2026 АЗЫ 16–22 МАРТЪИЙЫ
20 ЗАРӔГ Ды радтай дӕ уарзон Фырты
Чырысти йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста?
«Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» (РОМ. 7:24).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц, ис нын, ӕххӕст кӕй суыдзыстӕм, уый ныфс ӕмӕ нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм.
1, 2. Цӕмӕй нӕ хъӕуы фервӕзын кӕнын ӕмӕ цӕмӕн? (Ромӕгтӕм 7:22–24). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн ахӕм хабар. Хӕдзар ныккалд, ӕмӕ йӕ мидӕг цы нӕлгоймаг уыд, уый хӕлддзӕгты бын фӕци. Мӕлгӕ нӕ акодта, фӕлӕ йӕ бон фезмӕлын дӕр нӕу, ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй ницы хуызы аирвӕздзӕн. Йӕ бон у ӕрмӕстдӕр ӕххуысмӕ дзыназын, исчи мӕ кӕд фехъусид ӕмӕ мын баххуыс кӕнид, зӕгъгӕ.
2 Махӕй алчидӕр ахӕм уавӕры ис. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд систы тӕригъӕдджынтӕ. Ӕмӕ мах сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд. Ӕмӕ, хӕлддзӕгты бын чи фӕци, уыцы адӕймагау мах дӕр хъӕуы, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдӕй исчи фервӕзын кӕна. Апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм ныффыста, тӕригъӕд нӕ йӕ «уацайраг» кӕй кӕны. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:22–24.) Ӕмӕ ахӕм фарста радта: «Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» Павел ӕмбӕрста, йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, уый йӕ мӕлӕтмӕ кӕй кодта (Ром. 6:23). Мах дӕр ахӕм уавӕры стӕм, ӕмӕ нӕ хъӕуы фервӕзын кӕнын.
Хӕлддзӕгты бын чи фӕци, уыцы нӕлгоймаджы фервӕзын кӕнын куыд хъӕуы, афтӕ мах дӕр тӕригъӕды цагъарадӕй хъӕуы фервӕзын кӕнын (кӕс 1, 2 абзацтӕ)
3. Чырыстийы нывонд нын цы пайда хӕссы?
3 Павел, иууылдӕр цы ӕвзӕр уавӕры стӕм, уый кой куы кодта, уӕд ма скодта, цы ныфс нын ис, уый кой дӕр. Куы бафарста, чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй, зӕгъгӕ, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ром. 7:25). Ам Павел дзуры, Йегъовӕ нӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Уый нын цы пайда хӕссы? 1) Уый фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, 2) ис нын, ӕххӕст кӕй суыдзыстӕм, уый ныфс ӕмӕ 3) нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уӕм (Ром. 15:13). Ӕцӕгдӕр, «Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты» (Кол. 1:14).
ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ФӔРЦЫ НӔ ТӔРИГЪӔДТӔ ХАТЫРГОНД ЦӔУЫНЦ
4, 5. Ахӕсты аргъ махӕй алкӕй тыххӕй дӕр цӕмӕн хъуыд бафидын? (Екклесиаст 7:20).
4 Чырысти хъуамӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр цавӕрдӕр тӕригъӕд саразы. (Бакӕс Екклесиаст 7:20.) Кӕцыдӕр тӕригъӕдтӕ тынг уӕззау сты. Зӕгъӕм, израилӕгтӕй-иу чи хӕтыд кӕнӕ-иу кӕйдӕр чи амардта, уый-иу Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ хъуыд амарын (Лев. 20:10; Ным. 35:30, 31). Фӕлӕ кӕд тӕригъӕд ахӕм уӕззау нӕу, уӕддӕр тӕригъӕд у. Зӕгъӕм, Давид загъта: «Мӕ хъус лӕмбынӕг дардзынӕн мӕ фӕндӕгтӕм, цӕмӕй ме ’взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон» (Пс. 39:1). Куыд зыны, афтӕмӕй ныхасӕй дӕр ис тӕригъӕд саразӕн (Иак. 3:2).
5 Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ кӕмӕндӕр, цы дӕ нӕ фӕндыд зӕгъын, ахӕм исты загътай? Мыййаг ахӕм исты сарӕзтай, ӕмӕ йыл ныр фӕсмон кӕныс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дыууӕ фарстайӕн дӕр дӕ дзуапп «о» у. Библийы фыст ис: «Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты рӕстдзинад нӕй» (1 Иоан. 1:8).
6, 7. Нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕй фӕрцы цӕуынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
6 Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард радтаид, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц (Еф. 1:7). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ницӕмӕ дары. Йегъовӕ йе сӕфт уыны, тӕригъӕд кӕй ӕруадзӕм, уымӕй (Ис. 59:2). Рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыд цыдӕр саразын, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын йӕ бон уыдаид.
7 Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу израилӕгтӕ хъуамӕ фосы нывӕндтӕ ӕрхастаиккой, цӕмӕй-иу сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдаиккой (Лев. 4:27–31; 17:11). Фӕлӕ адӕмы хъуыд, фосы нывӕндтӕй бирӕ зынаргъдӕр чи уыд, ахӕм нывонд – Чырыстийы нывонд. Йӕ нывонд адӕмӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаид. Павел дӕр ӕмбӕрста, Чырыстийы нывонд адӕмӕн цы пайда хӕссы, уый. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, коринфӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй. Сӕ раздӕры ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сын ранымадта ӕмӕ стӕй загъта: «Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг стут ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы» (1 Кор. 6:9–11).
Израилӕгтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй фосы нывӕндтӕ хастой. Фӕлӕ сӕ хъуыд бирӕ зынаргъдӕр нывонд – Чырыстийы нывонд (кӕс 6, 7 абзацтӕ)
8. Ӕрымысӕн изӕры размӕ дӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?
8 Хорз уаид, ацы аз Ӕрымысӕн изӕры размӕ рӕстӕг куы рахицӕн кӕнис, цӕмӕй ахъуыды кӕнай, Йегъовӕ дын дӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уый дын цы пайда хӕссы, ууыл. Зӕгъӕм, уый фӕрцы дӕ нал хъӕуы, кӕуыл ӕрфӕсмон кодтай, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй дӕхи хӕрын. Фӕлӕ дын, мыййаг, зын у баууӕндын, Йегъовӕ дын ӕцӕгдӕр кӕй ныххатыр кодта? Ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс: «Ӕмбарын ӕй, Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, фӕлӕ мӕнӕн мӕ бон нӕу мӕхицӕн ныххатыр кӕнын». Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ хатыргӕнаг Хуыцау у, ӕмӕ йӕ Фыртӕн радта тӕрхон кӕныны бар. Йегъовӕ нӕдӕр дӕуӕн, нӕдӕр ӕндӕр искӕмӕн радта уый бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн ис, кӕмӕн та – нӕ. Библийы фыст ис: «[Йегъовӕ] рухсы куыд ис, мах дӕр кӕд афтӕ рухсы цӕуӕм, уӕд... нӕ йӕ Фырт Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:6, 7). Нӕ бон у ууыл фидарӕй ӕууӕндын, Библийы иннӕ ахуырӕдтыл куыд ӕууӕндӕм, афтӕ. Йегъовӕ ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый фӕрцы йӕ бон у нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, «ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ», зӕгъгӕ (Пс. 86:5).
ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ФӔРЦЫ НЫН ИС, ӔХХӔСТ КӔЙ СУЫДЗЫСТӔМ, УЫЙ НЫФС
9. Библийы дзырд «тӕригъӕд» цӕмӕ амоны? (Псалом 51:5).
9 Библийы дзырд «тӕригъӕд» ӕрмӕст ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм нӕ амоны, фӕлӕ ма нӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастам, уымӕ дӕр. (Бакӕс Псалом 51:5.) Уый тыххӕй нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ ӕвзӕр фӕндтӕ фӕзыны. Фӕлӕ ма уый тыххӕй рынчын дӕр, зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, ноггуырд сывӕллӕттӕ дӕр цӕмӕн фӕрынчын вӕййынц ӕмӕ ма суанг мӕлгӕ дӕр цӕмӕн акӕнынц, кӕд иу тӕригъӕд дӕр нӕ сарӕзтой, уӕддӕр. Уый фӕрцы ма бамбарӕн ис, ӕрмӕст ӕвзӕр адӕм нӕ, фӕлӕ ма хорз адӕм дӕр цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц, уый. Адамы тӕригъӕды аххосӕй иууылдӕр кӕуинаг уавӕры стӕм.
10. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый сыл куыд фӕзынд?
10 Ахъуыды-ма кӕн, Адам ӕмӕ Евӕйыл куыд фӕзынд, тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый. Тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд уый фӕстӕ сӕхи хордтой, Хуыцауы закъон кӕй фехӕлдтой, уый тыххӕй (Ром. 2:15). Адам ӕмӕ Евӕ бамбӕрстой, кӕй фӕивтой, ӕмӕ хуыздӕрырдӕм нӕ. Бамбӕрстой, бӕгънӕг кӕй сты, ӕмӕ сӕ бафӕндыд сӕ буӕрттӕ бамбӕрзын ӕмӕ се Сфӕлдисӕгӕй бамбӕхсын (Райд. 3:7, 8). Худинаг сӕм ӕркаст, сӕхи аххосджыныл банымадтой ӕмӕ сӕ тас бацыд. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕм фыццаг хатт уӕд фӕзынд.
11. Тӕригъӕд ныл куыд ӕндавы?
11 Мах дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт нӕхи фӕхӕрӕм, худинаг нӕм ӕркӕсы ӕмӕ цӕуылдӕрты тынг фӕмӕт кӕнӕм. Стӕй хъизӕмар ӕмӕ рынчын дӕр уый аххосӕй кӕнӕм. Нӕ цард фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ нӕхи зындзинӕдтӕй бахизыныл цыфӕнды тынг ма архайӕм, уӕддӕр, нӕ бар кӕуыл нӕ цӕуа, ахӕм зындзинӕдтӕ алкӕддӕр уыдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, мах иууылдӕр кӕй баистӕм «ницӕйаг царды хай» (Ром. 8:20). Уый алы адӕймагмӕ дӕр хицӕнӕй куыд хауы, афтӕ хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Зӕгъӕм, бирӕтӕ архайынц ӕрдз бахъахъхъӕныныл, тыхмийӕн, хӕстытӕн ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕныныл. Фӕлӕ кӕд уый йӕ къухы никӕмӕн бафтыд, уӕддӕр нын Чырыстийы нывонды фӕрцы ис фидар ныфс. Цавӕр?
12. Чырыстийы нывонды фӕрцы нын цавӕр ныфс ис?
12 Чырыстийы нывонды фӕрцы нын ис ныфс, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон [кӕй] ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй» (Ром. 8:21). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм ног дунейы, ӕххӕст куы суӕм, уый фӕстӕ, нӕдӕр психикӕимӕ баст низтӕ уыдзӕн, нӕдӕр ӕндӕр низтӕ. Никуыуал уыдзӕн афтӕ, ӕмӕ нӕхи истӕй тыххӕй хӕрӕм кӕнӕ истӕуыл мӕт кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн «Фарны кънйаз» – Йесо Чырысти. Уый кӕрон скӕндзӕн, адӕмӕн сӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, уыцы зындзинӕдтӕн (Ис. 9:6, 7).
13. Ӕрымысӕн изӕры размӕ ма дӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?
13 Ахъуыды-ма кӕн, ӕххӕст куы суай, уӕд цавӕр цард уыдзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, алы райсом дӕр уӕнгрогӕй куыд райхъал вӕййыс. Нал дӕ хъӕуы тыхсын, дӕхицӕн ӕмӕ кӕй уарзыс, уыдонӕн хӕринаг куы нал уа, ууыл. Нал дӕ хъӕуы тӕрсын, кӕй фӕрынчын уыдзыстут кӕнӕ кӕй амӕлдзыстут, уымӕй. Фӕлӕ ныр дӕр къаддӕр тыхсдзынӕ, фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд. «Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзут. 6:18, 19). Лодкӕ науӕнгуыры фӕрцы иу ран куыд фӕлӕууы, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕн сӕ бон куыд нӕ вӕййы ахӕссын, афтӕ махӕн дӕр цы ныфс ис, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн. Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау кӕй раарфӕ кӕндзӕн, «зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн» (Дзут. 11:6). Ахӕм ныфс нын ис, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.
ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ФӔРЦЫ НӔ БОН У, ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВВАХС ХӔЛӔРТТӔ УӔМ
14. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый адӕмыл куыд фӕзынд?
14 Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд уый фӕстӕ сӕ байзӕддӕгтӕн сӕ бон нал уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уыдаиккой. Библийы фыст ис, адӕм кӕй систы Хуыцауы знӕгтӕ (Ром. 8:7, 8; Кол. 1:21). Йегъовӕ у алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ у сыгъдӕг Хуыцау. Уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Дӕ цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг сты, фыдхъуыддӕгтӕм кӕсын дӕ бон нӕу» (Ав. 1:13). Тӕригъӕды аххосӕй адӕм Хуыцауӕй тынг адард сты. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон ницы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар уа. Уымӕн гӕнӕн ис, Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.
15. Йесойы нывонды фӕрцы адӕмӕн фадат куыд фӕзынд, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бафидыдтаиккой?
15 Библийы фыст ис, Йесо кӕй у «фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоан. 2:2). Йесойы нывонды фӕрцы адӕмӕн сӕ бон куыд у, цӕмӕй та Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уой? Йесойы нывонды фӕрцы Хуыцауӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй адӕмимӕ бафидауа (Ром. 3:23–26). Йегъовӕйӕн ма йӕ бон уыд рӕстгӕнджытыл банымайын, Йесойы мӕлӕты размӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдоны (Райд. 15:1, 6). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо фидӕны хъуамӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Йегъовӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фырт йӕ цард нывондӕн ӕнӕмӕнг кӕй ӕрхӕсдзӕн (Ис. 46:10). Йесойы нывонды фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауой.
16. Ӕрымысӕн изӕры размӕ ма дӕ бон ноджыдӕр цӕуыл у ахъуыды кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
16 Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕимӕ кӕй бафидыдтай, уый дын цӕуыл дзурӕг у. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо куыд амыдта, афтӕ Йегъовӕйы хоныс дӕ «Фыд» (Матф. 6:9). Хатт та йӕ фӕхоныс дӕ «Хӕлар» дӕр. Фӕлӕ йӕ афтӕ куы фӕхонӕм, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый аккаг не стӕм. Фӕлӕ йӕм нӕ бон ӕввахсдӕр кӕнын у Йесойы нывонды фӕрцы. Йесойы уылты Йегъовӕ «йӕхиимӕ бафидауын кодта алкӕй дӕр... йӕ Фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл цы туг ныккалдта, уый фӕрцы» (Кол. 1:19, 20). Уымӕ гӕсгӕ, кӕд ӕххӕст не стӕм, уӕддӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын.
Ӕрмӕстдӕр нын Йесойы нывонды фӕрцы ис фадат, цӕмӕй та Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм (кӕс 16 абзац)
ЙЕГЪОВӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ КӔЙ У, УЫЙ БӔРӔГ У, ЙЕСОЙЫ НЫВОНДӔН КӔЙ ӔРХАСТА, УЫМӔЙ
17. Чырыстийы нывондӕй куыд зыны, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый? (Ефесӕгтӕм 2:4, 5).
17 Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй хорз зыны, «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау» кӕй у. «Радта [нын] цард, кӕд нӕ фыдракӕндтӕм гӕсгӕ мард уыдыстӕм, уӕддӕр». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:4, 5.) «Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдон ӕмбарынц, тӕригъӕдӕй фервӕзын кӕнын сӕ кӕй хъӕуы, уый ӕмӕ ӕххуыс агурынц (Хъуыд. 13:48). Ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, хорз хабар сын кӕй ӕргом кӕны, уый фӕрцы. Афтӕмӕй сын фӕзыны фадат Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты базонынӕн (Иоан. 17:3). Хӕйрӕг тынг рӕдыд, афтӕ куы хъуыды кодта, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды тыххӕй Хуыцауы фӕнд нӕ сӕххӕст уыдзӕн.
18. Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
18 Ахӕсты аргъ махӕн цӕуыл дзурӕг у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн радта, уый. Уый сарӕзта ӕрмӕст нӕ ирвӕзындзинады тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй сӕйраджыдӕр дзуапп ратта, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарста сӕвзӕрын кодта, уымӕн (Райд. 3:1–5, 15). Ахӕсты аргъы фӕрцы Йегъовӕ равдыста, Хӕйрӕг дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Стӕй ма нӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй ирвӕзын кӕны ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисы, кӕй нӕ уарзы, уый. Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ махӕн – ӕнӕххӕст адӕмӕн – дӕтты фадат, цӕмӕй Хӕйрӕгӕн нӕ бон уа дзуапп раттын (Ӕмб. 27:11). Нӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
19 ЗАРӔГ Нӕ Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр