23 ФЕВРАЛӔЙ 1 МАРТЪИМӔ
ИСАЙ 38–40
4 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
Рагон Израилы фыййау уӕрыччы йӕ хъӕбысы ӕрбакодта
1. «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг»
(10 мин.)
Библи у Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ нӕ рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ, уый фӕрцы йӕм нӕ бон у ӕввахсдӕр кӕнын (Ис 40:8; w23.02 2, 3 фф., 3, 4 абз.).
Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ныл тыхсы (Ис 40:11; cl 68 ф., 7 абз.).
Махӕй алкӕйдӕр зоны ӕмӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг баххуыс кӕны (Ис 40:26–29; w18.01 8 ф., 4–6 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: Исайы 40:11 стих куыд ӕндавы, Йегъовӕмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, ууыл?
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ис 40:3. Ацы ныхӕстӕ нӕ эрӕйы 29 азы куыд сӕххӕст сты? (w25.05 29 ф., 12 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ис 40:21–31 (th 11 урок)
4. Ныхас райдайын
(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фадат ссар, цӕмӕй йын радзурай, ӕрӕджы ӕмбырды цы базыдтай, уый (lmd 4 урок, 3 пункт).
5. Ныхас райдайын
(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фадат ссар, цӕмӕй йын радзурай, адӕмимӕ Библийыл кӕй фӕныхас кӕныс (lmd 4 урок, 4 пункт).
6. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн
(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (lmd 7 урок, 5 пункт).
7. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
(5 мин.) lff 18 урок, рубрикӕтӕ «Цы базыдтай», «Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн», «Дӕ нысан». Спайда кӕн, рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг» цы статьятӕ ис, уыдонӕй, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый хуыздӕр бамбара, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц (lmd 11 урок, 3 пункт).
160 зарӕг
8. Ӕрвылазон хыгъд
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Бакӕс филиалӕй ӕрвыст писмо ӕрвылазон хыгъдимӕ. Хъусджыты бафӕрс, сӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд, 2025 лӕггады азӕн чи уыд, уыцы ӕппӕтдунеон хыгъды («Всемирный отчёт Свидетелей Иеговы за 2025 служебный год»). Стӕй интервью райс, рагацау кӕимӕ баныхас кодтай, ахӕм хъусынгӕнджытӕй. Радзурӕнт, фарон сыл уацамынды цы цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон.
Based on NASA/Visible Earth imagery
2025 азы Йегъовӕйы адӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой ӕмӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кодтой
2025 лӕггады азӕн чи уыд, уыцы ӕппӕтдунеон хыгъды дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыд?
9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) lfb 64, 65 сӕргӕндтӕ