Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 60 статья
  • Мӕлӕтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕлӕтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Архай, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы Иегъовӕйы тас уа
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Иегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Уды тыххӕй ӕцӕгад — ахсджиаг у
    Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 60 статья

Мӕлӕтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

Дзуапп Библийӕ

Мӕлӕт у адӕймаджы знаг, ӕмӕ дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕт дӕр тӕрсӕм ӕмӕ нӕ цард бахъахъхъӕныныл фӕархайӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Фӕлӕ мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ ахуырӕдты аххосӕй адӕм мӕлӕтӕй афтӕ тӕрсынц, ӕмӕ цӕрӕнбонты вӕййынц уыцы тасы «цагъартӕ» (Дзуттӕгтӕм 2:15). Фӕлӕ рӕстдзинад куы зонай, уӕд мӕлӕтӕй афтӕ тынг нал тӕрсдзынӕ ӕмӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ (Иоанны 8:32).

Библи мӕлӕты тыххӕй цы зӕгъы

  • Мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы ӕмбарынц (Псалом 146:4). Библи мӕлӕт бары, адӕймаг тарффынӕй куыд кӕна, уыимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты фӕстӕ ничи фӕхъизӕмар кӕны. Ӕмӕ дӕ уӕдӕ тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы (Псалом 13:3; Иоанны 11:11–14).

  • Мӕрдтӕн сӕ бон махӕн ницы зиан у ракӕнын. Суанг хъомысджын знӕгтӕ дӕр куы амӕлынц, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон ницыуал вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 21:16). Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «фесӕфт сӕ... фыдӕх дӕр, хӕлӕг дӕр нал кӕнынц» (Екклесиаст 9:6).

  • Мӕлӕт ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн ницыуал ныфс ис. Чи амард, уыдоны Хуыцау райгас кӕндзӕн, ома сӕ цардмӕ раздахдзӕн (Иоанны 5:28, 29; Хъуыддӕгтӕ 24:15).

  • Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4). Библийы ма фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын