Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w26 январь 26–31 фф.
  • Дӕ дзыхыныхас фӕлмӕн уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ дзыхыныхас фӕлмӕн уӕд
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • НӔ БОН КӔМ У РӔСТДЗИНАД ССАРЫН?
  • РӔСТДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ЦӔМӔН ДЗУРӔМ?
  • РӔСТДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ КУЫД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?
  • РӔСТДЗИНАД КӔД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?
  • Рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй ныр дӕр ма истӕуыл ахуыр кӕнӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2026
w26 январь 26–31 фф.

2026 АЗЫ 30 МАРТЪИЙӔ 5 АПРЕЛМӔ

76 ЗАРӔГ Ӕхсызгон дын нӕу?

Дӕ дзыхыныхас фӕлмӕн уӕд

«Йегъовӕ [у] рӕстдзинады Хуыцау» (ПС. 31:5).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Иннӕтӕн Библийы фыст рӕстдзинады тыххӕй нӕ бон куыд у афтӕ дзурын, цӕмӕй сын фылдӕр пайда ӕрхӕсса.

1. Цӕмӕй Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

НЕ ’МЧЫРЫСТӔТТӔЙ искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕнӕм, уӕд ӕм цы фарстатӕ раттӕм, уыдонӕй арӕх иу вӕййы, рӕстдзинад куыд базыдтай, зӕгъгӕ. Иутӕ фӕзӕгъынц: «Мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, ӕмӕ рӕстдзинад мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зонын». Чидӕртӕ та фӕзӕгъынц, рӕстдзинад ӕрӕджы базыдтон, зӕгъгӕ. Мах Хуыцауы Ныхасы фыст рӕстдзинадӕн тынг аргъ кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн кӕй уыдзыстӕм, рӕстдзинад куы уарзӕм ӕмӕ нӕ цард уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ хауы, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй хъуамӕ уӕм, уый, фӕнды дзыхыныхасӕй, фӕнды хъуыддагӕй (Пс. 15:1–3).

2. а) Йесойӕн адӕмы ’хсӕн цавӕр ном уыд? б) Адӕм цы цӕстӕй кастысты, Йесо сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ?

2 Йесо-иу алы хатт дӕр дзырдта, ӕцӕг цы у, уый. Йе знӕгтӕ дӕр зыдтой, сайгӕ кӕй нӕ кӕны, кӕд, цы дзырдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр (Матф. 22:16). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, цӕуыл сӕ ахуыр кодта, уымӕ адӕм цы цӕстӕй кӕсдзысты, уый тыххӕй: «Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фырты скӕнон йӕ фыды ныхмӕ, чызджы йӕ мады ныхмӕ, ӕмӕ чындзы та йе ’фсины ныхмӕ» (Матф. 10:35). Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй, цы хорз хабар сын хъусын кодта, уымӕ адӕм ӕвзӕр цӕстӕй кастаиккой, фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, афтӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 23:37). Зыдта йӕ, цы хорз хабар хъусын кодта, уымӕ адӕм алыхуызон цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты. Кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, чидӕртӕ та дзы се сӕфт уындзысты (2 Фес. 2:9–11).

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йесойау мах дӕр архайӕм, цӕмӕй алкӕддӕр дзурӕм, раст цы у, уый, кӕд уый алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕддӕр. Ӕмӕ адӕмӕн хорз хабары тыххӕй дзурӕм, кӕд нӕм иуӕй-иутӕ уый тыххӕй смӕсты вӕййынц, уӕддӕр. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, куыд ӕмӕ цы дзурӕм, ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Ацы статьяйы фыццаг аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстайыл: «Нӕ бон кӕм у рӕстдзинад ссарын?» Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй цӕмӕн, кӕд ӕмӕ куыд хъуамӕ дзурӕм, ууыл. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныхас уа фӕлмӕн ӕмӕ зонӕм, дзурынӕн йӕ афон кӕд у, уый.

НӔ БОН КӔМ У РӔСТДЗИНАД ССАРЫН?

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ рӕстдзинад Йегъовӕйӕ цӕуы?

4 Рӕстдзинад Йегъовӕйӕ цӕуы, ӕмӕ Йегъовӕ цыдӕриддӕр дзуры, уый у раст. Зӕгъӕм, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый тыххӕй нын цы дзуры, ууыл ис ӕууӕндӕн (Пс. 19:9; 119:142, 151). Фидӕны тыххӕй цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы (Ис. 55:10, 11). Йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау разыны (Ным. 23:19). Уӕвгӕ, йӕ бон сайын дӕр нӕу! (Дзут. 6:18). Библи йӕ «рӕстдзинады Хуыцау» дӕр уымӕн хоны (Пс. 31:5).

5. «Рӕстдзинады Хуыцауы» ссарын зын цӕуылнӕ у? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Хъуыддӕгтӕ 17:27).

5 Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау нӕй ӕмӕ, кӕд ис, уӕддӕр ӕй базонын зын у. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Хуыцау кӕй ис, уый зыны, нӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕй (Ром. 1:20). Ӕмӕ апостол Павел Афинты, ахуыргонд чи уыд, уыдонимӕ куы ныхас кодта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ «агурӕм» ӕмӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:27.) Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакӕны, рӕстдзинад чи агуры, уыцы сӕрныллӕг адӕмы (Иоан. 6:44).

6. Библийы фӕрцы цы базыдтай ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг цӕмӕн дӕ?

6 Йегъовӕйы базонӕн ис, зӕгъӕм Библийы фӕрцы. Чи йӕ фыста, уыцы нӕлгоймӕгты-иу Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта (2 Пет. 1:20, 21). Уӕдӕ Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, уый у рӕстдзинад, ӕмӕ йыл ис ӕууӕндӕн. Зӕгъӕм, Дун-дуне, стӕй зӕххыл цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй дзы цы фыст ис, ууыл ис ӕууӕндӕн (Райд. 1:1, 26). Не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын цӕмӕн стӕм ӕмӕ уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт цӕмӕн ис, уый тыххӕй дзы цы фыст ис, ууыл дӕр нӕ бон у ӕууӕндын (Ром. 5:12; 6:23). Библийы фыст ис, Йегъовӕ йӕ Фырт Йесойы фӕрцы кӕрон кӕй скӕндзӕн, «мӕнгдзинады фыды» – Хӕйрӕджы аххосӕй цы зындзинӕдтӕ ’взарӕм, уыдонӕн. Ӕмӕ ууыл дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын (Иоан. 8:44; Ром. 16:20). Нӕ бон у ӕууӕндын Библийы зӕрдӕвӕрдыл, зӕгъгӕ, Йесо фыдгӕнджыты фесафдзӕн, мӕрдты райгас кӕндзӕн, зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕххӕст суӕм (Иоан. 11:25, 26; 1 Иоан. 3:8). Цӕй стыр кадӕй нӕ схайджын кодта Йегъовӕ! Уый нын рӕстдзинад бацамыдта ӕмӕ нын фадат дӕтты, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн дӕр амонӕм (Матф. 28:19, 20).

РӔСТДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ЦӔМӔН ДЗУРӔМ?

7, 8. Рӕстдзинад цӕмӕн дзурӕм, уый ахсджиаг у? Ӕрхӕсс цӕвиттон (Марчы 3:11, 12). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

7 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы бинонтӕй уӕм, уӕд хъуамӕ, раст цы у, уый дзурӕм. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уӕд ӕрмӕст уый фаг нӕу. Йегъовӕйӕн ахсджиаг у, ӕцӕг цы у, уый цӕмӕн дзурӕм, уый. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд иухатт цы хабар ӕрцыд, уымӕ. (Бакӕс Марчы 3:11, 12.) Йесо Галилейӕйы денджызмӕ ӕввахс куы хъусын кодта, уӕд ӕм дуне адӕм ӕрбацыд. Се ’хсӕн уыд хӕйрӕджджынтӕ дӕр ӕмӕ-иу йӕ разы ӕрхаудтой ӕмӕ-иу хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Дӕлимонтӕ цы дзырдтой, уый раст уыд. Фӕлӕ цымӕ уый цӕй тыххӕй дзырдтой? Ӕвӕццӕгӕн сӕ фӕндыд, цӕмӕй сыл адӕм баууӕндыдаиккой ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд кодтаиккой. Кӕд дӕлимонтӕ, ӕцӕг цы уыд, уый дзырдтой, уӕддӕр Йесо зыдта, афтӕ цӕмӕн кӕнынц, уый ӕмӕ уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй, чи у, уый кой ма кодтаиккой.

8 Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй, стӕй, ӕцӕг цы у, уый цӕмӕн дзурӕм, уымӕ Йегъовӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕтӕн рӕстдзинад дзурӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй ӕмӕ йӕм цы кад ӕмбӕлы, уый нӕхи макуы бакӕнӕм! (Матф. 5:16; абар Хъуыддӕгтӕ 14:12–15).

Дыууӕ нывыл ӕвдыст ис, хо ӕрыгон сылгоймагимӕ Библийы ахуыр куыд уадзы, уый. 1. Хо йӕхи кой кӕны, йӕ Библи стъолыл дӕлгоммӕ ӕрӕвӕрдта. 2. Хойы къухы Библи ӕмӕ дзы скъуыддзаг ӕвдисы.

Искӕмӕн рӕстдзинад куы фӕамоныс, уӕд адӕймаджы ӕргом дӕхимӕ фездахыс ӕви Йегъовӕмӕ? (кӕс 7, 8 абзацтӕ)


9. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

9 Ӕркӕсӕм-ма ӕндӕр цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, бӕрнон ӕфсымӕртӕй нын иу цавӕрдӕр сусӕг хабар загъта, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ мах иннӕтӕн радзырдтам. Кӕмӕн ӕй радзырдтам, уыдон фӕстӕдӕр куы базоной, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕной, мах иннӕтӕй фылдӕр цыдӕртӕ кӕй зонӕм. Уӕд нын, чи зоны, сӕ цӕсты фылдӕр кад уа, фӕлӕ уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуид (Ӕмб. 11:13). Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, кӕд, ӕцӕг цы у, уый радзырдтам, уӕддӕр нын уый бар нӕ уыд.

РӔСТДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ КУЫД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?

10. Нӕ дзыхыныхас цавӕр хъуамӕ уа? (Колоссӕгтӕм 4:6).

10 Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:6. Апостол Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста, зӕгъгӕ, «уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн». Уый цӕуыл дзурӕг у? Ам Павел цы грекъаг дзырдбастӕй спайда кодта, уый амоны, нӕ ныхас иннӕтӕн ӕрмӕст пайда кӕй хъуамӕ ма хӕсса, фӕлӕ ма зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй хъуамӕ уа.

11, 12. Иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй куыд дзурӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывтӕм дӕр.)

11 Иннӕтӕн рӕстдзинад куы фӕамонӕм, уӕд-иу хъуамӕ архайӕм Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «уӕ дзыхыныхас уӕд фӕлмӕн». Библи рӕстдзинад бары, стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз кӕрӕдзийӕ чи фӕхицӕн кӕны, ахӕм цыргъ хъамаимӕ. Уый руаджы раргом вӕййы, ӕцӕгдӕр цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ цыдӕр цӕмӕн аразӕм, уый (Дзут. 4:12). Фӕлӕ Библийӕ арӕхстджынӕй куы нӕ пайда кӕнӕм, уӕд-иу иннӕты фӕхъыг кӕндзыстӕм.

12 Ахъуыды-ма кӕнӕм: уацамынды фембӕлдыстӕм, Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕууӕнды, ахӕм адӕймагыл. Нывтӕн фӕкувы ӕмӕ уарзы йӕ бинонтимӕ Рождество ӕмӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнын. Библийы фӕрцы йын нӕ бон у равдисын, нывтӕн кувын ӕнӕзонд ми кӕй у, стӕй Рождество ӕмӕ Куадзӕн мӕнг динтӕй кӕй равзӕрдысты (Ис. 44:14–20; 2 Кор. 6:14–17). Нӕ фыццаг фембӕлды рӕстӕг афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд ын, ӕцӕг цы у, уый радзурдзыстӕм. Фӕлӕ зынтӕй уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм.

Дыууӕ нывыл ӕвдыст ис, ус ӕмӕ лӕг нӕлгоймагӕн йӕ дуары раз хорз хабар куыд хъусын кӕнынц, йӕ бинонтӕ та заз бӕласыл хъазӕнтӕ ауындзынц. 1. Ус ӕмӕ лӕг нӕлгоймагӕн ӕвдисынц статья «Что говорится в Библии о Рождестве?» сайты jw.org. Нӕлгоймагӕн йӕ къухтӕ йӕ дӕлӕрмтты, афтӕмӕй мӕстыйӕ лӕууы. 2. Ус ӕмӕ лӕг нӕлгоймагӕн ӕвдисынц статья «Как быть хорошим папой» сайты jw.org. Нӕлгоймаг мидбылхудгӕйӕ лӕмбынӕг хъусы.

Цы дын баххуыс кӕндзӕн иннӕтӕн рӕстдзинад арӕхстджынӕй амонынӕн? (кӕс 11, 12 абзацтӕ)a


13. Куыд ӕмбаргӕ сты Павелы ныхӕстӕ, уӕ дзыхыныхасыл «цӕхх... уӕд», зӕгъгӕ?

13 Павел ма ныффыста, зӕгъгӕ, «уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд... зӕрдӕмӕдзӕугӕ [комк. «цӕхх ыл уӕд», фип.]». Уый афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ рӕстдзинад хъуамӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм кӕнӕ йӕ ӕмбӕхсӕм, цӕмӕй макӕй зӕрдӕхудты бацӕуӕм. Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ рӕстдзинад афтӕ дзурӕм, цӕмӕй адӕмӕн нӕ ныхӕстӕ адджын уой (Иов 12:11). Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу. Ӕнӕуи хӕринагыл куы дзурӕм, уӕд, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн. Раст афтӕ, чи зоны, хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, куыд ныхас кӕнӕм, уый иннӕты зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Фӕлӕ уый алы хатт афтӕ нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, иуӕй-иу бӕстӕты адӕм сӕ хъуыдытӕ ӕргом фӕзӕгъынц, суанг сӕхицӕй хистӕр чи у, ахӕм адӕймагимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд дӕр. Фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕты чи цӕры, уыдонмӕ уый хорз нӕ кӕсы ӕмӕ ма дӕм хъыг дӕр фӕуыдзысты. Павел загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ зонӕм, алы адӕймагӕн дӕр дзуапп куыд раттӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныхӕстыл хъуамӕ «цӕхх уа», мах цас уарзӕм, уыйбӕрц нӕ, фӕлӕ нӕм чи хъусы, уыдон цас уарзынц, уыйбӕрц.

РӔСТДЗИНАД КӔД ХЪУАМӔ ДЗУРӔМ?

14. Йесо зӕххыл куыд уыд, уӕд, цыдӕриддӕр зыдта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

14 Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ алкӕддӕр уӕзданӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ амыдта (Мар. 6:34). Фӕлӕ цыдӕриддӕр зыдта, уый радзурыныл нӕ архайдта, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, цыдӕртӕ сӕ бон нырма кӕй нӕ уыд бамбарын. Йесо загъта, бирӕ цыдӕртӕ ма йын кӕй ис зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ нырма сӕ бон бамбарын кӕй не суыдзӕн (Иоан. 16:12). Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15. Цы зонӕм, уый-иу, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн иу хаттӕн хъуамӕ радзурӕм? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Ӕмбисӕндтӕ 25:11). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ цыдӕриддӕр зонӕм, уый иннӕтӕн иу хаттӕн хъуамӕ радзурӕм. Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? Хъуамӕ адӕмыл хъуыды кӕнӕм. Ногӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, йӕ бинонтимӕ Рождество ӕмӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнын чи уарзы, уыцы адӕймагыл. Мах зонӕм, уыцы бӕрӕгбӕттӕ мӕнг динӕй кӕй равзӕрдысты ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц. Фӕлӕ-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: уыцы адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтай, Рождествомӕ ма иу-дыууӕ къуырийы куы хъуыд, уӕд. Мӕнг динӕй чи равзӕрд, уыцы бӕрӕгбӕтты тыххӕй Библи цы дзуры, уый йын куы равдисис ӕмӕ Рождество кӕй нал бӕрӕг кӕндзӕн, уымӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕсис, уӕд уый раст уаид? Иуӕй-иутӕ Библийӕ цы базонынц, уый уайтагъд райдайынц ӕххӕст кӕнын. Иннӕты та фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ фӕивой. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн размӕ цӕуынӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, цы сӕ хъӕуы фӕивын, уый сын йӕ афоныл куы дзурӕм, ома уый сӕ бон бамбарын куы уа, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 25:11.)

Фыццаг нывыл чи ис, уыцы лӕг ӕмӕ ус нӕлгоймагимӕ йӕ хӕдзары ахуыр кӕнынц брошюрӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Къомнӕты лӕууы заз бӕлас.

Адӕймагӕн рӕстдзинады тыххӕй кӕд ӕмӕ цас зӕгъдзынӕ, уымӕй Чырыстийы фӕзм (кӕс 15 абзац)


16. Иннӕтӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн ӕххуыс кӕнын нӕ бон куыд у?

16 Иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад дзурын тынг уарзӕм. Уый нын стыр циндзинад хӕссы. Нӕ бон иннӕтӕн куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрой? Дӕ зӕрдыл дар ацы уынаффӕтӕ. Фӕзминаг сын у (3 Иоан. 3, 4). Дӕ цардӕй бӕрӕг уӕд, Хуыцауы Ныхасы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыс. Иннӕтӕн рӕстдзинад куы амонай, уӕд-иу дзур уӕзданӕй, фӕлмӕнӕй ӕмӕ йӕ афоныл. Ӕцӕг цы у, уый-иу уый тыххӕй ма дзур, цӕмӕй иннӕты ӕргом дӕхимӕ здахай ӕмӕ Йегъовӕмӕ цы кад ӕмбӕлы, уый-иу дӕхи бакӕныныл ма архай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн, рӕстдзинады Хуыцауӕн, кӕй лӕггад кӕныс.

АЦЫ СТИХТӔЙ ЦЫ БАЗЫДТАЙ?

  • Хъуыддӕгтӕ 17:27

  • Колоссӕгтӕм 4:6

  • Ӕмбисӕндтӕ 25:11

160 ЗАРӔГ «Хорз хабар»!

a НЫВ. Фыццаг нывыл ӕвдыст ис, ӕфсымӕр кӕй федта нӕлгоймаджы хӕдзары заз бӕлас ӕмӕ йын ӕвдисы, Рождество мӕнг динӕй кӕй равзӕрд, уый фӕдыл статья. Дыккаг нывыл ӕвдыст ис, ӕфсымӕр нӕлгоймагӕн кӕй ӕвдисы, фыдӕлтӕн хорз уынаффӕтӕ кӕм ис, ахӕм статья.

    Публикацитӕ иронау (1997–2026)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2026 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын