӕйӕн радта. Зынаргъ лӕвӕрттӕ радта чызджы ӕфсымӕрӕн ӕмӕ йӕ мадӕн дӕр+. 54 Уый фӕстӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон фынгыл ӕрбадтысты, фӕминас кодтой, ӕмӕ ӕхсӕв уым баззадысты.

Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд лӕггадгӕнӕг загъта: «Ныр мӕ ауадзут мӕ хицаумӕ»+. 55 Фӕлӕ йын чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ мад загътой: «Чызджы-ма немӕ дӕс боны уӕддӕр уадз. Стӕй уӕд ацӕудзӕн». 56 Уый та сын загъта: «Йегъовӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, ӕмӕ мӕ мауал уромут+. Ауадзут мӕ, ӕмӕ мӕ хицаумӕ аздӕхон»+. 57 Ӕмӕ йын уӕд загътой: «Чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм»+. 58 Ӕмӕ Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы адӕймагимӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Цӕуын»+.

59 Ӕмӕ уӕд афӕндараст кодтой сӕ хо Ревеккӕйы+, йӕ хъомылгӕнӕг сылгоймаджы+, Авраамы лӕггадгӕнӕджы ӕмӕ йемӕ чи уыди, уыдоны. 60 Ӕмӕ Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой: «Нӕ хо! Дӕ цот суӕнт мин-минтӕ, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты бауӕнт, йе сӕфт сӕ чи уыны, уыдоны горӕттӕ*»+. 61 Ӕмӕ уый фӕстӕ Ревеккӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+ теуатыл сбадтысты+ ӕмӕ уыцы адӕймаджы фӕдыл ацыдысты. Афтӕ Авраамы лӕггадгӕнӕг ракодта Ревеккӕйы ӕмӕ йӕ фӕндагыл араст.

62 Исахъ цард Негевы+ зӕххыл. Ӕмӕ иухатт Беер-Лахай-Роийы+ ’рдыгӕй куы ӕрбацыд, 63 уӕд изӕрӕй ацыд быдырмӕ, фӕндыди йӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнын+. Ӕмӕ иуафон акаст, ӕмӕ уӕртӕ теуатӕ ӕрбацӕуынц. 64 Ревеккӕ куы акаст, уӕд ауыдта Исахъы, ӕмӕ теуайӕ ӕрхызт. 65 Ӕмӕ лӕггадгӕнӕджы бафарста: «Уый быдыры нӕ размӕ чи ’рбацӕуы?» Лӕггадгӕнӕг ын дзуапп радта: «Уый мӕ хицау у». Ӕмӕ уӕд Ревеккӕ райста кӕлмӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта+. 66 Лӕггадгӕнӕг Исахъӕн хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. 67 Уый фӕстӕ Исахъ Ревеккӕйы бакодта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ+. Ӕмӕ афтӕмӕй Ревеккӕ сси йӕ ус+. Исахъ ӕй тынг бауарзта+, ӕмӕ йӕ мады мӕлӕты фӕстӕ йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр+.

25 Авраам ногӕй ус ракуырдта. Йӕ ном уыд Хеттурӕ+. 2 Ӕмӕ Авраамӕн ныййардта Зимраны, Иокшаны, Меданы, Мадианы+, Ишбакы ӕмӕ Шуахы+.

3 Иокшанӕн райгуырдысты Савӕ+ ӕмӕ Дедан+.

Деданы фырттӕ уыдысты Ашурим, Летушим ӕмӕ Леюмим.

4 Мадианы фырттӕ та уыдысты Ефӕ+, Ефер, Ханох, Авидӕ ӕмӕ Елдагӕ+.

Адон иууылдӕр уыдысты Хеттурӕйы цот.

5 Цасдӕры фӕстӕ Авраам йӕ бынтӕ иууылдӕр радта Исахъӕн+. 6 Авраамӕн йӕ номылустытӕй цы лӕппутӕ райгуырд, уыдонӕн та скодта лӕвӕрттӕ+. Ӕмӕ ма ӕгас куы уыди, уӕд сӕ йӕ фырт Исахъы цурӕй арвыста+ скӕсӕнырдӕм, Скӕсӕны+ зӕхмӕ. 7 Авраам ӕдӕппӕтӕй фӕцард сӕдӕ ӕвдай фондз азы. 8 Ӕмӕ амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу+. 9 Йӕ фырттӕ Исахъ ӕмӕ Измаил ӕй бавӕрдтой Махпелӕйы лӕгӕты, хеттаг Цохары фырт Ефроны зӕххыл, Мамрейы раз+, 10 Авраам Хеты фырттӕй кӕй балхӕдта, уыцы зӕххыл. Уым бавӕрдтой Авраамы йӕ ус Саррӕйы фарсмӕ+. 11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау арфӕ кодта йӕ фырт Исахъӕн+. Исахъ царди Беер-Лахай-Роимӕ+ хӕстӕг.

12 Авраамӕн Саррӕйы лӕггадгӕнӕг, египетаг Агар кӕй ныййардта+, уыцы фырт Измаилы+ царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

13 Адон сты Измаилы фырттӕ, адонӕй рацыдысты сӕ байзӕддӕгтӕ: Измаилӕн йӕ хистӕр фырт Наваиоф+, стӕй Кедар+, Адбеел, Мивсам+, 14 Мишмӕ, Думӕ, Массӕ, 15 Хадад+, Фемӕ+, Йетур, Нафиш ӕмӕ Кедмӕ+. 16 Уыдон сты Измаилы фырттӕ ӕмӕ дыууадӕс мыггаджы хистӕртӕ+. Кӕм ӕрцардысты ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынӕтты алыварс дурӕй къултӕ кӕм самадтой, уыцы бынӕттӕ дӕр хӕссынц сӕ нӕмттӕ+. 17 Измаил фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы. Ӕмӕ амард, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу+. 18 Йӕ байзӕддӕгтӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Хавилӕйӕ+ суанг Ассирийы онг. Хавилӕ ис Сурмӕ+ хӕстӕг, Египеты акомкоммӕ. Уыдон ӕрцардысты се ’фсымӕрты раз+.

19 Авраамы фырт Исахъы царды хабӕрттӕ та уыдысты афтӕ+.

Авраамӕн райгуырд Исахъ. 20 Исахъыл цыппор азы куы цыди, уӕд ракуырдта сириаг+ Вафуилы+ чызджы, сириаг Лаваны хо Ревеккӕйы, Паддан-Арамӕй. 21 Ӕмӕ Исахъ Йегъовӕйӕн тынг лӕгъстӕ кодта йӕ усы тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ йын зӕнӕг нӕ цыди+. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста+, ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ басывӕрджын. 22 Ӕмӕ йӕ гуыбыны цы лӕппутӕ уыд, уыдон кӕрӕдзийы цӕвын райдыдтой+. Ӕмӕ Ревеккӕ загъта: «Кӕд афтӕ тухӕн кӕндзынӕн, уӕд мӕ фӕлтау цард дӕр нӕ хъӕуы». Гъемӕ ацыд, Йегъовӕйы бафӕрсон, зӕгъгӕ+. 23 Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ гуыбыны ис дыууӕ адӕмы+, ӕмӕ дӕ хуылфӕй рацӕудзӕн дыууӕ хицӕн адӕмыхатты+. Иу адӕмыхатт дзы уыдзӕн иннӕйӕ тыхджындӕр+, ӕмӕ хистӕр лӕггад кӕндзӕн кӕстӕрӕн»+.

24 Уӕдмӕ ӕрхӕццӕ йӕ арыны афон, ӕмӕ йын райгуырд фаззӕттӕ+. 25 Фыццаг сӕ чи рацыд, уый уыди бурхил ӕмӕ йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ хъуынджын уыди, цыма йыл цармӕй дарӕс уыд+, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Исав*+. 26 Уый фӕстӕ та, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ+, рацыд йе ’фсымӕр. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Иаков*+. Лӕппутӕ куы райгуырдысты, уӕд Исахъыл цыди ӕхсай азы.

27 Лӕппутӕ ралӕг сты. Исав сси дӕсны цуанон+ ӕмӕ арӕх цыди цуаны. Иаков та йӕ рӕстӕг фылдӕр ӕрвыста цатырты+, уый уыд сабыр* адӕймаг+. 28 Исахъ фылдӕр уарзта Исавы, уымӕн ӕмӕ йӕ сырды фыдӕй цух нӕ уагъта. Ревеккӕ та фылдӕр уарзта Иаковы+. 29 Иухатт Иаков фыхта хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Исав цуанӕй фӕлладӕй ӕрбаздӕхт. 30 Ӕмӕ Исав Иаковӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын, рӕвдздӕр-ма мын уыцы сырхӕй, уыцы хъӕрмхуыппӕй иу уидыг авӕр! Фырфӕлладӕй мӕ бон нал у!» – Едом* дӕр ӕй уый тыххӕй схуыдтой+. 31 Иаков та йын дзуапп радта: «Ӕрмӕст мын раздӕр хистӕр фырты бартӕ рауӕй кӕн!»+ 32 Уӕд Исав загъта: «Ай мӕнӕ сыдӕй куы фӕмӕлын, уӕд мын цы пайда ис, хистӕр фырт кӕй дӕн, уымӕй?» 33 Иаков та йын загъта: «Раздӕр уал мын расомы кӕн!»+ Ӕмӕ йын Исав дӕр расомы кодта ӕмӕ хистӕр фырты бартӕ Иаковӕн ауӕй кодта+. 34 Ӕмӕ йын уӕд Иаков радта дзул ӕмӕ хъӕдуры* хъӕрмхуыпп, ӕмӕ уый дӕр бахордта ӕмӕ банызта+. Стӕй сыстад ӕмӕ ацыд. Афтӕмӕй Исав хистӕр фырты бартӕ ницӕмӕ ӕрдардта+.

26 Уыцы бӕстӕйы скодта ӕххормаг заман,– фыццаг хатт дзы ӕххормаг заман скодта Авраамы рӕстӕджы+,– ӕмӕ Исахъ ацыд Герармӕ, филистимӕгты паддзах Авимелехмӕ+. 2 Уӕд ӕм Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта+: «Ма ацу Египетмӕ. Дӕ цатыртӕ ӕрӕвӕр, ӕз дын цы зӕххӕй зӕгъон, уым+. 3 Уыцы зӕххыл цӕр ӕрцӕуӕггагӕй+. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын арфӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххытӕ иууылдӕр дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн+, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый+: 4 „Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“+. 5 Ӕз уый сараздзынӕн, Авраам мӕм кӕй хъуыста ӕмӕ йын цыдӕриддӕр дзырдтон, уый кӕй кодта – мӕ фӕдзӕхстытӕ, мӕ амындтӕ ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй»+. 6 Ӕмӕ Исахъ дӕр Герары+ ӕрцард.

7 Уымы адӕм-иу Исахъы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд-иу сын загъта, мӕ хо у, зӕгъгӕ+. Йӕ ус кӕй у, уый зӕгъын нӕ уӕндыд, хъуыды кодта: «Ацы адӕм мӕ Ревеккӕйы тыххӕй амардзысты», уымӕн ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг уыди+. 8 Ӕмӕ Исахъ уым дзӕвгар куы ацард, уӕд дын иу бон филистимӕгты паддзах Авимелех рудзынгӕй ракаст ӕмӕ федта, Исахъ йӕ ус Ревеккӕйыл куыд цинтӕ кӕны, уый+. 9 Уӕд Авимелех Исахъмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд афтӕ цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исахъ ын дзуапп радта: «Афтӕ уымӕн загътон, ӕмӕ тарстӕн, мӕ усы тыххӕй мӕ исчи куы амара»+. 10 Авимелех та йын загъта: «Уый нын цы бакуыстай?+ Гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ мӕ адӕмӕй исчи дӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыдаид, ӕмӕ нӕ уӕд тӕригъӕды бафтыдтаис!»+ 11 Уый фӕстӕ Авимелех йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста: «Ацы адӕймагмӕ ӕмӕ йын йӕ усмӕ чи бавнала, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн!»

12 Уый фӕстӕ Исахъ уым байтыдта хор+, ӕмӕ уыцы аз тыллӕг систа, цы байтыдта, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр+, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта+. 13 Ӕмӕ Исахъ схъӕздыг ӕмӕ йӕ мулк фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, ӕмӕ сси тынг хъӕздыг адӕймаг+. 14 Уыди йӕм фысты дзугтӕ, стурвосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ бирӕ лӕггадгӕнджытӕ+, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой+.

15 Йӕ фыд Авраамы рӕстӕджы йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы цъайтӕ скъахтой+, уыдон филистимӕгтӕ иууылдӕр сыджытӕй байдзаг кодтой+. 16 Ӕмӕ иу бон куы уыди, уӕд Авимелех Исахъӕн загъта: «Сыст ацы бынатӕй, уымӕн ӕмӕ махӕй бирӕ тыхджындӕр сдӕ»+. 17 Ӕмӕ Исахъ дӕр уырдыгӕй сыстад ӕмӕ йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Герары+ дӕлвӕзы ӕмӕ уым ӕрцард. 18 Ӕмӕ йӕ фыд Авраам цы цъайтӕ скъахын кодта, фӕлӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ филистимӕгтӕ сыджытӕй кӕй байдзаг кодтой, уыдон Исахъ ногӕй скъахта+, ӕмӕ та сӕ хонын райдыдта, кӕддӕр сӕ йӕ фыд куыд схуыдта, афтӕ+.

19 Исахъы лӕггадгӕнджытӕ дӕлвӕзы къахын куы райдыдтой, уӕд дзы ссардтой, сыгъдӕг дон кӕм уыди, ахӕм цъай. 20 Уӕд Герары фыййӕуттӕ Исахъы фыййӕуттимӕ схыл сты+, уыцы дон мах у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Исахъ уыцы цъай схуыдта Есек*, йемӕ кӕй хыл кодтой, уый тыххӕй. 21 Уый фӕстӕ та райдыдтой ӕндӕр цъай къахын, фӕлӕ та уый тыххӕй дӕр семӕ схыл сты. Ӕмӕ уӕд уыцы цъай схуыдта Ситнӕ*. 22 Иуцасдӕры фӕстӕ Исахъ уырдыгӕй сыстад ӕмӕ та скъахта ӕндӕр цъай+, фӕлӕ ацы хатт йемӕ нал хыл кодтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы цъай схуыдта Реховоф* ӕмӕ загъта: «Бузныг Йегъовӕйӕн, уый нын радта фаг бынат цӕрынӕн+ ӕмӕ бирӕ байзӕддӕгтӕ ацы зӕххыл»+.

23 Уырдыгӕй Исахъ ацыди Вирсавимӕ+. 24 Ӕмӕ йӕм уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыд Авраамы Хуыцау+. Мацӕмӕй тӕрс+, ӕз демӕ дӕн. Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты мӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы тыххӕй»+. 25 Ӕмӕ Исахъ уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ном ссардта+. Уым ӕрӕвӕрдта йӕ цатыр+ дӕр, ӕмӕ дзы йӕ лӕггадгӕнджытӕ скъахтой цъай.

26 Цасдӕры фӕстӕ йӕм Герарӕй ӕрбацыд Авимелех йе ’нувыд ӕмбал Ахузафимӕ ӕмӕ йе ’фсады хистӕр Фихолимӕ+. 27 Ӕмӕ сын Исахъ загъта: «Уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд мӕм ныр цӕмӕ ӕрбацыдыстут?»+ 28 Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: «Мах ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕ демӕ кӕй ис+. Ӕмӕ ахъуыды кодтам, зӕгъгӕ дын зӕгъӕм афтӕ: „Кӕрӕдзийӕн расомы кӕнӕм+, мах дӕр ӕмӕ ды дӕр, ӕмӕ скӕнӕм бадзырд+: 29 мах дын хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй куыд ницы ракодтам ӕмӕ фарнимӕ куыд ацыдтӕ, афтӕ нын ды дӕр ӕвзӕрӕй кӕй ницы ракӕндзынӕ+. Мах ӕй уынӕм, дӕуӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны“»+. 30 Уӕд сын Исахъ куывд скодта ӕмӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой+. 31 Стӕй дыккаг бон райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн расомы кодтой+. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ Исахъ афӕндараст кодта ӕмӕ сӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыдысты+.

32 Уыцы бон Исахъмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын радзырдтой, цы цъай+ скъахтой, уый тыххӕй ӕмӕ йын загътой: «Дон ссардтам!» 33 Ӕмӕ Исахъ уыцы цъай схуыдта Шивӕ*. Уыцы горӕт абоны онг дӕр Вирсави*+ уымӕн хуыйны.

34 Исавыл цыппор азы куы цыди, уӕд ракуырдта хеттаг Беерийы чызг Йегудифӕйы ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Васемафӕйы+. 35 Уыдон Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты стыр масты хос+.

27 Исахъ куы базӕронд ӕмӕ цӕстӕй куы нал уыдта+, уӕд иу бон йӕ хистӕр фырт Исавмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта+: «Мӕ хъӕбул!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн». 2 Ӕмӕ йын Исахъ загъта: «Ӕз ныр зӕронд дӕн+. Нӕ зонын, цас ма фӕцӕрдзынӕн+. 3 Ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, райс дӕ фатдон ӕмӕ де ’рдын, ацу цуаны ӕмӕ мын сырды фыд ӕрхӕсс+. 4 Ӕмӕ мын дзы скӕн, ӕз кӕй уарзын, уыцы хӕринаг, ӕрбахӕсс мын ӕй, ӕмӕ дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дын раарфӕ кӕнон»+.

5 Ревеккӕ фехъуыста, Исахъ йӕ фырт Исавӕн цы дзырдта, уый. Ӕмӕ Исав цуаны куы ацыд, цӕмӕй сырды фыд ӕрбахастаид+, 6 уӕд Ревеккӕ йӕ лӕппу Иаковӕн загъта+: «Ныртӕккӕ фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавимӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йын куыд загъта, зӕгъгӕ, 7 сырды фыд мын ӕрбахӕсс, хӕрзад хӕринаг мын дзы скӕн, ӕмӕ дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дын Йегъовӕйы раз раарфӕ кӕнон+. 8 Гъемӕ, мӕ хъӕбул, байхъус мӕ ныхасмӕ ӕмӕ дын куыд зӕгъон, афтӕ бакӕн+. 9 Дзугмӕ ауай ӕмӕ мын дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, ӕмӕ ӕз дӕ фыдӕн, цы хӕринаг уарзы, уый скӕнон. 10 Стӕй йӕ дӕ фыдӕн бахӕсдзынӕ, цӕмӕй дзы бахӕра ӕмӕ дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕна».

11 Фӕлӕ Иаков йӕ мад Ревеккӕйӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исавӕн йӕ буар иууылдӕр хъуынджын у, мӕнӕн та – нӕ+. 12 Ӕмӕ мӕ мӕ фыд къухӕй куы басгара+, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын?+ Ӕмӕ уӕд арфӕйы бӕсты мӕхи ӕлгъысты хай фӕкӕндзынӕн»+. 13 Йӕ мад та йын загъта: «Мӕ хъӕбул, уӕд уыцы ӕлгъыст дӕуыл нӕ, фӕлӕ мӕныл уыдзӕн+. Ды мӕ ныхасмӕ байхъус: ацу ӕмӕ дын цы загътон, уый мын ӕрбахӕсс»+. 14 Ӕмӕ уӕд уый дӕр ацыд, ӕрбахаста сӕ, ӕмӕ мад скодта, фыд цы хӕринаг уарзта, уый. 15 Уый фӕстӕ Ревеккӕ райста, хӕдзары йӕ хистӕр фырт Исавӕн+ дзаумайы+ хуыздӕрӕй цы уыди, уыдон ӕмӕ сӕ йӕ кӕстӕр фырт Иаковыл скодта+. 16 Йӕ къухтыл ӕмӕ йын йӕ лӕгъз хъуырыл та стыхта сӕныччыты цӕрмттӕ+. 17 Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг ӕмӕ цы дзул скодта, уыдон йӕ фырт Иаковмӕ радта+.

18 Иаков йӕ фыдмӕ бацыд ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Мӕ фыд!» Уый йын загъта: «О, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ, кӕ?» 19 Уӕд Иаков йӕ фыдӕн загъта: «Дӕ хистӕр фырт Исав+. Куыддӕриддӕр мын загътай, афтӕ бакодтон. Дӕ хорзӕхӕй, сыст, бахӕр сырды фыдӕй, ӕмӕ мын раарфӕ кӕн»+. 20 Ӕмӕ уӕд Исахъ йӕ фырты бафарста: «Мӕ хъӕбул, ӕмӕ афтӕ тагъд куыд бафтыд дӕ къухы?» Уый та йын дзуапп радта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ мын ӕй мӕ размӕ рарвыста». 21 Уӕд Исахъ Иаковӕн загъта: «Хӕстӕг-ма мӕм ӕрбацу, мӕ хъӕбул, ӕз дӕ басгарон ӕмӕ йӕ базонон, ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ ӕви нӕ»+. 22 Иаков дӕр йӕ фыд Исахъмӕ бацыд, уый йӕ ӕрӕсгӕрста ӕмӕ стӕй загъта: «Хъӕлӕс Иаковы хъӕлӕс у, къухтӕ та – Исавы къухтӕ»+. 23 Ӕмӕ йӕ нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты йе ’фсымӕр Исавы къухты хуызӕн хъуынджын. Ӕмӕ йын раарфӕ кодта+.

24 Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О, Исав дӕн»+. 25 Ӕмӕ йын уӕд загъта: «Ӕри-ма, мӕ фырт кӕй ӕрбахаста, уыцы сырды фыдӕй бахӕрон, ӕмӕ дын раарфӕ кӕнон»+. Ӕмӕ йын Иаков хӕринаг йӕ разы ӕрӕвӕрдта ӕмӕ дзы бахордта, радта йын сӕн дӕр ӕмӕ уымӕй дӕр банызта. 26 Ӕмӕ йын уый фӕстӕ йӕ фыд Исахъ загъта: «Хӕстӕгдӕр-ма мӕм ӕрбацу, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын апъа кӕн»+. 27 Уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын апъа кодта, ӕмӕ Исахъы фындзыл ауад йӕ дарӕсы тӕф+. Ӕмӕ йын уӕд раарфӕ кодта:

«Мӕ фыртӕй цӕуы, Йегъовӕ кӕмӕн раарфӕ кодта, уыцы быдырты тӕф. 28 Ӕцӕг Хуыцау дын раттӕд ӕртӕх уӕларвӕй+ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ+, хор ӕмӕ ног сӕн парахатӕй+. 29 Адӕмтӕ дын лӕггад кӕнӕнт, ӕмӕ дын адӕмыхӕттытӕ бакувӕнт+. Де ’фсымӕртӕн у хицау ӕмӕ дын дӕ мадызӕнӕг бакувӕнт+. Чи дӕ ралгъита, уыдон ӕлгъыст фӕуыдзысты, чи дын арфӕ кӕна, уыдон та уыдзысты арфӕгонд»+.

30 Куыддӕр Исахъ Иаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ Иаков йӕ фыды цурӕй ацыд, афтӕ йе ’фсымӕр Исав цуанӕй ӕрбаздӕхт+. 31 Ӕмӕ уый дӕр хӕрзад хӕринаг ацӕттӕ кодта, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Мӕ фыд, сыст, ӕмӕ дын дӕ фырт цы сырды фыд ӕрбахаста, уымӕй бахӕр, ӕмӕ мын раарфӕ кӕн»+. 32 Уӕд ӕй йӕ фыд Исахъ бафарста: «Кӕцы дӕ?» Ӕмӕ йын уый дзуапп радта: «Дӕ хистӕр фырт дӕн, Исав»+. 33 Исахъ уый куы фехъуыста, уӕд фыркатайӕ ныззыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Ӕмӕ уӕд цуаны та чи уыди ӕмӕ мын сырды фыд чи ӕрбахаста? Де ’рбацыды размӕ дзы куы бахордтон ӕмӕ уымӕн куы раарфӕ кодтон. Уый уыдзӕн арфӕгонд!»+

34 Исав йӕ фыды ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ хъӕлӕсыдзаг ныббогъ кодта ӕмӕ йӕ фыдӕн загъта+: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд, мӕнӕн дӕр!»+ 35 Фӕлӕ йын уый загъта: «Де ’фсымӕр мыл хинӕй рацыд, цӕмӕй дын дӕ арфӕ байстаид»+. 36 Уӕд Исав загъта: «Уӕдӕ Иаков дзӕгъӕлы хуыйны? Ныр дыууӕ хатты фӕци мӕ разӕй+. Фыццаг мын хистӕр фырты бартӕ байста+, ныр та мӕ арфӕдзинад дӕр!»+ Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Мӕнӕн дӕм ницы арфӕдзинад баззад?» 37 Фӕлӕ йын Исахъ дзуапп радта: «Дӕуӕн ӕй хицауӕй сӕвӕрдтон+ ӕмӕ йын загътон, йе ’фсымӕртӕ йын се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнджытӕ кӕй уыдзысты+. Хор ӕмӕ ног сӕны бӕркад дӕр уымӕн радтон+. Ӕмӕ ма дӕуӕн та цы акӕнон, мӕ хъӕбул?»

38 Уӕд Исав йӕ фыдӕн загъта: «Ау, иу арфӕдзинад йеддӕмӕ дӕм нӕ уыди? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд, мӕнӕн дӕр!»+ Ӕмӕ тынг ныккуыдта+. 39 Йӕ фыд Исахъ та йын дзуапп радта:

«Ды уӕларвон ӕртӕхӕй ӕмӕ сойджын зӕххытӕй цӕрдзынӕ дард+. 40 Цӕрдзынӕ дӕ хъамайы фӕрцы+ ӕмӕ де ’фсымӕрӕн лӕггад кӕндзынӕ+. Фӕлӕ иу бон йӕ ныхмӕ сыстдзынӕ ӕмӕ йын йе ’фсондз дӕ бӕрзӕйӕ раппардзынӕ»+.

41 Ӕмӕ Исав Иаковмӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдыдта, йӕ фыд уымӕн кӕй раарфӕ кодта+, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕхицӕн дзырдта+: «Мӕ фыд бирӕ нал ахӕсдзӕн ӕмӕ уал ӕй бавӕрон*+. Ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Иаковы»+. 42 Ныр Ревеккӕйӕн радзырдтой йӕ хистӕр фырт Исавы ныхӕстӕ. Ӕмӕ уайтагъд йӕ кӕстӕр фырт Иаковмӕ арвыста, ӕмӕ йӕм куы ’рбацыд, уӕд ын загъта: «Де ’фсымӕр Исав дӕуӕй афтӕ зӕгъы, амардзынӕн, дам, ӕй+. 43 Гъемӕ, мӕ хъӕбул, мӕ ныхасмӕ байхъус: фӕлидз+ Харранмӕ, ме ’фсымӕр Лаванмӕ+. 44 Ӕмӕ уал уым ацӕрдзынӕ, цалынмӕ де ’фсымӕр не ’рсабыр уа+ 45 ӕмӕ йӕ маст не ссӕуа ӕмӕ йын цы сарӕзтай, уый дзы нӕ ферох уа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ дӕм уӕд ӕз арвитдзынӕн ӕмӕ дӕ уырдыгӕй ӕркӕндзынӕн. Уӕ дыууӕйӕ дӕр иу бон ӕнӕхай цӕмӕн хъуамӕ фӕуон?»

46 Уый фӕстӕ Ревеккӕ Исахъӕн загъта: «Хеты чызджыты тыххӕй мын мӕ цард сӕнад+. Ӕмӕ ма Иаков дӕр ардыгӕттӕй, хеттаг чызджытӕй, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, искӕй куы ракура, уӕд ма мӕ цард цы у?»+

28 Уӕд Исахъ фӕдзырдта Иаковмӕ, раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Ханаайнаг чызг ма ракур+. 2 Фӕлӕ ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мадыфыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй иуы ракур+. 3 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау дын раарфӕ кӕндзӕн, ратдзӕн дын бирӕ зӕнӕг ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзӕн, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ+. 4 Ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта+, уыдон ратдзӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн+ дӕр, цӕмӕй дӕу бауа, ӕрцӕуӕггаг+ кӕуыл дӕ ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕй радта, уыцы зӕхх»+.

5 Уыйадыл Исахъ арвыста Иаковы, ӕмӕ уый араст Паддан-Араммӕ, сириаг Вафуилы фырт Лаванмӕ+ – Иаков ӕмӕ Исавы+ мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ+.

6 Исав федта, Исахъ Иаковӕн кӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ ус курынмӕ Паддан-Араммӕ кӕй арвыста, ӕмӕ йын куы раарфӕ кодта, уӕд ын кӕй бафӕдзӕхста, ханаайнаг чызг ма ракур, зӕгъгӕ+. 7 Федта уый дӕр, ӕмӕ Иаков йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ кӕй ацыд Паддан-Араммӕ+. 8 Ӕмӕ уӕд Исав бамбӕрста, ханаайнаг чызджытӕ йӕ фыд Исахъы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц+. 9 Ӕмӕ ацыд Измаилы хӕдзармӕ, ӕмӕ ма йӕхи устытӕй уӕлдай ноджыдӕр ракуырдта+ Махалафӕйы, Авраамы фырт Измаилы чызджы, Наваиофы хойы.

10 Иаков та ацыд Вирсавийӕ ӕмӕ йӕ фӕндаг сарӕзта Харранмӕ+. 11 Цасдӕры фӕстӕ бахӕццӕ иу бынатмӕ ӕмӕ, хур кӕй аныгуылд, уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕв уым баззад. Уыцы ран цы дуртӕ уыди, уыдонӕй иу райста, йӕ сӕры бын ӕй бакодта ӕмӕ ӕрхуыссыд+. 12 Ӕмӕ фыны федта+, цыма зӕххыл лӕууы асин, йӕ кӕрон та ӕндзӕвы арвыл, ӕмӕ уыцы асиныл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ ӕмӕ дӕлӕмӕ хизынц+. 13 Асины сӕрмӕ та лӕууы Йегъовӕ ӕмӕ дзуры+:

«Ӕз дӕн Йегъовӕ, дӕ фыд Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исахъы Хуыцау+. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ӕз ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн+. 14 Ӕмӕ зӕххыл рыг куыд бирӕ ис, афтӕ сбирӕ уыдзӕн дӕ байзӕддаг+, ӕмӕ дӕ цот ахӕлиу уыдзысты скӕсӕнырдӕм ӕмӕ ныгуылӕнырдӕм, цӕгатырдӕм ӕмӕ хуссарырдӕм+. Ӕмӕ дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр+. 15 Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕ дӕ фӕндагыл алы ран дӕр хъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, цы дын загътон, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзынӕн»+.

16 Иаков куы райхъал, уӕд загъта: «Йегъовӕ ацы бынаты куы ис, ӕмӕ йӕ ӕз та куы нӕ зыдтон». 17 Ӕмӕ дзы тас бацыд ӕмӕ загъта+: «Ацы бынат адӕймагыл мӕнӕ цы тас ӕфтауы!+ Ай ӕнӕмӕнг Хуыцауы хӕдзар+ у, ай у арвы дуар». 18 Гъемӕ райсомӕй раджы сыстад, йӕ сӕры бын цы дур уыди, уый райста, зӕххы йӕ нысанӕн ӕрсагъта ӕмӕ йыл сой рауагъта+. 19 Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Вефил*+. Раздӕр та уыцы горӕт хуынди Луз+.

20 Уыцы ран Иаков расомы кодта+: «Кӕд Хуыцау мемӕ уа ӕмӕ мӕ мӕ фӕндагыл хъахъхъӕна, дзул ӕмӕ мын уӕлӕдарӕс дӕтта+, 21 ӕмӕ кӕд мӕ фыды хӕдзарыл фӕстӕмӕ дзӕбӕхӕй сӕмбӕлон, уӕд ӕй базондзынӕн, Йегъовӕ мӕ Хуыцау кӕй у*+. 22 Ӕмӕ, зӕххы нысанӕн кӕй ӕрсагътон, уыцы дур суыдзӕн Хуыцауы хӕдзар+, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр раттай, уыдонӕй алцӕмӕй дӕр дӕсӕм хай ратдзынӕн дӕуӕн»+.

29 Уый фӕстӕ Иаков уырдыгӕй дарддӕр араст, Скӕсӕны адӕм кӕм цардысты, уыцы зӕхмӕ+. 2 Ӕмӕ иу ран кӕсы, ӕмӕ быдыры цъай. Цъайы раз хуыссыд фыстӕ, ӕртӕ дзуджы, уымӕн ӕмӕ-иу сын фыййӕуттӕ дон уырдыгӕй истой+. Цъайы сӕрыл та ӕвӕрд уыди стыр дур+. 3 Фысты дзугтӕ-иу иууылдӕр уырдӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ цъайы сӕрӕй дур афӕлдӕхтой ӕмӕ-иу фыстӕн дон радтой. Стӕй-иу дур фӕстӕмӕ цъайы сӕрыл бафӕлдӕхтой.

4 Ӕмӕ сӕ Иаков бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Уыдон ын загътой: «Харранӕй»+. 5 Уӕд сӕ Иаков бафарста: «Ӕмӕ Нахоры фыртыфырт+ Лаваны+ нӕ зонут?» Уыдон ын загътой: «Зонӕм». 6 Ӕмӕ сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ дзӕбӕх, ӕнӕниз у?»+ Уыдон та йын дзуапп радтой: «О, дзӕбӕх у. Уӕртӕ йӕ чызг Рахил+ дӕр йӕ фыстимӕ ӕрбацӕуы»+. 7 Иаков та сын загъта: «Изӕрмӕ нырма бирӕ куы ис ӕмӕ фос ӕмбырд кӕнын афон куы нӕма у. Дон сын раттут ӕмӕ уал сӕ хизынмӕ атӕрут»+. 8 Уыдон та йын загътой: «Дзугтӕ иууылдӕр куы ӕрӕмбырд уой ӕмӕ цъайы сӕрӕй дур куы афӕлдахой, уӕд сын ратдзыстӕм дон. Уӕдмӕ нӕ бон нӕу».

9 Иаков ма фыййӕуттимӕ ныхас кодта, афтӕ Рахил+ дӕр йӕ фыды фыстимӕ ӕрбацыд – уый-иу сӕ хызта+. 10 Ӕмӕ Иаков йӕ мадыфсымӕр Лаваны чызг Рахилы фыстимӕ куы федта, уӕд бауад, цъайы сӕрӕй дур афӕлдӕхта ӕмӕ йӕ мадыфсымӕр Лаваны фыстӕн дон радта+. 11 Уый фӕстӕ Рахилӕн апъа кодта+ ӕмӕ ныккуыдта+. 12 Ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕ фыды ӕфсымӕр*+ дӕн, Ревеккӕйы лӕппу. Уӕд Рахил сӕхимӕ азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн радзырдта+.

13 Лаван йӕ хӕрӕфырт Иаковы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд йӕ размӕ азгъордта+, ныттыхсти йыл, апъа йын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ бакодта+. Ӕмӕ йын Иаков йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта. 14 Уый фӕстӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕнӕн мӕ туг, ме стӕг* дӕ»+. Ӕмӕ Иаков Лаванмӕ иу мӕй фӕцард.

15 Уый фӕстӕ йын Лаван загъта: «Ныр кӕд ме ’фсымӕр+ дӕ, уӕд мын хъуамӕ лӕвар кусай?+ Зӕгъ мын, дӕ куысты тыххӕй дӕ цы хъӕуы?»+ 16 Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы. Хистӕр хуынди Лийӕ+, кӕстӕр та – Рахил. 17 Лийӕйӕн рӕсугъд цӕстытӕ нӕ уыд, Рахил+ та уыди рӕсугъд ӕмӕ хӕрзконд+. 18 Ӕмӕ Иаков Рахилы бауарзта. Гъемӕ Лаванӕн загъта: «Авд азы дын кусдзынӕн дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй»+. 19 Уӕд ын Лаван загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ фӕлтау дӕуӕн ратдзынӕн+. Цӕр мӕнмӕ». 20 Ӕмӕ Иаков Рахилы тыххӕй фӕкуыста авд азы+, фӕлӕ йӕм уыцы авд азы фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзта+.

21 Ӕмӕ уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Куыд баныхас кодтам, афтӕ дын авд азы бакуыстон. Ныр мын ратт мӕ усы, ӕмӕ йемӕ бацӕрон»+. 22 Ӕмӕ Лаван чындзӕхсӕв скодта ӕмӕ ӕрхуыдта йӕ алыварс цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр+. 23 Фӕлӕ изӕры Иаковмӕ бакодта йӕ чызг Лийӕйы, ӕмӕ Иаков йемӕ ӕмуат ӕрцыд. 24 Лаван йӕ чызг Лийӕйӕн лӕггадгӕнӕгӕй радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы+. 25 Ӕмӕ райсомӕй Иаков кӕсы, ӕмӕ йӕ фарсмӕ Лийӕ! Ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дын Рахилы тыххӕй нӕ куыстон? Цӕмӕн мӕ фӕсайдтай?»+ 26 Лаван та йын дзуапп радта: «Ам, махмӕ, хистӕр чызджы разӕй кӕстӕры чындзы нӕ фӕдӕттынц. 27 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уыимӕ ӕнӕхъӕн къуыри арвит+. Уый фӕстӕ дын ратдзыстӕм иннӕйы дӕр, ӕмӕ мын уый тыххӕй бакусдзынӕ ноджыдӕр авд азы»+. 28 Иаков дӕр афтӕ бакодта. Ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Лийӕимӕ уыцы къуыри ӕнӕхъӕнӕй куы арвыста, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахилы дӕр. 29 Ӕмӕ Лаван Рахилӕн лӕггадгӕнӕгӕй радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕйы+.

30 Гъемӕ Иаков ӕмуат ӕрцыд Рахилимӕ дӕр. Ӕмӕ Рахилы уарзта Лийӕйӕ фылдӕр+. Ӕмӕ ма Лаванӕн куыста ноджыдӕр авд азы+. 31 Йегъовӕ федта, Иаков Лийӕйы къаддӕр кӕй уарзы*, ӕмӕ йын радта зӕнӕг+. Рахилӕн та зӕнӕг нӕ цыди+. 32 Лийӕ басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Рувим*+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Йегъовӕ федта, куыд ӕнамонд дӕн+, уый, ӕмӕ мӕ ныр мӕ лӕг бауарздзӕн». 33 Ӕмӕ та басывӕрджын ӕмӕ йын ноджыдӕр райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ фехъуыста+, мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы*, уый, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Ӕмӕ йӕ схуыдта Симеон*+. 34 Ӕмӕ та ногӕй басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕй уарздзӕн, уымӕн ӕмӕ йын ныййардтон ӕртӕ фырты». Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Леви*+. 35 Лийӕ ма ноджыдӕр басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Ныр ӕз Йегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ скадджын кӕнон!» Иудӕ*+ дӕр ӕй уымӕн схуыдта. Уый фӕстӕ йын цасдӕр зӕнӕг нал цыди.

30 Рахил та Иаковӕн иу сывӕллон дӕр нӕ ныййардта, ӕмӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ Иаковӕн загъта+: «Ратт мын сывӕллӕттӕ. Афтӕмӕй ӕз цӕй сылгоймаг дӕн – удӕгасӕй мард»+. 2 Иаков Рахилмӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йын загъта+: «Исты ӕз Хуыцау дӕн? Хуыцау дын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕз та цы аххосджын дӕн?»+ 3 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕнӕ дын мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ+. Йемӕ ӕмуат ӕрцу, цӕмӕй мын* ныййара сывӕллӕттӕ, ӕмӕ мӕнӕн дӕр уа цот»+. 4 Гъемӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕг Валлӕйы усӕн радта, ӕмӕ Иаков йемӕ ӕмуат ӕрцыд+. 5 Ӕмӕ Валлӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу+. 6 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Мӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау мӕм ӕркаст+ ӕмӕ мын мӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ мын радта лӕппу». Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдта Дан*+. 7 Ӕмӕ та Рахилы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕ ногӕй басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу дӕр. 8 Ӕмӕ уӕд Рахил загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн мӕ хоимӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн!» Ӕмӕ уый тыххӕй лӕппуйы схуыдта Неффалим*+.

9 Ныр Лийӕйӕн зӕнӕг куы нал цыди, уӕд уый дӕр Иаковӕн усӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы+. 10 Ӕмӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг Зелфӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу. 11 Ӕмӕ уӕд Лийӕ загъта: «Амонд мӕм бахудт!» Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Гад*+. 12 Уый фӕстӕ Лийӕйы лӕггадгӕнӕг Зелфӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу дӕр. 13 Ӕмӕ уӕд Лийӕ загъта: «Мӕнӕ цы амондджын дӕн! Ныр мӕ сылгоймӕгтӕ хондзысты амондджын»+. Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Асир*+.

14 Иу бон, мӕнӕугӕрдӕн афон+, Рувим+ ацыди быдырмӕ ӕмӕ дзы ссардта мандрагорӕтӕ*. Ӕмӕ сӕ йӕ мад Лийӕйӕн ӕрбахаста. Уӕд Рахил Лийӕйӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕ фырт кӕй ӕрбахаста, уыцы мандрагорӕтӕй-ма мын авӕр»+. 15 Фӕлӕ йын Лийӕ дзуапп радта: «Мӕ лӕджы+ мын кӕй байстай, уый дын фаг нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ фырты мандрагорӕтӕ дӕр исыс?» Ӕмӕ йын уӕд Рахил загъта: «Дӕ фырты мандрагорӕтӕй мын ратт, ӕмӕ ахсӕв Иаков уыдзӕн демӕ».

16 Изӕры Иаков быдырӕй куы ’рбаздӕхт+, уӕд Лийӕ йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ахсӕв мемӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕ лӕппуйы мандрагорӕтӕй балхӕдтон». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Иаков баззад йемӕ+. 17 Хуыцау фехъуыста Лийӕйы, ӕмӕ Лийӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм лӕппу+. 18 Ӕмӕ Лийӕ загъта: «Хуыцау мын хӕрзиуӕг ракодта, мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы мӕ лӕгӕн кӕй радтон, уый тыххӕй». Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Иссахар*+. 19 Уый фӕстӕ та Лийӕ ногӕй басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм лӕппу+. 20 Ӕмӕ загъта: «Хуыцау мын диссаджы лӕвар ракодта. Ныр мӕм мӕ лӕг хуыздӕр цӕстӕй кӕсдзӕн*+, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон»+. Ӕмӕ уый тыххӕй лӕппуйы схуыдта Завулон*+. 21 Уый фӕстӕ та йын райгуырд чызг ӕмӕ йӕ схуыдта Динӕ+.

22 Уӕд Хуыцауӕн Рахил йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд ӕмӕ йын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ йын зӕнӕг радта+. 23 Рахил басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Хуыцау мӕ мӕ худинагӕй фервӕзын кодта!»+ 24 Ӕмӕ лӕппуйы схуыдта Иосиф*+, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Йегъовӕ ма мын ноджыдӕр иу лӕппу радта».

25 Рахилӕн Иосиф куы райгуырд, уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ацӕуон+. 26 Ратт мын мӕ устыты, кӕй тыххӕй дын фӕкуыстон, уыдоны, ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ ацӕуон. Куыд дын фӕкуыстон, уый дӕхӕдӕг дӕр хорз зоныс»+. 27 Уӕд ын Лаван загъта: «Курӕг дӕ дӕн, ма ацу, лӕуу ам мемӕ. Ӕз ӕй уынын, Йегъовӕ мын дӕу тыххӕй кӕй арфӕ кӕны»+. 28 Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр загъта: «Дӕ куысты тыххӕй дӕ цы хъӕуы, уый мын зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн»+. 29 Ӕмӕ йын уӕд Иаков загъта: «Хорз ӕй зоныс, куыд дын куыстон ӕмӕ дын дӕ фосмӕ куыд кастӕн+. 30 Раздӕр дӕм фос бирӕ нӕ уыд, ныр та дын сбирӕ сты, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕз куы ’рцыдтӕн, уӕд дын Йегъовӕ раарфӕ кодта+. Мӕхи бинонтӕн та ма кӕд цы сараздзынӕн?»+

31 Ӕмӕ та йӕ уӕд Лаван бафарста: «Омӕ мын зӕгъ, цы дӕ хъӕуы?» Ӕмӕ йын Иаков дзуапп радта: «Ницы мӕ хъӕуы+. Ӕрмӕст дын цы зӕгъон, уый мын сараз, ӕмӕ та дын хиздзынӕн дӕ фос+. Хъахъхъӕндзынӕн та дын сӕ+. 32 Абон ӕрзилӕм дӕ дзугыл, ӕмӕ дзы рахицӕн кӕн тӕппытӕ ӕмӕ хъулон фысты, морӕ фырыты, стӕй хъулон ӕмӕ тӕппытӕ сӕгъты се ’ппӕты дӕр. Амӕй фӕстӕмӕ ахӕм фос уыдзысты мӕ мызд+. 33 Цы мын бафыстай, уый уынынмӕ кӕдфӕнды ма ’рцӕуай, фендзынӕ йӕ, кӕй дӕ нӕ сайын+. Кӕд мӕ фосимӕ, тӕппытӕ ӕмӕ хъулон чи нӕу, ахӕм сӕгъ разына, стӕй, морӕ чи нӕу, ахӕм фыр, уӕд сӕ нымай давӕггагыл»+.

34 Ӕмӕ уӕд Лаван загъта: «Хорз, разы дӕн! Куыд загътай, афтӕ уӕд»+. 35 Ӕмӕ уыцы бон Лаван ахицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ хъулон цӕуты, сӕгътӕй дӕр тӕппытӕ ӕмӕ хъулон чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр, фырытӕй гыццыл урс дӕр кӕуыл уыди, уыдоны, стӕй морӕ фырыты дӕр се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ йӕ фыртты бар бакодта. 36 Ӕмӕ сӕ атардта, Иаковӕй ӕртӕ боны цыд кӕдӕм уыд, ахӕм ранмӕ. Иаков та хызта Лаваны иннӕ фос.

37 Уӕд Иаков райста стираксбӕласы+, миндалбӕласы+ ӕмӕ платанбӕласы+ ногконд уистӕ ӕмӕ сын ранӕй-рӕтты сӕ цъар растыгъта, сӕ урс куыд разындаид, афтӕ+. 38 Стӕй уыцы уистӕ сӕвӕрдта фосы раз, дон нуазынмӕ-иу кӕдӕм ӕрбацыдысты, уыцы къанаугӕндты ӕмӕ дондарӕн бӕлӕгъты+, цӕмӕй-иу фос уым схъазыдаиккой.

39 Гъемӕ-иу фос уисты раз схъазыдысты, ӕмӕ-иу ныззадысты гӕрӕм, тӕппытӕ ӕмӕ хъулон уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ+. 40 Иаков-иу рахицӕн кодта фырыты ӕмӕ-иу стӕй дзугтӕ афтӕ фездӕхта, цӕмӕй-иу Лаваны фос кастаиккой гӕрӕм ӕмӕ морӕ фосы ’рдӕм. Уый фӕстӕ Иаков йӕхи дзугтӕ дардта хицӕнӕй, Лаваны фосимӕ йын нӕ уыдысты. 41 Дзӕбӕх+ фос-иу куы хъазыдысты, уӕд-иу сын Иаков алы хатт дӕр къанаугӕндты+ сӕ разы уистӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу уым схъазыдаиккой. 42 Лӕмӕгъ фос-иу куы хъазыдысты, уӕд та-иу сын сӕ разы уистӕ нӕ сӕвӕрдта. Гъемӕ-иу лӕмӕгъ фос алы хатт дӕр ӕрхаудтой Лаванмӕ, дзӕбӕх фос та – Иаковмӕ+.

43 Ӕмӕ Иаков хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кодта: уыдис ӕм стыр дзугтӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+.

31 Цасдӕры фӕстӕ Иаков фехъуыста, Лаваны фырттӕ цы дзырдтой, уый: «Нӕ фыдмӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон Иаков йӕхи бакодта ӕмӕ нӕ фыды фӕллойӕ схъӕздыг»+. 2 Иаков ма уыдта уый дӕр, ӕмӕ йӕм Лаван раздӕрау хорз цӕстӕй кӕй нал каст+. 3 Ӕмӕ иу бон Йегъовӕ Иаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕм+. Ныронг куыд уыдтӕн демӕ, афтӕ дарддӕр дӕр демӕ уыдзынӕн»+. 4 Уӕд Иаков арвыста Рахил ӕмӕ Лийӕмӕ, цӕмӕй йӕм, йӕ дзугтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм быдырмӕ ӕрбацыдаиккой. 5 Ӕмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын загъта:

«Ӕз уынын, уӕ фыд мӕм раздӕрау хорз цӕстӕй кӕй нал кӕсы+. Фӕлӕ мӕ фыды Хуыцау мемӕ ис+. 6 Уӕхӕдӕг дӕр ӕй зонут, мӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрстон, афтӕмӕй кӕй куыстон уӕ фыдӕн+. 7 Уый та мыл сайдӕй цыди, цӕуыл баныхас кодтам, уый дӕс хатты аивта. Фӕлӕ йӕ Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн зиан ракӕнын+. 8 Афтӕ-иу куы загъта, зӕгъгӕ, тӕппытӕ фос уыдзысты дӕу, уӕд-иу фос иууылдӕр ныззадысты тӕппытӕ уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ. Афтӕ-иу куы загъта, гӕрӕмтӕ фос уыдзысты дӕу, уӕд та-иу ӕппӕт фос дӕр ныззадысты гӕрӕм уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ+. 9 Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыдӕн йӕ фосы дзугтӕ байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта+. 10 Иухатт, фосӕн се схъазыны афон, ахӕм фын федтон+, цыма сӕгътӕ кӕмӕй схъазыдысты, уыцы цӕутӕ уыдысты гӕрӕмтӕ, тӕппытӕ ӕмӕ хъулӕттӕ+. 11 Ӕмӕ мӕм уӕд фыны фӕзынд ӕцӕг Хуыцауы зӕд ӕмӕ мӕм бадзырдта: „Иаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Мӕнӕ дӕн“+. 12 Ӕмӕ мын загъта: „Дӕ хорзӕхӕй, акӕс-ма, уӕртӕ сӕгътыл чи гӕпп кӕны, уыцы цӕутӕм. Иууылдӕр сты гӕрӕмтӕ, тӕппытӕ ӕмӕ хъулӕттӕ, уымӕн ӕмӕ ӕз уынын, Лаван дын цытӕ кӕны, уый+. 13 Ӕз дӕн ӕцӕг Хуыцау, Вефилы+ дӕм чи фӕзынд, уыцы Хуыцау. Уым ды дур нысанӕн сӕвӕрдтай ӕмӕ йыл сой рауагътай*+ ӕмӕ мын расомы кодтай+. Ныр сыст ацы зӕххӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕ райгуырӕн зӕхмӕ аздӕх“»+.

14 Ӕмӕ йын уӕд Рахил ӕмӕ Лийӕ дзуапп радтой: «Уӕвгӕ ма нӕм нӕ фыды хӕдзарӕй исты хауы?+ 15 Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ кӕй нымайы, уый бӕрӕг нӕу? Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ мах тыххӕй цы ӕхца райста, уыдонӕй цӕры+. 16 Уӕдӕ Хуыцау нӕ фыдӕй цы хъӕздыгдзинад байста, уый иууылдӕр у мах ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты+. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ бакӕн»+.

17 Ӕмӕ уӕд Иаков сыстад, йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕ устыты теуатыл сбадын кодта+, 18 йӕ разӕй атардта йӕ фосы дзугтӕ иууылдӕр, Паддан-Арамы цы дзугтӕ скодта, уыдон, рахаста, цыдӕриддӕр ӕм мулк ӕрӕмбырд, уый+ ӕмӕ араст Ханааны зӕхмӕ, йӕ фыд Исахъмӕ+.

19 Лаван та уыцы рӕстӕг хӕдзары нӕ уыди, йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ ацыд. Ӕмӕ Рахил радавта йӕ фыды терафимты*+. 20 Иаков асайдта сириаг Лаваны, ницы йын загъта, афтӕмӕй ацыд. 21 Иаков алыгъд, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уыимӕ. Ӕмӕ бахӕццӕ Стыр цӕугӕдонмӕ*+ ӕмӕ йӕ сӕрты ахызт. Уырдыгӕй та араст Галаады хӕхбӕсты ’рдӕм+. 22 Ӕртыккаг бон Лаванӕн фӕхабар кодтой, Иаков алыгъд, зӕгъгӕ. 23 Гъемӕ йе ’фсымӕрты йемӕ ракодта ӕмӕ йӕ фӕстейӕ асырдта+, ӕмӕ йӕ авд боны фӕстӕ Галаады хӕхбӕсты баййӕфта. 24 Фӕлӕ уым ӕхсӕвы Хуыцау сириаг Лаванмӕ+ фыны фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Кӕс, Иаковы ма бахъыгдар»+.

25 Иаков йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Галаады хӕхбӕсты, ӕмӕ йӕ Лаван уым баййӕфта, ӕмӕ уый дӕр йе ’фсымӕртимӕ йӕ цатыртӕ уым ӕрӕвӕрдта. 26 Ӕмӕ Лаван Иаковӕн загъта: «Уый цы сарӕзтай? Цӕмӕн мӕ асайдтай? Мӕ чызджыты мын цыма хӕсты уацары райстай, уыйау сӕ куы ракодтай+. 27 Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, цӕмӕн мӕ асайдтай ӕмӕ мын цӕуылнӕ исты загътай? Ӕз дӕ хъазгӕ-заргӕйӕ+, далайы ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдимӕ арвыстаин+. 28 Уый фадат дӕр мын нӕ радтай, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ мӕ чызджытӕн апъа кодтаин+. Ды ӕнӕзонд ми бакодтай. 29 Ныр уын мӕ бон у маст скӕнын+, фӕлӕ уӕ фыды Хуыцау дысон мемӕ фыны ныхас кодта ӕмӕ мӕ бафӕдзӕхста: „Кӕс, Иаковы ма бахъыгдар“+. 30 Ӕмӕ уый хорз, дӕ фыды хӕдзар ӕрымысыдтӕ ӕмӕ рацыдтӕ, фӕлӕ ма мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»+

31 Иаков Лаванӕн дзуапп радта: «Афтӕ уымӕн бакодтон, ӕмӕ тарстӕн+, дӕ чызджыты куы байсай, уымӕй. 32 Дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый та удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн+. Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый не ’фсымӕрты раз дӕхӕдӕг фен, ӕмӕ сӕ кӕд ссарай, уӕд сӕ ахӕсс»+. Иаков та нӕ зыдта, Рахил сӕ кӕй радавта, уый+. 33 Гъемӕ Лаван бацыд Иаковы цатырмӕ, стӕй Лийӕйы цатырмӕ, федта дыууӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы цатыры дӕр+, фӕлӕ сӕ не ссардта. Лийӕйы цатыры сӕ куы бацагуырдта, уӕд бацыд Рахилы цатырмӕ. 34 Фӕлӕ Рахил уыцы терафимты райста, теуайы саргъы дзыппы сӕ сӕвӕрдта ӕмӕ сыл сбадти. Лаван ӕнӕхъӕн цатыры дӕр фӕрацагур-бацагур кодта, фӕлӕ ницы ссардта. 35 Ӕмӕ уӕд Рахил йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ фыд+, ма мӕм смӕсты у, дӕ разы кӕй нӕ сыстадтӕн, уый тыххӕй. Мӕ бон нӕу, сылгоймагӕн куыд вӕййы, афтӕ нӕфӕразгӕ дӕн»+. Гъемӕ Лаван алы ран дӕр фӕцагуырдта, фӕлӕ терафимты не ссардта+.

36 Уӕд Иаков смӕсты+ ӕмӕ Лаванимӕ хыл кӕнын райдыдта. Ӕмӕ йын загъта: «Ӕвзӕрӕй дын цы ракодтон?+ Цавӕр тӕригъӕд мыл ис, ӕмӕ мӕ фӕдыл зилай?+ 37 Цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдон иууылдӕр басгӕрстай, ӕмӕ дзы дӕу цы у, ахӕмӕй исты ссардтай?+ Кӕд о, уӕд ӕй ам ме ’фсымӕрты ӕмӕ де ’фсымӕрты раз ӕрӕвӕр+, ӕмӕ йӕ уыдон равзарӕнт, нӕ дыууӕйӕ раст чи у, уый+. 38 Дыууын азы дӕм фӕцардтӕн. Дӕ фыстӕй ӕмӕ дӕ сӕгътӕй иу дӕр никуы фефтыдта+. Дӕ фырытӕй дын никуы бахордтон. 39 Сырд-иу кӕй бахордта, уый дӕр дӕумӕ никуы ӕрбахастон+. Йӕ аргъ дын-иу бафыстон. Фосӕй-иу бонӕй адавтаиккой ӕви ӕхсӕвы,– мӕнӕй-иу ӕй агуырдтай+. 40 Бонӕй мӕ хур сыгъта, ӕхсӕв та уазалӕй мардтӕн, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъд+. 41 Афтӕмӕй дыууын азы арвыстон дӕ хӕдзары. Цыппӕрдӕс азы дын дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй фӕкуыстон, ӕхсӕз азы та – дӕ фосы тыххӕй. Ды та, цӕуыл баныхас кодтам, уый дӕс хатты аивтай+. 42 Ӕмӕ мӕ фыды Хуыцау+, Авраамы Хуыцау ӕмӕ, Исахъ кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау+, мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныр дӕр афтидкъухӕй арвитис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта мӕ тухитӕ ӕмӕ мӕ фыдӕбон, ӕмӕ дын дысон бауайдзӕф кодта»+.

43 Уӕд Лаван Иаковӕн загъта: «Ацы чызджытӕ мӕ чызджытӕ сты, сывӕллӕттӕ дӕр мӕ сывӕллӕттӕ сты, уӕдӕ ацы фос дӕр мӕн сты, ӕмӕ цыдӕриддӕр уыныс, уыдон иууылдӕр мӕн ӕмӕ мӕ чызджыты сты. Ӕмӕ ныр ӕз мӕ чызджытӕн кӕнӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕвзӕрӕй цы хъуамӕ саразон? 44 Цӕй ӕмӕ бадзырд+ скӕнӕм, ӕмӕ уый уыдзӕн ӕвдисӕн нӕ дыууӕйы ’хсӕн»+. 45 Ӕмӕ уӕд Иаков дур райста ӕмӕ йӕ зӕххы нысанӕн ӕрсагъта+. 46 Уый фӕстӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Дуртӕ-ма ӕрӕмбырд кӕнут!» Уыдон дӕр дуртӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл самадтой+. Ӕмӕ стӕй уыцы дурты сӕрыл къӕбӕр бахордтой. 47 Уыцы дурты цӕнд Лаван схуыдта Йегар-Сагадуфӕ*, Иаков та йӕ схуыдта Галаад*.

48 Ӕмӕ Лаван загъта: «Абон ацы дурты цӕнд у ӕвдисӕн нӕ дыууӕйы ’хсӕн». Уый тыххӕй йӕ схуыдтой Галаад+ дӕр, 49 стӕй Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дӕр, уымӕн ӕмӕ Лаван загъта: «Кӕрӕдзийӕ дард куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ хъахъхъӕнӕд нӕ алы къахдзӕф дӕр+. 50 Мӕ чызджыты мын куы ’фхӕрай+ ӕмӕ ма уыдонӕй уӕлдай ӕндӕр устытӕ куы ’рхӕссай, уӕд ӕй зон: уый адӕмӕй ӕппындӕр куы ничи фена, уӕддӕр ӕй Хуыцау фендзӕн – уый у ӕвдисӕн нӕ дыууӕйы ’хсӕн»+. 51 Лаван ма Иаковӕн ноджыдӕр загъта: «Мӕнӕ ис ацы дурты цӕнд ӕмӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн нысанӕн кӕй сӕвӕрдтон, уыцы дур. 52 Ацы цӕнд дӕр ӕмӕ ацы дур дӕр сты ӕвдисӕн+, ӕз ацы цӕндӕй дарддӕр кӕй нӕ акъахдзӕф кӕндзынӕн дӕуӕн ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ ӕмӕ ды дӕр ацы цӕндӕй ӕмӕ ацы дурӕй дарддӕр кӕй нӕ акъахдзӕф кӕндзынӕ мӕнӕн ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ+. 53 Авраамы хуыцау+ ӕмӕ Нахоры хуыцау+, сӕ фыды хуыцау нын уӕд тӕрхонгӕнӕг». Иаков та расомы кодта, йӕ фыд Исахъ кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцауӕй+.

54 Уый фӕстӕ Иаков хохыл нывонд ӕрхаста ӕмӕ йе ’фсымӕрты фӕхуыдта къӕбӕр бахӕрынмӕ+. Ӕмӕ бахордтой ӕмӕ ӕхсӕв уым хохыл арвыстой. 55 Лаван райсомӕй раджы сыстад, йӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ чызджытӕн апъа кодта+ ӕмӕ сын раарфӕ кодта+. Ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхт+.

32 Иаков дӕр дарддӕр араст, ӕмӕ йыл фӕндагыл фембӕлдысты Хуыцауы зӕдтӕ+. 2 Иаков сӕ куыддӕр федта, афтӕ загъта: «Ай у Хуыцауы ӕфсад!»+ Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим*+.

3 Уый фӕстӕ Иаков йе ’фсымӕр Исавмӕ Сеиры+ зӕхмӕ, Едомы+ бӕстӕмӕ, йӕ разӕй арвыста минӕвӕрттӕ+ 4 ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Афтӕ-иу зӕгъут мӕ буц хицау+ Исавӕн: „Дӕ цагъар Иаков зӕгъы: „Лаванмӕ фӕцардтӕн ӕрцӕуӕггагӕй, бирӕ азтӕ йӕм фӕдӕн+. 5 Ныр мӕм ис галтӕ, хӕрджытӕ ӕмӕ фыстӕ, стӕй лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+. Ӕмӕ мӕ фӕнды уый тыххӕй мӕ буц хицауӕн фӕхабар кӕнын, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарон“»+.

6 Цасдӕры фӕстӕ минӕвӕрттӕ Иаковмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ йын загътой: «Уыдыстӕм де ’фсымӕр Исавмӕ. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕ размӕ рацӕуы ӕмӕ йемӕ ис цыппарсӕдӕ адӕймаджы»+. 7 Иаков тынг фӕтарст ӕмӕ катайы бацыд+. Ӕмӕ йемӕ чи уыди, уыцы адӕмы, стӕй йӕ фысты ӕмӕ йӕ сӕгъты дзугтӕ, йӕ стурты ӕмӕ йӕ теуаты дыууӕ къордыл фӕдих кодта+ 8 ӕмӕ загъта: «Исав дзы иутӕм куы фӕуа, уӕд иннӕтӕ уӕддӕр аирвӕздзысты»+.

9 Уый фӕстӕ Иаков скуывта: «О Йегъовӕ, мӕ фыд Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исахъы Хуыцау+, мӕнӕн афтӕ чи загъта, аздӕх дӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕм, ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн, зӕгъгӕ+. 10 Ды мӕн, дӕ цагъары+, де ’нувыд уарзтӕй куыд барӕвдыдтай ӕмӕ мыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Иорданы цӕугӕдоныл куы ахызтӕн, уӕд мӕм лӕдзӕг йеддӕмӕ ницы уыди, ныр та дыууӕ стыр къорды хицау дӕн+. 11 Лӕгъстӕ дын кӕнын, ме ’фсымӕры къухӕй, Исавы къухӕй мӕ фервӕзын кӕн+. Тӕрсын, куы ’рцӕуа ӕмӕ мын мӕхи+ дӕр ӕмӕ мадӕлты дӕр ӕд сывӕллӕттӕ куы амара. 12 Ды мын дӕхӕдӕг куы загътай: „Ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн, денджызы был змисӕн куыд нӕй банымайӕн, афтӕ“»+.

13 Уыцы ӕхсӕв Иаков уым арвыста. Ӕмӕ йӕм цы уыди, уымӕй йе ’фсымӕр Исавӕн лӕварӕн рахицӕн кодта+ 14 дыууӕсӕдӕ сӕгъы ӕмӕ дыууын цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы ӕмӕ дыууын фыры, 15 ӕртын сыл теуайы ӕд лӕппынтӕ, цыппор хъуджы ӕмӕ дӕс галы, дыууын сыл хӕрӕджы ӕмӕ дӕс нӕл хӕрӕджы+.

16 Уый фӕстӕ алы дзуг дӕр хицӕнӕй бафӕдзӕхста йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕмӕ сын загъта: «Мӕ разӕй ахизут цӕугӕдоныл, иу дзуг иннӕмӕй дард куыд уа, афтӕ»+. 17 Стӕй, фыццаг дзугимӕ цы лӕггадгӕнӕг уыди, уымӕн ныффӕдзӕхста: «Ме ’фсымӕр Исав дыл куы фембӕла ӕмӕ дӕ куы бафӕрса, кӕй лӕггадгӕнӕг дӕ, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ адон кӕй фос сты, зӕгъгӕ, 18 уӕд-иу ын афтӕ зӕгъ: „Адон сты дӕ цагъар Иаковы фос. Рарвыста сӕ+ мӕ буц хицау+ Исавӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕстейӕ ӕрбацӕуы“». 19 Афтӕ ныффӕдзӕхста дыккагӕн, стӕй ӕртыккагӕн дӕр ӕмӕ, дзугтимӕ чи цыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Афтӕ-иу зӕгъут Исавӕн, куы уыл фембӕла, уӕд+. 20 Стӕй-иу ын ноджыдӕр зӕгъут: „Дӕ цагъар Иаков йӕхӕдӕг дӕр фӕстейӕ ӕрбацӕуы“»+. Иаков афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ арвыстон+, уыдонӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнон, ӕмӕ куы фембӕлӕм, уӕд мӕм кӕд хорз цӕстӕй ракӕсид+. 21 Гъемӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ лӕвӕрттимӕ йӕ разӕй цӕугӕдоныл ахызтысты. Йӕхӕдӕг та уыцы ӕхсӕв уым баззади+.

22 Ӕхсӕвы Иаков сыстад, ракодта йӕ дыууӕ усы+, йӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы+ ӕмӕ йӕ иуӕндӕс лӕппуйы+ ӕмӕ Иавокы цӕугӕдоныл иннӕ фарсмӕ ахызт+. 23 Уыдоны дӕр, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый дӕр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс фӕкодта.

24 Иаков иунӕгӕй куы баззад, уӕд ӕм иу адӕймаг фӕзынд ӕмӕ суанг боныцъӕхтӕм йемӕ хъӕбысӕй хӕцыд+. 25 Ӕмӕ уый куы федта, ӕмӕ Иаковыл нӕ тых кӕны+, уӕд ын йӕ сины нуармӕ февнӕлдта, ӕмӕ хӕцгӕ-хӕцын Иаковӕн йӕ син фелвӕст+. 26 Ӕмӕ йын уый фӕстӕ уыцы адӕймаг загъта: «Ауадз мӕ, бон цъӕх кӕнын райдыдта». Фӕлӕ йын Иаков загъта: «Цалынмӕ мын нӕ раарфӕ кӕнай, уӕдмӕ дӕ нӕ ауадздзынӕн»+. 27 Ӕмӕ йӕ уӕд бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый йын дзуапп радта: «Иаков». 28 Уӕд ын уый загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Иаков нал уыдзӕн, фӕлӕ Израил*+, уымӕн ӕмӕ ды тох кодтай+ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕймӕгтимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕ». 29 Ӕмӕ йын уӕд Иаков дӕр загъта: «Курӕг дӕ дӕн, зӕгъ мын, дӕ ном та куыд у». Фӕлӕ йын уый загъта: «Мӕ номӕй мӕ цӕмӕн фӕрсыс?»+ Ӕмӕ йын уыйадыл уым раарфӕ кодта. 30 Ӕмӕ Иаков уыцы бынат схуыдта Пенуел*+, уымӕн ӕмӕ ахъуыды кодта: «Ӕз мӕхи цӕстӕй федтон Хуыцауы, ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн»+.

31 Ӕмӕ Иаков йӕ синӕй къуылых цӕугӕйӕ+ Пенуелӕй куы ахызт, уӕдмӕ хур дӕр скаст. 32 Иаковимӕ чи тох кодта, уый йын йӕ сины нуар кӕй бахъыгдардта, уый тыххӕй Израилы фырттӕ абоны онг дӕр агъды нуар нӕ хӕрынц+.

33 Цасдӕры фӕстӕ Иаков акаст, ӕмӕ дын уӕртӕ Исав ӕрбацӕуы цыппарсӕдӕ адӕймагимӕ+. Ӕмӕ уӕд Лийӕйӕн, Рахилӕн ӕмӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймагӕн загъта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ракӕной+. 2 Ӕмӕ ӕппӕты разӕй слӕууын кодта лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты сӕ сывӕллӕттимӕ+, стӕй Лийӕйы йӕ сывӕллӕттимӕ+, ӕмӕ се ’ппӕты фӕстӕ та – Рахил ӕмӕ Иосифы+. 3 Йӕхӕдӕг та ацыд сӕ разӕй, ӕмӕ цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг авд хатты акуывта+.

4 Уӕд Исав азгъордта Иаковы размӕ+, ныхъхъӕбыс ын кодта+, йӕ хъуырыл ын ныттыхстис ӕмӕ йын пъатӕ кодта, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр куыдтой. 5 Исав йӕ сӕрыл куы схӕцыд ӕмӕ сылгоймӕгты сывӕллӕттимӕ куы федта, уӕд Иаковы бафарста: «Адон та дын чи сты?» Иаков ын дзуапп радта: «Адон мӕ сывӕллӕттӕ сты, Хуыцау сӕ радта дӕ цагъарӕн»+. 6 Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ сӕ сывӕллӕттимӕ Исавы размӕ бацыдысты ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой. 7 Уый фӕстӕ йӕм бацыд Лийӕ дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой. Фӕстагмӕ та йӕм бацыдысты Иосиф ӕмӕ Рахил, ӕмӕ йын уыдон дӕр сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой+.

8 Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Исав бафарста: «Ӕппӕт уыцы дзугтӕ ӕмӕ адӕмы та цӕмӕн рарвыстай?»+ Иаков ын дзуапп радта: «Цӕмӕй мӕ буц хицауы хорзӕх ссарон»+. 9 Уӕд ын Исав загъта: «Ме ’фсымӕр, мӕнмӕ алцыдӕр бирӕ ис+. Уадз сӕ дӕхицӕн». 10 Фӕлӕ йын Иаков загъта: «Нӕ. Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон+, уӕд дӕ курӕг дӕн, айс мӕ къухӕй уыцы лӕвар. Ды мыл тынг бацин кодтай, ӕмӕ мын дӕ фенд уыди Хуыцауы фендау+. 11 Дӕ хорзӕхӕй, айс мын мӕ лӕвар, мӕ зӕрдӕ дын хорздзинад кӕй зӕгъы, уый номыл+. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис»+. Ӕмӕ йын афтӕ тынг лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ Исав дӕр сразы+.

12 Стӕй йын Исав загъта: «Цӕй уӕдӕ ныр ацӕуӕм. Ӕз ацӕудзынӕн дӕ разӕй». 13 Фӕлӕ йын Иаков дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ды йӕ зоныс, сывӕллӕттӕ нырма гыццылтӕ сты ӕмӕ сӕ бон уыйбӕрц нӕу. Стӕй мӕм ис ногзӕддаг фыстӕ ӕмӕ хъуццытӕ+, ӕмӕ сӕ иу бон дӕр тагъд куы фӕтӕрӕм, уӕд мӕ фос иууылдӕр фӕцагъды уыдзысты+. 14 Мӕ буц хицау, ацу дӕ цагъары разӕй. Ӕз та цӕудзынӕн сындӕггай, мӕ разӕй мӕ фос куыд цӕуой+, стӕй сывӕллӕттӕ куыд цӕуой, афтӕ+. Ӕмӕ мӕ буц хицауы Сеиры баййафдзынӕн»+. 15 Уӕд ын Исав загъта: «Уӕд та дын демӕ мӕ адӕмӕй цалдӕры ныууадзон». Фӕлӕ йын Иаков загъта: «Нӕ, нӕ хъӕуы. Дӕхи цы тыхсын кӕныс? Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн»+. 16 Уӕд Исав уыцы бон фӕстӕмӕ Сеирмӕ аздӕхт.

17 Иаков та ацыд Сокхофмӕ*+, ӕмӕ уым йӕхицӕн хӕдзар сарӕзта, йӕ фосӕн та – халагъудтӕ+. Уыцы бынат Сокхоф дӕр уымӕн схуыдта.

18 Паддан-Арамӕй+ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ Иаков сӕрӕгасӕй ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй бахӕццӕ Ханааны зӕхмӕ+, горӕт Сихеммӕ+, ӕмӕ йӕ цатыртӕ уым горӕты раз ӕрӕвӕрдта. 19 Уый фӕстӕ Сихемы фыд Емморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ балхӕдта, йӕ цатыр кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх+. 20 Ӕмӕ уым скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта «Хуыцау у Израилы Хуыцау»+.

34 Иаковы чызг Динӕ, Лийӕ+ йын кӕй ныййардта, уый, арӕх цыди+ уымы чызджытӕм+. 2 Ӕмӕ йыл уымы адӕмы хистӕр евейаг+ Емморы фырт Сихем йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта. Иуахӕмы Сихем ацыд ӕмӕ Динӕйӕн тыхми бакодта+. 3 Ӕмӕ Иаковы чызг Динӕ Сихемы зӕрдӕйӕ нал хызти, тынг ӕй бауарзта ӕмӕ йын дзырдта, уарзын дӕ, зӕгъгӕ. 4 Ӕмӕ уӕд Сихем йӕ фыдӕн загъта+: «Ракур мын ацы чызджы»+.

5 Иаков фехъуыста, Сихем ын йӕ чызг Динӕйы кӕй фӕхудинаг кодта. Йӕ фырттӕ та уыцы рӕстӕг фосимӕ быдыры уыдысты+. Ӕмӕ цалынмӕ не ’рбацыдысты, уӕдмӕ никӕмӕн ницы загъта+. 6 Иуцасдӕры фӕстӕ Сихемы фыд Еммор ӕрбацыд Иаковимӕ аныхас кӕнынмӕ+. 7 Уӕдмӕ Иаковы фырттӕ дӕр хабар фехъуыстой, ӕмӕ уайтагъд быдырӕй ӕрбаздӕхтысты. Уыцы хъуыддаг сӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадтой ӕмӕ мӕстӕй фыхтысты+, уымӕн ӕмӕ Сихем сарӕзта, чи не ’мбӕлд, ахӕм ӕнӕзонд ми+ – Иаковы чызгӕн тыхми бакодта+, ӕмӕ уымӕй фӕхудинаг кодта Израилы.

8 Гъемӕ сын Еммор загъта: «Мӕ фырт Сихем уын уӕ чызджы бауарзта+. Ӕмӕ уӕ курӕг дӕн, раттут нын уӕ чызджы+. 9 Ӕмӕ немӕ хӕстӕгдзинад кӕнут+: уӕ чызджыты дӕттут нӕ лӕппутӕн, уӕ лӕппутӕн та курут нӕ чызджыты+. 10 Ам немӕ цӕрут, нӕ зӕхх иууылдӕр уӕ разы ис. Цӕрут ыл, уӕ хъуыддӕгтӕ кӕнут ӕмӕ ам баззайут»+. 11 Уый фӕстӕ Сихем Динӕйы фыдӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, „нӕ“ мын ма зӕгъут. Цыдӕриддӕр зӕгъат, уый уын ратдзынӕн. 12 Цыфӕнды стыр ирӕд ӕмӕ мӕ цавӕрфӕнды лӕвӕрттӕ ма ’рцагурат+, ратдзынӕн уын сӕ, ӕрмӕст мын уӕ чызджы раттут».

13 Иаковы фырттӕ сфӕнд кодтой Сихемыл ӕмӕ йӕ фыд Емморыл хинӕй рацӕуын, Сихем сын сӕ хо Динӕйы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй+. 14 Ӕмӕ сын загътой: «Нӕ бон нӕу нӕ хойы, сунӕтгонд+ чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн раттын. Уый махӕн стыр худинаг у. 15 Кӕд мах хуызӕн суат,– кӕд уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр сунӕт скӕной,– уӕд сразы уыдзыстӕм+. 16 Уӕд уын дӕтдзыстӕм нӕ чызджыты, ӕмӕ уын уӕ чызджыты дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ уемӕ цӕрдзыстӕм ӕмӕ суыдзыстӕм иу адӕм+. 17 Фӕлӕ нӕм куы нӕ байхъусат ӕмӕ сунӕт куы не скӕнат, уӕд нӕ чызджы ракӕндзыстӕм ӕмӕ ацӕудзыстӕм».

18 Ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ фӕцыдысты Емморы ӕмӕ йӕ фырт Сихемы зӕрдӕмӕ+. 19 Ӕмӕ лӕппу уайтагъд ацыд, цы йын загътой, уый бакӕнынмӕ+, уымӕн ӕмӕ тынг уарзта Иаковы чызджы. Стӕй йӕ фыды+ хӕдзары уымӕй нымаддӕр лӕг+ нӕ уыди.

20 Ӕмӕ Еммор ӕмӕ йӕ фырт Сихем ӕрбацыдысты сӕ горӕты кулдуармӕ ӕмӕ горӕты лӕгтӕн+ загътой: 21 «Ацы адӕм нӕм хорз цӕстӕй кӕсынц+. Гъемӕ уадз ӕмӕ цӕрой нӕ зӕххыл ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ кӕной. Нӕ зӕхх уыдоны фаг дӕр у+. Сӕ чызджыты сын курдзыстӕм, ӕмӕ сын нӕ чызджыты дӕр дӕтдзыстӕм+. 22 Фӕлӕ, немӕ цӕрой ӕмӕ иу адӕм суӕм, ууыл ӕрмӕстдӕр уӕд сразы уыдзысты, нӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр уыдонау сунӕт куы скӕной+. 23 Ӕмӕ уӕд сӕ мулк, сӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр нӕхи нӕ уыдзысты?+ Ӕрмӕст сӕ ныхасыл сразы уӕм, ӕмӕ уӕд немӕ цӕрдзысты»+. 24 Ӕмӕ горӕты кулдуары раз чи ӕрӕмбырд, уыдон иууылдӕр байхъуыстой Еммормӕ ӕмӕ Сихеммӕ, ӕмӕ горӕты нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сунӕт скодтой.

25 Фӕлӕ ӕртыккаг бон, сӕ тӕккӕ рынчыныл куы уыдысты+, уӕд Иаковы фырттӕ Симеон ӕмӕ Леви+, Динӕйы+ ӕфсымӕртӕ, райстой сӕ хъаматӕ, бацыдысты горӕтмӕ, никӕй зӕрдӕ сӕм фехсайдта, афтӕмӕй, ӕмӕ нӕлгоймӕгты цӕгъдын райдыдтой+. 26 Амардтой Емморы ӕмӕ йӕ фырт Сихемы дӕр+. Уый фӕстӕ Динӕйы Сихемы хӕдзарӕй ракодтой ӕмӕ рацыдысты+. 27 Иаковӕн йӕ иннӕ фырттӕ та фӕмардтой, уӕззау цӕф чи уыди, уыцы нӕлгоймӕгты, ӕмӕ горӕты никуыуал ницы ныууагътой, сӕ хойы сын кӕй фӕхудинаг кодтой, уый тыххӕй+. 28 Ратардтой сын сӕ дзугтӕ, се стурты ӕмӕ сӕ хӕрджыты, рахастой, горӕты дӕр ӕмӕ быдыры дӕр цыдӕриддӕр уыди, уыдон+. 29 Сӕ мулк сын иууылдӕр ахастой, сӕ сывӕллӕтты ӕмӕ сын сӕ устыты уацары акодтой, ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты ницыуал ныууагътой+.

30 Уӕд Иаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта+: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат*. Сымах тыххӕй ацы бӕстӕйы адӕмӕн, ханаайнӕгтӕн ӕмӕ ферезейтӕн, се знаг фестадтӕн+. Мӕнмӕ адӕм бирӕ нӕй+, ӕмӕ уыдон иумӕ мӕ ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ хӕдзар дӕр бабын кӕндзысты». 31 Уыдон та йын дзуапп радтой: «Уӕдӕ сын нӕ хо исты хӕлд сылгоймаг у?»+

35 Уый фӕстӕ Хуыцау Иаковӕн загъта: «Сыст, ацу Вефилмӕ ӕмӕ уым цӕр+. Ӕмӕ уым сараз нывондхӕссӕн ӕцӕг Хуыцауӕн, де ’фсымӕр Исавӕй куы лыгътӕ, уӕд дӕм чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕн»+.

2 Уӕд Иаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон фесафут+, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ уӕлӕдарӕс раивут+. 3 Хъуамӕ Вефилмӕ ацӕуӕм. Уым ӕз хъуамӕ саразон нывондхӕссӕн ӕцӕг Хуыцауӕн, мӕ тыхсты сахат мӕ чи фехъуыста+ ӕмӕ алкӕддӕр мемӕ чи уыди, уыцы Хуыцауӕн»+. 4 Гъемӕ сӕм цы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ+ уыди ӕмӕ сӕ хъустыл цы хъусцӕджытӕ уыди, уыдон иууылдӕр Иаковмӕ радтой, ӕмӕ сӕ уый Сихеммӕ хӕстӕг стыр бӕласы бын баныгӕдта+.

5 Ӕмӕ уый фӕстӕ араст сты сӕ фӕндагыл. Сӕ алыварс горӕтты цы адӕм цард, уыдоныл та Хуыцау стыр тас бафтыдта+, ӕмӕ Иаковы фыртты фӕстейӕ ничи расырдта. 6 Гъемӕ Иаков, йемӕ чи уыди, уыдонимӕ бахӕццӕ Лузмӕ+, ома Вефилмӕ,– уый ис Ханааны зӕххыл. 7 Ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Ел-Вефил*, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы лыгъд, уӕд ӕм уым фӕзынд ӕцӕг Хуыцау+. 8 Цасдӕры фӕстӕ амард Ревеккӕйы хъомылгӕнӕг сылгоймаг Деворӕ+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Вефилмӕ хӕстӕг стыр бӕласы бын. Уыцы бӕлас Иаков уый тыххӕй схуыдта Аллон-Бакут* дӕр.

9 Иаков Паддан-Арамӕй+ фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд та йӕм Хуыцау ногӕй фӕзынд ӕмӕ йын раарфӕ кодта+. 10 Хуыцау Иаковӕн загъта: «Дӕ ном у Иаков+. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Иаков нал уыдзӕн – дӕ ном уыдзӕн Израил». Ӕмӕ йӕ схуыдта Израил+. 11 Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+. Дӕ байзӕддӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнӕнт ӕмӕ сбирӕ уӕнт. Дӕуӕй рацӕудзӕн адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр+. 12 Ӕмӕ Авраамӕн ӕмӕ Исахъӕн цы зӕхх радтон+, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн+». 13 Уый фӕстӕ Хуыцау, Иаковимӕ кӕм ныхас кодта, уырдыгӕй ацыд+.

14 Ӕмӕ Хуыцау йемӕ кӕм ныхас кодта, уым+ Иаков зӕххы нысанӕн ӕрсагъта дур ӕмӕ йыл рауагъта кувинаг нозт ӕмӕ сой+. 15 Хуыцау йемӕ кӕм ныхас кодта, уыцы бынат Иаков схуыдта Вефил+.

16 Уый фӕстӕ Вефилӕй рацыдысты ӕмӕ сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Ӕмӕ сӕ Ефрафӕмӕ+ нырма дзӕвгар хъуыди, афтӕ Рахилӕн ӕрцыд йӕ арыны афон. Фӕлӕ йӕ сывӕллон тынг зынтӕй гуырди+. 17 Ӕмӕ куы тухӕн кодта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг загъта: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у»+. 18 Рахил мӕлӕты къахыл ныллӕууыд+, ӕмӕ куы мард*+, уӕд лӕппуйы схуыдта Бенони*. Фӕлӕ йӕ йӕ фыд та схуыдта Вениамин*+. 19 Афтӕ Рахил амард Ефрафӕмӕ, ома Вифлееммӕ, фӕндагыл ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой+. 20 Ӕмӕ йын Иаков йӕ ингӕныл сӕвӕрдта цырт. Уыцы цырт Рахилы ингӕныл ис абоны онг дӕр+.

21 Уый фӕстӕ Израил уырдыгӕй дарддӕр ацыд ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Едеры мӕсыджы фале+. 22 Ӕмӕ Израил уыцы зӕххыл цатырты куы цард+, уӕд иу бон Рувим бацыд йӕ фыды номылус Валлӕмӕ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Ӕмӕ Израил уыцы хабар базыдта+.

Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты. 23 Йӕ хистӕр фырт Рувим+, стӕй Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ йын Завулон уыдысты Лийӕйӕ. 24 Рахилӕй та йын уыди Иосиф ӕмӕ Вениамин. 25 Дан ӕмӕ Неффалим та йын уыдысты Рахилы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕйӕ. 26 Ӕмӕ Гад ӕмӕ Асир та Лийӕйы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйӕ. Адон сты Иаковы фырттӕ, ӕмӕ йын райгуырдысты Паддан-Арамы.

27 Ӕппынфӕстаг Иаков ӕрцыд йӕ фыд Исахъмӕ Мамремӕ+, Кириаф-Арбӕмӕ+, ома Хевронмӕ, Авраам ӕмӕ Исахъ ӕрцӕуӕггӕгтӕй кӕм фӕцардысты, уырдӕм+. 28 Исахъ фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы+. 29 Ӕмӕ амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй, ӕмӕ уый дӕр йӕ фыдӕлтӕм баиу+. Бавӕрдтой йӕ йӕ фырттӕ Исав ӕмӕ Иаков+.

36 Исавы, ома Едомы+, царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

2 Исав ракуырдта ханаайнаг чызджыты+: хеттаг Елоны+ чызг Адӕйы+ ӕмӕ Анӕйы чызг Оливемӕйы+, евейаг Цивеонӕн йӕ фырты чызджы, 3 стӕй Измаилы чызг Васемафӕйы+, Наваиофы+ хойы.

4 Адӕ Исавӕн ныййардта Елифазы, Васемафӕ йын ныййардта Рагуилы,

5 Оливемӕ та ныййардта Йеусы, Йегломы ӕмӕ Корейы+.

Исавӕн ацы фырттӕ райгуырдысты Ханааны зӕххыл. 6 Уый фӕстӕ Исав ракодта йӕ устыты, йӕ фыртты, йӕ чызджыты ӕмӕ, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр адӕм* уыди, уыдоны, ратардта йӕ фос иууылдӕр, йемӕ рахаста+, Ханааны зӕххыл цы мулк скодта, уый ӕмӕ цӕрынмӕ ацыд ӕндӕр ранмӕ, йе ’фсымӕр Иаковӕй дард+. 7 Сӕ исбон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ сын иумӕ цӕрӕн нал уыди, ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр нал фаг кодта, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы зӕхх+. 8 Ӕмӕ Исав ӕрцард Сеиры хӕхбӕсты+. Исавӕн йӕ иннӕ ном уыди Едом+.

9 Едомӕгты фыд Исавы царды хабӕрттӕ Сеиры хӕхбӕсты уыдысты афтӕ+.

10 Исавы фырттӕ уыдысты: Елифаз – Исавы ус Адӕйы лӕппу, ӕмӕ Рагуил – Исавы ус Васемафӕйы лӕппу+.

11 Елифазы фырттӕ уыдысты Феман+, Омар, Цефо, Гафам ӕмӕ Кеназ+. 12 Исавы фырт Елифазы номылус сси Фимнӕ+. Ӕмӕ Фимнӕ Елифазӕн ныййардта Амаликы+. Адон сты Исавы ус Адӕйы лӕппутӕ*.

13 Рагуилы фырттӕ уыдысты Нахаф, Зара, Шаммӕ ӕмӕ Миззӕ+. Адон сты Исавы ус Васемафӕйы+ лӕппутӕ.

14 Исавӕн йӕ иннӕ ус Оливемӕ та,– Анӕйы чызг, Цивеонӕн йӕ фырты чызг,– ныййардта Йеусы, Йегломы ӕмӕ Корейы+.

15 Адон сты Исавы байзӕддӕгтӕн сӕ мыггӕгты хистӕртӕ+. Йӕ хистӕр фырт Елифазы фырттӕ: мыггаджы хистӕр Феман+, мыггаджы хистӕр Омар, мыггаджы хистӕр Цефо, мыггаджы хистӕр Кеназ, 16 мыггаджы хистӕр Корей, мыггаджы хистӕр Гафам ӕмӕ мыггаджы хистӕр Амалик. Елифазы+ фырттӕ уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ Едомы зӕххыл. Адон сты Адӕйы лӕппутӕ.

17 Исавы фырт Рагуилы фырттӕ та сты: мыггаджы хистӕр Нахаф, мыггаджы хистӕр Зара, мыггаджы хистӕр Шаммӕ ӕмӕ мыггаджы хистӕр Миззӕ. Ацы мыггӕгты хистӕртӕ Рагуилӕн райгуырдысты Едомы зӕххыл+. Адон сты Исавы ус Васемафӕйы лӕппутӕ.

18 Исавы ус Оливемӕйы лӕппутӕ та сты: мыггаджы хистӕр Йеус, мыггаджы хистӕр Йеглом ӕмӕ мыггаджы хистӕр Корей. Адон сты, Исавӕн йӕ ус Оливемӕ, Анӕйы чызг, кӕй ныййардта, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ.

19 Адон сты Исавы, ома Едомы+, фырттӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ.

20 Хоррейаг Сеиры фырттӕ та, уыцы зӕххыл+ чи царди, уыдон, уыдысты Лотан, Шовал, Цивеон, Анӕ+, 21 Дишон, Ецер ӕмӕ Дишан+. Адон сты Сеиры фырттӕ, Едомы зӕххыл цӕрӕг хоррейты мыггӕгты хистӕртӕ.

22 Лотаны фырттӕ уыдысты Хори ӕмӕ Геман. Лотанӕн йӕ хо та уыди Фимнӕ+.

23 Шовалы фырттӕ уыдысты Алван, Манахаф, Гевал, Шефо ӕмӕ Онам.

24 Цивеоны фырттӕ уыдысты Айӕ ӕмӕ Анӕ. Анӕ у, йӕ фыд Цивеоны+ хӕрджыты хизгӕйӕ ӕдзӕрӕг быдыры тӕвд суадӕттӕ чи ссардта, уый.

25 Анӕйы сывӕллӕттӕ уыдысты Дишон ӕмӕ йӕ чызг Оливемӕ.

26 Дишоны фырттӕ уыдысты Хемдан, Ешбан, Ифран ӕмӕ Херан+.

27 Ецеры фырттӕ уыдысты Билган, Зааван ӕмӕ Акан.

28 Дишаны фырттӕ уыдысты Уц ӕмӕ Аран+.

29 Хоррейты мыггӕгты хистӕртӕ уыдысты: мыггаджы хистӕр Лотан, мыггаджы хистӕр Шовал, мыггаджы хистӕр Цивеон, мыггаджы хистӕр Анӕ, 30 мыггаджы хистӕр Дишон, мыггаджы хистӕр Ецер ӕмӕ мыггаджы хистӕр Дишан+. Адон сты Сеиры зӕххыл цӕрӕг хоррейты мыггӕгты хистӕртӕ.

31 Цалынмӕ Израилы фырттӕн паддзах нӕ фӕзынд+, уӕдмӕ Едомы зӕххыл уыди паддзӕхтӕ+. 32 Едомы паддзах+ уыди Веоры фырт Белӕ, ӕмӕ йӕ горӕт хуынди Дингавӕ. 33 Белӕ куы амард, уӕд паддзах сси+ восораг+ Зарайы фырт Иовав. 34 Иовав куы амард, уӕд паддзах сси+ Хушам, уый уыд феманӕгты+ зӕххӕй рацӕуӕг. 35 Хушам куы амард, уӕд паддзах сси Бедады фырт Гадад, Моавы+ быдыры мадиамӕгты+ чи ныддӕрӕн кодта, уый, ӕмӕ йӕ горӕт хуынди Авиф+. 36 Гадад куы амард, уӕд паддзах сси Самлӕ, Масрекӕй рацӕуӕг+. 37 Самлӕ куы амард, уӕд паддзах сси Саул. Уый уыд, Стыр цӕугӕдоны былгӕрон цы Реховоф ис, уырдыгӕй рацӕуӕг+. 38 Саул куы амард, уӕд паддзах сси Ахборы фырт Ваал-Ханан+. 39 Ахборы фырт Ваал-Ханан куы амард, уӕд паддзах сси Гадар, ӕмӕ йӕ горӕт хуынди Пау. Гадарӕн йӕ усы ном уыди Мегетавел. Уый уыди Мезагавӕн йӕ чызджы чызг – Матреды чызг+.

40 Уӕдӕ, Исавы байзӕддӕгтӕй мыггаджы хистӕртӕ чи уыди, уыдоны нӕмттӕ сӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынӕттӕм гӕсгӕ уыдысты: мыггаджы хистӕр Фимнӕ, мыггаджы хистӕр Алвӕ, мыггаджы хистӕр Йетеф+, 41 мыггаджы хистӕр Оливемӕ, мыггаджы хистӕр Илӕ, мыггаджы хистӕр Пинон+, 42 мыггаджы хистӕр Кеназ, мыггаджы хистӕр Феман, мыггаджы хистӕр Мивцар+, 43 мыггаджы хистӕр Магдиил ӕмӕ мыггаджы хистӕр Ирам. Адон сты едомӕгты+ мыггӕгты хистӕртӕ, ӕмӕ нымад цӕуынц, сӕ зӕххыл сӕ чи кӕм цард, уымӕ гӕсгӕ+. Уыдон сты Исавы байзӕддӕгтӕ, уымӕй рацыдысты едомӕгтӕ иууылдӕр+.

37 Иаков дарддӕр цард, йӕ фыд ӕрцӕуӕггаг+ кӕм уыди, уыцы зӕххыл, Ханааны зӕххыл+.

2 Иаковы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ.

Иосифыл+ ӕвддӕс азы куы цыди, уӕд йе ’фсымӕртимӕ, йӕ фыды устытӕ Валлӕ+ ӕмӕ Зелфӕйы+ лӕппутимӕ, хызта фыстӕ+,– семӕ уымӕн уыд, ӕмӕ нырма ӕрыгон уыди. Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн радзырдта, йе ’фсымӕртӕ ӕвзӕр митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй+. 3 Израил та Иосифы йӕ иннӕ фырттӕй фылдӕр уарзта+, уымӕн ӕмӕ йын зӕрондырдӕм райгуырд. Ӕмӕ йын бахуыйын кодта даргъ, дысджын хъулон уӕлӕдарӕс+. 4 Йе ’фсымӕртӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фыд се ’ппӕтӕй фылдӕр Иосифы уарзы, уӕд дзы се сӕфт федтой+, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди Иосифимӕ сабырӕй ныхас кӕнын+.

5 Иухатт Иосиф федта фын ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта+, ӕмӕ дзы уый тыххӕй ноджы тынгдӕр федтой се сӕфт. 6 Иосиф сын загъта: «Зонут, мӕ фыны цы федтон?+ 7 Быдыры астӕу бастам куыристӕ. Уӕд дын ӕвиппайды мӕ куырис ӕмраст куы алӕууид, уӕ куыристӕ та алӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын зӕххы онг акуывтой»+. 8 Уӕд ын йе ’фсымӕртӕ загътой: «Афтӕ зӕгъын дӕ фӕнды, ӕмӕ ды махӕн паддзах уыдзынӕ?+ Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?»+ Ӕмӕ дзы йӕ фынты ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр се сӕфт федтой.

9 Уый фӕстӕ та Иосиф федта ӕндӕр фын ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Ноджыдӕр ма федтон иу фын, цыма мын хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы ныллӕг куывтой»+. 10 Иосиф йӕ фын йе ’фсымӕрты фӕстӕ радзырдта йӕ фыдӕн дӕр, ӕмӕ йын йӕ фыд бауайдзӕф кодта+: «Дӕ фын куыд ӕмбаргӕ у? Ау, ӕз, дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕумӕ ӕрбацӕудзыстӕм ӕмӕ дӕуӕн ныллӕг акувдзыстӕм?» 11 Ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ хӕлӕгӕй мардысты+. Фыд та уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта+.

12 Иу бон Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фыстӕ хизынмӕ атардтой Сихемы ’рдӕм+. 13 Цасдӕры фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕ фысты хизынц Сихеммӕ хӕстӕг, ӕмӕ сӕм куы ацӕуис». Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъай, афтӕ бакӕндзынӕн»+. 14 Ӕмӕ йын уӕд йӕ фыд загъта: «Ацу ӕмӕ базон, де ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ фос куыд сты, уый. Ӕмӕ мын стӕй хабӕрттӕ радзурдзынӕ»+. Ӕмӕ Иосиф дӕр Хевроны+ дӕлвӕзӕй араст Сихемы ’рдӕм. 15 Ӕмӕ быдыртыл куы разил-базил кодта, уӕд ыл иу лӕг амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?» 16 Иосиф ын загъта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Мыййаг ӕй нӕ зоныс, фысты кӕм хизынц, уый? Курын дӕ, зӕгъ мын ӕй». 17 Уӕд ын уыцы лӕг загъта: «Ардыгӕй ацыдысты. Ӕз сын фехъуыстон сӕ ныхас, зӕгъгӕ, дам, Дофанмӕ ацӕуӕм». Гъемӕ Иосиф ацыд йе ’фсымӕрты фӕдыл ӕмӕ сӕ Дофаны ссардта.

18 Уыдон ӕй дардмӕ ауыдтой, ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой+. 19 Кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕртӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг!+ 20 Зонут цы? Амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ доны дзыхъхъы ныппарӕм+. Ӕмӕ зӕгъдзыстӕм, хъӕддаг сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕй цы рауайдзӕн, уый». 21 Рувим уый куы фехъуыста, уӕд бацархайдта Иосифы сӕ къухӕй фервӕзын кӕнын+. Загъта сын: «Нӕ, марын ӕй нӕ хъӕуы»+. 22 Стӕй Рувим йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Туг ма ныккалут+. Фӕлтау ӕй ам, ӕдзӕрӕг быдыры, ацы дзыхъхъы ныппарут, маргӕ та йӕ ма акӕнут»+. Афтӕ сын уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ фӕндыд Иосифы сӕ къухӕй фервӕзын кӕнын ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ фыдмӕ фӕхӕццӕ кӕнын.

23 Иосиф йе ’фсымӕртӕм куы бахӕццӕ, уӕд ын йӕ уӕлӕдарӕс, йӕ даргъ хъулон уӕлӕдарӕс, раластой+, 24 йӕхи та йын дзыхъхъы ныппӕрстой+. Уыцы рӕстӕг дзыхъхъы дон нӕ уыди.

25 Стӕй ӕфсымӕртӕ ӕрбадтысты къӕбӕр бахӕрынмӕ+. Уалынмӕ кӕсынц, ӕмӕ уӕртӕ измаилӕгтӕ+ теуатыл ӕрбацӕуынц. Уыдон цыдысты Галаадӕй, ӕмӕ сӕ теуатыл Египетмӕ ластой хӕрздӕф чъиу*, бальзам ӕмӕ чъиубӕласы цъар+. 26 Уӕд Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард* куы басусӕг кӕнӕм, уӕд нын уымӕй цы пайда ис?+ 27 Фӕлтау ӕй измаилӕгтӕн+ ауӕй кӕнӕм, ӕмӕ йыл нӕ къухӕй мацы ӕрцӕуӕд+. Уӕддӕр не ’фсымӕр у, нӕ туг*». Ӕмӕ уыдон дӕр се ’фсымӕрмӕ байхъуыстой+. 28 Ӕмӕ мадиамаг сӕудӕджертӕ+ сӕ рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Иосифы дзыхъхъӕй систой+ ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн дыууын ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтой+. Ӕмӕ йӕ уыдон Египетмӕ акодтой.

29 Фӕстӕдӕр Рувим ӕрбаздӕхт, дзыхъмӕ бацыд ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ Иосиф уым нал ис. Уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+ 30 ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм фӕфӕдис: «Лӕппу уым нал ис! Ныр ӕз куыд кӕнон?»+

31 Фӕлӕ уыдон райстой Иосифы уӕлӕдарӕс, сӕгъ аргӕвстой ӕмӕ йын йӕ туджы йӕ уӕлӕдарӕс стылдтой+. 32 Стӕй уыцы даргъ хъулон уӕлӕдарӕс арвыстой сӕ фыдмӕ ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕнӕ ацы дзаума ссардтам. Ӕркӕс-ма+, дӕ лӕппуйы уӕлӕдарӕс нӕу?»+ 33 Фыд ӕм куы ’ркаст, уӕд загъта: «Ай мӕ фырты уӕлӕдарӕс у! Иосифы хъӕддаг сырд бахордта!+ Акъабӕзтӕ йӕ кодта!»+ 34 Ӕмӕ Иаков йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ астӕуыл хъисын ӕрбакодта ӕмӕ бирӕ рӕстӕг куыдта йӕ фыртыл+. 35 Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕм йӕ чызджытӕ се ’ппӕт дӕр цыдысты ӕмӕ йӕ сабыр кодтой+, фӕлӕ сӕм уый нӕ хъуыста ӕмӕ дзырдта+: «Ӕз мӕ хъӕбулмӕ ингӕнмӕ* кӕугӕйӕ ныххиздзынӕн!» Ӕмӕ афтӕ куыдта фыд йӕ фыртыл.

36 Мадиамӕгтӕ та Иосифы Египеты ауӕй кодтой Потифарӕн+, фараоны фӕсдзӕуинтӕй иуӕн – хъахъхъӕнджыты хистӕрӕн+.

38 Уыцы рӕстӕг Иудӕ йе ’фсымӕртӕй ацыд ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта одолламаг+ лӕг Хирӕмӕ хӕстӕг. 2 Уым Иудӕ федта иу ханаайнаг+ лӕджы чызджы. Уыцы лӕг хуынди Шуӕ. Иудӕ йын ракуырдта йӕ чызджы ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. 3 Йӕ ус басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ йӕ Иудӕ схуыдта Ир+. 4 Ӕмӕ та йӕ ус ногӕй басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Онан. 5 Уый фӕстӕ ма йын райгуырд ноджыдӕр иу лӕппу, ӕмӕ йӕ схуыдта Шелӕ. Уыцы лӕппуйы куы ныййардта, уӕд уыдысты Ахзивы+.

6 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Иудӕ йӕ хистӕр фырт Ирӕн ӕрхаста ус. Йӕ ном уыди Фамар+. 7 Фӕлӕ Иудӕйы хистӕр фырт Ир арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыди, уый+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ амардта+. 8 Уӕд Иудӕ Онанӕн загъта: «Де ’фсымӕры усы ракур ӕмӕ сӕххӕст кӕн, тиуыл цы хӕс ис, уый, ӕмӕ де ’фсымӕрӕн зӕнӕг рауадз»+. 9 Фӕлӕ Онан зыдта, уыцы сывӕллӕттӕ йӕхи кӕй нӕ уыдзысты+, ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны рӕстӕджы йӕ мыггаг зӕхмӕ акалдта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн зӕнӕг ма рауагътаид+. 10 Афтӕ кӕй кодта, уый Йегъовӕйы цӕсты уыди стыр тӕригъӕд+, ӕмӕ Онаны дӕр амардта+. 11 Уӕд Иудӕ йӕ чындз Фамарӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ фырт Шелӕ сыстыр уа, уӕдмӕ уал идӕдзӕй цӕр дӕ фыды хӕдзары»+. Афтӕ йын уымӕн загъта, ӕмӕ хъуыды кодта, Шелӕ дӕр мын йе ’фсымӕртау куы амӕла, зӕгъгӕ+. Гъемӕ Фамар ацыд йӕ фыды хӕдзармӕ ӕмӕ уым цард+.

12 Уымӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ ус+, Шуӕйы чызг, амард. Ӕмӕ йыл Иудӕ фӕхъыг кодта+. Мардыл хъыг кӕныны бонтӕ куы фесты, уӕд йе ’рдхорд одолламаг+ Хирӕимӕ ацыд Фимнӕмӕ+, йӕ фыстӕ йын чи ӕлвыдта, уыдонмӕ. 13 Ӕмӕ Фамарӕн чидӕр загъта: «Дӕ хицау фӕцӕуы Фимнӕмӕ, йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ»+. 14 Фамар уый куы фехъуыста, уӕд йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йе уӕхсчытыл кӕлмӕрзӕн ӕрбакодта, йӕ цӕсгом дӕр бамбӕрзта ӕмӕ сбадт Енаиммӕ бацӕуӕны, Фимнӕмӕ фӕндаг кӕуылты цӕуы, уым. Афтӕ та уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ уыдта, Шелӕ кӕй сыстыр, фӕлӕ сӕ иумӕ нӕма бацӕрын кодтой+.

15 Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй банхъӕлдта хӕтаг сылгоймаг+, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди+. 16 Ӕмӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕхимӕ мӕ бауадз»+. Иудӕ нӕ зыдта, йӕ чындз кӕй у, уый+. Фамар та йын загъта: «Ӕмӕ мын уый тыххӕй цы ратдзынӕ?»+ 17 Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк рарвитдзынӕн». Сылгоймаг та йӕ бафарста: «Ӕмӕ мын цалынмӕ уый ӕрвитай, уӕдмӕ мын цы ныууадздзынӕ?»+ 18 Иудӕ та йын загъта: «Цы дын ныууадзон?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Мыхуыримӕ дыл цы къухдарӕн+ ис, уый ӕмӕ йӕ бос, стӕй дӕ лӕдзӕг». Иудӕ дӕр ын сӕ радта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ дзы сылгоймаг басывӕрджын. 19 Стӕй сӕхимӕ аздӕхт, йӕ кӕлмӕрзӕн раласта ӕмӕ фӕстӕмӕ идӕдз усы дарӕс скодта+.

20 Уый фӕстӕ Иудӕ йӕ одолламаг+ ӕрдхордӕн арвыста сӕныкк, цӕмӕй, уыцы сылгоймагмӕ цы ныууагъта, уыдон фӕстӕмӕ райстаид. Фӕлӕ йӕ уый не ссардта. 21 Ӕмӕ уӕд уымы адӕмӕй кӕйдӕрты афарста: «Енаимы фӕндаггӕрон чи бадти, уыцы хӕтаг сылгоймаг* та кӕм ис?» Уыдон ын загътой: «Ам хӕтаг сылгоймаг+ никуы уыди». 22 Уый дӕр фӕстӕмӕ Иудӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ йӕ ссардтон, стӕй мын уымы адӕм дӕр загътой, ам, дам, хӕтаг сылгоймаг никуы уыди». 23 Ӕмӕ уӕд Иудӕ загъта: «Гъемӕ сӕ йӕхицӕн уадзӕд, науӕд ма йӕ дарддӕр куы агурӕм, уӕд фӕхудинаг уыдзыстӕм+. Ӕз ын арвыстон сӕныкк, куыд загътон, афтӕ, фӕлӕ йӕ не ссардтай».

24 Уыцы хабӕрттӕй ӕртӕ мӕйы бӕрц куы рацыд, уӕд Иудӕйӕн загътой: «Дӕ чындз Фамар хӕты+ ӕмӕ кӕмӕйдӕр басывӕрджын+». Уӕд Иудӕ загъта: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ басудзут*»+. 25 Ӕмӕ йӕ куы рацӕйкодтой, уӕд йӕ хицаумӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕнӕ ацы дзауматӕ кӕй сты, уымӕй дӕн сывӕрджын»+. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕркӕс+ ацы къухдарӕнмӕ, бос ӕмӕ лӕдзӕгмӕ ӕмӕ базон, кӕй сты»+. 26 Иудӕ сӕм куы ’ркаст, уӕд загъта+: «Уый мӕнӕй растдӕр у+, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелӕйӕн нӕ ракуырдтон»+. Ӕмӕ уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыд+.

27 Фамарӕн йӕ арыны афон куы ’рцыд, уӕд рабӕрӕг, фаззӕттӕ йын кӕй уыдзӕн. 28 Ӕмӕ аргӕ-арын сывӕллӕттӕй иуӕн йӕ къух разынд, ӕмӕ йыл ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг сырх ӕндах абаста ӕмӕ загъта: «Фыццаг ай рацыд». 29 Фӕлӕ уый йӕ къух фӕстӕмӕ байста, ӕмӕ райгуырд йе ’фсымӕр. Ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг уый куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ диссаг, уый куыд рабырстай дӕ мады гуыбынӕй?» Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой Фарес*+. 30 Уый фӕстӕ райгуырд йе ’фсымӕр дӕр, йӕ къухыл сырх ӕндах баст кӕмӕн уыд, уый. Ӕмӕ йӕ схуыдтой Зара*+.

39 Иосифы та измаилӕгтӕ+ ӕркодтой Египетмӕ+, ӕмӕ йӕ уым балхӕдта иу египетаг лӕг, Потифар+, зӕгъгӕ. Уый уыди фараоны фӕсдзӕуинтӕй иу – хъахъхъӕнджыты хистӕр. 2 Фӕлӕ Йегъовӕ уыди Иосифимӕ, ӕмӕ Иосиф алцыдӕр арӕзта хорз+, ӕмӕ йӕ египетаг хицауы хӕдзары йӕ бар уыдысты алыхуызон хъуыддӕгтӕ. 3 Ӕмӕ йӕ йӕ хицау дӕр уыдта, Йегъовӕ Иосифимӕ кӕй ис ӕмӕ цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта.

4 Потифар Иосифӕй тынг райгонд уыди, ӕмӕ йын Иосиф ӕдзухдӕр кӕстӕриуӕг кодта. Гъемӕ йын Потифар йӕ хӕдзар йӕ бар бакодта+ ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон ын иууылдӕр йӕ къухмӕ радта. 5 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр йӕ бар куы бакодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ Иосифы тыххӕй арфӕ кодта египетаджы хӕдзарӕн. Йегъовӕ арфӕ кодта, хӕдзары дӕр ӕмӕ йын быдыры дӕр цыдӕриддӕр уыди, уыдонӕн+. 6 Ӕмӕ фӕстагмӕ Потифар, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыдон иууылдӕр бакодта Иосифы бар+. Ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары ницӕй мӕт уыди, цы хордта, уымӕй уӕлдай. Уӕдмӕ Иосиф сси хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд лӕппу.

7 Ӕмӕ Иосифыл йӕ хицауы ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта+ ӕмӕ-иу ын дзырдта: «Мемӕ схуысс»+. 8 Фӕлӕ Иосиф нӕ разы кодта+, ӕмӕ йӕ хицауы усӕн дзырдта: «Хӕдзар мӕ бар кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мӕ хицау ницӕуыл тыхсы, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр мӕ къухмӕ радта+. 9 Ацы хӕдзары мӕнӕй уӕлдӕр ничи ис, ӕмӕ мӕ бар цӕуы алцӕуыл дӕр, дӕуӕй фӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды йӕ ус дӕ+. Уӕд ӕз куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?»+

10 Гъемӕ сылгоймаг алы бон дӕр дзырдта Иосифӕн, мемӕ схуысс, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын уый никуы сразы ӕмӕ йемӕ иунӕгӕй дӕр никуы баззад+. 11 Иу бон та Иосиф, иннӕ бонты-иу куыд кодта, афтӕ, бацыд хӕдзармӕ йӕ куыстытӕ кӕнынмӕ. Хӕдзары та уыцы рӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй ничи уыди+. 12 Уӕд ын йӕ хицауы ус йӕ дарӕсыл ныххӕцыд+ ӕмӕ йын загъта: «Мемӕ схуысс!»+ Фӕлӕ Иосиф йӕ дарӕс сылгоймаджы къухы фӕуагъта ӕмӕ ӕддӕмӕ алыгъди+. 13 Сылгоймаг уый куы федта, ӕмӕ Иосифы дарӕс йӕ къухы аззад, йӕхӕдӕг та алыгъд, 14 уӕд лӕггадгӕнджытӕм ныхъхъӕр кодта ӕмӕ сын загъта: «Ракӕсут-ма! Мӕ лӕг цы дзуттаджы ӕрбакодта, уымӕн йӕ зӕрды уыди мах фӕхудинаг кӕнын. Ӕрбацыди мӕм ӕмӕ мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыди, фӕлӕ ӕз мӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын райдыдтон+. 15 Ӕмӕ уӕд йӕ дарӕс мӕ разы фӕуагъта ӕмӕ лидзынмӕ фӕци». 16 Ӕмӕ цалынмӕ Иосифӕн йӕ хицау хӕдзармӕ не ’рбацыд, уӕдмӕ йын йӕ дарӕс дардта йӕ разы+.

17 Ӕмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын загъта: «Цы дзуттаг лӕггадгӕнӕджы нӕм ӕрбакодтай, уый мӕм ӕрбацыд, цӕмӕй мӕ фӕхудинаг кодтаид. 18 Фӕлӕ ӕз хъӕр кӕнын куы райдыдтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ разы фӕуагъта ӕмӕ алыгъди»+. 19 Иосифы хицау йӕ усӕй уыдӕттӕ куы фехъуыста, дӕ лӕггадгӕнӕг мын афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст ссыгъд+. 20 Ӕмӕ Иосифы акодта ӕмӕ йӕ ныппӕрста, паддзах ахст адӕмы цы ахӕстоны дардта, уым. Афтӕ Иосиф бахауд ахӕстонмӕ+.

21 Фӕлӕ уым дӕр Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй ахӕстоны хицау Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дардтаид+. 22 Ӕмӕ, ахӕстоны чи бадти, уыдоны се ’ппӕты дӕр ахӕстоны хицау бакодта Иосифы бар. Ӕмӕ сын уый куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ кодтой+. 23 Иосифы бар цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдонӕй ахӕстоны хицау йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта+.

40 Цасдӕры фӕстӕ Египеты паддзахӕн йӕ сӕндар+ ӕмӕ йӕ дзулгӕнӕг цӕмӕйдӕр фӕаххосджын сты сӕ хицауы раз, Египеты паддзахы раз+. 2 Ӕмӕ фараон тынг смӕсты йӕ дыууӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+ – сӕндарты хистӕрмӕ ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕрмӕ+. 3 Ӕмӕ сӕ бакӕнын кодта, хъахъхъӕнджыты хистӕры хӕдзары+ раз цы ахӕстон+ уыд, Иосиф кӕм бадти, уым. 4 Ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнджыты хистӕр Иосифӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй семӕ уыдаид ӕмӕ сын лӕггад кодтаид+. Ӕмӕ иуцасдӕр ахӕстоны фесты.

5 Ӕмӕ иу ӕхсӕв+ сӕ дыууӕ дӕр, Египеты паддзахы сӕндар ӕмӕ дзулгӕнӕг, ахӕстоны+ федтой фынтӕ+. Сӕ фынтӕ уыдысты алыхуызон ӕмӕ сӕ нысаниуӕг дӕр уыди алыхуызон+. 6 Райсомӕй сӕм Иосиф куы бацыд, уӕд сӕм кӕсы, ӕмӕ уыцы тыхст сты+. 7 Ӕмӕ фараоны лӕггадгӕнджыты, йӕ хицауы хӕдзары раз цы ахӕстон уыди, уым йемӕ чи бадт, уыдоны бафарста: «Абон афтӕ ӕнкъард цӕмӕн стут?»+ 8 Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах федтам фынтӕ, чи нын сӕ райхала, уый та нӕй». Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?+ Уӕ хорзӕхӕй, радзурут-ма мын сӕ».

9 Ӕмӕ уӕд сӕндарты хистӕр Иосифӕн радзырдта йӕ фын: «Мӕ фыны федтон сӕнӕфсирбӕлас. 10 Сӕнӕфсирыл уыди ӕртӕ къалиуы, уыцы къалиутӕ ракъуыбыр кодтой+, стӕй дидинӕг ракалдтой ӕмӕ сыл фӕзынд рӕгъӕд сӕнӕфсиры цупӕлттӕ. 11 Мӕ къухы та уыди фараоны къус. Ӕмӕ ратыдтон сӕнӕфсиртӕ, къусмӕ сӕ ныллӕмӕрстон+ ӕмӕ стӕй къус фараонмӕ балӕвӕрдтон»+. 12 Уӕд ын Иосиф загъта: «Байхъус, дӕ фын цы нысан кӕны, уымӕ+: ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны. 13 Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон ссӕрибар кӕндзӕн* ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ дӕ бынаты сӕвӕрдзӕн+, ӕмӕ йӕ сӕндар куы уыдтӕ, уӕд куыд кодтай, афтӕ та йӕм къус бадӕтдзынӕ+. 14 Ӕрмӕст та раздӕрау дӕ царды алцыдӕр хорз куы уа, уӕд-иу мӕ, дӕ хорзӕхӕй, ӕрхъуыды кӕн+ ӕмӕ мын де ’нувыд уарзт ма бахӕлӕг кӕн: фараонӕн-иу+ мӕ кой скӕн ӕмӕ мӕ ардыгӕй ракӕн. 15 Мӕн адавтой дзуттӕгты зӕххӕй+. Ӕмӕ ам дӕр никӕмӕн ницы ракодтон, афтӕмӕй мӕ ахӕстоны дзыхъхъы ныппӕрстой»+.

16 Дзулгӕнджыты хистӕр уый куы федта, ӕмӕ Иосиф иннӕмӕн хорз цыдӕртӕ радзырдта, уӕд ын уый дӕр загъта: «Ӕз та фыны федтон, цыма мӕ сӕрыл уыди ӕртӕ чыргъӕды урс дзултимӕ. 17 Уӕллаг чыргъӕды фараонӕн уыди, дзулгӕнӕг кӕй скодта, ахӕм алыхуызон хӕринӕгтӕ+, ӕмӕ сӕ, мӕ сӕрыл цы чыргъӕд уыди, уырдыгӕй мӕргътӕ+ хордтой». 18 Уӕд ын Иосиф загъта: «Байхъус, дӕ фын цы нысан кӕны, уымӕ+: ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны. 19 Ӕртӕ боны фӕстӕ дын фараон дӕ сӕр акъуырдзӕн* ӕмӕ дӕ хъӕдыл ӕрцауындздзӕн+, ӕмӕ дын дӕ мард мӕргътӕ хӕрдзысты»+.

20 Ӕртыккаг бон фараонӕн уыди йӕ гуырӕнбон+, ӕмӕ скодта куывд, фӕхуыдта йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ сӕндарты хистӕры ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕры йӕ лӕггадгӕнджыты размӕ ӕрбакӕнын кодта*+. 21 Гъемӕ сӕндарты хистӕры фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдта+, ӕмӕ та раздӕрау йӕ куыст кодта, фараонмӕ-иу къус балӕвӕрдта. 22 Дзулгӕнджыты хистӕры та ӕрцауыгъта+. Сӕ хабар рауад, Иосиф сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 23 Фӕлӕ сӕндарты хистӕр Иосифы не ’рхъуыды кодта, ферох дзы ис+.

41 Уымӕй рацыд дыууӕ азы, ӕмӕ фараон фыны федта+, цыма лӕууы Нилы цӕугӕдоны был. 2 Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ донӕй рацыд авд рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст хъуджы ӕмӕ Нилы был кӕрдӕгыл хизын райдыдтой+. 3 Сӕ фӕстӕ донӕй рацыд ӕндӕр авд хъуджы, уыдон та уыдысты фыдынд ӕмӕ мӕллӕг+. Ӕмӕ уыдон дӕр Нилы былыл иннӕ хъуццыты цур ӕрлӕууыдысты. 4 Стӕй фыдынд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой авд рӕсугъд ӕмӕ хӕрзхаст хъуджы+. Ӕмӕ уӕд фараон фехъал+.

5 Фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ бафынӕй ӕмӕ та федта фын: иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд нӕрст ӕмӕ дзаг ӕфсиры+. 6 Уыдоны фӕстӕ та ӕрзади+, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд афтид ӕфсиры+. 7 Ӕмӕ афтид ӕфсиртӕ аныхъуырдтой авд нӕрст ӕмӕ нӕмыгӕй дзаг ӕфсиры+. Ӕмӕ уӕд фараон фехъал ӕмӕ бамбӕрста, фын кӕй уыди, уый.

8 Райсомӕй фараон йӕхицӕн ӕнцой нал ардта+. Ӕмӕ Египеты цыдӕриддӕр кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ+ ӕмӕ зондджын лӕгтӕ+ уыди, уыдоны ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта+. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци уыцы фынтӕ райхалын.

9 Ӕмӕ уӕд сӕндарты хистӕр фараонӕн+ загъта: «Абон мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты мӕ тӕригъӕдтӕ+. 10 Иухатт ды, о цытджын фараон, смӕсты дӕ дӕ лӕггадгӕнджытӕм+, ӕмӕ мӕн дӕр ӕмӕ дзулгӕнджыты хистӕры дӕр, хъахъхъӕнджыты хистӕры+ хӕдзары раз цы ахӕстон ис, уым бакодтай. 11 Ӕмӕ уым иу ӕхсӕв нӕ дыууӕ дӕр федтам фынтӕ. Нӕ фынтӕ уыдысты алыхуызон ӕмӕ сӕ нысаниуӕг дӕр уыди алыхуызон+. 12 Уым немӕ уыди иу ӕрыгон дзуттаг+ лӕппу, хъахъхъӕнджыты хистӕры лӕггадгӕнӕг+. Ӕмӕ йын нӕ фынтӕ куы радзырдтам+, уӕд нын сӕ райхӕлдта. Загъта нын, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ фын цы нысан кодта, уый. 13 Ӕмӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад: мӕн фӕстӕмӕ мӕ бынаты сӕвӕрдтой+, дзулгӕнджыты хистӕры та ӕрцауыгътой»+.

14 Уӕд фараон Иосифмӕ арвыста+, цӕмӕй йӕ ахӕстонӕй ӕвӕстиатӕй ӕрбакодтаиккой+. Иосиф йӕхи адаста+, йӕ дзаумӕттӕ раивта+ ӕмӕ бацыд фараонмӕ. 15 Ӕмӕ йын фараон загъта: «Ӕз федтон фын, фӕлӕ йӕ никӕй бон у райхалын. Дӕу тыххӕй та афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ дын адӕймаг йӕ фын куы радзура, уӕд ӕй дӕ бон кӕй у райхалын»+. 16 Иосиф ын дзуапп радта: «Ӕз та цы дӕн! Ӕз нӕ, фӕлӕ Хуыцау раргом кӕндзӕн фараонӕн уыцы фын, цӕмӕй йын хорз уа»+.

17 Ӕмӕ фараон Иосифӕн радзырдта: «Фыны Нилы цӕугӕдоны был фестадтӕн. 18 Ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ донӕй рацыд авд хӕрзхаст ӕмӕ рӕсугъд хъуджы ӕмӕ Нилы был кӕрдӕгыл хизын райдыдтой+. 19 Сӕ фӕстӕ донӕй рацыд ӕндӕр авд хъуджы, уыдон та уыдысты мӕллӕг ӕмӕ фыдынд, царм ӕмӕ стджытӕ+. Ахӕм фыдынд хъуццытӕ ӕз Египеты зӕххыл никуы федтон. 20 Ӕмӕ мӕллӕг ӕмӕ фыдынд хъуццытӕ бахордтой авд хӕрзхаст хъуджы+. 21 Ӕмӕ сӕ кӕд бахордтой, уӕддӕр сыл никӕцырдыгӕй фӕзынд – куыд фыдынд ӕмӕ куыд мӕллӕг уыдысты, афтӕ баззадысты+. Ӕмӕ уӕд фехъал дӕн.

22 Уый фӕстӕ та фыны федтон, цыма иу мӕнӕуы зӕнгыл ӕрзад авд нӕрст ӕмӕ дзаг ӕфсиры+. 23 Стӕй та ӕндӕр зӕнгыл ӕрзад, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕм авд афтид ӕмӕ хус ӕфсиры+. 24 Ӕмӕ хус ӕфсиртӕ аныхъуырдтой авд нӕрст ӕфсиры+. Ӕмӕ мӕ фынтӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн радзырдтон+, фӕлӕ сӕ уыдонӕй никӕй бон баци райхалын»+.

25 Ӕмӕ уӕд Иосиф фараонӕн загъта: «Фараоны фынтӕн сӕ нысаниуӕг иу у. Ӕцӕг Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы саразинаг у, уый+. 26 Авд хӕрзхаст хъуджы сты авд азы. Ӕмӕ авд нӕрст ӕфсиры дӕр сты авд азы. Фараоны фынтӕн сӕ нысаниуӕг иу у. 27 Хӕрзхаст хъуццыты фӕстӕ цы авд мӕллӕг ӕмӕ фыдынд хъуджы рацыд, уыдон дӕр сты авд азы. Скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта+, уыцы авд афтид ӕфсиры сты авд ӕххормаг азы+. 28 Ӕмӕ ӕз дӕр уый дзырдтон фараонӕн: ӕцӕг Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый+.

29 Ӕнӕхъӕн Египеты авд азы зӕхх дӕтдзӕн тынг хъӕздыг тыллӕг. 30 Фӕлӕ уый фӕстӕ ралӕудзысты авд ӕххормаг азы, ӕмӕ Египеты зӕххыл ферох кӕндзысты, цы хъӕздыг тыллӕг истой, уый, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр сыдӕй мӕлдзысты+. 31 Ахӕм ӕххормаг рӕстӕг скӕндзӕн, ӕмӕ, раздӕр хъӕздыг тыллӕг кӕй уыд, уый зынгӕ дӕр никӕцӕйуал кӕндзӕн. 32 Фараон фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау уыцы хъуыддаг фидарӕй аскъуыддзаг кодта+ ӕмӕ йӕ тагъд рӕстӕджы кӕнгӕ дӕр бакӕндзӕн+.

33 Уӕдӕ фараон ссарӕд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын адӕймаджы ӕмӕ йӕ сӕвӕрӕд ӕгас Египеты сӕргъы+. 34 Ӕмӕ фараон бакӕнӕд афтӕ: ӕгас Египеты зӕххыл дӕр сӕвӕрӕд цӕстдарджытӕ+, ӕмӕ, хъӕздыг тыллӕг цы авд азы уа, уыцы авд азы ӕмбырд кӕнӕнт тыллӕгӕй фӕндзӕм хай+. 35 Уыцы тыллӕгджын азты хор ӕмбырд кӕнӕнт ӕмӕ йӕ горӕтты ӕфснайӕнт+, фараоны къухы куыд уа, афтӕ. 36 Уыцы ӕвӕрӕнтӕ уыдзысты, Египеты зӕххыл авд ӕххормаг азы куы скӕной, уӕдмӕ+, цӕмӕй адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр ӕххормагӕй ма сыскъуыйой»+.

37 Уыцы ныхӕстӕ фараонӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты+. 38 Ӕмӕ фараон йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ацы адӕймаг хайджын у Хуыцауы тыхӕй*. Ӕмӕ ма ахӕм лӕджы искуы ссардзыстӕм?»+ 39 Уый фӕстӕ фараон Иосифӕн загъта: «Иугӕр Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ дӕуӕн раргом кодта+, уӕд дӕу хуызӕн ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын ӕндӕр нӕй+. 40 Дӕу ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы+, ӕмӕ мӕ адӕм иууылдӕр хъусдзысты дӕ алы ныхасмӕ дӕр+. Паддзахбадӕныл кӕй бадын, ӕрмӕстдӕр уымӕй уыдзынӕн ӕз дӕуӕй уӕлдӕр»+. 41 Ӕмӕ ма фараон йӕ ныхасмӕ ноджыдӕр бафтыдта: «Ӕз дӕ ӕвӕрын ӕгас Египеты сӕргъы»+. 42 Ӕмӕ фараон йӕ къухӕй раласта, мыхуыримӕ йыл цы къухдарӕн+ уыди, уый, ӕмӕ йӕ Иосифы къухыл бакодта, скодта йыл ӕппӕты хуыздӕр хъуымацӕй хуыд дзаумӕттӕ ӕмӕ йын йӕ хъуырыл ӕрцауыгъта сызгъӕрин рӕхыс+. 43 Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ласой паддзахы дыккаг бӕхуӕрдоныл ӕмӕ йӕ адӕм кадджын кӕной+ ӕмӕ хъӕр кӕной: «Аврех!*» Афтӕ фараон Иосифы сӕвӕрдта ӕгас Египеты сӕргъы.

44 Стӕй фараон Иосифӕн загъта: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ ӕнӕ дӕу бафӕрсгӕйӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр йӕ къух дӕр ӕмӕ йӕ къах дӕр ничи фезмӕлын кӕндзӕн»+. 45 Уый фӕстӕ фараон Иосифы схуыдта Цафнаф-Панеах* ӕмӕ йын радта Асенефӕйы+ – горӕт Оны+ дзуарылӕг Потиферы чызджы. Ӕмӕ Иосиф араст, цӕмӕй Египеты зӕххыл ӕрзылдаид+. 46 Иосиф фараоны раз, Египеты паддзахы раз, куы ’рлӕууыд, уӕд ыл цыди ӕртын азы+.

Гъемӕ Иосиф фараонӕй рацыд ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл ӕрзылд. 47 Авд тыллӕгджын азы зӕхх лӕвӕрдта хъӕздыг тыллӕг+. 48 Ӕмӕ Египеты зӕхх уыцы авд азы цы тыллӕг лӕвӕрдта, уый Иосиф ӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ горӕтты ӕфснайдта+. Алы горӕты дӕр ӕфснайдта, йӕ алыварс быдыртӕй цы тыллӕг истой, уый+. 49 Ӕмӕ Иосиф ӕрӕмбырд кодта тынг бирӕ хор+, денджызы был змис цас ис, раст уыйбӕрц, ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ нымайгӕ дӕр нал кодтой, уымӕн ӕмӕ йын нӕ уыди банымайӕн+.

50 Цалынмӕ ӕххормаг рӕстӕг не скодта, уӕдмӕ Иосифӕн Асенефӕ, горӕт Оны дзуарылӕг Потиферы чызг, ныййардта дыууӕ фырты+. 51 Ӕмӕ Иосиф йӕ хистӕр фырты схуыдта Манасси*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Хуыцау мын ферох кӕнын кодта мӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр»+. 52 Йӕ дыккаг фырты та схуыдта Ефрем*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Бирӕ мӕстытӕ кӕм бавзӕрстон, уыцы зӕххыл мын Хуыцау радта зӕнӕг»+.

53 Уӕдмӕ фесты, Египеты зӕхх хъӕздыг тыллӕг куы лӕвӕрдта, уыцы авд азы+. 54 Ӕмӕ, Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ райдыдтой авд ӕххормаг азы+. Ӕппӕт бӕстӕты дӕр скодта ӕххормаг рӕстӕг, Египеты та уыди хойраг+. 55 Фӕлӕ ӕнӕхъӕн Египеты дӕр куы ницыуал уыди бахӕринаг, уӕд адӕм фараонӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, хойраг нын ратт, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ фараон египетӕгтӕн загъта: «Ацӕут Иосифмӕ, ӕмӕ уын уый куыд зӕгъа, афтӕ кӕнут»+. 56 Уӕдмӕ ӕххормаг рӕстӕг скодта ӕгас зӕххы цъарыл дӕр+. Ӕмӕ уӕд Иосиф байгом кодта, цыдӕриддӕр сӕм хордӕттӕ уыди, уыдон, ӕмӕ египетӕгтӕн хор уӕй кӕнын райдыдта+, уымӕн ӕмӕ Египеты тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта. 57 Ӕмӕ Египетмӕ Иосифӕй хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕтӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр скодта тынг ӕххормаг рӕстӕг+.

42 Иаков базыдта, Египеты хор кӕй ис, уый+. Ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Кӕрӕдзимӕ цы кӕсут?» 2 Стӕй ма сын загъта: «Ӕз фехъуыстон, Египеты кӕй ис хор+. Ацӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй аирвӕзӕм, науӕд ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм». 3 Ӕмӕ Иосифы дӕс ӕфсымӕры+ ацыдысты Египетмӕ хор ӕлхӕнынмӕ. 4 Фӕлӕ Иаков Вениамины+, Иосифы ӕфсымӕры, иннӕ ӕфсымӕртимӕ нӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ загъта: «Уӕд та ма йыл исты ’рцыд»+.

5 Израилы фырттӕ Египетмӕ ӕрцыдысты, хор ӕлхӕнынмӕ ма ноджыдӕр чи цыд, уыдонимӕ иумӕ, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл хӕринаг нӕ уыди+. 6 Иосиф та уыди Египеты хицау+. Алы рӕттӕй цы адӕм цыд, уыдонӕн хор уый уӕй кодта+. Гъемӕ Иосифмӕ ӕрбацыдысты йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывтой+. 7 Иосиф йе ’фсымӕрты куы федта, уӕд сӕ уайтагъд базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта+. Ӕмӕ сӕ тызмӕгӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрцыдыстут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ханааны зӕххӕй. Хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдыстӕм»+.

8 Афтӕ Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, уыдон та йӕ нӕ базыдтой. 9 Ӕмӕ ӕвиппайды Иосифӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, йе ’фсымӕрты фыны куыд федта, уый+, ӕмӕ сын загъта: «Сымах чидӕр ӕрбарвыста! Нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый базонынмӕ ӕрцыдыстут!»+ 10 Уыдон ын загътой: «Нӕ, нӕ буц хицау+, дӕ цагъартӕ+ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдысты. 11 Мах иууылдӕр стӕм иу лӕджы цот. Мах раст адӕм стӕм. Дӕ цагъарты ӕрвитгӕ ничи ӕрбакодта»+. 12 Фӕлӕ та сын уый загъта: «Нӕ, сымах уый тыххӕй ӕрцыдыстут, цӕмӕй базонат, нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый!»+ 13 Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: «Дӕ цагъартӕ уыдысты дыууадӕс ӕфсымӕры+. Мах иу лӕджы цот стӕм+, цӕрӕм Ханааны зӕххыл. Не ’фсымӕртӕй иу нал ис+, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад»+.

14 Фӕлӕ та сын Иосиф загъта: «Нӕ зӕгъын, чидӕр уӕ ӕрбарвыста! 15 Мах ӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ. Фараонӕй сомы кӕнын: цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр не ’рбацӕуа, уӕдмӕ ардыгӕй нӕ ацӕудзыстут+. 16 Уӕ иуы арвитут ӕмӕ уе ’фсымӕры ӕркӕнӕд, иннӕтӕ та уал уыдзысты ахст, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй базондзыстӕм, раст дзурут ӕви нӕ+. Кӕд нӕ, уӕд сомы кӕнын фараонӕй: сымах чидӕр ӕрбарвыста». 17 Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны ахӕстоны фӕдардта.

18 Ӕртыккаг бон сын Иосиф загъта: «Ӕз тӕрсын+ ӕцӕг Хуыцауӕй. Гъемӕ уӕдӕ, куыд уын зӕгъон, афтӕ бакӕнут ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут. 19 Кӕд ӕцӕгдӕр раст адӕм стут, уӕд уӕ иу баззайӕд ахӕстоны+, иннӕтӕ та ацӕуӕнт, ӕмӕ уӕ бинонтӕн хойраг аласут, уымӕн ӕмӕ сӕм, цы бахӕрой, уый нӕй+. 20 Ӕмӕ мӕм уый фӕстӕ ӕркӕнут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры, цӕмӕй базонон, кӕй нӕ сайут, ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут»+. Ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты.

21 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурын байдыдтой: «Не ’фсымӕры раз цы тӕригъӕд ракодтам, уый ныр фидӕм+. Уый нын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, фӕтӕригъӕд мын кӕнут, зӕгъгӕ, мах та йӕм нӕ байхъуыстам. Ӕмӕ ныл ацы бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй цӕуынц»+. 22 Ӕмӕ сын уӕд Рувим загъта: «Нӕ уын дзырдтон, лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ мӕм нӕ байхъуыстат+. Ӕмӕ йын ныр йӕ туг фидӕм»+. 23 Иосиф сын сӕ ныхӕстӕ кӕй ӕмбары, уый та нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ семӕ тӕлмацгӕнӕджы фӕрцы ныхас кодта. 24 Уӕд Иосиф сӕ разӕй ацыд ӕмӕ ныккуыдта+. Стӕй сӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ та семӕ аныхас кодта. Ӕмӕ се ’хсӕнӕй Симеоны ракодта+ ӕмӕ йӕ сӕ разы сбаста+. 25 Уый фӕстӕ Иосиф бардзырд радта, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, стӕй дзы алкӕмӕн дӕр йе ’хца фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой+ ӕмӕ сын семӕ фӕндагмӕ хӕринаг дӕр раттой+. Ӕмӕ афтӕ бакодтой.

26 Гъемӕ хор сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ араст сты. 27 Ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдысты, уым сӕ иу йӕ голлаг райхӕлдта, хӕрӕгӕн холлаг авӕрон, зӕгъгӕ+, ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ йе ’хцатӕ уым+. 28 Ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ме ’хцатӕ мын фӕстӕмӕ нывӕрдтой! Мӕнӕ мӕ голладжы сты!» Ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныллӕууыдысты, тарстхуызӕй кӕрӕдзимӕ бакастысты+ ӕмӕ загътой: «Ай нын Хуыцау цы бакуыста?»+

29 Сӕ фыд Иаковмӕ Ханааны зӕхмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд ын сӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдтой: 30 «Уыцы бӕстӕйы хицау чи у, уый немӕ тызмӕгӕй ныхас кодта+. Афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ нӕ чидӕр ӕрбарвыста+. 31 Фӕлӕ йын мах загътам: „Мах раст адӕм стӕм+. Ничи нӕ ӕрбарвыста. 32 Мах уыдыстӕм дыууадӕс ӕфсымӕры+, иу фыды цот+. Не ’фсымӕртӕй иу нал ис+, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад Ханааны“+. 33 Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы хицау чи у, уый нын загъта+: „Раст адӕм стут ӕви нӕ, уый ӕз базондзынӕн+. Уӕ иу ам мемӕ баззайӕд+, сымах та уе ’ххормаг бинонтӕн хӕринаг ахӕссут ӕмӕ ацӕут+. 34 Ӕмӕ мӕм уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры ӕркӕнут, цӕмӕй йӕ базонон, ӕрвитгӕ уӕ кӕй ничи ӕрбакодта, фӕлӕ ӕцӕгдӕр раст адӕм кӕй стут. Уӕд уе ’фсымӕры фӕстӕмӕ акӕндзыстут ӕмӕ уӕ бон уыдзӕн нӕ бӕстӕйы хор ӕлхӕнын“»+.

35 Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ куы ’вдӕлон кодтой, уӕд кӕсынц, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йе ’хцайы баст йӕ голладжы. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр ӕхцатӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. 36 Ӕмӕ сӕ фыд Иаков загъта: «Мӕ хъӕбултӕй мӕ ӕнӕхай фӕкодтат!+ Иосиф нал ис, Симеон дӕр афтӕ+, ныр та ма мын Вениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Мӕнӕ мӕ сӕр цытӕ ӕййафы!» 37 Фӕлӕ Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Фӕстӕмӕ дын ӕй куы нӕ ӕркӕнон, уӕд мын мӕ дыууӕ фырты дӕр амар+. Мӕ бар ӕй бакӕн, ӕз дын ӕй фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн»+. 38 Фӕлӕ Иаков загъта: «Мӕ лӕппу уемӕ нӕ ацӕудзӕн. Йе ’фсымӕр нал ис, ӕмӕ ма мын ӕрмӕст уый баззад+. Исты йыл куы ’рцӕуа фӕндагыл, уӕд мын мӕ урс сӕр кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ ингӕнмӕ* барвитдзыстут»+.

43 Уыцы бӕстӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта+. 2 Ӕмӕ Египетӕй цы хор ӕрбаластой, уый куы фӕци+, уӕд сын сӕ фыд загъта: «Ногӕй ацӕут ӕмӕ та иу гыццыл хойраг балхӕнут»+. 3 Уӕд ын Иудӕ дзуапп радта+: «Уыцы адӕймаг нӕ фӕдзӕхсгӕ бакодта, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд мын уӕхи мауал фенын кӕнут, зӕгъгӕ+. 4 Кӕд нын не ’фсымӕры немӕ ауадзай+, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ балхӕндзыстӕм хойраг. 5 Кӕд нӕ, уӕд та никуыдӕм ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы адӕймаг афтӕ загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд мын уӕхи мауал фенын кӕнут, зӕгъгӕ»+. 6 Ӕмӕ уӕд Израил загъта+: «Ахӕм ми мын цӕмӕн бакодтат? Уыцы лӕгӕн цӕмӕн загътат, ӕфсымӕр ма уын кӕй ис, уый?» 7 Уыдон ын дзуапп радтой: «Йӕхӕдӕг нӕ фарста нӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ хиуӕтты тыххӕй дӕр, уӕ фыд ма, дам, ӕгас у+, ӕфсымӕр ма уын ис, ӕмӕ йын мах дӕр дзуапп лӕвӕрдтам+. Кӕцӕй йӕ зыдтам, ӕмӕ нын афтӕ зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, уе ’фсымӕры ардӕм ӕркӕнут?»+

8 Фӕстагмӕ Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Ауадз лӕппуйы мемӕ+, цӕмӕй ацӕуӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайӕм, науӕд иууылдӕр ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм+ – мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр+. 9 Дзырд дын дӕттын, ницы йыл ӕрцӕудзӕн+. Исты йыл куы ’рцӕуа, уӕд-иу дзуапп мӕнӕй ӕрдом+. Фӕстӕмӕ дӕм ӕй куы не ’ркӕнон ӕмӕ йӕ дӕ разы куы не ’рлӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонтӕм аххосджын уыдзынӕн дӕ разы. 10 Ракӕ-бакӕ куы нӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты ацыдаиккам ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрцыдаиккам»+.

11 Уӕд сын сӕ фыд Израил загъта: «Кӕд ӕндӕр гӕнӕн нал ис+, уӕд афтӕ бакӕнут. Уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут, ацы зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уый+: иу гыццыл бальзам+, иу гыццыл мыд+, хӕрздӕф чъиу, чъиубӕласы цъар+, фисташкӕтӕ ӕмӕ миндалы ӕхсӕртӕ+. 12 Стӕй уемӕ ӕхца ахӕссут дыууӕ хатты фылдӕр, ӕмӕ уын уӕ голджыты кӕй раздӕхтой, уыцы ’хцатӕ дӕр фӕстӕмӕ ахӕссут+. Мыййаг кӕд рӕдийгӕ фӕкодтой+. 13 Ӕмӕ уе ’фсымӕры дӕр акӕнут ӕмӕ ацӕут уыцы адӕймагмӕ. 14 Ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕрфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ+, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна ӕмӕ уын уӕ иннӕ ӕфсымӕры дӕр ӕмӕ Вениамины дӕр фӕстӕмӕ рауадза. Фӕлӕ кӕд афтӕ уа, ӕмӕ мӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕн, уӕддӕр цы бакӕнон!»+

15 Гъемӕ уыдон дӕр нывӕрдтой сӕ лӕвӕрттӕ, рахастой дыууӕ хатты фылдӕр ӕхца, семӕ ракодтой Вениамины дӕр ӕмӕ араст сты Египетмӕ. Ӕмӕ уым Иосифы раз ӕрлӕууыдысты+. 16 Иосиф сын семӕ Вениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзары сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уыцы лӕгӕн загъта: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн. Фосӕй акусарт кӕн ӕмӕ фынгтӕ ӕрӕвӕр+, уымӕн ӕмӕ сихор мемӕ хӕрдзысты». 17 Ӕмӕ уый дӕр, Иосиф ын куыд загъта, афтӕ бакодта+, ӕмӕ сӕ ӕвӕстиатӕй Иосифы хӕдзармӕ акодта. 18 Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ тынг фӕтарстысты, Иосифы хӕдзармӕ сӕ кӕй акодтой, уымӕй+, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай размӕ ӕхца фӕстӕмӕ нӕ голджыты кӕй ахастам, уый тыххӕй нӕ кӕнынц ардӕм. Ныр нӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты ӕмӕ нын нӕ хӕрджыты дӕр байсдзысты!»+

19 Ӕмӕ уӕд, Иосифы хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уымӕ бацыдысты ӕмӕ къӕсӕрыл йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой 20 ӕмӕ йын загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, байхъус нӕм, нӕ буц хицау! Мах ма амӕй размӕ дӕр уыдыстӕм ам хор ӕлхӕнынмӕ+. 21 Фӕлӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдыстӕм+, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд кӕсӕм, ӕмӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ голладжы ӕхцатӕ – не ’хцатӕ иууылдӕр. Ӕмӕ сӕ мӕнӕ фӕстӕмӕ ӕрхастам+. 22 Хор балхӕнынӕн дӕр рахастам ӕхца. Гъеныр нын не ’хцатӕ нӕ голджыты чи сӕвӕрдта, уымӕн ницы зонӕм»+. 23 Уӕд сын уый загъта: «Ма тӕрсут+. Ницы аххосджын стут. Уый уын уӕ Хуыцау ӕмӕ уӕ фыды Хуыцау нывӕрдта уыцы хӕзна уӕ голджыты+. Уӕд кӕй бафыстат, уый ӕз зонын». Ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ Симеоны дӕр ракодта+.

24 Стӕй сӕ Иосифы хӕдзармӕ мидӕмӕ бакодта, ӕрбахаста сын дон, цӕмӕй сӕ къӕхтӕ ныхсадтаиккой+, ӕмӕ сын сӕ хӕрджытӕн холлаг радта+. 25 Ӕмӕ сихормӕ, Иосифы ӕрбацыдмӕ, сӕ лӕвӕрттӕ ӕрцӕттӕ кодтой+, уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, сихор уым кӕй хӕрдзысты+. 26 Иосиф куы ’рбацыд, уӕд ӕм сӕ лӕвӕрттӕ хӕдзармӕ бахастой ӕмӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+. 27 Уый фӕстӕ сӕ Иосиф бафарста, дзӕбӕх стут, зӕгъгӕ, стӕй ма сӕ афарста+: «Уӕ зӕронд фыды кой мын кодтат, ӕмӕ куыд у, дзӕбӕх у? Ӕгас ма у?»+ 28 Уыдон ын дзуапп радтой: «Дӕ цагъар, нӕ фыд, дзӕбӕх у. Нырма ӕгас у». Ӕмӕ та йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой+.

29 Иосиф сыл йӕ цӕст куы ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр Вениамины, йӕ мадызӕнӕджы+, куы федта, уӕд сӕ бафарста: «Ай у уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр? Ай кой мын кодтат?»+ Ӕмӕ стӕй загъта: «Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын у+, мӕ хъӕбул!» 30 Ӕмӕ Иосифӕн, йе ’фсымӕры фенгӕйӕ, йӕ зӕрдӕ суынгӕг+, ӕмӕ тагъд-тагъд мидӕггаг уатмӕ бацыд ӕмӕ уым фӕкуыдта+. 31 Стӕй йӕ цӕсгом ныхсадта, уатӕй рацыд, йӕхи фӕхъӕддых кодта ӕмӕ загъта+: «Рахӕссут хӕринӕгтӕ»+. 32 Ӕмӕ Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, уыдонӕн дӕр хицӕнӕй, стӕй, Иосифимӕ сихор чи хордта, уыцы египетӕгтӕн дӕр хицӕнӕй – египетӕгтӕн дзуттӕгтимӕ сӕ бон нӕ уыд иу фынгыл ӕрбадын, уымӕн ӕмӕ уый сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц+.

33 Ӕфсымӕрты Иосифы раз ӕрбадын кодтой куыдхистӕрӕй: уӕлейӕ бадт хистӕр ӕфсымӕр, хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ+, ӕппӕты дӕлейӕ та – кӕстӕр, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзимӕ дисгӕнгӕ ракӕс-бакӕс кодтой. 34 Ӕмӕ йын йӕ разы цы хӕринӕгтӕ ӕвӕрдтой, уыдонӕй сын хӕйттӕ ӕрвыста. Фӕлӕ Вениаминӕн цы хӕйттӕ ӕрвыста, уыдон иннӕты хӕйттӕй уыдысты фондз хатты фылдӕр+. Ӕмӕ афтӕ йемӕ дзӕбӕх минас кодтой+.

44 Цасдӕры фӕстӕ Иосиф, йӕ хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уыцы лӕгӕн+ загъта: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, сӕ бон ахӕссын цас бауыдзӕн, уыйбӕрц хор. Ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’хцатӕ йӕ голладжы нывӕр+. 2 Кӕстӕры голладжы та йӕ хоры ӕхцатимӕ нывӕр мӕ къус, ме ’взист къус». Ӕмӕ йын Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта+.

3 Куы ’рбабон, уӕд ӕфсымӕрты афӕндараст кодтой+, ӕмӕ сӕ хӕрджытимӕ араст сты. 4 Ӕмӕ горӕтӕй дард нӕма ацыдысты, афтӕ Иосиф, йӕ хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уымӕн загъта: «Рӕвдздӕр, уыцы адӕмы аййаф ӕмӕ сын зӕгъ: „Хорз ӕвзӕрӕй цӕмӕн фидут?+ 5 Цӕмӕн рахастат, мӕ хицау кӕмӕй фӕнуазы ӕмӕ дӕсны кӕмӕй фӕфӕрсы, уыцы къус?+ Тынг ӕвзӕр ми бакодтат“».

6 Гъемӕ сӕ уый дӕр баййӕфта ӕмӕ сын загъта уыцы ныхӕстӕ. 7 Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Нӕ буц хицау ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн кӕны? Дӕ цагъартӕ ахӕм ми куыд хъуамӕ бакодтаиккой? 8 Нӕ голджыты цы ’хцатӕ ссардтам, уыдон дӕр ма дын Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рхастам+, уӕд ныр нӕ хицауы хӕдзарӕй ӕвзист кӕнӕ сызгъӕрин куыд хъуамӕ адавтаиккам?+ 9 Уыцы къус кӕмӕ разына, уый амӕлӕд, мах та цагъартӕ суыдзыстӕм нӕ хицауӕн»+. 10 Уӕд сын уый загъта: «Куыддӕриддӕр зӕгъут, афтӕ уӕд+. Кӕмӕ разына, уый суыдзӕн мӕ цагъар+, иннӕтӕ та ницы аххосджын уыдзысты». 11 Ӕмӕ уайтагъд сӕ голджытӕ зӕхмӕ ӕристой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ голлаг байгом кодта. 12 Ӕмӕ дзы алкӕй голлаг дӕр федта. Хистӕрӕй райдыдта ӕмӕ кӕстӕрӕй фӕци. Ӕмӕ къус разынд Вениамины голладжы+.

13 Уӕд ӕфсымӕртӕ сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, алчидӕр сӕ йӕ хӕссинаг фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ горӕтмӕ аздӕхтысты. 14 Иудӕ+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Иосифы хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд нырма уым уыди, ӕмӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+. 15 Ӕмӕ сын Иосиф загъта: «Уый цы ми бакодтат? Нӕ йӕ зыдтат, мӕнӕн мӕ бон кӕй у дӕсны фӕрсын ӕмӕ алцыдӕр базонын?»+ 16 Уӕд Иудӕ загъта: «Цы зӕгъӕм нӕ хицауӕн? Цы у нӕ бон зӕгъын? Цӕмӕй у нӕ бон нӕхи сраст кӕнын?+ Ӕцӕг Хуыцау раргом кодта дӕ цагъарты тӕригъӕд+. Ныр мах стӕм нӕ хицауы цагъартӕ+, мах дӕр ӕмӕ, къус кӕмӕ разынд, уый дӕр!» 17 Фӕлӕ сын Иосиф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ нӕ бакӕндзынӕн!+ Къус кӕмӕ разынд, уый суыдзӕн мӕ цагъар+. Сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ»+.

18 Уӕд ӕм Иудӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Мӕ буц хицау, лӕгъстӕ дын кӕнын, дӕ цагъарӕн уый бар ратт, цӕмӕй дын йӕ ныхас зӕгъа+. Ма смӕсты у+ дӕ цагъармӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй ӕмӕ фараонӕй уӕлдай нӕй+. 19 Нӕ буц хицау бафарста йӕ цагъарты, фыд кӕнӕ ма уын ӕфсымӕр ис, зӕгъгӕ. 20 Ӕмӕ мах нӕ буц хицауӕн дзуапп радтам: „Ис нын зӕронд фыд ӕмӕ ма ноджыдӕр иу ӕфсымӕр, не ’ппӕты кӕстӕр+. Уый нӕ фыдӕн зӕрондырдӕм райгуырд. Йе ’фсымӕр нал ис, ӕрмӕстдӕр ма уый баззад йӕ мады зӕнӕгӕй+, ӕмӕ йӕ йӕ фыд бирӕ уарзы“. 21 Ӕмӕ уый фӕстӕ ды дӕ цагъартӕн загътай, ӕркӕнут мӕм ӕй, цӕмӕй йӕ мӕхи цӕстӕй фенон, зӕгъгӕ+. 22 Фӕлӕ мах нӕ буц хицауӕн загътам: „Лӕппуйӕн йӕ бон нӕу йӕ фыды ныууадзын. Куы йӕ ныууадза, уӕд фыд исты кӕндзӕн“+. 23 Уӕд ды дӕ цагъартӕн загътай: „Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куы не ’рцӕуа, уӕд мын уӕхи мауал фенын кӕнут“+.

24 Ӕмӕ уӕд мах ацыдыстӕм дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, ӕмӕ нын нӕ буц хицау цы загъта, уый йын радзырдтам. 25 Иуцасдӕры фӕстӕ нын нӕ фыд загъта, ногӕй ацӕут ӕмӕ та иу гыццыл хойраг балхӕнут, зӕгъгӕ+. 26 Фӕлӕ йын мах загътам: „Нӕ бон нӕу уырдӕм ацӕуын. Кӕд нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ ацӕуа, уӕд ацӕудзыстӕм. Уый немӕ куы нӕ уа, уӕд нӕ бон нӕу уыцы адӕймагӕн нӕхи равдисын“+. 27 Ӕмӕ нын уӕд дӕ цагъар, нӕ фыд, загъта: „Сымах ӕй зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты кӕй ныййардта+. 28 Иу бон мӕ сӕ иу ныууагъта ӕмӕ ӕз загътон: „Хъӕддаг сырд ӕй бахордта!“+ Ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нал федтон. 29 Ныр ма мын ай дӕр куы акӕнат ӕмӕ ауыл дӕр исты куы ’рцӕуа, уӕд мын мӕ урс сӕр ӕцӕгдӕр ингӕнмӕ* кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ барвитдзыстут“+.

30 Ӕмӕ ныр ӕз дӕ цагъармӕ, мӕ фыдмӕ, куы ’рыздӕхон ӕмӕ, йӕ удӕй фылдӕр кӕй уарзы, уыцы лӕппу немӕ куы нӕ уа+, 31 ӕмӕ, немӕ кӕй нӕй, уый куыддӕр фена, афтӕ исты кӕндзӕн. Ӕмӕ дӕ цагъартӕ сӕ фыдӕн йӕ урс сӕр ингӕнмӕ кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ барвитдзысты. 32 Афтӕмӕй та, лӕппуйы йӕ фыдӕй куы кодтам, уӕд ӕз дӕ цагъарӕн, нӕ фыдӕн, дзырд радтон+, зӕгъын дӕм ӕй фӕстӕмӕ куы не ’ркӕнон, уӕд цӕрӕнбонтӕм аххосджын уыдзынӕн дӕ разы+. 33 Ӕмӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ буц хицау, лӕппуйы бӕсты цагъарӕй мӕн ныууадз, уый та йе ’фсымӕртимӕ ацӕуӕд+. 34 Лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд афтӕмӕй куыд аздӕхон мӕ фыдмӕ ӕмӕ мӕ фыды цы бӕллӕх баййафдзӕн, уымӕ куыд кӕсон?»+

45 Иосиф уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕггадгӕнджыты раз йӕ бон нал уыди йӕхиуыл хӕцын+, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уе ’ппӕт дӕр ацӕут ардыгӕй!» Ӕмӕ дзы йе ’фсымӕрты йеддӕмӕ куы ничиуал баззад, уӕд сын йӕхи схъӕр кодта+.

2 Ӕмӕ афтӕ хъӕрӕй ныккуыдта+, ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ фехъуыстой. Уыцы хабар бахӕццӕ фараоны хӕдзармӕ дӕр. 3 Ӕмӕ Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у?» Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ бон дзурын дӕр нал уыди+. 4 Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, хӕстӕгдӕр-ма мӕм ӕрбацӕут». Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр бацыдысты.

Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Ӕз уе ’фсымӕр дӕн, Иосиф, Египетмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый+. 5 Фӕлӕ мӕ ардӕм кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхи ма хӕрут+ ӕмӕ уӕхимӕ ма мӕсты кӕнут. Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна+. 6 Ныр дыккаг аз ис зӕххыл ӕххормаг рӕстӕг+, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы ахӕсдзӕн – нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр тыллӕг ӕфснайдзысты+. 7 Ӕмӕ мӕ Хуыцау уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ диссаджы хуызы аирвӕзын кӕна, ӕмӕ зӕххыл уӕ мыггаг ма фесӕфа*+. 8 Уӕдӕ мӕ сымах нӕ рарвыстат ардӕм+, фӕлӕ мӕ ӕцӕг Хуыцау рарвыста, цӕмӕй мӕ сӕвӕрдтаид фараонӕн фыдӕй*+, стӕй хицауӕй йӕ хӕдзарӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Египетӕн дӕр.

9 Ныр тагъддӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут: „Дӕ фырт Иосиф афтӕ зӕгъы: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта хицауӕй ӕгас Египетӕн дӕр+. Тагъддӕр мӕм ӕрцу. 10 Ӕрцӕрдзынӕ Гесемы зӕххыл+, ӕмӕ мӕ фарсмӕ уыдзынӕ: дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ фыртты фырттӕ дӕр, дӕ фос иууылдӕр ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр. 11 Ӕз дӕ уым хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзар дӕр ма смӕгуыр уа ӕмӕ ӕнӕ ницӕмӕй ма баззайай, уымӕн ӕмӕ ӕххормаг рӕстӕг нырма фондз азы ахӕсдзӕн“+. 12 Сымах дӕр ӕмӕ йӕ ме ’фсымӕр Вениамин дӕр уӕхи цӕстӕй уынут, ӕз мӕхӕдӕг кӕй дзурын уемӕ+. 13 Уӕдӕ мӕ фыдӕн радзурут, Египеты мын цы стыр кад ис, уый тыххӕй, стӕй, цы федтат, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ мын мӕ фыды тагъддӕр ардӕм ӕркӕнут».

14 Уый фӕстӕ Вениаминыл ныттыхсти ӕмӕ ныккуыдта. Ӕмӕ йыл Вениамин дӕр ныттыхст ӕмӕ уый дӕр куыдта+. 15 Ӕмӕ пъатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ сын кӕугӕйӕ хъӕбыстӕ кодта+. Ӕмӕ уый фӕстӕ йе ’фсымӕртӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой.

16 Хабар фехъуыстой фараоны хӕдзары, Иосифӕн, дам, йе ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты. Ӕмӕ уый ӕхсызгон уыди фараонӕн дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр+. 17 Ӕмӕ фараон Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн зӕгъ афтӕ: „Уӕ хӕссинӕгтӕ уӕ хӕрджытыл сӕвӕрут ӕмӕ ацӕут Ханааны зӕхмӕ+, 18 ӕмӕ ракӕнут уӕ фыды дӕр ӕмӕ уӕ бинонты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ ардӕм ӕрцӕут. Ӕз уын ратдзынӕн, Египеты хорзӕй цы ис, уый. Нӕ зӕххыл хуыздӕрӕй цы зайы, уыдон хӕрдзыстут“+. 19 Ӕмӕ сын ноджыдӕр бафӕдзӕхс+: „Египетӕй акӕнут уӕрдӕттӕ+ ӕмӕ раласут уӕ устыты, уӕ сывӕллӕтты ӕмӕ уӕ фыды ӕмӕ ардӕм ӕрцӕут+. 20 Уӕ мулк ныууадзын уӕм ӕвгъау ма фӕкӕсӕд+, уымӕн ӕмӕ, ӕгас Египеты дӕр хорзӕй цы ис, уый сымах уыдзӕн“»+.

21 Гъемӕ Израилы фырттӕ дӕр афтӕ бакодтой, ӕмӕ сын фараоны ныхасмӕ гӕсгӕ Иосиф радта уӕрдӕттӕ, стӕй сын радта, фӕндагмӕ сӕ цыдӕриддӕр хъуыди+, уый дӕр. 22 Алкӕмӕн дӕр сӕ радта фӕйнӕ ног уӕлӕдарӕсы+, Вениаминӕн та радта ӕртӕсӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фондз уӕлӕдарӕсы+. 23 Ӕмӕ йӕ фыдӕн арвыста дӕс нӕл хӕрӕджы ӕмӕ сыл сӕвӕрдта, Египеты хорзӕй цы уыди, уыдӕттӕ. Стӕй дӕс сыл хӕрӕджы, уыдоныл та йӕ фыдӕн фӕндагмӕ сӕвӕрдта хор, дзул ӕмӕ ӕндӕр хӕринаг. 24 Ӕмӕ уый фӕстӕ йе ’фсымӕрты афӕндараст кодта, ӕмӕ араст сты. Ӕрмӕст сӕ бафӕдзӕхста: «Фӕндагыл-иу кӕрӕдзимӕ ма хыл кӕнут»+.

25 Ӕмӕ рацыдысты Египетӕй ӕмӕ ӕрыздӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыд Иаковмӕ. 26 Ӕмӕ йын загътой: «Иосиф ӕгас у! Уый у хицау ӕгас Египетӕн дӕр!»+ Фӕлӕ сын Иаков сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг нӕ айста, уымӕн ӕмӕ сыл нӕ баууӕндыд+. 27 Фӕлӕ сын Иосиф цы загъта, уыдӕттӕ йын иууылдӕр куы радзырдтой, стӕй Иосиф йӕ раласынӕн цы уӕрдӕттӕ рарвыста, уыдон куы федта, уӕд дзы ныфс* бацыд+. 28 Ӕмӕ Израил загъта: «Ныр мӕ уырны, мӕ фырт Иосиф ӕгас кӕй у! Фӕцӕуон ӕмӕ ма цалынмӕ ӕгас дӕн, уӕдмӕ йӕ фенон!»+

46 Гъемӕ Израил ӕмӕ, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыди, уыдон араст сты ӕмӕ ’рцыдысты Вирсавимӕ+. Ӕмӕ уым йӕ фыд Исахъы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ+. 2 Ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ Хуыцау ӕхсӕвы цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ йӕм фӕдзырдта+: «Иаков, Иаков!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн»+. 3 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг Хуыцау+, дӕ фыды Хуыцау+. Ма тӕрс, ацу Египетмӕ. Уым ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм+. 4 Ӕз мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ Египетмӕ, ӕмӕ дӕ уырдыгӕй дӕр фӕстӕмӕ мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн+. Иосиф дын йӕхӕдӕг ӕрӕхгӕндзӕн дӕ цӕстытӕ»+.

5 Уый фӕстӕ Иаков Вирсавийӕ дарддӕр араст. Израилы, ома Иаковы фырттӕ сӕ фыды, сӕ сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ устыты раластой, фараон ӕм цы уӕрдӕттӕ рарвыста, уыдоныл+. 6 Семӕ ратардтой, Ханааны зӕххыл цы фос скодтой, уыдон иууылдӕр ӕмӕ сӕм цы мулк ӕрӕмбырд, уый дӕр рахастой+. Ӕппынфӕстаг Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕрхӕццӕ сты Египетмӕ. 7 Йемӕ Египетмӕ ӕркодта йӕ фыртты, йӕ фыртты фыртты, йӕ чызджыты ӕмӕ йӕ фыртты чызджыты – йӕ байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр+.

8 Адон сты, Израилы, ома Иаковы фырттӕй Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон+. Иаковӕн йӕ хистӕр фырт уыд Рувим+.

9 Рувимы фырттӕ уыдысты Ханох, Фаллу, Есром ӕмӕ Харми+.

10 Симеоны+ фырттӕ уыдысты Йемуил, Иамин, Огад, Иахин+, Цохар ӕмӕ Саул+ – уый йын уыд ханаайнаг сылгоймагӕй.

11 Левийы+ фырттӕ уыдысты Гирсон+, Кааф+ ӕмӕ Мерари+.

12 Иудӕйы+ фырттӕ уыдысты Ир+, Онан+, Шелӕ+, Фарес+ ӕмӕ Зара+. Фӕлӕ Ир ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл+.

Фаресы фырттӕ уыдысты Есром+ ӕмӕ Хамул+.

13 Иссахары+ фырттӕ уыдысты Фолӕ+, Фувӕ+, Иов ӕмӕ Шимрон+.

14 Завулоны+ фырттӕ уыдысты Серед, Елон ӕмӕ Иахлеил+.

15 Адон сты Лийӕйы+ фырттӕ, Иаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййардта, уыдон, уым ын ныййардта йӕ чызг Динӕйы+ дӕр. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын ӕртӕ уды.

16 Гады+ фырттӕ уыдысты Цифион, Хагги, Шуни, Ецбон, Ери, Ароди ӕмӕ Арели+.

17 Асиры+ фырттӕ уыдысты Имнӕ, Ишвӕ, Ишви ӕмӕ Бери+. Уыди ма сын хо дӕр, Серах, зӕгъгӕ.

Берийы фырттӕ уыдысты Хевер ӕмӕ Малхиил+.

18 Адон сты, Лаван йӕ чызг Лийӕйӕн кӕй радта, уыцы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Зелфӕйы+ фырттӕ. Уыдоны ныййардта Зелфӕ Иаковӕн – ӕдӕппӕтӕй ӕхсӕрдӕс уды.

19 Иаковы ус Рахилы+ фырттӕ уыдысты Иосиф+ ӕмӕ Вениамин+.

20 Иосифӕн Египеты зӕххыл райгуырдысты Манасси+ ӕмӕ Ефрем*+. Ныййардта йын сӕ Асенефӕ+, горӕт Оны дзуарылӕг Потиферы чызг.

21 Вениамины фырттӕ уыдысты Белӕ+, Бехер+, Ашбел, Герӕ+, Нааман+, Ехи, Рош, Муппим+, Хуппим+ ӕмӕ Ард.

22 Адон сты Рахилы фырттӕ, Иаковӕн кӕй ныййардта, уыдон – ӕдӕппӕтӕй цыппӕрдӕс уды.

23 Даны+ фырттӕ уыдысты Хушим+...

24 Неффалимы+ фырттӕ уыдысты Иахцеил, Гуни+, Йецер ӕмӕ Шиллем+.

25 Адон сты, Лаван йӕ чызг Рахилӕн кӕй радта, уыцы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Валлӕйы+ цот. Уыдоны ныййардта Валлӕ Иаковӕн – ӕдӕппӕтӕй авд уды.

26 Иаковимӕ Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон иууылдӕр уыдысты йӕ байзӕддӕгтӕ+, йӕ чындзытӕй фӕстӕмӕ. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай ӕхсӕз уды. 27 Иосифӕн та Египеты райгуырд дыууӕ фырты. Уӕдӕ Иаковы бинонтӕ, Египетмӕ чи ’рцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды*+.

28 Ӕмӕ Иаков Иудӕйы+ йӕ разӕй арвыста, зӕгъгӕ, Иосифӕн фӕхабар кӕн, Гесеммӕ кӕй фӕцӕуын. Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцыдысты Гесеммӕ+. 29 Уӕд Иосиф йӕ бӕхуӕрдон арӕвдз кӕнын кодта ӕмӕ ацыд Гесеммӕ, йӕ фыд Израилы размӕ+. Ӕмӕ йӕ куыддӕр федта, афтӕ йыл ныттыхст ӕмӕ йын хъӕбыстӕ кодта ӕмӕ куыдта ӕмӕ куыдта+. 30 Ӕмӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ныр амӕлыныл дӕр разы дӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ федтон ӕмӕ йӕ зонын, ӕгас кӕй дӕ».

31 Уӕд Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕн загъта: «Ӕз ацӕудзынӕн ӕмӕ фараонӕн фӕхабар кӕндзынӕн+: „Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕм мӕ фыды хӕдзаронтӕ Ханааны зӕххӕй ӕрцыдысты+. 32 Уыдон сты фыййӕуттӕ+, фосы куыст кӕнынц+. Ӕмӕ сӕ фос дӕр иууылдӕр семӕ ратардтой, ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон раластой ардӕм“+. 33 Ӕмӕ уӕм фараон куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыст кӕнут, зӕгъгӕ, 34 уӕд-иу ын зӕгъут: „Дӕ цагъартӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фосы куыст кӕнынц. Уыцы куыст кодтой нӕ фыдӕлтӕ дӕр“+. Уӕд уӕ Гесемы зӕххыл ӕрцӕрын кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ фыййау египетӕгты цӕсты ӕлгъаг у»+.

47 Гъемӕ Иосиф фараонмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта+: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй ӕмӕ ныр сты Гесемы. Семӕ сты сӕ фос ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый»+. 2 Иосиф ма йемӕ фараонмӕ бакодта йе ’фсымӕртӕй фондзы+.

3 Ӕмӕ йын фараон йе ’фсымӕрты бафарста: «Цы куыст кӕнут?»+ Уыдон фараонӕн дзуапп радтой: «Дӕ цагъартӕ сты фыййӕуттӕ+. Уыцы куыст кодтой нӕ фыдӕлтӕ дӕр»+. 4 Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загътой: «Мах ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй иуцасдӕр ацы зӕххыл ацӕрӕм+, уымӕн ӕмӕ Ханааны зӕххыл тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта+, ӕмӕ дӕ цагъартӕн, сӕ фос кӕм хизой, уый нӕй+. Ӕмӕ дӕ курӕг стӕм, дӕ цагъарты бауадз Гесемы ӕрцӕрын»+. 5 Ӕмӕ уӕд фараон Иосифӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ дӕм де ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты. 6 Египеты зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис+. Дӕ фыды ӕмӕ де ’фсымӕрты ӕппӕты хуыздӕр ран ӕрцӕрын кӕн+. Цӕрӕнт Гесемы+. Ӕмӕ кӕд се ’хсӕн хъӕбатыр адӕймӕгтӕ ис+, уӕд сын мӕ фос сӕ бар бакӕн»+.

7 Уый фӕстӕ Иосиф фараонмӕ бакодта йӕ фыд Иаковы ӕмӕ йын загъта, ай мӕ фыд у, зӕгъгӕ, ӕмӕ Иаков фараонӕн раарфӕ кодта+. 8 Ӕмӕ фараон Иаковы бафарста: «Цал азы дыл цӕуы?» 9 Иаков фараонӕн дзуапп радта: «Алы рӕтты ӕрцӕуӕггагӕй фӕцардтӕн сӕдӕ ӕртын азы+. Гыццыл ӕмӕ тухиаг уыдысты мӕ царды бонтӕ+. Ӕз, мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, уыйбӕрц нӕ фӕцардтӕн – уыдон дӕр алы рӕтты ӕрцӕуӕггагӕй фӕцардысты»+. 10 Уый фӕстӕ Иаков фараонӕн раарфӕ кодта ӕмӕ рацыд+.

11 Гъемӕ фараон куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Иосиф йӕ фыды ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Египеты зӕххыл. Зӕххытӕ сын радта ӕппӕты хуыздӕр ран, Раамсесы+. 12 Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн, йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕн се ’ппӕтӕн дӕр хӕринаг лӕвӕрдта+, кӕмӕн дзы цал сывӕллоны уыди, уымӕ гӕсгӕ+.

13 Фӕстагмӕ ӕгас зӕххыл хӕринаг нал уыди, уымӕн ӕмӕ тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта+, ӕмӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр адӕмӕн ӕххормагӕй сӕ бон нал уыд+. 14 Ӕмӕ Иосиф ӕмбырд кодта, Египеты ӕмӕ Ханааны зӕххыл цыдӕриддӕр ӕхцатӕ уыди, адӕм хор кӕмӕй ӕлхӕдтой, уыцы ӕхцатӕ иууылдӕр+, ӕмӕ сӕ фараоны хӕдзары ӕвӕрдта. 15 Гъемӕ цасдӕры фӕстӕ Египеты зӕххыл дӕр ӕмӕ Ханааны зӕххыл дӕр ӕхца никӕмӕуал баззад. Ӕмӕ египетӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Иосифмӕ цӕуын байдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Ратт нын хойраг!+ Ӕхца нӕм нал ис, ӕмӕ ныр уый тыххӕй хъуамӕ ӕххормагӕй амӕлӕм дӕ разы?»+ 16 Ӕмӕ сын уӕд Иосиф загъта: «Кӕд уӕм ӕхца нал ис, уӕд ӕрбатӕрут уӕ фос, ӕмӕ уын ӕз та дӕтдзынӕн хойраг». 17 Ӕмӕ сӕ фос Иосифмӕ тӕрын байдыдтой, ӕмӕ сын сӕ бӕхты, сӕ фысты, се стурты ӕмӕ сӕ хӕрджыты ныхмӕ Иосиф лӕвӕрдта хойраг+. Гъемӕ йӕм сӕ фос тардтой, ӕмӕ сӕ уыцы аз хойрагӕй цух нӕ уагъта.

18 Уӕдмӕ уыцы аз фӕци, ӕмӕ та иннӕ аз адӕм Иосифмӕ цӕуын байдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Цы йӕ ӕмбӕхсӕм дӕуӕй, нӕ буц хицау: не ’хца ӕмӕ нӕ фос дӕр иууылдӕр нӕ буц хицауӕн радтам+. Ницыуал нӕм баззад, нӕхицӕй ӕмӕ нӕ зӕххытӕй фӕстӕмӕ+. 19 Дӕ разы цӕмӕн хъуамӕ фесӕфӕм+ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр? Балхӕн нӕ, хойрагыл дын дӕттӕм нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххытӕ+, ӕмӕ нӕ зӕххытимӕ фараонӕн цагъартӕ уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын ратт мыггаг тауынӕн, цӕмӕй аирвӕзӕм, кӕннод ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр дзӕгъӕл баззайдзысты»+. 20 Гъемӕ Иосиф египетӕгты зӕххытӕ иууылдӕр фараонӕн балхӕдта+, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕххормагӕй мардысты, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ зӕхх ауӕй кодта. Ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх иууылдӕр баци фараоны.

21 Египеты бӕстӕйы иу кӕронӕй иннӕмӕ цыдӕриддӕр адӕм цард, уыдоны та сыстын кодта ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта горӕтты+. 22 Ӕрмӕст дзуарылӕгты зӕххытӕ нӕ балхӕдта+, уымӕн ӕмӕ дзуарылӕгтӕ цардысты, фараон сын цы лӕвӕрдта, уымӕй+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон сӕ зӕххытӕ нӕ ауӕй кодтой+. 23 Ӕмӕ Иосиф адӕмӕн загъта: «Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр фараонӕн балхӕдтон. Мӕнӕ уын мыггаг, ӕмӕ йӕ уӕ хуымты байтаут+. 24 Цы тыллӕг дзы сисат+, уымӕн йӕ фӕндзӕм хай ратдзыстут фараонӕн+, цыппар хайы та баззайдзысты уӕхицӕн – хуымтӕ тауынӕн, стӕй уын уыдзӕн хӕринаг дӕр уӕхицӕн, уӕ хӕдзӕртты чи ис, уыдонӕн ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн»+. 25 Гъемӕ йын уыдон загътой: «Нӕ буц хицау, ды нӕ аирвӕзын кодтай+. Дӕ хорзӕх нӕ уӕд, ӕмӕ цагъартӕ дӕр уыдзыстӕм фараонӕн»+. 26 Ӕмӕ Иосиф рауагъта закъон Египеты зӕххыты тыххӕй, цӕмӕй тыллӕджы фӕндзӕм хай дӕттой фараонӕн, ӕмӕ уыцы закъон йӕ тыхы ис абоны онг дӕр. Ӕрмӕст дзуарылӕгты зӕххытӕ нӕ баисты фараоны – уыдонӕн сӕ хабар ӕндӕр уыд+.

27 Гъемӕ израилӕгтӕ цардысты Египеты зӕххыл, Гесемы+. Уым ӕрбынӕттон сты, цот уагътой ӕмӕ тынг сбирӕ сты+. 28 Иаков Египеты фӕцард ӕвддӕс азы. Ӕдӕппӕтӕй та фӕцард сӕдӕ цыппор авд азы+.

29 Ӕмӕ ӕрхӕстӕг Израилӕн йӕ мӕлӕты сахат+. Ӕмӕ фӕдзырдта йӕ фырт Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, дӕ къух мын мӕ быны*+ бакӕн ӕмӕ мын расомы кӕн, де ’нувыд уарзтӕй мӕ ӕнӕхай кӕй нӕ фӕкӕндзынӕ ӕмӕ мыл дӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзынӕ+. Курӕг дӕ дӕн, Египеты мӕ ма баныгӕн+. 30 Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтау куы амӕлон+, уӕд-иу мын мӕ мард Египетӕй рахӕсс ӕмӕ-иу мӕ сӕ фарсмӕ бавӕр»+. Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн». 31 Уӕд ын Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Ӕмӕ йын Иосиф расомы кодта+. Ӕмӕ уӕд Израил йӕ нывӕрзӕнырдӕм разылд ӕмӕ йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта+.

48 Иуцасдӕры фӕстӕ Иосифӕн фӕхабар кодтой: «Дӕ фыд ӕвзӕр у». Уӕд Иосиф йӕ дыууӕ фырты, Манасси ӕмӕ Ефремы, йемӕ ракодта ӕмӕ йӕм ацыд+. 2 Ӕмӕ Иаковӕн загътой, дӕ фырт Иосиф дӕм ӕрбацыд, зӕгъгӕ. Гъемӕ Израил йӕхиуыл куыддӕрты схӕцыд ӕмӕ йӕ хуыссӕны рабадт. 3 Ӕмӕ Иосифӕн загъта:

«Лузы+, Ханааны зӕххыл мӕм фӕзынд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ мын раарфӕ кодта+. 4 Уый мын загъта: „Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддаг+ ӕмӕ дӕ сбирӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕй рауадздзынӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ+ ӕмӕ ацы зӕхх ӕнустӕм ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн“+. 5 Уӕдӕ дӕм ӕз цалынмӕ не ’рцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам Египеты чи райгуырд, дӕ уыцы дыууӕ фырты уыдзысты мӕн+. Рувим ӕмӕ Симеон мӕн куыд сты, афтӕ Ефрем ӕмӕ Манасси дӕр уыдзысты мӕн+. 6 Сӕ фӕстӕ дын цы цот рацӕуа, уыдон та уыдзысты дӕхи. Уыдонӕн хай уыдзӕн, сӕ дыууӕ ӕфсымӕры бынӕн цы зӕхх райсой, уымӕй+. 7 Падданӕй+ фӕстӕмӕ куы здӕхтӕн, уӕд мын Рахил фӕндагыл Ханааны зӕххыл амард+, Ефрафӕмӕ+, ома Вифлееммӕ мӕ нырма бирӕ хъуыди, афтӕ, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтон»+.

8 Уый фӕстӕ Израил Иосифы фырттӕм бакаст ӕмӕ йӕ бафарста: «Чи сты адон та?»+ 9 Иосиф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Адон мӕ фырттӕ сты, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон»+. Уӕд ын Иаков загъта: «Хӕстӕгдӕр-ма мӕм сӕ ӕрбакӕн, ӕз сын раарфӕ кӕнон»+. 10 Израил зӕронд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цӕстӕй нал уыдта+. Гъемӕ йӕм сӕ Иосиф бакодта, ӕмӕ Израил сӕ дыууӕйӕн дӕр апъа кодта ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта+. 11 Ӕмӕ стӕй Иосифӕн загъта: «Ӕз дӕ фенын ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн+, Хуыцау та мын дӕ сывӕллӕтты дӕр фенын кодта». 12 Уый фӕстӕ сӕ Иосиф йӕ фыдӕй* иуварс ракодта ӕмӕ йын зӕххы онг ныллӕг акуывта+.

13 Стӕй Иосиф йӕ дыууӕ фыртӕн сӕ къухтыл ныххӕцыд, Ефремыл рахиз къухӕй – Израилӕн галиуырдыгӕй куыд уыдаид+, афтӕ, Манассийыл та галиу къухӕй – Израилӕн рахизырдыгӕй куыд уыдаид, афтӕ+, ӕмӕ сӕ йӕ фыдмӕ бакодта. 14 Фӕлӕ Израил йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефремы сӕрыл+, кӕд уый кӕстӕр уыди, уӕддӕр+, йӕ галиу къух та ӕрӕвӕрдта Манассийы сӕрыл+. Афтӕ барӕй бакодта – зыдта йӕ, Манасси хистӕр кӕй уыди+. 15 Ӕмӕ Иосифӕн раарфӕ кодта+:

«О иунӕг ӕцӕг Хуыцау, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исахъ кӕмӕн лӕггад кодтой*+,

Мӕ райгуырдӕй абоны онг мӕ Фыййау чи у+,

16 Мӕн ӕппӕт бӕллӕхтӕй дӕр чи фервӕзын кодта+, уыцы зӕд, ацы лӕппутӕн раарфӕ кӕн+.

Раарфӕ сын кӕн, мӕ номӕй ӕмӕ сӕ мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исахъы номӕй куыд хоной+

Ӕмӕ сӕ цот зӕххыл куыд сбирӕ уой»+.

17 Иосиф уый куы федта, ӕмӕ йӕ фыд йӕ рахиз къух Ефремы сӕрыл ӕрӕвӕрдта, уӕд ын хъыг уыди+, ӕмӕ хъавыди йӕ фыды къух Ефремы сӕрӕй райсын ӕмӕ йӕ Манассийы сӕрыл ӕрӕвӕрын+. 18 Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдӕн загъта: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Хистӕр ай у+, ӕмӕ дӕ рахиз къух ай сӕрыл ӕрӕвӕр». 19 Фӕлӕ йӕ фыд нӕ бакуымдта ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рацӕудзӕн хицӕн адӕмыхатт ӕмӕ уый дӕр суыдзӕн кадджын+. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уымӕй кадджындӕр уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты тынг бирӕ – ӕнӕхъӕн адӕмты бӕрц»+. 20 Ӕмӕ сын уыцы бон ноджыдӕр раарфӕ кодта+:

«Дӕ номӕй Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн арфӕ кӕндзысты,

Хуыцау дӕ Ефрем ӕмӕ Манассийы хуызӕн скӕнӕд, зӕгъгӕ»+.

Афтӕмӕй Ефремы сӕвӕрдта Манассийы разӕй+.

21 Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ӕз мӕлгӕ кӕнын+. Фӕлӕ Хуыцау амӕй фӕстӕмӕ дӕр уыдзӕни уемӕ ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ+. 22 Ӕмӕ ӕз дӕуӕн дӕттын де ’фсымӕртӕй иу зӕххы хай фылдӕр+ – аморейтӕй йӕ байстон мӕ хъама ӕмӕ ме ’рдыны фӕрцы».

49 Цасдӕры фӕстӕ Иаков фӕдзырдта йӕ фырттӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрӕмбырд ут иумӕ, ӕмӕ уын ӕз радзурдзынӕн, фӕстаг бонты уӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. 2 Ӕрӕмбырд ут ӕмӕ байхъусут, Иаковы фырттӕ. Байхъусут уӕ фыд Израилмӕ+.

3 Рувим, ды дӕ мӕ зӕнӕджы хистӕр+, мӕ тых ӕмӕ мӕ лӕджы хъаруйы райдиан+. Кад ӕмӕ дын тыхӕй ӕмбал нӕ уыд. 4 Фӕлӕ дӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕсс+, уымӕн ӕмӕ де ’нӕгъдаудзинад уыди абухгӕ донау, ды схызтӕ дӕ фыды хуыссӕнмӕ+. Ды мын уӕд фӕчъизи кодтай мӕ хуыссӕнуат+. О, уый схызт мӕ хуыссӕнмӕ!

5 Симеон ӕмӕ Леви сты ӕфсымӕртӕ+. Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сты тыхгӕнджыты хӕцӕнгӕрзтӕ+. 6 Дӕхи сыл ма сбӕтт+, мӕ уд. Семӕ+ ма баиу у, мӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ масты фӕдыл ацыдысты ӕмӕ адӕмы ныццагътой+, сӕ фырхивӕндӕй галты нуӕрттӕ дӕр ныллыг кодтой. 7 Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ маст+, уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр у+. Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ судзгӕ маст+, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд нӕ зоны. Ныппырх сӕ кӕндзынӕн Иаковы зӕххыл, ныххӕлиу сӕ кӕндзынӕн Израилыл+.

8 Дӕу та, Иудӕ+, де ’фсымӕртӕ скадджын кӕндзысты+. Де знӕгтӕн сӕ бӕрзӕйыл ныххӕцдзынӕ+. Дӕ фыды фырттӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты+. 9 Иудӕ у домбайы лӕппын+. Дӕ амӕттаджы-иу бахӕрдзынӕ, мӕ фырт, ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзынӕ. Иудӕ домбайау ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕхи айвӕзта. Ӕмӕ уыцы домбайы сыстын кӕнын чи бауӕнддзӕн?+ 10 Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг+, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило* не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ+. 11 Иудӕ йӕ хӕрӕджы бабӕтдзӕн сӕнӕфсирыл, йӕ къӕлӕуы – хуыздӕр сӕнӕфсирыл, ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ӕхсдзӕн сӕны ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ – сӕнӕфсиры туджы+. 12 Йӕ цӕстытӕ сӕнӕй сты сырх, йӕ дӕндӕгтӕ та сты ӕхсырӕй урс.

13 Завулон цӕрдзӕн денджызы былгӕрон+, наутӕ кӕм фӕлӕууынц, уым+, ӕмӕ йӕ арӕнтӕ уыдзысты Сидоны ’рдӕм+.

14 Иссахар+ у фидар хӕрӕг, хуыссы дыууӕ уаргъы ’хсӕн. 15 Уый уындзӕн, йӕ цӕрӕнбынат хорз кӕй у ӕмӕ йӕ зӕхх диссаджы зӕхх кӕй у. Ӕмӕ йе уӕхск бадардзӕн, цӕмӕй уӕргътӕ хӕсса, ӕмӕ цагъарау уӕззау куыст кӕндзӕн.

16 Дан, Израилы мыггӕгтӕй сӕ иу, тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн+. 17 Дан уыдзӕн, фӕндаггӕрон чи ӕрӕмбӕхсы, ахӕм калм, фӕндаджы был – сыкъаджын калм. Уый бӕхы къахыл фӕхӕцы ӕмӕ барӕг бӕхӕй рахауы+. 18 О Йегъовӕ, ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, кӕд нӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ+.

19 Гадмӕ лӕбурдзысты абырджытӕ, фӕлӕ сын уый ныхкъуырд дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сурдзӕн+.

20 Асирӕй цӕудзӕн хӕринаджы хуыздӕр+, ӕмӕ уый дӕтдзӕни, паддзӕхты фынгыл чи вӕййы, ахӕм хӕринӕгтӕ+.

21 Неффалим+ у рӕсугъд саг. Йӕ дзыхӕй цӕуы рӕсугъд ныхӕстӕ+.

22 Иосиф у дыргъбӕласы тала+, доны был сагъд дыргъбӕласы тала+, йӕ къалиутӕ къулы сӕрты акастысты+. 23 Фатӕхсджытӕ йыл сӕхи ныццавтой, ӕхстой йӕ ӕмӕ йӕм сӕ зӕрдӕйы маст хастой+. 24 Фӕлӕ уӕддӕр йе ’рдын нӕ фӕтасыд+ ӕмӕ йӕ къухтӕ уыдысты фидар ӕмӕ рӕвдз+. Иаковы Тыхджын Хуыцау+ дӕтты Израилӕн Фыййау ӕмӕ Фисыны дур+. 25 Дӕ фыды Хуыцау ӕй радта+, ӕмӕ дын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн+. Уый ис Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ+. Хуыцау дын арфӕ кӕндзӕн, дӕтдзӕн дын къӕвда* уӕларвӕй+ ӕмӕ дон зӕххы бынӕй+, ратдзӕн дын бирӕ зӕнӕг ӕмӕ бирӕ фос+. 26 Дӕ фыд дын цы арфӕтӕ ракодта, уыдон уыдзысты ӕнусон хӕхты хорздзинӕдтӕй дӕр хуыздӕр+ ӕмӕ ӕнусон къуыбырты рӕсугъддзинадӕй дӕр диссагдӕр+. Иосиф, йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый, ӕнустӕм хайджын уыдзӕн уыцы арфӕдзинӕдтӕй*+.

27 Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау+. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый»+.

28 Адонӕй рацыдысты Израилы дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ сын ахӕм ныхӕстӕ загъта сӕ фыд, куы сын арфӕ кодта, уӕд. Раарфӕ сын кодта, алкӕмӕн дӕр сӕ куыд ӕмбӕлд, афтӕ+.

29 Уый фӕстӕ йӕ фырттӕн ныффӕдзӕхста: «Ӕз мӕлын, ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕм баиу уыдзынӕн+. Ӕмӕ-иу мын мӕ мард бавӕрут мӕ фыдӕлты фарсмӕ, хеттаг Ефроны зӕххыл цы лӕгӕт ис, уым+. 30 Уыцы лӕгӕт ис Махпелӕйы быдыры, Мамрейы раз, Ханааны зӕххыл, Авраам йӕ марды бавӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы быдыры+. 31 Уым бавӕрдтой Авраамы ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы+. Уым бавӕрдтой Исахъы ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр+, ӕмӕ ӕз дӕр Лийӕйы уым бавӕрдтон. 32 Уыцы зӕхх ӕмӕ дзы цы лӕгӕт ис, уый дӕр ӕлхӕд ӕрцыдысты Хеты фырттӕй»+.

33 Иаков йӕ фырттӕн уыдӕттӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд йӕ къӕхтӕ хуыссӕнмӕ систа ӕмӕ цардӕй ахицӕн, ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу+.

50 Уӕд Иосиф йӕ фыдыл ныддӕлгом+ ӕмӕ йыл куыдта ӕмӕ йын пъатӕ кодта+. 2 Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн, дохтыртӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ фыдмӕ базылдаиккой, буар ӕмбийын чи нӕ уадзы, ахӕм хостӕй+. Ӕмӕ дохтыртӕ Израилмӕ хостӕй базылдысты. 3 Уымӕн сӕ бахъуыди цыппор боны – уал боны сын ацӕуы мардмӕ хостӕй базилыныл. Ӕмӕ йыл египетӕгтӕ ӕвдай боны фӕкуыдтой+.

4 Уӕдмӕ Израилыл хъыг кӕныны рӕстӕг фӕци, ӕмӕ Иосиф фараоны хӕдзаронтӕн загъта: «Кӕд уын уӕ хорзӕх ссардтон+, уӕд уӕ курӕг дӕн, фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут: 5 „Мӕ фыд мын дзырд раттын кодта+, зӕгъгӕ, ӕз мӕлын+ ӕмӕ-иу мын мӕ мард бавӕр+, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы бынат ӕрцӕттӕ кодтон, уым+. Ӕмӕ дӕ ныр курӕг дӕн, ауадз мӕ ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Стӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзынӕн“». 6 Ӕмӕ йын фараон загъта: «Ацу, бавӕр дӕ фыды ӕмӕ сӕххӕст кӕн, цы дзырд ын радтай, уый»+.

7 Гъемӕ Иосиф йӕ фыды аласта, цӕмӕй йӕ бавӕрдтаид. Йемӕ ацыдысты фараоны лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр, фараоны хӕдзары хистӕр лӕгтӕ+ ӕмӕ, Египеты зӕххыл цыдӕриддӕр хистӕр лӕгтӕ уыди, уыдон, 8 стӕй Иосифы хӕдзаронтӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фыды хӕдзаронтӕ иууылдӕр+. Гесемы ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ фос. 9 Йемӕ рацыди бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ барджытӕ дӕр. Иосифы фӕдыл рацыд тынг бирӕ адӕм. 10 Ӕмӕ Иорданмӕ хӕстӕг+ Атады найгӕнӕн мусмӕ куы бахӕццӕ сты+, уӕд мардыл хъарджытӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕхи кӕуынӕй мардтой. Ӕмӕ Иосиф йӕ фыдыл авд боны фӕхъыг кодта+. 11 Атады найгӕнӕн мусы раз адӕм мардыл куыд хъыг кӕнынц, уый уымы цӕрджытӕ, ханаайнӕгтӕ, куы федтой, уӕд загътой: «Египетӕгтыл стыр зиан ӕрцыд!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдтой Авел-Мицраим*, уый ис Иорданмӕ хӕстӕг+.

12 Израил йӕ фырттӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой+. 13 Йӕ мард ын аластой Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ уым Мамрейы раз, Махпелӕйы быдыры, Авраам йӕ марды бавӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы быдыры цы лӕгӕт ис, уым бавӕрдтой+. 14 Ӕмӕ Иосиф йӕ фыды куы баныгӕдта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр, йе ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ йемӕ йӕ фыды ныгӕнынмӕ чи ацыд, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ Египетмӕ ӕрыздӕхтысты.

15 Сӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Ныр нӕм кӕд Иосиф йӕ зӕрдӕйы маст хӕссы+, уӕд нӕ афтӕ нӕ ныууадздзӕн. Цы ӕвзӕрдзинад ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн»+. 16 Гъемӕ Иосифмӕ фӕхӕццӕ кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст: «Дӕ фыд нын йӕ мӕлӕты размӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, 17 Иосифӕн-иу афтӕ зӕгъут: „Лӕгъстӕ дын кӕнын, ныххатыр кӕн+ де ’фсымӕртӕн сӕ фыдракӕнд ӕмӕ сӕ тӕригъӕд, ӕвзӕрдзинадӕй дын цы ракодтой, уый“+. Ӕмӕ дӕ ныр курӕг стӕм, дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн сӕ фыдракӕнд ныххатыр кӕн»+. Иосиф уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд ныккуыдта. 18 Уый фӕстӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ бацыдысты, йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ йын загътой: «Мах стӕм дӕ цагъартӕ!»+ 19 Уӕд сын Иосиф загъта: «Ма тӕрсут. Исты ӕз Хуыцау дӕн?+ 20 Сымах мын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавыдыстут, фӕлӕ йӕ ныр куыд уынут, афтӕмӕй йӕ Хуыцау хорзырдӕм фӕкодта, цӕмӕй бирӕты аирвӕзын кӕна+. 21 Уӕдӕ тӕрсгӕ ма кӕнут. Уӕхи дӕр ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты дӕр хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн»+. Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ӕрсабыр кодта ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта.

22 Ӕмӕ Иосиф йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарвӕндаг дӕр цардысты Египеты. Иосиф фӕцард сӕдӕ дӕс азы. 23 Уый ма федта Ефремы фыртты фыртты дӕр+, стӕй Манассийы фырт Махиры+ фыртты дӕр. Уыдон хъомыл кодтой Иосифы хъӕбысы*+. 24 Ӕмӕ иу бон Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын, фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг йе ’ргом раздахдзӕн+ ӕмӕ уӕ ардыгӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, уырдӕм»+. 25 Ӕмӕ Иосиф Израилы фырттӕн дзырд раттын кодта, загъта сын: «Хуыцау уӕм ӕнӕмӕнг йе ’ргом раздахдзӕн. Ӕмӕ-иу мын уӕд ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут»+. 26 Уый фӕстӕ Иосиф амард, цыди йыл сӕдӕ дӕс азы. Ӕмӕ йӕм хостӕй базылдысты+ ӕмӕ йӕ Египеты чырыны нывӕрдтой.

[Фиппаинӕгтӕ]

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «тыгъдад».

«Скӕнын»-ӕй цы дзут. мивдисӕг у тӕлмац, уый хицӕн кӕны, 1, 21, 27 ӕмӕ 2:3 ст. цы мивдисӕг ис, уымӕй, ома «сфӕлдисын»-ӕй; ацы дзут. мивдисӕгӕн ма йӕ хъуыды у «сфидар кӕнын», «сӕвӕрын», «саразын» кӕнӕ «ӕрцӕттӕ кӕнын» дӕр.

Дзут. ӕвзаджы ӕрмӕст мӕргътӕм нӕ амоны, фӕлӕ ма гӕлӕбутӕм, бындзытӕм ӕмӕ ӕнд. ах. базырджын цӕрӕгойтӕм дӕр.

Комк. «сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ». Кӕс 24, 25 ст. дӕр.

Дзут. ӕвзаджы амоны, быргӕ кӕнӕ хилгӕ чи кӕны, ахӕм гыццыл цӕрӕгойтӕм, зӕгъӕм, мыстытӕм, кӕлмытӕм, хъӕндилтӕм, зулчъытӕм ӕмӕ ӕнд. ах.

Комк. «ӕмӕ се ’фсад иууылдӕр».

Комк. «ӕмӕ йӕ скодта сыгъдӕг».

Комк. «зӕххы рыгӕй».

Комк. «царды улӕфт».

Дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Кӕнӕ Ефиопийы.

Дзут. афтӕ хуыйны цӕугӕдон Тигр.

«Нӕлгоймаг» ӕмӕ «сылгоймаг» дзут. хъуысынц ӕмхуызонгонд. «Нӕлгоймаг» – иш, «сылгоймаг» – ишша́.

Дзут. нысан кӕны «баныхӕсын, фидар хӕцын, цыма клейӕ ныхӕст сты, афтӕ».

Кӕнӕ «куы фӕсатӕг, уӕд».

Кӕнӕ «усы».

Комк. «дӕ мыггаг». Дзут. зе́ра, иу. ным., фӕлӕ йӕ ахӕссӕн ис къордмӕ дӕр.

Ома сылгоймаджы байзӕддаг.

Комк. «дӕ рыстытыл дын бафтаудзынӕн».

Нысан кӕны «чи цӕры, уый».

Нысан кӕны «цы рауагътой, уый».

Комк. «рауагътон».

Нысан кӕны «чи алыгъд, уый».

Кӕнӕ «сӕвӕрдта». Дзут. ном «Сиф» нысан кӕны «ӕвӕрд», ома кӕйдӕр бӕсты.

Кӕс Уӕлӕмх. 5.

Нысан кӕны «сулӕфын кӕнын, удӕнцой ӕрхӕссын».

Кӕнӕ «зӕдтӕ», афтӕ у LXX-йы къухфыстытӕй иуӕй-иуты.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «буар; фыд».

Комк. «нефилимтӕ» – нысан кӕны «иннӕты чи сфӕлдахы, уыдон».

Кӕнӕ «фӕфӕсмон кодта».

Комк. «гофербӕласы хъӕдӕй», ӕвӕц., уыди кипарис.

Кӕнӕ «ковчег». Комк. «асыкк». Ӕвӕц., уый уыди расткъуымон, цыппӕрдигъон ӕмӕ тъӕпӕнбын нау.

Кӕнӕ 134 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см. Кӕс Уӕлӕмх. 18.

Кӕнӕ 22 м бӕрц.

Кӕнӕ 13 м бӕрц.

Дзут. цо́хар – «сӕр» кӕнӕ «рудзынг».

Комк. «царды тых цы буары мидӕг ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сын Йегъовӕ радта сӕхи динон къӕлиндар, ӕмӕ уӕд дыккаг мӕй сси ӕстӕм мӕй, булы мӕй. Хауы октябры дыккаг ӕмбисмӕ ӕмӕ ноябры фыццаг ӕмбисмӕ. Кӕс Уӕлӕмх. 19.

Ацы дон у, зӕххы алыварс атмосферӕйы сӕрмӕ донӕй цы цъар уыди, уый; йӕ кой цӕуы Рд 1:6, 7.

Кӕс Рд 1:24, фип.

Кӕс Рд 6:17, фип.

Кӕс Рд 6:17, фип.

Комк. «уый».

Кӕс Рд 1:24, фип.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Кӕс Рд 7:11, фип.

Дзуттӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ сын цы динон къӕлиндар уыди, уымӕ гӕсгӕ уыцы мӕй сси фыццаг мӕй, авивы мӕй (кӕнӕ нисан). Кӕс Уӕлӕмх. 19.

Ома таммузы мӕй. Кӕс Уӕлӕмх. 19.

Комк. «сынты». Сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.

Ома этанимы мӕй (кӕнӕ тишри). Кӕс Уӕлӕмх. 19.

Комк. «йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ».

Кӕнӕ «цард».

Комк. «уӕ удты туджы».

Комк. «Уый у стыр горӕт». Ӕвӕц., ам дзырд цӕуы Ниневийыл ӕмӕ иннӕ ӕртӕ горӕтыл иумӕ.

Нысан кӕны «дихтӕ; гуылфӕн».

Комк. «зӕхх уыди дихтӕ».

Комк. «Вавел», дзут. Бавел. «Вавел» равзӕрд мивдисӕг балал-ӕй, ома «схӕццӕ кӕнын; сызмӕнтын». Уымӕ гӕсгӕ «Вавел» нысан кӕны «хӕццӕ».

Комк. «дӕ ном».

Дзут. ӕвзаджы ацы мивдисӕгӕн йӕ хъуыды у, адӕймагӕн йӕхи дӕр кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй арфӕйӕ хайджын уа.

Комк. «удтӕ»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «мӕ уд ӕгасӕй баззайа».

Кӕнӕ «бӕллӕхтӕ».

Иорданы дӕлвӕзы дӕллаг хай.

Кӕнӕ «лӕгтӕ».

Куыд зыны, афтӕмӕй ацы номивӕг хауы, 1 ст. цы паддзӕхты кой цӕуы, уыдонмӕ.

Ома, 2 ст. цы паддзӕхты кой цӕуы, уыдон.

Комк. «удты»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «радтон дӕ риумӕ».

Нысан кӕны «Хуыцау хъусы».

Кӕнӕ «зебрӕйау».

Кӕнӕ «мӕн чи уыны, уыцы Хуыцау», йе та «йӕхи чи уынын кӕны, уыцы Хуыцау».

Нысан кӕны «удӕгас чи у ӕмӕ мӕн чи уыны, уыцы Хуыцауы цъай».

Нысан кӕны «кады фыд».

Нысан кӕны «бирӕ адӕмты фыд».

Хауынц ӕм гыццыл лӕппутӕ дӕр.

Нысан кӕны «хъуырхъуыргӕнаг».

Уыцы ном нысан кӕны, паддзахы бинонтӕй кӕй уыдзӕн.

Комк. «уӕ зӕрдӕтӕ».

Комк. «ӕртӕ сатӕйы», ӕдӕп. 10 кг бӕрц.

Кӕс Рд 12:3, фип.

Ома семӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой.

Комк. «мӕ цары аууонмӕ ӕрбацыдысты».

Ома, адӕймаджы хуыз чи райста, уыцы зӕдтӕ.

Кӕс Рд 13:10, фип.

Комк. «ӕмӕ мын мӕ уд».

Комк. «ӕмӕ мӕ уд ӕгасӕй баззайа».

Нысан кӕны «гыццыл цыдӕр».

Кӕс Рд 13:10, фип.

Нысан кӕны «мӕ фыдӕй».

Нысан кӕны «мӕ адӕмы фырт», ома хиуӕтты фырт.

Нысан кӕны «сомыйы цъай» кӕнӕ «авды цъай».

Комк. «судзинаг нывондӕн».

Нысан кӕны «Йегъовӕ йӕхӕдӕг бакӕндзӕн [уый]; Йегъовӕ ратдзӕн».

Комк. «кулдуӕрттӕ».

Кӕс Рд 12:3, фип.

Сикл дзуттӕгтӕм уыди сӕйраг уӕзбарӕн ӕмӕ ӕхца. Иу сиклы уӕз уыд 11,4 г. Кӕс Уӕлӕмх. 18.

Комк. «мӕ агъды бын».

Комк. «йӕ агъды бын».

Комк. «кӕй раз цӕуын».

Комк. «кулдуӕрттӕ».

Нысан кӕны «хъуынджын».

Нысан кӕны «зӕвӕтыл чи хӕцы; иннӕйы разӕй чи фӕци».

Кӕнӕ «ӕнӕфау».

Нысан кӕны «сырх».

Комк. «тъӕпӕн хъӕдур», ома чечевицӕ.

Кӕс Рд 12:3, фип.

Нысан кӕны «быцӕу; хыл».

Нысан кӕны «аххосджын кӕнын».

Нысан кӕны «уӕрӕх бынӕттӕ».

Нысан кӕны «сомы» кӕнӕ «авд».

Нысан кӕны «сомыйы цъай» кӕнӕ «авды цъай».

Комк. «Бирӕ нал хъӕуы мӕ фыдыл хъыг кӕныны бонтӕм».

Кӕс Рд 12:3, фип.

Нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар».

Кӕнӕ «уӕд Йегъовӕ равдисдзӕн, мӕ Хуыцау кӕй у».

Бӕлвырдӕй та йӕ фыдыхойы лӕппу.

Комк. «ме стӕг ӕмӕ мӕ буар».

Комк. «йе сӕфт кӕй уыны».

Нысан кӕны «Мӕнӕ, лӕппу!»

Комк. «йе сӕфт кӕй уыны».

Нысан кӕны «фехъусын», ома сӕххӕст кӕнын.

Нысан кӕны «баиу уын; уарзын».

Нысан кӕны «кадджын кӕй кӕнынц».

Комк. «ӕмӕ мын мӕ уӕрджытӕм».

Нысан кӕны «тӕрхонгӕнӕг».

Нысан кӕны «мӕ тох».

Нысан кӕны «амонд бахудт».

Нысан кӕны «амондджын; амонд».

Зайӕгой, картофы мыггагӕй, йӕ гагатӕ вӕййынц чылауийы йас.

Нысан кӕны «уый у хӕрзиуӕг».

Кӕнӕ «быхсдзӕн мын», йе та «цӕрдзӕн мемӕ».

Нысан кӕны «цӕрӕнбынат; цӕрын» ӕмӕ, ӕвӕц., «быхсын» дӕр.

«Иосиф» у ном «Иосифийы» цыбыр формӕ, нысан кӕны «Йагъ ноджыдӕр раттӕд (фӕфылдӕр кӕнӕд); Йагъ ноджыдӕр радта (фӕфылдӕр кодта)».

Комк. «сойӕ байсӕрстай».

Ома бинонты хуыцӕуттӕ, къухӕйконд хуыцӕуттӕ.

Ома Евфратмӕ.

Арам. (сириаг) нысан кӕны «ӕвдисӕн цӕнд».

Дзут. нысан кӕны «ӕвдисӕн цӕнд».

Нысан кӕны «дыууӕ ӕфсады».

Нысан кӕны «Хуыцау тох кӕны; Хуыцауимӕ чи тох кӕны, уый».

Нысан кӕны «Хуыцауы цӕсгом».

Нысан кӕны «халагъудтӕ».

Кӕнӕ «Сымах тыххӕй мыл хъоды бакӕндзысты».

Нысан кӕны «Вефилы Хуыцау».

Нысан кӕны «хъарӕджы стыр бӕлас».

Комк. «йӕ уд куы иста».

Ӕвӕц., нысан кӕны «удхаргӕнгӕйӕ кӕй ныййардтон, уыцы лӕппу».

Нысан кӕны «мӕ фырт – мӕ рахиз къух».

Комк. «удтӕ».

Кӕнӕ «цоты цот».

Комк. «ладан».

Комк. «йӕ туг».

Комк. «нӕ буар».

Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.

Комк. «кувӕндоны ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕуынц, уый».

Ацы тӕрхон сӕххӕст кӕныны размӕ-иу адӕймаджы маргӕ акодтой. Кӕс ЙсН 7:25.

Нысан кӕны «рабырсын; ратонын».

Нысан кӕны «ныррухс кӕнын; скӕсын».

Комк. «дӕ сӕрыл схӕцдзӕн».

Комк. «дӕ сӕр сисдзӕн».

Комк. «сӕ сӕртыл схӕцыд».

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Ацы дзырд египетаг ӕвзагӕй комкоммӕ рахастой дзуттагмӕ, ӕмӕ йӕ хъуыды бӕлвырдӕй цы у, уый нырма бӕрӕг нӕу.

Дзут. йӕ хъуыды у «сусӕгдзинӕдтӕ ӕргомгӕнӕг».

Нысан кӕны «чи ферох кӕнын кӕны, уый».

Нысан кӕны «дыууӕ хатты фылдӕр».

Комк. «шеолмӕ». Кӕс Уӕлӕмх. 8.

Комк. «шеолмӕ». Кӕс 31 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 8.

Кӕнӕ «ӕмӕ уӕ зӕххыл исчи баззайа».

Ӕвӕц., нысан кӕны, фараоны хӕдзары стыр бынат кӕй ахста, уый.

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

LXX-йы ма ацы ран ис ноджыдӕр фондз номы. Хъд 7:14 фыст ныхӕстӕ Стефан, ӕвӕц., LXX-йӕ ӕрхаста, ӕмӕ 70 нӕ, фӕлӕ 75 адӕймаджы кой дӕр уымӕн кӕны.

Кӕнӕ «ӕвдай фондз», LXX-мӕ гӕсгӕ. Кӕс Рд 46:20, фип.

Комк. «мӕ агъды бын».

Комк. «йӕ уӕрджыты разӕй».

Комк. «кӕй раз цыдысты».

Нысан кӕны «кӕй у, уый».

Комк. «арфӕдзинӕдтӕ».

Комк. «уыдон уыдзысты Иосифы сӕрыл».

Нысан кӕны «египетӕгты кӕуын».

Комк. «райгуырдысты Иосифы уӕрджытыл».

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын