Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 ноябрь 2–7 фф.
  • Ацӕргӕ кары дӕр уӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ацӕргӕ кары дӕр уӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АЦӔРГӔТӔН СӔ ЦИНДЗИНАД ЦӔЙ ТЫХХӔЙ ӔРМЫНӔГ ВӔЙЙЫ?
  • ДӔ ЗӔРДӔЙЫ ЦИНДЗИНАД ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?
  • ИННӔТӔН СӔ БОН КУЫД У АЦӔРГӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?
  • Нӕ ацӕргӕтӕ сты нӕ хӕзна
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Йегъовӕ ауды йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕстаг ныхӕстӕй?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 ноябрь 2–7 фф.

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

138 ЗАРӔГ «Урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд»

Ацӕргӕ кары дӕр уӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд

«Дидинӕг калдзысты, сӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕд дӕр» (ПС. 92:14).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ацӕргӕтӕ сӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзой ӕмӕ сын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн.

1, 2. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы? (Псалом 92:12–14; кӕс нывмӕ дӕр).

ДУНЕЙЫ алы рӕтты адӕм иухуызон цӕстӕй нӕ кӕсынц, азты фӕдтӕ сыл кӕй фӕзынынц, уымӕ. Хъуыды ма кӕныс, дӕ сӕры фыццаг урс ӕрду куы фӕзынд, уый? Ӕвӕццӕгӕн, хорзау нал фӕдӕ, ӕмӕ дын ӕй цалынмӕ ничима федта, уӕдмӕ йӕ ратыдтай. Бирӕтӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй сыл сӕ азтӕ бӕрӕг ма уой. Фӕлӕ рӕстӕг уӕддӕр йӕ кӕнон кӕны.

2 Ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд та йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы? (Ӕмб. 16:31). Бары сӕ, дидинӕг чи калы, ахӕм бӕлӕстимӕ. (Бакӕс Псалом 92:12–14.) Уый хорз абарст цӕмӕн у? Зӕронд бӕлӕстӕй бирӕтӕ тынг рӕсугъд вӕййынц, сыфтӕр ӕмӕ дидинӕгӕй нӕ фӕзынынц. Зӕгъӕм, япойнаг балбӕлас, сакурӕ, дидинӕг куы фӕкалы, уӕд ӕм цӕст кӕсынӕй нӕ фефсӕды. Уыцы рӕсугъд бӕлӕстӕй иуӕй-иутыл цӕуы мин азӕй фылдӕр. Ӕмӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сты тынг рӕсугъд, уӕлдайдӕр та Хуыцауы цӕсты. Кӕд сӕ сӕртӕ сурс сты, уӕддӕр сын Йегъовӕ уыны сӕ рӕсугъд миниуджытӕ – сӕ фидардзинад ӕмӕ сӕ иузӕрдиондзинад. Ӕмӕ тынг аргъ кӕны, бирӕ азты дӕргъы йын куыд ӕнувыдӕй лӕггад кӕнынц, уымӕн.

Ацӕргӕ лӕг ӕмӕ ус бандоныл бадынц рӕсугъд дидинӕгкалгӕ сакурӕты бын.

Йегъовӕ йӕ ацӕргӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бары, бирӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм рӕсугъд дидинӕгкалгӕ бӕлӕстимӕ (кӕс 2 абзац)


3. Йегъовӕ йӕ фӕндон йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджыты уылты дӕр кӕй сӕххӕст кӕны, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

3 Адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд ын Йегъовӕ къаддӕр аргъ кӕнын нӕ райдайыa. Уый йӕ фӕндон арӕх сӕххӕст кӕны йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджыты уылты. Зӕгъӕм, Саррӕйӕн куы загъта, йӕ фыртӕй стыр адӕмыхатт кӕй рацӕудзӕн ӕмӕ Мессийӕ дӕр уый хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн, уӕд Саррӕ ацӕргӕ кары уыд (Райд. 17:15–19). Йегъовӕ Моисейӕн куы загъта, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид, уӕд уый дӕр кардзыд адӕймаг уыд (Рац. 7:6, 7). Ӕмӕ апостол Иоанныл дӕр тынг бирӕ цыд, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Библийы фондз чиныджы куы ныффыста, уӕд.

4. Ӕмбисӕндтӕ 15:15 стихмӕ гӕсгӕ, ацӕргӕтӕн сӕ зындзинӕдтӕн быхсын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Иу ацӕргӕ хо хынджылӕгӕй загъта: «Зӕронд кӕнынӕн лӕгдзинад хъӕуы». Ӕцӕгдӕр, ацӕргӕтӕн бирӕ зындзинӕдтӕ вӕййы. Фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы циндзинад куы вӕййы, уӕд сын ӕнцондӕр вӕййы уыцы зындзинӕдтӕн быхсынb. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:15.) Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ацӕргӕтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа. Стӕй ма базондзыстӕм, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон куыд у ӕмбырды ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, ацӕргӕтӕн сӕ циндзинад цӕй тыххӕй ӕрмынӕг вӕййы, ууыл.

Айразмӕйы нывыл чи уыд, уыцы лӕг ӕмӕ ус дидинӕгкалгӕ сакурӕйы бын лӕууынц. Лӕг йӕ бинойнаджы ӕрбахъӕбыс кодта. Дыууӕйӕ дӕр сӕ мидбылты худынц.

Ацӕргӕтӕн сӕ зӕрдӕйы циндзинад куы вӕййы, уӕд сын сӕ зындзинӕдтӕн быхсын ӕнцондӕр вӕййы (кӕс 4 абзац)


АЦӔРГӔТӔН СӔ ЦИНДЗИНАД ЦӔЙ ТЫХХӔЙ ӔРМЫНӔГ ВӔЙЙЫ?

5. Иуӕй-иу ацӕргӕтӕн сӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты?

5 Кӕд ацӕргӕ кары дӕ, уӕд дын дӕ ныфс цы сӕтты? Гӕнӕн ис, раздӕр цытӕ арӕзтай, уыдӕттӕ аразын дӕ бон нал у. Чи зоны, мысыс, ӕрыгондӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр куы уыдтӕ, уыцы рӕстӕджытӕ (Еккл. 7:10). Хо Ру́би загъта: «Ме уӕнгтӕ иууылдӕр фӕриссынц ӕмӕ рӕстмӕ фезмӕлын мӕ бон нӕ вӕййы, ӕмӕ мын мӕ дзаумӕттӕ скӕнын дӕр стыр бӕллӕх вӕййы. Хатт мӕ бон нӕ вӕййы мӕ къахыл цъында скӕнын дӕр. Стӕй ма мӕм артрит дӕр ис, ӕмӕ ме ’нгуылдзтӕ мӕ коммӕ нал кӕсынц, ӕмӕ мын гыццыл хъуыддаг дӕр тынг зын саразӕн вӕййы». Вефилы чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр та, Ха́ролд, радзырдта: «Раздӕр куыд уыдтӕн ӕмӕ ныр куыд дӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕсты кӕнын райдайын. Ӕрыгонӕй тынг хъаруджын уыдтӕн. Бейсболӕй хъазын бирӕ уарзтон. Иннӕтӕ-иу афтӕ дзырдтой, кӕд, дам, уӕ рамбулын фӕнды, уӕд, дам, пурти Харолдмӕ ӕппарут. Фӕлӕ ныр, ӕвӕццӕгӕн, пурти ӕнӕуи фехсын дӕр мӕ бон нал суаид».

6. а) Ацӕргӕтӕн ма сӕ ныфс, гӕнӕн ис, ноджыдӕр цы сӕтта? б) Ацӕргӕтӕн сӕ бон куыд у аскъуыддзаг кӕнын, машинӕ ма сын скъӕрӕн ис ӕви нӕ? (Кӕс ацы номыры статья «Машинӕ ма мын скъӕрӕн ис?».)

6 Чи зоны дын дӕ ныфс сӕтты, ӕнӕ иннӕты ӕххуысӕй дӕхи бон цыдӕртӕ аразын кӕй нал у, уый. Чи зоны дӕм исчи ӕрбацӕуы, цӕмӕй-иу дӕм фӕкӕса, кӕнӕ та дӕ цӕрынмӕ ацӕуын бахъуыд дӕ сывӕллӕттӕй искӕмӕ. Йе та де ’нӕниздзинады тыххӕй кӕнӕ, цӕстӕй хорз кӕй нал уыныс, уый тыххӕй дӕ бон нал у иунӕгӕй искуыдӕм ацӕуын кӕнӕ машинӕ скъӕрын. Уый, ай-гъайдӕр, тынг зын у. Нӕ буц хистӕртӕ, уӕ зӕрдыл дарут: кӕд уӕ бон бирӕ цыдӕртӕ аразын нал у, уӕддӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн зынаргъ стут. Ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕ уӕ хорз ӕмбары. Уымӕн сӕйрагдӕр у, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Сымах Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр бирӕ уарзут, ӕмӕ Йегъовӕ уый уыны (1 Сам. 16:7).

7. Армагеддонмӕ куы нал фӕцӕрон, зӕгъгӕ, чи мӕт кӕны, уыдонӕн сӕ ныфс цы бафидар кӕндзӕн?

7 Чи зоны, мӕт кӕныс, зӕгъгӕ, Армагеддонмӕ куы нал фӕцӕрон. Кӕд афтӕ у, уӕд дын дӕ ныфс цы бафидар кӕндзӕн? Дӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕ ацы фыддунейӕн кӕрон скӕныныл цӕуылнӕ тагъд кӕны, уый (Ис. 30:18). Фӕразонӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕрцы ма милуангай адӕмӕн ис рӕстӕг, цӕмӕй йӕ базоной ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайой (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ-иу дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы фӕразондзинады фӕрцы ма цас адӕм фервӕздзысты, ууыл. Уыдонӕй чидӕртӕ, гӕнӕн ис, уой дӕ бинонтӕй кӕнӕ дӕ хӕстӕджытӕй исчитӕ.

8. Ацӕргӕ адӕймаг йӕхи ӕвзӕр куы хата, уӕд йӕхи, гӕнӕн ис, куыд дара?

8 Ацӕргӕ стӕм ӕви ӕрыгон,– нӕхи ӕвзӕр куы фӕхатӕм, уӕд арӕх ахӕм исты фӕзӕгъӕм кӕнӕ саразӕм, ӕмӕ йыл фӕфӕсмон кӕнӕм (Еккл. 7:7; Иак. 3:2). Зӕгъӕм, иузӕрдион Иов куы хъизӕмар кодта, уӕд загъта «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» (Иов 6:1–3). Ацӕргӕ адӕймаг йӕ низы кӕнӕ, цы хостӕ нуазы, уыдоны аххосӕй, гӕнӕн ис, зӕгъа кӕнӕ сараза, ӕнӕуи цы нӕ зӕгъид кӕнӕ саразид, ахӕм исты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй иу дӕр ацӕргӕ кары ӕфсонӕй кӕнӕ рынчын ӕфсонӕй иннӕтимӕ тызмӕг ныхас нӕ кӕндзӕн ӕмӕ сӕ алцы нӕ домдзӕн. Куы бамбарӕм, ӕмӕ кӕйдӕр нӕ ныхасӕй фӕхъыг кодтам, уӕд-иу дзы хъуамӕ уайтагъд хатыр ракурӕм (Матф. 5:23, 24).

ДӔ ЗӔРДӔЙЫ ЦИНДЗИНАД ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?

Дидинӕгкалгӕ сакурӕйы къалиу. Тымбыл нывтыл ӕвдыст ис, ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа. Уыцы хъуыддӕгтыл дзырд цӕуы 9–13 абзацты.

Азтӕ дыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕддӕр дӕ зӕрдӕйы циндзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн? (кӕс 9–13 абзацтӕ)


9. Иннӕты ӕххуысыл-иу цӕмӕн хъуамӕ сразы уай? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

9 Иннӕты ӕххуысыл-иу сразы у (Гал. 6:2). Фыццаг дын уый, чи зоны, зын уа. Иу хо, Гретл, загъта: «Иннӕты ӕххуысыл сразы уон, уый мын хатт зын вӕййы. Искӕй батыхсын кӕнын мӕ нӕ фӕфӕнды. Цасдӕр рӕстӕг мӕ бахъуыди, цӕмӕй мӕ зондахаст аивтаин ӕмӕ мӕхицӕн басастаин, иннӕты ӕххуыс мӕ кӕй хъӕуы, ууыл». Искӕй куы бауадзай, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, уӕд ын фадат уыдзӕн, цӕмӕй йӕхиуыл бавзара, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у (Хъуыд. 20:35). Стӕй-иу афтӕмӕй фендзынӕ, иннӕтӕ дӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ дыл кӕй тыхсынц. Ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр цин кӕндзынӕ.

Ацӕргӕ хо ӕрыгондӕр хойӕн йӕ цонгыл хӕцы, афтӕмӕй фӕцӕуынц, сты хӕринӕгты дуканийы.

(кӕс 9 абзац)


10. Адӕймагӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисын ахсджиаг цӕмӕн вӕййы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Бузныг-иу дзур (Кол. 3:15; 1 Фес. 5:18). Кӕд иннӕтӕй сӕ хорздзинады тыххӕй бузныг вӕййӕм, уӕддӕр нӕ уый истӕмӕй равдисын хатт, чи зоны, ферох вӕййы. Нӕ мидбылты-иу сӕм куы бахудӕм ӕмӕ-иу сын бузныг куы зӕгъӕм, уӕд ӕй уындзысты, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм. Хо Лийӕ кӕсы, Вефилы чи ис, уыцы ацӕргӕтӕм. Уый загъта: «Цы хотӕм кӕсын, уыдонӕй мын иу алыхатт дӕр гӕххӕттыл афыссы бузныджы ныхӕстӕ. Цалдӕр ныхасы йеддӕмӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ мын ахӕм ӕхсызгон вӕййынц, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Тынг сӕ уарзын кӕсын. Уынын ӕй, кӕй йын ӕххуыс кӕнын, уымӕн кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у».

Ацӕргӕ хо открыткӕйы бузныджы ныхӕстӕ фыссы.

(кӕс 10 абзац)


11. Дӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн. Дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ тыхтӕ иннӕтӕн куы не ’вгъау кӕнай, уӕд дӕхи зындзинӕдтыл къаддӕр хъуыды кӕндзынӕ. Ацӕргӕты абарӕн ис, бирӕ зондджын хъуыдытӕ ӕмӕ хабӕрттӕ фыст кӕм ис, ахӕм чингуытимӕ. Фӕлӕ ӕхгӕд чиныгӕй ницы ис базонӕн. Уӕдӕ, нӕ буц хистӕртӕ, гом чингуыты хуызӕн ут. Уӕхицӕй кӕстӕр чи у, уыдонимӕ ныхас кӕнут ӕмӕ, цы зонут, уыдӕттӕ сын дзурут. Истӕмӕйты-иу сӕ афӕрсут ӕмӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусут. Стӕй-иу сын радзурут, Йегъовӕ-иу уын куыд баххуыс кодта. Ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнут, ахсджиаг цӕмӕн у йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, цӕмӕй амондджын уой. Сӕ ныфсыл сын ныфс куы ’фтауат, уӕд уын уый циндзинад хӕсдзӕн (Пс. 71:18).

Ӕрыгондӕр ӕфсымӕр ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн дзуры, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый, ӕмӕ йӕм уый лӕмбынӕг хъусы.

(кӕс 11 абзац)


12. Исай 46:4 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын тыхтӕ дӕтта. Чи зоны, тынг фӕллад дӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал кӕлы. Фӕлӕ Йегъовӕ та «никуы сфӕлмӕцы ӕмӕ никуы бафӕллайы» (Ис. 40:28). Йегъовӕйӕн йӕ тых у ӕгӕрон, ӕмӕ дӕуӕн дӕр тыхтӕ дӕтдзӕн (Ис. 40:29–31). Кӕй дын ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй дын зӕрдӕ ӕвӕры. (Бакӕс Исайы 46:4.) Ӕмӕ Йегъовӕ та алкӕддӕр йӕ ныхасӕн хицау вӕййы (Йес. Н. 23:14; Ис. 55:10, 11). Куы йӕм кувай, уӕд-иу дын баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу фендзынӕ, бирӕ дӕ кӕй уарзы, ӕмӕ-иу дӕ зӕрдӕ циндзинадӕй байдзаг уыдзӕн.

Ацӕргӕ ӕфсымӕр кувы.

(кӕс 12 абзац)


13. 2 Коринфӕгтӕм 4:16–18 стихтӕм гӕсгӕ, дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Дӕ зӕрдыл дар, ахӕм уавӕры рӕстӕгмӕ кӕй дӕ. Адӕймаг куы фӕзоны, цавӕрдӕр зындзинад рӕстӕгмӕ кӕй у, уӕд ын ӕнцондӕр вӕййы йе сфӕразын. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, адӕм зӕронд ӕмӕ рынчын кӕй кӕнынц, уый рӕстӕгмӕ кӕй у (Иов 33:25; Ис. 33:24). Фидӕны куыд ӕнӕниз, хъаруджын ӕмӕ рӕсугъд уыдзынӕ, ууыл-иу куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый стыр цины хос уыдзӕн. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:16–18.) Фӕлӕ иннӕтӕн та сӕ бон куыд у ӕмбырды ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын?

Ацӕргӕ хо инвалиды коляскӕйы бады ӕмӕ Библи кӕсы. Йӕ цӕстытыл уайын кӕны, дзӕнӕты ӕрыгон куыд суыдзӕн ӕмӕ йӕ инвалиды коляскӕйӕ куыд сыстдзӕн ӕмӕ та ногӕй йӕ къахыл куыд цӕудзӕн.

(кӕс 13 абзац)


ИННӔТӔН СӔ БОН КУЫД У АЦӔРГӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?

14. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй-иу ацӕргӕты бабӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕм бадзурӕм?

14 Ацӕргӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ абӕрӕг кӕнут ӕмӕ-иу сӕм телефонӕй бадзурут (Дзут. 13:16). Ацӕргӕ адӕймаг, гӕнӕн ис, йӕхимӕ иунӕг кӕса. Хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕу, иу ахӕм ӕфсымӕр, Ками́лл, загъта: «Бон-изӕрмӕ хӕдзары фӕбадын. Хатт мӕхимӕ фӕкӕсын, кълеткӕйы кӕй бакодтой, ахӕм зӕронд домбайы хуызӕн. Мӕ бон ницы у аразын, ӕмӕ стыхсын. Мӕсты дӕр свӕййын». Ацӕргӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты куы бабӕрӕг кӕнӕм, уӕд ӕй фенынц, кӕй сӕ уарзӕм. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ дӕ фӕндыд ӕмбырды ацӕргӕтӕй кӕйдӕр бабӕрӕг кӕнын кӕнӕ йӕм бадзурын, фӕлӕ дын нӕ рауад? Иууылдӕр тынг ӕнӕвдӕлон стӕм. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр чи сты, уыцы хъуыддӕгтӕ саразӕм, зӕгъӕм, ацӕргӕты бабӕрӕг кӕнӕм? (Фил. 1:10). Къӕлиндары ис фӕнысан кӕнӕн, не ’мбырды ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй нӕ кӕмӕ ӕмӕ кӕд фӕндид бадзурын кӕнӕ сообщени арвитын. Нӕ бон ма у спълан кӕнын, ацӕргӕтӕй кӕй кӕцы бон бабӕрӕг кӕндзыстӕм, уый дӕр, цӕмӕй нӕ ма ферох уа.

15. Ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн сӕ бон цы у иумӕ аразын?

15 Чи зоны, нӕ зоныс, ацӕргӕтимӕ цӕуыл аныхас кӕнай, семӕ иумӕ цы саразай. Фӕлӕ ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Хорз ӕмбал сын у, ӕндӕр дзы ницы хъӕуы (Ӕмб. 17:17). Ӕмбырды размӕ кӕнӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ ацӕргӕтимӕ аныхас кӕн. Зӕгъӕм, бафӕрс-иу сӕ, сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы стихтӕ цӕуынц, уымӕй. Кӕнӕ та сын зӕгъ, цӕмӕй дын радзурой, гыццылӕй сыл цы худӕг хабӕрттӕ ӕрцыд. Ис ма сӕ фӕхонӕн иумӕ JW Broadcasting-ы® программӕмӕ бакӕсынмӕ. Дӕ бон сӕм у истӕмӕй фӕкӕсын дӕр. Зӕгъӕм, фен-иу, хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн йӕ телефон кӕнӕ йӕ планшет хорз кусы ӕмӕ йӕм фӕстаг публикацитӕ сты ӕви нӕ. Хо Кэ́рол загъта: «Ацӕргӕтӕн-иу зӕгъут, цӕмӕй иумӕ саразат, уӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ахӕм исты. Ӕрыгон нал дӕн, фӕлӕ уӕддӕр уарзын дуканитӕм цӕуын, ме ’мбӕлттимӕ искуы абадын ӕмӕ ӕрдзы хъӕбысмӕ цӕуын». Хо Ма́йрӕ та афтӕ загъта: «Ме ’мбӕлттӕй иуыл цӕуы 90 азы. 57 азы мӕ хистӕр кӕй у, уый мӕ рох дӕр фӕвӕййы. Арӕх иумӕ цӕуылдӕрты фӕхудӕм, кинотӕм фӕкӕсӕм. Ӕмӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд уынаффӕ дӕр кӕрӕдзиимӕ фӕкӕнӕм».

16. Ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ иумӕ дохтыртӕм ацӕуын хорз цӕмӕн уаид?

16 Дохтыртӕм-иу семӕ ацӕут. Ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕры уӕ бон у дохтыртӕм аласын. Фӕлӕ хорз уаид, дохтырмӕ дӕр-иу йемӕ куы бацӕуиккат, цӕмӕй фенат, дохтыр йемӕ куыд ныхас кӕны ӕмӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсы (Ис. 1:17). Ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн ма стыр ӕххуыс фӕуыдзыстут, дохтыр ын цы дзуры, уыдӕттӕ йын куы афыссат, уӕд. Иу ацӕргӕ хо, Рут, загъта: «Поликлиникӕмӕ иунӕгӕй куы ацӕуын, уӕд мын дохтыртӕ фылдӕр хатт мӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндынц. Фӕзӕгъынц мын, ницы, дам, дӕ риссы, цыдӕртӕ, дам, ӕрхъуыды кодтай. Фӕлӕ мемӕ исчи куы вӕййы, уӕд сӕхи бынтон ӕндӕрхуызон фӕдарынц. Мемӕ дохтырмӕ чи бацӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй тынг бузныг дӕн».

17. Дӕ бон куыд у ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хъусын кӕнын?

17 Семӕ-иу хъусын кӕнут. Иуӕй-иу ацӕргӕтӕн се ’нӕниздзинады тыххӕй зын у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Фӕлӕ, чи зоны, дӕ бон у ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕры демӕ стендимӕ хъусын кӕнынмӕ фӕхонын. Дӕ бон у бандон ӕрбахӕссын, цӕмӕй стенды фарсмӕ бада. Науӕд та йӕ фӕхон Библийы ахуырмӕ, йе та Библийы ахуыр йӕ хӕдзары ауадз. Цӕмӕй ацӕргӕтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у афтӕ саразын, цӕмӕй уацамындон фембӕлдтӕ ацӕргӕты хӕдзӕртты цӕуой. Мах нӕ ацӕргӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ сын кад кӕнӕм, ӕмӕ сын, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм (Ӕмб. 3:27; Ром. 12:10). Ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у.

18. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Ацы статья нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ ацӕргӕты кӕй уарзы ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ сӕм ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр иууылдӕр ахӕм зӕрдӕ дарынц. Нӕ буц хистӕртӕ, кӕд бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлут, уӕддӕр уын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа (Пс. 37:25). Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ хуыздӕр бонтӕ нырма разӕй сты! Ӕмӕ, ацӕргӕ кӕнӕ рынчын адӕймагмӕ чи кӕсы, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Чи йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕй кӕмӕдӕр кӕсы, чи йӕ рынчын сывӕллонмӕ, чи та йӕ рынчын ӕмбалмӕ. Ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ циндзинад цӕй тыххӕй ӕрмынӕг вӕййы?

  • Ацӕргӕтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?

  • Нӕ бон куыд у ӕмбырды ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын?

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

a Сайты jw.org кӕнӕ приложенийы JW Library® бакӕс видеороликмӕ «Ацӕргӕтӕ, уе ’ххуысӕн аргъ нӕй!».

b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Циндзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕй иу (Гал. 5:22). Нӕ зӕрдӕйы циндзинад уыдзӕн, Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын