Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb26 январь 12–13 фф.
  • 16–22 февралы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 16–22 февралы
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2026
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2026
mwb26 январь 12–13 фф.

16–22 ФЕВРАЛЫ

ИСАЙ 36, 37

150 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Ма тӕрс, кӕй фехъуыстай, уыцы ныхӕстӕй»

(10 мин.)

Рабсакы Иерусалиммӕ арвыстой, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы тас бауагътаид (Ис 36:1, 2; w13 15/11 19 ф., 14 абз.).

Фӕндыд ӕй, цӕмӕй сӕхимӕ ӕнӕбон кастаиккой ӕмӕ хъуыды кодтаиккой, кӕй сын ничи баххуыс кӕндзӕн (Ис 36:8; ip-1-U 387 ф., 10 абз.).

Худти сыл, сӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕмӕ паддзахыл кӕй дардтой, уый тыххӕй (Ис 36:7, 18–20; ip-1-U 388 ф., 13, 14 абз.).

Рабсак Иерусалимы къулы раз йӕ бӕхуӕрдоны лӕууы ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ хъӕр кӕны. Ӕфсӕддонтӕ къулы сӕр лӕууынц ӕмӕ йӕм хъусынц.

Йегъовӕйы адӕм хъуамӕ ма тӕрсой, тас бауадзынмӕ сӕ чи хъавы, уыдонӕй (Ис 37:6, 7)

БИНОНТЫ АХУЫРЫ РӔСТӔГ АФӔЛВАРУТ: бакӕсут КИНОНЫВМӔ «О Йегъовӕ... дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ» ӕмӕ аныхас кӕнут, уӕхицӕн дзы зондӕн цы райстат, ууыл.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ис 37:36. Ацы стихӕй зӕдты тыххӕй цы ис базонӕн? (w21.03 29 ф., 14 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ис 37:14–23 (th 2 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Брошюрӕйы «Адӕмы уарз» «Уӕлӕмхасӕн А»-йы цы темӕтӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл аныхас кӕн (lmd 1 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД (lmd 3 урок, 5 пункт).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.) Равдыст. ijwbq 110 статья, 1–4 абз. Темӕ «Цы у донаргъуыд?» (th 17 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

118 зарӕг

7. «Дӕ зӕрдӕ цӕуыл дарыс, ныфсджын цӕмӕй дӕ?»

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Мыййаг дыл исчи худти, Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл кӕй ӕууӕндыс кӕнӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай, уый дӕ кӕй бафӕндыд, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ зыдтай, цы зӕгъай, уый кӕнӕ тарстӕ. Иннӕты ныхӕсты тыххӕй, чи зоны, дызӕрдыг кӕнын райдыдтай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый раст у ӕви нӕ, ууыл. Ахӕм уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн?

Бакӕсут Исайы 36:4 стих. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый раст кӕй у, ууыл?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Ӕз дӕн ӕрыгон: хъӕуы мӕ ӕххуыс. Хуыцау кӕй ис, ууыл ис ӕууӕндӕн?». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Элибальдо ӕмӕ Кристал цы сарӕзтой, цӕмӕй мауал дызӕрдыг кодтаиккой, Хуыцау кӕй ис, ууыл?

  • Хуыцау кӕй ис, уый дӕ цӕмӕн уырны?

  • Библийӕ дын кӕцы стихтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай...

    Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы?

    Йегъовӕ дын алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн?

    Хуыцауӕн йӕ адӕмимӕ кӕй лӕггад кӕныс?

Ахуыргӕнӕг къласӕн адӕймаджы сӕрыкӕхц ӕвдисы ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕр бады ӕмӕ хъуыдытӕ кӕны. Ахуырдзаутӕн сӕ фылдӕр сӕ къухтыл схӕцыдысты, цӕмӕй дзуапп раттой.

Фӕнды мӕ, цӕмӕй мӕ тынгдӕр уырна...

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар уа?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 62, 63 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 9 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын