Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 октябрь 18–23 фф.
  • Дӕ бон куыд у дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бон куыд у дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнын?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔМӔ КУВЫН МАКУЫ ӔФСӔРМЫ КӔН
  • КУЫД ИС НӔ КУЫВДТЫТӔ ФӔХУЫЗДӔР КӔНӔН?
  • БИБЛИЙЫ ЦЫ ЗӔРДӔБЫН КУЫВДТЫТӔ ФЫСТ ИС, УЫДОНЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН
  • ДӔ КУЫВДТЫТЫ ФӔРЦЫ ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН
  • Ма рох кӕн иннӕты тыххӕй кувын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй йӕм баввахс уай
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ куывдтытӕ хуыздӕр кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцаумӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 октябрь 18–23 фф.

42 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд

Дӕ бон куыд у дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнын?

«Ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕм сидын. Дзуапп мын ратт, о Йегъовӕ» (ПС. 119:145).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Библийы фыст куывдтытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм.

1, 2. а) Цы нӕ фӕхъыгдары Йегъовӕйӕн не ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом дзурын? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг кӕй фӕхъусы?

МЫЙЙАГ, дӕ куывдтыты уыцы иу ныхӕстӕ фӕдзурыс? Кӕнӕ Йегъовӕйӕн де ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом нал фӕдзурыс? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст дӕуӕн нӕу дӕ хабар афтӕ. Рӕстӕг тагъд тӕхы. Ӕмӕ уый тыххӕй иууылдӕр тынг ӕнӕвдӕлон систӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уый нӕ куывдтытыл дӕр фӕзына. Хатт та нын Йегъовӕйӕн, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом кӕнын уый тыххӕй вӕййы зын, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй нын нӕ куывдтытӕ хъуса.

2 Фӕлӕ Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй хъусы «сабыр адӕмӕн сӕ лӕгъстӕтӕ» (Пс. 10:17). Хуыцау нын нӕ рӕсугъд ныхӕстӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсы. Уымӕн ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йӕм зӕрдӕбынӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй кувӕм. Уый нын нӕ алы куывдмӕ дӕр лӕмбынӕг фӕхъусы, уымӕн ӕмӕ йын зынаргъ стӕм (Пс. 139:1–3).

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: Йегъовӕмӕ кувын цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕнӕм? Куыд ис нӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнӕн? Библийы фыст куывдтытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Кӕд тыхст уавӕры стӕм, ӕмӕ нӕ куывды цы зӕгъӕм, уый нӕ зонӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын?

ЙЕГЪОВӔМӔ КУВЫН МАКУЫ ӔФСӔРМЫ КӔН

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн не ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом дзурӕм? (Псалом 119:145).

4 Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, Йегъовӕ не ’нувыд Хӕлар кӕй у ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ хорз йеддӕмӕ кӕй ницы зӕгъы, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй йын не ’нкъарӕнтӕ ӕргом кӕнӕм. 119-ӕм псалом чи ныффыста, уый дӕр архайдта, цӕмӕй Йегъовӕ йе ’ввахс Хӕлар уыдаид. Йӕ цард ӕнцон нӕ уыд. Чидӕртӕ йӕ фыдкой кодтой, йӕ номыл ын цъыф калдтой (Пс. 119:23, 69, 78). Уымӕй уӕлдай ма-иу йӕ рӕдыдтыты тыххӕй йӕхимӕ ныхъхъуыста (Пс. 119:5). Фӕлӕ-иу уӕддӕр йе ’нкъарӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕн дзырдта. (Бакӕс Псалом 119:145.)

5. Нӕхи истӕй тыххӕй куы хӕрӕм, уӕддӕр-иу Йегъовӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувой, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, суанг уыдон дӕр (Ис. 55:6, 7). Уӕдӕ дӕхи истӕй тыххӕй куы хӕрай, уӕддӕр-иу Йегъовӕмӕ кув. Зӕгъӕм, пилот фӕзоны, ӕххуыс ӕй куы бахъӕуа, уӕд йӕ бон кӕй уыдзӕн диспетчермӕ фӕдзурын. Ӕмӕ йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл уа кӕнӕ куы фӕрӕдийа, уӕд цымӕ ӕфсӕрмы кӕндзӕн диспетчермӕ фӕдзурын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Диспетчеры ӕххуыс ӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы. Уӕдӕ-иу мах дӕр, куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ зонӕм кӕнӕ тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд-иу хъуамӕ ма ’фсӕрмы кӕнӕм Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын (Пс. 119:25, 176).

КУЫД ИС НӔ КУЫВДТЫТӔ ФӔХУЫЗДӔР КӔНӔН?

6, 7. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый Йегъовӕйӕн ӕргом кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

6 Йегъовӕйӕн нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы раргом кӕнӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр вӕййӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнӕм?

7 Йегъовӕйы миниуджытыл хъуыды кӕнa. Йӕ миниуджытыл ын цас фылдӕр хъуыды кӕнай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйӕн дӕ хъуыдытӕ, стӕй де ’нкъарӕнты тыххӕй дзурын (Пс. 145:8, 9, 18). Ӕркӕсӕм хо Кристи́ны хабармӕ. Йӕ фыд уыд тызмӕг адӕймаг. Кристин загъта: «Зын мын уыд, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, ууыл баууӕндын ӕмӕ йемӕ ӕргом ныхас кӕнын. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ мӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй нал уарздзӕн ӕмӕ мӕ ныууадздзӕн». Цы йын баххуыс кодта? Уый загъта: «Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтыл-иу хъуыды кодтон, ӕмӕ мын уый удӕнцой ӕрхаста. Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ мын алкӕддӕр мӕ къухыл кӕй хӕцдзӕн ӕмӕ-иу куы фӕрӕдийон, уӕддӕр мӕ кӕй уарздзӕн ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ныр Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй фӕкувын. Радзурын ын, цы мӕ тыхсын кӕны ӕмӕ мын циндзинад цы ӕрхӕссы, уыдӕттӕ».

8, 9. Цӕй тыххӕй скувдзыстӕм, ууыл ахъуыды кӕнын хорз цӕмӕн вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Кувгӕйӕ цы зӕгъдзынӕ, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Цалынмӕ Йегъовӕмӕ скувай, уӕдмӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ныртӕккӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлын? Искӕмӕн ныххатыр кӕнын мӕ хъӕуы? Мӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ мӕ Йегъовӕйы ӕххуыс хъӕуы?» (2 Пад. 19:15–19). Стӕй ма нӕ бон у, Йесо нӕ куыд ахуыр кодта, афтӕ кувын – Йегъовӕйы номы тыххӕй, йӕ Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй (Матф. 6:9, 10).

9 Хо Алиска́ куы базыдта, йӕ цардӕмбалӕн йӕ сӕрымагъзы рак кӕй ис ӕмӕ бирӕ кӕй нал фӕцӕрдзӕн, уӕд ын Йегъовӕмӕ кувын зын уыд. Алиска загъта: «Мӕ фыртыхстӕй нӕ зыдтон, куывды Йегъовӕйӕн цы зӕгъон, уый». Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Уый зӕгъы: «Цалынмӕ не скувын, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕнын, Йегъовӕйӕн цы зӕгъдзынӕн, ууыл. Уый фӕрцы ӕрмӕст мӕхиуыл ӕмӕ мӕ зындзинӕдтыл нӕ фӕхъуыды кӕнын, стӕй афтӕ тынг нал фӕмӕт кӕнын ӕмӕ мӕ бон вӕййы ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр скувын».

10. Кувынӕн-иу фылдӕр рӕстӕг цӕмӕн хъуамӕ рахицӕн кӕнӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

10 Фылдӕр рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн. Йегъовӕмӕ цыбыртӕй куы скувӕм, уӕд дӕр ӕм баввахс вӕййӕм. Фӕлӕ йемӕ фылдӕр рӕстӕг куы ныхас кӕнӕм, уӕд ын нӕ бон уыдзӕн, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый раргом кӕнынb. Алискайы цардӕмбал Эла́йджӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Боны дӕргъы Йегъовӕмӕ бирӕ хӕттыты скувын. Фӕлӕ кувынӕн фылдӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕнын, уӕд ӕм тынгдӕр баввахс вӕййын. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ нӕ фӕтагъд кӕны, дӕ куывд рӕвдздӕр фӕу, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мӕ бон вӕййы йемӕ, цас мӕ фӕнды, уыйбӕрц ныхас кӕнын». Ды дӕр-иу ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ахӕм бынат равзар, цӕмӕй дӕ мачи хъыгдара Йегъовӕимӕ фылдӕр рӕстӕг ныхас кӕнын, чи зоны, хъӕрӕй дӕр. Ӕмӕ-иу афтӕ арӕхдӕр кув.

Цалдӕр нывы: 1. Хур нӕма скаст, афтӕ ӕфсымӕр стъолы уӕлхъус бады ӕмӕ, Библийы цы бакаст, ууыл хъуыды кӕны; стъолыл ис Библи гомӕй, ӕфсымӕры къухы та – къофи. 2. Хур скаст, фӕлӕ нырма дӕр стъолы уӕлхъус бады ӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг кувы.

Кувынӕн-иу фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн ӕмӕ-иу ахӕм бынат равзар, цӕмӕй дӕ мачи хъыгдара (кӕс 10 абзац)


БИБЛИЙЫ ЦЫ ЗӔРДӔБЫН КУЫВДТЫТӔ ФЫСТ ИС, УЫДОНЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

11. Библийы фыст куывдтытыл хъуыды кӕнын цы пайда у? (Кӕс рамкӕ дӕр «Дӕумӕ дӕр уыдоны хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ вӕййы?».)

11 Библийы цы зӕрдӕбын куывдтытӕ ӕмӕ кады зарджытӕ ис фыст, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Йегъовӕйӕн-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куыд ӕргом кодтой, уыдӕттӕ кӕсгӕйӕ дӕу дӕр бафӕнддзӕн дӕ хъуыдыты ӕмӕ де ’нкъарӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕн дзурын. Ӕмӕ ма-иу сын, чи зоны, сӕ ныхӕстӕй дӕр спайда кӕнай. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ссардзынӕ, сӕ уавӕртӕ дӕ уавӕрты хуызӕн кӕмӕн уыдысты, ахӕм лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ дӕр.

Дӕумӕ дӕр уыдоны хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ вӕййы?

Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ-иу алыхуызон уавӕрты Йегъовӕйӕн ӕргом кодтой, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Дӕумӕ дӕр уыдоны хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ вӕййы?

  • Иаков куы фӕтарст, уӕд Йегъовӕйӕн, цӕуыл тыхсы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ дзы бузныг кӕй у ӕмӕ йыл йӕ ныфс кӕй дары, уый тыххӕй дӕр (Райд. 32:9–12).

  • Йегъовӕ Соломонӕн ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд Соломонмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ӕгӕр ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдта (1 Пад. 3:7–9).

  • Давид Вирсавиимӕ ӕмуат куы ’рцыд, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ мидӕг скодтаид «сыгъдӕг зӕрдӕ» (Пс. 51:9–12).

  • Йегъовӕ Марийӕйы бар ахсджиаг хӕс куы бакодта, уӕд ӕй Марийӕ скадджын кодта (Лук. 1:46–49).

Цы ис раиртасӕн? Библийы фыст куывдтытӕй искӕцы куы бакӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Ацы адӕймаг Йегъовӕйӕн цы загъта ӕмӕ цавӕр ныхӕстӕй спайда кодта? Йегъовӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп куыд радта?» Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цы базыдтай, уымӕй дӕ бон куыд у дӕ царды спайда кӕнын.

12. Библийы фыст куывдтытӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон цӕуыл вӕййы ахъуыды кӕнын?

12 Библийы-иу искӕй куывды ныхӕстӕ куы бакӕсай, уӕд-иу ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Ацы ныхӕстӕ чи загъта ӕмӕ цӕмӕн? Уымӕ цы ’нкъарӕнтӕ уыд, мӕнмӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ вӕййы? Ацы куывдӕй цӕуыл ахуыр кӕнын?» Цӕмӕй ацы фарстатӕн дӕ бон уа дзуапп раттын, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, бахъӕуа фылдӕр ӕрмӕг бацагурын. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Ӕркӕсӕм-ма цыппар куывдмӕ.

13. Аннӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Самуилы 1:10, 11). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Бакӕс 1 Самуилы 1:10, 11. Аннӕ ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ын тынг зын уыд: зӕнӕг ын нӕ цыд, стӕй йын йӕ лӕджы иннӕ ус йӕ цард ӕнад кодта (1 Сам. 1:4–7). Кӕд ды дӕр бирӕ рӕстӕг цавӕрдӕр зындзинадыл ӕмбӕлыс, уӕд дын Аннӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? Аннӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй-иу, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уый Йегъовӕйӕн раргом кодтаид, ӕмӕ-иу ын уый фӕрцы фенцондӕр (1 Сам. 1:12, 18). Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ зындзинӕдты тыххӕй Йегъовӕйӕн дзурын, ӕмӕ йыл афтӕмӕй нӕ уаргъ сӕвӕрын (Пс. 55:22). Ӕмӕ-иу нын уӕд фенцондӕр уыдзӕн.

Цалдӕр нывы: 1. Аннӕ ӕнкъардхуызӕй йӕ сӕр бынмӕ ӕруагъта, Елхъан йӕ дыууӕ сывӕллонимӕ куыд хъазы, уымӕ кӕсгӕйӕ. 2. Феннанӕ йӕ мидбылты худы ӕмӕ йӕ хъӕбысы йӕ ноггуырд сывӕллоны узы. 3. Аннӕ йӕхи цӕссыгӕй ӕхсы ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувы. 4. Хистӕр сауджын Илий йӕ къухтӕ йӕ риуыл сӕвӕрдта ӕмӕ Аннӕмӕ кӕсы.

Аннӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, стӕй дзы йӕ лӕджы иннӕ ус ӕдзух хынджылӕг кодта. Аннӕ йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдта (кӕс 13 абзац)


14. а) Аннӕйы цӕвиттонӕй ма ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Библийы цы фыст ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый нӕ куывдтытыл куыд фӕзындзӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

14 Аннӕйӕн Самуил куы райгуырд, уӕд ӕй цалдӕр азы фӕстӕ хистӕр сауджын Илиймӕ ӕрбакодта (1 Сам. 1:24–28). Аннӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывта, ӕмӕ йын бузныг загъта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сын кӕй феххуыс кӕны, уый тыххӕй (1 Сам. 2:1, 8, 9)c. Ӕвӕццӕгӕн, Аннӕ йӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзт, фӕлӕ сыл ӕгӕр нал мӕт кодта. Уый фылдӕр хъуыды кодта Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтыл. Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕ нын нырмӕ дӕр куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразын ӕнцондӕр уыдзӕн.

15. Хӕрам хъуыддӕгтыл чи сӕмбӕлы, уыдонӕн Йеремийы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? (Йереми 12:1).

15 Бакӕс Йеремийы 12:1. Пехуымпар Йереми уыдта, адӕмӕй бирӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй аразынц, фӕлӕ уӕддӕр амондджын ӕмӕ ӕнӕмӕт цард кӕй кӕнынц. Стӕй-иу ыл израилӕгтӕ худтысты. Ӕмӕ-иу уыдӕтты тыххӕй йӕ ныфс асаст (Йер. 20:7, 8). Махыл дӕр абон адӕм фӕхудынц. Стӕй уынӕм, фыдгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз кӕй цӕуынц. Ӕмӕ нӕм, чи зоны, Йеремимӕ цы ’нкъарӕнтӕ уыд, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны. Йереми-иу Йегъовӕйӕн йӕ хъӕстытӕ ракодта. Фӕлӕ Хуыцау рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл никуы дызӕрдыг кодта. Ӕмӕ Йегъовӕ йе ’гоммӕгӕс адӕмы куы бафхӕрдта, уӕд Йереми ууыл ноджы тынгдӕр баууӕндыд (Йер. 32:19). Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕн ӕргом дзурын, цы нӕ тыхсын кӕны, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ афоныл хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн.

16. Уацары чи уыд, уыцы левиты куывды ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Псалом 42:1–4). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

16 Бакӕс Псалом 42:1–4. Ацы зарӕг ныффыста иу левит. Уый уыди уацары, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд иннӕ израилӕгтимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кувӕндоны лӕггад кӕнын. Чи зоны, махмӕ дӕр фӕзыны, уыцы левитмӕ цы ’нкъарӕнтӕ уыд, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ, зӕгъӕм, нӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын кӕй нӕу кӕнӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны кӕй бадӕм, уый тыххӕй. Ахӕм уавӕрты нӕм алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны – куы хъӕлдзӕгдӕр вӕййӕм, куы та ӕрӕнкъард вӕййӕм. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, хъуамӕ-иу не ’нкъарӕнты тыххӕй Йегъовӕйӕн радзурӕм. Уый фӕрцы-иу не ’нкъарӕнтӕ хуыздӕр бамбардзыстӕм ӕмӕ-иу нӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзыстӕм. Зӕгъӕм, левит бамбӕрста, уый фӕстӕ ма йын кӕй уыдзӕн фадӕттӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн (Пс. 42:5). Стӕй ма хъуыды кодта, Йегъовӕ йын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл (Пс. 42:8). Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы кувӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтӕ нӕм цӕмӕн фӕзынд, уый. Уӕд-иу нӕ зӕрдӕ ’рсабыр уыдзӕн ӕмӕ та-иу нӕм тыхтӕ фӕзындзӕн.

Цалдӕр нывы: 1. Левит ӕдзӕрӕг быдыры Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувы. 2. Ӕфсымӕр ис рынчындоны; хуыссӕныл бады ӕмӕ кувы, йӕ уӕрджытыл ис Библи гомӕй.

42-ӕм псалом чи ныффыста, уыцы левит Йегъовӕйӕн, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый раргом кодта. Мах дӕр Йегъовӕйӕн не ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом куы дзурӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсӕм (кӕс 16 абзац)


17. а) Ионӕйы куывдӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Ионӕ 2:1, 2). б) Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ куы сахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый зын уавӕрты куыд баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

17 Бакӕс Ионӕйы 2:1, 2. Ионӕ ацы ныхӕстӕ загъта, стыр кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд. Ахӕм хабар ыл уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ нӕ бакаст. Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йын йӕ куывд кӕй фехъусдзӕн. Бӕрӕг у, Ионӕ псаломтӕ хорз кӕй зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ куывды Псаломты чиныгӕй ис бирӕ ныхӕстӕd. Йӕ зӕрдыл сӕ кӕй дардта ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Хорз уаид, мах дӕр Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ куы сахуыр кӕниккам. Ӕмӕ-иу зын уавӕры Йегъовӕмӕ куы скувӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты ӕмӕ нын удӕнцойы хос фӕуыдзысты.

ДӔ КУЫВДТЫТЫ ФӔРЦЫ ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН

18, 19. Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ, цы зӕгъӕм, уый куы нӕ зонӕм, уӕд нын Ромӕгтӕм 8:26, 27 стихты фыст ныхӕстӕ удӕнцойы хос куыд фӕуыдзысты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

18 Бакӕс Ромӕгтӕм 8:26, 27. Хатт ахӕм тыхст вӕййӕм, ӕмӕ нӕ фӕзонӕм, цы ’нкъарӕм, уый Йегъовӕйӕн куыд бамбарын кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ ӕнӕ ’ххуысӕй нӕ ныууагъта. Ахӕм рӕстӕг «сыгъдӕг тых фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты». Уый куыд ӕмбаргӕ у? Библийы цы куывдтытӕ ис фыст, уыдон фыст ӕрцыдысты Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Ӕмӕ, цы зӕгъӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм, уӕд нӕ бон вӕййы уыцы куывдтыты ныхӕстӕ дзурын. Йегъовӕ сӕм фӕхъусы, раст цыма нӕхи сты, афтӕ ӕмӕ сын дзуапп дӕр ратты.

19 Ацы хъуыды баххуыс кодта Уӕрӕсейӕ иу хойӕн, Еленӕйӕн. Йегъовӕмӕ кӕй куывта ӕмӕ Библи кӕй каст, уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой. Еленӕ ахӕм тыхст уавӕры уыд, ӕмӕ йын кувын дӕр зын уыд. Уый загъта: «Уыцы рӕстӕг мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд иу хъуыды: Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг йӕ фыртыхстӕй куы нӕ зона, йӕ куывды цы зӕгъа, уый, уӕд йӕ бон у Библийы фыст куывдтытӕ кӕсын. Ӕмӕ йын сӕ Йегъовӕ афтӕ нымайдзӕн, цыма йӕхи ныхӕстӕ сты. Ацы хъуыды мын уӕд тынг баххуыс кодта».

20. Истӕуыл куы тыхсай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн куывды размӕ дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд бацӕттӕ кӕнынӕн?

20 Истӕуыл куы тыхсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, кувгӕ-кувын нӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл уой. Цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд бацӕттӕ кӕнай, уый тыххӕй дӕ бон у искӕцы псаломтӕ хъӕрӕй бакӕсын. Дӕ бон ма у дӕ хъуыдытӕ ныффыссын, паддзах Давид куыд кодта, афтӕ (Пс. 18, 34, 142 ӕмӕ разныхӕстӕ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд куывды размӕ куыд хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм, уый фӕдыл закъӕттӕ нӕй (Пс. 141:2). Уӕдӕ-иу араз, дӕуӕн тынгдӕр цы ’ххуыс кӕны, уый.

21. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй-иу Йегъовӕйӕн, нӕ зӕрдӕйы рӕбын цы ис, уый дзурӕм?

21 Удӕнцойы хос нын куыннӕ у, Йегъовӕ, зӕгъгӕ дӕр ын куы ницыма фӕкӕнӕм, уӕдмӕ дӕр кӕй фӕзоны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый! (Пс. 139:4). Фӕлӕ йын не ’нкъарӕнты тыххӕй ӕмӕ йыл куыд тынг ӕууӕндӕм, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Уӕдӕ-иу ма ’фсӕрмы кӕн дӕ уӕларвон Фыдмӕ кувын. Библийы чи ис фыст, уыцы куывдтыты ныхӕстӕй дӕр-иу спайда кӕн. Йегъовӕйӕн-иу радзур, дӕ зӕрдӕйы рӕбын цы ис, уыдӕттӕ. Радзур-иу ын, дӕ царды хорзӕй цы ’рцӕуы, уый тыххӕй дӕр ӕмӕ дӕ зындзинӕдты тыххӕй дӕр. Йегъовӕ у де ’цӕг Хӕлар ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн дӕ фарсмӕ!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый Йегъовӕйӕн раргом кӕнӕм?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн?

  • Библийы цы куывдтытӕ ис фыст, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ

a Чиныджы «Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн» кӕс темӕ «Йегъовӕ», дӕлсӕргонд «Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕй кӕцыдӕртӕ».

b Ӕмбырды номӕй чи фӕкувы, уый арӕхдӕр цыбыртӕй скувы.

c Аннӕ йӕ куывды загъта Моисейы чингуытӕй кӕцыдӕр хъуыдытӕ. Уымӕй бӕрӕг у, Фыстадыл-иу арӕх кӕй хъуыды кодта (Дык. з. 4:35; 8:18; 32:4, 39; 1 Сам. 2:2, 6, 7). Ӕнусты фӕстӕ Йесойы мад Марийӕ йӕ куывды цы ныхӕстӕ загъта, уыдон сты Аннӕйы куывды ныхӕсты хуызӕн (Лук. 1:46–55).

d Зӕгъӕм, абар Ионӕ 2:3–9 ӕмӕ Псалом 69:1; 16:10; 30:3; 142:2, 3; 143:4, 5; 18:6; 3:8. Ам псаломтӕ фыст сты, Ионӕ сӕ йӕ куывды куыд дзырдта, афтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын