Декабрь
Дыццӕг, 1 декабрь
Сӕ зонд [сын] бынтондӕр байгом кодта, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаиккой (Лук. 24:45).
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕууӕндыдысты Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ цард уымӕ гӕсгӕ арӕзтаиккой (Иоан. 17:6). Фӕлӕ сын сӕ ахуыргӕнӕджы фыдгӕнӕджы мард куы акодтой, уӕд фӕтыхстысты. Йесо зыдта, уырнындзинад сӕм кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй уарзтой, фӕлӕ, Фыстадӕй цыдӕртӕ кӕй не ’мбӕрстой, дызӕрдыг кӕнын уый тыххӕй кӕй райдыдтой (Лук. 9:44, 45; Иоан. 20:9). Уымӕ гӕсгӕ сӕ ахуыр кодта Фыстадыл хъуыды кӕнын. Ӕркӕсӕм-ма, Еммаусмӕ фӕндагыл дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ куы фӕзынд, уӕд сӕ куыд ахуыр кодта, уымӕ. Йесо уыцы дыууӕ нӕлгоймагӕн уайтагъд нӕ загъта, чи уыд, уый, фӕлӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд, цӕмӕй, цӕуыл хъуыды кодтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йын раргом кодтаиккой. Уыдон ын загътой, афтӕ ӕнхъӕл кӕй уыдысты, ӕмӕ Йесо Израилы Ромы ӕфсондзы бынӕй ссӕрибар кӕндзӕн (Лук. 24:18–27). Уӕд сын уый Фыстады фӕрцы бамбарын кодта, цы ’рцыди, уыдӕттӕ фыст кӕй уыдысты ӕмӕ ныр кӕй сӕххӕст сты. Уыцы изӕр фӕстӕдӕр Йесо уый иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр бамбарын кодта (Лук. 24:33–48). w24.10 14 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 2 декабрь
Мӕхи фӕндӕй... ницы аразын, фӕлӕ мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын (Иоан. 8:28).
Йесо дзырдта ӕмӕ архайдта, йӕ уӕларвон Фыд ӕй куыд сахуыр кодта, афтӕ. Нӕ организаци Йесойы куыд фӕзмы? Цы разамынд нын ратты ӕмӕ нын цы фӕамоны, уымӕн йӕ бындур вӕййы Хуыцауы Ныхас (2 Тим. 3:16, 17). Арӕх нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Хуыцауы Ныхас кӕй хъуамӕ иртасӕм. Библи нӕ публикациты фӕрцы куы иртасӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Библийы цы фыст ис, уый, нӕ организаци нын нӕ публикациты уылты цы разамынд ратты, уыимӕ абарын. Ӕмӕ куы фенӕм, уыцы разамындӕн йӕ бындур Хуыцауы Ныхас кӕй у, уӕд Йегъовӕйы организацийыл тынгдӕр ӕууӕндын райдайдзыстӕм (Ром. 12:2). Йесо хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Лук. 4:43, 44). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уый бафӕдзӕхста (Лук. 9:1, 2; 10:8, 9). Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. w24.04 9 ф., 5–7 абз.
Цыппӕрӕм, 3 декабрь
Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхстай, уый бакӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ кӕдӕмдӕриддӕр арвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм (Йес. Н. 1:16).
Алкӕддӕр Йегъовӕйы организацийыл ӕууӕнд. Раджы заманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн амындтӕ лӕвӕрдта Моисейы уылты, стӕй та Йесо Навины уылты (Йес. Н. 1:17). Израилӕгтӕ-иу уыцы нӕлгоймӕгты Йегъовӕйы минӕвӕрттыл куы нымадтой ӕмӕ-иу сӕм куы хъуыстой, уӕд сын Йегъовӕ арфӕ кодта. Ӕнусты фӕстӕ чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд Йегъовӕ разамынд фыццаг лӕвӕрдта 12 апостолы уылты (Хъуыд. 8:14, 15). Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу сты, Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Чырыстӕттӕ уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгты разамындмӕ кӕй хъуыстой, уый фӕрцы «ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:4, 5). Мах дӕр Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. w24.07 10 ф., 10 абз.
Майрӕмбон, 4 декабрь
Ӕз ссардтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у... ахӕм адӕймаджы – Йессейы фырт Давиды (Хъуыд. 13:22).
Йегъовӕ паддзах Давиды бирӕ уарзта. Суанг ма йӕ йӕ «зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг дӕр схуыдта. Фӕлӕ Давид цалдӕр уӕззау тӕригъӕды сарӕзта. Зӕгъӕм, кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ лӕджы амарын кодта. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ йӕ уый тыххӕй амарын хъуыди (Лев. 20:10; Ным. 35:31). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд Давидӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ кӕд йӕ тӕригъӕдыл нӕма басаст, уӕддӕр ӕм пехуымпар Нафаны арвыста. Уый йын иу хабар радзырдта, цӕмӕй бамбӕрстаид, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Уӕд Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Сам. 12:1–14). Давид ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ псалом. Уыцы псаломӕй бӕрӕг у, цы сарӕзта, ууыл тынг кӕй фӕсмон кодта (Пс. 51; разныхас). Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕн уыцы псалом удӕнцойы хос фӕци ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Ӕхсызгон дын нӕу, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды афтӕ тынг кӕй уарзта ӕмӕ йын ӕрфӕсмон кӕнынӕн кӕй баххуыс кодта? w24.08 10 ф., 9 абз.
Сабат, 5 декабрь
[Бамбарут-иу], цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст (Ром. 12:2).
Сывӕллон хъомыл кӕнын ахӕм куыст у, ӕмӕ дзы отпуск нӕ вӕййы. Ӕмӕ уыимӕ бирӕтӕ сразы уыдзысты. Зынаргъ ныййарджытӕ, сымах бирӕ фыдӕбон кӕнут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнат сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (Дык. з. 6:6, 7). Ӕмӕ уын Йегъовӕ уӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Сывӕллон куыд стырдӕр кӕны, афтӕ йӕм, гӕнӕн ис, фӕзына ахсджиаг фарстатӕ, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй кӕнӕ Йегъовӕ цӕмӕн зӕгъы, кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр кӕй сты. Дӕ сывӕллон ахӕм фарстатӕ кӕй дӕтты, уый тыххӕй дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл тынг не ’ууӕнды. Фӕлӕ ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Куыд стырдӕр кӕны, афтӕ хъуамӕ дӕтта фарстатӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕуылдӕрты хъуыды кӕны (1 Кор. 13:11). Афтӕмӕй йӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу дын ахӕм фарстаты фӕрцы фӕзындзӕн хорз фадӕттӕ, цӕмӕй йын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнай. w24.12 14 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 6 декабрь
Ис [нӕм] уырнындзинад, цӕмӕй нӕ цард бахъахъхъӕнӕм (Дзут. 10:39).
Дзуттаг чырыстӕтты хъуыди фидар уырнындзинад, цӕмӕй, хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр чи кодта, уыцы бӕллӕхы удӕгасӕй баззадаиккой (Дзут. 10:37, 38). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд хӕхтӕм лидзут. Уый хауд чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр – Иерусалимы чи уыд, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, йӕ алыварс хъӕуты чи уыд, уыдонмӕ дӕр (Лук. 21:20–24). Раджы заманты-иу знаг куы ӕрбабырста, уӕд-иу адӕм сӕ сӕр бафснайдтой горӕты, йӕ фидар къулты фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ кӕмӕдӕрты раст нӕ фӕкастаид, Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, хӕхтӕм алидзут. Ӕмӕ сӕ хъуыдаид фидар уырнындзинад, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстмӕ байхъуыстаиккой. Уымӕй уӕлдай ма дзуттаг чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕууӕндыдаиккой, Йесо ӕмбырдӕн разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртыл. Уыцы ӕфсымӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, чырыстӕттӕн лӕвӕрдтой бӕлвырд амындтӕ, Иерусалимӕй кӕд ӕмӕ куыд хъуамӕ алыгъдаиккой, уый фӕдыл (Дзут. 13:17). w24.09 10 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 7 декабрь
Радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты (Еф. 4:8).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд тынг хорз ӕххӕст кодта, йӕ Фыд ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг (Иоан. 17:4). Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, цӕмӕй хъуыддаг хорз рауайа, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг саразай. Иннӕтӕн амыдта, хорз хабар хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта. Уыдон хъуамӕ Йегъовӕйы зынаргъ фыстӕм кастаиккой ӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ истаиккой. Куы-иу хъуыди, уӕд-иу Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта. Иуӕй-иутӕ сӕ дызӕрдыг кодтой, кӕй райгас, ууыл. Ӕмӕ сын уӕд Йесо баххуыс кодта, цӕмӕй сӕм ахӕм хъуыдытӕ мауал уыдаид (Лук. 24:25–27; Иоан. 20:27). Загъта ма сын, Хуыцауы адӕмыл тыхсын сын ӕхца кусынӕй сӕйрагдӕр кӕй хъуамӕ уа (Иоан. 21:15). Ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, алчидӕр сӕ йӕ хӕстӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна, иннӕтӕн цы хӕстӕ ис, ууыл ма хъуыды кӕна, фӕлӕ (Иоан. 21:20–22). Ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй алцы раст не ’мбӕрстой. Ӕмӕ сын Йесо сӕ зондахаст сраст кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ тыхтӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ сарӕзтаиккой (Хъуыд. 1:6–8). w24.10 15, 16 фф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 8 декабрь
Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм (Пс. 37:29).
Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куыд лӕууыдысты, афтӕ мах та лӕууӕм ног дунейы къӕсӕрыл. Мах фендзыстӕм, зӕхх дзӕнӕт куыд суыдзӕн (Ис. 35:1; Лук. 23:43). Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ нал уыдзысты (Рарг. 20:2, 3). Мӕнг динтӕ адӕмы нал сайдзысты (Рарг. 17:16). Нал уыдзысты, адӕмы бартӕ чи ссӕнды, уыцы хицауӕдтӕ (Рарг. 19:19, 20). Дзӕнӕты иу фыдгӕнӕджы дӕр нал фендзыстӕм (Пс. 37:10, 11). Адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕндзысты, ӕмӕ уый фӕрцы зӕххыл уыдзӕн иудзинад ӕмӕ фарн. Кӕрӕдзийы уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты (Ис. 11:9). Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд дзӕнӕты цалдӕр сӕдӕ азы нӕ цӕрдзыстӕм, фӕлӕ ӕнустӕм (Иоан. 3:16). w24.11 9 ф., 7 абз.
Ӕртыццӕг, 9 декабрь
Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой (Матф. 24:14).
Ацы пехуымпарад ныры хуызӕн никуы ӕххӕст кодта. Хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас зӕххыл дӕр 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Ӕмӕ сайт jw.org-ы фӕрцы зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын. Фӕлӕ ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ дӕр загъта: «Ӕппӕт горӕттыл нӕма ӕрзилдзыстут, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 10:23; 25:31–33). Ома адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕдмӕ нын нӕ бантысдзӕн алы адӕймагимӕ дӕр аныхас кӕнын. Милуантӕ цӕрынц, нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕу, ахӕм бӕстӕты. Уымӕй уӕлдай, алы минут дӕр царды рухс фенынц сӕдӕгай сывӕллӕттӕ. Мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн... ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» цины хабар фехъусын кӕнӕм (Рарг. 14:6). Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм: нӕ нын бантысдзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй алкӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. w24.05 10 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 10 декабрь
Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар (Матф. 19:6).
Йесо-иу иннӕтимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу сын йӕ ныхӕстӕй сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта, ӕмӕ-иу удӕнцой ссардтой. Йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ тызмӕгӕй никуы ныхас кодта (Лук. 8:47, 48). Уӕдӕ, бинойнаг кӕмӕн ис, уыцы чырыстон нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ иууылдӕр Йесойы фӕзмой! Йесо загъта, лӕг йӕ усыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уа. Уый ӕрхаста йӕ Фыды ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, лӕг «баиу уыдзӕн йӕ усимӕ» (Матф. 19:4–6). Ацы скъуыддзаджы «баиу уыдзӕн»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ амоны «баныхӕсын; бандӕдзын». Уӕдӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл уой ӕнгом баст, раст цыма клейӕ ныхӕст сты ӕмӕ сын кӕрӕдзийӕ атонӕн нӕй, афтӕ. Ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ куы атонай, уӕд уый сӕ дыууӕйӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Йӕ бинойнаджы тынг чи уарзы ӕмӕ йыл ӕнувыд чи у, уыцы лӕг порнографимӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕудзӕн. «Ницӕйаг цы у», уымӕй-иу йе ’ргом уайтагъд аздахдзӕн (Пс. 119:37). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ скӕндзӕн бадзырд йӕ цӕстытимӕ, цӕмӕй ӕндӕр сылгоймагмӕ мондаг каст ма кӕна (Иов 31:1). w25.01 10 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 11 декабрь
Хуыцау [ын] зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ис. 55:7).
Арӕх зын вӕййы бамбарын, адӕймаг дын ӕцӕгдӕр ныххатыр кодта ӕви нӕ. Йегъовӕ махӕн, ӕнӕххӕст адӕмӕн, куыд ныххатыр кӕны, уый тынг хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд ныххатыр кӕнынц, уымӕй. Уый куыд ныххатыр кӕны, афтӕ никӕмӕн у йӕ бон хатыр кӕнын. Иу псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Ды ӕцӕгдӕр дӕ хатыргӕнаг, цӕмӕй дӕ тӕрсой» (Пс. 130:4). Йегъовӕ ӕвдисы, хатыр кӕнын ӕцӕгдӕр куыд хъӕуы, уый. Библийы фысджытӕ иуӕй-иу рӕтты цы дзуттаг дзырдӕй спайда кодтой, уый ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ фӕамоны – уый куыд ныххатыр кӕны, уымӕ. Уыцы дзырд никуы фӕамоны, иу адӕймаг иннӕмӕн куыд ныххатыр кӕны, уымӕ. Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд ын ӕй цыма сӕрфгӕ ныккӕны ӕмӕ дзы фӕд дӕр нал баззайы, афтӕ вӕййы. Ӕмӕ та уый гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ баввахс уӕм ӕмӕ та дарддӕр дӕр уа не ’ввахс Хӕлар. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын ногӕй ӕмӕ ногӕй зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кӕны, уый тыххӕй. w25.02 8 ф., 1–3 абз.
Сабат, 12 декабрь
Уый [нын] бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын бӕстон ӕмбарын кӕнӕм (Хъуыд. 10:42).
Хъусын кӕнгӕйӕ нӕм кӕд алчи нӕ байхъусы, уӕддӕр стӕм ӕнтыстджын. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ мах аразӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты цы фӕнды, уый – хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ нын уацамынды куы никӕимӕ рауайы аныхас кӕнын, уӕд дӕр фӕцин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм (Ӕмб. 27:11). Иннӕ хъусынгӕнджытӕй исчи куы ссары, Библийӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы, уӕд дӕр фӕцин кӕнӕм. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», цы куыст кӕнӕм, уый барст цыди, чи фӕдзӕгъӕл, ахӕм сывӕллоны куыд фӕагурынц, уыимӕ. Йӕ агурӕг бирӕ адӕм ацӕуы ӕмӕ алы къуым дӕр басгарынц. Ӕмӕ, сывӕллоны куы ссарынц, уӕд, чи йӕ ссардта, ӕрмӕст уый нӕ фӕцин кӕны, фӕлӕ, чи йӕ агуырдта, уыдон иууылдӕр. Раст афтӕ, ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын иу адӕймаджы фыдӕбон нӕу. Ахуыргӕнинаджы ӕнӕхъӕн ӕмбырд фӕцӕттӕ кӕны. Цӕмӕй, не ’мбырды территорийы чи цӕры, уыцы адӕм иууылдӕр хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй алкӕй ӕххуыс дӕр хъӕуы. Ӕмӕ, исчи рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайы, уӕд не ’ппӕт дӕр фӕцин кӕнӕм. w24.04 18 ф., 13, 14 абз.
Хуыцаубон, 13 декабрь
Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ (Хъуыд. 13:48).
Тагъд рӕстӕджы цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн? Ныфс нӕ ис, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Стӕй нын ӕхсызгон у, стыр бӕллӕхы рӕстӕг, адӕмӕн, гӕнӕн ис, фадат кӕй уыдзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейӕ рацӕуой ӕмӕ немӕ иумӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын райдайой. Ныр та уал нын куыст бирӕ ис. Ӕрхауди нӕм стыр кад – ӕгас зӕххыл дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын! Уыцы диссаджы куыст никуыуал кӕндзыстӕм. Фӕлӕ ма хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсгӕ дӕр кӕнӕм, ацы фыддунейы кӕрон кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны, уымӕй. Мах уарзӕм Хуыцауы Ныхас, адӕмы ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ ном. Ӕмӕ нӕ фӕнды дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, фаг у, зӕгъгӕ, уӕдмӕ! w24.05 19 ф., 14–16 абз.
Къуырисӕр, 14 декабрь
Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй (1 Пет. 5:5).
Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой. Йесо сарӕзта, апостолтӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр цы нӕ уыд, уый. Уыцы хъуыддаг арӕхдӕр цагъары хӕс уыд. Йе ’ддаг дарӕс раласта, хисӕрфӕн райста, йӕ астӕуыл ӕй ӕрбабаста, тасы дон ныккодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын райдыдта (Иоан. 13:4, 5). Афтӕ йӕ 12 апостолӕн, суанг ма Иудӕ Искариотӕн дӕр (фӕстӕдӕр ӕй чи ауӕй кодта, уымӕн), сӕ къӕхтӕ ныхсадта. Ӕмӕ йӕ кӕд уымӕн бирӕ рӕстӕг бахъуыд, уӕддӕр уыцы хъуыддаг сӕрныллӕгӕй бакодта. Уый фӕстӕ сын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат» (Иоан. 13:12–14). w25.03 10 ф., 9–11 абз.
Дыццӕг, 15 декабрь
Ды мӕ кӕндзынӕ дӕ уынаффӕйы фӕрцы, ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ скадджын кӕндзынӕ (Пс. 73:24).
Ацы дуне архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. Бирӕтӕ не ’ууӕндынц, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Ӕмӕ адӕймагмӕ арӕх афтӕ фӕкӕсы, цыма, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон хорз цард кӕнынц. Уыдӕттӕ уынгӕйӕ, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуа. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдайдзыстӕм, ӕмӕ Хуыцау нӕй. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕ дӕр иуафон афтӕ каст. Йӕ алыварс цы адӕм уыд, уыдон Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дардтой, фӕлӕ уӕддӕр амондджын цард кодтой. Гъемӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын исты пайда у ӕви нӕ (Пс. 73:11–13). Псаломзарӕггӕнӕгӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кодтаид? Хъуыды кодта, Йегъовӕйы чи ферох кӕны, уыдоныл цы ’рцӕудзӕн, ууыл (Пс. 73:18, 19, 27). Стӕй ма хъуыды кодта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы пайда у, ууыл дӕр. Махӕн дӕр нӕ бон у, Йегъовӕ нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдоныл хъуыды кӕнын. w24.06 25 ф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 16 декабрь
Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут (Дзут. 13:5).
Раджы заман-иу чидӕртӕ сӕ мӕгуыр ӕфсымӕртӕн ӕхца ӕфстау проценттыл лӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй схъӕздыг сты. Стӕй-иу тӕрхонгӕнджытӕй чидӕртӕ гӕртӕмттӕ истой, ӕмӕ-иу стӕй ӕнаххос адӕмы аххосджыныл банымадтой. Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны (Йез. 22:12). Хорз уаид куы ахъуыды кӕниккам, ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕхцайыл ӕмӕ сӕ цӕуыл бахардз кӕндзынӕн, ууыл арӕх фӕхъуыды кӕнын? Искӕмӕй ӕхца ӕфстау куы райсын, уӕд ын сӕ уайтагъд раттын ӕви афтӕ фӕхъуыды кӕнын, цӕй, стӕй йын сӕ ратдзынӕн, уӕддӕр ӕхцахъуаг нӕу? Ӕхца мӕм кӕй ис, уый тыххӕй мӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайын? Зын мын вӕййы, цӕмӕй рӕдау уон? Кӕд хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ бирӕ ӕхца ис, уӕд афтӕ фӕхъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ай ӕхца йеддӕмӕ ницы хъӕуы? Мыййаг, ӕрмӕст хъӕздгуытимӕ лымӕн кӕнын мӕгуыртӕй та мӕхи дард ласын?» Ӕхцауарзаг куы нӕ уӕм, уӕд Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн нӕ Хӕлар ӕмӕ нӕ никуы ныууадздзӕн! w24.06 12, 13 фф., 17, 18 абз.
Цыппӕрӕм, 17 декабрь
Алы ӕвзӕр фӕндагӕй дӕр мӕхи хъахъхъӕнын, цӕмӕй дын дӕ ныхас ӕххӕст кӕнон (Пс. 119:101).
Цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын. Ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт куы уынӕм, хорздзинад та куы уарзӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, раст цы у, уый аразын (Амос 5:15). Ӕмӕ исты фӕлварӕныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд зондзыстӕм, куыд бакӕнын нӕ хъӕуы, уый. Хъуамӕ ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты архайӕм. Ӕмбырдты кӕнӕ уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (Матф. 28:19, 20; Дзут. 10:24, 25). Библи куы кӕсӕм, куы йӕ иртасӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хорздзинад уарздзыстӕм, ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт уындзыстӕм (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:2, 3; 119:97). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат» (Матф. 26:41). Мах дӕр нӕ уӕларвон Фыдмӕ куы кувӕм, уӕд ын бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, стӕй нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын (Иак. 4:8). w24.07 17 ф., 14–16 абз.
Майрӕмбон, 18 декабрь
Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн (Пс. 32:8).
Архай, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнай, Йегъовӕ нӕ куыд ахуыр кӕны, афтӕ. Йегъовӕ нын йӕ зондӕй рӕдауӕй хай кӕны. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды, нӕхӕдӕг цы зонӕм, уый иннӕтӕн амонын. Мах нӕ тӕрсӕм, нӕ бынат нын куы бацахсой, уымӕй. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ, цыдӕриддӕр зонӕм, уый бацамонӕм, ницы сӕ басусӕг кӕнӕм. Стӕй афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕнӕн ничи ницы амыдта, ӕмӕ ӕз дӕр никӕмӕн ницы амонын. Уый раст зондахаст нӕу. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕрмӕст уымӕ не сты цӕттӕ, цӕмӕй, цы зонынц, уый иннӕтӕн дӕр амоной. Фӕлӕ ма цӕттӕ сты иннӕтӕн сӕ «удтӕ раттынмӕ дӕр» (1 Фес. 2:8). Ныфс нӕ ис, «уыдонӕн дӕр сӕ бон [кӕй] уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын» (2 Тим. 2:1, 2). Нӕ зонындзинӕдтӕ иннӕтӕн куы нӕ хӕлӕг кӕнӕм, уӕд не ’ппӕт дӕр фӕлтӕрдджындӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм. w24.09 29 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 19 декабрь
Стӕм, кӕрӕдзиимӕ баст чи у, ахӕм уӕнгтӕ (Ром. 12:5).
Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм уадиссаг курдиӕттӕ нӕй, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕмбырдӕн хорз ӕххуыс кӕй фӕрцы фӕуыдзынӕ, ахӕм миниуджытӕ дӕм ӕнӕмӕнгдӕр ис. Дӕ бон у ахъуыды кӕнын, 1 Коринфӕгтӕм 12:12–30 стихты Павел цы загъта, ууыл. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракур, цӕмӕй бамбарай, уыцы ныхӕстӕ дӕумӕ куыд хауынц, уый. Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы иннӕ лӕггадгӕнджытау дӕуӕн дӕр ӕмбырды ахсджиаг бынат кӕй ис. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕн. Дӕ бон цы у, уый араз. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн: хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу дын бахӕс кӕндзысты, хуыздӕр кӕмӕ арӕхсыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Ром. 12:4–8). Алы чырыстон дӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна, иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕна ӕмӕ, куыд цӕры, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. w24.11 17 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 20 декабрь
Йегъовӕмӕ кувын райдыдта, ӕмӕ судзгӕ цӕссыг калдта (1 Сам. 1:10).
Аннӕйӕн цалдӕр хъуыддаджы уыдысты масты хос. Йӕ лӕгӕн ма уыди ӕндӕр ус дӕр, Фенна́нӕ, ӕмӕ дзы уый йӕ удхӕссӕг уыдта. Ӕмӕ ма ӕрмӕст уый куы уыдаид, фӕлӕ ма Аннӕйӕн цот дӕр нӕ цыд. Феннанӕйӕн та цалдӕр сывӕллоны уыд (1 Сам. 1:1, 2). Ӕмӕ, Аннӕ ӕнӕзӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй дзы Феннанӕ хынджылӕг кодта. Аннӕйӕн «йӕ зӕрдӕ маст сыгъта», гъемӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта» (1 Сам. 1:6, 7, 10). Цымӕ Аннӕйӕн цы баххуыс кодта? Уый ацыд, израилӕгтӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы цатырмӕ. Уым Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ, дӕ цагъары хъизӕмармӕ ӕркӕс ӕмӕ мӕ ӕрхъуыды кӕн (1 Сам. 1:11). Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ байхъуыста ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы рыст бамбӕрста. Фӕстӕдӕр та йын раарфӕ кодта, ӕмӕ Аннӕйӕн цот рацыд (1 Сам. 1:19, 20; 2:21). w24.12 21 ф., 5–7 абз.
Къуырисӕр, 21 декабрь
Ме стыр цин уыдысты зӕххон адӕм (Ӕмб. 8:31).
Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй ма базонӕн ис, адӕмы тынг кӕй уарзы, уый дӕр, уӕлдайдӕр та йӕ фӕдылдзӕуджыты (Иоан. 13:1). Уый зыдта, зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йын цыдӕртӕ аразын тынг зын кӕй уыдзӕн. Зӕгъӕм, зыдта, удхайраг мардӕй амӕлын ӕй кӕй хъӕудзӕн. Фӕлӕ уыцы зын хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын сӕ кӕй бахӕс кодта, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй дӕр. Цы арӕзта, уый арӕзта зӕрдиагӕй: адӕмӕн хорз хабар хъусын кодта, ахуыр сӕ кодта ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. Суанг ма йӕ мӕлӕты бон дӕр йӕ апостолтыл хъуыды кодта. Сӕ къӕхтӕ сын ныхсадта, цӕмӕй сын ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид, стӕй сӕ бафидар кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта (Иоан. 13:12–15). Уый фӕстӕ та, хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд, йӕ фарсмӕ цы фыдгӕнӕг ауыгъд уыд, уымӕн ныфс бавӕрдта, дзӕнӕты кӕй уыдзӕн. Йӕ мады та Иоанны бар бакодта (Лук. 23:42, 43; Иоан. 19:26, 27). Уӕдӕ Йесо йӕ уарзондзинад ӕрмӕст йӕ мӕлӕтӕй нӕ равдыста, фӕлӕ йӕ цардӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр. w25.01 23 ф., 11 абз.
Дыццӕг, 22 декабрь
Цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый нын ӕрхаста фарн ӕмӕ йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм (Ис. 53:5).
Тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ Библи хоны «тӕригъӕды цагъартӕ». Фӕлӕ нын Йегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд та «тӕригъӕдӕй... ссӕрибар» вӕййӕм (Ром. 6:17, 18; Рарг. 1:5). Цагъары куы ссӕрибар кӕнынц, уӕд фӕцин кӕны. Ӕмӕ мах дӕр куы фӕзонӕм, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, уӕд сулӕфӕм ӕмӕ тынг фӕцин кӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы ахӕсгӕ хуызы сдзӕбӕх кӕны (1 Пет. 2:24). Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйӕ адард вӕййӕм. Фӕлӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй та ногӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Уӕззау низӕй рынчын адӕймаг куы сдзӕбӕх вӕййы, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд. Афтӕмӕй та ахӕсгӕ хуызы сдзӕбӕх вӕййӕм ӕмӕ та фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй схайджын вӕййӕм. w25.02 11 ф., 16 абз.; 13 ф., 17 абз.
Ӕртыццӕг, 23 декабрь
Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут (2 Пет. 1:10).
Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасы цы нӕлгоймаджы кой ис, уымӕн йӕ дыууӕ цагъары уыдысты ӕууӕнкджын, иу та нӕ уыд (Матф. 25:14–30). Дыууӕ ӕууӕнкджын цагъары амонынц иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕм. Ӕмӕ сын Хицау, ома Йесо, дзуры, цӕмӕй йемӕ цин кӕной. Уыдон райсынц сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг. Уыцы хӕрзиуӕг у фыццаг райгасдзинад (Матф. 25:21, 23; Рарг. 20:5б). Зивӕггӕнаг цагъары хабар та сӕрст чырыстӕттӕн у зондзонӕн. Уыдон хъуамӕ бирӕ фыдӕбон кӕной. Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы куыд уыд, афтӕ талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасы дӕр Йесо уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ зивӕггӕнаг суыдзысты. Йесо бамбарын кодта, зӕрдиагӕй куы нал архайой, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уый. Уӕд ӕнӕхай фӕуыдзысты, Хуыцау сӕ «цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй» ӕмӕ уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. w24.09 23 ф., 10, 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 24 декабрь
Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ бон уа йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр дарын (Еккл. 7:12; 1 Тим. 5:8). Куыст агургӕйӕ нӕ бӕгуыдӕр фӕфӕнды базонын, цас дзы фиддзысты, уый. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уынаффӕ хӕссӕм, цы уынӕм, уымӕ гӕсгӕ. Уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд ма-иу ноджыдӕр ахъуыды кӕндзыстӕм, нӕ куыст куыд фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл. Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ацы куысты мӕ, мыййаг, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ахӕм цыдӕртӕ аразын нӕ бахъӕудзӕн? (Ӕмб. 6:16–19). Ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕндзынӕн, хъусын кӕнынӕн ӕмӕ мын Библи ахуыр кӕнынӕн къаддӕр рӕстӕг нӕ уыдзӕн? Мӕ куысты тыххӕй-иу мӕ бинонтӕй бирӕ рӕстӕгмӕ нӕ фӕхицӕн уыдзынӕн?» Кӕд ацы фарстатӕй иуӕн дӕр дӕ дзуапп «о» у, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, уыцы куыстыл куы не сразы уай, куыст ссарын тынг зын куы уа, уӕддӕр. Уырнындзинадӕй куы цӕрӕм, уӕд-иу нӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ныл ӕнӕмӕнг кӕй батыхсдзӕн, ууыл (Матф. 6:33; Дзут. 13:5). w25.03 21 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 25 декабрь
Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ... кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут (Еф. 4:32).
Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм хъуамӕ алкӕддӕр кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Мах архайӕм, цӕмӕй сын фылдӕр уынӕм сӕ хорз миниуджытӕ, сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Уыцы хъӕндзинӕдтӕй ӕппынфӕстаг фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Не ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд нӕ бон у цыфӕнды дӕр уарзондзинады фӕрцы банывыл кӕнын. Ӕмӕ уӕд, кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ афтӕ уарзой, уыцы адӕмы дӕр бафӕнддзӕн нӕ дзӕнӕты ӕрцӕрын. Мах Йегъовӕйӕн ӕнустӕм бузныг дзурдзыстӕм, ахӕм дзӕнӕты нӕ кӕй ӕрцӕрын кодта, уый тыххӕй! Дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ ӕфсӕст, амондджын ӕмӕ райгонд, дӕ зӕрдӕ уа сабыр ӕмӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнай? Уӕд табуафси, мидӕмӕ нӕ дзӕнӕтмӕ! Ӕмӕ куы ’рбацӕуай, уӕд ӕй макуы ныууадз. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Хӕйрӕг алы мадзӕлттӕй архайы, цӕмӕй нӕ уырдыгӕй расайа (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:9). Ма йын бакомӕм сайын. Цӕй ӕмӕ нӕ рӕсугъд, нӕ сыгъдӕг ӕмӕ нӕ фӕрнӕйдзаг дзӕнӕт хъахъхъӕнӕм! w24.04 24, 25 фф., 18, 19 абз.
Сабат, 26 декабрь
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад (Матф. 6:33).
Ныййарджытӕ, уӕ бон у уӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнда. Ӕмбарын сын кӕнут, царды Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы уӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг ут. Хъуамӕ уыной, Библи иртасын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ уын хъусын кӕнын царды фыццаг бынаты кӕй сты. Хъуамӕ ӕмбарой, фаг кӕй нӕу, сӕ бинонтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, хъуамӕ сӕхӕдӕг суой Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ. Кӕннод сын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын фыццаг бынаты нӕ уыдзӕн кӕнӕ та суанг рӕстдзинад дӕр ныууадздзысты. Кӕд адӕймаг Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕны, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ бон нал у Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын? Нӕ. Йӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайын. Уый тыххӕй хъуамӕ йӕхи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысыл сразы уа (Иак. 5:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бахъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы ӕмбал суа. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у! w24.07 25 ф., 18, 19 абз.
Хуыцаубон, 27 декабрь
Хӕтындзинадӕй дард лидзут (1 Кор. 6:18).
Уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уӕ уагахастӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнат? Уӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ цас тыхджындӕр кӕной, уыйас уӕ тынгдӕр фӕнддзӕн кӕрӕдзийыл узӕлын. Цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй мацы саразат? Ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты-иу ма ныхас кӕнут, хибар ран-иу дыууӕйӕ ма баззайут, стӕй карз нозтӕй бӕрц зонут (Еф. 5:3). Уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, уӕ буары монцтӕ стыхджын уой, ӕмӕ уын зындӕр уыдзӕн, раст цы у, уый аразын. Уӕдӕ-иу ӕдзух ныхас кӕнут, уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсут ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дӕр кӕй кад кӕнут (Ӕмб. 22:3). Кӕрӕдзи куы бауарзат, уӕд, чи зоны, аскъуыддзаг кӕнат, кӕй уын ӕмбӕлы кӕрӕдзийыл баузӕлын дӕр, ӕрмӕст уе ’фсарм куыд нӕ фесафат. Фӕлӕ хъуамӕ уе ’нкъарӕнты рохтыл хӕцат, кӕннод уӕ буары монцтӕ стыхджын уыдзысты, ӕмӕ уын зын уыдзӕн, иннӕ адӕймаг ӕцӕгӕй цавӕр у, ууыл хъуыды кӕнын (Сол. з. 1:2; 2:6). Уымӕй уӕлдай ма, кӕрӕдзийыл куы узӕлат, уӕд, гӕнӕн ис, уӕхиуыл ма фӕхӕцат ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй исты саразат (Ӕмб. 6:27). Уӕдӕ, куыддӕр ӕмбӕлын райдайат, афтӕ-иу Библийы уагӕвӕрдтыл аныхас кӕнут ӕмӕ-иу баныхас кӕнут, цы уын ӕмбӕлдзӕн ӕмӕ уын цы не ’мбӕлдзӕн аразын (1 Фес. 4:3–7). w24.05 29 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 28 декабрь
„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“ (Матф. 5:37).
Мах фӕнды, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой ӕмӕ ныл сӕ ныфс дарой, уӕлдайдӕр зын рӕстӕджыты (Ӕмб. 17:17). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕууӕнчы аккаг уӕм? Нӕ бон у архайын, цӕмӕй ӕдзух чырыстон миниуджытӕ ӕвдисӕм, зӕгъӕм, нӕ ныхас-иу сӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ-иу ма ӕрӕджы кӕнӕм. Ӕууӕнкджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад сты. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куы фӕзонынц, сӕ бон кӕй у кӕдфӕнды дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бадзурын (зӕгъӕм, сӕ къорды цӕстдарӕгмӕ), уӕд сын ӕнцондӕр вӕййы ӕххуыс ракурын. Стӕй куы фӕуынынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уӕд фембарынц, кӕй сӕ уарзынц, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ сӕхи хъуыды куы нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ уынаффӕ, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы раттынц, уӕд сыл хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынгдӕр феууӕндынц. Уыцы ’фсымӕртӕн ма уый тыххӕй аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нын нӕ сусӕг ныхас иннӕтӕн нӕ радзурынц, стӕй сӕ ныхасӕн хицау разынынц. w24.06 30 ф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 29 декабрь
Адӕймаджы ды схайджын кӕндзынӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ (Ис. 26:3).
Зонӕм ӕй, абон нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ-иу зын уавӕрты алкӕддӕр уыдзӕн нӕ фарсмӕ (Пс. 41:3). Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы нын ратты хъарутӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны (Ӕмб. 18:14; Фил. 4:13). Стӕй йӕ зонӕм, фидӕны иу низ дӕр кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ нын уыцы ныфс дӕр удӕнцой дӕтты (Ис. 33:24). Йегъовӕ Библийы ныффыссын кодта, зын уавӕрты-иу нын нӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ (Ром. 15:4). Иу хомӕ, цӕры Ныгуылӕн Африкӕйы, рак куы ссардтой, уӕд йӕ ныфс асаст. Ӕмӕ ӕдзух кӕугӕ кодта. Фӕлӕ йын цы баххуыс кодта? Уый радзырдта: «Уӕлдай тынг мӕ бафидар кӕны Исай 26:3 стих. Ацы стихы Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уа фарн. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсын ӕмӕ сын быхсын». Дӕу та тынг зын уавӕрты уӕлдай тынгдӕр цавӕр стих бафидар кӕны? w24.12 24 ф., 17, 18 абз.
Ӕртыццӕг, 30 декабрь
Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта (Лук. 15:20).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ахӕм зӕрдӕ дарынц, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой (Лук. 15:22–24, 32). Ӕмӕ адӕймаг куы ’рбаздӕхы, уӕд Йегъовӕ, Йесо, зӕдтӕ ӕмӕ ӕмбырд тынг фӕцин кӕнынц! (Лук. 15:7). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон ӕмбырды уой. Фӕлӕ сыл уӕддӕр йӕ къух нӕ сисы. Уый фӕфӕнды, цӕмӕй ӕрбаздӕхой. Цы зӕрдӕ сӕм дары, уый бӕрӕг у Осийы 14:4 стихӕй: «Ӕз сӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ мыл гадзрахатӕй нал цӕудзысты. Зӕрдӕйӕ сӕ уарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын». Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй-иу феной, адӕймаг фӕсмон кӕнын кӕй райдыдта. Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдонӕн та ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, тынг ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой. w24.08 28 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 31 декабрь
Бузныг ут (Кол. 3:15).
Хатт нын нӕ хорздзинады тыххӕй бузныг нӕ фӕзӕгъынц. Зӕгъӕм, адӕймагыл нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ не ’хца бахардз кодтам, уый та йӕхи афтӕ дары, цыма йӕм уый нымады дӕр нӕу. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма фесафӕм кӕнӕ ма смӕсты уӕм? Нӕ зӕрдыл дарӕм, амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у (Хъуыд. 20:35). Нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, иннӕтӕн хорздзинад цингӕнгӕйӕ кӕй араздзыстӕм, бузныг нӕ уой ӕви нӕ, уӕддӕр. Дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй фӕзмыс. Йегъовӕ адӕмӕн хорздзинад аразы, бузныг дзы сты ӕви нӕ, уӕддӕр (Матф. 5:43–48). Уый нын дзуры, зӕгъгӕ, хорздзинад аразут, «фӕстӕмӕ мацӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, афтӕмӕй» ӕмӕ уӕд «райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг» (Лук. 6:35). Уӕдӕ-иу нӕ ныфс ма асӕттӕд, нӕ хорздзинады тыххӕй-иу нын бузныг куы нӕ зӕгъой, уӕд. Нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ нын арфӕ кӕндзӕн, иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый уарзы, «зӕрдиагӕй чи дӕтты» уыдоны (Ӕмб. 19:17; 2 Кор. 9:7). w24.09 29 ф., 14–16 абз.