2026 АЗЫ 23–29 МАРТЪИЙЫ
18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй
Дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ ахӕсты аргъы тыххӕй бузныг кӕй дӕ?
«Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт» (2 КОР. 5:14).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй.
1, 2. Йесо мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна? (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
ИСЧИ дӕ хӕлддзӕгты бынӕй куы фервӕзын кодтаид, уӕд дзы бузныг нӕ уыдаис? Кӕд ма уыцы адӕймаг дӕуӕй уӕлдай ӕндӕр кӕйдӕрты фервӕзын кодта, уӕддӕр ын загътаис, бузныг дзы кӕй дӕ ӕмӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый кӕй никуы ферох кӕндзынӕ.
2 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй нӕхи бон нӕу тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы фервӕзын кодта. Уый фӕрцы нын: 1) Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, 2) ис нын, ӕххӕст кӕй суыдзыстӕм, уый ныфс ӕмӕ 3) нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм. Уый фӕрцы нын ис ӕнустӕм Йегъовӕйы ног дунейы цӕрыны ныфс. Ӕцӕгдӕр, Йесо мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕй равдыста, зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уӕд дӕр куыд уарзта адӕмы, афтӕ сӕ ныр дӕр тынг кӕй уарзы, уый (Ӕмб. 8:30, 31). Апостол Павел фыста: «Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕвдисӕм, Йесойӕ йӕ уарзты тыххӕй бузныг кӕй стӕм ӕмӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уый ма рох кӕнӕм.
Исчи дӕ куы фервӕзын кодтаид, уӕд ын равдыстаис, бузныг дзы кӕй дӕ. Уӕдӕ ноджы ахсджиагдӕр у, Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый равдисын, уымӕн ӕмӕ нӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтой! (кӕс 1, 2 абзацтӕ)
3. Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый куыд ӕвдисыс, уый, гӕнӕн ис, цӕмӕн хицӕн кӕна, иннӕтӕ уый куыд ӕвдисынц, уымӕй?
3 Дӕуӕн дӕ бон куыд у равдисын, ахӕсты аргъы тыххӕй бузныг кӕй дӕ? Ууыл хъуамӕ дӕхӕдӕг ахъуыды кӕнай. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ды уый куыд равдисдзынӕ, уый хицӕн кӕндзӕн, иннӕтӕ уый куыд равдисдзысты, уымӕй. Уӕдӕ кӕд Библи ахуыр кӕныс, кӕд донаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ кӕнӕ кӕд Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдӕй адард дӕ, уӕд дӕ бон цы у саразын? Ӕркӕсӕм, дӕ бон куыд у равдисын, Йесойы нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ.
КӔД БИБЛИ АХУЫР КӔНЫС
4. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонмӕ Йегъовӕ цы зӕрдӕ дары?
4 Библи кӕй ахуыр кӕныс, уымӕй бӕрӕг у, кӕй дӕ фӕнды Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай (Иоан. 6:44; Хъуыд. 13:48). Йегъовӕ уыны, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыны йӕ, куыд архайыс, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай. Ӕмӕ куы фены, цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куыд скӕныс, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай, уӕд ын тынг ӕхсызгон вӕййы (Ӕмб. 17:3; 27:11). Дӕу тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы дӕ бон у, ӕмӕ йӕ хӕлар уай (Ром. 5:10, 11). Уый дӕ макуы рох кӕнӕд!
5. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн сӕ бон куыд у Филиппӕгтӕм 3:16 стихмӕ гӕсгӕ архайын?
5 Кӕд Библи ахуыр кӕныс, уӕд дӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ? Дӕ бон у Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм» (Фил. 3:16). Уӕдӕ мацӕмӕн ӕмӕ макӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ бахъыгдара, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуын (Матф. 7:14; Лук. 9:62).
6. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн сӕ цард аивын зын куы уа, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн? (Дыккаг закъон 30:11–14). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
6 Кӕд дын зын у, ӕрӕджы Библийӕ цы базыдтай, ууыл баууӕндын, уӕд дӕ бон цы у саразын? Уый тыххӕй фылдӕр базон ӕмӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын уыцы ахуырад хуыздӕр бамбарынӕн баххуыс кӕна (Пс. 86:11). Фӕлӕ дын ӕй кӕд уӕддӕр зын у бамбарын, уӕд ыл ӕгӕр бирӕ ма хъуыды кӕн. Дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕн. Чи зоны, уыцы ахуырад фӕстӕдӕр хуыздӕр бамбарай. Мыййаг дын зын у, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ныууадзын? Кӕд о, уӕд дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй, сӕ бон цы нӕу, уый никуы фӕдомы. Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын дӕ бон у. (Бакӕс Дыккаг закъон 30:11–14.) Ӕмӕ дын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй дын ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй (Ис. 41:10, 13; 1 Кор. 10:13). Уӕдӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз. Куыд зын дын у, ууыл ӕгӕр бирӕ ма хъуыды кӕн. Фылдӕр хъуыды кӕн, Йегъовӕ дӕу тыххӕй цас цыдӕртӕ сарӕзта, уыдӕттыл, уӕлдайдӕр та йӕ Фырты дӕу тыххӕй кӕй радта, ууыл. Йегъовӕйы тынгдӕр уарзын куы райдайай, уӕд ӕй фендзынӕ, «йӕ фӕдзӕхстытӕ зынӕххӕстгӕнӕн [кӕй] не сты» (1 Иоан. 5:3)a.
Йегъовӕ нӕ никуы фӕдомы, нӕ бон цы нӕу, уый. Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн нын баххуыс кӕндзӕн (кӕс 6 абзац)
7. Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыцы ӕрыгӕттӕн сӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?
7 Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыцы сывӕллӕттӕй ӕмӕ ӕрыгӕттӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыдон дӕр Библи ахуыр кӕнынц. Нӕ зынаргъ ӕрыгӕттӕ, раст зӕгъгӕйӕ, сымах уӕ ныййарджытӕн стут ӕппӕты сӕйрагдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ. Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8; 1 Аз. 28:9). Йегъовӕ дӕм йе ’ргом уый тыххӕй не здахы, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ. Фӕлӕ, ды йе ’ввахс хӕлар суай, уый йӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы стут? Йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы. Уыцы зынаргъ лӕвар дӕ макуы рох кӕнӕд! (Ром. 5:1, 2). Уӕдӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацӕуыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. Уый фӕстӕ та ахъуыды кӕн, куыд цӕрдзынӕ ӕмӕ дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрдзынӕ, цӕмӕй равдисай, бузныг дзы кӕй дӕ, уыйb.
КӔД ДОНАРГЪУЫД ХЪУСЫНГӔНӔГ ДӔ
8. Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ куыд равдыстой, Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй сты, уый?
8 Кӕд донаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд бирӕ цӕмӕйдӕрты равдыстай, Йегъовӕйӕ йӕ нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ. Зӕгъӕм, дӕ царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скодтай, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай ӕмӕ йе ’ввахс хӕлар суай. Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ байхъуыстай, ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕныс. Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай. Чи зоны дӕ чидӕртӕ хъыгдардтой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (2 Тим. 3:12). Фӕлӕ ды уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисыс, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ дзы бузныг кӕй дӕ, ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый тыххӕй (Дзут. 12:2, 3).
9. Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уой?
9 Фӕлӕ мах, донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ, хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ, гӕнӕн ис, ахӕсты аргъы тыххӕй бузныг мауал уӕм. Афтӕ цӕмӕн рауайы? Ӕркӕсӕм-ма фыццаг ӕнусы Эфесы цӕрӕг чырыстӕтты хабармӕ. Йесо куы райгас, уӕд сӕ сӕ фидардзинады тыххӕй раппӕлыд. Фӕлӕ сын уый фӕстӕ загъта: «Хъуамӕ [дын] иу цӕйдӕр тыххӕй бауайдзӕф кӕнон: райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис» (Рарг. 2:3, 4). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаг Йегъовӕйы тыххӕй цы аразы, уый, гӕнӕн ис, ӕппӕт зӕрдӕйӕ мауал араза. Ахӕм адӕймаг фӕкувы, ӕмбырдтӕм фӕцӕуы ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕархайы, фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнӕуи фӕаразы, афтӕ ахуыр кӕй у, уый тыххӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕм ӕй уарзондзинад нал фӕразӕнгард кӕны. Уӕдӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйы раздӕрау тынг нал уарзыс, уӕд дӕ бон цы у саразын?
10. Павел Тимофейӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ бон куыд у архайын? (1 Тимофеймӕ 4:13, 15).
10 Апостол Павел Тимофейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, Йегъовӕйы хъуыддаджы куыд архайы, ууыл хъуыды кӕна ӕмӕ цӕмӕй йӕ хъарутӕ иууылдӕр йӕ лӕггадмӕ сараза. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:13, 15.) Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ахъуыды кӕнын, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ «дӕ удӕй арт уадзай» (Ром. 12:11; кӕс комментари хъуыдыйадмӕ «Горите рвением, к которому побуждает святой дух», «Учебная Библия»-йы). Зӕгъӕм, дӕ бон у ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын, цӕмӕй-иу ӕмбырдты лӕмбынӕгдӕр хъусай. Библи иртасынӕн дӕ бон у, кӕм ничи дӕ хъыгдара, ахӕм бынат равзарын. Уый фӕрцы дын, цы кӕсыс, уый фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Цӕмӕй арт судза, уый тыххӕй дзы хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Раст афтӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕ йӕ нывонды ӕмӕ, дӕу тыххӕй цас цыдӕртӕ сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй бузныг уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы ацы хъуыддӕгтӕ дарддӕр дӕр аразын. Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы дӕ бон нӕ уаид хъуыды кӕнын, цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, ууыл? Уый фӕрцы Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр уыдзынӕ бузныг йӕ нывонды тыххӕй – йемӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы стут, уый тыххӕй.
11, 12. Кӕд раздӕрау зынгзӕрдӕ нал дӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтты? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн. (Кӕс нывмӕ дӕр.)
11 Кӕд Йегъовӕйӕн раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кӕныс, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтты. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, апостол Павел коринфӕгтӕн йӕ лӕггады тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Кӕд ӕй ӕвӕндонӕй аразын, уӕддӕр мын, Хуыцау мын мӕ бар цы бакодта, уый ӕнӕкӕнгӕ нӕй» (1 Кор. 9:17). Уымӕй йӕ цы фӕндыд зӕгъын?
12 Павелы-иу хатт хъусын кӕнын нӕ фӕндыд, фӕлӕ-иу уӕддӕр хъусын кодта. Дӕ бон у Павелы фӕзмын. Раст цы у, уый аразын дӕ куы нӕ фӕнда, уӕд-иу дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый уӕддӕр кӕй араздзынӕ. Ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ кув, цы дын дзуры, уый аразын дӕ цӕмӕй «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13). Хуыцауы хъуыддӕгты дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ архай. Ма дызӕрдыг кӕн: рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд, дӕ зӕрдӕйы цы уарзт ис, уый та ногӕй ссудздзӕн.
Йегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ кӕй фӕрцы стут, уыцы хъуыддӕгты дарддӕр дӕр архай, зын дын куы уа, уӕддӕр (кӕс 11, 12 абзацтӕ)
13. Уырнындзинады фидар стӕм ӕви нӕ, уый нӕ бон куыд у бамбарын?
13 Хорз уаид рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам, Павел 2 Коринфӕгтӕм 13:5 стихы цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм ӕви нӕ: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ». Зӕгъӕм, дӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Куыд цӕрын, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр мын кӕй ницы ис?» (Матф. 6:33). «Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарын, уымӕй бӕрӕг у, ӕвзӕрдзинадӕй ме сӕфт кӕй уынын?» (Пс. 97:10). «Цы дзурын ӕмӕ цы аразын, уымӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕныныл архайын?» (Еф. 4:2, 3). Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын вӕййы хорз фадат, цӕмӕй-иу уыдӕттыл ахъуыды кӕнӕм. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды равдисын, бузныг сӕ кӕй стӕм ӕмӕ нӕхи тыххӕй кӕй нал цӕрӕм, фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй.
КӔД ЙЕГЪОВӔЙӔ ӔМӔ ӔМБЫРДӔЙ АДАРД ДӔ
14. Иуӕй-иутӕ ӕмбырдӕй цӕмӕн адард сты?
14 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ ӕмбырд ныууагътой, кӕд бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой, уӕддӕр. Цӕмӕн? Чидӕр «царды сагъӕсты» бын фӕци (Лук. 21:34). Чидӕр ӕмбырды кӕйдӕр ныхӕсты кӕнӕ хъуыддӕгты тыххӕй фӕтӕргай (Иак. 3:2). Чидӕр та уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ йӕ нӕ хъӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕм худинаг кӕсы. Кӕд ды дӕр цӕйдӕр аххосӕй ӕмбырдӕй ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард дӕ, уӕд дӕ бон цы у саразын? Йегъовӕ дӕу тыххӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
15. Йегъовӕ куыд ӕвдисы, йӕ сӕфт фыстыл кӕй тыхсы, уый? (Йезекил 34:11, 12, 16).
15 Ахъуыды-ма кӕн, чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы. Йӕхи сыл нӕ атигъ кӕны. Уый йӕ сӕфт фысты агуры. Тыхсы сыл ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм раздӕхой. (Бакӕс Йезекилы 34:11, 12, 16.) Йегъовӕ дӕумӕ дӕр ахӕм зӕрдӕ дары? О! Ацы статья кӕй кӕсыс, уымӕй бӕрӕг у, ныр дӕр ма дӕ кӕй фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Йегъовӕ дын дӕ хорз зӕрдӕ федта, йӕхи дын базонын кодта ӕмӕ дын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдаис. Ӕмӕ ныр дӕр уыны, дӕ зӕрдӕйы хорзӕй цы ис, уый ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхай.
16. Сӕфт фыстӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
16 Дӕ хорзӕхӕй, ахъуыды-ма кӕн брошюрӕйӕ «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх» ацы ныхӕстыл: «Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхай, уӕд дӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн. Баххуыс дын кӕндзӕн мӕт ӕмӕ сагъӕстимӕ тох кӕнынӕн. Кӕд дын исчи дӕ зӕрдӕ скъахта, уӕд дын дӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ бадзӕбӕх кӕндзӕн. Стӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, ӕмӕ уӕд дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ дӕ зонды ногӕй фарн ӕрцӕрдзӕн. Ӕмӕ та дӕ уӕд ногӕй бафӕнддзӕн Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕнын». Стӕй дӕ ма рох кӕнӕд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты. Уыдон сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн» (Ис. 32:2). Зонӕм ӕй, Йегъовӕйӕ йӕ нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды уый хъуыддагӕй равдисын. Уӕдӕ-ма дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Ныр мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй та Йегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм?» (Ис. 1:18; 1 Пет. 2:25). Зӕгъӕм, дӕ бон нӕ уаид ӕмбырдмӕ Паддзахады Залмӕ ӕрбацӕуын? Кӕнӕ дӕ бон нӕ уаид хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕй ӕххуыс ракурын? Чи зоны, искӕмӕн бахӕс кӕна, цӕмӕй демӕ Библи иуцасдӕр рӕстӕг ахуыр кӕна. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхыныл ӕмӕ дзы йӕ нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый равдисыныл кӕй архайыс, уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.
Ахъуыды кӕн: «Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхон?» (кӕс 16 абзац)
БУЗНЫГ КӔЙ ДӔ, УЫЙ КУЫД РАВДИСДЗЫНӔ?
17, 18. Ӕрымысӕн изӕры размӕ нӕ бон куыд у нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнын?
17 Йесо загъта, йӕ цард уый тыххӕй кӕй радта, «цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Йесо йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы нӕ Йегъовӕ сӕрибар кӕны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы нывонды тыххӕй алкӕддӕр бузныг уӕм (Ром. 3:23, 24; 2 Кор. 6:1). Ӕрымысӕн изӕры размӕ нӕ бон у хъуыды кӕнын, Йегъовӕ ӕмӕ нӕм Йесо цы уарзондзинад равдыстой, ууыл. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕнддзӕн, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисын.
18 Йесойы нывонды тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый дӕуӕн дӕ бон куыд у равдисын? Ууыл хъуамӕ дӕхӕдӕг ахъуыды кӕнай. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ды уый куыд равдисдзынӕ, уый хицӕн кӕндзӕн, иннӕтӕ уый куыд равдисдзысты, уымӕй. Милуангай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхицӕн нал цӕрынц, «фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:15). Ӕмӕ ды дӕр ууыл куы архайай, уӕд дын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн.
14 ЗАРӔГ Зӕххы ног Паддзахы кадджын кӕнут
a Цӕмӕй, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон архайын уа, уый тыххӕй-иу спайда кӕн чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» алы урочы кӕрон дӕр цы рубрикӕ вӕййы, уымӕй, «Дӕ нысан», зӕгъгӕ.
b Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у дӕ бон ӕвӕрын, уый тыххӕй кӕс статья «Ӕрыгӕттӕ, „ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл“» 2017 азы декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».