Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb26 мартъи 4–5 фф.
  • 16–22 мартъийы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 16–22 мартъийы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2026
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2026
mwb26 мартъи 4–5 фф.

16–22 МАРТЪИЙЫ

ИСАЙ 45–47

2 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Ӕндӕр Хуыцау... нӕй, мӕн хуызӕн... ничи у»

(10 мин.)

Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ Вавилонӕй рацӕуынц.

Йегъовӕйы хуызӕн ничи у (Ис 46:9; w20.06 5 ф., 14 абз.).

Йегъовӕйы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ницы бахъыгдардзӕн (Ис 46:10, 11; cl 42 ф., 14 абз.; w25.06 17 ф., 15 абз.).

Йӕ ныфс мӕнг хуыцӕуттыл кӕнӕ ’хцайыл чи дары, уыдон фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты (Ис 46:6, 7; w24.09 11 ф., 13, 14 абз.).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ис 46:10. Цымӕ Хуыцау «райдианӕй» зыдта, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй ракӕндзысты? (w11 1/1 14 ф., 2, 3 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ис 45:1–11 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Ӕндӕр диныл хӕст чи у, уыцы адӕймагӕн бамбарын кӕн, Ӕрымысӕн изӕр цӕмӕн ӕмӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнӕм, уый (lmd 5 урок, 3 пункт).

5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ, уый размӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт чи райста, уыцы адӕймагӕн (lmd 9 урок, 5 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

(5 мин.) lff 19 урок, разныхас ӕмӕ 1–3 дӕлсӕргӕндтӕ (lmd 11 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

38 зарӕг

7. Йегъовӕ нын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн

(7 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд нӕ бон вӕййы нӕ ныфс ӕнӕхъӕнӕй дӕр нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл сӕвӕрын (Дзт 13:5, 6).

Бакӕсут Псалом 55:22. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл.

Цалдӕр нывы: хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. 1. Ӕфсымӕр ӕнӕ куыстӕй баззад, ӕддейӕ асинтыл ныфссастӕй бады. 2. Ӕфсымӕр ахӕстоны допросы рӕстӕг. 3. Хо рынчындоны йӕ лӕджы сынтӕджы раз бады ӕмӕ йӕхинымӕр кувы. 4. Лӕг ӕмӕ ус ӕнкъардӕй лӕууынц ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ.

Ныффысс, ацы уавӕртӕй алкӕцыйы дӕр дӕ бон куыд у равдисын, дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс ӕмӕ дын йӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, уый.

  • Ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ кӕнӕ дӕм дӕ бинонты фӕдарынӕн фаг ӕхца нӕй.

  • Хицауад нӕ нӕ уадзы иумӕ ӕмбырд кӕнын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын.

  • Уӕззау низӕй рынчын дӕ.

  • Цавӕрдӕр бӕллӕх дыл ӕрцыд, зӕгъӕм, ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ дын чидӕр амард.

8. «Ног хабӕрттӕ арӕзтадон проектты тыххӕй (2026 аз)»

(8 мин.) Раныхас.

Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК.

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 70, 71 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 148 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын