Октябрь
Цыппӕрӕм, 1 октябрь
Мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ (Мих. 7:7).
Арӕх разамынд райсӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, районон цӕстдарӕгӕй, филиалӕй кӕнӕ Разамонӕг советӕй. Уыцы разамынд нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ нын хатт зын вӕййы бамбарын, ахӕм разамынд нын цӕмӕн радтой, уый. Цӕмӕн? Чи зоны, фӕдызӕрдыг кӕнӕм, уый хорз разамынд кӕй у, ууыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фылдӕр хъуыды кӕнын райдайӕм, разамынд нын чи радта, уыцы ӕфсымӕрты хъӕндзинӕдтыл. Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ нын нӕ уавӕртӕ хорз кӕй зоны. Уымӕ гӕсгӕ нын исты разамынд куы раттынц, уӕд ӕм уайтагъд байхъусӕм (Дзут. 13:17). Мах зонӕм, коммӕгӕс куы уӕм, уӕд ӕмбырды иудзинад кӕй уыдзӕн (Еф. 4:2, 3). О, разамынд нын чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн (1 Сам. 15:22). Ӕмӕ кӕд исты сраст кӕнын хъӕуа, уӕд ӕй йӕ афоныл ӕнӕмӕнг сраст кӕндзӕн. w25.03 24 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 2 октябрь
Сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау (Дан. 2:28).
Мах диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм! Алы бон дӕр нӕ цӕстыты раз ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ. Зӕгъӕм, уынӕм, «хуссайраг паддзах» ӕмӕ «цӕгатаг паддзах» кӕрӕдзиимӕ кӕй хӕцынц, дунейы хъомысджындӕр паддзахад чи у ӕмӕ бартӕ кӕй къухы сты, ууыл (Дан. 11:40). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ милуантӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой (Ис. 60:22; Матф. 24:14). Стӕй нын ӕууӕнкджын цагъар «афоныл» парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45–47). Йегъовӕ нын гыццылгай хуыздӕр ӕмбарын кӕны, тагъд цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдон куыд цӕудзысты (Ӕмб. 4:18). Ӕмӕ нӕ иу цыдӕр хъуамӕ фидарӕй уырна: стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕдмӕ зондзыстӕм, уыцы уӕззау рӕстӕджы нӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн ӕмӕ нӕ иудзинад бахъахъхъӕнынӕн цыдӕриддӕр зонын хъӕудзӕн, уыдӕттӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, нырма цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм. w24.05 8 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 3 октябрь
Уый йе ’взагӕй нӕ кӕны фыдкой (Пс. 15:3).
Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста, Йегъовӕйы уазӕг иннӕты фыдкой кӕй нӕ фӕкӕны. Фыдкой кӕнын у, адӕймагӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнын, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф калын Псалом 15:3 стихы ма ноджыдӕр фыст ис, Йегъовӕйы уазджытӕ иннӕтӕн ӕвзӕрдзинад кӕй нӕ аразынц ӕмӕ се ’мбӕлттӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй нӕ кӕнынц (Пс. 15:1). Гӕнӕн ис, афтӕ куыд рауайа, ӕмӕ не ’мбӕлттӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын райдайӕм? Хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ, нӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй кӕмӕйдӕр ӕвзӕр цыдӕртӕ фӕдзырдтам ӕмӕ йӕ иннӕты цӕсты бафтыдтам. Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм уавӕртыл: 1) хо пионерӕй нал лӕггад кӕны, 2) лӕг ӕмӕ ус Вефилы нал лӕггад кӕнынц, 3) ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр нал у. Раст нӕ уыдзӕн иннӕтӕн куы дзурӕм, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хо кӕнӕ уыцы ӕфсымӕр ӕвзӕр цыдӕр сарӕзтой, ӕмӕ сӕ лӕггады ивындзинӕдтӕ уый тыххӕй ӕрцыд. Сӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Стӕй нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕйы уазӕг «иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы ӕмӕ йе ’мбалӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ кӕны». w24.06 11, 12 фф., 11–13 абз.
Хуыцаубон, 4 октябрь
Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз. Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс (Пс. 16:8).
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм Хуыцауы тас уа? Уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл. Библи кӕсгӕйӕ дӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз уыцы уавӕры куы уыдаин, уӕд куыд бакодтаин?» Зӕгъӕм, дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр израилӕгты ’хсӕн дӕ ӕмӕ хъусыс, дӕс сгарӕджы цы дзурынц, Йегъовӕ сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххы тыххӕй. Сӕ ныхӕстыл сын баууӕндис? Ханаайнӕгтӕй фӕтӕрсис? Ӕви, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый тыххӕй дӕ тас нӕ бацӕуид? Йесо Навин ӕмӕ Халев дзырдтой, ӕцӕг цы у, уый, фӕлӕ сыл израилӕгтӕ нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй уыцы фӕлтӕрӕй иу дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд, Йесо Навин ӕмӕ Халевӕй фӕстӕмӕ (Ным. 14:10, 22, 23). w24.07 10 ф., 7 абз.
Къуырисӕр, 5 октябрь
Зӕрдӕтӕм... кӕсы Йегъовӕ (Ӕмб. 17:3).
Гомер Осийы ӕндӕр лӕгты тыххӕй ныууагъта. Фӕлӕ цымӕ Гомерӕн баххуыс кӕнӕн нал уыд? Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ, ӕмӕ Осийӕн загъта: «Ногӕй та ацу ӕмӕ, ӕндӕр лӕг кӕй уарзы ӕмӕ хӕтгӕ чи кӕны, уыцы сылгоймаджы бауарз, Йегъовӕ Израилы фыртты куыд уарзы ӕмӕ уыдон та ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куыд цӕуынц... афтӕ» (Оси 3:1; Ӕмб. 16:2). Уыцы рӕстӕг Гомер нырма уӕззау тӕригъӕд арӕзта. Фӕлӕ Йегъовӕ Осийӕн загъта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕрбакодтаид. Афтӕ-иу Йегъовӕ дӕр йӕ хивӕнд адӕмыл йӕ къух нӕ систа. Кӕд-иу тӕригъӕдты бын фесты, уӕддӕр сӕ уарзта ӕмӕ-иу сӕм йе ’ххуысы къух бадардта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ сӕ цардыуаг аивтаиккой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау кӕсы зӕрдӕтӕм ӕмӕ, нырма уӕззау тӕригъӕд чи аразы, ахӕм адӕймагӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн феххуыс кӕны. w24.08 10 ф., 7 абз.
Дыццӕг, 6 октябрь
Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... у (Дзут. 10:1).
Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоны хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын, ӕмӕ сын уый ӕнцон нӕ уыд. Бирӕ рӕстӕг дзуттӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм. Иерусалимы уыд, Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, уыцы паддзӕхтӕн сӕ паддзахбадӕн, стӕй адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы кувӕндон. Алы иузӕрдион дзуттаг дӕр ӕххӕст кодта Моисейы закъон ӕмӕ, дины разамонджытӕ кӕй сфидар кодтой, уыцы ӕгъдӕуттӕ. Уыдон хаудысты, зӕгъӕм, хӕринӕгтӕм, сунӕт кӕнынмӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уымӕ. Фӕлӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ Моисейы закъон йӕ тыхы нал уыд, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссын дӕр нал хъуыд. Дзуттӕгтӕй-иу чырыстон чи сси, уыдоны хъуыди Йегъовӕйӕн ӕндӕрхуызон лӕггад кӕнын. Уый сын ӕнцон нӕ уыд (Дзут. 10:1, 4, 10). Суанг фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн дӕр, зӕгъӕм, апостол Петрӕн, уый зын уыд (Хъуыд. 10:9–14; Гал. 2:11–14). Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ сӕ ног дины тыххӕй дзуттаг дины разамонджыты къухӕй ӕфхӕрд ӕййӕфтой. w24.09 9 ф., 4 абз.
Ӕртыццӕг, 7 октябрь
Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты ӕмӕ уын Хуыцауы ныхас чи дзырдта, уыдоны (Дзут. 13:7).
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн исты куы бахӕс кӕны, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ аразой бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (1 Кор. 14:33). Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14). Ӕмӕ Йесойы равзӕрста, цӕмӕй уыцы куыстӕн разамынд дӕтта. Йесо йӕ хъус дары, цӕмӕй уыцы хъуыддагӕн уа бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдау. 1 ӕнусы ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдтой, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон уыдысты разамонӕг совет (Хъуыд. 15:2; 16:4). Алыхуызон рӕтты-иу ӕмбырдтӕ куы фӕзынд, уӕд-иу дзы ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй (Хъуыд. 14:23). Ӕмӕ-иу уыдон разамонӕг советы амындтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм фӕхӕццӕ кодтой. Ӕмбырдтӕ уыцы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы «ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:5). w24.04 8 ф., 1 абз.
Цыппӕрӕм, 8 октябрь
Марийӕ Магдалинӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Хицауы федтон!» (Иоан. 20:18).
16 нисаны райсомӕй раджы цалдӕр сылгоймаджы ӕрбацыдысты, Йесойы кӕм бавӕрдтой, уыцы зӕппадзмӕ (Лук. 24:1, 10). Йесойы мард уым кӕй нал ис, уый куы федтой, уӕд сӕ иу, Марийӕ Магдалинӕ, азгъордта, цӕмӕй Петрӕн ӕмӕ Иоаннӕн хабар радзырдтаид. Уый фехъусгӕйӕ уыдон уайтагъд зӕппадзмӕ азгъордтой, ӕмӕ Марийӕ дӕр сӕ фӕстӕ. Фӕлӕ апостолтӕ зӕппадз афтидӕй куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ раздӕхтысты. Марийӕ та уым лӕугӕйӕ баззад ӕмӕ куыдта. Уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыдаид, ӕмӕ йӕм уыцы рӕстӕг Йесо каст! Йесо Марийӕйы кӕугӕ куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд, цӕмӕй йӕ ӕрсабыр кодтаид. Ӕмӕ йӕм фӕзынд. Йесо йын цалдӕр хуымӕтӕг ныхасӕй йӕ ныфс тынг бафидар кодта. Ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын йе ’фсымӕртӕм ацыдаид ӕмӕ, кӕй райгас, уый сын фехъусын кодтаид (Иоан. 20:17, 18). w24.10 13 ф., 7 абз.
Майрӕмбон, 9 октябрь
Ӕз Египеты зӕххыл равдисдзынӕн бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ (Рац. 7:3).
Моисей уыд пехуымпар, тӕрхонгӕнӕг, разамонӕг ӕмӕ фыссӕг. Уый израилӕгты Египетӕй ракодта ӕмӕ, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бирӕтӕ йӕхи цӕстӕй федта. Йегъовӕйы разамындӕй ныффыста Библийы фыццаг фондз чиныджы, 90-ӕм псалом ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, 91-ӕм псалом дӕр. Стӕй Иовы чиныг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый ныффыста. Моисей амард, 120 азы йыл куы цыди, уӕд. Йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгты ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, цы федтой, уыдӕттӕ. Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон, стӕй египетӕгты куыд бафхӕрдта, уый чидӕртӕ сӕхи цӕстӕй федтой (Рац. 7:4). Йегъовӕ Сырх денджызы дӕттӕ куы адих кодта, уӕд иннӕ фарсмӕ сур зӕххыл ахызтысты ӕмӕ федтой, фараоны ӕфсад куыд фӕдӕлдон (Рац. 14:29–31). Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сыл тыхсти (Дык. з. 8:3, 4). Ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд ма сӕ Моисей фӕстаг хатт бафидар кодта. w24.11 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 10 октябрь
Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм. Ӕз адӕмы царды тыххӕй цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар (Иоан. 6:51).
Йесо Хицауы ӕхсӕвӕры цы загъта, уый хауд ӕрмӕстдӕр гыццыл къордмӕ, Галилейӕйы цы загъта, уый та – бирӕ адӕммӕ. Н. э. 32 азы Йесо Галилейӕйы кӕимӕ ныхас кодта, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕры Йесойӕ хӕринаг йеддӕмӕ ницы хъуыди. Фӕлӕ сын уый сӕ хъус ӕрдардта, хӕринагӕй бирӕ ахсджиагдӕр цы у, уымӕ. Уый фӕрцы сӕ бон уыдаид ӕнустӕм цӕрын. Стӕй ма загъта, фӕстаг бон мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ уӕд гыццыл къорды кой нӕ кодта (фӕстӕдӕр Хицауы ӕхсӕвӕры гыццыл къорды кой куыд кодта, афтӕ). Галилейӕйы цы арфӕдзинады тыххӕй дзырдта, уый хауд ӕппӕт адӕммӕ дӕр. w24.12 11 ф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 11 октябрь
Лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты (Кол. 3:19).
Йегъовӕ йе сӕфт уыны, иннӕтыл йӕ тых чи ’взары, уыдонӕй (Пс. 11:5). Уӕлдай ӕнад та йын у, лӕг йӕ усмӕ йӕ къух куы фӕисы, уый (Мал. 2:16). Лӕг йӕ усӕн ӕвзӕр куы уа, уӕд, Хуыцауимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уый фехалдзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ дӕр мауал хъуса (1 Пет. 3:7). Иуӕй-иу лӕгтӕ сӕ устытимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ бон сабырӕй дзурын нӕ вӕййы. Ӕдзух хъуамӕ кӕной хыл, хъӕр, стӕй сын сӕ ныхӕстӕй арӕх сӕ зӕрдӕтӕ скъахынц. Фӕлӕ лӕг хъуамӕ ныууадза «маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас», уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыдӕттӕй йе сӕфт уыны (Еф. 4:31, 32). Йӕ бинойнагимӕ мӕстыйӕ, тызмӕгӕй чи фӕныхас кӕны ӕмӕ йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, ахӕм лӕг ӕрмӕст йӕ бинонты цард нӕ халы, фӕлӕ йӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ дӕр (Иак. 1:26). Лӕг порнографимӕ куы кӕса, уӕд афтӕмӕй дӕр халдзӕн йӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ, стӕй йӕ бинойнаджы дӕр ӕгад кӕндзӕн, ӕмӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕ ницӕуыл нымайы. Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ, лӕг хъуамӕ йӕ усыл иузӕрдион уа. Ӕмӕ уый ӕрмӕст йӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг, фӕлӕ, цӕуыл хъуыды кӕны, уымӕй дӕр. Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕндӕр сылгоймагмӕ мондаг каст чи кӕны, уыцы нӕлгоймаг фӕхӕтыд йемӕ «йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матф. 5:28, 29). w25.01 9 ф., 6–8 абз.
Къуырисӕр, 12 октябрь
Адӕймаг... рӕстгӕнӕгыл нымад [ӕрцӕуы]... Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы (Гал. 2:16).
Библийы фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл кӕй банымайы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ аххосджыныл нал фӕнымайы, цыма тӕригъӕд никуы сарӕзтой, афтӕ. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕдомы, цӕмӕй-иу сӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафидой. Фӕлӕ уыимӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахизы. Рӕстгӕнджытыл нӕ цавӕрдӕр хорз хъуыддӕгты тыххӕй нӕ банымайы. Стӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕм дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Фӕлӕ, Йесоимӕ ахӕсты аргъ бафидыны тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы йӕ бон вӕййы нӕ «хӕстӕ», ома нӕ тӕригъӕдтӕ нын ныххатыр кӕнын (Ром. 3:24). Уый махӕй алкӕмӕн дӕр цӕуыл дзурӕг у? Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон ӕрцӕуынц рӕстгӕнджытыл нымад ӕмӕ свӕййынц Хуыцауы хъӕбултӕ (Тит. 3:7; 1 Иоан. 3:1). Йегъовӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ахӕм цӕстӕй сӕм фӕкӕсы, раст цыма уыцы тӕригъӕдтӕ никуы сарӕзтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый аккаг сты, цӕмӕй уӕларвон Паддзахады уой (Ром. 8:1, 2, 30). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон та рӕстгӕнджытыл нымад куы ’рцӕуынц, уӕд свӕййынц Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Йегъовӕ уыдонӕн дӕр сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны (Иак. 2:21–23). w25.02 5 ф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 13 октябрь
Дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы (Матф. 16:23).
Апостол Петр алы хатт, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Йесо йӕ апостолтӕн загъта, Иерусалиммӕ кӕй хъуамӕ ацӕуа, уым ӕй дины разамонджытӕ кӕй ӕрцахсдзысты, бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ стӕй кӕй амардзысты (Матф. 16:21). Петр зыдта, Йесо кӕй у, Израилы адӕм кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы зӕрдӕвӕрд Мессийӕ (Матф. 16:16). Уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ уырныдта, Йегъовӕ йӕ амарын кӕй бауадздзӕн. Гъемӕ Йесойы иуварс акодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд» (Матф. 16:22). Петр хъуыддагмӕ Йесойы цӕстӕй нӕ каст, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ нӕ хъуыды кодта. Петр, ӕвӕццӕгӕн, Йесойыл мӕт кодта ӕмӕ йын уый тыххӕй загъта, дӕхицӕн, дам, фӕтӕригъӕд кӕн. Фӕлӕ Йесо зыдта, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕна, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кӕна ӕмӕ кӕй хъуамӕ амӕла. Ӕмӕ Петры ныхӕстӕм нӕ байхъуыста. Уӕд Петр бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый дӕр афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕна. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм. w25.03 9 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 14 октябрь
Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны (Пс. 34:18).
Мыййаг, искӕмӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕ? Кӕнӕ, тынг кӕуыл ӕууӕндыдтӕ, ахӕм адӕймаг дыл гадзрахатӕй рацыд? Кӕд дын чидӕр дӕ зӕрдӕ афтӕ тынг фӕриссын кодта, уӕддӕр дӕ дӕ уӕларвон Фыд уарзы. Ныфсы хос нын уыдзысты, Давид абоны стихы кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй дзырдбаст «ныфссаст чи у, уыдон», гӕнӕн ис, амоны «хорзӕй чи ницӕмӕуал ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ». Ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм адӕймагмӕ «хӕстӕг» вӕййы. Сывӕллон куы фӕкӕуы, уӕд ӕй йӕ мад кӕнӕ йӕ фыд йӕ хъӕбысмӕ сисы ӕмӕ йӕ басабыр кӕны. Раст афтӕ нын Йегъовӕ дӕр фӕтӕригъӕд кӕны, кӕйдӕр гадзрахат мийы тыххӕй ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд. Уый тынг фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй нӕ рыст уд ӕрсабыр уа ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой. Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, фидӕны нӕм цас хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы абоны зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕн быхсын (Ис. 65:17). w24.12 23 ф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 15 октябрь
Йегъовӕ [уын] ратдзӕн хӕрзиуӕг (Кол. 3:24).
Нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йегъовӕ уын уӕ фыдӕбон уыны ӕмӕ уын тынг аргъ кӕны. Сымах бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнут: хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнут ӕмӕ сӕ бафидар кӕнут, ахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнут. Бирӕтӕ ма уӕ феххуыс кӕнынц нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ, цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Чидӕртӕ уӕ лӕггад кӕнынц, рынчынты чи бӕрӕг кӕны, уыцы къордты, чидӕртӕ та – рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, ӕмбырд Йегъовӕйы кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Кол. 3:23, 24). Алкӕй бон нӕу хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕн цыдӕр дӕттын. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ лӕггады, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм. Уый фены, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнаг куы раттӕм, кӕд гыццыл раттӕм, уӕд дӕр. Ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, иннӕты рӕдыдтытӕ куы ницӕмӕ ’рдарӕм ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уыдонӕн куы ныххатыр кӕнӕм. Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Уый дӕ уарзы ӕмӕ дӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн (Лук. 21:1–4). w24.06 23 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 16 октябрь
Дӕ зӕрдӕ уыцы сылгоймаджы фӕндӕгтӕм ма аздӕхӕд, дӕ къах дӕ йӕ фӕндӕгтӕм ма бахӕссӕд (Ӕмб. 7:25).
Соломоны ӕмбисондӕй бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ахӕм хабар Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуа. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, ӕмӕ уыцы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд. Ӕмӕ, чи зоны, дзура, зӕгъгӕ, мӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбӕрстон, уыцы ми куыд бакодтон, уый. Фӕлӕ лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнид, уӕд бамбарид, уый размӕ рӕдыд къахдзӕфтӕ кӕй сарӕзта, ӕмӕ йӕ уыдон тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркодтой. Чи зоны, райдыдта ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ лымӕн кӕнын кӕнӕ та-иу, чи зоны, равзӕрста ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ йе та-иу бацыди, чырыстонӕн кӕдӕм не ’мбӕлы цӕуын, ахӕм сайттӕм ӕмӕ бынӕттӕм. Уымӕй уӕлдай ма, гӕнӕн ис, нал куывта, Библи нал касти, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал цыди. Уӕдӕ, Ӕмбисӕндты 7-ӕм сӕры кӕй кой ис, уыцы ӕрыгон лӕппуйау тӕригъӕд ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ сарӕзта. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕхи хъуамӕ ӕрмӕст тӕригъӕдӕй ма хизӕм, фӕлӕ нӕ уымӕ чи ӕркӕндзӕн, уыцы къахдзӕфтӕй дӕр. Ӕмӕ Соломон дӕр уый кой кодта (Матф. 5:29, 30). w24.07 16 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 17 октябрь
Уыцы хӕзна [нын] ис ӕлыг мигӕнӕнты (2 Кор. 4:7).
Цы у уыцы хӕзна? Хъусын кӕныны хъуыддаг (2 Кор. 4:1). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмы ирвӕзын кӕнӕм. Ӕлыг мигӕнӕнтӕ та кӕмӕ амонынц? Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм. Павелы заман сӕудӕджертӕ ӕлыг дурынты ластой зынаргъ цыдӕртӕ, зӕгъӕм, хӕринаг, сӕн ӕмӕ ӕхца. Раст афтӕ махӕн дӕр Йегъовӕ нӕ бар бакодта зынаргъ цыдӕр – хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ нын тыхтӕ дӕтты, цӕмӕй уыцы куыст дарддӕр дӕр кӕнӕм. Хатт хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсӕм, адӕм нын ӕвзӕрӕй исты кӕй зӕгъдзысты кӕнӕ кӕй сараздзысты, уымӕй. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, апостолтӕн афтӕ куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд цӕй тыххӕй куывтой. Тас сӕ нӕ бацыд, фӕлӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид йӕ ныхас ныфсджынӕй дзурынӕн. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдӕн уайтагъд дзуапп радта (Хъуыд. 4:18, 29, 31). Ды дӕр, чи зоны, хатт адӕмӕй фӕтӕрсыс. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувай, цӕмӕй адӕмы ноджы тынгдӕр уарзай. Уӕд дӕ бон уыдзӕн хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын. w24.04 16 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 18 октябрь
Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ ном ын рухс кӕнын. Мах фӕнды Йегъовӕйы ном сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ адӕмӕн дзурын, Хӕйрӕг дзы цытӕ фӕдзырдта, уыдӕттӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты (Райд. 3:1–5; Иов 2:4; Иоан. 8:44). Мах Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцӕм, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд. Фӕнды нӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр базоной, йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕй у, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, йӕ Паддзахад тагъд ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕрцы адӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты (Пс. 37:10, 11, 29; 1 Иоан. 4:8). Адӕмӕн уыдӕттӕ куы фӕдзурӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы ном фӕрухс кӕнӕм. Стӕй вӕййӕм райгонд, уымӕн ӕмӕ, цы ном хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕцӕрӕм. w24.05 18 ф., 12 абз.
Къуырисӕр, 19 октябрь
Куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй. Дӕ хорздзинад дын фыст ӕрцӕудзӕн, рӕстгӕнджытӕ куы ӕгас кӕной, уӕд (Лук. 14:13, 14).
Ӕфсымӕртӕ, «уазӕгуарзон» кӕй стут, уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн хорздзинад куы аразат, уымӕй – уе ’ввахс ӕмбӕлттӕ чи не сты, суанг уыдонӕн дӕр (1 Пет. 4:9). Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм дзырдуаты фыст ис: «Уазӕгуарзон адӕймагӕн йӕ хӕдзары ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы дуар, кӕй нӕ зоны, уыдонӕн гом вӕййы». Ахъуыды кӕн: «Ӕмбырдмӕ уазӕг куы ’рбацӕуы, уӕд ӕм уазӕгуарзондзинад равдисын?» (Дзут. 13:2, 16). Уазӕгуарзон адӕймаг никӕй фӕхъулон кӕны: нӕдӕр, хъӕздыг чи нӕу, уыдоны, нӕдӕр, ӕмбырдмӕ раныхасимӕ чи ’рбацӕуы кӕнӕ иннӕты бафидар кӕныны тыххӕй бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыдоны, зӕгъӕм, районон цӕстдарджыты (Райд. 18:2–8; Ӕмб. 3:27; Хъуыд. 16:15; Ром. 12:13). w24.11 21 ф., 6 абз.
Дыццӕг, 20 октябрь
Цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты (Матф. 25:10).
Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй (Матф. 25:1–4). Уыдон рацыдысты сиахсы размӕ. Фӕндыди сӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм сиахсимӕ бацӕуын. Йесо загъта, уыцы чызджытӕй фондз «зондджын» кӕй уыдысты, фондз та – «ӕнӕзонд». Зондджын чызджытӕ сӕхи хорз бацӕттӕ кодтой, цас хъуыди, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Сиахс куы бафӕстиат уыдаид ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр куы ’рбацыдаид, уӕд дӕр нӕ фӕтыхстаиккой, уымӕн ӕмӕ семӕ цырӕгътӕ райстой ӕмӕ ма сӕ цырӕгътимӕ дурынты сой дӕр рахастой (Матф. 25:6–10). Сиахс куы ’рбацыд, уӕд зондджын чызджытӕ йемӕ бахызтысты, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм. Раст афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ Йесойы ӕрцыдмӕ иузӕрдионӕй баззайой. Уӕд сӕ хӕрзиуӕг райсдзысты ӕмӕ Сиахсимӕ, ома Йесоимӕ, уӕларвон Паддзахады уыдзысты (Рарг. 7:1–3). w24.09 21 ф., 6 абз.
Ӕртыццӕг, 21 октябрь
Федтон тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмтӕй (Рарг. 7:9).
Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр цас адӕмӕн баххуыс кодта, уый уынгӕйӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды дарддӕр дӕр хъусын кӕнын. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕй алы аз дӕр милуантӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, ӕмӕ бирӕтӕ сразы вӕййынц Библи ахуыр кӕныныл. Сӕдӕгай минтӕ та донаргъуыд райсынц ӕмӕ немӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнынц. Мах нӕ зонӕм, йӕ зӕрдӕмӕ ма хорз хабар цал адӕймаджы айсдзӕн. Фӕлӕ зонӕм, Йегъовӕ тынг бирӕ адӕмы кӕй ӕмбырд кӕны, цӕмӕй сӕ стыр бӕллӕхы фервӕзын кӕна (Рарг. 7:9, 14). Хуымы хицау Йегъовӕ зоны, нырма бирӕтӕ кӕй ӕрлӕудзысты рӕстдзинады фӕндагыл. Уӕдӕ дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм (Лук. 10:2). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ алкӕддӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Апостолтӕ ныфсджынӕй кӕй хъусын кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕм «базыдтой, уыдон дӕр-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты» (Хъуыд. 4:13). Мах дӕр хорз хабар ныфсджынӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд адӕм уындзысты, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм. w25.03 18 ф., 15 абз.; 19 ф., 17, 18 абз.
Цыппӕрӕм, 22 октябрь
О Йегъовӕ, цы у адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды уынай? (Пс. 144:3).
Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ алы адӕймаджы дӕр кӕй уыны, иннӕты цӕсты стыр аргъ кӕмӕн нӕй, суанг уыдоны дӕр. Зӕгъӕм, иухатт Йегъовӕ пехуымпар Самуилы арвыста Йессейы хӕдзармӕ, цӕмӕй йын йӕ фырттӕй иуы сойӕ байсӕрстаид, ӕмӕ Израилы паддзах суыдаид. Йессей йӕ аст фыртӕй авдмӕ фӕдзырдта, кӕстӕрмӕ та, Давидмӕ, нӕ фӕдзырдта. Афтӕмӕй та Йегъовӕ Давиды равзӕрста (1 Сам. 16:6, 7, 10–12). Йегъовӕ уыдта Давидӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ зыдта, уыцы ӕрыгон лӕппу йӕ бирӕ кӕй уарзы. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уый цӕмӕй бӕрӕг у. Ратты дын, дӕ уавӕры дӕ чи фӕхъӕуы, растдӕр ахӕм уынаффӕ (Пс. 32:8). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ хорз зоны (Пс. 139:1). Йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайай ӕмӕ дын уый пайда кӕй хӕссы, уый куы уынай, уӕд нал дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы (1 Аз. 28:9; Хъуыд. 17:26, 27). Йегъовӕ зоны, уый тыххӕй цыдӕриддӕр аразыс, уый. Дӕ хорз миниуджытӕ дын уыны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ Хӕлар уа (Йер. 17:10). w24.10 25, 26 фф., 7–9 абз.
Майрӕмбон, 23 октябрь
Фӕтӕригъӕд [сын] кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау (Мар. 6:34).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды Йегъовӕйы уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды иннӕтӕн лӕггад кӕнын. Уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ дӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын фӕнда? Ахъуыды кӕн, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, ууыл. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ цард. Иннӕтӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын стыр циндзинад хаста. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Фыст ис Марчы 6:31–34 стихты. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ бафӕлладысты, ӕмӕ хибар ранмӕ фӕцӕйцыдысты, цӕмӕй иу гыццыл баулӕфыдаиккой. Фӕлӕ адӕм уый базыдтой, ӕмӕ сӕ разӕй уым балӕууыдысты. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сын Йесо истытӕ бацамыдтаид. Йесойӕн йӕ бон уыд адӕмы фӕстӕмӕ арвитын. Йӕ апостолтимӕ йӕ «къӕбӕр бахӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлд». Кӕнӕ та сын йӕ бон уыд гыццыл цыдӕртӕ радзурын ӕмӕ сӕ стӕй арвитын. Фӕлӕ адӕмы бирӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ сын «райдыдта... цыдӕртӕ амонын». Ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ ахуыр кодта (Мар. 6:35). w24.11 16 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 24 октябрь
Уӕ фыдӕбоны тыххӕй [уын] уыдзӕн хӕрзиуӕг (2 Аз. 15:7).
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллонӕн дзурут, цӕмӕй-иу йӕхӕдӕг райдайа иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын (Ром. 10:10). Ӕрхӕсс ын ахӕм цӕвиттон. Адӕймаг музыкалон инструментыл цӕгъдын куы фӕахуыр кӕны, уӕд уал хуымӕтӕг мелодитӕй райдайы. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ сахуыр вӕййы зындӕр мелодитӕ цӕгъдын. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕй дӕр. Фыццаг уал ӕрыгон чырыстонӕн йӕ бон у йӕ ныхас бынтон хуымӕтӕгӕй райдайын. Зӕгъӕм, йӕ бон у йӕ къласаджы бафӕрсын: «Зыдтай йӕ, инженертӕ арӕх цыдӕртӕ кӕй саразынц, ӕрдзы цы фенынц, уымӕ гӕсгӕ? Ныртӕккӕ дын иу видеоролик равдисдзынӕн». Ӕмӕ йын равдисӕд искӕцы ролик рубрикӕйӕ «Случайность или замысел?». Уый фӕстӕ та йӕ бон у зӕгъын: «Адӕм кад кӕнынц ахуыргӕндтӕн, ӕрдзы цы ис, уыдӕттӕ кӕй скъопи кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд, ӕрдзы цы уынӕм, уый тыххӕй та кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы?» Ӕмӕ, гӕнӕн ис, йӕ къласаджы бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын. w24.12 19 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 25 октябрь
Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт (Ром. 5:12).
Йегъовӕ сфӕнд кодта адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй иу адӕймаджы мӕлӕты фӕрцы милуантӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой? Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Иу адӕймаг [Адам] ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг [Йесо] коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ром. 5:19; 1 Тим. 2:6). Ӕндӕр ныхасӕй, иу ӕгоммӕгӕс ӕххӕст адӕймаджы аххосӕй систӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди иу коммӕгӕс ӕххӕст адӕймаг, цӕмӕй уыцы цагъарадӕй фервӕзтаиккам. Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыди, Адамы байзӕддӕгтӕй коммӕгӕс чи разындаид, уыдонӕн ӕнӕуи бар раттын, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой? Мах, ӕнӕххӕст адӕм, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ афтӕ бакӕнын ӕппӕты хуыздӕр уыдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Ӕмӕ Адамы тӕригъӕд куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ Адам стыр тӕригъӕд нӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕдджын не сты. w25.01 20, 21 фф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 26 октябрь
Мах, цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй (2 Кор. 5:7).
Апостол Павел зыдта, тагъд ӕй кӕй амардзысты. Фӕлӕ йӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ ницӕуыл фӕсмон кодта. Павел загъта: «Ӕз... мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 Тим. 4:6–8). Павел йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта ӕмӕ йын кӕй лӕггад кодта, уымӕй раст уынаффӕ рахаста. Ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ дӕр дзы райгонд кӕй у. Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй Хуыцау райгонд уа. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Павел йӕхи тыххӕй ӕмӕ иннӕ иузӕрдион чырыстӕтты тыххӕй загъта: «Мах, цы уынӕм, уымӕй нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уырнындзинадӕй». Йегъовӕйыл чи ӕууӕнды, уыдон уынаффӕ хӕсгӕйӕ фӕхъуыды кӕнынц, Йегъовӕйы цы фӕнды, ууыл. Афтӕмӕй равдисынц, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц, йӕ уынаффӕтӕм ын куы хъусой, уӕд ныр дӕр кӕй уыдзысты амондджын ӕмӕ фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты (Пс. 119:66; Дзут. 11:6). w25.03 20 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 27 октябрь
Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты тугдзых сырдты хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ фӕивтой, ӕмӕ сӕ базонӕн нал ис (Ис 65:25). Се ’взӕр миниуджытӕй фервӕзтысты (Ром. 12:2; Еф. 4:22–24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр нырма ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ сты, ӕмӕ ӕнӕрӕдигӕ не сты. Фӕлӕ Йегъовӕ «алыхуызон адӕмы» баиу кодта, кӕрӕдзийыл сӕ бабаста фарны ӕмӕ уарзондзинады тӕгтӕй, ӕмӕ сын атонӕн нӕй (Тит. 2:11). Ахӕм стыр диссаг ӕрмӕстдӕр ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы бон уыд саразын! Йегъовӕйы ныхӕстӕ алкӕддӕр сӕххӕст вӕййынц (Ис. 55:10, 11). Ныр дӕр зӕххыл ацы фыддунейы астӕу ахӕсгӕ хуызы ис дзӕнӕт. Йегъовӕ алыхуызон адӕмӕй скодта иу бинонтӕ, ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕм нӕй. Се ’хсӕн нын у хорз, уым ссарӕм удӕнцой ӕмӕ стӕм ӕдас (Пс. 72:7). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды ноджы фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй нӕм ӕрбаиу уой. Уый та аразӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ (Матф. 28:19, 20). w24.04 23 ф., 13, 15 абз.
Ӕртыццӕг, 28 октябрь
Хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ (1 Кор. 2:16).
Йесо Йегъовӕйы ӕппӕт зондӕй уарзта. Зыдта йӕ, Хуыцау ӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ фӕндон ын ӕххӕст кӕнын, кӕд ӕй уый тыххӕй хъизӕмӕрттӕ бавзарын хъуыд, уӕддӕр. Йесойӕн уый царды ӕппӕты сӕйраг уыд. Ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ мацы бахъыгдардтаид. Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕн диссаджы фадат уыди, цӕмӕй Йесоимӕ бирӕ рӕстӕг уыдаиккой ӕмӕ сахуыр уыдаиккой, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Петр йӕ фыццаг фыстӕджы чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй сын Чырыстийы зондахаст уыдаид. (1 Пет. 4:1). Петр цы дзырдбастӕй спайда кодта, «уӕхи сифтонг кӕнут», зӕгъгӕ, уый амоны, ӕфсӕддон тохы размӕ йӕхи хӕцӕнгарзӕй куыд сифтонг кӕны, уымӕ. Уӕдӕ чырыстӕттӕ куы сахуыр уой, Йесо куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын, уӕд уый сӕ къухы уыдзӕн тыхджын хӕцӕнгарз ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн ӕвзӕр фӕндтимӕ ӕмӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ тох кӕнын (2 Кор. 10:3–5; Еф. 6:12). w25.03 8, 9 фф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 29 октябрь
Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн (Ӕмб. 20:5).
Кӕимӕ ӕмбӕлыс, уыцы адӕймаджы тыххӕй цы хъуамӕ базонай? Цалынмӕ дӕ зӕрдӕйы тыхджын ӕнкъарӕнтӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ дӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда йемӕ ахсджиаг фарстатыл аныхас кӕнын, зӕгъӕм, цавӕр нысӕнттӕ йын ис, ууыл. Куыд ис базонӕн, кӕимӕ ӕмбӕлыс, уый ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг у, уый? Ӕргом ныхас кӕнут, кӕрӕдзимӕ-иу фарстатӕ дӕттут ӕмӕ-иу кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг байхъусут (Иак. 1:19). Иумӕ истытӕ куы аразат, уӕд уын ӕнцондӕр уыдзӕн аныхас кӕнын, зӕгъӕм, искуы иумӕ куы абадат ӕмӕ исты куы ахӕрат, иумӕ куы тезгъо кӕнат кӕнӕ та куы хъусын кӕнат. Кӕрӕдзи ма хуыздӕр базондзыстут, уӕ рӕстӕг уӕ бинонтимӕ ӕмӕ уе ’мбӕлттимӕ куы ӕрвитат, уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай ма-иу иумӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразут, цӕмӕй фенай, адӕймаг алыхуызон уавӕрты ӕмӕ алыхуызон адӕмимӕ йӕхи куыд дары, уый. w24.05 28 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 30 октябрь
Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут (Еф. 5:1).
Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы тынг уӕззау рӕстӕджытӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд куыд хъӕудзӕн нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын, афтӕ никуы. Йегъовӕйӕн раджы заманты чи лӕггад кодта ӕмӕ йын нӕ рӕстӕджы чи лӕггад кӕны, уыдоны цӕвиттонтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ суыдзӕн нӕ Къӕдзӕх. Стӕй манын хуыздӕр уайдзӕн ӕмбырд фидар кӕнын. Зӕгъӕм, Йесо Си́моны схуыдта Ки́фӕ (грекъагау «Петр»). Уыцы ном нысан кӕны «дур, къӕдзӕхдур» (Иоан. 1:42). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Петр хъуамӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн удӕнцойы хос уыдаид ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кодтаид. Библийы фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй сты «стыр къӕдзӕхы аууоны» хуызӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбырд хъахъхъӕнынц (Ис. 32:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ фӕзмӕм Йегъовӕйы. Ӕмӕ уӕд кӕрӕдзийӕн уыдзыстӕм, бамбӕхсӕн кӕм ис, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн w24.06 28 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 31 октябрь
Йегъовӕ... домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион (Дык. з. 4:24).
Йегъовӕйы цӕсты иузӕрдион чи уыд, уыцы израилаг паддзӕхтӕ йын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодтой. Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой (1 Пад. 21:25, 26; 2 Аз. 12:1). Йегъовӕйӕн ахсджиаг цӕмӕн уыд, цӕмӕй йын паддзӕхтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодтаиккой? Иу уый, ӕмӕ паддзӕхтӕн сӕ хӕс уыд, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаиккой Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнынӕн. Иннӕ та уый, ӕмӕ-иу паддзах мӕнг хуыцӕуттӕн куы куывта, уӕд-иу уый ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕм дӕр ӕркодта ӕмӕ-иу адӕм дӕр хъизӕмар кодтой (Оси 4:1, 2). Уымӕй уӕлдай израилӕгтӕ иууылдӕр, уыимӕ паддзӕхтӕ дӕр, уыдысты Йегъовӕйӕн нывондгонд. Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис, мӕнг хуыцӕуттӕн кувын-иу куы райдыдтой, уӕд-иу афтӕмӕй Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацыдысты (Йер. 3:8, 9). Адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы, уӕд ын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг фӕриссы, йӕ лӕггадгӕнӕг ӕй куы ныууадзы ӕмӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕндӕр кувын куы райдайы, уӕд (Дык. з. 4:23). w24.07 22, 23 фф., 12–15 абз.