19–25 ЯНВАРЫ
ИСАЙ 24–27
159 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. «Ай у нӕ Хуыцау!»
(10 мин.)
Мах сӕрыстыр стӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у нӕ Хуыцау (Ис 25:9; cl 15 ф., 21 абз.).
Ног дунейы нӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыимӕ нын хӕринаг уыдзӕн парахат (Ис 25:6; w24.12 6 ф., 14 абз.).
Йегъовӕ нын ратдзӕн ӕнусон цард (Ис 25:7, 8; w25.01 28, 29 фф., 11, 12 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Ацы къуыри мӕ бон кӕмӕн уаид Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй радзурын?»
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ис 26:3. Ацы стихы ныхӕстӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, тынг зын уавӕрты чи ис, уыдонӕн? (w24.12 24 ф., 18 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ис 25:1–9 (th 10 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Базон, адӕймаджы цавӕр темӕ цымыдис кӕны. Равдис ын, нӕ сайты jw.org куыд ис ссарӕн, цы темӕ йӕ цымыдис кӕны, уый фӕдыл ӕрмӕг (lmd 1 урок, 3 пункт).
5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн
(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Брошюрӕйы «Адӕмы уарз» «Уӕлӕмхасӕн А»-йы цы темӕтӕ ис, уыдонӕй искӕцыйӕ спайда кӕн (lmd 9 урок, 4 пункт).
6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн
(5 мин.) Равдыст. ijwbq 160 статья. Темӕ «Библи Йесо Чырыстийы Хуыцауы фырт цӕмӕн хоны?» (th 3 урок).
144 зарӕг
7. Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Йегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны. (Бакӕсут Исай 26:3.) Дохтырты ӕххуыс нӕ куы бахъӕуа, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн равдисын, Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый? Хъуамӕ пайда кӕнӕм, йӕ организацийы уылты нын цы дӕтты, уымӕй.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уымӕ цӕттӕ дӕ?». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Дохтырты ӕххуыс нӕ куы бахъӕуа, уӕд нын цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кӕндзысты?
Туджы гӕххӕттa нын куыд баххуыс кӕндзӕн?
Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты ӕфсымӕртӕн дӕ уавӕры тыххӕй фӕхабар кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн?
Йегъовӕ нын ацы хъуыддаджы кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
Исайы 26:3 стихы фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй «схайджын кӕндзӕн ӕгӕрон фарнӕй». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныр рынчынтӕ нӕ кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты зын рӕстӕджыты баххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн уа ӕмӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм.
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) lfb 54, 55 сӕргӕндтӕ
Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | ӕмӕ куывд
a Куы хъӕуа, уӕд уӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй райсын документтӕ «Информация для беременных» (S-401), «Информация для пациентов, которым требуется хирургическое вмешательство или химиотерапия» (S-407) ӕмӕ «Информация для родителей, чей ребёнок нуждается в медицинской помощи» (S-55).