Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 октябрь 2–5 фф.
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1925 аз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕдӕ азы размӕ: 1925 аз
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦӔМӔ ’НХЪӔЛМӔ КАСТЫСТЫ, УЫЙ НЕ ’РЦЫД
  • НОГ РАДИОСТАНЦӔТӔ
  • НӔ АХУЫРӔДТӔЙ КӔЦЫДӔРТӔ ФӔБӔЛВЫРДДӔР КОДТАМ
  • «СЫМАХ СТУТ МЕ ’ВДИСӔНТӔ»
  • ХОРЗ ХАБАРМӔ ЧИ БАЙХЪУЫСТА, УЫДОНМӔ-ИУ НОГӔЙ ӔРБАЦЫДЫСТЫ
  • РАЗМӔ ФИДӔНМӔ КӔСЫНЦ
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1924 аз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1922 аз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ. Адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнынӕн алы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Иегъовӕ ӕмбырд кӕны ӕмӕ ифтонг кӕны йӕ адӕмы хъуыддагӕн
    Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы фӕндон иумӕйагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕппӕт зӕххыл
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 октябрь 2–5 фф.
1925 азы Индианаполисмӕ (штат Индианӕ) конгресмӕ чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ къам исынц.

Конгресс Индианаполисы (штат Индианӕ). 1925 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1925 аз

1925 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Чырыстӕттӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты ацы азмӕ». Ноджыдӕр ма дзы фыст уыд: «Хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, ацы аз цы уыдзӕн, ууыл. Кӕннод нӕ бон нӕ уыдзӕн, Хицау нын цы куыст бафӕдзӕхста, уый цингӕнгӕйӕ кӕнын». Библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 1925 азы цы хъуамӕ ӕрцыдаид? Ӕмӕ кӕд цӕмӕйдӕрты фӕфыдӕнхъӕл сты, уӕддӕр сын цы баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хицауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайдтаиккой?

ЦӔМӔ ’НХЪӔЛМӔ КАСТЫСТЫ, УЫЙ НЕ ’РЦЫД

Библииртасджытӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ 1925 азы зӕхх фӕстӕмӕ дзӕнӕт суыдзӕн. Уый тыххӕй А́льберт Шрёдер (фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы) ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ 1925 азы, Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты. Хуыцауы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ та, зӕгъӕм, Авраам ӕмӕ Давид, райгас уыдзысты ӕмӕ зӕххыл уыдзысты кънйӕзтӕ». Ӕмӕ хабар афтӕ куы нӕ рауад, уӕд иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕфыдӕнхъӕл сты (Ӕмб. 13:12).

Кӕд, цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, уый не ’рцыд, уӕддӕр Библииртасджытӕн сӕ фылдӕр дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Стӕй хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой, сӕ хӕс кӕй у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Ныртӕккӕ базондзыстӕм, радиойы фӕрцы хорз хабар хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕм куыд фӕхӕццӕ кодтой.

НОГ РАДИОСТАНЦӔТӔ

1924 азы кусын райдыдта радиостанцӕ WBBR. Ӕмӕ-иу уыцы радиомӕ тынг бирӕ адӕм хъуыстой. Гъемӕ-ма ӕфсымӕртӕ ноджыдӕр иу радиостанцӕ саразын сфӕнд кодтой. Сарӕзтой йӕ штат Иллино́йсы, Чикагомӕ хӕстӕг. Ӕмӕ йӕ схуыдтой WORD. Уыцы радиостанцӕ аразынӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы ’фсымӕртӕй иу уыд Ралф Леффле́р. Ралф уыд радиоинженер. Уый загъта: «Дард рӕтты чи цард, уыцы адӕм дӕр-иу хъуыстой ацы радиостанцӕмӕ, уӕлдайдӕр та уазал зымӕгон изӕрты». Зӕгъӕм, Чикагойӕ иу-5 000 километры дарддӕр чи ис, иу ахӕм горӕт Па́йлот-Сте́йшенӕй (штат Аляскӕ) иу бинонтӕ фыццаг передачӕтӕй иумӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕфсымӕртӕм писмо ныффыстой. Фыст дзы уыд, уыцы передачӕйы тыххӕй сӕ тынг бузныг кӕй сты, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг бафидар кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта Хуыцауы ӕмӕ Библийы тыххӕй фылдӕр базонынӕн.

Галиуырдыгӕй: Радиостанцӕ WORD-ы вышкӕтӕ Батавийы (штат Иллинойс)

Рахизырдыгӕй: Ралф Леффлер радиостанцӕйы цыдӕртӕ кусы

1925 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (англ.) фыст уыд, радиостанцӕ WORD-ы передачӕтӕм тынг бирӕ адӕмӕн сӕ бон цӕй фӕрцы уыд хъусын, уый тыххӕй: «Радиостанцӕ WORD у, Америкӕйы Иугонд Штатты алы рӕтты чи кусы, уыцы радиостанцӕтӕй иу. Кусы, йӕ тых 5 000 ватты кӕмӕн у, ахӕм радиопередатчикӕй. Йӕ сигнал ын ӕрцахсӕн ис Кубӕйы дӕр ӕмӕ ма суанг Аляскӕйӕн йӕ цӕгат хайы ӕппӕты дарддӕр рӕтты дӕр». Нӕ передачӕты фӕрцы бирӕ адӕм рӕстдзинад фыццаг хатт фехъуыстой ӕмӕ сӕ бафӕндыд фылдӕр базонын.

Джордж Нейш

Библииртасджыты фӕндыд хорз хабар радиойӕ Канадӕмӕ дӕр фӕхӕццӕ кӕнын. 1924 азы горӕт Саскату́ны (провинци Саска́чеван) сарӕзтой радиостанцӕ CHUC. Уый уыд, Канадӕйы фыццаг цы дины радиостанцӕтӕ уыд, уыдонӕй сӕ иу. 1925 азы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, стырдӕр агъуыст сӕ кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнад радиостанцӕйы бартӕ йӕхимӕ райста ӕмӕ Саскатуны балхӕдта зӕронд театры агъуыст. Ӕфсымӕртӕ йӕ сцалцӕг кодтой, ӕмӕ радиостанцӕ CHUC йӕ куыст уым адарддӕр кодта.

Ацы радиостанцӕйы фӕрцы хорз хабар фехъуыстой, Саскачеваны бирӕ адӕм кӕм нӕ цард, суанг уыцы районты цӕрджытӕ дӕр. Сӕ иу уыд миссис Грэм. Нӕ передачӕтӕй иумӕ куы байхъуыста, уӕд ӕфсымӕртӕм ныффыста, цӕмӕй йын Библийыл арӕзт литературӕ ӕрбарвыстаиккой. Ӕфсымӕр Джордж Нейш уый тыххӕй ныффыста: «Йӕ писмойы нын лӕгъстӕ кодта: „Сахуыр нӕ кӕнут!“ Гъемӕ йын мах дӕр «Фыстад иртасын»-ы томтӕ иууылдӕр арвыстам». Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ миссис Грэм йӕхӕдӕг Канадӕйы дард рӕтты хорз хабар хъусын кӕнын райдыдта.

НӔ АХУЫРӔДТӔЙ КӔЦЫДӔРТӔ ФӔБӔЛВЫРДДӔР КОДТАМ

1925 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (уырыссагау у 1925 азы майы номыр) рацыд ахсджиаг статья, «Ног адӕм райгуырд», зӕгъгӕ. Библииртасджытӕ зыдтой, Хӕйрӕгӕн йӕхи организаци кӕй ис. Хауынц ӕм дӕлимонтӕ, стӕй мӕнг динтӕ, коммерци ӕмӕ политикӕ. Фӕлӕ уыцы статьяйы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн дӕр кӕй ис йӕхи организаци (Матф. 24:45). Уыцы организаци у Хӕйрӕджы организацийы ныхмӕ ӕмӕ йын йемӕ иумӕйагӕй ницы ис. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар ма бамбарын кодта, 1914 азы кӕй райгуырд Хуыцауы Паддзахад, стӕй уыцы аз «уӕлӕрвты [кӕй] райдыдта хӕст» ӕмӕ уымӕ кӕй ӕркодта, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты (Рарг. 12:7–9).

Библииртасджытӕй чидӕртӕ уыцы ног ӕмбарынадимӕ разы нӕ уыдысты. Статьяйы уыд ахӕм уынаффӕ: «„Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ чи кӕсы, уыдонӕй кӕд чидӕртӕ, ам цы фыст ис, уыимӕ разы не сты, уӕддӕр хъуамӕ уой фӕразон, сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарой ӕмӕ йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕной».

Фӕлӕ Библииртасджытӕн сӕ фылдӕр уыцы статьямӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. Британийӕ иу чиныгхӕссӕг (раздӕр афтӕ хуыдтам пионерты), Том Эйр, ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Раргомад 12-ӕм сӕр куыд бамбарын кодтой, уый нӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд! Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый тыххӕй куы базыдтам, уӕд нӕ бафӕндыд уыцы хорз хабар алкӕмӕн дӕр радзурын. Райдыдтам ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнын. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтам, фидӕны Йегъовӕ ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй сараздзӕн».

«СЫМАХ СТУТ МЕ ’ВДИСӔНТӔ»

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз зонынц, Исайы 43:10 стихы цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– кӕй равзӕрстон, мӕ уыцы лӕггадгӕнӕг». Фӕлӕ 1925 азы онг уыцы стих нӕ публикациты афтӕ арӕх не ’мбӕлд. Ӕмӕ хабар хъуамӕ фӕивтаид. 1925 азы Исайы 43:10, 12 стихтыл дзырд цыд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (англ.) номыртӕй иуӕндӕсы!

1925 азы августы Библииртасджытӕн уыд конгресс Индиана́полисы (штат Индиа́нӕ). Ӕфсымӕр Джо́зеф Рутерфо́рд ныффыста цалдӕр ныхасы делегаттӕн ӕгасцуай зӕгъынӕн. Уыцы ныхӕстӕ мыхуыргонд уыдысты конгрессы программкӕйыл. Фыст дзы уыд: «Ацы конгресмӕ ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй нӕ Хицау йӕ тыхӕй схайджын кӕна ӕмӕ ног хъарутимӕ фӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ аздӕхӕм ӕмӕ йын ӕвдисӕн уӕм». Конгресс цыди 8 боны. Уыцы рӕстӕг делегатты разӕнгард кодтой, цӕмӕй алы фадатӕй дӕр пайда кӕной ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурой.

29 августы, сабаты ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхасы, «Хъуыддагмӕ бавналут», зӕгъгӕ, бамбарын кодта, хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у. Ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Йегъовӕ йӕ адӕмӕн дзуры: „Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ... ӕз та дӕн Хуыцау“. Стӕй сын дӕтты бӕлвырд фӕдзӕхст: „Адӕмтӕн сӕвӕрут амонӕн цӕджындз“. Адӕмтӕн амонӕн цӕджындз сӕ бон сӕвӕрын у, Хуыцау йӕ тыхӕй кӕй хайджын кӕны ӕмӕ йе ’вдисӕнтӕ кӕй хоны, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕмӕн» (Ис. 43:12; 62:10).

Резолюци «Ныфсы хабар» буклеты хуызы

Буклет «Ныфсы хабар»

Ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхас куы радзырдта, уӕд бакаст резолюци, «Ныфсы хабар», зӕгъгӕ. Ӕмӕ, конгрессы чи уыд, уыдон иууылдӕр уыцы резолюциимӕ сразы сты. Фыст дзы уыди, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон адӕмы ахӕм арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕнын: фарн, бӕркад, ӕнӕниздзинад, ӕнусон цард, сӕрибардзинад ӕмӕ ӕцӕг амонд. Фӕстӕдӕр уыцы резолюци цалдӕр ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ буклеты хуызы ныммыхуыр кодтой. Ӕмӕ дзы апарахат кодтой 40 милуан экземпляры бӕрц.

Кӕд Библииртасджытӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр азы фӕстӕ райстой ном «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ», уӕддӕр 1925 азы ӕмбарын райдыдтой, куыд ахсджиаг у Йегъовӕйы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын.

ХОРЗ ХАБАРМӔ ЧИ БАЙХЪУЫСТА, УЫДОНМӔ-ИУ НОГӔЙ ӔРБАЦЫДЫСТЫ

Ӕгас дунейы дӕр Библииртасджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Уымӕ гӕсгӕ сӕ организаци баразӕнгард кодта, цӕмӕй литературӕ ӕнӕуи ма парахат кодтаиккой, фӕлӕ-иу сӕм хорз чи байхъуыста, уыдонмӕ-иу ногӕй ӕрбацыдаиккой. Буклет «Ныфсы хабар» парахат кӕныны фӕдыл зиу куы фӕци, уӕд «Бюллетен»-ыa уыд ахӕм разамынд, зӕгъгӕ, дам, уыцы буклет кӕмӕн радтам, уыцы адӕммӕ хъӕуы ногӕй бацӕуын.

1925 азы январы «Бюллетен»-ы фыст уыдысты горӕт Пла́нойӕ (штат Техас) иу ӕфсымӕры ныхӕстӕ. Уый загъта: «Диссаг у, фӕлӕ, уый размӕ хорз хабар цы территорийы хъусын кодтам, уым нӕм хуыздӕр байхъусынц, кӕм никуыма хъусын кодтам, уыцы территориимӕ абаргӕйӕ. Иу гыццыл горӕты фӕстаг дӕс азы дӕргъы хъусын кодтам фондз хатты. ...Ӕрӕджы хо Хе́ндрикс ӕмӕ мӕ мад ногӕй уырдӕм хъусын кӕнынмӕ ацыдысты. Ӕмӕ дзы ацы хатт цал чиныджы байуӕрстой, уыйбӕрц никуыма».

Панамӕйы чи цард, иу ахӕм чиныгхӕссӕг та ныффыста: «Фыццаг хатт мӕм-иу чи нӕ байхъуыста, уыдоны-иу дыккаг кӕнӕ ӕртыккаг хатт куы бабӕрӕг кодтон, уӕд-иу дзы бирӕтӕ хорз хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. Ацы аз фылдӕр фӕлӕггад кӕнын, уый размӕ кӕм хъусын кодтон, ахӕм рӕтты ӕмӕ, хорз хабар кӕмӕн радзырдтон, уыдонмӕ ногӕй ӕрбацӕуын. Ӕмӕ дзы чидӕртӕ хорз байхъусынц».

РАЗМӔ ФИДӔНМӔ КӔСЫНЦ

Ӕрвылазон писмойы ӕппӕт чиныгхӕсджытӕм ӕфсымӕр Рутерфорд ныффыста, 1925 азы сын цы бантыст ӕмӕ ма сӕм фидӕны ноджыдӕр цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Йӕ писмойы фыст уыд: «Ацы аз бирӕ адӕмӕн хъуыди сӕ ныфсыл ныфс бафтауын, ӕмӕ мах тынг цин кӕнӕм, удӕнцойы хос сын кӕй уыдыстӕм. [...] Иннӕ аз нын уыдзӕн бирӕ фадӕттӕ, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууӕм ӕмӕ равдисӕм, ӕцӕгдӕр чи сты йӕ лӕггадгӕнджытӕ. [...] Цӕй уӕдӕ нӕ хъӕлӕстӕ бӕрзонд сисӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Паддзахы кадджын кӕнӕм!»

1925 азы кӕрон ӕфсымӕртӕ уынаффӕ рахастой, Бруклины Вефилы агъуыстытӕ кӕй фестырдӕр кӕндзысты. Нӕ организацийы историйы ахӕм стыр арӕзтадон проект никуыма уыд. Куыстмӕ хъуамӕ бавнӕлдтаиккой 1926 азы.

Ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынц ног агъуыст аразынӕн.

Арӕзтадон куыстытӕ Бруклины, Адамс-стритыл (штат Нью-Йорк). 1926 аз

a Ныртӕккӕ уый у «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад».

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын