2026 АЗЫ 9–15 МАРТЪИЙЫ
45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ
Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, тыхст хъуыдытӕ дӕм-иу куы фӕзына, уӕд
«Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн!» (РОМ. 7:24).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Цы нын баххуыс кӕндзӕн тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн.
1, 2. Павелмӕ-иу хатт цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд? (Ромӕгтӕм 7:21–24).
АПОСТОЛ Павелыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, алы бӕстӕты кӕй хъусын кодта, Библийы бирӕ чингуытӕ кӕй ныффыста, стӕй хорз ахуыргӕнӕг кӕй уыд, уый. Ӕмӕ бӕрӕг у, хъӕбатыр ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг кӕй уыд. Фӕлӕ-иу хатт Павел махау ӕнкъард дӕр кодта, цӕуылдӕрты-иу тыхст ӕмӕ-иу цӕйдӕрты тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл.
2 Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–24. Павел ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым йе ’нкъарӕнты кой дӕр скодта. Ӕмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ махӕй дӕр бирӕтӕм вӕййы. Павел Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын. Фӕлӕ йын йе ’нӕххӕстдзинады тыххӕй уый алкӕд нӕ уад. Уымӕй уӕлдай ма, Павел, цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ цытӕ арӕзта, ууыл-иу куы хъуыды кодта, уӕд-иу йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт. Стӕй ма йӕ буары сындз тухӕнӕй мардта, ӕмӕ-иу уый тыххӕй хатт ӕрӕнкъард.
3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Кӕд-иу Павелмӕ тыхст хъуыдытӕa фӕзынд, уӕддӕр-иу сыл ӕгӕр бирӕ нӕ хъуыды кодта. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: Павел йӕхи «мӕгуыр» цӕмӕн хуыдта? Тыхст хъуыдытимӕ куыд тох кодта? Ӕмӕ махӕн цы баххуыс кӕндзӕн тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн?
ПАВЕЛӔН-ИУ ХАТТ ЙӔ НЫФС ЦӔМӔН АСАСТ?
4. Павел цӕуыл фӕсмон кодта?
4 Йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ. Павел цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ арӕзта, фӕстӕдӕр кӕуыл фӕсмон кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, Стефаны дуртӕй куы мардтой, уӕд Павел дӕр уым уыд. Ӕмӕ йӕм уыцы хъуыддаг раст касти (Хъуыд. 7:58; 8:1). Уымӕй уӕлдай ма бирӕ чырыстӕтты фӕдыл зылди ӕмӕ сӕ карзӕй ӕфхӕрдта (Хъуыд. 8:3; 26:9–11).
5. Павел йӕ раздӕры хъуыддӕгты тыххӕй цы хъуыды кодта?
5 Павел чырыстон куы сси, уӕд-иу йӕ раздӕры хъуыддӕгты тыххӕй йӕхи хордта. Ӕмӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ йӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕ цӕсгом ноджы тынгдӕр хордта. Зӕгъӕм, н. э. 55 азмӕ ӕввахс коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы ныффыста: «Апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд» (1 Кор. 15:9). Иу-фондз азы фӕстӕ та, ефесӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд йӕхи схуыдта «сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕр» (Еф. 3:8). Тимофеймӕ куы фыста фыстӕг, уӕд та йӕхи тыххӕй загъта: «Кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн» (1 Тим. 1:13). Павел-иу ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнгӕйӕ фембӕлд, кӕй фӕдыл-иу зылд, уыдонӕй кӕнӕ сӕ хиуӕттӕй кӕуылдӕрты. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд-иу фӕуыдаид!
6. Павелы ма ноджыдӕр цы тыхсын кодта? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
6 Йӕ буары сындз. Павел ма ныффыста, «мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз», зӕгъгӕ. Уыцы сындз ӕй хъизӕмарӕй мардта (2 Кор. 12:7). Бӕлвырдӕй нӕ загъта, цы йӕ тыхсын кодта, уый. Гӕнӕн ис, уый уыд цавӕрдӕр низ кӕнӕ йӕ тынг чи тыхсын кодта, ӕндӕр ахӕм хъуыддагb.
7. Павелӕн зын цӕмӕн уыд, хорз цы у, уый аразын? (Ромӕгтӕм 7:18, 19).
7 Йе ’нӕххӕстдзинад. Павел архайдта йӕ удыхъӕд ногмӕ раивыныл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:18, 19.) Фӕлӕ куыд загъта, афтӕмӕй-иу ӕй хатт цы фӕндыд аразын, уый нӕ арӕзта, цы-иу ӕй нӕ фӕндыд, уый та-иу арӕзта. Павел ӕппынӕдзух архайдта, цӕмӕй йе ’взӕр фӕндтимӕ тох кодтаид ӕмӕ, хорз цы у, уый арӕзтаид (1 Кор. 9:27). Фӕлӕ та-иу куы фӕрӕдыд, уӕд-иу йӕ ныфс асаст.
ПАВЕЛӔН-ИУ ЙӔ НЫФС КУЫ АСАСТ, УӔД-ИУ ЦЫ АРӔЗТА?
8. Павелӕн хуыздӕрырдӕм ивынӕн цы ӕххуыс кодта?
8 Павел-иу лӕмбынӕг хъуыды кодта, сыгъдӕг тыхы фӕрцы чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнын ӕмӕ хуыздӕрырдӕм ивын. Уый бӕрӕг у йӕ фыстӕджытӕй (Ром. 8:13; Гал. 5:16, 17). Павел бамбарын кодта, чырыстон йӕхи цавӕр фӕндтӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хиза, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна (Гал. 5:19–21, 26). Бӕрӕг у, Павел кӕй ӕмбӕрста, хуыздӕрырдӕм ӕй кӕй хъӕуы ивын. Ӕвӕццӕгӕн-иу Хуыцауы Ныхас иртӕста, цӕмӕй зыдтаид, цы йӕ хъӕуы аразын, уый. Ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, иннӕтӕн цы уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр кӕй архайдта.
9, 10. Павелӕн тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн цы ӕххуыс кодта? (Ефесӕгтӕм 1:7). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
9 Кӕд-иу Павел хатт ныфссаст уыд, уӕддӕр ын бирӕ хъуыддӕгтӕ циндзинад хастой. Зӕгъӕм, дард рӕтты цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдоны тыххӕй-иу хорз хабӕрттӕ куы фехъуыста, уӕд-иу цин кодта (2 Кор. 7:6, 7). Циндзинад ма йын хаста, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй кӕй цард, уый (2 Тим. 1:4). Стӕй зыдта, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй у. Амондджын уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ бон уыд Йегъовӕйӕн «сыгъдӕг цӕсгомӕй» лӕггад кӕнын (2 Тим. 1:3). Ромы ахст куы уыд, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм фыста, цӕмӕй цин кодтаиккой, «Хицауимӕ иудзинады» кӕй сты, ууыл (Фил. 4:4). Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ нӕ зӕгъдзынӕ, ӕмӕ-иу ӕдзух йӕ зындзинӕдтыл ӕмӕ йӕ рӕдыдтытыл хъуыды кодта. Ныфссӕттӕн хъуыдытӕ та-иу ӕм куы фӕзынд, уӕд-иу уайтагъд хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнын райдыдта.
10 Павелӕн ма тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн цы ӕххуыс кодта? Уырныдта йӕ, Йегъовӕ Йесойы нывондӕн Павелы тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста (Гал. 2:20; бакӕс Ефесӕгтӕм 1:7). Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны (Ром. 7:24, 25). Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы Павелӕн йӕ бон уыд дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын (Дзут. 9:12–14).
Кӕд-иу Павелӕн йӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй йӕ ныфс асаст, уӕддӕр ын ӕххуыс кодта, Чырыстийы нывондыл кӕй хъуыды кодта, уый (кӕс 9, 10 абзацтӕ)
11. Павелы цӕвиттон дын удӕнцойы хос цӕмӕн у?
11 Махӕй дӕр бирӕтӕн сӕ мидӕг цӕуы тох. Фӕархайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕй, нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ ма риссын кӕнӕм. Чи зоны, мах дӕр нӕхи тыххӕй фӕзӕгъӕм: «Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн!» 26-аздзыд хо, Элизӕ, йӕхи тыххӕй загъта: «Павелы цӕвиттон мын удӕнцойы хос у, уымӕн ӕмӕ ӕмбарын, ӕрмӕст ӕз кӕй нӕ тох кӕнын ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ. Уымӕй дӕр зыны, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый». Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Павелау мах дӕр Йегъовӕйӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, кӕд нӕм тыхст хъуыдытӕ фӕзыны, уӕддӕр?
НЫФССӔТТӔН ХЪУЫДЫТИМӔ ТОХ КӔНЫНӔН НЫН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН?
12. Ӕдзух цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй амондджындӕр уӕм?
12 Хъуамӕ дарддӕр дӕр аразӕм, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ. Ахъуыды-ма кӕн: пайда хӕринӕгтӕ куы хӕрӕм, ӕдзух упражненитӕ куы кӕнӕм ӕмӕ фаг куы фынӕй кӕнӕм, уӕд ӕнӕниздӕр уыдзыстӕм. Раст афтӕ, нӕ уырнындзинад фидардӕр уыдзӕн, алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм, куы хъусын кӕнӕм, ӕмбырдтӕм нӕхи куы цӕттӕ кӕнӕм, куы нӕ сӕ цух кӕнӕм ӕмӕ дзуаппытӕ куы дӕттӕм, уӕд. Уыдӕттӕ дарддӕр дӕр куы аразӕм, уӕд къаддӕр хъуыды кӕндзыстӕм, нӕ ныфс нын цы сӕтты, ууыл, ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм (Ром. 12:11, 12).
13, 14. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕмӕндӕрты куыд ӕххуыс кӕны, ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты кӕй архайынц, уый?
13 Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Джоны хабармӕ. 39 азы йыл куы цыд, уӕд ӕм рак ссардтой. Йӕ низы тыххӕй куы базыдта, уӕд фыццаг тынг тарст, ӕмӕ хъуыдытӕ кодта, ахӕм ӕрыгонӕй мыл ахӕм бӕллӕх куыд хъуамӕ ӕрцыдаид, зӕгъгӕ. Йӕ лӕппуйыл уӕд ӕртӕ азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Цы йын баххуыс кодта ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн? Джон загъта: «Алы ӕмбырдмӕ дӕр цыдыстӕм, алы къуыри дӕр-иу хъусын кодтам ӕмӕ-иу нын бинонты ахуыр дӕр ӕдзухдӕр уыди, тынг зын-иу мын куы уыд, суанг уӕд дӕр». Джон ма загъта: «Мӕ низы тыххӕй куы базыдтон, уӕд фыццаг тынг мӕт кодтон. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Зыдтон ӕй, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн. Йегъовӕ сымахӕн дӕр хъарутӕ ратдзӕн, мӕнӕн куыд радта, афтӕ».
14 Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо, Элизӕ, загъта: «Ӕмбырдмӕ куы ӕрбацӕуын ӕмӕ Библи куы фӕиртасын, уӕд бамбарын, Йегъовӕ мӕ кӕй хъусы ӕмӕ мӕ тынг кӕй уарзы. Ӕмӕ уый фӕрцы амондджын дӕн». Африкӕйӕ иу районон цӕстдарӕг, Нолан, радзырдта: «Мӕ бинойнаг Дианимӕ иумӕ фӕкувӕм, ӕдзух Библи фӕиртасӕм, ӕмбырдтӕ фӕбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ фӕхъусын кӕнӕм, тыхст хъуыдытӕ нын ӕнцой куы нӕ фӕдӕттынц, уӕд дӕр. Ӕмӕ та нӕ циныл цин бафты. Тыхст хъуыдытӕ нӕ сӕ быны куы скӕнынц, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нын кӕй арфӕ кӕндзӕн. Нӕ йӕ фӕзонӕм куыд нын баххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ фидарӕй фӕзонӕм, кӕй никуы нӕ ныууадздзӕн».
15. Ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ тох кӕнгӕйӕ ма нӕ бон цы у аразын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
15 Фӕлӕ дын кӕд ныфссӕттӕн хъуыдытӕ уӕддӕр ӕнцой нӕ дӕттынц, уӕд ма дӕ хъӕуы цыдӕр саразын. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Дӕ астӕу кӕй риссы, уый тыххӕй афӕлвӕрдтай алы бон фистӕгӕй цӕуын, фӕлӕ дын уӕддӕр риссы. Хъӕуы дӕ сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕн дын риссы, уый ӕмӕ ма, чи зоны, дохтырӕн дӕр дӕхи фенын кӕнын. Раст афтӕ, цӕмӕй дӕ тыхст хъуыдытӕ сӕ быны ма скӕной, уый тыххӕй уал дӕ хъӕуы сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕн дӕм фӕзынынц, уый ӕмӕ уый фӕдыл нӕ публикациты ӕрмӕг бацагурын. Дӕ бон ма у фӕлтӕрдджын хо кӕнӕ ӕфсымӕримӕ аныхас кӕнын. Чи зоны дын хорз уынаффӕ ратта, ӕмӕ дын уый фӕрцы фенцондӕр уа. Ӕркӕсӕм, цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, уымӕ.
16. Тыхст хъуыдытӕ дӕм цӕмӕн фӕзыны, уый бамбарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? (Псалом 139:1–4, 23, 24).
16 Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, тыхст хъуыдытӕ дӕм цӕмӕн фӕзыны, уый бамбарынӕн. Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ хорз кӕй зоны. Уымӕ гӕсгӕ йӕм куывта: «Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты». (Бакӕс Псалом 139:1–4, 23, 24.) Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй нын равдиса, ныфссӕттӕн хъуыдытӕ нӕм цӕй тыххӕй фӕзыны ӕмӕ нын семӕ тох кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уый. Дӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ныфссӕттӕн хъуыдытӕ мӕм кӕд ӕмӕ цӕй тыххӕй фӕзыны? Ахӕм хъуыдытӕ мӕм куы фӕзыны, уӕд сӕ уайтагъд фӕсурын ӕви сыл бирӕ фӕхъуыды кӕнын?»
17. Дӕ бон цавӕр темӕтӕ у иртасын, цӕмӕй-иу дӕ хъуыдытӕ саразай, дӕ ныфс дын цы бафидар кӕндзӕн, уыдӕттӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Дӕ уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн, уый фӕдыл ӕрмӕг бацагур. Хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу куы раиртасис, Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц, уыдон. Зӕгъӕм, апостол Павелӕн стыр ӕххуыс фӕци, Чырыстийы нывондыл ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый. Дӕ бон у Павелы бафӕзмын. Дӕ бон у Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй, куыд хатыргӕнаг у, уый тыххӕй ӕмӕ йе ’нувыд уарзты тыххӕй ӕрмӕг бацагурын. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой Башни», «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» кӕнӕ ма нӕ сайты цы ӕрмӕг ис, уый. Дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы статьятӕ фӕцыд, уыдон дӕхимӕ фӕнысан кӕн, цӕмӕй та дӕм-иу тыхст хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд сӕ ӕнцонтӕй ссарай. Ӕмӕ-иу уыцы статьяты цы уынаффӕтӕ ссарай, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу архай (Фил. 4:8).
Тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг-иу агур (кӕс 17 абзац)
18. Иуӕй-иутӕ цавӕр ӕрмӕг фӕиртасынц ӕмӕ сын уый куыд ӕххуыс кӕны?
18 Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Элизӕ, Иовы тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг раиртӕста ӕмӕ загъта: «Уыцы иу рӕстӕг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстон. Ӕмӕ Иовы тыххӕй ӕрмӕг бацагуырдтон. Бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ йыл ӕрцыд, ӕмӕ тынг ныфссаст уыд. Кӕд нӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн цӕуынц, уӕддӕр Йегъовӕйы ӕххуысыл дарддӕр дӕр йӕ ныфс дардта» (Иов 42:1–6). Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо, Диан, загъта: «Мӕ сӕрыхицауимӕ ахуыр кӕнӕм чиныг „Баввахс у Йегъовӕмӕ“. Бузныг стӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уый хуызӕн суӕм. Нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивӕм. Уый фӕрцы нӕ хӕлардзинад йемӕ фидардӕр кӕны» (Ис. 64:8).
ФИДӔНМӔ НЫФСДЖЫНӔЙ КӔС
19. Нӕ бон фидарӕй цӕуыл у ӕууӕндын?
19 Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕддӕр-иу дӕм хатт ныфссӕттӕн хъуыдытӕ фӕзындзӕн. Хатт-иу, чи зоны, тынг ныфссаст дӕр уай. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ тох кӕнын ӕмӕ, нӕ зӕрдӕ цӕй фӕрцы ӕрсабыр вӕййы, фылдӕр ууыл хъуыды кӕнын. Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, нӕ царды фылдӕр бонты цин кӕй кӕндзыстӕм ӕмӕ амондджын кӕй уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у нӕ хорз Хӕлар ӕмӕ йӕ зонӕм, уый тыххӕй цы аразӕм, уый йын ӕхсызгон кӕй у.
20. Дӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?
20 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕн, нӕ рӕдыдтытӕн ӕмӕ ныл раздӕр цы ’рцыд, уыдӕттӕн уый бар ма дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ циндзинад байсой! Йегъовӕйы фӕрцы ныфссӕттӕн хъуыдытимӕ тох кӕнын нӕ бон у (Пс. 143:10). Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ног дуне. Уым нӕ хъуыдытӕ, хорз цы у, ӕрмӕст ууыл уыдзысты. Ныфссӕттӕн хъуыдытӕ нӕм нал уыдзӕн. Алы бон дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм.
34 ЗАРӔГ Цӕрын рӕстӕй
a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ чи фенкъард кӕны кӕнӕ тыхст хъуыдытимӕ чи фӕтох кӕны, уыдоныл. Ацы статьяйы дзырд нӕ цӕуы, бирӕ рӕстӕг ӕнкъард чи фӕкӕны ӕмӕ тыхст хъуыдытӕ ӕнцой кӕмӕн нӕ фӕдӕттынц, ӕмӕ дохтыры ӕххуыс кӕй фӕхъӕуы, уыдоныл.
b Павелы иуӕй-иу ныхӕстӕй бӕрӕг у, цӕстӕй ӕвзӕр кӕй уыдта. Уый тыххӕй йын зын уыди фыстӕджытӕ фыссын ӕмӕ хъусын кӕнын (Гал. 4:15; 6:11). Стӕй ма йын, чи зоны, зын уыди, «мӕнг апостолтӕ» дзы, цы нӕ уыд, уый кӕй дзырдтой (2 Кор. 10:10; 11:5, 13). Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр бӕрӕг у, ӕнцон ын кӕй нӕ уыд.