Хуыцаубон, 19 апрель
Дӕ зӕрдӕ зондджын куы суа, уӕд цин кӕндзӕн мӕ зӕрдӕ дӕр (Ӕмб. 23:15).
Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ ӕмбырды фӕзынд, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта ӕмӕ ӕмбырд дихтӕ кӕнын кӕй тыххӕй райдыдта, ахӕмтӕ. Фӕлӕ иннӕ чырыстӕттӕ дарддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цардысты. Уыдон Йегъовӕйы коммӕ кастысты ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой (2 Иоан. 4, 6). Иоаннӕн уый тынг ӕхсызгон уыд. Ӕмӕ ууыл ӕрмӕст уый нӕ цин кодта, фӕлӕ Йегъовӕ дӕр (Ӕмб. 27:11). Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уый циндзинад хӕсдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр (1 Иоан. 5:3). Зӕгъӕм, мах фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕ куы барухс кӕнӕм, уӕд. Йегъовӕ та фӕцин кӕны, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи куы фӕхизӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд. Ӕмӕ ууыл фӕцин кӕнынц уӕлӕрвты зӕдтӕ дӕр (Лук. 15:10). Мах дӕр тынг фӕцин кӕнӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайынц, уӕд (2 Фес. 1:4). Ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд та цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззадыстӕм, ууыл. w24.11 12 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 20 апрель
Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 10:24).
Цалынмӕ адӕймагӕн нӕ зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый, уӕдмӕ цас хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсай? Де ’нкъарӕнты тыххӕй ӕгӕр тагъд куы зӕгъай, уӕд ӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ хорз нӕ ахъуыды кодтай ӕмӕ уынаффӕ сонтӕй рахастай (Ӕмб. 29:20). Ӕгӕр бирӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд та, чи зоны, ахъуыды кӕна, ӕмӕ ӕнӕныфсхаст дӕ, уӕлдайдӕр ӕй кӕд базыдта, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы (Еккл. 11:4). Цалынмӕ адӕймагӕн зӕгъай, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый, уӕдмӕ цы хъуамӕ ӕмбарай? Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ гъеуӕд аскъуыддзаг кӕнай, йемӕ дӕ цард кӕй баиу кӕндзынӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнай, бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕй дӕ ӕмӕ дын уыцы адӕймаг хорз цардӕмбал кӕй уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ, зӕгъӕм, бамбӕрстай, кӕйдӕр зӕрдӕмӕ кӕй цӕуыс, дӕуӕн та уыцы адӕймаг дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Дӕхи йемӕ афтӕ ма дар, цӕмӕй афтӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Дӕхи афтӕ куы дарай, цыма дӕ йемӕ ӕмбӕлын фӕнды, ӕцӕгӕй та афтӕ куы нӕ уа, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзынӕ (Еф. 4:25). w24.05 22, 23 фф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 21 апрель
Ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн (Иоан. 14:3).
Сыгъдӕг тыхӕй ӕцӕгӕй чи у сӕрст ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззайа, ӕрмӕстдӕр уыдоны акӕндзӕн Йесо йӕ уӕларвон Паддзахадмӕ. Сӕрст чырыстон къӕрцхъус куы нал уа, уӕд, зӕдтӕ кӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты, уыцы «ӕвзӕрст адӕмы» ’хсӕн нӕ уыдзӕн (Матф. 24:31). Фӕлӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уой ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой. Мах Йегъовӕйы хорз зонӕм. Ӕмӕ зонӕм, алцыдӕр раст кӕй фӕаразы. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрды, уый нӕ хъуамӕ мӕты ма ’фтауа. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо цы загъта, сӕнӕфсирдоны иу сахат йеддӕмӕ чи нӕ бакуыста, уыцы кусджыты тыххӕй (Матф. 20:1–16). Хицау уыдоны фӕстагмӕ ӕрбакодта, фӕлӕ, ӕнӕхъӕн бон чи фӕкуыста, уыдонимӕ сын ӕмхуызон бафыста. Афтӕ у сӕ хабар иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн дӕр. Уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсдзысты, ӕмӕ уӕлдай нӕу, сыгъдӕг тыхӕй раджы ӕрцыдысты сӕрст ӕви ӕрӕджы. w24.09 24 ф., 15–17 абз.