Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 октябрь 12–17 фф.
  • Хуыцауы уарзт у ӕнустӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы уарзт у ӕнустӕм
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УЫЙ У БИБЛИЙЫ СӔЙРАГ АХУЫРӔДТӔЙ ИУ
  • ЙЕГЪОВӔ ДӔ КӔЙ УАРЗЫ, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН
  • ДЫЗӔРДЫГ ХЪУЫДЫТӔ НӔМ ЦӔМӔН ФӔЗЫНЫ?
  • АЛКӔДДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔНУВЫД У
  • Йегъовӕ дӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн аргъ кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Дызӕрдыг хъуыдытӕй куыд ис фервӕзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 октябрь 12–17 фф.

41 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

108 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕнувыд уарзт

Хуыцауы уарзт у ӕнустӕм

«Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (ПС. 136:1).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нын уый зын рӕстӕджыты куыд ӕххуыс кӕндзӕн.

1, 2. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлынц?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, абухгӕ денджызы астӕу уылӕнтӕ лодкӕ дыууӕрдӕм куыд раппар-баппар кӕнынц. Цӕмӕй йӕ уылӕнтӕ ма ахӕссой, уый тыххӕй йӕ хъӕуы науӕнгуыр. Науӕнгуыры фӕрцы лодкӕйӕн йӕ бон уыдзӕн иу ран лӕууын, уылӕнтӕ цыфӕнды тыхджын ма уой, уӕддӕр.

2 Уӕззау фӕлварӕныл куы сӕмбӕлай, уӕд, гӕнӕн ис, дӕхимӕ кӕсай уыцы лодкӕйы хуызӕн. Де ’нкъарӕнтӕ уыцы уылӕнты хуызӕн, гӕнӕн ис, дыууӕрдӕм кӕной. Абон дӕ уырны, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕны, иннӕ бон та хъуыды кӕныс, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдон Йегъовӕ уынгӕ дӕр кӕй нӕ кӕны (Пс. 10:1; 13:1). Гӕнӕн ис, де ’мбал дын зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ зӕгъа, ӕмӕ дын цыбыр рӕстӕгмӕ фенцондӕр уа (Ӕмб. 17:17; 25:11). Фӕлӕ та дӕ гыццыл фӕстӕдӕр, гӕнӕн ис, дызӕрдыг хъуыдытӕ сӕ быны скӕной, ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсын дӕр райдайа, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ныууагъта. Ахӕм уавӕры нӕ бон куыд у ахӕсгӕ хуызы нӕ науӕнгуыр ныппарын? Ома алкӕддӕр фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн?

3. а) Псалом 31:7 стихы ӕмӕ 136:1 стихы цы «’нувыд уарзты» кой ис, уый цы у? б) Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕнувыд уарзт Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи ӕвдисы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Фӕлварӕнты рӕстӕг куы нӕ рох кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уӕд уый ахӕсгӕ хуызы уыдзӕн нӕ науӕнгуыр. (Бакӕс Псалом 31:7; 136:1.) Ӕнувыд уарзт цы у? Искӕй ӕнувыд уарзтӕй чи фӕуарзы, уый йӕ фӕуарзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕнувыд ыл вӕййы ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивы. Ӕмӕ Йегъовӕ уыцы миниуӕг ӕххӕстӕй ӕвдисы. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, «ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт», зӕгъгӕ (Рац. 34:6, 7). Ӕндӕр ран та дзы фыст ис: «Чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй» (Пс. 86:5). Ахъуыды-ма кӕн, уый цӕуыл дзурӕг у. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы! Уӕдӕ нӕ рох куы нӕ уа, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн (Пс. 23:4).

Денджызы тыхдымгӕ сыстад, фӕлӕ лодкӕ науӕнгуыры фӕрцы иу ран лӕууы.

Денджызы тыхдымгӕ куы сысты, уӕд науӕнгуыры фӕрцы лодкӕ иу ран фӕлӕууы. Раст афтӕ мах дӕр, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд-иу зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕудзыстӕм (кӕс 3 абзац)


ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УЫЙ У БИБЛИЙЫ СӔЙРАГ АХУЫРӔДТӔЙ ИУ

4. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты, ӕмӕ сыл цӕмӕн баууӕндыдтӕ?

4 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу. Уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн зын рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн. Исчи дын куы зӕгъид, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ-ма ранымай, зӕгъгӕ, уӕд дзы кӕцыты кой ракӕнис? Ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууиккой, Библи куы ахуыр кодтай, уӕд цы сӕйраг ахуырӕдтӕ базыдтай, уыдон. Зӕгъӕм, базыдтай, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, Йесо кӕй у Хуыцауы иунӕггуырд Фырт, мӕрдтӕ кӕй ницы зонынц, зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (Пс. 83:18; Еккл. 9:5; Иоан. 3:16; Рарг. 21:3, 4). Уыцы ахуырӕдтӕ раст кӕй сты, уый куы сбӕлвырд кодтай, уӕд дӕ ӕнцонтӕй фӕсайӕн нал уыд, мӕнг сты, зӕгъгӕ. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый дӕр у Библийы сӕйраг ахуырад. Ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ ма рох кӕна. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн ахӕм хъуыдытӕ сурын, зӕгъгӕ мын Хуыцау мӕ зындзинӕдтӕ уынгӕ дӕр нӕ кӕны.

5. Адӕймагӕн цы баххуыс кӕны, цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтыл йӕ къух сиса?

5 Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд дын цы баххуыс кодта, цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтыл дӕ къух систаис? Раздӕр цӕуыл ӕууӕндыдтӕ, уый-иу, ӕвӕццӕгӕн, абарстай, Библи цы дзуры, уыимӕ. Гӕнӕн ис, раздӕр хъуыды кодтай, Йесо Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй у. Фӕлӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтай, цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, зӕгъгӕ. Библийы уый фӕдыл цы фыст ис, уый куы раиртӕстай, уӕд бамбӕрстай, Йесо Хуыцау кӕй нӕу. Уӕд, раздӕр кӕуыл ӕууӕндыдтӕ, уыцы мӕнг ахуырадыл дӕ къух систай ӕмӕ баууӕндыдтӕ, Библи цы дзуры, ууыл – Йесо у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» ӕмӕ у «Хуыцауы иунӕг Фырт» (Кол. 1:15; Иоан. 3:18). Мӕнг ахуырӕдтӕ «фидӕрттау» зын уыд басӕттын (2 Кор. 10:4, 5). Фӕлӕ сӕ куы ныппырх кодтай, уӕд сӕ ногӕй нал самадтай, фӕстейӕ сӕ ныууагътай (Фил. 3:13).

6. Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕйӕн «ӕнустӕм [кӕй] у йе ’нувыд уарзт»?

6 Зындзинӕдты рӕстӕг дызӕрдыг кӕнын куы райдайай, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл, уӕд дӕр-иу афтӕ архай. Дӕхимӕ-иу ахӕм фарста ратт: «Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?» Ӕмӕ-иу стӕй, цы хъуыды кӕныс, уый абар Псалом 136:1 стихимӕ, ацы статьяйы сӕйраг стихимӕ. Йегъовӕ йӕ уарзт «ӕнувыд» цӕмӕн хоны? Ацы псаломы дзырдбаст «ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт» 26 хатты цӕмӕн ӕмбӕлы? Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, кӕй нӕ уарзы, уый. Уый у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы сӕйраг ахуырӕдтимӕ сразы дӕ, уыдоны хуызӕн. Ахӕм хъуыдытӕ та, зӕгъгӕ мӕ Йегъовӕ нӕ уарзы, мӕнг ахуырӕдтӕй уӕлдай не сты. Ӕмӕ-иу сӕ хъуамӕ уайтагъд фӕсурӕм, нӕ зӕрдӕйы сын бынат ма дӕттӕм.

7. Библийӕ цавӕр стихтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы?

7 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый кой кӕм ис, ахӕм стихтӕ ма Библийы бирӕ ис. Зӕгъӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матф. 10:31). Йегъовӕ та йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Ис. 41:10). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы стихты афтӕ фыст кӕй нӕй: «Гӕнӕн ис, зынаргъдӕр стут» кӕнӕ «Чи зоны дын баххуыс кӕндзынӕн». Нӕ, бӕлвырдӕй дзы ис фыст: «Зынаргъдӕр стут» ӕмӕ «Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн». Ацы стихтӕн сӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй нӕм цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кӕной, фӕлӕ ма цӕмӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарын кӕной. Фыст дзы ис, ӕцӕг цы у, уый, ӕмӕ сты ӕууӕнчы аккаг. Ахӕм стихтылa куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн зӕгъын 1 Иоанны 4:16 стихы ныхӕстӕ: «Хуыцау [нӕ] кӕй уарзы, уый мах нӕхӕдӕг базыдтам ӕмӕ уыцы уарзтыл баууӕндыдыстӕм».

8. Кӕд хатт фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл, уӕд дӕ бон цы у аразын?

8 Фӕлӕ, мыййаг, уӕддӕр фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл? Кӕд о, уӕд-иу уыцы ’нкъарӕнтӕ абар, Йегъовӕйы тыххӕй цы зоныс, уыимӕ. Ӕнкъарӕнтыл алкӕд ӕууӕндӕн нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ сӕ бон у ивын. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый та нӕ ивы. Уый тыххӕй фыст ис Библийы, ӕмӕ ууыл ис фидарӕй ӕууӕндӕн. Кӕд, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ йын йӕ сӕйраг миниуӕг, уарзондзинад, ницӕмӕ дарӕм (1 Иоан. 4:8).

ЙЕГЪОВӔ ДӔ КӔЙ УАРЗЫ, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

9, 10. Йесо афтӕ куы загъта, «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? (Иоанны 16:26, 27). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Йегъовӕйы уарзты тыххӕй ма фылдӕр базондзыстӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уымӕй, «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы», зӕгъгӕ. (Бакӕс Иоанны 16:26, 27.) Ацы стихтӕн сӕ контекстмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ацы ныхӕстӕ уый тыххӕй кӕй нӕ загъта, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид. Семӕ бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр дзырдта. Йӕ ныхас уыд куывдыл.

10 Уый хӕдразмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй уымӕ ма куывтаиккой, фӕлӕ цӕмӕй йӕ номӕй куывтаиккой (Иоан. 16:23, 24). Йесо куы райгас, уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгты, гӕнӕн ис, фӕндыдаид уымӕ кувын. Ахӕм хъуыдытӕ сӕм уымӕн фӕзындаид, ӕмӕ Йесо се ’мбал уыд. Чи зоны, хъуыды кодтой: «Афтӕ тынг нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнддзӕн нӕ куывдтытӕм хъусын, ӕмӕ-иу сӕ йӕ Фыдмӕ фӕхӕццӕ кӕндзӕн». Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтаиккой. Уый сын загъта: «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы». Ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ иу цыдӕр ӕмбӕрстаиккой: Йегъовӕ адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕм йӕхӕдӕг хъусы. Уый у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу. Ахъуыды-ма кӕн, уый дӕумӕ куыд хауы. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ Йесойы тыххӕй базыдтай ӕмӕ йӕ бауарзтай (Иоан. 14:21). Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтау кувгӕ Йегъовӕмӕ фӕкӕныс. Афтӕмӕй равдисыс, фидарӕй дӕ кӕй уырны, Йегъовӕ дӕ «йӕхӕдӕг [кӕй] уарзы», уый (1 Иоан. 5:14).

Цалдӕр нывы: Ӕфсымӕр парчы бады ӕмӕ кувы йӕ царды 3 ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Уый фидарӕй уырны, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. 1. Йӕ бинойнаг у рынчын, ӕмӕ йын хуыссӕнмӕ хӕринаг ӕрбахаста. 2. Йӕ гыццыл чызгимӕ Библи ахуыр кӕны. 3. Фиддонтӕм кӕсы.

Йегъовӕмӕ алкӕддӕр кув, уымӕн ӕмӕ дӕ уый «йӕхӕдӕг уарзы» (кӕс 9, 10 абзацтӕ)b


ДЫЗӔРДЫГ ХЪУЫДЫТӔ НӔМ ЦӔМӔН ФӔЗЫНЫ?

11. Хӕйрӕгӕн ӕхсызгон цӕмӕн уыдзӕн, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд?

11 Фӕлӕ цӕмӕн райдайӕм дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл? Чи зоны, ахъуыды кӕнай, уыцы хъуыдытӕ нын Хӕйрӕг хъары, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый иуӕй раст у. Хӕйрӕг «агуры, кӕй аныхъуыра, уый». Ӕмӕ Йегъовӕйы уарзтыл куы фӕдызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ын уый ӕхсызгон вӕййы (1 Пет. 5:8). Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста (Дзут. 2:9). Фӕлӕ кӕмӕдӕрты хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыцы нывонды аккаг не сты. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн: Йегъовӕйы уарзтыл куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд кӕй къух араздзынӕ? Хӕйрӕджы. Ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг дӕ къухтӕ куы ’руадзай ӕмӕ Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕнай, уӕд та ууыл чи цин кӕндзӕн? Хӕйрӕг. Уый фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Фӕлӕ йын ӕцӕгӕй та Йегъовӕ йӕхи нӕ уарзы! Хӕйрӕг куыд архайы, уый куы фембарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы йӕ «хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын» (Еф. 6:11; Иак. 4:7).

12, 13. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй Йегъовӕйы уарзтыл дызӕрдыг кӕнын куыд райдайӕм?

12 Ноджыдӕр ма цӕмӕн райдайӕм дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл? Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй (Пс. 51:5; Ром. 5:12). Тӕригъӕды аххосӕй адӕм Йегъовӕйӕ адард сты. Стӕй тӕригъӕд ӕвзӕрырдӕм фӕзынд нӕ зондахастыл, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ не ’нӕниздзинадыл дӕр.

13 Тӕригъӕд ныл афтӕ фӕзынд, ӕмӕ нӕ нӕ цӕсгом фӕхӕры, худинаг нӕм фӕкӕсы ӕмӕ нӕхицӕн ӕнцой нӕ фӕарӕм. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ нӕм, тӕригъӕд кӕй саразӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕзыны, фӕлӕ тӕригъӕдджынӕй кӕй райгуырӕм, уый тыххӕй дӕр. Йегъовӕ та адӕмы бынтон ӕндӕрхуызон сфӕлдыста (Ром. 8:20, 21). Зӕгъӕм, машинӕйӕн йӕ цалх куы суадзы, уӕд куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ фӕцӕуы. Раст афтӕ махӕн дӕр, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ буар ӕмӕ нӕ сӕрымагъз сӕ куыст, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ кӕнынц, ӕмӕ нӕ бон нӕу алы хъуыддаджы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ архайын. Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл хатт кӕй фӕдызӕрдыг кӕнӕм. Ахӕм рӕстӕг-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоны ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы (Неем. 1:5).

14. Чырыстийы нывондыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл? (Ромӕгтӕм 5:8). (Кӕс рамкӕ дӕр «Къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ „тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа“».)

14 Хатт нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзты аккаг не стӕм. Ӕмӕ, ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ Йегъовӕйы уарзт диссаг дӕр уымӕй у. Махӕн нӕ бон ахӕмӕй ницы у саразын, цӕмӕй йӕ уарзты аккаг уӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ уый сарӕзта, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (1 Иоан. 4:10). Уӕдӕ Йесо дӕр ӕххӕст адӕмы тыххӕй нӕ амард, фӕлӕ тӕригъӕдджынты тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:8.) Махӕн нӕ бон ӕххӕстӕй ницы у аразын, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ уый домгӕ дӕр нӕ кӕны. Не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй нӕ бон кӕй у Йегъовӕйы уарзтыл дызӕрдыг кӕнын, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу уыцы хъуыдытӕ уайтагъддӕр фӕсурӕм (Ром. 7:24, 25).

Къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ «тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа»

Библийы фыст ис, тӕригъӕдӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ нӕ йӕ фӕдыл асайа (Дзут. 3:13). Тӕригъӕд нӕ ардауы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый аххосӕй фӕдызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Ӕцӕгдӕр, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй уыцы мӕнг хъуыдыйыл, гӕнӕн ис, ӕнцонтӕй баууӕндӕм.

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ ӕнцонтӕй асайӕн нӕй. Гӕнӕн ис, хъуыды кӕныс, мӕнӕй ӕхца никуы ничи расайдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ къӕрцхъус куы нӕ уай, уӕд фӕсайды уыдзынӕ ӕмӕ ӕнӕ ’хцайӕ баззайдзынӕ.

Раст афтӕ нӕ не ’нӕххӕстдзинад дӕр асайынмӕ фӕхъавы, зӕгъгӕ, дӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Ӕмӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ ӕдзух нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл ӕмӕ нӕ рӕдыдтытыл фӕхъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: афтӕмӕй дӕ тӕригъӕд йӕ фӕдыл асайынмӕ хъавы. Уӕдӕ ма фӕсайды у!

АЛКӔДДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔНУВЫД У

15, 16. Йегъовӕйыл алкӕддӕр ӕнувыд чи у, уымӕн йӕ бон цӕуыл у фидарӕй ӕууӕндын ӕмӕ цӕмӕн? (2 Самуилы 22:26).

15 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссӕм, ӕмӕ йыл ӕнувыд уӕм (Дык. з. 30:19, 20). Ӕмӕ ныл уӕд уый дӕр ӕнувыд, иузӕрдион уыдзӕн. (Бакӕс 2 Самуилы 22:26.) Алкӕддӕр Йегъовӕйыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ фарсмӕ уыдзӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн.

16 Ацы статьяйы аныхас кодтам, нӕ бон кӕй у царды тыхдымгӕты рӕстӕг фидар фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ нын ис науӕнгуыр – зонӕм ӕй, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн. Уый у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд-иу хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы уарзты тыххӕй цы зонӕм, ууыл, не ’нкъарӕнтыл-иу ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ. Библийӕ зонӕм, Йегъовӕйы ’нувыд уарзт ӕнустӕм кӕй у. Цӕй уӕдӕ ууыл макуы дызӕрдыг кӕнӕм!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу кӕй у?

  • Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы уарзтыл дызӕрдыг кӕнын куыд райдайӕм?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзтыл мауал дызӕрдыг кӕнӕм?

159 ЗАРӔГ Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕнын

a Кӕс, зӕгъӕм, Дыккаг закъон 31:8; Псалом 94:14 ӕмӕ Исай 49:15.

b НЫВ. Ӕфсымӕр Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй йын баххуыс кӕна йӕ рынчын бинойнагмӕ кӕсынӕн, ӕхцайӕ раст пайда кӕнынӕн ӕмӕ йӕ чызгӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнынӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын