51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
132 ЗАРӔГ Ныр дыууӕйӕ стӕм иу
Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бон Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсса?
«Алцыдӕр [уӕм] уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 КОР. 14:40).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Усгур ӕмӕ чындзӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы бон Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсса.
1, 2. Йегъовӕ чындзӕхсӕвтӕм цы цӕстӕй кӕсы?
МЫЙЙАГ уӕ чындзӕхсӕвы бон ӕрхӕццӕ кӕны? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсут ӕмӕ йӕм уӕхи цӕттӕ кӕнут. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уын уӕ чындзӕхсӕвы бонa стыр циндзинад ӕрхӕсса ӕмӕ амондджын уат (Ӕмб. 5:18; Сол. з. 3:11).
2 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бон Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсса. Цӕмӕн? Уый тыххӕй уӕ бон цы у саразын? Ацы статья сӕйраджыдӕр баххуыс кӕндзӕн, тагъд сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕн. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдон ма баххуыс кӕндзысты, чындзӕхсӕвмӕ кӕй фӕхоной ӕмӕ чындзӕхсӕвы фӕдыл усгур ӕмӕ чындз уынаффӕ кӕмӕй ракурой, уыдонӕн.
УӔ ЧЫНДЗӔХСӔВЫ БОН ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔРХӔССА?
3. Сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдон сӕ чындзӕхсӕвы бон пълан кӕнгӕйӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной ӕмӕ цӕмӕн?
3 Сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдон сӕ чындзӕхсӕвы бон пълан кӕнгӕйӕ хъуамӕ архайой, Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у бинонты Бындурӕвӕрӕг. Уый скодта фыццаг чындзӕхсӕв, Адам ӕмӕ Евӕйы цард куы баиу кодта, уӕд (Райд. 1:28; 2:24). Уӕдӕ сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдон сӕйраджыдӕр хъуамӕ хъуыды кӕной, цы хъуамӕ саразой, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы бон Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсса.
4. Сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдон ма цӕмӕн хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы бон Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсса?
4 Ахсджиаг ма цӕмӕн у, цӕмӕй усгур ӕмӕ чындз сӕ чындзӕхсӕвы бон пълан кӕнгӕйӕ ахъуыды кӕной, Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл? Уый у нӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ нӕ хуыздӕр Хӕлар (Дзут. 12:9). Ӕмӕ уӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр уӕ Хӕлар уа. Ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр ӕндӕр бон ахӕм исты саразын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнат (Пс. 25:14). Йегъовӕ сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр сараздзӕн. Уӕдӕ Йегъовӕ уый аккаг куыннӕ у, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бонӕй йӕ зӕрдӕ барухс уа! (Пс. 116:12).
УӔ БОН КУЫД У ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД ХӔССЫН?
5. Уӕ чындзӕхсӕвы бон пълан кӕнынӕн уын Библи куыд баххуыс кӕндзӕн?
5 Чындзӕхсӕвы бон куыд хъуамӕ ацӕуа, уый фӕдыл Библийы бӕлвырд закъӕттӕ ӕмӕ амындтӕ нӕй. Уымӕ гӕсгӕ усгур ӕмӕ чындзӕн сӕ бон у уынаффӕтӕ рахӕссын, кӕм цӕрынц, уым цавӕр ӕгъдӕуттӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ, сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной, хицауад уый фӕдыл цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон (Матф. 22:21). Уӕ чындзӕхсӕвы боны фӕдыл уынаффӕтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы рахӕссат, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзыстут. Уӕдӕ уӕ зӕрдыл цавӕр уагӕвӕрдтӕ хъуамӕ дарат?
6. Бинонтӕ скӕныны фӕдыл хицауад цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдонмӕ хъусын ахсджиаг цӕмӕн у?
6 Бынӕттон закъӕттӕм гӕсгӕ архайут (Ром. 13:1, 2). Бирӕ бӕстӕты хицауад бинонтӕ скӕныны фӕдыл цавӕрдӕр закъӕттӕ сфидар кодта ӕмӕ, сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдон хъуамӕ уыцы закъӕттӕ ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ усгур ӕмӕ чындз хъуамӕ базоной, кӕм цӕрынц, уым хицауад уый фӕдыл цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон. Кӕд уӕм уый фӕдыл цавӕрдӕр фарстатӕ ис, уӕд уӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурынb.
7. Чындзӕхсӕвы бон куыд хъуамӕ ацӕуа?
7 Бацархайут, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бон ацӕуа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Кор. 10:31, 32). Сымах фӕнды, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бон афтӕ ацӕуа, ӕмӕ дзы Хуыцау райгондӕй баззайа (Гал. 5:19–26). Усгур ног бинонты хистӕр кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ ууыл ис хӕс, цӕмӕй бацархайа, ӕмӕ чындзӕхсӕвы бон ацӕуа, куыд ӕмбӕлы афтӕ ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр циндзинад ӕрхӕсса. Уый тыххӕй цы хъӕуы саразын? Сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕй бирӕты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕвы уа Библийыл арӕзт раныхас. Раныхас кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕр ӕй хъуамӕ афтӕ радзура, цӕмӕй иууылдӕр бамбарой, бинонты цард Йегъовӕйы лӕвар кӕй у, стӕй чындзӕхсӕвы бон тынг ахсджиаг кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ бирӕты фӕфӕнды, цӕмӕй сын раныхас Паддзахады залы уа, кӕд уымӕн гӕнӕн ис, уӕд. Кӕд сымах дӕр фӕнды, цӕмӕй уын раныхас Паддзахады залы уа, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгты советмӕ рагацау ныффыссат.
8. Кӕд чындзӕхсӕвмӕ искӕй фӕхонынмӕ хъавут, уӕд уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй алцыдӕр уаг ӕмӕ ’гъдауыл ацӕуа? (Ромӕгтӕм 13:13).
8 Бакӕс Ромӕгтӕм 13:13. Кӕд чындзӕхсӕвмӕ искӕй фӕхонынмӕ хъавут ӕмӕ фынг ӕрӕвӕрын дӕр фӕнд кӕнут, уӕд уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй бӕрӕг уа, ацы дунейы зондахастӕй уӕхи кӕй хизут? Ромӕгтӕм 13:13 стихмӕ «Учебная Библия»-йы дзырдбастмӕ «разгульных пиршеств» цы комментари ис, уым фыст ис, ацы дзырдбастӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый кӕй амыдта, ӕмбисӕхсӕвмӕ-иу фыднозт кӕм кодтой ӕмӕ-иу музыкӕ кӕм цагъта, ахӕм бадтытӕм. Кӕд фынгыл нозт ӕрӕвӕрын фӕнд кӕнут, уӕд-иу рагацау ахъуыды кӕнут, цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу фыднозт мачи бакӕнаc. Кӕд чындзӕхсӕвы бон музыкӕ уыдзӕн, уӕд-иу бацархайут, цӕмӕй зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа ӕмӕ ахӕм хъӕрӕй ма цӕгъда, ӕмӕ уазджытӕ кӕрӕдзи ма хъусой, стӕй зарджыты ныхӕстӕ къуылымпыйы хос макӕмӕн фӕуой.
9. Ахсджиаг ма цӕуыл у ахъуыды кӕнын?
9 Кӕцыдӕр бӕстӕты чындзӕхсӕвы бон усгур ӕмӕ чындзӕн сӕ бинонтӕ ӕмӕ ’мбӕлттӕ ныхасы бар райсынц, ӕмӕ цалдӕр ныхасы фӕзӕгъынц. Стӕй ма дзы февдисынц сӕ къамтӕ ӕмӕ видеороликтӕ ӕмӕ бацӕттӕ кӕнынц цавӕрдӕр программӕ. Уыдӕтты фӕрцы уыцы бон иууылдӕр бахъуыды кӕнынц. Фӕлӕ хъуамӕ бацархайат, цӕмӕй макӕй зӕрдӕ макӕуыл фӕхуда ӕмӕ программӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕуа (Фил. 4:8). Ахъуыды-иу кӕнут ахӕм фарстатыл: «Бӕрӕг уыдзӕн, алкӕмӕн дӕр кӕй кад кӕнӕм? Бинонты цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн?» Ӕппӕты сӕйрагдӕр та у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсдзӕн?» Ахудын дӕр хорз у, фӕлӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, иннӕтӕм ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕй фӕзына, ахӕм ныхӕстӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй (Еф. 5:3). Кӕд уӕ бинонтӕй кӕнӕ уе ’мбӕлттӕй искӕй фӕнддзӕн исты зӕгъын, уӕд-иу сын рагацау бамбарын кӕнут, цӕй кой нӕй кӕнӕн, уый.
10. Уӕ бон куыд у равдисын, бонзонгӕ кӕй стут? (1 Иоанны 2:15–17).
10 Бонзонгӕ ут. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15–17.) Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон ӕппӕт тыхтӕй фӕархайынц, цӕмӕй йын кад кӕной ӕмӕ сӕхимӕ иннӕты ’ргом ӕгӕр ма здахой. Уӕдӕ бонзонгӕ чырыстӕттӕ ӕгӕр бирӕ ӕхца нӕ хардз кӕндзысты ӕмӕ сӕ мулкӕй не ’ппӕлдзысты. Чындзӕхсӕв скӕныныл ӕгӕр бирӕ ’хца куы нӕ бахардз кӕнат, уӕд уын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Ӕркӕсӕм Норвегийӕ иу ӕфсымӕры, Майкы, хабармӕ. Уый загъта: «Хӕсты бын нӕ фестӕм ӕмӕ нӕ бон уыд дарддӕр пионертӕй лӕггад кӕнын. Нӕ чындзӕхсӕвыл бирӕ ’хца нӕ бахардз кодтам, фӕлӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыд ӕмӕ йӕ иууылдӕр бахъуыды кодтой». Индийӕ иу хо, Та́битӕ, загъта: «Нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахызтам. Стыр чындзӕхсӕв не скодтам. Уый фӕрцы нӕ бирӕ цыдӕртӕ нӕ хъуыд пълан кӕнын ӕмӕ бирӕ фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын».
Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр чырыстон чындзӕхсӕв афтӕ спълан кӕнӕн ис, цӕмӕй йыл бирӕ ’хца ма ацӕуа, фӕлӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕуа ӕмӕ йӕ иууылдӕр бахъуыды кӕной (кӕс 10, 11 абзацтӕ)
11. Уӕ бон куыд у уӕ уынд ӕмӕ уӕ кондӕй равдисын, бонзонгӕ кӕй стут, уый? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
11 Чындзӕхсӕвмӕ уӕ уӕлӕ цы скӕндзыстут, уый аскъуыддзаг кодтат? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды уӕ, цӕмӕй аив ӕмӕ рӕсугъд конд уат. Рагзаманты дӕр усгур ӕмӕ чындз сӕ уынд ӕмӕ сӕ кондмӕ сӕ хъус тынг дардтой (Ис. 61:10). О, ӕнӕуи кӕй фӕдарут, уыцы дзаумӕттӕ хицӕн кӕнынц, чындзӕхсӕвмӕ уӕ кӕй фӕнды скӕнын, уыцы дзаумӕттӕй. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, бонзонгӕ кӕй стут, уый (1 Тим. 2:9). Уӕ чындзӕхсӕвы уын уӕ уынд ӕмӕ, куыд конд уыдзыстут, уый ӕппӕты сӕйрагдӕр ма суӕд (1 Пет. 3:3, 4).
12. Чындзӕхсӕв кӕнгӕйӕ, Библийы ныхмӕ чи сты, уыцы ӕгъдӕуттӕй хи хизын цӕмӕн хъӕуы?
12 Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы ӕгъдӕуттӕй уӕхи хизут (Рарг. 18:4). Ацы дунейы чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ баст сты мӕнг динимӕ, спиритизмимӕ ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтимӕ. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм, чъизи цы у, уымӕй (2 Кор. 6:14–17). Кӕд, кӕм цӕрут, уым дӕр ахӕм ӕгъдӕуттӕ ис, уӕд раиртасут ӕмӕ базонут, чырыстӕттӕн сӕ ӕмбӕлы ӕххӕст кӕнын ӕви нӕ, уый. Стӕй Библийы бацагурут, раст уынаффӕ рахӕссынӕн уын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ.
13. Йегъовӕ лӕвӕрттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уыцы хъуыддаджы йӕ уӕ бон куыд у фӕзмын?
13 Кӕм цӕрут, уым ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй уазджытӕ усгур ӕмӕ чындзӕн исты балӕвар кӕной? Кӕмӕндӕр йӕ бон у зынаргъ лӕвар скӕнын, кӕмӕндӕр та нӕу. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй рӕдау уӕм, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Ӕмб. 11:25; Хъуыд. 20:35). Фӕлӕ уазджытӕм хъуамӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ хӕсджын сты лӕвар скӕнын кӕнӕ хъуамӕ сӕ лӕвар зынаргъ уа. Уӕдӕ уын иннӕтӕ цыфӕнды лӕвар ма скӕной, уӕддӕр сӕ бузныг куы уат, уӕд Йегъовӕйы фӕзмдзыстут. Сӕйрагдӕр у, лӕвар цас зынаргъ у, уый нӕ, фӕлӕ йӕ цы зӕрдӕйӕ кӕнынц, уый (2 Кор. 9:7).
ЗЫНДЗИНӔДТЫ РӔСТӔГ ЦЫ ИС САРАЗӔН?
14. Усгур ӕмӕ чындз цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?
14 Уӕ чындзӕхсӕвы бон пълан кӕнгӕйӕ, чи зоны, зындзинӕдтыл сӕмбӕлат. Зӕгъӕм, нӕ уӕ фӕнды стыр чындзӕхсӕв скӕнын ӕмӕ йыл бирӕ ’хца бахардз кӕнын. Ӕркӕсӕм, Соломоны сакъадӕхтӕй чи у, уыцы ӕфсымӕр, Чарли, цы загъта, уымӕ: «Нӕ бӕстӕйы исчи чындзӕхсӕв скӕнынмӕ куы фӕхъавы, уӕд йе ’мбӕлттӕй алчидӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, кӕй йӕ фӕхондзысты, уымӕ. Махӕн та бирӕ ’мбӕлттӕ ис. Ӕмӕ нын уый тыххӕй зын уыди аскъуыддзаг кӕнын, кӕй фӕхондзыстӕм, уый». Раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Табитӕ, загъта: «Кӕм цӕрын, уым арӕх стыр чындзӕхсӕвтӕ скӕнынц ӕмӕ сӕм бирӕ адӕмы фӕхонынц. Нӕ ныййарджыты бирӕ рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй сразы уыдаиккой, иу-100 адӕймагӕй фылдӕр кӕй нӕ фӕхондзыстӕм, ууыл». Индийӕ иу хо, Сарӕ, загъта: «Махмӕ тынг ахсджиагыл нымайынц, адӕймагмӕ цас ӕхца ис ӕмӕ дзы иннӕтӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уый. Мӕ хиуӕттӕй иу стыр чындзӕхсӕв скодта. Ӕмӕ дзы кӕйдӕрты фӕндыд, цӕмӕй мах ноджы стырдӕр чындзӕхсӕв скодтаиккам». Цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ахӕм ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдты сӕрты ахизат?
15. Чындзӕхсӕв скӕныны размӕ арӕх кувын ахсджиаг цӕмӕн у?
15 Чындзӕхсӕвмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу арӕх кувут. Йегъовӕйӕн-иу радзурут, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлут ӕмӕ уӕ цы тыхсын кӕны, уый (Фил. 4:6, 7). Кувут, цӕмӕй уын-иу ӕххуыс кӕна раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма тыхсат ӕмӕ-иу фидар фӕлӕууат, уӕ уынаффӕтимӕ-иу исчи разы куы нӕ уа, уӕд (1 Пет. 5:7). Йегъовӕ уын уӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый уынгӕйӕ йыл уӕ ныфс ноджы тынгдӕр дардзыстут. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Табитӕ, загъта: «Мах мӕт кодтам, чындзӕхсӕвимӕ баст фарстатӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ нӕ ныййарджытимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм ӕмӕ нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр быцӕутӕ куы рауайа. Уымӕ гӕсгӕ-иу уыцы фарстатыл ныхас кӕныны размӕ алы хатт дӕр скуывтам. Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый уыдтам. Ӕмӕ нӕ бон уыд уыцы фарстатыл сабырӕй ныхас кӕнын, ӕмӕ кӕрӕдзи хорз ӕмбӕрстам».
16, 17. Чындзӕхсӕв скӕныны размӕ хорз цӕмӕн у алцӕуыл дӕр ӕргом ныхас кӕнын?
16 Уӕ кӕрӕдзийы ӕмӕ уӕ хиуӕтты хъуыдыйӕн аргъ кӕнут (Ӕмб. 15:22). Усгуры ӕмӕ чындзы бирӕ фарстатӕ фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын: сӕ чындзӕхсӕв цы бон уыдзӕн, цас ӕхца бахардз кӕндзысты, кӕй фӕхондзысты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Цалынмӕ исты фарста аскъуыддзаг кӕнат, уӕдмӕ алцӕуыл дӕр бӕстон ахъуыды кӕнут, уыцы фарстаты фӕдыл Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл аныхас кӕнут ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй уынаффӕ ракурут. Уӕ хъуыдытӕ куы дзурат, уӕд-иу дзурут фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ӕмӕ цӕттӕ ут уӕ хъуыды фӕивынмӕ дӕр. Кӕд уын уӕ ныййарджытӕ дзурынц, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ, кӕд уый Йегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ нӕу, уӕд сӕм байхъусут. Уӕ чындзӕхсӕв уыдонӕн дӕр цины хабар у. Кӕд цӕимӕдӕр разы не стут, уӕд та сын уӕ хъуыды уӕзданӕй бамбарын кӕнут (Кол. 4:6). Бамбарын сын кӕнут, уӕ сӕйраг нысан кӕй у уыцы бон Йегъовӕйы скадджын кӕнын.
17 Кӕд уӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, уӕд уын уӕлдай зындӕр уыдзӕн бамбарын кӕнын, цавӕрдӕр уынаффӕтӕ цӕмӕн рахастат, уый. Фӕлӕ сын уӕ бон у фӕлмӕнӕй бамбарын кӕнын, ахӕм ӕмӕ ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастат, уый. Индийӕ иу ӕфсымӕр, Санто́ш, загъта: «Нӕ бинонты фӕндыд, цӕмӕй нӕ чындзӕхсӕв скодтаиккам сӕ дины ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Бирӕ рӕстӕг нӕ бахъуыд, цӕмӕй сын бамбарын кодтаиккам, уыимӕ разы цӕуылнӕ стӕм, уый. Фӕлӕ цыдӕртӕ сарӕзтам, уыдоны куыд фӕндыд, афтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтам, Йегъовӕ уыдӕтты ныхмӕ кӕй нӕу. Зӕгъӕм, фынгтыл ӕрӕвӕрдтам, мах цы фӕндыд, уый нӕ, фӕлӕ нӕ ныййарджыты цы фӕндыд, уый. Стӕй аскъуыддзаг кодтам, нӕ чындзӕхсӕвы заргӕ дӕр ӕмӕ кафгӕ дӕр кӕй ничи кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ахӕм цӕуылдӕрты ахуыр нӕ уыдысты».
18. Цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бон къаддӕр тыхсат? (1 Коринфӕгтӕм 14:40). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
18 Алцыдӕр хорз пълан кӕнут. Алцыдӕр хорз куы спълан кӕнат, уӕд уӕ чындзӕхсӕвы бон къаддӕр тыхсдзыстут. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 14:40.) Тайванӕй иу ӕфсымӕр, Уэ́йн, загъта: «Нӕ чындзӕхсӕвмӕ ма цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд фембӕлдыстӕм, чи нӕм хъуамӕ фӕкастаид, уыдонимӕ. Цы спълан кодтам, уыдӕттӕм иумӕ ӕркастыстӕм ӕмӕ аныхас кодтам, чи цы араздзӕн, ууыл, цӕмӕй алцыдӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ ацыдаид». Уӕ уазджытӕн кӕй аргъ кӕнут, уый равдисдзыстут, алцыдӕр афоныл куы саразат, уӕд.
Алцыдӕр рагацау куы спълан кӕнат, уӕд алцыдӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ ацӕудзӕн (кӕс 18 абзац)
19. Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕвы бон ацӕуа, куыд спълан кодтат, афтӕ?
19 Алцӕуыл дӕр рагацау куы ахъуыды кӕнат, уӕд чындзӕхсӕвы рӕстӕг уӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстут (Ӕмб. 22:3). Зӕгъӕм, кӕмдӕрты арӕх чындзӕхсӕвмӕ ’рбацӕуынц, кӕй нӕ фӕхуыдтой, уыдон дӕр. Кӕд, кӕм цӕрут, уым дӕр хабар афтӕ у, уӕд ахъуыды кӕнут, цы ис саразӕн, цӕмӕй афтӕ ма рауайа. Кӕд уӕ чындзӕхсӕвы ӕнӕуырнӕг хиуӕттӕ уыдзӕн, уӕд-иу сын бамбарын кӕнут, чындзӕхсӕв куыд цӕудзӕн, стӕй цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсут, уый. Уӕ бон сын у зӕгъын, цӕмӕй нӕ сайты бакӕсой статья «Как проходят свадьбы Свидетелей Иеговы?». Фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй искӕмӕн зӕгъут, цӕмӕй-иу йӕ хъус дара, йӕ бар ын кӕй бакодтат, уыцы хъуыддӕгтӕм (Иоан. 2:8). Куыд ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый йын ӕргом куы зӕгъат, уӕд уый фӕрцы уӕ чындзӕхсӕв ацӕудзӕн, куыд ӕй спълан кодтат, афтӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсдзӕн.
20. Уӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарат?
20 Уӕ чындзӕхсӕвимӕ баст хъуыддӕгтӕ пълан кӕнгӕйӕ, чи зоны, тыхсат. Фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут: чындзӕхсӕв иу бон йеддӕмӕ нӕ вӕййы. Уыцы бонӕй райдайы, дыууӕ уды Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнын куы райдайынц, уыцы амондджын рӕстӕг. Уӕдӕ бацархайут, цӕмӕй уӕ чындзӕхсӕв Йегъовӕйӕн кад ӕрхӕсса ӕмӕ бӕрӕг уа, бонзонгӕ кӕй стут. Уӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарут. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы уӕ бон уыдзӕн алцыдӕр афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй-иу уый фӕстӕ уӕ чындзӕхсӕвы бон ӕхсызгонӕй ӕрымысат ӕмӕ мацӕуыл фӕсмон кӕнат (Пс. 37:3, 4).
107 ЗАРӔГ Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг
a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Бирӕ бӕстӕты чындзӕхсӕвы рӕстӕг усгур ӕмӕ чындз Хуыцауы раз дзырд раттынц, кӕрӕдзи кӕй уарздзысты. Чидӕртӕ ма уый фӕстӕ бадт скӕнынц ӕмӕ фынгтӕ ӕрӕвӕрынц. Кӕд, сымах кӕм цӕрут, уым ахӕм ӕгъдау нӕй, уӕддӕр уын Библийы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты уӕ чындзӕхсӕвы хъуыддӕгтӕ пълан кӕнгӕйӕ.
b Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс статья «Хуыцау ӕмӕ адӕмы цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм чындзӕхсӕвтӕ» 2006 азы 11 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».
c Кӕс сайты jw.org видеоролик «Фынгыл нозт ӕрӕвӕрон ӕви нӕ?»