Август
Сабат, 1 август
Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх (Матф. 24:21).
Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕм фылдӕр адӕм байхъусой ӕмӕ йын немӕ иумӕ лӕггад кӕнын райдайой. Фӕлӕ нӕм абон чи нӕ хъусы, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Адӕм куы феной, Стыр Вавилон сӕфт кӕй ӕрцыд, уый, уӕд, гӕнӕн ис, чидӕртӕ Йегъовӕйыл баууӕндой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фервӕзын кӕна. Кӕд афтӕ уыдзӕн, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дарддӕр дӕр адӕмы фӕдзӕхсӕм. Абон сын цы дзурӕм, уый, гӕнӕн ис, стыр бӕллӕхы рӕстӕг сӕ зӕрдыл ӕрлӕууа. (Абар Йезекил 33:33.) Чи зоны, ӕрхъуыды кӕной, цы сын дзырдтам, уый ӕмӕ сӕ бафӕнда немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, цалынмӕ нӕ байрӕджы уа, уӕдмӕ. Зӕгъӕм, Филиппты иу ахӕстонгӕс Йесойыл баууӕндыд, «зӕхх... тынг куы нынкъуысыд», ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Хъуыд. 16:25–34). Раст афтӕ, абон нӕм чи нӕ хъусы, уыдонӕй чидӕртӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйыл баууӕндой, ӕнӕхъӕн дуне дӕр чи банкъуысын кӕндзӕн, уыцы хабар куы ’рцӕуа, ома Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. w24.05 16, 17 фф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 2 август
Закъонӕн... Чырысти кӕрон скодта (Ром. 10:4).
Апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм цы ныффыста, уый тынг ахсджиаг у. Чидӕртӕ дзы нал рӕзыдысты, ома Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр нал кодтой, ӕмӕ та сын ногӕй хъуыди «ӕхсыр дӕттын», «хъӕбӕр хӕринаг» нӕ, фӕлӕ (Дзут. 5:12). Йегъовӕ ӕмбырды уылты гыццылгай рӕстдзинад ӕргом кодта, фӕлӕ уыцы чырыстӕттӕ фӕстейӕ баззадысты (Ӕмб. 4:18). Зӕгъӕм, бирӕтӕ дзырдтой, Моисейы закъон дӕр кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын. Афтӕмӕй та, Чырыстийы нывонд уыцы закъонӕн кӕрон куы скодта, уымӕй 30 азы бӕрц рацыд (Тит. 1:10). Павелы фыстӕг Дзуттӕгтӕм чи бакаст, уый зӕгъдзӕн, ӕцӕгдӕр дзы хъӕбӕр хӕринаг кӕй ис. Павел сын амыдта арф хъуыдытӕ. Растдӕр сӕ уый хъуыди, цӕмӕй сӕ бауырныдтаид, Йегъовӕ чырыстӕттӕн цы ног ӕгъдау ӕрфидар кодта, уый бирӕ хуыздӕр кӕй у. Стӕй ма уый фӕрцы сӕ бон уыдаид хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын (Дзут. 10:19–23). w24.04 6 ф., 15 абз.
Къуырисӕр, 3 август
Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).
Хӕйрӕг, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ амард миллиардгай адӕм. Ӕппӕт уыцы адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй 144 минмӕ сӕ райгасдзинады фӕстӕ уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕмӕлгӕ цард (Рарг. 14:1). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй та бирӕтӕ райгас уыдзысты зӕххыл, «рӕстгӕнджытӕ» куы ӕгас кӕной, уӕд. Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд зӕххыл цӕрдзысты ӕнустӕм (Дан. 12:13; Дзут. 12:1). Миназон хицаудзинады рӕстӕг ма райгас уыдзысты «фыдгӕнджытӕ» дӕр – Йегъовӕйӕн чи никуы лӕггад кодта, уыдон, стӕй суанг фыдхъуыддӕгтӕ чи арӕзта, уыдон. Уыцы адӕмӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн фадат, цӕмӕй аивой ӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ суой (Иоан. 5:29; Лук. 23:42, 43). Фӕлӕ чидӕртӕ афтӕ цъаммар уыдысты ӕмӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, кӕй нӕ райгас уыдзысты (Лук. 12:4, 5). w24.05 2 ф., 3 абз.; 6 ф., 15 абз.; 7 ф., 17 абз.
Дыццӕг, 4 август
Ацы адӕм... мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой (Ис. 29:13).
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уӕд хъуамӕ нӕ «зӕрдӕйы рӕстдзинад... дзурӕм» (Пс. 15:2). Уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ сайгӕ ма кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ алы ныхасӕй ӕмӕ нӕ алы хъуыддагӕй дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм (Дзут. 13:18). Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ «мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмб. 3:32). Адӕймаг адӕмы раз йӕхи афтӕ куы ’вдиса, цыма алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсы, афтӕмӕй та сусӕгӕй, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ куы араза, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ «йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад... дзуры». Уый уаид цӕстмӕ ми. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ чырыстон цӕстмӕ митӕ кӕнын райдайы? Фыццаг уал дызӕрдыг кӕнын райдайы, Йегъовӕйы закъӕттӕй кӕцыдӕртӕ раст кӕй сты, ууыл (Иак. 1:5–8). Стӕй та, йӕхимӕ гӕсгӕ афтӕ ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгты Йегъовӕйы коммӕ нӕ бакӕсы. Ӕмӕ, ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй йыл ӕвзӕрӕй куы ницы ’рцӕуы, уӕд райдайы ноджы ӕвзӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын (Еккл. 8:11). Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ лӕггадӕй райгонд нал вӕййы. Мах та фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт. w24.06 10 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 5 август
Фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвасут (Еф. 6:14).
Йегъовӕйы адӕм уарзынц, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый. Уый у нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур (Ром. 10:17). Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй скодта чырыстон ӕмбырд, ӕмӕ ӕмбырд кӕй у «рӕстдзинады цӕджындз ӕмӕ бындур» (1 Тим. 3:15). Хӕйрӕг та уымӕй тынгдӕр ницӕмӕ бӕллы, цӕмӕй Библийыл ӕмӕ нын Хуыцауы организаци цы разамынд дӕтты, ууыл мауал ӕууӕндӕм (Еф. 4:14). Тагъд рӕстӕджы Хӕйрӕг ноджы фыддӕр мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕхъӕн адӕмты Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна (Рарг. 16:13, 14). Стӕй ноджы тынгдӕр архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы фӕсайа (Рарг. 12:9). Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй сахуыр уӕм, рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнын ӕмӕ рӕстдзинады коммӕ кӕсын (Ром. 6:17; 1 Пет. 1:22). Уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзыстӕм ӕви нӕ! w24.07 8 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 6 август
Абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхст уын зынӕххӕстгӕнӕн нӕу, стӕй уӕ дард дӕр нӕу (Дык. з. 30:11).
Йегъовӕ израилӕгты йӕ адӕм куы схуыдта, уӕд семӕ скодта бадзырд. Ӕмӕ сын цы закъӕттӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд сӕ хъахъхъӕдтаид ӕмӕ сын арфӕ кодтаид. Фӕлӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдаиккой, зӕгъӕм, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтаиккой, уӕд сӕ нал хъахъхъӕдтаид, ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстаиккой. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ къух систаид? Нӕ. Сӕ бон уыдаид сӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕхын ӕмӕ йӕм хъусын (Дык. з. 30:1–3, 17–20). Ӕндӕр ныхасӕй, сӕ бон уыдаид ӕрфӕсмон кӕнын. Уӕд та сӕм Йегъовӕ баввахс уыдаид ӕмӕ сын арфӕ кодтаид. Йегъовӕйӕн йе ’взӕрст адӕм йӕ ныхмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рацыдысты. Ӕмӕ-иу сӕ уый бӕллӕхтӕм ӕркодта. Фӕлӕ-иу Йегъовӕ йӕ хивӕнд адӕмыл йӕ къух нӕ систа. Ногӕй ӕмӕ та-иу сӕм ногӕй йӕ пехуымпарты арвыста. Уыдон-иу сын дзырдтой, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ сӕ Хуыцаумӕ раздӕхтаиккой (2 Пад. 17:13, 14). w24.08 9 ф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 7 август
Райдыдтой Иерусалимы ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын (Хъуыд. 8:1).
Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы чи цард, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ знӕгтӕ чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Уымӕй иу-20 азы фӕстӕ та скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уый тыххӕй чырыстӕттӕй бирӕтӕ смӕгуыр сты (Хъуыд. 11:27–30). Фӕлӕ н. э. 61 азмӕ ӕввахс чырыстӕттӕн скодта сабыр рӕстӕг. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Павелӕн ныффыссын кодта фыстӕг. Уый уыд йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ фидӕны чырыстӕттӕм ӕнхъӕлмӕ каст зындзинӕдтӕ. Павелы фыстӕг йӕ рӕстӕгыл цӕмӕн уыд? Уымӕн ӕмӕ, Йесо цы бӕллӕхы кой кодта, уый хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. w24.09 8 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 8 август
Уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос (Кол. 4:11).
Зын нын куы вӕййы, уӕд нын арӕх хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» фӕвӕййынц. Йегъовӕ нын ахӕм бинонтӕ кӕй радта, уымӕй бӕрӕг у, бирӕ нӕ кӕй уарзы. Уыдон нӕм лӕмбынӕг куы байхъусынц, уӕд нын фенцондӕр вӕййы. Бирӕ хатт та нын фаг вӕййы, нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууынц, ӕрмӕст уый дӕр. Гӕнӕн ис, Библийӕ нын бакӕсой, нӕ ныфс нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм стих кӕнӕ немӕ скувой (Ром. 15:4). Хатт та нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йегъовӕ нын нӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Кӕнӕ та нын ӕндӕр истӕмӕй баххуыс кӕнынц, зӕгъӕм, хӕринаг нын скӕнынц, уымӕн нӕм тыхтӕ куы нӕ вӕййы, уӕд. Ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы, уый тыххӕй хатт зӕгъын фӕхъӕуы (Ӕмб. 17:17). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, гӕнӕн ис, ма зоной, цы кӕнӕм ӕмӕ нӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы (Ӕмб. 14:10). Де ’нкъарӕнты тыххӕй дӕ фӕлтӕрдджын ӕмбӕлттӕн радзур. Зӕгъ сын, сӕ бон дын цӕмӕй у баххуыс кӕнын. Дӕ бон ма у аныхас кӕнын, ӕнцондӕр дын кӕимӕ у, иу кӕнӕ дыууӕ ахӕм хистӕр нӕлгоймагимӕ. Хотӕй кӕмӕндӕрты та фенцондӕр вӕййы, фӕлтӕрдджын хотӕй искӕимӕ куы аныхас кӕнынц, уӕд. w24.10 10 ф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 9 август
Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды, уый хайджын... [уыдзӕн] ӕнусон цардӕй (Иоан. 6:40).
Бирӕтӕ пайда хӕринӕгтӕ фӕхӕрынц ӕмӕ ӕдзух сӕ буар фӕфидар кӕнынц, цӕмӕй ӕнӕниз уой ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрой. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты. Уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Стӕй чидӕртӕ фӕзӕгъынц, гъер, дам, ма зӕрондӕй ӕмӕ низтимӕ ӕнустӕм цӕрон. Фӕлӕ Йесо загъта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг «ӕнусон цардӕй» схайджын уа. Уый тыххӕй фыст ис Иоанны 3:16 стихы ӕмӕ 5:24 стихы. Уый уыдзӕн диссаджы цард.Йесо диссаджы хуызы 15 мин адӕймаджы бӕрц дзулӕй ӕмӕ кӕсагӕй бафсӕста. Фӕлӕ ноджы диссагдӕр та уыд, иннӕ бон сын цы загъта, уый. Адӕм йӕ фӕдыл ацыдысты Капернауммӕ, Галилейӕйы денджызы былгӕронмӕ хӕстӕг. Уым сын загъта, чи амард, уыдоны фидӕны кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бон кӕй уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын (Иоан. 6:39, 40). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, чи амард, уыдонӕй бирӕтӕ кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр чи фӕзиан, уыдонимӕ дӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. w24.12 8 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 10 август
[Лӕгтӕ] сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут (1 Пет. 3:7).
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци ӕрӕджы куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй бирӕ нӕлгоймӕгтӕ сӕ устыты нӕмынц, ныхасӕй сӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ ницӕмӕ дарынц. Афтӕ чи кӕны, уыцы нӕлгоймаг, гӕнӕн ис, иннӕты раз йӕхи афтӕ ӕвдиса, цыма йӕ усӕн аргъ кӕны, фӕлӕ йын хӕдзары та уа тынг ӕвзӕр. Иуӕй-иу лӕгтӕ сӕ устытӕн ӕвзӕр цӕмӕн вӕййынц? Чи зоны, кӕмӕндӕр йӕ фыд уыди тызмӕг адӕймаг, ӕмӕ йын йӕ мады ӕфхӕрдта. Ӕмӕ ныр фыртмӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Нӕлгоймӕгтӕй чидӕртӕ та ахӕм уымӕн сты, ӕмӕ сӕ культурӕйы уый ӕвзӕрыл нымад нӕу. Ӕмӕ фӕзӕгъынц, лӕг, дам, лӕг у, сылгоймаг та, дам, хъуамӕ йӕ бынат зона. Чидӕр та у мӕстыгӕр ӕмӕ йӕхиуыл хӕцын нӕ зоны. Иуӕй-иу лӕгтӕ та, порнографимӕ кӕй фӕкӕсынц, уый тыххӕй сылгоймӕгтӕм ӕмӕ, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ раст цӕстӕй нал фӕкӕсынц. Стӕй кӕцыдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг хабар ноджы фӕфыддӕр. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа,– лӕгӕн уый бар нӕй, цӕмӕй йӕ усы ӕфхӕра. w25.01 8 ф., 2, 3 абз.
Дыццӕг, 11 август
Чырысти, адӕймаг уӕвгӕйӕ, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр уӕхи сифтонг кӕнут йӕ зондахастӕй (1 Пет. 4:1).
«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Лук. 10:27). Йесо загъта, Моисейы закъоны ацы фӕдзӕхст ӕппӕты сӕйраг кӕй у. Уӕдӕ Йегъовӕйы хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ – уым сӕвзӕрынц нӕ фӕндтӕ ӕмӕ не ’нкъарӕнтӕ. Стӕй йын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй. Фӕлӕ ма йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕппӕт зондӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм. Фӕлӕ уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуыды кӕны, йӕ Фыд куыд хъуыды кӕны, афтӕ (1 Кор. 2:16). w25.03 8 ф., 1 абз.
Ӕртыццӕг, 12 август
Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ (Еф. 1:7).
Йесо уыд ӕххӕст, фыццаг адӕймаг Адам цалынмӕ тӕригъӕд нӕ сарӕзта, уӕдмӕ куыд ӕххӕст уыд, афтӕ (1 Кор. 15:45). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн, кӕй амард, уый фӕрцы йӕ бон сси Адамы тӕригъӕды тыххӕй бафидын, ома, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ раздахын (Ром. 5:19). Афтӕмӕй Йесо сси «фӕстаг Адам». Ӕмӕ ныр нал хъӕуы, цӕмӕй ӕндӕр ӕххӕст адӕймаг фӕзына ӕмӕ, Адам цы фесӕфта, уый тыххӕй бафида. Йесо амард «ӕрмӕстдӕр иу хатт», ӕрхаста иу нывонд ӕнустӕм (Дзут. 7:27; 10:12). Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ ӕрхъуыды кодта мадзал, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ йемӕ бафидауӕм. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуыди ахӕсты аргъ бафидын. Ӕмӕ уыцы аргъ бафыста Йесо, йӕ туг мах тыххӕй куы ныккалдта, уӕд (Дзут. 9:14). w25.02 4, 5 фф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 13 август
Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат (1 Кор. 10:13).
Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд нӕ фӕлварӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Фӕлварӕнты рӕстӕг-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл иу ахсджиаг хъуыддаг дарӕм: Хӕйрӕг дзуры, зӕгъгӕ, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд Йегъовӕйы ныууадздзыстӕм (Иов 1:10, 11; Ӕмб. 27:11). Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм уавӕрты куыд бакӕндзыстӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕнӕ риссын фӕкӕндзыстӕм, кӕнӕ йын ӕй барухс кӕндзыстӕм. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Чи зоны, хицауад дӕ ныхмӕ цӕуы, ӕхцайӕ фӕтыхстӕ, уацамынды дӕм ничи байхъусы кӕнӕ та, чи зоны, ӕндӕр фӕлварӕныл ӕмбӕлыс. Кӕд афтӕ у, уӕд ӕй зон, кӕй дын ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнай. Стӕй дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауай, дӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны. Уый дын хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай. w24.06 22 ф., 9 абз.
Майрӕмбон, 14 август
Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый (Иак. 1:14).
Дӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ зоныс? Дӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл куы нӕ сӕттай ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕнай, мӕ уырнындзинад фидар у ӕмӕ никуы фӕрӕдидзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕхи сайдзынӕ (1 Иоан. 1:8). Рох дӕ ма уӕд Павел цы загъта, уый: суанг «фӕлтӕрд чырыстӕттӕн» дӕр сӕ бон у, ӕмӕ фӕрӕдийой, къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд (Гал. 6:1). Хъуамӕ дӕхи ма сайай ӕмӕ зонай, цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ дӕм ис, уый (2 Кор. 13:5). Зӕгъӕм, базыдтам, цавӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ нӕм ис, уый. Дарддӕр нын цы кӕнгӕ у? Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй семӕ тох кӕнӕм ӕмӕ ма фӕрӕдийӕм. Раджы заманты горӕтӕн йӕ къулы лӕмӕгъдӕр бынат уыди йӕ кулдуар. Уымӕ гӕсгӕ кулдуар уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕдтой. Раст афтӕ, мах дӕр нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ куы зонӕм, уӕд сӕм нӕ хъус хъуамӕ тынгдӕр дарӕм (1 Кор. 9:27). w24.07 15 ф., 5–7 абз.
Сабат, 15 август
Бирӕ [уын] ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зондзыстут (Кол. 1:10).
Абоны стихы цы хорз хъуыддӕгты кой цӕуы, уыдонмӕ хауы хорз хабар хъусын кӕнын дӕр. Уӕдӕ, Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр свӕййы ӕмӕ йӕ хуыздӕр фембарӕм, куыд ахсджиаг у адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын. Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм, куы фӕиртасӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ тагъд ма кӕнӕм. Ӕмӕ-иу нын уӕд фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Кӕсгӕ-кӕсын исты стих куы нӕ бамбарай, уӕд-иу ӕй афтӕ ма ныууадз. Уыцы стихы тыххӕй-иу фылдӕр ӕрмӕг бацагур. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой Башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Хуыцауы Ныхас иртасынӕн-иу фаг рӕстӕг куы рахицӕн кӕнай, уӕд ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ (1 Фес. 5:21). Ӕмӕ йыл цас тынгдӕр ӕууӕндай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цы базыдтай, уый иннӕтӕн дзурын. w24.04 15 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 16 август
[Фыссын уӕм] цӕмӕй сбӕлвырд кӕнон, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ (2 Кор. 2:9).
Давид загъта: «Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Пс. 86:5). Михей та ныффыста: «Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау? Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ... тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс» (Мих. 7:18). Исай та ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Ис. 55:7). Коринфы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуамӕ бацин кодтаиккой, йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймагыл ӕмӕ йын равдыстаиккой, кӕй йӕ уарзынц, уый. Уымӕй бӕрӕг уыдаид, Йегъовӕйы кӕй фӕзмынц. Павел сын куыд загъта, афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд равдыстаиккой, «алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс» кӕй сты. Уыцы нӕлгоймаджы ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кодтой, уымӕй цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕстӕ кӕнын нал хъуыди: хъуамӕ йын ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн бар радтаиккой. w24.08 17 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 17 август
Сӕ иуы дзы ракӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты (Матф. 24:40).
Мах цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы! Тагъд Йесо алы адӕймагӕн дӕр тӕрхон кӕндзӕн. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, адӕмӕн куы тӕрхон кӕна ӕмӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» куы ’рцӕуа, уый хӕдразмӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй (Матф. 24:3). Йесойы пехуымпарад фыст ис Матфейы 24-ӕм ӕмӕ 25-ӕм сӕрты, Марчы 13-ӕм сӕры ӕмӕ Лукайы 21-ӕм сӕры. Йесо ӕртӕ фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй цӕттӕ уӕм. Уыдон сты фӕсномыг ныхӕстӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй, зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй. Уыдонӕй бӕрӕг у, Йесо адӕмӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. w24.09 20 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 18 август
Алцыдӕр аразут уарзгӕйӕ (1 Кор. 16:14).
Йесо Чырысти цыдӕриддӕр арӕзта, уый арӕзта, йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ бирӕ фыдӕбон кодта ӕмӕ, иннӕтӕ сӕ сӕрмӕ цы нӕ хастой, уыдӕттӕ аразын дӕр йӕ сӕрмӕ хаста (Матф. 20:28; Иоан. 13:5, 14, 15). Ӕфсымӕртӕ, кӕд сымах дӕр Йегъовӕйы, стӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзут ӕмӕ уӕ, зӕгъӕм, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын уый тыххӕй фӕнды, уӕд уын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ нысан дӕ къухы бафта (1 Пет. 5:5). Ацы дунейы цыдӕртӕ кӕмӕн бантысы, уыдоны арӕх бӕрзонд сисынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы организацийы афтӕ нӕу. Адӕмы Йесойау чи уарзы, уыцы ӕфсымӕр йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр нӕ февӕры ӕмӕ йӕхицӕн уӕлдай кад нӕ фӕдомы. Кадмондаг ӕмӕ сӕрбӕрзонд ӕфсымӕры кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй куы снысан кӕной, уӕд Йегъовӕйы зынаргъ уӕрыччытыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ тыхсдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕудзӕн хуымӕтӕг хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр, ӕмӕ сӕ, гӕнӕн ис, йӕ сӕрмӕ ма хӕсса (Иоан. 10:12). w24.11 15 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 19 август
Уыцы дзугӕн уӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕвӕрдта фыййӕуттӕй (Хъуыд. 20:28).
Ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты хъӕуы фылдӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ сӕ фидар кӕной (Еф. 4:8). Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ бон баххуыс кӕнын у? (Ӕмб. 3:27). Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суай? Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕ, уӕд тырныс, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг суай? Дӕ бон нӕ уаид дӕ царды исты фӕивын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат бадӕттай? Уыцы скъола дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр ӕххӕст кӕнай, Йесо-иу дын дӕ бӕрны кӕй бакӕна, уыцы хӕстӕ. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕ дӕ кӕнӕ дӕ бон нӕ бауыдзӕн, уӕд Йегъовӕмӕ кув. Сыгъдӕг тых дзы кур, цӕмӕй-иу дӕ бон бауа, цы дын бахӕс кӕнынц, уый сӕххӕст кӕнын (Лук. 11:13). Йесо ӕмбырд фидар кӕнынӕн кӕй радта, уыцы ’фсымӕртӕ сты бӕлвырдгӕнӕн, Йесо ацы фӕстаг бонты немӕ кӕй ис, уымӕн (Матф. 28:20). Нӕ уарзӕгой ӕмӕ нӕ рӕдау Паддзах нын, чи ныл тыхсы, ахӕм ӕфсымӕртӕ кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг не стӕм? w24.10 23 ф., 16, 17 абз.
Цыппӕрӕм, 20 август
Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн (Ис. 65:17).
Цы зӕгъӕн ис, Хуыцауы адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны тыххӕй? Ӕппынфӕстаг «раздӕры зындзинӕдтӕ ферох уыдзысты ӕмӕ... [Хуыцауы] цӕстыты разӕй фесӕфдзысты» (Ис. 65:16). Йегъовӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ цы маст, цы рыст бавзӕрстам, уый нӕ ӕппынфӕстаг бынтондӕр ферох уыдзӕн. Ӕмбырдтӕм куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын уый фӕрцы ныр дӕр фенцондӕр вӕййы. Уым нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц ӕмӕ, ацы фыддунейы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон нӕ айрох вӕййынц. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ кӕй ӕвдисӕм, зӕгъӕм, уарзондзинад, циндзинад, фарн, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд, уый фӕрцы иннӕтӕн дӕр нӕ дзӕнӕты ноджы ӕхсызгондӕр вӕййы цӕрын (Гал. 5:22, 23). Хуыцауы организацийы кӕй стӕм, уый тыххӕй дзы афтӕ бузныг стӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Ӕмӕ уыцы дзӕнӕты чи баззайа, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕронмӕ куыд сӕххӕст кодта ӕмӕ «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» куыд скодта, уый. w24.04 22 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 21 август
Адӕймаг ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ истӕмӕй куы зӕгъа, ай нывондгонд у, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ сомыйыл куы хъуыдытӕ кӕна, уӕд йӕхи къӕппӕджы баппӕрста (Ӕмб. 20:25).
Лӕппу ӕмӕ чызг ӕмбӕлгӕ куы фӕкӕнынц, уӕд сын уый циндзинад фӕхӕссы. Фӕлӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕной сӕ цард кӕй баиу кӕндзысты. Ӕмӕ уӕд сӕ чындзӕхсӕвы бон Йегъовӕйы раз кӕрӕдзийӕн дзырд ратдзысты, цӕрӕнбонты кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй кад кӕндзысты. Исты дзырд раттыны размӕ фӕхъӕуы тынг лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Ӕмӕ уый хауы, адӕймаг йӕ цардӕмбалӕн цы дзырд ратты, уымӕ дӕр. Дыууӕ адӕймаджы ӕмбӕлын куы райдайынц, уӕд кӕрӕдзийы хуыздӕр базонынц. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон вӕййы бамбарын, кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн сбӕздзысты ӕви нӕ. Чи зоны сӕ бафӕнда сӕ цард баиу кӕнын, чи зоны та аскъуыддзаг кӕной, кӕй нал ӕмбӕлдзысты. Кӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссой, зӕгъгӕ, нал ӕмбӕлдзыстӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ раст нӕ бакодтой. Фӕлӕ ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ сӕ нысан сӕ къухы бафтыд – ӕмбӕлгӕ кӕй кодтой, уый фӕрцы бамбӕрстой, сӕ цард баиу кӕнын сӕ хъӕуы ӕви нӕ. Бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой: дыууӕ адӕймаджы ӕмбӕлын уый тыххӕй райдайынц, цӕмӕй бамбарой, кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн сбӕздзысты ӕви нӕ. Уый сӕ рох куы нӕ уа, уӕд, сӕ цард баиу кӕнын кӕимӕ нӕ хъавынц, ахӕм адӕймагимӕ ӕмбӕлын нӕ райдайдзысты. w24.05 26, 27 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 22 август
Ӕфсӕрмы ма кӕн, нӕ Хицауы тыххӕй кӕй хъусын кӕныс... уымӕй (2 Тим. 1:8).
Ӕрыгон чырыстӕттӕ хатт сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурынмӕ. Зӕгъӕм, урочы дзырд эволюцийы теорийыл куы цӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, ма уӕндой зӕгъын, цӕуылнӕ йыл ӕууӕндынц. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн, ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ фидарӕй фӕдзурынц, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр эволюцийы фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ, дам, уый ахуыргӕндтӕ дӕр сбӕлвырд кодтой. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, Библийӕ цы базыдта, ууыл ма дызӕрдыг кӕна? Дзурут ын, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ууыл кӕй ӕууӕнды, уымӕй хъуамӕ ма ӕфсӕрмы кӕна. Зӕгъӕм, ахуыргӕндтӕй дӕр бирӕтӕ ӕмбарынц, цард йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд. Уыдон зонынц, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ куыд вазыгджын конд сты. Ӕмӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ, ис зондджын Сфӕлдисӕг ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ не ’ууӕндынц эволюцийы теорийыл. Уӕ сывӕллонӕн ма йӕ бон у базонын, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый иннӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕй фӕрцы бауырныдта. w24.12 18 ф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 23 август
Йесойыл ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг (Лук. 10:21).
Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, чи йӕм байхъусдзӕн, ахӕм адӕм дӕр кӕй уыдзӕн. Уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕ удӕй арт уагътаид. Зӕгъӕм, н. э. 30 азы кӕрон Йесо федта, бирӕтӕ хорз хабармӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусынц. Ӕмӕ сӕ абарста, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи сты, ахӕм хуымтимӕ (Иоан. 4:35). Иу азы фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг... бирӕ ис» (Матф. 9:37, 38). Фӕстӕдӕр та ногӕй загъта: «Кӕрдинаг... бирӕ ис... Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Лук. 10:2). Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, ахӕм адӕм дӕр кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ-иу ахӕм адӕм куы разынд, уӕд-иу цин кодта. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кастаиккой. Сӕ зӕрдыл-иу сын ӕрлӕууын кодта, хъусын кӕныны хъуыддаг бӕркадджын тыллӕг кӕй хӕсдзӕн. w25.03 18, 19 фф., 15, 16 абз.
Къуырисӕр, 24 август
Мӕ Хуыцау уыдзӕн ме ’мбӕхсӕн къӕдзӕх (Пс. 94:22).
Йегъовӕ у не ’мбӕхсӕн. Адӕймаг къӕдзӕхты ’хсӕн тыхдымгӕйӕ куыд бамбӕхсы, афтӕ Йегъовӕ дӕр вӕййы не ’мбӕхсӕн бынат, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Уый нӕ хъахъхъӕны, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Стӕй ма нын дзуры, кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нын исчи кӕнӕ исты, ахӕм зиан ракӕна, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Зӕрдӕ ма нын ӕвӕры, ныртӕккӕ цӕуыл мӕт кӕнӕм ӕмӕ цӕй тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм, уыдӕттӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (Йез. 34:25, 26). Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн свӕййы, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нын ратты «Хуыцауы фарн». Уый нын хъахъхъӕны нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд (Фил. 4:6, 7). Йегъовӕ алкӕддӕр вӕййы нӕ фарсмӕ ӕмӕ цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Нӕ бон ыл у нӕ ныфс дарын, уымӕн ӕмӕ уый у «Къӕдзӕх ӕнустӕм» (Ис. 26:3, 4). Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нын алкӕддӕр нӕ куывдтытӕ хъусдзӕн, алкӕддӕр нын ӕххуыс кӕндзӕн, стӕй йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл у иузӕрдион, ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ дӕр нӕ бон у ӕууӕндын (2 Сам. 22:26). Уый нын нӕ фыдӕбон никуы ферох кӕндзӕн ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн (Дзут. 6:10; 11:6). w24.06 27 ф., 4–6 абз.
Дыццӕг, 25 август
Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уым гуырынц царды суадӕттӕ (Ӕмб. 4:23).
Хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕвзӕрырдӕм ныл цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй. Хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ’мбӕлттӕ ӕвзарӕм, уымӕ. Стӕй нын хъуамӕ ӕхца царды сӕйрагдӕр ма суа. Кӕд бафиппайдтам, цӕйдӕр тыххӕй Йегъовӕйы раздӕрау кӕй нал уарзӕм, уӕд хъуамӕ уайтагъд исты саразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм (Матф. 5:29, 30). Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм? Гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддӕгты фылдӕр куы архайӕм, уӕд ныл ӕвзӕрырдӕм ницы бандавдзӕн. Фӕлӕ уыдон хисайӕн хъуыдытӕ сты. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Уазал, дымгӕ бон тынг ныссалдтӕ. Хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕ, уӕд пец ссыгътай. Фӕлӕ дуар гомӕй куы ныууадзай, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Хӕдзар уазал уӕлдӕфӕй айдзаг уыдзӕн. Ацы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у? Цӕмӕй Йегъовӕйы хъарм хъӕбысы уӕм ӕмӕ дзы ма адард уӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, цӕмӕй нӕхи уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй ӕфсадӕм. Хъуамӕ ма-иу нӕ зӕрдӕйы дуар дӕр «сӕхгӕнӕм», цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм, ӕвзӕрырдӕм ныл цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй. Кӕннод ацы дунейы зондахаст нӕ зӕрдӕйы уазал «уӕлдӕфау» ахъардзӕн, нӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы нал уарздзыстӕм (Еф. 2:2). w24.07 21 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 26 август
Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй (Матф. 5:44).
Йесойӕн тынг ӕгъатыр митӕ фӕкодтой, ӕмӕ ахӕм стыр рыст бавзӕрста, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ нӕ фӕхъӕбӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ куырдта, цӕмӕй йӕ хъӕдмӕ чи ныххуыдта, уыцы ӕфсӕддонты бафхӕрдтаид, фӕлӕ йын загъта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц» (Лук. 23:34). Чи нӕ фефхӕры кӕнӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уыдоны тыххӕй куы кувӕм, уӕд-иу сӕ не сӕфт нӕ фендзыстӕм ӕмӕ сӕм къаддӕр мӕсты кӕндзыстӕм. Ӕмӕ ма-иу сӕм, чи зоны, ӕндӕр цӕстӕй кӕсын дӕр райдайӕм. Цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ ма цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ бавзардзыстӕм, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр-иу Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Стӕй хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Ӕмӕ нын уӕд хай уыдзӕн Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕй (1 Пет. 3:8, 9). w24.11 6 ф., 16 абз.; 7 ф., 17, 19 абз.
Цыппӕрӕм, 27 август
Ды, фыддзинад чи уарзы, ахӕм Хуыцау нӕ дӕ. Фыдгӕнджытӕй иу дӕр никуы уыдзӕн демӕ (Пс. 5:4).
Йегъовӕ, тӕригъӕдӕн чи быхсы, ахӕм Хуыцау нӕу (Пс. 5:4–6). Уый фӕнды, цӕмӕй, Библийы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй ӕххӕстдзинад нӕ домы (Пс. 130:3, 4). Фӕлӕ уыимӕ «ӕнӕхуыцау адӕймӕгтӕн» нӕ быхсы. Уыдонӕн «нӕ Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй хӕлд митӕ кӕной» (Иуд. 4). Библийы фыст ис, «ӕнӕхуыцау адӕм» кӕй фесӕфдзысты Армагеддоны, Хуыцауы хӕсты (2 Пет. 3:7; Рарг. 16:16). Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Библийы фыст ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй «се ’ппӕт дӕр» ӕрфӕсмон кӕной (2 Пет. 3:9). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй Йегъовӕйау фӕразон уой ӕмӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕной, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уой. w24.08 26 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 28 август
Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый (Пс. 145:16).
Йегъовӕйау мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, уарзгӕ сӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй. Чи зоны, хӕринаг кӕнӕ дзаума хъуаг чи у, ахӕм ӕфсымӕры кӕнӕ хойы зоныс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕу уылты баххуыс кӕна. Йегъовӕйы адӕм рӕдау кӕй сты, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг вӕййы, исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд. Зӕгъӕм, коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кодтой хӕринагӕй, дзаумайӕ ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыд, уыдӕттӕй. Бирӕтӕ ма рӕдауӕй лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ дӕр ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн. Уый фӕрцы нӕ организацийӕн йӕ бон уыд ӕххуыс кӕнын хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ архайдтой, Дзуттӕгтӕм 13:16 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты». w24.09 27 ф., 6, 7 абз.
Сабат, 29 август
Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Зӕгъӕм, бинонтӕ даринаг дын ис ӕмӕ куыст агурыс. Ӕмӕ дыууӕ куысты разынд. Дыууӕйы тыххӕй дӕр базыдтай, куыстмӕ цы хаудзӕн, куысты график, фӕндагыл дын цас рӕстӕг цӕудзӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дыууӕ куысты дӕр ӕмбӕлы чырыстӕттӕн кусын. Фӕлӕ дзы иу дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы, стӕй дзы фидгӕ дӕр фылдӕр кӕндзысты. Ӕмӕ дӕ фӕнды уыцы куыст равзарын. Фӕлӕ цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ ма дӕ хъӕудзӕн ноджыдӕр цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнын. Ноджыдӕр ма иу хатт дыууӕ куысты дӕр сбар барӕнтыл барӕгау. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы куысты тыххӕй ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕндзынӕн? Фаг рӕстӕг-иу мын баззайдзӕн, цӕмӕй мӕ бинонтимӕ рӕстӕг ӕрвитон ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн дӕр ӕххуыс кӕнон?» Ахӕм фарстатӕ дын баххуыс кӕндзысты, «ахсджиагдӕр цы у, уый» равзарынӕн. Ахсджиагдӕр цы у, уымӕ хауынц дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ бинонтӕ, фылдӕр ӕхца бакусын нӕ, фӕлӕ. Уыдӕттӕ дӕ рох куы нӕ уой, уӕд дӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын, ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр раарфӕ кӕндзӕн. w25.01 17 ф., 11–13 абз.
Хуыцаубон, 30 август
Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ (Пс. 34:18).
Кӕд дӕм иннӕтӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дӕ уарзы ӕмӕ дын аргъ кӕны. Кӕд ныфссаст дӕ, уӕд ма рох кӕн, Йегъовӕ дӕм хорзӕй цыдӕр кӕй федта, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй кӕй ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Уый дын баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ йын тынг зынаргъ дӕ. Йегъовӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый нӕ бон у базонын, Йесо сӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд тӕригъӕд кодта, иннӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕмӕ кастысты, уыдонӕн (Матф. 9:9–12). Иухатт ӕм ӕрбацыд, удхайраг низӕй чи хъӕрзыд, ахӕм сылгоймаг. Ныфс ӕй уыд, йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕва, уӕд кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Ӕмӕ йыл куы андзӕвыд, уӕд ӕм Йесо не смӕсты, фӕлӕ йӕ ’рсабыр кодта ӕмӕ дзы йӕ фидар уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд (Мар. 5:25–34). Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн у (Иоан. 14:9). Уымӕ гӕсгӕ ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын кӕй уыны дӕ хорз миниуджытӕ, дӕ фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕ бирӕ кӕй уарзыс, уый. w24.10 7 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 31 август
Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр (Пс. 56:8).
Давид бирӕ цӕссыг фӕкалдта. Чидӕртӕ дзы се сӕфт уыдтой. Стӕй йыл суанг йе ’мбӕлттӕй ӕмӕ йӕ бинонтӕй дӕр чидӕртӕ гадзрахатӕй рацыдысты (1 Сам. 19:10, 11; 2 Сам. 15:10–14, 30). Иуафон уыйонг сси, ӕмӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Мӕ уды хъӕрзынӕй мӕ бон нал у, ӕнӕхъӕн ӕхсӕв мӕ сынтӕг мӕ цӕссыгӕй ӕхсын, мӕ цӕссыгӕй мӕ хуыссӕн ныххуылыдз вӕййы» (Пс. 6:6). Кӕд Давидӕн йӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы. Уый ныффыста: «Йегъовӕ мын фехъусдзӕн мӕ кӕуын» (Пс. 6:8). Абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн куыд зынаргъ стӕм, уый. Давид загъта, Йегъовӕ йын йӕ цӕссыгтӕ лалымы кӕй ӕмбырд кӕны ӕмӕ сӕ йӕ чиныджы кӕй фыссы. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Давид зыдта, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд кӕй уыны, куыд маст кӕны, уый ӕмӕ дзы рох кӕй ницы у. Йегъовӕ йын ӕрмӕст йӕ зындзинӕдтӕ нӕ уыдта. Фӕлӕ ма зыдта, цы зӕрдӕрыст бавзӕрста, уый дӕр. w24.12 22 ф., 11, 12 абз.