Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb26 мартъи 6–7 фф.
  • 23–29 мартъийы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 23–29 мартъийы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2026
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2026
mwb26 мартъи 6–7 фф.

23–29 МАРТЪИЙЫ

ИСАЙ 48, 49

89 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕ дын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ архай

(10 мин.)

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны (Ис 48:17; lff 35 урок, 1 дӕлсӕргонд).

Хъуамӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусӕм (Ис 48:18а; ijwbq 44 статья, 2, 3 абз.).

Уӕд нӕ фарн уыдзӕн «цӕугӕдоны хуызӕн», нӕ рӕстдзинад та – «денджызы уылӕнты хуызӕн» (Ис 48:18б; lv 227 ф., 8 абз.).

Хо денджызы был фӕцӕуы; хур фӕныгуылы.

ЙӔ ХЪУЫДЫ. Дзырд «фарн»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн ма йӕ хъуыды у, ӕнӕниздзинад, ӕдасдзинад, хъарутӕ, стӕй адӕймаг иннӕтимӕ хӕларӕй кӕй фӕцӕры ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕй фӕкӕны.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ис 48:17, 18. Нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕмӕ раст куыд кӕсы, афтӕ-иу цӕмӕн хъуамӕ бакӕнӕм? (w25.02 17 ф., 12 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ис 48:9–20 (th 11 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Дӕ хиуӕттӕй ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уый сӕрмагонд раныхасмӕ ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхон (lmd 5 урок, 3 пункт).

5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаджы фӕнды Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацӕуын ӕмӕ йын радзур, цы дзы уыдзӕн уый (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(5 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаг Ӕрымысӕн изӕрмӕ ’рбацыд ӕмӕ йын раныхасы фӕстӕ йӕ фарстатӕн дзуапп ратт (lmd 8 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

107 зарӕг

7. Афӕдзы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ цӕттӕ дӕ?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд равдисӕм, Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ, Йегъовӕ Йесойы мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм (Лк 22:19). Уымӕй уӕлдай ма фӕхъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нӕ йӕ Фырт тынг кӕй уарзынц, ууыл (Га 2:20; 1Ин 4:9, 10). Нӕ бон куыд у уыцы бонмӕ нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕнын? Нӕ бон куыд у, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕной ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ’рбацӕуой?

  • Алы бон дӕр-иу бакӕс, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг кӕй фӕкӕсӕм, уыцы стихтӕ ӕмӕ-иу сыл хъуыды кӕн.

  • Йесойы нывондыл-иу хъуыды кӕн. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, куыд хъуамӕ цӕрай, цӕмӕй равдисай, уыцы нывонды тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй дӕ.

  • Зиуы-иу ӕппӕт тыхтӕй архай ӕмӕ-иу сӕрмагонд раныхасмӕ ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕ зонгӕты, хиуӕтты ӕмӕ иннӕты фӕхон.

  • Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуа, уыдоныл-иу зӕрдиагӕй бацин кӕн. Уӕлдай тынгдӕр-иу дӕ хъус ӕрдар, дӕхӕдӕг кӕй фӕхуыдтай, уыдонмӕ. Фӕлӕ, зиуы рӕстӕг хуынды гӕххӕтт кӕмӕн радтой ӕмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕн дӕр-иу баххуыс кӕн, зӕгъӕм, дӕ фарсмӕ-иу сӕ сбадын кӕн.

  • Сӕ фарстатӕн-иу сын дзуапп ратт.

  • Ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдонӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуа, уыдонӕн-иу равдис, се ’рбацыд дын ӕхсызгон кӕй у. Уӕлдайдӕр та-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ равдисой, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдоны ӕрбацыд сын ӕхсызгон кӕй у.

Къам видеороликӕй «Чырысти „ӕрцыд, цӕмӕй, чи фесӕфт, уыдоны бацагура ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна“». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Паддзахады залы Ӕрымысӕн изӕры кӕрӕдзиимӕ ныхӕстӕ кӕнынц.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Чырысти „ӕрцыд, цӕмӕй, чи фесӕфт, уыдоны бацагура ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна“». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдонӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуа, уыдоныл-иу цӕмӕн хъуамӕ бацин кӕнӕм?

    Къам видеороликӕй «Чырысти „ӕрцыд, цӕмӕй, чи фесӕфт, уыдоны бацагура ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна“». Ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цыд, уыцы хо Ӕрымысӕн изӕрмӕ ’рбацыд ӕмӕ йын иннӕ хо ахъӕбыс кодта.

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 72, 73 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 134 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын