Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 октябрь 6–11 фф.
  • Йегъовӕ у не стыр цин

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ у не стыр цин
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ АЛЦЫДӔР КУЫД СФӔЛДЫСТА, УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?
  • МА БАУАДЗ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЦИНДЗИНАД ФЕСӔФА
  • Циндзинад – Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Хъусын кӕныны хъуыддаг дын фылдӕр циндзинад хӕссӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • «Раттын амондджындӕр хъуыддаг у»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 октябрь 6–11 фф.

40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

Йегъовӕ у не стыр цин

«Ӕз ӕрбацӕудзынӕн... Хуыцаумӕ – уый у ме стыр цин» (ПС. 43:4).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Нӕ циндзинад, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй фесӕфа ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй цардыл цин кӕнӕм.

1, 2. а) Абон бирӕтӕ цы уавӕры сты? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

АБОН бирӕтӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй амондджын уой. Ӕмӕ кӕд ууыл тынг архайынц, уӕддӕр ӕцӕг амондджын не сты. Бирӕтӕ сты тынг ӕнкъард ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ цард никуы фӕхуыздӕр уыдзӕн. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр кӕмӕдӕрты хатт ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны. Ӕмӕ уый диссаг нӕу. «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зындзинӕдтӕй хызт ничи у (2 Тим. 3:1).

2 Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ циндзинад цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй фесӕфы ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсдзыстӕм, кӕй бон нын у баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм.

ЙЕГЪОВӔ АЛЦЫДӔР КУЫД СФӔЛДЫСТА, УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

3. Сфӕлдыстадӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

3 Йегъовӕ амондджын Хуыцау у. Афтӕ уыд, иунӕгӕй ма куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр амондджын уӕм. Уымӕ гӕсгӕ алцыдӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Нӕ зӕхх цы рӕсугъд у, уымӕ кӕсынӕй цӕст нӕ фефсӕды. Цӕрӕгойтӕ куыд хъазынц, уымӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Уӕдӕ хӕрзад хӕринаг хӕрын дӕр ӕхсызгон кӕмӕн нӕ вӕййы! Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй цардыл цин кӕнӕм.

Цалдӕр нывы: Алыхуызон цӕрӕгойтӕ сӕхи худӕг дард кӕнынц. 1. Пылы лӕппын доны хъазы. 2. Пингвинты лӕппынтӕ сӕ базыртӕ ныххӕлиу кодтой ӕмӕ худӕг ратас-батас кӕнгӕйӕ миты фӕцӕуынц. 3. Сӕныччытӕ быдыры гӕппытӕ кӕнынц. 4. Дельфинтӕ донӕй сгӕпп кӕнынц.

Baby elephant: Image © Romi Gamit/Shutterstock; penguin chicks: Vladimir Seliverstov/500px via Getty Images; baby goats: Rita Kochmarjova/stock.adobe.com; two dolphins: georgeclerk/E+ via Getty Images

Цӕрӕгойтӕ куыд хъазынц, уымӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, Йегъовӕ амондджын Хуыцау кӕй у (кӕс 3 абзац)


4. а) Кӕд Йегъовӕ уыны, адӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уӕддӕр ын цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй амондджын уа? б) Йегъовӕ нын цавӕр лӕвар скодта? (Псалом 16:11).

4 Кӕд Йегъовӕйӕн адӕмы зындзинӕдтӕм ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ фӕриссы, уӕддӕр у «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11). Цӕй фӕрцы? Уый зоны, нӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр рӕстӕгмӕ кӕй сты ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, нӕ циндзинад кӕй тыхӕй фесӕфы, уыцы хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ дӕр ныл тынг тыхсы. Зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ куыд хъизӕмар кӕнӕм, уый куы фены, уӕд нӕ фарсмӕ ’рбалӕууы ӕмӕ нын баххуыс кӕны. Куыд? Зӕгъӕм, дӕтты нын циндзинад. (Бакӕс Псалом 16:11.) Ахӕм лӕвар кӕмӕн скодта, уыдонӕй фыццаг уыд йӕ Фырт Йесо.

5, 6. Йесо амондджын цӕмӕн у?

5 Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты амондджындӕр у Йесо. Цӕмӕн? 1) «Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у йӕ Фыды хуызӕн (Кол. 1:15; 1 Тим. 6:15). 2) Йесо йӕ Фыдимӕ цас рӕстӕг арвыста, уыйбӕрц ничи. Йегъовӕйӕ амондджындӕр та ничи у.

6 Йесойӕн йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын алкӕддӕр циндзинад фӕхӕссы (Ӕмб. 8:30, 31; Иоан. 8:29). Ӕмӕ дзы Йегъовӕ уый тыххӕй райгонд ӕмӕ сӕрыстыр у (Матф. 3:17).

7. Ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы вӕййӕм?

7 Мах дӕр стӕм ӕцӕг амондджын, Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый фӕрцы. Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ йӕ фӕзмыныл цас тынгдӕр фӕархайӕм, уыйас амондджындӕр вӕййӕм. Йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын нын стыр циндзинад хӕссы. Ӕмӕ йӕ куы фембарӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у, уӕд вӕййӕм ӕцӕг амондджын (Пс. 33:12)a. Фӕлӕ хатт афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ нӕ циндзинад цыбыр рӕстӕгмӕ фесӕфы, чи зоны та ӕдзух фенкъард кӕнӕм. Цымӕ уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ хатт тынг ӕнкъард ӕмӕ зӕрдӕрыст кӕй вӕййӕм (Пс. 103:14). Ӕркӕсӕм-ма, нӕ циндзинад, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй фесӕфа ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм.

Циндзинад агурут Йегъовӕмӕ

Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых курут. Ӕцӕг циндзинад у, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Гал. 5:22). Уымӕ гӕсгӕ, ӕцӕг амондджын уай, уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы. Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон у цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнты сӕрты дӕр ахизын «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй» (Кол. 1:11).

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уӕд. Ӕдзух кӕс ӕмӕ иртас Хуыцауы Ныхас, стӕй, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы публикацитӕ уадзы, уыдон. Алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй-иу хорз хабар фехъусын кӕнай (Лук. 2:10). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды фыццаг бынаты кӕмӕн ис, уыдонӕй амондджындӕр адӕм нӕй (Пс. 65:4).

Алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕс. Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый нын стыр пайда хӕссы. Йӕ закъӕттӕ нын нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ нӕ бӕттынц, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджындӕр суӕм (Лук. 11:28).

МА БАУАДЗ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЦИНДЗИНАД ФЕСӔФА

8. Зындзинӕдтӕ нӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд ныл уый, гӕнӕн ис, куыд фӕзына?

8 Зындзинӕдтӕ нӕ сӕ быны куы скӕнынц. Чи зоны, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафыс кӕнӕ дын ӕрдзон бӕллӕх зиан ӕрхаста, йе та рынчын дӕ кӕнӕ дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Ахӕм зындзинӕдты тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ циндзинад фесӕфа, уӕлдайдӕр, кӕд нӕ бон ӕппындӕр ницы у фӕивын, уӕд. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕрдӕйы маст... ныфс асӕтты» (Ӕмб. 15:13). Уый йӕхиуыл бавзӕрста иу хистӕр нӕлгоймаг, Ба́бис. Цыппар азмӕ йыл ӕрцыд цалдӕр зианы. Амардысты йе ’фсымӕр, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд. Уый загъта: «Мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ме ’фсымӕр ӕгас куы уыдысты, уӕдмӕ дӕр-иу хатт мӕхимӕ иунӕг ӕмӕ ӕнӕбон кастӕн. Мӕхӕдӕг сӕм кастӕн, фӕлӕ-иу мӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ хъуыди аразын, ӕмӕ мӕ бон нӕ уыд семӕ, цас мӕ фӕндыд, уыйбӕрц рӕстӕг ӕрвитын. Уый тыххӕй-иу мӕхи хордтон ӕмӕ-иу мӕ ныфс асаст». Ӕцӕгдӕр, хатт нӕ зындзинӕдтӕ ахӕм уӕззау вӕййынц, ӕмӕ нӕм тыхы мур нал баззайы.

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын? (Йереми 29:4–7, 10).

9 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм? Цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ мауал мӕт кӕнӕм, нӕ бон фӕивын цы нӕу, уыдӕттыл, фӕлӕ нӕм цы ис, уымӕй бузныг уӕм. Ацы дуне нын ахӕм хъуыды хъары, зӕгъгӕ, дам, цӕмӕй амондджын уай, уый тыххӕй дӕ царды алцыдӕр хъуамӕ уа хорз ӕмӕ цух мацӕмӕй хъуамӕ ӕййафай. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Зӕгъӕм, Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ загъта, цӕмӕй сӕ ног уавӕртыл сахуыр уой ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразой, цӕмӕй сын цард циндзинад хӕсса. (Бакӕс Йеремийы 29:4–7, 10.) Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Дӕ царды хорзӕй цы ис, уыдӕттыл-иу хъуыды кӕн ӕмӕ-иу уыдӕтты тыххӕй бузныг у. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ дын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзӕн (Пс. 63:7; 146:5). Э́ффи Йегъовӕйӕ йе ’ххуысы тыххӕй тынг бузныг у. Аварийы куы бахауд, уӕд тынг цӕфтӕ фӕци, ӕмӕ ныр йӕ бон цӕуын нал у. Фӕлӕ мӕнӕ цы загъта: «Йегъовӕ, стӕй мын мӕ бинонтӕ ӕмӕ ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг ӕххуыс кодтой ӕмӕ мӕ фидар кодтой. Фӕнды мӕ равдисын, тынг бузныг сӕ кӕй дӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй мӕ къухтӕ ма ’руадзон ӕмӕ мӕ циндзинад ма фесӕфа».

10. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг амондджын уӕм?

10 Кӕд зындзинӕдтӕ ’взарӕм, йе та нӕ бинонтыл кӕнӕ нӕхиуыл цавӕрдӕр ӕвзӕр хабар ӕрцыд, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ цардыл цин кӕнӕм (Пс. 126:5)b. Цӕмӕн? Ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый уавӕртӕй кӕнгӕ нӕу. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Марийӕ, загъта: «Зындзинӕдты рӕстӕг амондджын вӕййӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕугӕ никуы фӕкӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн уый бар нӕ фӕдӕттӕм, цӕмӕй не ’нкъарӕнтӕ равдисӕм. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма фесӕфа ӕмӕ амондджын уӕм, кӕд нӕ зындзинӕдты тыххӕй тынг тыхсӕм, уӕддӕр». Рох дӕ ма уӕд: цыфӕнды зын уавӕры ма уай, уӕддӕр дӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ сты. Уыдон сты, доныбыл змисыл цы къахвӕдтӕ вӕййы, уыдоны хуызӕн. Уылӕнтӕ былмӕ разгъорынц ӕмӕ сӕ слӕгъз кӕнынц. Тагъд афтӕ нӕ зындзинӕдтӕй дӕр фӕд дӕр нал баззайдзӕн.

11. Апостол Павелы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у?

11 Хатт нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй нал у ӕмӕ нын кӕй нал арфӕ кӕны, уый тыххӕй. Кӕд-иу дӕм ахӕм хъуыдытӕ фӕзына, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕй зындзинӕдтӕ чи ’взӕрста, уыдоныл. Ӕркӕсӕм-ма апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Павелы Йесо йӕхӕдӕг равзӕрста, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид «ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр» (Хъуыд. 9:15). Цӕй стыр кад ӕм ӕрхауд! Фӕлӕ Павелы цард ӕнцон не схондзынӕ. Уый бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста (2 Кор. 11:23–27). Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ йӕ фарсмӕ куы нӕ уыдаид ӕмӕ йын куы не ’ххуыс кодтаид, уӕд йӕ бон не суыдаид уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын (Ром. 5:3–5). Ныр та-ма ахъуыды кӕн: кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс. Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ демӕ кӕй ис ӕмӕ дӕ райгонд кӕй у.

12. Хуыцауы хъуыддаджы, мах цас фӕнды, уыйбӕрц аразын нӕ бон куы нал уа, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцӕуа?

12 Цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, уый куы не ’рцӕуы (Ӕмб. 13:12). Мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ дзы тынг бузныг стӕм, хорзӕй нын цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йын мах дӕр хорзӕй исты саразӕм. Уый тыххӕй нӕ лӕггады нӕ разы цавӕрдӕр нысӕнттӕ сӕвӕрӕм ӕмӕ сӕм фӕтырнӕм. Фӕлӕ, нӕ уавӕры нӕ бон цы нӕу, уый аразынмӕ куы тырнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ ныфс асӕтта (Ӕмб. 17:22). Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Хо́лли, загъта: «Мӕн фӕндыд, Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнын, фӕсарӕнты лӕггад кӕнын ӕмӕ Ра́мапойы арӕзтадон куыстыты архайын. Фӕлӕ мӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ уыцы нысӕнттӕй иу дӕр мӕ къухы нӕ бафтыд. Уый тыххӕй мӕ ныфс асаст». Холлийы ӕнкъарӕнтӕ махӕй бирӕтӕн зонгӕ сты.

13. Кӕд Йегъовӕйы хъуыддаджы нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр нӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у нӕ разы сӕвӕрын?

13 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм? Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ нӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы. Йегъовӕйы хъуыддаджы нӕ бон цасфӕнды ма уа аразын, уӕддӕр нӕ алкӕмӕн дӕр тынг аргъ кӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй бонзонгӕ уӕм ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм (Мих. 6:8; 1 Кор. 4:2). Йегъовӕйӕн ахсджиагдӕр сты нӕ хорз миниуджытӕ, нӕ лӕггады нын цас ӕнтысы, уый нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ хъуамӕ нӕхицӕй, Йегъовӕ нӕ цы нӕ домы, уый ма домӕмc. Кӕд дӕ бон нӕу Йегъовӕйы хъуыддаджы, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ уавӕрты дӕ бон цы у аразын, ууыл. Чи зоны, дӕ бон у ӕрыгӕтты ахуыр кӕнын кӕнӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнын. Йе та, чи зоны, дӕ бон у искӕй бабӕрӕг кӕнын кӕнӕ йӕм телефонӕй бадзурын, йе та йӕм сообщени ныффыссын, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафидар кӕнын. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, дӕ бон цы у, уый куы фӕаразыс. Уый дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уай. Ног дунейы та нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн уыдзӕн бирӕ диссаджы фадӕттӕ. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо Холлийы дӕр уыцы хъуыдытӕ ныфс уадзынц. Уый загъта: «Мӕ бон бирӕ аразын кӕй нӕу, уый тыххӕй мӕм тыхст хъуыдытӕ куы фӕзыны, уӕд мӕхицӕн фӕзӕгъын: разӕй мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард, ӕмӕ, мӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтон, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ мӕ къухы бафтдзысты».

14. Нӕ циндзинад ма, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй фесӕфа?

14 Нӕхи ирхӕфсын нын царды ӕппӕты сӕйраг куы суа. Социалон сетьты арӕх фенӕн вӕййы, адӕм сӕ уды дзӕбӕхӕн куыд цӕрынц ӕмӕ сӕхицӕн «нӕ» куыд ницӕмӕй дзурынц. Ӕмӕ афтӕ фӕзыны, цыма уый фӕрцы ӕцӕг амондджын сты. Ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы аразӕм, цы нӕ фӕнды, уыдӕттӕ куы ’лхӕнӕм ӕмӕ алыхуызон рӕсугъд бынӕттӕм куы цӕуӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын. Уыцы хъуыддӕгтӕ нын циндзинад хӕссой, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Фӕлӕ бирӕтӕн сӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй сӕ циндзинад бынтондӕр фесӕфт, кӕд сӕм афтӕ каст, ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы амондджын уыдзысты, уӕддӕр. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Евӕ, загъта: «Ӕрмӕстдӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн куы цӕрай, уӕд дӕм фаг никуы ницы кӕсдзӕн». Ахӕм адӕймаг амондджын нӕ уыдзӕн. Ӕдзух ӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма йын цыдӕр нӕ фаг кӕны.

15. Паддзах Соломоны хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн?

15 Ахъуыды-ма кӕнӕм паддзах Соломоны хабарыл. Уый фӕндыд бамбарын, йӕ уды дзӕбӕхӕн куы цӕра, уӕд амондджындӕр уыдзӕн ӕви нӕ. Зӕгъӕм, хордта алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ, хъуыста рӕсугъд музыкӕмӕ ӕмӕ ӕлхӕдта уӕды рӕстӕг ӕппӕты зынаргъдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр дзаумӕттӕ. Фӕлӕ уыдӕтты фӕрцы амондджындӕр не сси. Уый загъта: «Цӕст никуы бафсӕддзӕн, цы уыны, уымӕй, ӕмӕ хъус – цы хъусы, уымӕй» (Еккл. 1:8; 2:1–11). Уӕдӕ кӕд кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕм бирӕ ӕхца куы уа ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый куы аразой, уӕд амондджын уыдзысты, уӕд сӕхи сайынц. Ӕцӕг амонд уымӕй кӕнгӕ нӕу.

16. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ амондджындӕр уыдзыстӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

16 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм? Йесо адӕмы ахуыр кодта, «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг [кӕй] у» (Хъуыд. 20:35). Иу хистӕр нӕлгоймаг, Але́кос, загъта: «Иннӕтӕн, мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй феххуыс кӕнын, кӕд уадиссагӕй ницы фӕаразын, уӕддӕр. Афтӕмӕй фылдӕр уыдоныл фӕхъуыды кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы вӕййын амондджын». Дӕуӕн та дӕ бон цӕмӕй у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, куы фенай, чидӕр ӕнкъард кӕй у, уӕд-иу йемӕ аныхас кӕн. Йӕ зындзинӕдтӕй йӕ, гӕнӕн ис, ма фервӕзын кӕнай. Фӕлӕ йӕм лӕмбынӕг куы байхъусай ӕмӕ, цӕуыл тыхсы, уый бамбарыныл куы бацархайай, уӕд ын, гӕнӕн ис, фенцондӕр уа. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кӕн, йӕ бон кӕй у йӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын (Пс. 55:22; 68:19). Стӕй йын баххуыс кӕн, цӕмӕй бамбара, Йегъовӕ йӕ кӕй нӕ ныууагъта (Пс. 37:28; Ис. 59:1). Дӕ бон ма йын у хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнын, зӕгъӕм, хӕринаг ын сцӕттӕ кӕнын кӕнӕ йемӕ иумӕ искуыдӕм ацӕуын. Стӕй дӕ бон у йемӕ уацамынды ацӕуын. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ уӕ дыууӕ дӕр бафидар уыдзыстут. Йегъовӕйӕн бар ратт, цӕмӕй дӕ пайда кӕна. Дӕ рӕстӕг иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн куы не ’вгъау кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын (Ӕмб. 11:25).

Цалдӕр нывы: 1. Хо кафейы иунӕгӕй бады ӕмӕ йӕ телефоны цӕмӕдӕрты кӕсы. Йӕ фарсмӕ ис бирӕ пакеттӕ, цытӕ балхӕдта, уыдӕттимӕ. 2. Ацӕргӕ хомӕ уазӕгуаты ӕрбацыд ӕмӕ йын дидинджытӕ ӕрбахаста; бӕрӕг у, амондджын кӕй у.

Ӕрмӕст дӕхиуыл ма хъуыды кӕн, фӕлӕ, иннӕты цавӕр ӕххуыс хъӕуы, ууыл дӕр (кӕс 16 абзац)d


17. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм? (Псалом 43:4).

17 Дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын. Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у не «стыр цин». (Бакӕс Псалом 43:4.) Йегъовӕ нӕ хуыздӕр Хӕлар куы уа, уӕд зындзинӕдтӕн сӕ бон не суыдзӕн нӕ циндзинад байсын ӕмӕ ӕнустӕм амондджын уыдзыстӕм! (Пс. 144:15).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо амондджын цӕмӕн сты?

  • Нӕ циндзинад, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй фесӕфа?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та ногӕй амондджын уӕм?

155 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕйы стыр цин!

a Кӕс рамкӕ «Циндзинад агурут Йегъовӕмӕ»

b Зӕгъӕм, сайты jw.org видеороликы «Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй № 5 (2023 аз)» бакӕс Деннис ӕмӕ Иринӕ Кристенсены интервьюмӕ.

c Кӕс статья «Ӕмбаргӕйӕ архай ӕмӕ дӕ циндзинад ма саф» 2008 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

d НЫВ. Хо йӕхицӕн бирӕ цыдӕртӕ балхӕдта. Фӕлӕ йын фылдӕр циндзинад ӕрхаста, бафидар кӕнын кӕй хъуыд, уыцы ацӕргӕ хойӕн дидинджытӕ кӕй балхӕдта, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын