Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 5 ф.
  • Разныхас

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разныхас
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Разныхас

Разныхас

БИБЛИ у, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр йӕ фӕндтӕ кӕм раргом кодта, уыцы чиныг. Ацы чиныг у алкӕмӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уым фыст ис хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ома уыцы Паддзахад зӕхмӕ фарн ӕмӕ рӕстдзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цӕрдзысты диссаджы хорз уавӕрты. Библийы фыст ис, Хуыцау йе стыр уарзондзинадӕй йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, цӕмӕй тӕригъӕдджын адӕмы мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна (Иоанны 3:16).

Библи фыст ӕрцыд рагон дзуттаг, арамейаг (хӕстӕг лӕууы дзуттаг ӕвзагмӕ) ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл. Абон уыцы ӕвзӕгтӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕй нӕ зонынц, уымӕ гӕсгӕ Библи хъӕуы нырыккон ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын, цӕмӕй ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр базоной, цы царддӕттӕг хабар дзы ис, уый.

Ацы ног ирон тӕлмац арӕзт ӕрцыд, 1984 азы англисаг ӕвзагыл цы тӕлмац рацыд, уымӕ гӕсгӕ – «New World Translation of the Holy Scriptures» («Библи – Ног дунейы тӕлмац»). Ис дзы Дзуттаг-арамейаг Фыстытӕ (39 чиныджы) ӕмӕ, 2006 азы иронау хицӕнӕй чи рацыд ӕмӕ ацы ран кӕй бараст кодтой, уыцы Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ (27 чиныджы). «Ног дунейы тӕлмац»-ыл чи куыста, уыцы комитет уынаффӕ рахаста, цӕмӕй ацы дыууӕ хайы схоной, адӕм сӕ рагӕй фӕстӕмӕ куыд хонынц, афтӕ нӕ, ома «Рагон Фӕдзӕхст» ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст», фӕлӕ, цы ӕвзӕгтыл фыст ӕрцыдысты, уыцы ӕвзӕгтӕм гӕсгӕ. Ахӕм уынаффӕ уымӕн хаст ӕрцыд, ӕмӕ Библи у иу чиныг, ӕмӕ дзы иу хайӕ дӕр нӕй зӕгъӕн, зӕгъгӕ, «рагон» кӕнӕ зӕронд у. Йӕ сӕйраг хъуыды у иу, ӕмӕ дзы уыцы хъуыды зыны кӕрӕй-кӕронмӕ, Дзуттаг Фыстыты фыццаг чиныгӕй суанг Грекъаг Фыстыты фӕстаг чиныджы онг. Цӕмӕй кӕсджытӕн Библи иртасын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй ацы тӕлмацы алы фарсыл дӕр астӕуӕй ис фӕлгӕт: амынд дзы сты, тексты цы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ис, уыдон ӕмбарынгӕнӕг стихтӕ (125 000 стихӕй фылдӕр). Фӕстейӕ та ма ис «Дзырдамонӕн».

Библийы фыст ис Дун-дунейы хицау Стыр Хуыцауы диссаджы фӕнды тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы алкӕмӕй дӕр чи хицӕн кӕны ӕмӕ дзуттаг тексты иу-авд мин хатты чи ӕмбӕлы, уыцы ном дзы айсай кӕнӕ йӕ баивай, уый уаид ӕвирхъау хъуыддаг, зӕгъӕн уаид, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы кад ӕмӕ бартӕн нӕ аргъ кӕны, ӕргом зӕгъгӕйӕ та сӕ ницӕмӕ дары. Уӕдӕ ацы тӕлмац иннӕ тӕлмацтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном фыст ӕрцыд, кӕмдӕриддӕр хъуамӕ уыдаид, уым. Уыцы ном иронау у «Йегъовӕ». Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 6 973 хатты, Чырыстон Грекъаг Фыстыты та – 237 хатты. Хуыцауы номы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, ацы чиныджы цы Уӕлӕмхасӕн ис, уырдыгӕй.

Ацы тӕлмацыл чи куыста, уыдон уарзынц Хуыцауы, Библийы Авторы, ӕмӕ сӕхицӕн уӕлдай стыр хӕсыл нымайынц йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ бӕлвырддӕр радӕттын. Уыдон ма сӕхи хӕсджыныл нымайынц, фылдӕр зонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы раз – сӕ ирвӕзындзинад Иунӕг Стыр Хуыцауы Ныхасы тӕлмацыл баст кӕмӕн у, уыдоны раз. Ныфс нӕ ис, ацы тӕлмацы фӕрцы адӕймаг кӕй ссардзӕн фӕндаг ӕнӕкӕрон цардмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы сконд рӕстаг ног дунейы (Исай 65:17; 2 Петры 3:13).

Мыхуыры йӕ чи рауагъта, уыдон

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын