Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w26 февраль 32 ф.
  • Овадийау Хуыцауӕй тӕрс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Овадийау Хуыцауӕй тӕрс
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уырнындзинад нӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы стӕм хъӕбатыр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Йегъовӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Авди, Ионӕ ӕмӕ Михейы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
w26 февраль 32 ф.

БИБЛИЙЫ КӔЙ КОЙ ИС, УЫЦЫ АДӔМ

Овадийау Хуыцауӕй тӕрс

Овади уыди, Израилы паддзахад Ваалӕн кувыныл чи бафтыдта, уыцы ӕвзӕр паддзах Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг. Фӕлӕ Овади «йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕ тарст» (1 Пад. 18:1–13). Ӕмӕ ус-паддзах Йезавел бардзырд куы радта, цӕмӕй Йегъовӕйы пехуымпарты се ’ппӕты дӕр амардтаиккой, уӕд Овади бамбӕрста, хъӕбатырдзинад ӕй кӕй хъӕуы, цӕмӕй уыцы пехуымпартӕн баххуыс кодтаид. Кӕд иу пехуымпары бамбӕхсын дӕр тынг тӕссаг уыд, уӕддӕр Овади 100 пехуымпары бамбӕхста ӕмӕ сын хӕринаг хаста, тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд! Ахав ӕмӕ Йезавелӕн цалдӕр сӕдӕ мӕнг пехуымпары лӕггад кодта. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, Овади куыд къӕрцхъус хъуамӕ уыдаид, цӕмӕй йӕ уыдонӕй мачи федтаид (1 Пад. 18:19).

Овадийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Овади Ахавӕй куыннӕ тарстаид! Фӕлӕ Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр тарст. Уый фӕрцы уыд хъӕбатыр ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодта, кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр. Махмӕ дӕр хъуамӕ уа Хуыцауы тас, уӕлдайдӕр кӕд, кӕм цӕрӕм, уым нӕ хъуыддаг ӕхгӕд у, уӕд. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын